Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 5 страница






Уыцы бон... Мах æ й нæ ма зыдтам, фæ лæ... Уыцы бон нæ царды уыд тæ ккæ æ вирхъаудæ р бон, сау бон, сау хуыцаубон...

Горæ тмæ фæ ндаг ныддаргъ. Мæ сæ р ныддур, рыст, æ мæ йæ цалдæ р хатты ме ’нгуылдзтæ й, мæ армытъæ пæ нæ й æ нæ хатырæ й нылхъывтон. Суанг мæ афтæ дæ р фæ ндыд, æ мæ йæ тымбылкъухæ й батъæ ппытæ кæ н. Цыма цыдæ р аххосджын уыд. Уырызмæ г цы кодта, уый цæ уылнæ зонын? Æ дылы фарст, фæ лæ...

Ды де ’мбæ лттимæ горæ ты куы иу ран, куы иннæ ран хъахъхъæ дтай æ хсæ надон æ гъдау: мацы фыдбылыз, мацы бæ ллæ х æ рцæ уа. Ныр дæ хиуыл æ рцыд бæ ллæ х. Куыд? Цы хуызы? Кæ м уыдтæ? Исты дзæ гъæ л нæ мыг... Афтæ уыдзæ н. Афтæ уыдзæ н. Æ з дæ хорз зонын, Уырызмæ г. Æ мæ ды, суанг дæ цыфыддæ р знагмæ дæ р фыццаг топпы кæ сæ нæ й нæ акæ сдзынæ. Цалынмæ дын гæ нæ н æ мæ амал уа, уæ дмæ мæ нгвæ дæ гыл ницы хуызы æ рбахæ цдзынæ.

Базармæ уæ арæ х арвитынц. Базары... О, базары, гæ нæ н ис, æ мæ æ рцæ уа стыр бæ ллæ х. Алыхуызон адæ м. Æ рыгæ ттæ æ мæ зæ рæ дтæ, нæ лгоймæ гтæ æ мæ сылгоймæ гтæ, раст æ мæ чъизи, сыгъдæ г æ мæ æ дзæ сгом адæ м, давджытæ æ мæ цæ стфæ лдахджытæ... Æ мæ кæ д се ’хсæ н исты рауад? Хъæ лæ ба. Хыл. Кæ д кæ рæ дзимæ хæ цæ нгæ рзтæ систой æ мæ, Уырызмæ г, кæ д ды се ’хсæ н бацыдтæ, кæ д сæ иргъæ вгæ кодтай æ мæ дыл афтæ мæ й кæ йдæ р дзæ гъæ л нæ мыг æ нæ нхъæ лæ джы сæ мбæ лд. Уæ дæ... Уæ дæ дæ у исчи барæ й æ рбахса, уый мæ нæ уырны. Куыд ныддарæ н и зæ дмæ дамбаца? Цæ й тыххæ й? Æ взæ рæ й кæ мæ н цы ракодтай? Кæ й бафхæ рдтай?

Уырызмæ г, æ гас ма куы уыдтæ, уæ д æ й уыйас не ’нкъардтон, фæ лæ ныр... Нæ футболон командæ -иу куы хъазыд, уæ д-иу уæ стадионмæ арвыстой, æ мæ, мидæ мæ чи цæ уы, уыдонмæ кæ с, сгар сæ, дæ къухтæ сыл æ рхæ сс иуырдæ м, аннæ рдæ м. Адæ ймаджы ныллæ ггæ нæ н ми, фæ лæ æ намонд рæ стæ г цæ рæ м, æ мæ цы чындæ уа? Дæ куыст... дæ куыст дæ уыцы уавæ ры æ вæ рдта, афтæ дæ домдта. Бæ ргæ дæ нæ фæ ндыд искæ й сгарын, искæ мæ джигул кæ нын, фæ лæ...

Ацæ мæ з машинæ скъæ рдта æ нæ иу сыбырттæ й, йæ цæ сгом ныддур.

Уырызмæ г, Ацæ мæ зимæ кæ рæ дзиуыл куыд æ нувыд уыдыстут, куыд! Æ рмæ ст æ фсымæ ртæ нæ уыдыстут, фæ лæ æ мбæ лтты, æ рдхæ рдты хуызæ н.

Мæ зæ рдыл арæ х æ рбалæ ууы. Ацæ мæ з фæ рынчын, æ мæ ды куыдтай. Ацæ мæ зыл цыд аз æ мæ ’рдæ г. Æ хсæ вы дыууæ сахатыл йæ хъæ рзынмæ фехъал дæ н.

— Ма-а-мæ -æ... Ма-а-мæ -æ...

Дæ мад фæ разæ й, лæ ппуйы йæ чысыл сынтæ гæ й йæ хъæ бысмæ фелвæ ста.

— Тæ вд у, тынг тæ вд! — Аллæ тæ вдбарæ н раскъæ фта. Сывæ ллон йæ цæ стытæ й нæ каст, тыххæ й улæ фыд. Мæ зæ рдæ æ рбауынгæ г. Уый та куыд? Уый циу? Цы хабар у? Мæ лæ ппу мæ цуры сæ фы. Æ мæ нæ сæ рмæ Цæ ллаггаты дуар ныххостон. Æ нæ дзабыртæ, афтид мидæ ггаг дарæ сы дæ н, уый дæ р мæ æ рбайрох. Нæ бынмæ Цомартатæ м нызгъордтон. Ацæ мæ зы тæ вд уыд цыппор иу, ахæ м тæ вд зынуромæ н у. Дыууæ -æ ртæ минуты дæ р нæ рацыд, афтæ нæ фатер адæ мæ й айдзаг, нæ хи подъезд нæ, фæ лæ нæ м иннæ подъездтæ й дæ р згъордтой. Нæ хæ дзары — дыууæ медицинон хойы, уыдон дæ р æ рбахæ ццæ сты. Фæ дис уыд æ мæ фæ дисмæ тахтысты. Ацæ мæ зы чи спъирттæ й сæ рфта, чи йын укол кодта, чи цы, фæ лæ уæ ддæ р йæ тæ вд нæ хауд. Йæ сæ р нæ урæ дта, йæ былтæ хус кодтой. Йæ улæ фт... йæ улæ фт æ рхæ цыд.

— Дохтыртæ м...

— Æ з сæ м адзырдтон, ныртæ ккæ сæ ардæ м хъæ уы, — загъта Цæ ллаггаты хистæ р лæ ппу Батрадз. Уый дæ р фыртагъдæ й йæ уæ лæ ницыуал акодта, афтæ мæ й кæ ртмæ телефонæ й адзурынмæ азгъордта. Æ мæ сæ рдыгон бон нæ уыд — зымæ гон, афтид трусичы, афтид уæ лæ нгай хæ дзарыдаргæ дзабырты.

Уырызмæ г, адæ м... адæ мæ й хуыздæ р цы ис, цымæ? Иугæ р адæ ймаг дæ, адæ ймаджы ном хæ ссыс, уæ д дын æ нæ адæ м цæ рæ н нæ й. Æ нæ адæ м чи цæ ры, адæ м кæ й нæ хъæ уынц, уый æ лгъыст у. Халон дæ р ма иунæ гæ й нæ цæ ры. Адæ мы хорзæ хæ й Хуыцауы хорзæ хæ й уæ лдай нæ й. Æ мæ уый та уæ д уыдзæ н, æ мæ ды дæ хæ дæ г адæ мы куы уарзай, уыдон дæ р дæ у хуызæ н адæ ймæ гтæ сты, уый куы æ мбарай. Мах, нæ бинонтæ, адæ м цы сты, адæ мы хорзæ х куыд æ гæ рон у, уый ма æ гæ р дæ р бамбæ рстам, цинты дæ р æ мæ зианты дæ р. Адæ м — уыдон зæ ххон хуыцæ уттæ сты. Адæ м — уыдон зæ ххон уастырджитæ сты. Адæ м — уыдон кæ рæ дзийæ н цæ джындзтæ сты.

Кæ м сты дохтыртæ? Куыд æ рæ гмæ зынынц? Ацæ мæ зы мæ хъæ бысмæ райстон. Фыццаг хатт уæ д бамбæ рстон: мæ лæ ппу цардæ й мæ лæ ты æ хсæ н лæ ууы æ мæ йын мæ бон ницы у. Йæ цæ нгтæ, йæ зæ нгтæ цыдæ р уысм фендзыг вæ ййынц, стæ й сæ æ нахуыр тылд бакæ ны. Чидæ р сывæ ллоны мæ хъæ бысæ й райста. Дыууæ урсхалатджыны фæ зындысты. Æ мæ мын фенцондæ р, æ хсызгонæ й сулæ фыдтæ н. Ницыма загътой, Ацæ мæ змæ нæ ма æ ркастысты, фæ лæ йæ удирвæ зынгæ нджытæ кæ й сты, уый мæ зæ рдæ банкъардта. Дыууæ æ ви йын æ ртæ уколы фæ д-фæ дыл скодтой. Сæ иуы ныхас мæ м æ рбайхъуыст:

— Йæ тæ вд цыппор градусмæ æ рхауд. Мауал ын тæ рсут.

Уыдон уыдысты æ вронггæ нæ н ныхæ стæ. Æ мæ фыццагдæ р кæ уыл ахъуыды кодтон, уый дæ уыл, Уырызмæ г. Ды иуварс лæ ууыдтæ. Ды дæ р уыдтæ айдагъ мидæ ггæ гты, суазал дæ æ мæ ихæ нриз кодтай. Де ’фсымæ рæ н фæ тарстæ, æ мæ дæ цæ стытæ доны зылдысты, дæ цæ ссыгтæ дæ рустыл уадысты. Æ з дæ мæ хъæ бысмæ систон æ мæ дæ уатмæ баскъæ фтон, хъæ ццулы бын дæ бануæ рстон:

— Схуысс, схуысс, Уырызмæ г. Ацæ мæ зæ н мауал тæ рс.

Ды ницы загътай, кастæ мæ м, дæ цæ стытæ доны зылдысты.

Ацæ мæ зы тæ вд æ рхауд, йæ цæ стытæ й ракаст, фыццаджы хуызæ н бынтон лæ мæ гъ нал уыд. Æ з ма уæ дмæ дæ р уыдтæ н æ рдæ гбæ гънæ г. Тагъд-тагъд цыдæ р дзаумæ ттæ акодтон.

Лæ ппуйы рынчындонмæ аластой, дæ мад — йемæ. Æ з æ мæ ды хæ дзары баззадыстæ м. Æ з дæ фарсмæ схуыссыдтæ н, дæ сæ р дын мæ риуыл сæ вæ рдтон.

— Афынæ й кæ н, афынæ й кæ н, Уырызмæ г. — Фæ лæ ды нæ фынæ й кодтай. Æ рбакастæ -иу мæ м, базмæ лыдтæ -иу. Æ мæ дæ æ з мæ хъæ бысы æ рбакодтон, мæ цæ нгтæ дыл æ рбатыхтон:

— Ма тæ рс, Ацæ мæ зæ н мауал тæ рс, ныр ын ницыуал у.

Ды æ нæ дзургæ йæ дæ цæ сгом мæ дæ ллагхъуыр авæ рдтай æ мæ ныккуыдтай. Хъæ рæ й. Дæ хъæ лæ сыдзаг. Цæ мæ ндæ р ныккуыдтон æ з дæ р. Æ мæ дыууæ йæ дæ р куыдтам, фырт æ мæ фыд. Цыдæ р уысм ахъуыды кодтон: уый цы кæ нын, лæ ппуйы зæ рдæ цæ мæ н риссын кæ нын? Æ мæ мæ кæ уын тыххæ йты баурæ дтон. Дæ сæ рыл, дæ уæ хсчытыл, дæ синыл мæ армытъæ пæ н хастон. Дæ кæ уын фæ сабыр, дæ хæ къуырцц банцад. Иурæ стæ г афынæ й дæ, фæ лæ мæ нмæ хуыссæ г æ мгæ рон нал æ рцыд. Хъуыды кодтон Ацæ мæ зыл, хъуыды кодтон æ ндæ р цæ уылдæ рты, фæ лæ мæ хуыссæ г æ рмæ ст уый тыххæ й нæ фæ лыгъд. Тарстæ н, мыййаг куы афынæ й уон — ды та мæ хъæ бысы, æ мæ куы фехъал уай, æ гъуыссæ г куы фæ уай. Ды хуыссыдтæ мæ хъæ бысы, æ мæ мын уый лæ вæ рдта цыдæ р æ нахуыр æ хсызгондзинад, дæ чысыл буары тæ вд, дæ чысыл зæ рдæ йы тæ пп-тæ пп ме уæ нгты алы стъæ лфыл дæ р æ мбæ лд. Дæ хъæ бул дæ хъæ бысы æ нцад-æ нцойæ фынæ й кæ ны. Цы ма уа уымæ й стырдæ р амонд!

Уырызмæ г, ды ма уыйфæ стæ дæ р куыдтай, æ рмæ ст уæ д куыдтай фырцинæ й. Куыдтай, уæ кæ стæ р æ фсымæ р Батрадзы арæ ндонæ й куы ’рластам, уæ д. Ды — иуæ ндæ саздзыд лæ ппу, сывæ ллоны цур æ рлæ ууыдтæ, дæ мадмæ бакастæ æ мæ загътай:

— Фæ хæ цон ыл?

Дæ мад, ноггуырд сывæ ллон дæ хъæ бысæ й куы ’рхауа, уымæ й куыд нæ тарст, фæ лæ уæ ддæ р загъта:

— Фæ хæ ц, фæ хæ ц, Уырызмæ г.

Ды Батрадзы дæ хъæ бысмæ систай æ мæ йæ м кастæ, не змæ лыдтæ. Æ вæ ццæ гæ н, куы дын æ рхауа, уымæ й дæ хæ дæ г дæ р æ дас нæ уыдтæ. Иурæ стæ г дын дæ цæ стытæ м фæ комкоммæ дæ н. Доны зылдысты, дæ лæ гъзцъар урс рустыл урс чысыл цæ ссыгтæ уадысты. Ды цин кодтай дæ гыццыл æ фсымæ рыл. Дæ цæ стытæ — дыууæ чысыл хуры, цæ ссыгтæ сæ нæ хауд, фæ лæ зæ лдаг хуры тынтæ. Дæ чысыл зæ рдæ йы цин ивылд дæ цæ ссыгты хуызы. Фæ зынд дын дыккаг æ фсымæ р, æ мæ ма уымæ й хуыздæ р цы уа?

Ныр уыдзыстут æ ртæ ’фсымæ ры. Æ ртæ цæ джындзы. Æ ртæ цæ ргæ сы! Уырызмæ г, æ з уыдтæ н, ацы зæ ххыл амондджындæ р чи у, уыцы ныййарджытæ й иу. Алкæ мæ н æ ртæ фырты ис? Хъæ здыг дæ н, тынг хъæ здыг. Куыд сæ рыстыр, куыд сæ рыстыр уыдтæ н æ з сымахæ й! Уæ алкæ й номыл дæ р нæ къæ сæ рæ й æ рбакувдзæ н зæ ххон зæ д. Æ мæ ноджы ныррухсдæ р уыдзæ н нæ хæ дзар. Фæ зындзæ н нын ног хæ стæ джытæ. Фæ къабазджындæ р уыдзыстæ м. Уæ алкæ мæ н дæ р уæ фæ зындзæ н кæ стæ ртæ, æ ппынкъаддæ р, фæ йнæ æ ртæ йы, фæ зындзæ н мын цоты цот, æ мæ ма махæ й амондджындæ р чи уыдзæ н?

Фæ лæ мах, зæ ххон адæ м, уынаффæ тæ бæ ргæ кæ нæ м, тæ рхонхæ ссæ г та не сфæ лдисæ г Стыр Хуыцау у. Æ мæ æ виппайды мæ рæ сугъд бæ ллицтæ й афтидæ й аззадтæ н, æ виппайды мæ цæ ргæ сты хистæ р æ рвыг арвы хъæ бысæ й зæ рдæ цæ фæ й зæ ххыл æ рхауд, æ виппайды мæ хистæ р цæ джындз нызгъæ лæ нтæ, æ виппайды...

О мæ бон, Уырызмæ г, æ виппайды дæ афтидæ й куы аззадыстæ м...

Къостайыхъæ уæ й горæ тмæ фæ ндаг афтæ ныддаргъ, афтæ, æ мæ... Ссæ дз минуты, фондз æ мæ ссæ дз минуты, сахатырдæ г дæ р фæ уæ д, æ мæ схæ ццæ дæ. Фæ лæ ныр... Ацæ мæ зæ н, тагъддæ р скъæ р, зæ гъгæ, ницы хуызы зæ гъдзынæ н. О Уастырджи, мæ кæ стæ рты мын де уазæ г бакæ н! О Уастырджи...

Уæ ддæ р, уæ ддæ р Уырызмæ г цы кодта? Цавæ р нæ мыг? Кæ м ын сæ мбæ лди?.. Операци. Уый хуымæ тæ джы цæ ф нæ у. О Хуыцау, йæ удæ н мацы уæ д, æ ндæ р алцæ уыл дæ р разы дæ н. Цымæ, Батрадз... Цымæ, Батрадз та кæ м и. Уæ кæ стæ р æ фсымæ р, Уырызмæ г, дæ уæ н æ мæ Ацæ мæ зæ н — уæ хъазæ нхъул. Æ ппынæ дзух дзы хынджылæ г кæ нут, фæ ратон-батон æ й кæ нут. Хæ рæ джы цин — дæ ндагæ й. Æ гæ р къулбадæ г, æ гæ р буцахуыр æ й скодтат. Æ мæ уый дæ р куы иуимæ, куы иннæ имæ хъæ бысæ й хæ цдзæ н, куы дæ у бакъуыры, куы Ацæ мæ зы.

Батрадз гыццылæ й кæ уаг уыди. Арæ ндонæ й йæ куы æ рластам, уæ д уый дыккаг æ ви æ ртыккаг бон уыди, нал æ й хъуыды кæ нын. Ацæ мæ з, фарастаздзыд лæ ппу, фæ лæ царды уайæ нты чи ауад, азты уæ з кæ уыл æ рæ нцад, ахæ м зæ ронд лæ джы хуызæ н йæ къухтæ йæ синыл сæ вæ рдта, æ цæ г зæ ронд лæ джы хуызæ н куыддæ р размæ фæ гуыбыр, бынмæ каст, афтæ мæ й уаты дыууæ рдæ м рацу-бацу кодта æ мæ йæ хицæ н дзурæ гау дзырдта:

— Да-а-а... Да-а-а...

Уырызмæ г, уыцы рæ стæ г æ з æ мæ ды бадтыстæ м диваныл.

— Ацæ мæ з, цы «да-а-а», «да-а-а» кæ ныс?

Уый сабыргай æ рлæ ууыд, йæ сæ р банкъуыста, ныуулæ фыд æ мæ загъта:

— Ацы адæ ймаг нæ удхарæ й амардзæ н, — æ мæ нæ фарсмæ диваныл йæ хи æ руагъта, æ рбакаст мæ м, æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Батрадзæ н сывæ ллæ тты рæ вдауæ ндонмæ раттæ н нæ й?

Æ рмæ ст йæ ныхас нæ, фæ лæ ма йæ цæ стæ нгасæ й дæ р агуырдта дзуапп. Мах, æ з æ мæ ды, дыууæ йæ дæ р ныххудтыстæ м, нырма йæ райгуырдыл цалдæ р боны йеддæ мæ кæ мæ н нæ цæ уы, уый сывæ ллæ тты рæ вдауæ ндонмæ куыд ис раттæ н. Ацæ мæ з йæ фæ ндыл бирæ кæ й фæ хъуыды кодта, уый бæ рæ г уыд: уыцы тарæ рфыгæ й мæ м æ рбакаст, ома нæ уыныс, ацы сывæ ллон куыд кæ уаг у, æ нцой нын кæ й нæ дæ тты, уый не ’мбарыс? Æ нæ дзургæ йæ сыстад æ мæ иннæ уатмæ, Батрадз кæ м уыд, уырдæ м ацыд. Цæ мæ, уый бæ рæ г уыд: æ ркæ са йæ м, цымæ, афтæ кæ уаг кæ дмæ уыдзæ н, тагъд айрæ здзæ н?..

Уырызмæ г, куыд айрæ зтыстут, куыд алæ ппутæ стут, уый зонгæ дæ р нæ бакодтон...

Æ з Беслæ ны рынчындоны зæ рдæ рисгæ йæ нæ хорз хæ стæ джы цур куы лæ ууыдтæ н, уæ д... уæ д нæ горæ ты сæ йраг парчы та æ вирхъау стыр бæ ллæ х æ рцыд. Фæ лæ!.. Фæ лæ мах ницыма зыдтам.

Нæ машинæ йæ хи размæ бæ ргæ æ ппæ рста, фæ лæ фæ ндагæ н кæ рон нал уыд. Ничи ницы дзырдта. Хъуыст дæ мады сусæ г кæ уын. Зæ гъон ын: уый цавæ р куыд у? Фæ лæ ныддур дæ н, разилон æ мæ уыцы цалдæ р ныхасы зæ гъон, уый мæ хъару нæ уыд.

Мады зæ рдæ, дам, алцыдæ р раздæ р базоны, æ мæ кæ д, кæ уинаг кæ й фестæ м, уый дæ мады зæ рдæ базыдта æ мæ сусæ гæ й уымæ н куыдта.

Уырызмæ г, ды куы нал дæ, уæ дæ й фæ стæ мæ дæ дыууæ ’фсымæ ры цыма асдæ р фесты, афтæ мæ м фæ кæ сы. Сæ химæ ныхъхъуыстой. Сæ хъæ рæ й ныхас, сæ хъæ лдзæ г, лæ ппуты æ нæ мæ т худын мæ хъустæ нал ахсынц. Фыркæ уынæ й æ ви зæ рдæ йы фыррыстæ й, нæ йæ зонын, нæ хъæ лæ стæ цасдæ р рæ стæ г сæ хи хуызæ н нал уыдысты, уæ лдайдæ р, Ацæ мæ зæ н — ныффæ сус, йæ хъæ лæ с куыддæ р сбадт, цалдæ р мæ йы уыд æ мыр, ныллæ г, тыххæ й хъуыст.

Нæ бинонтæ ма искæ д сæ раздæ ры гаччы сбаддзысты, уый мæ нал уырны. Цасфæ нды рæ стæ г рацæ уæ д, уæ ддæ р раздæ ры бинонтæ никæ дуал уыдзыстæ м, уымæ н æ мæ ды нал дæ. Алы адæ ймагæ н дæ р йæ хи бынат ис, æ мæ дæ бынат афтидæ й баззад.

Сымах, æ ртæ ’фсымæ ры, кæ рæ дзиуыл цыдæ р æ нахуыр иузæ рдион уыдыстут. Уæ лдайдæ р, ды æ мæ Ацæ мæ з. Иумæ -иу куы фæ цæ йцыдыстут кæ нæ -иу хæ дзармæ иумæ цыдæ р дзургæ куы ’рбацæ йцыдыстут, уæ д-иу мæ зæ рдæ йыл цины хъарм æ ртæ хтæ згъæ лдысты. Кæ рæ дзиуыл афтæ æ нгом кæ й уыдыстут, уый махæ н нæ, фæ лæ хионтæ æ мæ сыхæ гтæ н дæ р æ хсызгон уыд.

— Цом, Ацæ мæ з, атезгъо кæ нæ м.

— Уырызмæ г, кæ ртмæ акæ сæ м.

— Ацæ мæ з, цом скъолайы хъазæ н фæ змæ.

— Уырызмæ г, цом, лæ ппутæ нæ м æ нхъæ лмæ кæ сынц.

— Ацæ мæ з, уæ д та нæ машинæ ахсиккам.

— Уырызмæ г, рацу, исты ахæ рæ м.

— Ацæ мæ з...

Сымах кæ рæ дзиуыл афтæ баст уыдыстут, æ мæ уæ иу æ нæ иннæ хæ ринаг куы хордта, уæ д ын, æ вæ ццæ гæ н, ад нæ кодта.

О мæ бон, Уырызмæ г, дыккаг бон дын дæ мæ рдон хуыссæ н куы арæ зтой, уæ д дæ мад, дæ дзаумæ ттæ кæ цытæ сты, уый нæ иртæ ста. Ды кæ нæ Ацæ мæ з, исты дзаума ’лхæ дтат, уæ д æ й æ лхæ дтат иумæ, уæ дыууæ йæ н дæ р куыд бæ ззыдаид, афтæ. Дæ у у, мæ н у уæ м нæ уыд, уæ дзаумæ ттæ н сæ фылдæ р — иумæ йаг. Дæ мадæ н зын куыд нæ уыд, фæ лæ уæ ддæ р Ацæ мæ змæ фæ дзырдта, æ мæ сæ дыууæ æ мæ ма, сæ цуры чи уыд, уыдон дæ р сæ цæ ссыгтæ й сæ хи æ хсадтой, афтæ мæ й дын дæ дзаумæ ттæ æ взæ рстой æ мæ сæ дæ сынтæ гыл æ вæ рдтой. Цыма ныртæ ккæ рабаддзынæ, æ ркæ сдзынæ сæ м, равзардзынæ дзы æ мæ сæ дæ уæ лæ скæ ндзынæ. Нæ, ницыуал скæ ндзынæ! Дæ буар дарæ сы рæ сугъд, æ хсызгон ад нал банкъардзæ н. Хæ рздаст æ мæ итувæ рдæ й, дæ туфлитæ цæ хæ р калдзысты, афтæ мæ й нал фæ цæ йцæ удзынæ. Уырызмæ г, ды кæ дæ м ацыдтæ, уым дарæ с нал хъæ уы. Уым... уым дæ дарæ с æ ндæ р у, уым дæ дарæ с саумæ р у. Уазал саумæ р. Уазал сау зæ хх.

Дæ дзаумæ ттæ шифанеры ауыгъдæ й лæ ууынц, шифанеры тæ рхæ гыл дæ дарæ с куыд æ вæ рдтай — афтæ æ вæ рд. Ацæ мæ зимæ уын иумæ йаг цы дарæ с уыд, уыдонмæ дæ р ничи æ вналы.

Ацæ мæ зимæ хуызæ й уыйас æ нгæ с нæ уыдыстут, фæ лæ зæ рдæ йæ, удыскондæ й — тынг хæ стæ г. Уæ дыууæ дæ р бæ рзонд, æ рмæ ст ды тæ нтъихæ гдæ р, æ лвæ стдæ р, урсбуар. Ацæ мæ з та — саухил, ставдыстæ г. Ды тынг аивтай, гыццылæ й дæ сæ рыхъуынтæ уыдысты бурхил, æ мæ хъуыды кодтон: ды уыдзынæ нæ рагфыдæ лтæ аланты хуызæ н. Фæ лæ дыл азтæ куыд цыдысты, афтæ дæ сæ рыхъуын ивта — сауæ й-саудæ р кодта æ мæ æ стдæ с-ссæ дз азмæ афтæ ссау, æ мæ фырсауæ й цæ хæ р калдта. Афтæ ссау сты де ’рфгуытæ дæ р. Аз æ мæ ’рдæ джы размæ дæ сæ рыхъуынты æ хсæ н фæ зынд цалдæ р урс хилы. Æ мæ мын куыд зын уыди, куыд зын! Уыцы кары уыдон цавæ р урс хилтæ сты? Кæ д дæ химидæ г истæ уыл тыхстæ? Кæ д дын цыдæ р сусæ г маст дæ зæ рдæ æ вдæ рзта?..

Цыма гыццыл лæ ппу уыдтæ — æ мæ мын æ хсæ з æ мæ ссæ дзаздзыдæ й дæ р гыццыл лæ ппу уыдтæ, уæ дæ цы уыдтæ — афтæ -иу дын дæ сæ рыхъуынтыл мæ уырзтæ, мæ армытъæ пæ н ахастон:

— О ме ’рдхорд, æ нхъæ лдæ н, урс кæ нын райдыдтай.

Ды-иу фæ лмæ н бахудтæ, ницы-иу загътай.

Дæ уæ н дæ сæ ры иугай урс хилтæ фæ зынд, фæ лæ дæ кары йæ сæ р кæ мæ н сурс, ахæ мтæ иу æ мæ дыууæ и? Уæ ддæ р мын дæ сæ рыхъуынты æ хсæ н уыцы цалдæ р урс хилы фæ зынд цыдæ р хъыг уыди. Цыма, уыдон кæ й фæ зындысты, уым æ з дæ р цыдæ р аххосджын дæ н, афтæ мæ м каст! Уæ вгæ та, Уырызмæ г, мад æ мæ фыд цалынмæ æ гас уой, уæ дмæ сæ кæ стæ рты тыххæ й — сæ хорздзинæ дты, се ’взæ р миты, сæ алы хъуыддаджы, суанг сæ алы къахдзæ фы тыххæ й дæ р дзуапп дæ ттынц.

Уырызмæ г, гыццылæ й дын арæ х æ лхæ дтам урс дарæ с. Ды дæ хæ дæ г дæ р — урсцъар, æ мæ дыл æ нахуыр рæ сугъд фидыдтой. Цыма урс дарæ с адæ ймаджы рæ сугъддæ р кæ ны, æ мæ æ рмæ ст æ ддаг бакастæ й нæ, фæ лæ зæ рдæ йæ дæ р, зондæ й дæ р, миддунейæ дæ р, цæ мæ ндæ р мæ м афтæ кæ сы. Мæ нæ н дæ р цыдæ р, кæ д бынтон урс нæ, уæ ддæ р цыдæ р ахæ м дзаумæ ттæ уыд. Шифанеры ауыгъдæ й баззадысты: дæ фæ стæ сæ м æ вналгæ нæ, фæ лæ кæ сгæ дæ р нал бакодтон, стæ й ма сæ м искæ д бавналдзынæ н, уый дæ р мæ нæ уырны.

Дæ уды сыгъдæ гдзинад... Æ хсæ з æ мæ ссæ дз азмæ дæ р адæ м аивынц, фылдæ р адæ м. Рæ стæ г æ мæ сæ æ хсæ над сæ хи джиппы уадзынц. Æ ви уый мæ нмæ афтæ кæ сы? Æ ви уыдонæ н сæ зондахаст æ мæ сæ удысконд цæ ттæ вæ ййынц ивынмæ? Хъæ уы сын æ рмæ стдæ р фадат. Адæ ймагæ н бар ратт, ницæ мæ й тæ рсы, ницы йæ уромы, уæ д цымæ цы хуызæ н уаид? Цы фæ ндагыл ацæ уид? Адæ мы фылдæ р хай бирæ гътæ нæ фестиккой? Адæ мы фылдæ р хай «Æ з хуыздæ р цæ рон», «Мæ нæ н фылдæ р уа», «Æ з бæ рзонддæ рæ й разынон», æ мæ цыма уыцы нысантæ сæ ххæ ст кæ ныны тыххæ й иннæ адæ мыл сæ къæ хтæ й бацæ уиккой. Цыфæ нды æ вирхъау хъуыддæ гтæ дæ р сæ нæ бауромид. Адæ мы стджытæ сын — хæ рдмæ хизæ н асинтæ. Бæ ргæ, куы рæ диин.

Ды, Уырызмæ г, гуырдзæ й цы уды сыгъдæ г æ мæ рæ сугъддзинад рахастай, уыдон нæ фесæ фтай, æ мæ мæ зæ рдæ йæ н уæ лдай адджын æ мæ зынаргъ уымæ н дæ...

Нæ бинонтимæ цалдæ р хатты фысджыты сфæ лдыстадон хæ дзары уыдыстæ м, дæ у æ мæ Ацæ мæ зимæ дæ р дыууæ æ ви æ ртæ хатты ацыдыстæ м. Уæ д уæ кæ стæ р æ фсымæ р Батрадз гуырд нæ ма уыд. Советон цардарæ зт куы фехæ лд, уæ д сфæ лдыстадон хæ дзæ рттæ дæ р фехæ лдысты, æ ндæ р паддзахæ дтæ м бахаудтой.

Уырызмæ г, дæ у æ мæ Ацæ мæ зимæ сфæ лдыстадон хæ дзармæ куы ацыдтæ н, уæ д-иу мын чидæ ртæ, зонгæ тæ -иу дзы куыд нæ разынд, æ мæ уыдон дзырдтой: ахæ м æ нахъом сабитимæ денджызмæ куыд рацыдтæ, цы ныффысдзынæ, куыд баулæ фдзынæ? Æ мæ йæ зыдтон: ницы ныффысдзынæ н, нæ баулæ фдзынæ н. Æ з-иу сæ йрагдæ р ацыдтæ н сымах тыххæ й: уадз уæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н денджызы хъарм, фæ лмæ н уылæ нтимæ фæ хъазат; уадз дзæ гæ рæ г бур змисыл фæ разгъор-базгъор кæ нат — атул дзы, акъуыбылецц дзы кæ н, стæ й фест æ мæ хъарм уылæ нтæ м дæ хи баппар. Æ взист урс æ ртæ хтæ уæ алыварс кафыдысты, сымах сæ уæ чысыл къухтæ й, уæ чысыл армытъæ пæ нтæ й ахстат æ мæ сæ кæ рæ дзиуыл калдтат. Уыцы æ нæ нымæ ц адæ мы æ хсæ н æ з хъуыстон æ рмæ стдæ р уæ хъæ лдзæ г ныхас, уæ æ нæ мæ т кæ л-кæ л. Сымах-иу куы æ рбазгъордтат æ мæ мæ фарсмæ куы ахуыссыдыстут, науæ д-ну мыл уæ хи куы æ рæ ппæ рстат, уæ д ма мæ нæ й амондджындæ р чи уыд! Иу уысм уæ мæ цæ стытæ й уæ гъд нæ уагътон. Дуне дзыллæ, дæ къах кæ м æ рæ вæ рай, уый дæ р дзы нæ й, сымах та, сывæ ллæ ттæ, æ мæ кæ дæ м азгъордзыстут, уæ рог, æ вæ ллад зæ нгтæ уæ кæ дæ м аскъæ фдзысты. Æ нæ нымæ ц адæ мы æ хсæ н фæ дзæ гъæ лæ н цастæ хъæ уы? Денджыз æ дзухдæ р денджыз у, æ ууæ нк ыл нæ й. Сымах, дыууæ кæ саджы хуызæ н, фæ лæ æ гæ р дард куы аленк кæ нат, исчи уæ барæ й кæ нæ æ нæ бары куы бакъуыра, денджыз æ виппайды куы ссонт уа... Æ мæ мæ цæ стытæ уæ фæ стæ гурæ й-гурмæ зылдысты, иу уысм уæ уæ гъд нæ уагътон, иумæ цы рæ стæ г арвыстам, уыдон сымахæ н дæ р æ мæ мæ нæ н дæ р уыдысты æ нæ ферохгæ нгæ бæ рæ гбонтæ.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.