Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 9 страница






Уырызмæ г, цалдæ р хатты мын мæ хорз зонгæ тæ дæ у тыххæ й дзырдтой: æ ндæ р куыстмæ куы раивид, зæ гъæ м, паддзахадон автоинспекцимæ. Æ мæ дæ нæ бафæ ндыд. Æ ппынфæ стаг, цæ хгæ р загътай:

— Уый мæ куыст нæ у.

Æ мæ дæ æ з хорз æ мбæ рстон. Уый, æ цæ гдæ р, дæ куыст нæ уыд. Алы куысты дæ р ис раст æ мæ сыгъдæ г адæ мтæ, паддзахадон автоинспекцийы дæ р. Æ мæ уыдонæ н уым кусын æ нцон уа, уый мæ нæ уырны. Бирæ гъты æ хсæ н бирæ гъ куынæ уай, уæ д дæ бахæ рдзысты.

О мæ бон, Уырызмæ г, Къостайыхъæ умæ нæ м цы фæ дисы дзæ нгæ рæ г ныхъхъуыст, уæ дæ й фæ стæ мæ цæ мæ й тарстæ н, уый... уый æ рцыд. Æ мæ зæ рдæ риссы, зæ рдæ кæ рзы. Сылгоймæ гты кæ уын, сæ удаист цъæ хахст. Уæ ртæ дæ мад ахауд. Мæ нæ н дæ р мæ къæ хты бын зæ хх фæ цудыдга, фæ йнæ рдæ м алæ бырд, цыдæ р уысм ницуал ауыдтон, сылгоймæ гты удаист цъæ хахст фескъуыд, стæ й та райхъуыст, мæ хъустæ мын ныццарыдта. Ау, уый та куыд, æ мæ Уырызмæ г мауал уа? Нæ -æ! Уымæ н уæ вæ н нæ й! Уый та куыд, æ мæ мæ лæ ппуты хистæ р, фыццаг хатт цоты ад кæ мæ й базыдтон, уый мауал уа?! Ау, уый та куыд, æ мæ нын зæ ды хуызæ н цы хъæ бул уыд, уымæ й дзæ гъæ л аззайæ м. Нæ -æ! Уымæ н уæ вæ н нæ й! Уый рæ дыдæ й ныккуыдтой сылгоймæ гтæ.

— Кæ м и, кæ м и Уырызмæ г?

Агуырдтон дæ, Уырызмæ г, фæ лæ мын дзуапп ничи лæ вæ рдта. Дзуаппы бæ сты хъуыст сылгоймæ гты кæ уын, сæ удаист цъæ хахст, сæ хъарæ г. Æ мæ бамбæ рстон: бабын стæ м! Æ виппайды бабын стæ м! Райсомæ й нæ хæ дзарæ й цы цардбæ ллиц лæ ппу ацыд, уый нал-и. О нæ рафæ лдисæ г Хуыцау, кæ м дæ?! Куыд раст у уый, æ мæ дæ цотæ й исчи дæ разæ й ацæ уа. Нæ у! Нæ у уый раст! Кæ м дæ, Хуыцау?! Кæ д дæ, уæ д ахæ м æ нæ раст хъуыддæ гтæ цæ мæ н уадзыс?!

Куыдтон, Уырызмæ г, æ мæ мæ химидæ г дзырдтон, нæ, хыл кодтон Хуыцаумæ! Кæ д Хуыцау рахаста ахæ м тæ рхон, уæ д раст тæ рхон нæ у. Мин æ мæ йæ мин хатты дæ р зæ гъдзынæ н: уый раст тæ рхон нæ у. Хъуамæ кæ стæ р хистæ ры разæ й ма цæ уа!

Уырызмæ г, æ стæ м июны фæ ссихор уыцы сау нæ мыг æ рмæ ст дæ зæ рдæ не скарста, фæ лæ мах зæ рдæ тыл дæ р сæ мбæ лд, уыцы бонæ й фæ стæ мæ мах зæ рдæ тæ дæ р сау хъæ дгомæ й баззадысты. О, уыцы сау нæ мыг, цал зæ рдæ йы ахызтæ, цал зæ рдæ йы скарстай?!

Фæ стаг рæ стæ г, уæ лдайдæ р та, Уырызмæ г, ды куы нал дæ, уæ дæ й фæ стæ мæ мæ зæ рдыл ницыуал лæ ууы, мæ рдырох мыл бахæ цыд, мæ хъуыдытæ ныссуйтæ вæ ййынц, куы иуырдæ м агуылф кæ нынц, куы иннæ рдæ м.

Кæ д ма исты хъуыды кæ нын, уæ д «Комсомольская правда»йы фыстой, æ нхъæ лдæ н. Сылгоймаг йе ’нахъом сывæ ллонимæ иунæ гæ й баззад. Лæ ппуйыл цалдæ р мæ йы куы цыд, уæ д йæ фыд амард. Мад сабийы хаста иунæ гæ й. Куыд нæ уарзта йæ иунæ г хъæ булы! Цард уый цæ райæ, йæ хи йын снывонд кодта. Иуæ хсæ в федта æ нахуыр фын: лæ ппу сау дарæ сы хæ дзары дуар рахгæ дта, æ з мæ фыдмæ цæ уын, зæ гъгæ. Мад скатай, йæ хицæ н бынат нал ардта: уыцы фын... уыцы фын хорз фын нæ у, цыдæ р... цыдæ р æ буалгъ бæ ллæ х æ рцæ уынмæ хъавы йæ иунæ гыл. Æ мæ уымæ н уæ вæ н нæ й! Мад йæ хъæ булы, йæ иунæ джы, ацы зæ ххыл кæ й фæ рцы цæ ры, боны рухс кæ й тыххæ й уыны, йæ зæ рдæ кæ й тыххæ й цæ вы, уый мæ лæ тæ н нæ ратдзæ н. Ницы хуызы! Фæ лтау уый бæ сты йæ хæ дæ г амæ лдзæ н, йæ фырты мæ лæ тæ й бахъахъхъæ ндзæ н. Æ мæ мад йæ хи æ рцауыгъта, æ ви доны йæ хи баппæ рста, газеты фыст бæ лвырд мæ зæ рдыл нал лæ ууы.

Лæ ппуйы мад ацы дунейæ ацыд æ хсызгонæ й, зæ рдæ рухсæ й, мæ иунæ джы мæ лæ тæ й бахъахъхъæ дтон, зæ гъгæ.

Рацыд азтæ, лæ ппу йæ амонд ссардта. Ацыд Уæ рæ семæ æ мæ уым куыста, уыд амондджын. Иубон лæ ппу æ мæ йе ’мбæ лтты æ хсæ н цыдæ р хъаугъа рауад, сæ иу æ й кардæ й ныццавта æ мæ... æ мæ лæ ппу фæ мард. Мад къорд азты размæ цы фын федта, уый æ рцыд. Нæ й! Æ вæ ццæ гæ н, æ цæ гдæ р мæ лæ тæ й нæ алидзæ н и, нæ дзы бамбæ хсæ н и, нæ й дзы ирвæ зæ н. Нæ й, дунейыл дæ Зæ рдæ мæ æ ппæ ты хæ стæ гдæ р чи у — дæ хъæ бул — суанг уый бæ сты дæ р нæ цæ рæ н и, нæ — мæ лæ н. Æ мæ куыд раст у уый?

Мæ лæ т... Куыд æ вирхъау дæ? Ды куыд зоныс æ нхъæ лмæ кæ сын, афтæ ничи. Цалдæ ргай азтæ, дæ сгай азтæ дæ р ныббыхсдзынæ, уæ ддæ р дæ фæ нд сæ ххæ ст кæ ндзынæ. Æ ви рæ дийын? Æ ви уыдон иууылдæ р хи сайæ н хъуыдытæ сты? Ницы ис. Нæ й хъысмæ т дæ р. Æ рмæ стдæ р ис царды æ цæ гдзинад, æ гъатыр æ цæ гдзинад, æ мæ дын уый нæ хъысмæ т дæ р æ мæ нæ алцыдæ р. Нæ зонын, нæ зонын...

Сылгоймæ гты удаист цъæ хахст хъустæ арыдта, нæ лгоймæ гты хиуылхæ ст кæ уын зæ рдæ тыл æ мбæ лд. Уæ ртæ де ’мбæ лттæ, де ’мгæ рттæ, сæ къуыбар цæ ссыгтæ сæ рустыл уайынц. Дæ хорз æ рдхорд, нæ сыхаг Тлатты Чермен, «Черæ», афтæ йæ хуыдтай ды, даргъ бандоныл иунæ гæ й бады, ныггуыбыр æ мæ хæ къуырццæ й кæ уы. Æ з йæ цуры æ рлæ ууыдтæ н, йæ уæ хскыл ын мæ армытъæ пæ н æ рæ вæ рдтон æ мæ, мæ кæ уын нæ урæ дтон, афтæ мæ й йын загътон:

— Чермсн, Уырызмæ г нын нал и.

Уый сыстад, нæ мæ м æ рбакаст, йæ цæ сгом йæ армытъæ пæ нтæ й амбæ рзта æ мæ кæ угæ, æ рмæ ст дуары ’рдæ м нæ, фæ лæ иннæ рдæ м ацыд. Рынчындоны сисы сæ рты агæ пп кодта. Æ мæ бамбæ рстон: фыртыхстæ й, фыркатайæ цы фæ уа, уый нал зоны æ мæ йæ йæ къæ хтæ кæ дæ м хæ ссынц, уыцырдæ м фæ цæ уы.

Уыцы уысм цæ мæ ндæ р мæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд Батрадз, уæ кæ стæ р æ фсымæ р. Кæ м и? Цы ми кæ ны? Цы фæ ци? йе ’взонг, æ нцон агайæ н зæ рдæ... Æ мæ йæ адæ мы æ хсæ н мæ цæ стытæ й агуырдтон. Ыæ йыл хæ ст кодтон. Уыйразмæ йæ ауыдтон. Бæ ласыл, цыма йæ хъæ быс кæ ны, афтæ йæ м йæ хи нылхъывта æ мæ куыдта. Фæ лæ йæ ныр нал уынын. Кæ м и? Цы фæ ци? Куы фæ тæ рса æ мæ... Нæ й, нæ зыны, æ мæ, Уырызмæ г, дæ мады хо Ирæ йæ н афæ дзæ хстон: рацагурæ д-ма йæ. Зæ рдæ хуымæ тæ джы нæ фæ къæ пп кодта: Батрадз иунæ гæ й, йæ цæ ссыгтæ й йæ хи æ хсгæ, рынчындонæ й тагъд-тагъд ацыд, лыгъд, цы стыр бæ ллæ х æ рцыд, уымæ й. Трамвайы æ рлæ ууæ нмæ бахæ ццæ, афтæ мæ й йæ Ирæ баййæ фта æ мæ йæ раздæ хта.

Хæ рзаг зæ гъыс, Уырызмæ г, ахæ м минут, æ мæ уый та Батрадзыл хъуыды кодта. Кодтон. Кодтон, Уырызмæ г. Уæ алчидæ р мын зынаргъ у.

Ацæ мæ зы уыдтон. Дзуццæ джы бадт. Йæ сæ р йæ уæ рджытыл сæ вæ рдта æ мæ куыдта. Æ з æ м бацыдтæ н, хæ рдмæ йыл схæ цыдтæ н. Уый слæ ууыд æ мæ, цыма гыццыл сывæ ллон у, афтæ йæ сæ р мæ уæ хскыл æ руагъта æ мæ ноджы хъæ рдæ рæ й ныккуыдта. Йæ зæ рдæ йы сонт гуыпп-гуыпп мæ риуыл æ мбæ лд, йæ уæ хсчытæ стъæ лфыдысты. О Ацæ мæ з, ныр ды дæ р сидзæ р дæ, хистæ р æ фсымæ р дын нал и. «Уырыз», афтæ йæ хуыдтой лæ ппутæ. Æ мæ дын уыцы Уырыз нал и. Мæ н фæ ндыд: Ацæ мæ зы дæ хъæ бысы æ рбакæ н æ мæ ноджы хъæ рдæ рæ й, дæ богъ-богъæ й куыд ницыуал æ мбарай, афтæ фæ ку. Фæ лæ уый бæ сты загътон:

— Дæ хиуыл фæ хæ ц, Ацæ мæ з, — æ мæ иуварс акъахдзæ ф кодтон. Йæ зæ рдæ йы рис ын ноджы тынгдæ р агай, уый мæ нæ фæ ндыд.

Бирæ тæ м дзыппыдаргæ чысыл телефонтæ, æ мæ, Уырызмæ г, де ’рыгон зæ рдæ банцад, операцийы фæ стæ нал æ рчъицыдтай, уый уайтагъд айхъуыст. Хионтæ, сыхæ гтæ æ мæ зонгæ тæ цалдæ р машинæ йæ æ рбахæ ццæ сты. Æ мæ -иу мæ цуры ныккуыдтой.

Иурæ стæ г дохтыртæ й иу, сæ вджынтæ бæ рзонд лæ г, рацыд, цæ мæ ндæ р мæ нмæ хæ стæ г æ рлæ ууыд æ мæ æ фсæ рмхуыз æ мæ курæ гау загъта:

— Бирæ тыхст рынчынтæ нæ м и, æ мæ бынтондæ р бавзæ р уыдзысты. Адæ мы исчи сæ кæ уынæ й куы басабыр кæ нид, рынчындонæ й кæ ртмæ куы рацæ уиккой.

Раст зæ гъы, раст зæ гъы, фæ лæ адæ мы æ ддæ мæ, кæ ртмæ чи ракæ ндзæ н? Мæ нæ й хуыздæ р сылгоймæ гтæ никæ мæ байхъусдзысты. Æ мæ цæ мæ й мæ кæ уын ма срæ дува, уый тыххæ й мæ былыл дæ ндагæ й ныххæ цыдтæ н, уадз фæ риссæ д, уадз дудæ д, кæ д мын фснцондæ р уаид. Фæ лæ нæ рыст, Уырызмæ г, зæ рдæ йы рис ахæ м рисæ й нæ къаддæ р кæ ны.

Мидæ мæ, сылгоймæ гты цурмæ бацыдтæ н æ мæ загътон:

— Уæ хорзæ хæ й, кæ ртмæ рацæ ут, — æ мæ мæ цæ сгом мæ армытъæ пæ нтæ й амбæ рзтон, мæ развæ ндаг мæ м нæ зынд, афтæ мæ й æ ддæ мæ рахызтæ н. Сылгоймæ гтæ мæ м байхъуыстой.

О мæ бон, Уырызмæ г, ды мын бавзарын кодтай, фыд йæ фыртыл æ нæ фсæ рмæ й йæ хъæ лæ сыдзаг куыд фæ кæ уы, уый. Ды мын бавзарын кодтай, цæ ссыгтæ здыйы æ ртæ хтау зæ рдæ йыл куыд фæ хауынц, уый. Ды мын бавзарын кодтай, æ нæ уынæ рæ й, æ нæ цæ ссыгтæ й мæ карæ н лæ г йæ хъæ булыл куыд фæ кæ уы, уый.

Уырызмæ г... Уыцы æ намонд изæ р... Нæ дæ ратдзысты, уый зыдтам: хъуыд медицинон экспертизæ скæ нын. Фæ лæ уæ ддæ р афæ лвæ рдтам... Дзæ гъæ лы.

Изæ ры фарæ стæ м сахат... Машинæ, ды цы хайады уыдтæ, уый цур æ рлæ ууыд. Цыма ахæ м машинæ фыццаг хатт федтон, афтæ мæ зæ рдæ ныккæ рзыдта. Урс, фæ лæ мæ нæ н — сæ нт сау машинæ, уый мæ хъæ булмæ æ рбацыд. Цалдæ р сахаты размæ дæ р ма хуры тынимæ цы хурæ нгас лæ ппу хъазыд, ууыл дуне батар. Адæ м иууылдæ р машинæ мæ разылдысты, ногæ й та сæ кæ уын стынг. Цалдæ р лæ ппуйы дæ табæ тыл рахастой, кæ рæ йкæ ронмæ — урс цикъæ хъуымацæ й æ мбæ рзт. Уый дæ у, Уырызмæ г, уады хуызæ н рог чи уыд, æ нцой чи нæ зыдта, о мæ бон, уый хæ ссинаг фæ ци. Асинты къæ пхæ нтыл-иу цæ рдæ г згъоргæ йæ уайтагъд кæ рты февзæ рдтæ. Асинтыл уæ лæ мæ хизгæ йæ дæ р — афтæ. Балкъонæ й дæ ауыдтон, æ рбацæ уыс, æ мæ -иу рауадтæ н, дуар дын фегом кæ нон, зæ гъгæ. Æ мæ -иу ды уæ дмæ дуары цур февзæ рдтæ, цыма-иу тæ хгæ скодтай. Æ мæ ныр уый дæ у рахастой. Æ дзæ мæ й. Цикъæ урс хъуымацæ й æ мбæ рзтæ й. Машинæ йы дæ куыд æ вæ рынц, уый куыд нæ уынон, афтæ иуварс азылдтæ н æ мæ куыдтон.

Мæ къæ хтæ зæ ххыл нындæ гъдысты. Цы уæ ззау дæ н, цы? Уæ вгæ... Дæ хиуыл хæ ц. Мæ цардвæ ндаг лæ гъз æ мæ æ нцон никуы уыд, мæ цард Нарты куывд никуы уыд, стæ й мæ ахæ м цард хъæ угæ дæ р никуы кодта æ мæ нæ кæ ны.

Уæ д ма скъоладзау уыдтæ н, Уырызмæ г. Литературæ уарзтон, цыдæ ртæ фыссыныл архайдтон. Нæ хъæ уæ й, Хъарман-Сындзыхъæ уæ й, ме ’мбал лæ ппуимæ цыдыстæ м Алагирмæ, районы газеты редакцийы цы литературон къорд уыд, уырдæ м. Иухатт нæ къам систам. Мæ нæ мæ цуры и ныр дæ р. Сбур, фæ лæ дзы алчидæ р хорз зыны. Уæ ды рæ стæ гæ н — æ вæ джиауы æ вдисæ ндар.

Разæ й бадынц хистæ ртæ, сæ астæ у — уæ ды зынгæ фысджытæ й цалдæ р. Кæ стæ ртæ лæ ууынц, уыдонимæ — æ з дæ р. Уыд уалдзæ г. Кæ уыл — хæ дон, кæ уыл — пинджак, мæ н йеддæ мæ дзы телогрейкæ никæ уыл и. Цалдæ р хатты мын загътой: ралас æ й. Фæ лæ æ з не сразы дæ н, мæ хи-иу æ ндæ р ныхæ стæ гæ нæ г акодтон. Æ мæ йæ цæ уыннæ раластон? Мæ хæ дон æ мпъызтытæ й нал зынд, æ мæ мæ м худинаг каст. Æ ндæ р мæ куыд нæ фæ ндыд, дæ зæ ронд бæ мбæ джджын раппар æ мæ рагуалдзыгон цæ хæ р хуры рухсмæ иннæ ты хуызæ н хæ доны дæ къам сис.

Æ рыгон лæ ппу. Студент. Фыццаг къахдзæ фтæ кæ ны литературæ йы. Газеты уæ ды рæ стæ джы зынгæ фыссæ джы уац æ рыгон фысджыты сфæ лдыстады тыххæ й. Æ мæ дзы уыцы лæ ппуйы кой дæ р. Куыд нæ йын у æ хсызгон! Æ мæ газет бæ ргæ балхæ нид, фæ лæ йæ м дыууæ капеччы нæ й. Иу капекк æ м бæ ргæ ис, фæ лæ... Уæ д газеты аргъ уыд дыууæ капеччы. Æ мæ, Уырызмæ г, уыцы лæ ппу, йæ бон газет балхæ нын кæ мæ н нæ уыд, уый... уый уыдтæ н æ з, дæ фыд.

Алы фæ лтæ рæ н дæ р и йæ хи цардвæ ндаг, йæ хи цин æ мæ æ хсызгон минуттæ, йæ хи цæ лхдуртæ. Алы фæ лтæ р дæ р царди, цæ ры æ мæ цæ рдзæ ни йæ хи, йæ рæ стæ джы, йе ’хсæ нады цардæ й. Адæ ймаг адæ ймагæ й баззайа, адæ ймаджы ном стыр дамгъæ йæ хæ сса, уый æ нцон никæ д уыд æ мæ нæ уыдзæ н. Йæ фегад кæ нын æ нцон у. Фæ лæ йæ адæ мы рæ гъы хæ сс, уый та — зын. Кадимæ йæ хæ сс, уый та — ноджы зындæ р. Лæ джы ном иу бон нæ хæ ссыс, фæ лæ, цалынмæ цæ рыс, уæ дмæ. Суанг, фынæ й куы фæ кæ ныс, уæ д дæ р. Хæ ссыс æ й дæ мыггаджы, дæ хъæ убæ сты, де ’мкуыстгæ нджыты, дæ зонгæ ты цур. Æ ппынфæ стаг, адæ ймаджы ном хæ ссыс дæ хи цур. Стыр бæ рнондзинад. Уæ лдайдæ р та, ныййарæ г куы суай, дæ фæ стæ кæ стæ ртæ куы фæ зына, уæ д ноджы фæ уæ ззаудæ р дæ ном, фæ уæ ззаудæ р дæ уаргъ.

Иурæ стæ г сымах, ме ’ртæ фырты æ мæ æ з, диваныл бадтыстæ м. Мæ цæ нгтæ дæ у æ мæ Ацæ мæ зы уæ хсчытыл æ руагътон. Куыд тынг æ хсызгон-иу мын уыд, афтæ -иу фæ рсæ й-фæ рстæ м куы бадтыстæ м, зæ рдæ йæ -зæ рдæ мæ -иу куы ныхас кодтам.

— Лæ ппутæ, цыдæ ртæ уын саразон, уый мæ бон нæ баци, фæ лæ уын мæ н тыххæ й никуы ничи бауайдзæ ф кæ ндзæ н.

Ацæ мæ з æ ви ды уыдтæ, чидæ р уæ загъта:

— Цытæ дзурыс, уæ дæ ма нын цы кæ най?

— Бæ ргæ, фылдæ р куы бантыстаид, фæ лæ...

— Афтæ ма дзур. Ды нын бирæ сарæ зтай.

О, цы ’хсызгон мын уыдысты уæ ныхæ стæ! Æ з уыдтæ н дунейы тæ ккæ амондджындæ р адæ ймаг, тæ ккæ амондджындæ р фыд! Æ з бадтæ н уæ фарсмæ, фæ лæ уыцы иу рæ стæ г тахтæ н арвы цъæ х хъæ бысы, уымæ н æ мæ мыл уæ ныхæ стæ ныссагътой базыртæ.

Æ нæ мæ нг, Уырызмæ г, хæ дзары хистæ ртæ æ мæ кæ стæ ртæ й алкæ мæ н дæ р хъуамæ уа йæ хи бынат. Мад, фыд æ мæ сæ цоты æ хсæ н — сæ хи ахастдзинæ дтæ. Ис алцæ мæ н дæ р арæ нтæ, уаг æ мæ гакк.

Уырызмæ г, ныр, дæ фæ стæ, мæ зæ рдæ баргъæ вст æ мæ йæ м æ хсызгондзинад нал хъары. О, фæ худын, фæ лæ зæ рдæ йæ нал. Уырызмæ г, æ вæ ццæ гæ н, уыцы æ хсызгон рæ стæ джытæ сау, æ дзæ м дунемæ демæ ахастай. Зæ рдæ йыл цин нал æ мбæ лы, зæ рдæ мæ цин нал хъары. Зонын æ й, адæ ймаг ныфсæ й цæ ры, размæ кæ сын хъæ уы. Де ’фсымæ ртæ — мге дыууæ базыры, мæ зæ рдæ йы дыууæ хайы. Фæ лæ уæ мæ зæ рдæ йы алкæ мæ н дæ р йæ хи бынат уыд æ мæ ис. Æ мæ мæ фынджы къæ хтæ й иу ахауд, ме ’ртæ цæ джындзæ й иу нал и.

Уырызмæ г, дæ фæ стаг фæ ндарастгæ нæ н сау бон нæ хъæ уы дзырддзæ угæ дæ р лæ гтæ й иу дæ чырыны цур æ рлæ ууыд, йæ цæ ссыгтæ гæ р-гæ рæ й уадысты, куы-иу йæ цæ стытæ дæ уыл æ рæ вæ рдта, куы-иу мæ нмæ æ мæ дæ мадмæ бакаст æ мæ афтæ мæ й дзырдта:

— Зын, тынг зын уын уыдзæ н æ нæ Уырызмæ г, фæ лæ -иу æ рымысут, Фыдыбæ стæ йы хæ стæ й чи нал сыздæ хт, уыдоны. Уæ зæ рдыл-иу æ рлæ ууын кæ нут Гæ здæ нты æ мæ Кобегкаты æ вдгай æ фсымæ рты, Хестанты, Хъарданты æ мæ Темырты æ хсæ згай лæ ппуты, æ мæ уын кæ д фенцондæ р уаид.

О, бæ ргæ сæ мысæ м, нæ хорз хистæ р, фæ лæ зæ рдæ йы рис нæ къаддæ р кæ ны.

Уырызмæ г, адæ ймагæ н алы бон дæ р фæ лварæ н у. Афтæ æ нæ хъæ н адæ мæ н дæ р. Фæ лæ скæ ны ахæ м рæ стæ джытæ, æ мæ уыдон вæ ййынц адæ мы, нацийы хъысмæ т лыггæ нæ н рæ стæ джытæ: адæ м дарддæ р цы фæ ндагыл ацæ удзысты? Разæ й сæ м цы ’нхъæ лмæ кæ сы? Рухс фидæ н æ ви ныссуйтæ уыдзысты? Æ мæ махæ н, ирон адæ мæ н, æ нцой цард никæ д уыд, стæ й, æ вæ ццæ гæ н, никæ д уыдзæ н. Æ дзух нæ адæ мæ н фæ лварæ нты рæ стæ г у. Æ мæ уал нырмæ нæ адæ м, куыд адæ м, афтæ сæ хи бахъахъхъæ дтой.

О мæ бон, Уырызмæ г, дзурын дæ м, фæ лæ дæ уæ й иу ныхас нæ хъуысы, æ нæ уи дæ р мæ лæ ты дзырдмондаг, дзырд дыууæ дихы чи кодта, уыдонæ й нæ уыдтæ, ныр бынтондæ р ныссабыр дæ, нæ хъуысы дæ фæ лмæ н хъæ лæ с. Уæ вгæ, цымæ ды искуы искæ мæ тызмæ г, къæ йныхæ й сдзырдтай? Дæ ныхас æ дзухдæ р — мидбылхудгæ йæ, узæ лгæ, фæ лмæ н. Суадоны хуызæ н сыгъдæ г æ мæ рæ сугъд хъæ лæ с нал хъуысы. Æ вæ ццæ гæ н, зæ рдæ йы сыгъдæ г æ мæ хъæ лæ сæ н цыдæ р бастдзинад и. Чъизи зæ рдæ кæ мæ н и, уымæ н йæ хъæ лæ с уалдзыгон хуры тынау сыгъдæ г уа, æ хсызгон зæ лтæ дзы хауой, уый мæ нæ уырны.

...Уырызмæ г, цы машинæ йы дæ æ вæ рдтой, уый æ дзæ мæ й лæ ууыд, цыма уый дæ р тæ фæ рфæ с кодта. Ныргъæ вст. Нындзыг. Мæ н хуызæ н. Ау, урс хъуымацы тыхт, уый Уырызмæ г у? Ау, Уырызмæ джы æ вæ рынц уыцы сау машинæ йы?! Ау, Уырызмæ г — мæ хистæ р лæ ппу — нал и? Уый... Уый, Уырызмæ г, ды нал дæ? Уый дæ у æ вæ рынц урс хъуымацы тыхтæ й машинæ йы? Нал зыныс. Уый, ды, Уырызмæ г, нал зыныс, сау машинæ йы сау дуæ рттæ дыл бахгæ дтой.

О мæ бон, Уырызмæ г, банцад йæ тæ лфтæ й де ’рыгон, де ’нæ нцой, дæ тæ лфаг зæ рдæ. Де ’лвæ ст, нуарджын зæ нгтæ æ нустæ м сæ хи ауагътой. Абонæ й фæ стæ мæ хæ дзары асинтыл нал сызгъордзынæ. Нæ кæ рты тагъд-тагъд, стыр къахдзæ фтæ й нал фæ цæ йцæ удзынæ. Дæ тагъдуайаг къæ хтæ бандзыг сты, нал змæ лынц.

Уырызмæ г, ды дымгæ йы хуызæ н рог куы уыдтæ æ мæ ныр сау машинæ йы ласинаг куы фæ дæ. Ды зæ ххыл нæ цыдтæ, фæ лæ уæ лдæ фы тахтæ, ды уыдтæ маргъ, æ гæ рон æ рвыг арв — дæ тæ хæ н фæ з. Иурæ стæ джы дæ цуры дзырдтон:

— Мæ къæ хтæ хатгай цыдæ р зынæ н фæ исын, зæ ххæ й сæ тыххæ й атонын, ме уæ нгтæ мыл æ руæ з кæ нынц.

Ды мæ м дæ ирд сыгъдæ г цæ стытæ й цымыдис, фæ рсæ джы каст æ рбакодтай:

— Уый та куыд?

— Æ мæ -гъа, афтæ.

— Уæ дæ æ з ме уæ нгты уæ з куынæ ’нкъарын.

— Ай-гъай, — бахудтæ н æ з. Ай-гъай, Уырызмæ г, ды не ’нкъардтай де уæ нгты уæ з. Дæ кары адæ ймагæ н йæ туг арг у, уæ нгты хъазы. Дæ кары лæ ппуйæ н йе уæ нгтæ — сыфтæ рæ й дæ р рогдæ р, йæ зæ рдæ уæ лæ рвты тæ хы.

Скъолайы куы ахуыр кодтай, уæ д дын пуртийæ хъазын йеддæ мæ мацы ратт. Уæ вгæ йæ дæ царды фæ стаг бонмæ дæ р бирæ уарзтай: фадат дын фæ ци, уæ д-иу нæ сыхы лæ ппутимæ скъолайы кæ рты хъазыдыстут, фæ ллад дзы нæ зыдтай.

Мæ фыссæ н стъол — лоджæ йы, йæ уæ рæ х рудзгуытæ — скъолайы кæ ртмæ. Нæ сыхы лæ ппутæ дæ ацыды фæ стæ цалдæ р мæ йы футболæ й нал хъазыдысты. Æ вæ ццæ гæ н, æ нæ дæ у сæ зæ рдæ нæ куымдта.

...Нæ кæ рты, нæ сыхы лæ ппутæ скъолайы кæ рты футболæ й хъазынц, сæ хъæ р, сæ хъæ лæ ба хъуысы. Æ з мæ бандонæ й сыстадтæ н æ мæ сæ м кæ сын. Рудзынгæ мбæ рзæ ныл иуварс нæ ахæ цыдтæ н, кæ сын сæ м аивæ й, куыд нæ мæ бафиппайой, афтæ. Уæ вгæ, уыдон ныртæ ккæ мæ ныл сты? Куыд мæ фендзысты? Фæ лæ цынæ вæ ййы. Мæ цæ стытæ сæ атонын нæ комынц, ныджджих сæ м дæ н. Æ рмæ ст сæ хатгай нал ауынын, мигъвæ лмы аныгъуылынц, мæ цæ стысыгтæ сæ амбæ рзынц. Ныр, æ вæ ццæ гæ н, нæ кæ рты, нæ сыхы лæ гшутæ афтæ ’нхъæ лынц, æ мæ ды семæ нæ дæ. Рæ дийынц! Тынг рæ дийынц! Семæ дæ. Æ дзухдæ р размæ бырсæ г уыдтæ. Ныр дæ р размæ бырсæ г дæ. Фезгъорыс, размæ дæ хи аппæ рстай. Дæ къахы фындз пуртийыл андзæ выд, уæ гъд æ й нал уадзыс, дæ разæ й йæ хæ ссыс. Лæ ппутæ й дæ м чидæ р базгъордта, хъуамæ дын дæ пурти байса, йе ’мбалмæ йæ бакъуыра. Фæ лæ ды дæ хи фæ сайдтай, пурти уæ гъд нæ уадзыс, цыма дæ кроссовкæ йы фындзыл баныхæ ст. Лæ ппутæ й дæ м иу базгъордта, ныртæ ккæ дын дæ пурти байсдзæ н, ды йæ фæ стæ мæ акъуырдтай, иннæ къахæ й йæ ацахстай, дæ хи та ногæ й размæ аппæ рстай, цыдæ р уысм фæ сабыр дæ, стæ й пурти дæ къахфындзæ й ныццавтай, æ мæ дуаргæ сы сæ рты хызы смидæ г. Лæ ппу ма йæ хи хæ рдмæ бæ ргæ фехста, фæ лæ йæ къухтæ уæ лдæ ф йеддæ мæ ницæ уыл фæ хæ ст сты, зæ ххыл æ рхауд æ мæ хуысгæ йæ баззад. Де ’мбæ лттæ дыл æ рбамбырд сты, чи дын дæ уæ хск хойы, чи дын дæ къух исы, чи дæ хъæ быс кæ ны... Ды сæ м худыс, куыд фæ худыс, афтæ: фæ лмæ н, дæ сыгъдæ г ирд цæ стытæ й тдины тдæ хæ ртæ хауынц.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.