Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Зымæгон райсом






Рабадтис цъæ хдзаст райсом йæ хуыссæ нæ й,

Ахаста йæ цæ стытæ Ирыстоныл.

Сæ рттывтой, налхъуыт-налмасау, урс хæ хтæ,

Раст цыма сæ стылдæ уыд æ взист доны.

 

Урс бæ рзæ ндты хур гæ зæ мæ сахуырста.

Дæ лвæ зтыл нырма йæ тынтæ й не ‘рынцад.

Хур нæ, фæ лæ хæ хты сæ рмæ кæ д, зæ гъын,

Къус фæ къул, — сыгъзæ рин донæ й йе ‘мыдзаг.

 

Тагъд ыссудздзæ н хур, цырагъау, урс хохыл.

Сыстад фæ здæ г цардæ фсæ ст ирон хъæ уæ й.

Хатын, цыма царды цинæ й атайдзæ н

Иунæ г уысммæ уазал зымæ г ‘нæ хъæ нæ й.

 

Хæ хтæ м кæ сгæ баззадтæ н æ дзынæ гæ й:

А бæ стыл сæ рдыгон бон дæ р тар уыди, —

Ацы хæ хтæ ‘фхæ рд ысты хъызт зымæ гæ й, —

Уалдзæ г дæ р-иу мит тъыфылтæ й уарыди...

 

Иры хæ хтыл цас ис, цас, цæ хджын дæ ттæ! —

О, фæ лæ сын ма бакæ сæ фендыл дис, —

Ам цы сау маст бавзæ рстой нæ фыдæ лтæ,

Сау къæ дзæ хтæ й уый цæ ссыгæ й фегуырдис...

 

Хæ ст уыдис сæ карз хъысмæ т нæ фыдæ лтæ н,

Нæ уый сын нæ уыдаид ыстæ лфæ н дæ р.

Арвы цъæ хыл утæ ппæ т ыстъалытæ

Сты сæ кæ рдтæ й фесхъиуæ г ыстъæ лфæ нтæ.

 

Абон та нæ м карз зымæ г дæ р уалдзæ г у:

Цин нæ сайы — алцы нæ м рæ сугъд кæ сы.

Уазал зымæ г хуры тынтæ й байдзаг и, —

Не ‘хсæ в дæ р нæ м, майы бонау, рухс хæ ссы!..

 

Цинæ й зæ рдæ маргъы пæ ррæ ст акæ нид,

Базыртæ дæ р базаид мæ къабæ зтыл:

Афтæ ‘нхъæ лын, никуы ма уыд ахæ м мит,

Ахæ м рухс зымæ гон райсом а бæ стыл!

***

Æ нусы цыппæ рæ м хай хурмæ кæ сын.

Æ нусы цыппæ рæ м хай а бæ стыл зилын.

Æ нусы цыппæ рæ м хай, фæ рсыны нысанау,

Æ рдзмæ, дызæ рдыггæ нгæ, кæ сын.

Мæ сабийы бонтæ, куыд дард ысты, куы!..

Кæ м баззад мæ авдæ н æ нусы цъассы!..

Хæ ххон лæ ппу, царды цынæ бавзæ рстон:

Фæ сахуыр — сæ рдыгон уæ лыгæ с, фыййау;

Бæ рзонд хæ хтыл хилын, цымыдис сæ гъау...

Æ рдз зæ рдæ йæ химæ ыскъæ фта, хуыдта.

Æ з хъуыстон бæ рзонд хæ хтыл гакк-гуккы уаст.

Кæ м фæ уд кæ ны арв, куыд диссаг мæ м каст!..

Цы тых ласы размæ зынг хуры цъæ х арвыл?..

Мæ й мигъты ‘хсæ н хæ тынæ й куыд нæ фæ лмæ цы?.:

Æ дзынæ г-иу кастæ н, хъуыдыгæ нгæ, хæ хтæ м, —

Дис кодтон, цы тых сыл ысхæ цыд хæ рдмæ?..

Æ дзынæ г-иу кастæ н, æ гомыг хъæ дтæ м.

Æ дзынæ г-иу кастæ н тæ лтæ г фынк дæ ттæ м.

Куыд рæ сугъд у дуне! — æ фтыдис мыл дис.

Æ з хъуыстон æ гомыг хъæ дæ н йæ сусæ г ныхас.

Æ з хъуыстон, йæ сабырдзинадæ й куыд дзырдта цыдæ ртæ.

 

(Сабийы бонтæ, поэты зæ рдæ...

Æ нкъарæ нтæ. Хъуыдытæ. Фыстытæ.

Æ рдз, райгуырæ н, мад, уарзондзинад.)

 

Æ з бирæ хатт кастæ н, цымыдисгæ нгæ, —

Æ хсæ рдзæ н цыкура-фæ рдгуытæ й куыд кодта пырхæ ндæ г.

Æ з дуртæ м дæ р хъуыстон. Æ з кæ рдæ джы рæ зын æ нкъардтон.

Куы цин кодта зæ рдæ, куы та-иу æ рхæ ндæ г...

Мæ зæ рдæ цахæ мдæ р цин риуы æ нкъардта.

Куы-иу фæ тар бæ стæ, куы-иу æ рбацасæ ста.

Куы-иу систа арв гæ рæ хтæ æ мæ -иу йæ ферттывдæ й,

Сау, дæ лгоммæ фæ лдæ хт сивыры хуызæ н арв

Куы цъæ лтæ кодта...

Куы-иу сæ мбæ лд фындзыл æ рвæ рттывды тæ ф,

Уæ д зæ рдæ кæ рзыдта фыр цинæ й!..

Цахæ мдæ р æ нкъарæ н тæ фстис мыл-иу уæ д.

Уæ д уæ нгтæ дыз-дыз кодтой, сæ рыхъуын барц бадт!..

Æ мæ -иу мæ м кастис: цахæ мдæ р æ нахуыр иог дуне

Мæ разы кæ й фегуырдаид...

Мæ къæ хтæ й-иу зæ ххыл нал лæ ууыдтæ н...

Æ з уарзтон æ гæ рон, æ гъуыстаджы уарзтæ й.

Уалдзыгон бон-иу куы сæ рра, куы тад мит,

Куы згъордтой дæ ттæ, куы нæ рыд, куы ‘рттывта...

Æ ппæ т уæ д зæ рдæ йы уагътой

Цахæ мдæ р фырадджын æ нкъарæ н...

Нæ зонын, цæ мæ н уыдтон уыдон,

Фæ лæ уыди афтæ, у афтæ ныр дæ р.

Кæ д уыцы рæ сугъд æ нкъарæ нтæ й

Дæ зæ рдæ мæ ныхъхъара æ рдæ г...

Фæ фыстон, дæ кæ сæ г адæ ймаг.

Æ нусы цыппæ рæ м хай зæ ххыл фæ цыдтæ н,

Риуы фæ хастон...

Р. S. «Зымæ гон райсом» æ мæ ацы æ нæ ном æ мдзæ вгæ фыст сты сау хуымæ тæ г кърандасæ й тетрады æ мхæ ст дыууæ сыфыл. Фыст нал зыны рæ стмæ. Автор «æ нусы цыппæ рæ м хайы» кой кæ й кæ ны, уымæ й бæ рæ г у, 1957—1958 азы фыст кæ й сты. Поэт сыл кæ ронмæ куыст нæ фæ ци, фæ лæ Гиуæ ргийы поэтикон стилæ н иттæ г хион кæ й сты, уый сæ кæ ны уæ лдай цымыдисаг.


[1] Турчы падцзахадон эмблемæ у æ рдæ г мæ й.

[2] 1961 азы 15 февралы фæ талынг хур.

[3] Ацы дзырдтæ ист сты Лумумбайы æ мдзæ вгæ йæ.

[4] Xулиан Гримау — Испанийы компартийы фæ тæ гтæ й сæ иу, хъизæ марæ й йæ амардтой Франкойы фашистон жандармери.

[5] Гарсиа Лоркæ — испайнаг поэзийы классик, хæ рз æ рыгонæ й йæ амардтой фашисттæ.

[6] Хозе Диас— Испанийы компартийы фæ тæ г, амард эмиграцийы.

[7] Акуа — Сухум абхазагау.

[8] Рагон фысджыты (Сенека, Лукиан) зонæ нтæ м гæ сгæ нæ эрæ йы агъоммæ 65-æ м азы римаг æ фсæ ддон фæ тæ г Гней Помпей Фæ скавказмæ куы æ рбабырста, уæ д йæ ныхмæ тох кодтой алантæ дæ р.

[9] Хох Хъырымы.

[10] Зæ гъынц, зæ гъгæ -иу хантæ се ‘хсинтæ й кæ уыл фæ дызæ рдыг сты, уыдон æ ппæ рстой Хъара-Дагъы цъуппæ й.

[11] Хъарадагъæ гтæ денджызæ й æ рбахизæ ны хæ лиукъæ дзæ х хонынц Сыгъзæ рин куддуар.

[12] Цъицъамур— Мцхетамæ хæ стæ г Арагвийы галиуварс, Тбилисæ й Сагурамомæ цæ угæ йæ, Ильяйы кæ м амардтой, уыцы бынат. Ныртæ ккæ дзы ис бæ рзонд обелиск.

[13] Сагурамойы, Ильяйы хæ дзар-музейы ныр дæ р ис, поэты кæ мæ й амардтой, уыцы нæ мыг. Азты дæ ргъы схырыз, скалцæ г.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.