Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 6 страница






Фæ стаг хатт ма фысджыты сфæ лдыстадон хæ дзармæ иумæ ацыдыстæ м Коктебельмæ, æ мæ уыцы хабар уæ д уыд, æ нхъæ лдæ н. Фæ стæ мæ нæ химæ здæ хтыстæ м. Цалдæ р сахаты нæ Симферополы аэропорты хæ дтæ хæ гмæ æ нхъæ лмæ кæ сын бахъуыд. Тынг тæ вд. Тынг æ нуд бон. Сулæ фæ н нæ уыд. Дон аназ æ мæ... Æ мæ нæ кружкæ сфæ лдыстадон хæ дзары байрох. Уæ д нластмассæ й арæ зт æ вгтæ æ мæ агуывзæ тæ нæ ма уыд. Æ з уæ дзаумæ ттимæ фæ уагътон, зæ гъын, агуывзæ искæ м рацагурон. Æ мæ ссардтон. Уæ д, бирæ адæ м кæ м змæ лыд, уым уыд сæ рмагонд аппараттæ. Æ ртæ капеччы ныппар, æ мæ уазал, удирвæ зынгæ нæ н донæ й дæ агуывзæ айдзаг уыдзæ н. Фондз капеччы ныппæ рстай, уæ д ракæ лдзæ н адджын дон — ситро. Нæ дойны суагътам, сулæ фыдыстæ м. Æ з агуывзæ дзаумæ тты æ хсæ н нытътъыстон. Уырызмæ г, ды мæ м æ рбакастæ. Æ нæ хин, ирд сыгъдæ г дыууæ цæ сты мыл æ рæ нцадысты æ мæ мæ м иуцасдæ р æ дзæ мæ й кастысты.

— Цы кæ ныс, Уырызмæ г?

— Уыцы агуывзæ мах куынæ у, уæ д æ й нæ дзаумæ ттимæ цæ мæ н сæ вæ рдтай?

Æ з цасдæ р рæ стæ г, цы загътаин, уый нæ зыдтон. Æ мæ цы хъуамæ загътаин?

— Куы та сдойны уæ м, уæ д цæ мæ й баназдзыстæ м?

— Æ мæ уый мах агуывзæ куынæ у, — загътай та ды æ мæ дæ цæ стæ нгас иуварс азылдтай.

Æ з, раст кæ й нæ дæ н, уый зыдтон, уæ ддæ р загътон:

— Мах æ й куынæ райсæ м, уæ ддæ р æ й исчи ахæ сдзæ н.

Ды та мæ м ногæ й æ рбакастæ. Æ мæ æ з æ нæ дзургæ йæ агуывзæ систон æ мæ йæ йæ бынаты сæ вæ рдтон. Раздæ хтæ н æ мæ федтон бынтон æ ндæ р дыууæ цæ сты: хурдзаст дыууæ цæ сты. Æ мæ дæ бамбæ рстон: уый уыд дæ фыццаг уæ лахиз.

Уырызмæ г; чи загъта, æ мæ фондз-æ хсæ заздзыд æ нахъом лæ ппу йæ фыды йæ химæ не ’рыхъусын кæ ндзæ н? Чи загъта, æ мæ йæ æ фсармы нæ баппардзæ н? Чи загъта, æ мæ йын фæ лтæ рд ахуыргæ нæ джы хуызæ н зæ рдылдарæ н урок нæ ратдзæ н?

Æ мæ та ногæ й уыцы æ нусон фарст: туг хæ ссы æ ви нæ? Ивы æ ви нæ? Адæ ймаг ивы æ ви нæ? Иуæ й-иу адæ ймæ гтæ, хицауы бынатмæ куы баирвæ зынц, уæ д цæ мæ н аивынц? Цыбыр рæ стæ гмæ æ ндæ р адæ ймæ гтæ й цæ мæ н агæ пн кæ нынц? Адæ ймаг æ цæ гæ й цы у, йæ миддуне æ мæ йæ зондахаст базонын дæ фæ нды — къæ лæ тджынмæ йæ бауадз, æ хцайы ад ын базонын кæ н. Уыдон сты адæ ймаджы фæ лварæ нтæ, æ мæ сын бирæ тæ нæ фæ разынц.

Уырызмæ г, цыма раздæ р куырм уыдтæ н æ мæ фæ стаг азты мæ цæ стытæ й ракастæ н, хатгай мæ м афтæ фæ кæ сы. Нæ, уый æ хсæ над фендæ рхуызон, æ мæ адæ м æ цæ гæ й цы сты, афтæ мæ й разындысты, сæ гамхудтæ систой. Хæ рзчысыл хицауæ й райдай æ мæ æ ппæ ты стырдæ р хицæ уттæ й фæ у, цыма сæ сæ йрагдæ р куыст адæ мы сайын у. Дыдзæ сгомдзинад нæ царды гакк ссис. Рæ стдзинад, æ гъдау, æ фсарм... фæ сдуар аззадысты.

Арæ х цæ уыл фæ хъуыды кæ нын: адæ м зондджын куы сты, уæ д хатгай, уæ вгæ, хатгай нæ — арæ х цæ мæ н фæ рæ дийæ м? Хицæ н адæ ймæ гты, хицæ н къордты къухы хъазæ нхъултæ цæ мæ н вæ ййæ м? Цы ныл æ рцæ уы? Кæ м и нæ сæ рыстырдзинад? Айгъай, ахæ м æ гъатыр, чъизи, æ лгъаг рæ стæ г сыгъдæ гзæ рдæ æ мæ рæ студ адæ мтæ н зын цæ рæ н у.

О мæ бон, Уырызмæ г, дæ у тыххæ й мын цал æ мæ цал адæ ймаджы загътой: дæ хъæ бул — раст æ мæ сыгъдæ гуд, ацы зæ ххыл ын зын цæ рæ н уыд, Хуыцау æ й радта æ мæ йæ Хуыцау йæ химæ айста, уым дæ р хъæ уынц раст æ мæ сыгъдæ г удтæ. Чи зоны, уый æ цæ гдæ р афтæ у, фæ лæ мын, мыййаг, кæ д уыдон зæ рдæ тæ февæ рынц, ныфсы тыххæ й фæ зæ гъынц... Нæ, уæ ддæ р зæ рдæ риссы, зæ рдæ йы рыст нæ къаддæ р кæ ны. Рæ стæ г, дам, алцыдæ р дзæ бæ х кæ ны. Нæ! Нæ!

Æ ппынфæ стаг, горæ т æ рбазынд. Куыдæ й дæ фендзыстæ м? Цы фехъусдзыстæ м? Мах дæ м, Уырызмæ г, хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р куыд кодтам, ды та нæ афтæ дардæ й-дарддæ р кодтай. Ды цыдтæ де ’нусон бынатмæ. Ды цыдтæ, нæ бинонты иу хай кæ м и, уырдæ м. Ды цыдтæ, Нарты куырыхон Уырызмæ джы ном дыл чи сæ вæ рдта, мæ фыд Æ мзоры цурмæ, ды цыдтæ мæ мадмæ, ме ’ртæ ’фсымæ рмæ, нæ чындз, ме ’фсымæ ры лæ ппуйы цурмæ, пæ бирæ хионтæ, нæ бирæ къабæ зтæ м. Фæ лæ йæ мах нæ ма зыдтам. Дæ мад куыдта. Дæ мады хойы цæ ссыгтæ уадысты. Æ з дуры хуызæ н æ дзæ мæ й бадтæ н. Ацæ мæ з машинæ скъæ рдта. Ницыма зыдтам. Фæ лæ нал дæ, уый куы базыдтон, уæ д æ лгъыстон.... Æ лгъыстон нæ мæ рдты. Афтæ куы фæ зæ гъынц: Хуыцауы хорзæ хæ й мæ рдты хорзæ хæ й уæ лдай нæ й. Афтæ куы фæ зæ гъынц, Хуыцау æ мæ мæ рдтæ æ мхуызон аудынц æ гæ стыл. Уæ д... Уæ д уый куыд раст у, мæ фыд? Æ мзор, фыццаджыдæ р дæ умæ дзырдтон æ мæ ныр дæ р дæ умæ дзурын, ахæ м æ рыгон лæ ппуйы уæ химæ куыд айстат? Куыд раст у уый? Афтæ куы фæ зæ гъынц: хъæ р мæ рдтæ м дæ р хъуысы. Æ мæ дæ м хъæ р кæ нын: куыд раст у уый?! Цæ мæ н æ й бауагътай дæ химæ?! Кæ д иннæ ты фæ ндон уыди, уæ д сæ ды, куыд нæ бинонты хистæ р, цæ мæ н бауагътай рæ дийын? Куыд æ вирхъау рæ дыд фæ кодтат, куыд! Нæ дæ м байхъуыстаиккой? Æ мæ нæ хæ дзары дæ ныхасæ н æ дзухдæ р стыр аргъ куы уыд, дæ ныхасы сæ рты куы никуы ничи ахызт. Æ ви уый уе ’ппæ ты фæ ндон уыди? Æ мæ цæ мæ н? Фæ рсын дæ, мæ хорз фыд, фæ рсын уе ’ппæ ты дæ р. Цæ мæ н? Цæ мæ н нын байстат нæ цардбæ ллон хъæ булы? Уæ хи йæ цæ мæ н бакодтат? Мæ нæ уæ м æ з, уæ фырт, хæ стæ гдæ р куы дæ н, мæ нæ н бакодтаиккат уыцы сау æ фсæ н дуæ рттæ. Куыд бакуымдта уæ зæ рдæ уалдзыгон сæ ууон хуры тыны хуызæ н лæ ппуйæ н йæ цард аскъуынын? Нæ, дзуапп мын нæ дæ ттут...

О нæ зæ ронд мæ рдтæ, курын уæ, уæ цуры мæ зонгуытыл лæ ууын: нæ кæ стæ ртæ й уæ цурмæ макæ йуал бауадзут. Мах уын азæ й-азмæ нæ фæ ллойæ уæ ном куы ссарæ м, мах уын фæ ззæ джы нæ ног бæ ркадæ й цæ стуарзонæ й куы ныххæ лар кæ нæ м. Мах уын алы фынджы дæ р уæ рухс ном куы арæ м.

Уырызмæ г, уæ д ма æ рыгон бинонтæ уыдыстæ м, дæ уыл цыд авд æ ви аст азы. Федтон æ нахуыр фын. Уæ вгæ, фынтæ æ дзухдæ р æ нахуыр вæ ййынц. Цыдæ р æ нахуыр дуне, æ нахуыр бынат. Ставдзæ нг дынджыр пæ лæ хсар бæ лæ стæ арвмæ фæ цыдысты. Кæ сын, æ мæ не ’рвадæ лты сæ дæ аздзыд зæ ронд лæ г Елмырзæ уыцы бæ лæ стæ й иуыл банцой кодта. Кæ дæ мдæ р джихæ й, æ нкъардæ й кæ сы, йæ цæ стытæ дзы нæ исы. Цымæ, кæ дæ м кæ сы? Æ мæ уынын: æ ртæ гуыппырсар зæ ронд лæ джы зырнæ йзылд тымбыл фынджы уæ лхъус бадынц. Фынг алы минас, алы æ взаргæ нозтæ й — йедзаг, тасы. Æ ртæ зæ ронд лæ джы минас кæ нынц. Иурæ стæ г мæ м Елмырзæ разылд æ мæ загъта:

— Æ ххормаг мын у.

Дарддæ р цы уыд, уымæ н ницыуал базыдтон. Фехъал дæ н æ ви мæ фын фескъуыд — мæ зæ рдыл нал лæ ууы. Беслæ нмæ нæ хæ дзармæ куы ныццыдтæ н, уæ д æ й мæ мадæ н радзырдтон. Уый, мæ ныхас кæ ронмæ дæ р нæ ма фæ дæ н, афтæ мæ й загъта:

— Тæ ккæ ацы сабатизæ р Елмырзæ йæ н фынджыдзаг акæ нут, æ нхъæ лмæ кæ сы.

Мах, мæ мад куыд загъта, афтæ скодтам фынджыдзаг. Сыхæ гтæ й æ ртæ лæ гмæ фæ дзырдтам. Сæ рмагондæ й нæ мыггаджы хистæ р фендджын Елмырзæ йы рухс ном ссардтам. Цы йын сцæ ттæ кодтам, уыдон ын ныххæ лар кодтой.

Уæ дæ й фæ стæ мæ алы аз дæ р Майрæ мты мæ йы нæ зæ ронд мæ рдтæ н скæ нæ м фынджыдзаг. Нæ къух куыд амоны, афтæ фынг саразæ м. Уадз, зæ ронд мæ рдтæ дæ р фæ ззæ джы хорзæ хтæ й хайджын уæ нт, дыргъæ й, халсарæ й, уæ лæ уыл чи ис, уыдоны цур куыд сты, нæ зæ ронд мæ рдтæ н дæ р сæ разы афтæ уæ нт.

О мæ бон, Уырызмæ г, ды мын мæ зæ ронд мæ рдты ферох кæ нын кодтай. Зынаргъ нын куыд не сты, нæ зæ рдæ тæ семæ куыд нæ дзурынц, фæ лæ нæ дæ фæ стæ ницыуал æ ндавы, ды сæ дæ аууоны бакодтай.

Мæ хъæ бул, рæ стæ джытæ дæ р бæ ргæ цæ уынц, фæ лæ уæ ддæ р зæ рдæ йæ иуварс нæ комыс, æ мæ дæ куыд скъахон? Мæ хъуыдытæ æ дзухдæ р — демæ; цæ угæ кæ нон, бадгæ кæ нон, искæ имæ дзурон... Кæ йдæ римæ фæ ныхас кæ нын, мæ разы та ды вæ ййыс. Мин æ мæ мин хатты мæ хи бафарстон, стæ й цалынмæ цæ рон, уæ дмæ дæ р фæ рсдзынæ н: «Ацы бæ ллæ х цæ мæ н æ рцыд? Цæ мæ н æ рцыд?» Фæ лæ йын дзуапп нæ арын.

Хатт мæ маст схæ лбурцъ кæ ны, хус сугтæ й арт куыд ныггуыпп ласы, афтæ ссудзы. Æ з йæ ахæ сты бахауын æ мæ... Æ мæ, зонын æ й, раст нæ вæ ййын, фæ лæ мæ хицæ н мæ бон ницы у. Мæ рохтыл æ рхæ цын нал бафæ разын æ мæ... æ мæ фелгъитын... фелгъитын нæ Дунесфæ лдисæ джы, нæ мæ рдты. Стæ й та сæ хатыртæ фæ курын. Уæ дæ дæ у хуызæ н лæ ппу мауал уæ д, уый куыд раст у? Де ’мбæ лттæ дæ æ дзух дæ нцæ гæ н хастой. Уыцы ныхас ме ’взаг нæ кæ рды, мæ зæ рдæ йæ зæ гъын нæ фæ разы. Дæ фæ стаг бон... Кæ рты хицауæ н бафæ дзæ хстон:

— Адæ м куы апырх уой, уæ д-иу Уырызмæ джы æ мбæ лттæ н зæ гъ, æ мæ йын нæ хæ дзары йæ рухс ном ссарой.

Мæ н фæ ндыд, Уырызмæ г, цæ мæ й дын дæ хорз æ мгæ рттæ, дæ хорз æ мбæ лттæ, дæ æ вирхъау хабар куы æ рбайхъуыст, уæ дæ й фæ стæ мæ æ хсæ в-бон чи нæ зыдта, сæ уæ лныхтыл дæ фæ стаг фæ ндагыл бæ рзонд чи систа, уыдон сæ рмагондæ й, ды цæ рынæ й кæ м нæ бафсæ стæ, уым, нæ хæ дзары, абадой, дæ рухс ном дын ссарой. Æ мæ æ рбамбырд сты. Цал уыдысты? Æ вддæ с, ссæ дз... Бацыдтæ н сæ м, æ мæ мын зын дзурæ н куыд нæ уыд. Уымæ н æ мæ ды, Уырызмæ г, фыццаг хатт дæ хорз æ мгæ ртты, дæ хорз æ мбæ лтты фарсмæ нæ бадтæ. Дæ бынат уыд афтид. Цыдæ р уысм-иу фæ лмæ й зынæ гау фæ зындтæ æ мæ та-иу атадтæ. Арахъхъы агуывзæ мæ къухмæ райстон, фæ лæ минут æ ви фылдæ р дзурын нæ фæ рæ зтон. Мæ къух рызт.

О мæ бон, Уырызмæ г, ды æ рмæ ст махæ й, дæ бинонтæ й нæ фæ хъуыдтæ, фæ лæ дæ хорз æ мгæ рттæ й дæ р, дæ хорз æ мбæ лттæ й дæ р. Семæ никæ дуал алæ удзынæ, иумæ никæ дуал аныхас кæ ндзыстут, иумæ футболæ й нал ахъаздзыстут... Фæ ци, мæ бон, дæ зæ ххон цард.

Де ’мбæ лтты дын не сфæ лдисæ г Стыр Хуыцауыл бафæ дзæ хстон. Бафæ дзæ хстон сæ фæ ндаджы хорзæ хыл, Ирыстоны зæ дтыл, цæ мæ й æ нæ маст æ мæ æ нæ фыдбылыз фæ ндæ гтыл цæ уой, ацы дунемæ цæ рынмæ фæ зындысты æ мæ дзы цæ рынæ й куыд бафсæ дой, се ’мгæ рттæ й æ нафонæ й ацы зæ ххæ й куыд никуы ничиуал ацæ уа.

Лæ ппутæ сыстадысты, иу стыф, иу уынæ р сæ нæ хъуыст. Ныхас куы фæ дæ н, уæ д сæ иу, йæ ном ын барæ й нæ дзурын, агуывзæ райста, йæ цæ стытæ кæ уынæ й сырх дардтой, йæ хъæ лæ с æ рхæ цыд, кæ уындзæ г-иу ын йæ хъуыр ахгæ дта, афтæ мæ й загъта:

— Махæ й, не ’мбæ лттæ й, Уырызмæ гæ й растдæ р æ мæ сыгъдæ гдæ р, уæ здандæ р адæ ймаг нæ уыд. Уæ д цæ мæ н, цæ мæ н æ рцыд ацы бæ ллæ х?! Мæ нæ æ з... æ з цæ уыннæ фæ мард дæ н. Уырызмæ гимæ абаргæ йæ æ з чъизи адæ ймаг куы дæ н, — æ мæ лæ ппу скуыдта.

— Йæ, уе ’ппæ т дæ р хорз стут, æ взонг талатæ, — æ мæ, цæ мæ й ма скæ уон, уый тыххæ й сæ цурæ й тагъд-тагъд рацыдтæ н.

Де ’мгар лæ ппуйы зæ рдæ бын ныхас, йæ зæ рдæ йы цъæ хахст. Де ’мбæ лттæ дын цы аргъ кодтой, де ’мбал цы ныхас загъта, уый цыфæ нды стыр хæ рзиуæ гæ й дæ р зынаргъдæ р у.

Нæ кæ стæ рты æ взæ р миниуджытæ нæ фæ уынæ м. Дæ умæ дæ р уыди «æ взæ р» миниуæ г, Уырызмæ г. Æ гæ р... æ гæ р раст æ мæ æ гæ р сыгъдæ гзæ рдæ уыдтæ. Кæ д дын æ цæ гдæ р бынат нæ уыд не ’лгъыст, чъизи, æ лгъаг дунейы? Кæ дæ м цæ уæ м? Кæ м ис не ’гъдау? Кæ м и нæ уæ здандзинад? Кæ м и нæ фарн? Нæ разагъды фыдæ лтыл уæ д та ахъуыды кæ нæ м. Нæ мæ рдтæ й уæ д та фефсæ рмы уæ м. Нæ кæ стæ ртæ, фидæ ны фæ лтæ ртæ нæ цы схондзысты? Æ хца æ мæ исбоныл куы сыстæ м, дунейыл нæ æ ндæ р куы ницыуал æ ндавы. Æ ппынфæ стаг, адæ ймаг цас æ мæ цы бахордта, цас банызта, цы дидитæ йыл цæ хæ р калынц, йæ уæ лæ цы дзаумæ ттæ скодта, цы галуанæ й рацæ уы, æ рмæ ст уымæ й нæ у. Сæ фы нæ удварн. Гуыбын скъæ т у, гарна. Нæ ахсæ нтæ нæ сæ рæ й куы фæ уæ лдæ р сты, уæ д ма нæ цард цы у? Æ мæ фæ дисы сау дзæ нгæ рæ г ныццæ гъдæ м: кæ дæ м у нæ фæ ндаг?.. Хъæ здыг æ мæ хицаудзинад, хицау æ мæ хъæ здыгдзинад уæ рдоны дыууæ цалхы хуызæ н фæ рсæ й-фæ рстæ м тулынц. Фæ лæ кæ дæ м?.. Кæ дæ м цæ уæ м?

Уырызмæ г, æ мæ мæ нæ рынчындон, дæ цард æ мæ мæ лæ ты æ хсæ н фæ стаг хатт тох кæ м цыд, уыцы рынчындон. Нæ сыхæ гтæ... Æ мæ ам цæ мæ н сты? Фæ сте дзы ничиуал баззад, уæ лдайдæ р, нæ лгоймæ гтæ, уæ лдайдæ р, фæ сивæ д. Де ’мкусджытæ къордтæ -къордтæ й лæ ууынц, рынчындоны стыр кæ рт — йæ тæ ккæ дзаг адæ мæ й. Фæ донзоныг дæ н, цыдæ р уысм æ дзæ мæ й аззадтæ н: ацы адæ м ам цы ми кæ нынц? Æ мæ бамбæ рстон: æ рцыд стыр бæ ллæ х, æ нхъæ л кæ мæ н нæ уыдтæ н, ахæ м бæ ллæ х. Адæ мы æ хсæ н цыдæ р сусу-бусу ацыд, иууылдæ р, цыма дзырд бакодтой, афтæ махырдæ м разылдысты. Ныхас чи кодта, уыдон сæ ныхас фæ уагътой, тамако чи дымдта, уыдон сæ тамако иуварс аппæ рстой, бандоныл чи бадт, уыдон сыстадысты. Æ мæ нæ м кæ сынц, æ нæ дзургæ йæ, æ нæ змæ лгæ йæ, æ дзæ мæ й. Уый цы хабар у? Тæ фæ рфæ сгæ нджыты хуызæ н цæ мæ н лæ ууынц? Цыдæ р уысм адæ мы нал ауынын. Мæ къæ хты бын зæ хх фæ тасы. Дзурын, фæ рсын:

— Куыд у?

— Куыд у Уырызмæ г? — фæ лæ дзуапдæ ттæ г нæ й. Кæ д мæ ныхас мæ хи йеддæ мæ никæ мæ хъуысы. Хъуысы, кæ й фæ рсын, уыдон мын дзуапп дæ ттынц: чи йæ сæ ры банкъуыстæ й, чи йæ сæ ры бынмæ æ руагъдæ й, чи йæ ныуулæ фтæ й, чи йæ уæ хсчыты размæ æ рбалхъывдæ й, чи иугай скъуыддзаг ныхæ стæ й. Фæ лæ дзы сым дæ р куы никæ мæ й схаудаид, уæ ддæ р бæ рæ г уыд: æ взæ р, тынг æ взæ р у хъуыддаг.

Нæ, уæ д ууыл нæ ма уыдтæ н, æ мæ фæ рсон: чи уыд, куыд æ рцыд, кæ м æ рцыд уыцы бæ ллæ х? Нæ, ууыл нæ ма уыдтæ н.

Операци фæ ци сахатырдæ г кæ нæ чысыл раздæ р. Дохтыртæ... Кæ м сты дохтыртæ? Уыдон... Уыдон фенын хъæ уы. Чидæ ртæ ма — мæ фарсмæ. Дохтыртæ кæ м сты, уыцы уат мын бацамыдтой. Дуарыл бахæ цыдтæ н, иу хатт, дыууæ хатты, цалдæ р хатты. Искæ д мæ зæ нгтæ, мæ цæ нгтæ афтæ слæ мæ гъ уыдзысты, уый æ нхъæ л никуы уыдтæ н. Нæ сыхæ гтæ й иу — Валери — дуарыл бахæ цыд. Уаты — мæ кары дыууæ лæ джы, сæ иу стъолы цур бады, иннæ рудзынджы цур лæ ууы æ мæ æ ддæ мæ кæ сы. Дыууæ йæ дæ р тамако зыдæ й дымынц:

— Æ з, операци кæ мæ н скодтат, Уырызмæ г, уый фыд дæ н.

Дыууæ дохтыры дæ р мæ м разылдысты. Бадгæ чи кодта, уый сыстад, цалдæ р хатты йæ сигарет зæ рдиагæ й сцъырдта, цыма дзы йæ мондæ гтæ иста. Æ мæ æ з куыддæ р мæ химидæ г ссыгъдтæ н: цы райвæ з-байвæ з кæ ны, кæ д æ м исты зæ гъинаг и, уæ д... Фæ стæ дæ р æ й бамбæ рстон: цы хъуамæ загътаид, уый йын зын зæ гъæ н уыд, зæ гъын та йæ хъуыд.

— Æ взæ р цæ ф у, тынг æ взæ р цæ ф. Дамбацайы нæ мыг зæ рдæ йы сæ ртæ ахаста, тугдадзинтæ йæ м кæ м бацæ уынц, уым суад, рæ уджыты дæ р ацыд, фæ сонтæ й ахызт. Ноджы хуымæ тæ джы нæ мыг нæ у, фæ лæ, зилгæ -здухгæ чи кæ ны, ахæ м нæ мыг. Йæ туг йæ хуылфмæ фæ цыд. Кæ д аирвæ за, уæ д æ рмæ стдæ р йæ хъару, йæ хи фæ рцы, кæ д йæ организм фидар у, уæ д уый фæ рцы. Фæ лæ... Фæ лæ нæ зонын, нæ зонын...

Дохтыры алы ныхас дæ р — хъамайæ рæ хуыстау. Иу зæ рдæ вæ рæ н, иу ныфсдæ ттæ г ныхас дзы не схауд. Æ мæ мæ фæ ндыд мæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кæ нын:

— О Уырызмæ г, мæ сабыр, мæ уæ здан, мæ фæ лмæ н, мæ æ гъдауджын лæ ппу, кæ м дæ?! Уымæ н уæ вæ н куыд и, æ мæ ды мауал уай?! Нæ й, уымæ н уæ вæ н нæ й. О Уырызмæ г, хъæ ддых фæ лæ уу!

Дохтырты уатæ й куыд рахызтæ н, уымæ н ныр дæ р ницы зонын. Мæ зæ нгтæ мæ нал урæ дтой æ мæ къулыл банцой кодтон. Йарæ би, цы чындæ уа? Уый куыд у? Дуар ратъæ пп лас æ мæ дæ лæ ппумæ бацу, уе ’хсæ н — дыууæ -æ ртæ метры. Дæ хъæ бул цы фæ уыдзæ н, уымæ н ницы зоныс... Фæ цæ уы... Фæ цæ уы дæ, æ мæ ды та рынчындоны къулыл баныхæ стæ, дæ бон ын дунейыл баххуыс кæ нын ницæ мæ й у. Куыд раст, куыд раст у уый?!

Уырызмæ г, мæ бон дын мисхал дæ р баххуыс кæ нын нæ баци. Уæ д та ма дæ иу минут куы баурæ дтаин. Цыдæ р уысм мæ сæ ры атахт: зæ рдæ йæ зæ рдæ йы æ хсæ н, адæ ймагæ й адæ ймаджы æ хсæ н ис æ нæ уынгæ хидтæ, æ нæ уынгæ бастдзинæ дтæ, æ мæ дуары цур слæ ууыдтæ н, мæ хи йæ м нылхъывтон:

— О Хуыцау, мæ тых, мæ хъаруйæ Уырызмæ гæ н фæ хай кæ н, мæ уды тыхтæ Уырызмæ гмæ сараз.

Æ мæ, Уырызмæ г, иурæ стæ г мæ м афтæ фæ каст, цыма дыл мæ тых сæ мбæ лд, цыма базмæ лыдтæ, цыма дæ цæ стытæ байгом кæ нынмæ хъавыс. Кæ йдæ р хъæ лæ с мæ æ рæ рввонг, æ рчъицын кодта:

— Цом уал æ ддæ мæ, — нæ сыхæ гтæ й мыл иу рахæ цыд. Рынчындоны кæ ртмæ рахызтыстæ м. Адæ м фылдæ рæ й-фылдæ р кæ нынц, хъæ утæ й дæ р нæ хæ стæ джытæ, нæ къабæ зтæ фæ дисы схæ ццæ сты. Æ мæ иууылдæ р æ нхъæ лмæ кæ сæ м. О Стыр Хуыцау, хорз хабар нын фехъусын кæ н: йæ улæ фт фæ хуыздæ р, йæ дадзинты туг хуыздæ р цæ уын райдыдта, цардмæ здæ хы...

Цæ мæ ндæ р мæ сæ ры февзæ рд: цы хостæ йын хъæ уы, уыдон сты? Хосхъуаг нæ у, мыййаг?

Де ’мбæ лттæ дыууæ йæ мидæ мæ згъорæ гау бауадысты, уайтагъд фæ зылдысты. Хостæ, дам, ын алцыдæ р ис.

Бæ ргæ, ахæ м хос куы уыдаид, Уырызмæ г, æ мæ дæ у чи фервæ зын кодтаид. Фæ лæ нæ уыд, нæ уыд зæ ххыл ахæ м хос, æ ндæ р æ й ссардтаиккам, зæ ххы бынæ й дæ р æ й скъахтаиккам, арвы кæ рокæ й йæ æ рбахæ ццæ кодтаиккам.

Мæ къæ хтæ мæ быны нал цыдысты, фæ лæ иу ран лæ ууын дæ р мæ бон нæ уыд. Мæ цуры-иу æ нæ дзургæ йæ куы иу æ рбалæ ууыд, куы иннæ. Дзурын никæ й фæ ндыд: алы ныхас дæ р — зæ рдæ къахæ н, алы ныхас дæ р — зæ рдæ риссæ н.

Ды аирвæ з, ууыл уыдысты мæ хъуыдытæ, æ ндæ р мæ дунейыл ницы æ ндæ вта. Зыдтон æ й æ мæ йæ абон дæ р зонын: дæ умæ зонгæ -зонын йæ хæ цæ нгарз ничи ныддардзæ н. Цæ й тыххæ й дын хъуамæ байса чидæ р дæ цард? Кæ мæ н цы ракодтай æ взæ рæ й? Æ нæ нхъæ лæ джы. Афтæ... афтæ уыдаид. Де ’мбал дæ умæ хъуамæ йæ дамбаца цæ й тыххæ й сиса? Нæ й, нæ й уымæ н уæ вæ н. Æ нæ бары. Æ нæ нхъæ лæ джы. Фæ лæ барæ й æ нæ барыйæ цы уæ лдай и? Ды нал дæ, де ’рыгон цард дын аскъуыдта. Нæ бинонтæ цæ рæ нбонтæ м къахырæ й баззадысты, махæ н зæ ды хуызæ н лæ ппу нал и.

Уырызмæ г, дæ æ вирхъау бæ ллæ хы хабар куы фехъуыстам, уæ дæ й фæ стæ мæ цы минуттæ, цы сахæ ттæ, цы бонтæ æ мæ цы мæ йтæ арвыстам!.. Цы азтæ æ рвитæ м. Зæ рдæ риссæ н. Зæ рдæ марæ н...

Æ бæ рæ гдзинад... Уый зæ рдæ дыууæ дихы кæ ны. Дæ у фæ нды цыдæ р зæ рдæ вæ рæ н ныхас, ныфсы ныхас фехъусын, фæ лæ...

...Мæ зæ нгтæ мæ быны нал цæ уынц, ризынц, фæ лæ сбад, æ нцад лæ уу, уый дæ р нæ фæ разын æ мæ дæ палатæ йы рæ зты ацæ уын, дуары тарвазыл банцой кæ нын, рынчындоны.кæ ртмæ рахизын. Палатæ йæ дохтыртæ кæ нæ медицинон хотæ й исчи куы рацæ уы, уæ д ыл адæ м æ рбамбырд вæ ййынц. Фыццаг рæ стæ джы, уæ д-иу сæ афарстой:

— Куыд у? Улæ фы?

Ныр фæ рсгæ дæ р ничиуал акæ ны, æ дзæ мæ й йæ м бакæ сынц. Палатæ йæ чи рахизы, уый дæ р ницы фæ зæ гъы, йæ уæ хсчытæ æ руадзы, йæ сæ р бакъул кæ ны.

О Хуыцау, цæ мæ й тарстæ н, уыцы ныхас нын ма фсхъусын кæ н. Æ мæ ничима ницы загъта, уæ ддæ р сылгоймæ гтæ й чидæ ртæ кæ уы. Кæ уынц мæ хотæ, кæ уынц дæ мады хотæ. Дæ мадæ н, ноджы ма кæ мæ ндæ рты сæ зæ рдæ тæ бавзæ р сты, æ мæ сын хостæ скъæ фынц. Кæ мæ ндæ рты дзы уколтæ кæ нынц. Иу афтид палатæ, æ мæ сæ уым æ рхуыссын кодтой, медицинон хотæ сæ уæ гъд нæ уадзынц.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.