Главная страница Случайная страница Разделы сайта АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника |
💸 Как сделать бизнес проще, а карман толще?
Тот, кто работает в сфере услуг, знает — без ведения записи клиентов никуда. Мало того, что нужно видеть свое раписание, но и напоминать клиентам о визитах тоже.
Проблема в том, что средняя цена по рынку за такой сервис — 800 руб/мес или почти 15 000 руб за год. И это минимальный функционал.
Нашли самый бюджетный и оптимальный вариант: сервис VisitTime.⚡️ Для новых пользователей первый месяц бесплатно. А далее 290 руб/мес, это в 3 раза дешевле аналогов. За эту цену доступен весь функционал: напоминание о визитах, чаевые, предоплаты, общение с клиентами, переносы записей и так далее. ✅ Уйма гибких настроек, которые помогут вам зарабатывать больше и забыть про чувство «что-то мне нужно было сделать». Сомневаетесь? нажмите на текст, запустите чат-бота и убедитесь во всем сами! Кардимæ ныхас
Дæ у иу æ рра лæ г сарæ зта мæ марынæ н; Мæ риуимæ дæ фындз ыссис æ марæ н.
...Уæ д цъаммæ рттæ фæ худдзысты сæ дзыхы дзаг. Уæ д, зонын, алчи, алчи дæ р мыл худдзæ н, Фæ лæ уыдзынæ н æ з зæ ндджындæ р уыдонæ й: Зæ ххы къорийыл иунæ гæ й бæ рзонд лæ угæ, Æ з зондзынæ н, æ з зондзынæ н æ рмæ ст — Цæ ссыг калынæ й туг калын хуыздæ р у!
Дæ у иу æ рра лæ г сарæ зта мæ марынæ н; Мæ риуимæ дæ фындз ыссис æ марæ н.
Мæ зæ рдæ йы рæ хджы кæ рддзæ м куы ссарай, Уæ д иунæ г уд, мыййаг, куы кæ на марой... Зæ гъ-ма, зæ гъ-ма, мыййаг, кæ д уый кæ удзæ н, Уæ д а ‘рра дуне не ‘рхатдзæ нис никуы — Йæ иу æ рвгъуыз цæ ссыджы аргъ кæ й нæ у. Æ мæ мæ рдты цы баззади мæ нæ н, — Йæ цæ ссыджы раз зоныгыл лæ удзынæ н. Йæ цæ ссыгмæ ныддардзæ н хур йæ тын. Æ з уыцы тыныл атындздзынæ н арвмæ, Æ нæ уæ зау уым уæ лдæ фы цæ удзынæ н Ыстъалыйæ ыстъалымæ гæ ппгæ нгæ;
Мæ зæ рдæ хурæ й фестдзæ нис ыстырдæ р, Æ мæ ныллæ удзæ н сау зæ хмæ мæ удæ й Сыгъзæ рин доны бур-бурид цыхцыртæ; Сыгъзæ ринæ й куы сахуырсой сæ удтæ, Уæ д ничи худдзæ н, ничиуал мæ ныл. Кæ й ыслæ ууыдтæ н уыдонæ й бæ рзонддæ р, Кæ й зонын кувын, рухс хуыцæ уттау уарзын, Ныббардзысты мын уый хæ ларæ й уæ д. Æ мæ мæ хæ дзар, ме ‘нусон хæ дзар, — Мæ зæ ххы къори кувæ ндон уыдзæ н, Æ мæ мæ хæ лар, ме ‘мтуг адæ м се ‘ппæ т Ыссудздзысты бæ сты сæ ры тых — уарзтæ н, Муртаттæ гтау, сыгъдæ г мыдадз цырæ гътæ.
Дæ у чи сæ нтдзæ ф лæ г сарæ зта мæ марынæ н?! — Ис не ‘хсæ н зæ ххæ й арвмæ йы ‘мбæ рц арæ н. 27.09.1969 *** Æ мæ цæ уын, æ мæ кæ уын уæ рæ х уынджы, Мæ туджы мигътæ ленчытæ кæ нынц, Æ мæ мæ уды хаосау æ нхъæ взы... — Цы ‘нхъæ взы, уый бæ рæ г-бæ лвырд нæ хатын: Æ ви у уый планетæ ты мæ нг рухс, Æ ви мæ хæ ццæ, змæ ст æ нусы уазал... Æ рæ ввахс ысты арæ нтæ кæ рæ дзимæ, Ыснарæ г ауæ дз цард æ мæ мæ лæ ты ‘хсæ н. Æ мæ тæ лфынц мæ мигъасæ ст цæ стыты Зæ ххы къорийыл хилæ г адæ м се ‘ппæ т. Æ цæ гæ лон планетæ тау мæ фæ рсты Æ рцъелф кæ нынц мæ зонгæ хъал чызджытæ, Æ мæ нæ зонынц, — уазал манекентау, — Кæ й нæ ныдзæ вы се стъæ лфæ н мæ удыл... Цæ уын, кæ уын уæ рæ х уынджы æ ргом, Лæ гæ рдын чъизи худинаджы малы, Кæ сынц цымыдис дунейы сæ рхъæ нтæ Æ мæ уæ ззау ызды цæ ссыг кæ й калын, Зыны сæ м уый мæ лæ мæ гъ æ мæ райынц, — Сæ хи хуызæ н лæ мæ гъ лæ г ма кæ й ис. Æ з та кæ сын сæ сæ рты ирддзаст арвмæ, Хæ лбурцъ кæ ны уым зæ ххы фæ здæ г калмау. Ысиу ис уыцы чъизи, сау фæ здæ джы: Къæ рных бардуæ гты ихрихи, хуызивд худт, Сæ хи сайæ г ыстъалыты мæ нг амонд, Цæ ссыджы ‘мбæ хст фыдæ фхæ рæ н тæ ригъæ д, Бæ рзонд зæ рдæ, тыхджын лæ гты ныхкъуырд цин, Хæ лæ г дам-дум, хъахбай удты æ лгъаг монц, Бæ рн æ мæ кады асинтыл хæ рдмæ хылд, Сæ рельсытæ й, сæ орбитæ тæ й иппæ рд Тæ хгæ поездты, стъалыты цъæ хахст... Æ мæ кæ уын ызды цæ ссыгтæ й æ з, Æ мæ дæ н æ з ыспырхæ ввонг планетæ: Цæ мæ н æ рзайы сау фаджысы уарди, Цæ мæ н ахоры зæ ххы фæ здæ г арв?! — Цæ уын, кæ уын мæ мигъасæ ст цæ стытæ й. Дыз-дыз кæ нынц антеннæ тæ мæ хъусты, Кæ м ма баззади морзе, телетайп! — Тæ хынц фæ здæ гау саубазыр газеттæ Æ мæ ныдзæ вынц арвы цъæ хыл калмау: Уый, Адам æ мæ Еуайы рæ сугъд цот Нуазынц морфи барвæ ндæ й, зыдæ й Æ мæ дзы халынц дунейы гармони... Цæ уын, кæ нынц антеннæ тæ дыз-дыз, Галактикæ тæ хъинц-хъинцгæ нгæ змæ лынц, Æ мæ мæ линаг сау зæ ххы фыдмитыл Æ нæ мæ лæ т мæ сау цæ стытæ й худы. 1.11.1969 *** Ды нæ зоныс, ды нæ хатыс ницы, Афтæ мæ й мæ зæ рдæ йы цæ рыс; Бацыди мæ къæ мдзæ стыг бæ ллицы Ме ‘вастæ й тæ мæ нкалгæ дæ хуыз.
Раст цыма сæ кæ рæ дзи нæ удтæ Агуырдтой æ нус-æ нус куырмæ й: Ды кæ мдæ р зындоны рисæ й дудгæ, Æ з мæ фæ вдаг не ссардтон нырмæ.
Абон дæ м мæ фæ ллад цин æ рхастон, Мæ нæ цыма де ‘ммызул, дæ къай. Байрæ джы, — дæ зæ рдæ дын ныббастой Фæ рныджытæ дадзингай, тæ ггай.
Зæ хмæ дæ цы бирæ тыхтæ ‘лвасы, Атонин дæ уыдонæ й бæ ргæ; Космикон ракетæ нæ — зынгбазыр — Ахæ ссид цæ хæ ркалгæ, нæ ргæ.
Атæ хин æ мкъай бæ лонау демæ, А дунейыл ауигъин мæ къух, Ахæ ссин æ нæ зонгæ дунемæ Сусæ ггаг кæ лæ н уарзтæ н йæ рухс.
Искуы дард планетæ йыл æ рцæ рин, Амондджын — дæ бахудты фæ рцы. Къухдарæ н дыл бакæ нин сыгъзæ рин, — Урс æ нгуылдзыл не сфидауид, цы?!
Уыцы дард, æ цæ гæ лон тыгъдæ дтæ Уаиккой дæ цæ стытау æ рвгъуыз, Æ мæ дарис арвырон сæ рбæ ттæ н, Æ мæ уаис зæ ххы хъыгтæ й хызт.
Дамæ мхиц хъæ стæ цæ стытæ й хибар, Дурхалæ г хæ рам æ взæ гтæ й дард, Уым æ нус ыстъалытау сæ рибар — Уадзиккам æ рвон уарзтæ й цъæ х арт.
Æ з лæ ууин мæ зонгуытыл дæ разы, Нал уаин зæ ххон æ гъдæ уттæ й баст, Æ з кæ нин уыраугæ цинæ й расыг, Уалдзыгон æ хсæ вы тæ фау раст.:
Æ з кæ нин дæ къахы бынтæ н пъатæ, Адæ ргæ й кæ л-кæ лгæ нгæ кæ уин. Ничи нæ нæ рахонид æ рратæ, Ничи нын нæ хъыгдарид нæ цин.
Тухин дын дæ дзыккутæ й мæ цæ сгом, — Цæ ссыг сыл ыстъалытау кæ лид, Де ‘вдадз былтыл мидбылхудт — æ лутон — Рухсуылæ н æ нхъæ взæ нтæ кæ нид.
Де ‘нæ къæ м æ хсыргъуыз буары ферттывд Бацъынд кæ нид, бакуырм кæ нид цæ ст, Нарæ г астæ у афтæ тасид ме ‘ртты, Мæ нæ цыма уадтымыгъы хъæ з.
Уæ д мæ уд зæ рин ысуадзид бур тау, — Адам æ мæ Еуайы цæ уæ т: Сабитæ, цъæ хдзаст зæ ды хъæ бултау, Хиликкой дæ рухс уæ рджытыл уæ д...
...Уыдон дард планетæ йыл сæ нттæ сты, Дзуарæ вæ рд — нæ фæ ндæ гтæ кæ рдтау. Ризы ‘нкъард, æ рвгъуыз цæ ссыг дæ цæ сты, — Рагæ й дæ р мæ хъысмæ тæ н æ вгъау.
Уый та куыд, — мæ н тыххæ й дæ р-ма дудай! Уæ д фæ лтау мæ ингæ ныл фæ ку; Зæ дбадæ н кæ й ыскодтай мæ удæ й, Уый дæ р мын цæ рæ нбоны фаг у.
|