Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Бургъустан






Фрагменттæ кадæ гæ й

ЧИНЫГКÆ СÆ ГМÆ

Æ з цæ уын Бургъустаны хæ стмæ,

Чи зоны мæ не ‘мбарыс рæ стмæ,

Уæ д, мæ хæ лар, хъус:

 

Æ з цæ уын Бургъустаны хæ стмæ,

Ма мын айс ме ‘нахуыр ми цæ стмæ;

Нæ й мæ нæ н æ нус.

 

Æ з — поэт, рæ стдзинады салдат,

У мæ тох, мæ цæ рыны бынат

Ивгъуыд, абон, сом.

 

Замантæ мæ зæ рдæ йы фыцынц,

Кардæ лвæ ст æ нустæ дзы хæ цынц

Туджджынтау æ ргом.

 

Искуы скиф, кæ нæ хъæ ддаг сармат

Фехста кæ д æ наххос лæ гыл фат, —

Уæ д мæ риуы сагъд;

 

Карз тохы сæ рибары салдат —

Цардцыбæ л алайнаг-иу куы ‘рхауд, —

Туг мæ риуæ й тагъд.

 

Уый æ хста рæ стдзинады знаг мæ н:

У мæ зæ рдæ фатдоны хуызæ н, —

Хъаматы кæ рддзæ м.

 

Судзы ныр мæ удæ н заман буд.

Ацу ды, — куыдфæ нды дæ р мыл худ, —

Нæ й мæ дзырдты къæ м.

 

Зонын æ з мæ карз рæ стæ гæ н й’ аргъ, —

Хуры й’ армы, раст цыма — цырагъ,

Рухскалгæ хæ ссы.

 

Гъе, фæ лæ тæ рктахт куы скæ ны хатт, —

Сысты знæ т йæ дæ лбазыртæ й уад,

Хурзæ рин хуыссы.

 

Уæ д мæ уд — гипнозгондау æ ндзыг —

Атомон ракетæ йы фындзыл

Баззайы тыгъдæ й...

 

Гъе, фæ лæ дзæ нгæ дадзагъд ысси

Ме ‘нусæ н йæ номхæ ссæ н æ фсин, —

Баууæ ндæ н ыл нæ й, —

 

Хъæ р кæ нын — æ ппæ тæ мбарæ г лæ г:

Раттут мын мæ зæ рдæ йæ н æ ууæ нк,

Ма хилон куырмæ й!..

 

Сомбонмæ ныцъелф ласы мæ уд,

Ног дуне неон рухсæ й ныххудт

Риуыдзаг зыдæ й.

 

Цинæ й — рухс, лæ джы мæ тæ й — хъæ дгом, —

Фесты уым мæ зæ рдæ космодром, —

Сагъæ сты тæ хæ н...

 

Гъеныр мæ кæ д бамбæ рстай рæ стмæ,

Уæ д цæ уын Бургъустаны хæ стмæ,

Базырджын бæ хыл.

 

А зæ ххыл йæ равзæ рдæ й нырмæ

Туджы лæ г куы лæ гæ рды хъуырмæ,

Уæ д Бургъустан циу?

 

О, нæ домы йе стырæ й уый дис.

Уымæ ахæ м сусæ гдзинад ис... —

У ныгæ д æ ниу.

 

Уыцы тугкалд фæ зилæ ны ‘рцыд,

Цардвæ ндагæ н тохы зынджы уыд

Ахизæ н æ рмæ ст.

 

Уый уыдис историйæ нывгонд,

Домдта дуг чырыстонæ й нывонд

Æ мæ ‘рцыди хæ ст.

 

Уым мæ нмæ мæ тохы хай кæ сы.

Уым рæ стдзинад дæ лсыджыт хъæ рзы,

Зæ хх кæ ны дыз-дыз.

 

Ахæ м хъуамæ басгуыха мæ дзырд, —

Рухскалгæ куыд сыста зæ ххæ й цырт, —

Раст зæ рдæ йы ныфс.

 

Цыртытæ, чысыл уой æ ви стыр, —

Цардвæ ндаджы раст нысæ нттæ сты —

Фæ зилæ нты сагъд.

 

Алы ран-иу каликкой цæ хæ р! —

Зæ рдæ тары нал кæ нид дзæ гъæ л,

Хурмæ уаид тагъд...

 

Ме ‘нæ рцæ ф чысыл адæ мы уд,

Ды цыртау Бургъустанæ й ныххуд, —

Ууылты цæ уы

 

Дунейы сæ йраг фæ ндæ гтæ й иу,

Уым ыслæ уу рæ стдзинадимæ ‘мриу, —

Фидæ ны хъæ уы!..

 

Æ з цæ уын Бургъустаны хæ стмæ,

Иу уысм дæ р фæ лæ ууæ н нæ й фæ стæ.

Цæ й, хæ рзбон уал ныр!

 

Фод дæ уæ н тæ рхоны хай мæ хæ ст,

Макæ д бон мын ма фæ кæ н æ рмæ ст

Мисхал дæ р хатыр.

ЭПИГРАФ 1917—1920 АЗТÆ Н

Бум! Бум! Бум!.. —

Æ нæ фсармæ й нылгъиты

Сармадзан, хæ рдмæ сдаргæ йæ фындз.

Та-та-та-та!.. —

Пулемет ныссиды,

Топпытæ сæ тардзæ гъдæ н кæ нынц.

 

Ми-æ -æ -æ!.. —

Бæ х йæ барц ныттилы, —

Уасгæ ныр зынгхуыст барæ джы скъæ ф!..

Ризы зæ хх, æ нуд уæ ддæ фы зилы

Хъарм туг æ мæ топпыхосы тæ ф...

 

Зæ хх, гигант мæ лдзыджыты губаккау,

Сызмæ лыд æ мхуызон æ мæ кæ с:

Къогъодзи бынат æ рдомдта й’аккаг,

Галуантæ быныл кæ нынц къæ окъæ с.

Уды бартыл тохмæ сидт, уырысау,

Хæ хты дæ р ныййазæ лыд æ васт.

Цъититы ‘хсæ н тугамæ хст тырыса

Дидинау сырх-сырхидæ й ыскаст.

 

Цард ивылы лакъонæ й, ызмæ стæ й,

Гамхуды нымбæ хста знаг йæ хуыз.

Алчи — ‘ххуыс рæ стдзинадæ н ныхæ стæ й,

Чи йын уа хъуыддагæ й цымæ ‘ххуыс?

 

Балбирæ гъ йæ хи фысдзармы стыхта,

Хъæ р кæ ны, уæ рыкк, дам, дæ н æ з дæ р.

Скъæ фæ г сырдтæ бамбæ хстой сæ ныхтæ,

Лæ г нæ зоны, чи сæ у хуыздæ р.

 

Не ‘взары цырагъау судзгæ тигъыл

Хаттæ й-хатт сырх тырысайы рухс,

Æ мæ хиты сау мæ йдары, мигъы,

Фæ ндагмæ йæ цæ сты тигъ ныуурс.

 

Алчи домы хай æ рцæ уæ г дугæ й,

Чи кæ й фарс у, —

Нæ у бæ рæ г æ ххæ ст,

Æ мæ хъавы адæ ймаджы тугæ й

Зæ ххы дойны басæ ттынмæ хæ ст.

ПРОЛОГ

Басыгъд Хуссар Ир, нывзалы.

Йе ‘хсæ в саудалынг — сынтау,

Нал — æ взист мæ й, нал — ыстъалы, —

Алцы фæ здæ джы ныссау.

 

Арвмæ, стыр мæ рдрох ингæ нау,

Тар æ гуыппæ гæ й кæ сы,

Исчи иу хъыпп-сыпп куы скæ на,

Уымæ й тынг, цыма, тæ рсы.

 

Хатт ма скæ уынц куыйтæ ‘мбуйæ, -

Ниуынц уæ згуытыл дзæ гъæ л.

Дымгæ, урс пыхцыл дзыккуйау,

Тилы фæ здæ джы фæ дзæ л...

 

Уый йæ бæ рзæ йæ хæ ххон лæ г

Иу бон ку ‘аппарид æ фсондз.

Уæ дæ нал кæ сыс мæ коммæ?! —

Æ мæ знаг ыссардта ‘фсон:

 

Зæ хх мæ н у!

Куыд дæ у у? Зæ ххæ й

Иумæ равзæ рдыстæ м мах.

Æ з цы уæ лдай уон æ нæ хай?

Ды цы уæ лдай дæ паддзах?!

 

Мах куы райгуырдыстæ м, — йемæ

Не ‘рхаста нæ иу дæ р зæ хх.

Намæ не ‘нусон дунемæ

Чи нæ ц’ ахæ сдзæ ни, — зæ гъ?!

 

Æ з æ фхæ рд æ гæ рдæ р федтон,

Ныр сæ рибары дуг у.

Фæ срагъ, фæ сцæ гат советон

Ис дзæ нæ т æ мæ йæ м цу!

 

Зæ хх мæ н у, фæ лæ мæ дзырдтæ

Не сты кæ д дæ уæ н æ гъгъæ д,

Уæ д мæ хъуыдытæ бæ лвырддæ р

Мæ нæ сармадзан зæ гъæ д!..

 

Ирыл судзгæ цæ хæ р разæ й, —

Ехх, лæ гæ й-лæ гмæ хæ цид!

Арт æ й ахаста йæ разæ й

Æ мæ фæ сæ фцæ г фæ ци...

 

Цæ гат — тохвæ ллад, фæ лмæ цыд,

Фæ лæ лæ г кæ дæ м цæ уа.

Уæ вгæ фысымтæ й кæ мæ н ц’ уыд,

Æ мæ уазджытæ н цы уа!

 

Тых кæ м нæ у мæ гуырыл алцы!

Нал и лигъдæ ттыл хъуын-хъис;

Тиф хъырттызмæ лæ г нæ уадзы,

Сау низ сæ фæ кодта ‘мбис.

 

Хъæ дтæ й абырджыты балтæ н

Лидзæ г адæ ммæ сæ хъавд.

Ныр сæ фос, сæ иутай галтæ

Фесты хуыснæ джытæ н давд.

 

Уд уæ ззау кæ ны хъуырдухæ н,

Нал и тухитæ н фæ уæ н.

Нал фæ стæ мæ ис ыздæ хæ н,

Нал дæ р размæ и цæ уæ н.

 

Домы мастисæ г хъæ бултæ й

Зæ хх — ныййарæ г мад — æ ххуыс,

Фæ лæ мин-мины сты буртæ, —

Минтæ м армыдзагæ й бырс!

 

Уыд, æ фхæ рд ирон, æ дзухдæ р

Ленин де стыр тых, дæ ныфс,

Фæ лæ Ленин дæ р йæ къухтæ м

Ныр æ мхасæ нтæ кæ ны.

 

У республикæ уынгæ джы,

Зилы Кремлы сæ рмæ сынт.

Дæ лæ денджызæ й æ рæ джы

Ноджы «сау барон» фæ зынд...

 

Æ мæ Ленинимæ ноджы

У Жорданиа фидыд,

(Ленин — зондджындæ рты зондджын —

Зоны, — уый кæ нын кæ й хъуыд.)

 

Уæ дæ мастисыны уаз фæ нд

Арф дæ зæ рдæ йы нывæ р,

Хæ стæ н бафæ дзæ хс дæ развæ д

Æ мæ басгуыхай дывæ р.

 

Ратт дæ фæ стаг туджы ‘ртах дæ р,

Хæ ц, дæ быцъынæ г ыскъуын, —

Мигъты сау хъулайæ тагъддæ р

Хурау ратона Мæ скуы.

ТОХМÆ СИДТ

Арв ныннæ рыд кæ мдæ р,

Ног та ферттывта кард.

Ацыд араугæ хъæ р,

Зæ рдæ фестадис арт.

 

Хойы Врангель йæ риу:

«Уæ дæ фенут сымах, —

Врангель ма уон, кæ д-иу

Кремлы не суон паддзах!»

 

Ноджы полыпæ йаг пан,

Алы урскъух уæ здан, —

Се ‘ппæ т уымæ н æ мбал, —

Иумæ — бирæ гъты бал.

 

Кремль дзæ нгæ рæ г цæ гъды,

Хъуысы тохы фæ дис,

Æ мæ Иры хæ хты

Бæ стæ змæ лæ г ыссис.

 

Дард, Ирыстонæ й дард,

Ессентукмæ хæ стæ г,

Урс хъазахъхъаг мæ нгард

Тауы калмы хъæ стæ.

 

«Ног æ рцыди паддзах,

Ныр Уæ рæ се — ирвæ зт,

Бæ хтыл бадгæ ут тагъд,

Революцийæ н — хæ ст!»

 

Кремль дзæ нгæ рæ г цæ гъды,

Хъуысы тохы фæ дис,

Æ мæ Иры хæ хты

Бæ стæ змæ лæ г ыссис...

***

Дзæ уджыхъæ уы вагзал. Сентябрь.

Æ гас Хуссар мæ нæ нымбырд.

Чыртæ -чыртæ. Чи дзы фыдсабыр,

Кæ уыл та дзы бафтыд фырдзырд.

 

Чысайнаг цъæ хснаг «ц» нæ сысы,

Къуыдайраг «ш» уыйбæ рццæ р хъус.

Цæ гатаг уæ здан «с» дæ р хъуысы,

Цыхтахуыйæ н у, цыма, цъус.

 

Хæ стдзагъд партизантæ — сæ ргуыбыр,

Кæ сы сæ фырмæ ллæ гæ й рухс.

Кæ мæ н сæ йæ рихи фæ къуыбыр,

Кæ мæ н сæ йæ зачъе фæ урс.

 

Сæ дарæ с — кæ ркæ -мæ ркæ, скъуыдтæ;

Хуыздæ р сæ м цы баззад хæ зна!

Йæ фыды бызгъуыр цухъа скодта

Къæ дзæ хыйас лæ ппу, кæ с-ма.

 

Æ нæ даст, пыррыккрихи — ауыгъд,

Куырисваг пыхцыл бурæ рфыг...

Йæ сæ рæ й еууы голлаг рауагъд, —

Нæ дзы ‘рхауид зæ хмæ нæ мыг.

 

Ыстæ мтыл — бухархуд, æ рчъитæ,

Цъæ хбын ызгæ ‘взистæ хгæ д рон.

Кæ уыл дзы и къогъодзи, чи та —

Бæ гъæ мвад, бæ гъæ мсар бынтон.

 

Кæ нынц сæ фæ ндараст: кæ й — ничи,

Кæ й — йе ‘мкъай, кæ й — йе схæ ссæ г мад.

Æ нкъард сагъæ с сылтыл ныйичъи,

Уынгæ г хæ къуырцц райхъуысы хатт...

 

Æ васт цыма ‘рбадымдта уынгæ й,

Фæ сабыр ис вагзал æ васт:

Пæ р-пæ ргæ нгæ фескъæ фы дымгæ

Хæ къуырцкуыд, хъæ лæ ба, ныхас.

 

Къæ хты хъæ р. Тырыса цырагъгъуыз:

Ыстъалытæ цъуппхудтыл — сырх.

Уый, размæ сæ балхон къорд рахызт, —

Комбриг Янышевский йæ сæ ргъ.

 

Йæ фæ ллад æ хсаргард ысласта

Мызыхъгонд æ взонг командир:

«Æ з зонын, уæ ззау тохы бастад,

Ныттугсур уæ ‘нæ рцæ ф уд, Ир.

 

Фæ лæ -ма фæ кæ сут: æ хсаргард

Æ ртасыд, — ысуадз æ й, уæ д та,

Хъандзалау, йæ джиппы куыд абадт,

Къæ дз уавæ р нæ быхсы, фæ лтау

 

Йæ рæ быныл асæ тдзæ н хæ сты, —

Нæ уыдзæ н тыхы бын къæ лæ т.

Уыд ахæ м æ ндон фæ тк уæ бæ сты, —

Сæ рибар, кæ нæ, дам, мæ лæ т!

 

Ис абон адзалы тæ рæ зтыл

Бæ ллиццаг сæ рибары дуг;

Фыдгулы джебогътыл лæ дæ рсы

Сырхбазыр сæ уæ хсиды туг.

 

Æ нусон æ фхæ рды фыдæ хæ й

Кæ д судзы уæ зæ рдæ йы арт,

Уæ д зонут: хæ ст дард у уæ зæ ххæ й,

Уæ бартæ й нæ у мисхал дæ р дард.

 

Уæ бартыл уæ ззау хæ стмæ цомут, —

Ысдардта тырысайау кард —

Сæ рибарæ й амæ лын ном у,

Цагъарæ й фæ цæ рын — æ гад!»

***

Йæ сидт, тæ вд нæ мыджы цъыввыттау,

Нырмæ фæ здæ гкалгæ нæ рыд,

Фæ лæ фæ ринк кардæ й, цæ виттон,

Æ васт ызнæ т уылæ н фæ лыг;

 

Фæ цыди цины хъæ р кæ мдæ рты:

Нæ хи Алыксандр! Кæ сут,

Ис немæ рацæ уын йæ зæ рды,

Бæ лццон, æ фсæ ддон арæ зт у!

 

Хъандзал, æ лвæ ст кардау сæ разы

Æ дзæ м ыслæ ууыдис уæ лвонг,

Æ мæ йæ сау цæ стытæ й нуазынц

Ныфсы сæ рзилынгæ нæ г ронг.

 

Фæ лурс, фæ тæ нтæ ныхыл хъуыды —

Æ нкъард фæ ллад уылæ нтæ й бадт;

Æ лхынцъ, æ рдынæ лвæ ст æ рфгуыты

Нымбæ хсти мастисыны фат.

 

«Фæ нды мæ, Хуссар Ир, зæ гъон уын

Цыбыр уæ ревкомы фæ дзæ хст! —

Цыма ныззæ лланг кодта ‘ндоныл,

Дзырд нæ — болат фæ ринчы дзæ хст. —

 

Уынут æ й, уæ лдæ фы стæ м, махæ н

Нæ зæ хх нæ къæ хты бынæ й байст,

Ингæ нтæ уæ лдæ фы куыд къахæ м,

Кæ нæ цы фæ кæ нæ м нæ маст?!

 

Нæ къуым, нæ фыдæ лты уæ лмæ рдтыл

Нæ ныфс æ ртхутæ гæ й ныппырх,

Уæ ддæ р ма рахастам нæ кæ рдтыл

Афтид сæ рибары быдыргъ.

 

Сæ рибар, — уый ма нæ урæ дта,

Уым нуæ рст ныфсы стъæ лфæ н уыдис,

Æ мæ ныл хур боны куы ныттар, —

Нæ разæ й балхонау цыдис.

 

Сæ рибар, — не ‘нхъæ лцау цæ стытæ н

Æ нус кæ мæ уыди сæ каст,

Нæ зæ хх, нæ тугуарæ н хæ стытæ,

Ызнагæ й райсинаг фыдмаст.

 

Ныр та сæ рибары зæ рдæ мæ

Фыдгулы топпы дзых ныккаст;

Ыздæ хæ м, нæ, нæ сæ фт бæ стæ мæ, —

Мæ скуы, сæ рибарыл у баст.

 

Сæ рибар, — уымæ н нæ й фæ цудæ н!

Уый нал и, байста нæ йæ знаг, —

Уæ д, зонут, — алыг и нæ удæ н

Йæ фæ стаг тугдадзины таг!

 

Нæ зынгхуыст тохæ мбæ лттæ н сыстæ н

Куы уаид сау сыджытæ й, уæ д

Нæ хуыссид иу дæ р сæ сæ рхызтæ й, —

Дыккаг хатт райсиккой мæ лæ т.

 

Зæ рдæ ныфс карз хæ стæ й æ вæ рут, —

Ирон хæ с фидгæ нал у, цы?!

Нæ тых нæ мастимæ дывæ р у, —

Нæ бон ма бауыдзæ н хæ цын!»

***

Йæ дзыллæ йæ н карз фæ дзæ хст загъта,

Ныссабыр и, нал хъуыст йæ хъæ р, —

Фæ дисы дзæ нгæ рæ г сын цагъта

Йæ ныхас сæ туджы уæ ддæ р...

 

Фæ кодта фæ сус хъыллист уадæ г,

Ысхъомпал и вагзал æ васт.

Ныггуылф кодтой вагæ ттæ м адæ м,

Ызнæ т Терчы уылæ нтау раст.

 

Хæ рзбонтæ... Рæ вдауæ н ныхæ стæ:

«Чысыл ма фæ гæ дзæ хъæ уы;

Сырх Æ фсад уал фервæ за хæ стæ й,

Кæ д уайтагъд нæ фестæ м хъæ уы!..»

 

Кремль дзæ нгæ рæ г цæ гъды,

Алчи хæ стмæ цæ уы;

Уадæ г Иры хæ хты

Бомбæ ргъæ вдау лæ ууы.

 

Маст, æ нусон фыдæ х...

Рæ стæ г

Хæ стæ й — хуыдуг.

Ризы, ризы та зæ хх,

Уары, уары та туг.

ФÆ НДАГСАР

Уадæ г лæ гæ рды инджынахст мæ йдары,

Ихсæ ттæ г нау цыма денджызы раст.

Авгау нызгъæ лæ н йæ рухсытæ й талынг,

Æ хсæ вмæ топпы кæ сæ нæ й ныккаст.

 

Уадæ г фæ тæ хы хъыллистгæ нгæ, уасгæ,

Тауы фæ дисы хъæ р Иры хæ хты.

Фескъæ фы быдырмæ зарæ г ивазгæ,

Царды дзæ нгæ рджытæ тары цæ гъды.

 

Вагæ тты хæ стонтæ къордгæ йттæ й бадынц.

Чи сæ ныхасыл у, чи та мæ тыл.

Рагæ й-æ рæ гмæ Ирыстоны уадындз —

Цъалагом — зарæ гæ й мастыл фæ тых.

 

Зарæ г ыстæ хы пæ р-пæ ргæ нгæ маргъау,

Нарæ г зыхъхъыртæ й уæ ларвмæ тындзы.

Вагоны ферттивы зарæ г цырагъау,

Цæ сгæ мттыл ахъазы рухсы бындзыг.

 

Къуымы ныджджих ис Алыксандр уæ ртæ,

Æ ммыст, йæ сæ нтты цы бæ стæ м фæ цыд.

Атахт йæ хæ стдзагъд ивгъуыд бонтæ м зæ рдæ,

Сачхерет саг Исахъ туджы мæ цы?

 

Æ ви йæ цæ стытыл а уалдзæ г уайы...

Хохаг ивылд фурдау адæ м ызнæ т,

Се ‘мбырдтæ — Ручъы, сæ химæ — Сыбайы,

Сагъæ с сæ рибарыл... сусæ г дывæ нд...

 

Миты чысыл къуыбар фенкъуысти Ручъы,

Æ мæ ныггуыпп ласта Чъребамæ зæ й.

Ферттывта хурзæ рин, ахуыссыд туджы,

Хуссар цъыбырттысыгъд бацис ыстæ й.

 

Гъе ‘мæ та уайдзæ фтæ м зæ рдæ нырхæ ндæ г:

— Уæ гъды нæ чысыл Ир калы йæ туг:

Искуы сæ рибар æ рцæ удзæ н йæ хæ дæ г,

Ралæ удзæ н иумæ йаг амонды дуг.

 

Ралæ удзæ н, о, фæ лæ хъуамæ ныккала

Исчи нæ бæ сты йæ туг, æ мæ стæ й

Фидæ н лæ джы сгуыхт тæ рæ зтыл куы бара, —

Чъизидзæ сгомæ й цы зæ гъдзыстæ м, цæ й?..

 

Ма дзур: нæ туг нæ ныккалын нæ хъуыди...

Джихæ й Алыксандр бады цыртау.

Ивгъуыды цауи-цау зилы йæ хъуыды,

Мигъвæ лмы бамбæ хсти цæ стыты сау.

 

Мидбылхудт рихитыл халгай фæ хъуызы,

Чи зоны, зæ рдæ кæ м февзæ рд æ васт.

Масты гуылфæ нæ й ыстахт æ мæ мысы

Уарзон цæ стыты къæ мдзæ стыг фæ каст.

 

Саулагъз бæ рзонд ныхыл рухсы тын симы,

Цæ сгомы тарæ й цъæ х уалдзæ г фæ худт...

Уайтагъд тæ рыстъæ лфт фæ кодта йæ химид:

Цинæ н фыдохы бон чи дары буд?

 

Зæ рдæ, дæ бон дæ уа, — хивæ нд, æ дылы, —

Уый та дæ байрох и де ‘бар сæ рæ й:

Хъарæ г кæ м дзыназы хъисын фæ ндырыл,

Уырдыгæ й уалдзæ гмæ цъелфытæ нæ й!

 

Баззад дæ цины хай Иры сыгъдоны,

Уырдыгæ й Иримæ сыстдзæ н æ рмæ ст.

Саударæ г уалдзæ г йæ рустæ куыд тоны,

Уымæ кæ сын та куыд хъæ цы дæ цæ ст!

 

Мæ нæ Хъуылайы-фырт бады дæ разы,

Тары йæ фæ тæ н ных — мæ йау фæ лурс.

Искуы ма фенд æ мæ Сикъо нæ хъазы,

Аскъуыд йæ худындзæ г, бамыр, ныхъхъус?!

 

Уæ дæ ма худгæ йæ цæ стыты малы

Чи хæ сса стъалыты судзгæ цæ хæ р!

Баззад рæ хуыстæ й сæ царкалд хæ дзары

Лæ ппуйы сонт зæ рдæ — сидзæ р, дзæ гъæ л.

 

Абон æ й уырдæ м ыскъæ фы йæ сагъæ с,

Уайы фыдфынау йæ цæ стытыл ног:

Хæ хты ‘рдæ м аивылд ниутæ уæ ззау хæ ст,

Чъребайыл азылди тугхорты ‘рдонг.

 

Хæ дзæ ртты чи баззад саби, зæ рондæ й, —

«Азым» сæ м агурынц иунæ г æ рмæ ст,

Чи, дам, дæ, — бафæ рсынц, загътай: «Ирон дæ н...» —

Развæ лгъау конд у сæ сау тæ рхон — æ хст.

 

Уæ ртæ сырх хъулон кæ й урс зачъе дары?

Сикъо, уый уе схæ ссæ г туджы мæ цы.

Топпы хъæ р... тугтæ кæ й хæ дзарыл уары?

Сикъо, гæ рах та уæ кæ ртæ й фæ цыд...

 

Бабын дæ уарзон æ мхæ рæ фырт уæ ртæ,

Хъæ рмæ хыссæ къухæ й рауад дæ мад...

Сонт саби — сисмæ хуыд судзгæ зæ гæ лтæ й,

Дамбаца — рондзамæ хст риуыл нымад.

 

— Дæ -дæ -дæ й, ма мын æ й амарат... сау бон!.. —

Лæ ппуйыл айтыгъта Гаглуен йæ риу,

— Дæ нг, дæ нг, дæ нг! — усæ н фæ цудыдта й’ аууон,

Топпы нæ рдимæ йæ цъæ хахст ысиу...

 

Райсом сæ туджывдылд, ихуазал буæ рттыл

Кæ рчытæ кæ рты кæ ндзысты тыгуыр...

Чи уа сæ ныгæ нæ г, чи скæ уа мæ рдтыл?

Сабитæ — арф æ мбæ хст, хæ дзар — æ мыр...

 

Де ‘рыгон уарзон хо — Верæ цы кæ на?

Сидзæ ртæ н уый у сæ хистæ р, сæ ныфс.

Уыдон рæ вдауа, ‘ви мæ рдты ныгæ на, —

Адæ ргæ й, ц’ акæ на, — нал зоны чызг.

 

— Цæ й-ма!.. — кæ йдæ р хъарм къух аныдзэевд уæ хскыл, —

Тохы бон не знаджы хъузон — мæ маст.

Кинойы лентæ йау мысинаг фескъуыд,

Лæ ппу дыгъуырццæ гæ й дзурæ гмæ скаст.

 

Сикъо, йæ фæ дзæ хст ын ма рафау карзæ й;

Уа йын дæ уæ й хъауджы, ма зæ гъ, æ нцон!

Мин-мин æ фсымæ ры иумæ куыд уарзой,

Уымæ й дæ хойы фылдæ р уарзы, зон...

 

Вагæ тты хæ стонтæ къордгæ йттæ й бадынц,

Чи сæ ныхасыл у, чи та — мæ тыл.

Рагæ й-æ рæ гмæ Ирыстоны уадындз —

Цъалагом — зарæ гæ й мастыл фæ тых.

 

Зарæ г ыстæ хы пæ р-пæ ргæ нгæ маргъау,

Нарæ г зыхъхъыртæ й уæ ларвмæ тындзы,

Вагоны ферттивы зарæ г цырагъау,

Цæ сгæ мттыл ахъазы рухсы бындзыг.

 

— Куыд, куыд? Куыд æ й хонынц, — чидæ р фæ худти, —

Уыцы куыдзы фырт инæ лары, куыд?!

Хвостиков, ома, дам, Врангелы къуди. —

Сабийау хъазы Котолийы-фырт.

 

Чи зæ гъдзæ н, — уымæ н йæ худгæ фæ лгонцæ й

Искуы фæ иппæ рд уа рухс цины тын,

Райсом йæ дзурæ ндзых ахгæ ндзæ н рондзæ й

Æ мæ мыггагмæ уыдзæ нис æ мыр?!.

 

Тедетæ й, йе ‘мном Никъаламæ хаты:

Ракæ с-ма, Тути та ‘руагъта йæ фындз.

Тути Пæ ррæ стон у, немæ кæ м бады:

Атахт арахъдзуан, хынцы йæ сæ чындз.

 

Хъусы сæ м хох-лæ ппу — Цхуырбаты Габо,

Се ‘хсæ нты радаргъ йæ бæ гъæ мвад къах.

Й’ аласа, макуы дæ баййафа сау бон, —

Чи скъæ фдзæ н хæ сты хæ дцæ угæ гæ нах!

 

Райхъуысти цæ гаты цинуынæ р къуымæ й,

Уæ ртæ сæ къордыл ысхæ цыди цæ ст,

Се ‘хсæ н бухархудджын чи бады ‘рхуымæ й,

Милрихи сау лæ ппу — кард цыма —’лвæ ст...

 

Тогызты зараг Батырбеджы ‘нкъардæ й

Исчи ма искуы дæ р федтаид, цы?

Æ ви фæ тарсти хъазахъхъаджы кардæ й,

Нал уæ нды знагимæ ‘хсарæ й хæ цын?

 

Æ ви йæ рæ сугъд Тотырдзаны мысы,

Гъе та йæ цæ стытыл уайы йæ мад?

Дурдзавдау бады, сыбыртт дзы нæ хъуысы,

Раст цыма йе ‘взаг йæ комы ныууад.

 

Зæ рдæ ныххивæ нд и, йе ‘вастæ й тъизы, —

Чи зоны, хаты мæ лæ ты хæ стæ г,

Æ мæ фырадæ ргæ й афтæ фæ ризы

Цардæ й мæ лæ ты ‘хсæ н ауæ дзыл лæ г...

 

Уадæ г фæ тæ хы хъыллистгæ нгæ, уасгæ, —

Сусæ г рæ хыстæ й Ирыстонмæ баст, —

Фескъæ фы дунейы катай ивазгæ,

Дунейы сагъæ стæ, цин æ мæ маст.

Чингуытæ м хаст чи не ‘рцыд, ахæ м мыхуыргонд æ мдзæ вгæ тæ






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.