Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 10 страница






— О, о, Уырызмæ г, афтæ хъазын хъæ уы, — дзурын дæ м æ з. Æ з дæ р дын хъуамæ дæ уæ хск æ рхойон. Æ мæ мæ къух хæ рдмæ сцстон. Мæ къух уæ лдæ фы ауыгъдæ й аззад. Лæ ппуты нал ауыдтон. Мæ цæ ссыгтæ сæ сæ аууон бакодтой. Ныккуыдтон. Хъæ рæ й. Æ нæ фсæ рмæ й, уымæ н æ мæ фатеры мæ хи йеддæ мæ ничи ис.

О мæ бон, Уырызмæ г, фесты, фесты дæ хъазæ н бонтæ. Дæ тагъдуайаг къæ хтæ пуртийыл никæ дуал андзæ вдзысты, Хæ ххонметаллургон институты спортивон фæ зы нал азгъордзынæ, турникыл цалдæ р хатты нал æ рзилдзынæ... Фесты, фесты дæ хъазæ н бонтæ. Бафынæ й дæ. Цымæ, искуы куыстмæ байрæ джы кодтай? Цæ мæ й афоныл сыстай, уый тыххæ й дæ къухылдаргæ сахат дæ цуры сæ вæ р. Фыццаг дзæ нгæ рæ г, æ мæ дæ къæ хтыл алæ уу, цыма уымæ æ нхъæ лмæ кастæ.

Уырызмæ г, ныр дунейы дзæ нгæ рджытæ иумæ куы ныццæ гъдой, уæ ддæ р нал райхъал уыдзынæ. Ды кæ дæ м ацыдтæ, уырдæ м нæ ныхас хъуысы, нæ — дзæ нгæ рæ г. Уæ вгæ, дам, хъæ р мæ рдтæ м дæ р хъуысы. Æ мæ дæ м, мыййаг, кæ д нæ зæ рдæ ты цъæ хахст хъуысы, уæ д базмæ л, уæ д нын ныххатыр кæ н. Хъуысы, æ вæ ццæ гæ н, хъуысы, æ ндæ р уыцы фын цы уыд? Дæ мадыфсымæ ры чызг Зæ ринæ федта æ нахуыр фын: сымах, фæ сивæ д, хион лæ ппутæ æ мæ чызджытæ, уыдыстут Къостайыхъæ уы, дæ мадырвадæ лты хæ дзары. Ды, дам, уыдтæ хъæ лдзæ г, æ нахуыр хъæ лдзæ г. Дæ мидбылты худтæ, афтæ мæ й цыдæ р æ хсызгонæ й дзырдтай. Мах та, дам, иннæ лæ ппутæ æ мæ чызджытæ, хæ къуырццæ й куыдтам, уымæ н æ мæ зыдтам: ды не ’хсæ н нал дæ. Иурæ стæ г дæ ныхас фæ урæ дтай, дæ цæ стытæ ныл ахастай, фенкъард дæ æ мæ, дам, загътай:

— Ныууадзут-ма, уый цас куыд у?! Æ гъгъæ д у, æ гъгъæ д у цæ ссыгтæ...

Дæ хи, дам, дын нал уыдтам, фæ лæ дæ хъæ лæ с хъуыст кæ цæ йдæ р уæ ле.

Æ мæ фын фескъуыд, Зæ ринæ райхъал кæ угæ йæ.

Уырызмæ г, бæ ргæ нал кæ уиккам, фæ лæ цы кæ нæ м? Зæ рдæ куы рисса, уæ д сохъхъыр цæ стæ й дæ р цæ ссыг кæ лы.

...Медицинон экспертизæ мæ аласынмæ дæ цы машинæ йы сæ вæ рдтой, уый фезмæ лыд, сабыргай, аууоны хуызæ н изæ ры фæ лмы аныгъуылд. Ды махæ й дардæ й-дарддæ р кодтай. Кæ мæ ндæ р загътон: адæ мæ н бамбарын кæ н æ мæ мауал лæ ууæ нт.

— Нырæ й фæ стæ мæ кæ рæ дзимæ фæ дисы куыд никуыуал цæ уæ м... уыцы хорзæ х нын Хуыцау ракæ нæ д, — загъта уый.

Æ ппæ ты разæ й рацыд, æ з цы машинæ йы бадтæ н, уый, стæ й иннæ тæ. Нæ кæ рты, нæ подъезды цур æ рбаййæ фтон ноджы фылдæ р адæ м. Рынчындонмæ чи нæ бахæ ццæ, уыдон. Машинæ йæ рахызтæ н. Мæ зæ нгтæ... Мæ зæ нгтæ мæ нал уромынц, куынæ фæ донзоныг уаин, куынæ æ рхауин. Цæ уын сабыргай, хъавгæ къахдзæ фтæ й. Адæ мæ й иу стыф, иу ныхас нæ хъуысы. Æ з размæ куыд цæ уын, уыдон та афтæ фæ йнæ рдæ м сæ хи исынц. Æ мæ æ з цæ уын се ’хсæ нты. Аууæ тты хуызæ н мæ м кæ сынц. Фæ лæ, о мæ бон, Уырызмæ г, уыдон аууæ ттæ не сты, уыдон тæ фæ рфæ сгæ нæ г адæ м сты. Фæ ндаг мын дæ ттынц. Нæ подъезды раз слæ ууыдтæ н. Уыйбæ рц адæ м, фæ лæ дзы мæ цурмæ ничима ’рбацыд, мæ цуры дзы ничима ’рлæ ууыд. Æ вæ ццæ гæ н дзы мæ цуры слæ ууынмæ йæ ныфс ничи хæ ссы.

Дæ фыдгул — мæ бынаты, æ мæ уымæ н йæ цуры æ рлæ ууай! Уæ ддæ р иугай-дыгай мæ цуры æ рлæ ууыдысты. Æ нæ дзургæ йæ. Æ дзæ мæ й.

— Афтæ, Уырызмæ г нал и, — загътон æ з. — Нæ фатеры дуæ рттæ байгом кæ нут, — æ мæ дæ гъæ лтæ кæ мæ дæ р радтон. Ацы цалдæ р ныхасы цыма мæ химæ дæ р нæ фехъуыстысты. Фехъуыстысты. Цыдæ р æ гæ рон тых сæ м разынд; адæ м базмæ лыдысты, нырмæ цыма æ ндзыг уыдысты, афтæ. Рынчындоны чи нæ уыд, уым кæ й нæ федтон, уыдон мæ м сæ ркъулæ й, бынмæ, зæ хмæ кæ сгæ, цыдысты. Чи мæ цуры æ рлæ ууыд, чи та иуварс акъахдзæ ф кодта æ мæ куыдта.

Цымæ, цот афтæ зынаргъ цæ мæ н сты, Уырызмæ г? Æ мæ уый ды нæ базыдтай, фæ лæ йæ æ з зонын. Цыма нæ бинонтыл, мæ ныл цы æ вирхъау хъуыддаг æ рцыд, ахæ м никуы никæ уыл æ рцыд, афтæ мæ м кæ сы. Зонын æ й, раст нæ дæ н. Æ рцыд. Æ рцыд ноджы æ вирхъаудæ р бæ ллæ хтæ: йæ бинонтæ кæ мæ н бабын сты, йæ цот цалдæ рæ й кæ мæ н фесæ фтысты.

Телевизорæ й фæ стаг рæ стæ г арæ х æ вдисынц сырдты æ мæ иннæ цæ рæ гойты. Æ мæ суанг уыдонмæ дæ р, мадæ лтæ м æ мæ фыдæ лтæ м, цæ йбæ рц уарзондзинад и сæ цотмæ, сæ хъæ бултæ м. Куыд сыл фæ тыхсынц. Куыд сæ фæ рæ вдауынц. Куыд сыл фæ узæ лынц. Куыд сæ фæ хъахъхъæ нынц. Сæ комы-комдзæ гтæ й сæ фæ хæ ссынц. Куыд сæ фæ цæ ттæ кæ нынц æ гъатыр цардмæ. Хатгай мæ м афтæ фæ кæ сы, цыма нын уыдон, сырдтæ, цæ рæ гойтæ цыдæ р хъуыддæ гтæ й бафæ зминаг сты. Мах, адæ м — дунейы тæ ккæ зондджындæ р цæ рæ гойтæ. Уæ д куыд нæ уарзæ м нæ цоты? Уæ д нын зынаргъ куыд нæ уой? Уæ д сын нæ хи куыд нæ снывонд кæ нæ м?

Уырызмæ г, дæ номыл нæ хæ дзары къæ сæ рæ й кæ йдæ р уæ здан æ фсæ рмдзаст чызг не ’рбакуывта. Хуыцау дын хъæ булы ад бавзарын нæ бауагъта. Уыцы диссаджы, уæ лмонц, æ нахуыр æ нкъарæ нтæ дæ зæ рдæ йы нæ райхæ лдысты, афтæ мæ й сæ демæ ахастай æ дзæ м дунемæ. Уыдисныйас, о, уыдисныйас гыццыл лæ ппу кæ нæ гыццыл чызг дын уæ д та куы баззадаид. Нæ армытъæ пæ ныл æ й схъомыл кодтаиккам, нæ комы-комдзæ гтæ й йæ хастаиккам. Уымæ н æ мæ ды цардаис уый хуызы. Уымæ н æ мæ уымæ кæ сгæ йæ мах уыдтаиккам дæ у. Дæ уæ здан туг нæ фесæ фтаид. Фæ лæ... фæ лæ, о, цы загъдæ уа хъысмæ тæ н... Хъазы нæ, цы йæ фæ нды, уый нын кæ ны. Кæ м нæ хæ рдмæ сæ ппары, æ мæ цæ ргæ с фестæ м, кæ м та нæ зонгуытыл фæ цæ йбырæ м.

Арæ х мæ зæ рдыл æ рлæ ууы иу сылгоймаг. Куыстон журнал «Мах дуджы» редакцийы æ мæ -иу Сабырдзинады проспекты фистæ гæ й арæ х цыдтæ н. Проспекты иуварс кæ ттаг халагъуды оын мæ нæ й хистæ р сылгоймаг уæ й кодта хъазæ нтæ, тетрæ дтæ, ручкæ тæ, кърандæ стæ... Исты фыссæ нгарз мæ бахъуыд, уæ д-иу ууыл мæ фæ ндаг акодтон.

Сылгоймаг иурæ стæ г нал зынд.

Æ нæ нхъæ лæ джы мын мæ иу зонгæ лæ г радзырдта. Уыцы сылгоймагæ н уыди лæ г, фæ лæ раджы рахицæ н сты. Уыди сын лæ ппу, цард йæ мадимæ. Сылгоймагæ н уый уыд йæ уд-йæ дзæ цц. Мад ын йæ хи снывонд кодта. Уыд базары кусæ г, æ мæ цардæ н йæ иувæ рсты кæ мдæ р нæ цыдысты. Иуахæ мы сылгоймаг ацыд Астæ уккаг Азимæ, Душаибемæ, мæ царды уавæ ртæ фæ хуыздæ р кæ нон, зæ гъгæ. Дзæ вгар рæ стæ г фæ куыста дуканийы хицауæ й. Æ хсæ в-бон, дам, нæ зыдта. Уыцы рæ стæ г йæ лæ ппу — студент, саджы фисынтыл амад, царды раст фæ ндагæ й фæ иртæ ст. Хъылмайы амæ ддаг фæ ци: фыццаг дымдта анаша, стæ й рахызт карз наркотиктæ м. Фырыхъулы хуызæ н лæ ппу фесæ фт, хæ дзары ницыуал уагъта. Сылгоймаг йæ цæ ссыгтæ й йæ хи æ хсадта. Йæ иунæ г хъæ булы, цырагъау кæ мæ н сыгъд, уый мæ тæ й тад. Йæ лæ ппу цы фæ ндагыл æ рлæ ууыд, уый хионтæ й, зонгæ тæ й æ мбæ хста. Йæ хъæ булæ й æ взæ р зæ гъын кæ й фæ нды? Сылгоймаг, уæ дæ мæ лæ ппуйы фервæ зын кæ нон, зæ гъгæ, фæ стæ мæ Ирыстонмæ сыздæ хт. Æ мæ куыста, æ з æ й кæ м федтон, Дзæ уджыхъæ уы Сабырдзинады проспекты, уым иу ларечы. Æ вæ ццæ гæ н, йæ хицæ н стыр ныфсытæ æ вæ рдта, фæ лæ...

Ссæ дзæ м-дыууын фыццæ гæ м æ нусы хъылма фæ йнæ рдæ м æ нхъæ взы, алы бинонтæ м дæ р йæ хи ивазы. Æ мæ, йæ амæ ддаг чи бавæ ййы, уыдон сæ хи дæ р æ мæ сæ бинонты дæ р æ мæ адæ мы дæ р сафынц. Æ мæ, дам, йемæ тохгæ нæ н нæ й. Ис! Уæ дæ ма паддзахад, кæ мæ н æ мбæ лы, уыдон, барадхъахъхъæ нæ г оргæ нтæ, фыццаджыдæ р та, адæ м, æ цæ гæ й тох кæ никкой, фæ лæ кæ мæ ндæ рты, цас фылдæ р наркомантæ нæ м уа, уыйас — хуыздæ р. Кæ мæ ндæ рты уыдон — æ хцайы суадæ ттæ. Чидæ ртæ уыдоны фæ рцы æ ддæ г-уæ лæ галуантæ сарæ зтой æ мæ аразынц, фæ сивæ ды иу хай сæ фтмæ цæ уы. Республикæ йы разамынд адæ мы сайынц: махмæ, дам, уыцы хъылмайы амæ ддаг чи фæ ци, уыдон хæ рз чысыл сты. Бæ ргæ, афтæ куы уаид, фæ лæ нæ у. Бирæ азты дæ ргъы хъуыддæ гтæ лакæ й ахорын чи сахуыр, уыдон ныр дæ р сæ ахуыр нæ уадзынц, суанг зæ рдæ йы хъæ дгæ мттæ дæ р лакæ й ахорынц.

Иуизæ р сылгоймаг сæ химæ ’рбацыд æ мæ йæ лæ ппуйы диваныл æ рбаййæ фта... мардæ й. Шприц — сынтæ джы цур пъолыл. Мад йæ риу ныххоста, кæ уинаг фæ ци.

Уырызмæ г, ныййарæ г, йæ хъæ бул цыфæ нды æ взæ р уæ д, хъизæ майраг æ й фæ кæ нæ д, уæ ддæ р ын ныххатыр кæ ны. Ныййарæ гæ й быхсондæ р, ныййарæ гæ й хатыргæ нагдæ р ничи у.

Сылгоймаг йæ лæ ппуйы мардæ й дæ р адæ мы цæ сты бафтыдтаид, уый йæ нæ фæ ндыд, æ мæ радзырдта: йæ хъæ булæ н чысылæ й фæ стæ мæ дæ р йæ зæ рдæ сахъат уыд, фу-фу дæ р ын уымæ н кодта. Амард йæ зæ рдæ йæ.

Мад йæ уарзон лæ ппуйæ н, ацы зæ ххыл кæ й тыххæ й цыд, уымæ н йæ марды алы æ гъдау дæ р кодта, мæ рдты дæ р йæ иунæ г хъуамæ мацæ уыл тыхса. Сæ вæ рдта йын зынаргъ, урс-урсид дурæ й бæ рзонд цырт: уадз уырдыгæ й йæ м кæ сæ д йе ’дзард лæ ппу. Алы сабаты дæ р æ м хаста дидинджыты баст.

Фыццаг мит рауарыд, æ мæ сылгоймаг уæ лмæ рдтæ м атагъд кодта: йæ лæ ппуйы ингæ нæ й мит асæ рфа.

Сылгоймаг нæ зынд. Йæ сыхæ гтæ й иумæ уыд йæ фатеры дæ гъæ л, æ мæ уыдон дуар бакодтой, фæ лæ уым дæ р нæ разынд. Уæ лмæ рдмæ -иу йæ фырты ингæ нмæ арæ х цыд æ мæ кæ д... Æ мæ... æ мæ федтой æ нахуыр диссаг: дыууæ метры бæ рзæ ндæ н уæ ззау цырт сылгоймагыл рафæ лдæ хт, йæ быны йæ ныцъцъист кодта.

Уырызмæ г, цард æ нахуыр диссаг у. Ахæ м диссаг, æ мæ йæ зонд нæ ахсы, нæ йæ кæ рды. Уыцы сылгоймаджы хъысмæ т... Йæ мæ лæ т йæ уарзон хъæ булы цыртæ й цæ мæ н æ рцыд? Суанг йе ’рхъуыды кæ нынæ н дæ р стыр фантази хъæ уы. Мад йæ лæ ппуйы цыртæ й йæ мæ лæ т цæ мæ н ссардта? Æ нæ нхъæ лæ джы, æ ви йын ахæ м хъысмæ т Хуыцау сныв кодта? Æ ви йæ буцахуыр фырт æ нæ йæ мад мæ рдтыбæ стæ йы дæ р нæ фæ рæ зта? Æ ви... мад фыруарзтæ й фæ рæ дыд, йæ лæ ппумæ уарзондзинад ын йæ цæ стытæ бакуырм кодта, йæ лæ ппу мады аххосæ й мæ рдтæ м бацыд, æ мæ дзы йæ фырт йæ маст систа? Æ ви кæ д, мыййаг, уый йæ фæ стаг дзуапп уыди цардæ н? Цард æ гъатыр у, æ нæ дзуапп ницы уадзы. Æ ви... Уырызмæ г, мæ хъуыдытæ... Æ ви мæ хъуыдытæ й иу дæ р раст нæ у? Цъысымы чи бахауд, ахæ м лæ джы æ лхынцъ-суй хъуыдытæ. Нæ зонын, нæ зонын... Уæ ддæ р ацы зæ ххыл исты ис æ ви нæ й? Уæ ларвон тыгъдад нæ м исты бар дары æ ви нæ? Цы у хъысмæ т? Цард æ нæ нхъæ лæ джы цаутæ й арæ зт у æ ви йын цыдæ р æ гъдау и? Æ мæ йын кæ д цыдæ р æ гъдау и, æ рдзон æ гъдау, уæ д цæ рæ нбонты нæ хи цæ уыл удхарæ й марæ м? Сырддонцъиуы къалатийы куы бакæ най æ мæ уый къалатийы къултыл йæ хи куыд хойа, уыйау царды æ гъатыр къултыл нæ хи цы хойæ м? Æ ви уый у нæ æ рдзон æ гъдау? Цæ рæ нбонты тухæ н кæ н, цæ рæ нбонты цæ мæ дæ р тырн...

Уырызмæ г, цас фылдæ р цæ рын, уыйас мæ м афтæ кæ сы, цыма цард иууылдæ р фарстатæ й арæ зт у. Æ ви, дæ цæ стытæ бацъынд кæ н, дæ хи ницыуынæ г скæ н, уæ ддæ р ацы зæ ххыл уазæ г дæ, рæ стæ гмæ цæ рæ г, æ мæ царды йæ хи бар ауадз; уæ ддæ р, цы æ рцæ уинаг уа, уый æ рцæ удзæ н...

Фыццаг изæ р... Нæ фатеры къултæ адæ мы кæ уын æ мæ хъарæ гæ й фæ йнæ рдæ м тыдтой. Нæ лгоймæ гтæ кæ рты лæ ууыдысты. Рæ стæ г дæ с сахатæ й ахызт, фæ лæ нæ ирон адæ м — æ гъдау æ мæ æ фсармджын — æ мæ сæ хæ дзæ рттæ м æ фсæ рмæ й нæ цыдысты. Кæ дмæ лæ удзысты? Æ мæ нæ сыхы хистæ ртæ й иумæ фæ дзырдтон:

— Ныр æ нафон у. Адæ мы сæ хæ дзæ рттæ м арвитут.

— Æ мæ...

— Афтæ хуыздæ р у.

Сыхы хистæ р дыууæ къахдзæ фы размæ рацыд æ мæ загъта:

— Уæ фыдæ бон Уырызмæ гæ н хæ лар уæ д. Райсом æ мæ иннæ бон не ’ппæ ты дæ р æ гъдау дæ ттын хъæ удзæ н, æ мæ баулæ фут.

Фæ лæ адæ мæ й сæ хæ дзæ рттæ м ничи цыд. Æ мæ сæ æ з хорз æ мбæ рстон: ахæ м æ вирхъау бæ ллæ х, æ мæ, уадз мæ цуры, нæ бинонты цур æ рбалæ ууой. Мæ хи та ныхъхъæ бæ р кодтон æ мæ загътон:

— Уæ хорзæ хæ й, ацæ ут æ мæ баулæ фут. Æ з дæ р цæ уын, — æ мæ фезмæ лыдтæ н. Зыдтон æ й: æ з цасдæ риддæ р лæ ууон, суанг бонмæ дæ р, уæ дмæ ацы зæ рдæ цæ ф адæ мæ й чидæ ртæ мæ цуры лæ удзысты. Æ мæ мах Хуыцау ралгъыста, фæ лæ уыдон та цы кодтой?.. Мæ иу къах иннæ йы фæ стæ ластон, мæ иу къах иннæ йы фæ стæ асинтыл хæ рдмæ тыххæ й истон, асинты хъæ лтыл хæ цыдтæ н, афтæ мæ й цыппæ рæ м уæ ладзыгмæ нæ гомдуар фатермæ цыдтæ н. Бырыдтæ н. Хылдтæ н.

Уырызмæ г, ды-иу уыцы рогæ й цы асинтыл сызгъордтай, уыдон мыл сау ингæ нмæ цæ уæ гау ныддаргъ сты. Алцæ мæ н дæ р ис райдайæ н æ мæ кæ рон. Фæ лæ ис иу кæ рон, æ мæ уый æ рцыд, уæ д рæ стæ г дæ р æ мæ тыгъдад дæ р фесты. Уый у мæ лæ т. Уый у адæ ймаджы царды фæ стаг сау стъæ лф.

Охх, куыд ныууæ ззау дæ н, мæ бон ницыуал у. Мæ нæ нæ гом дуар. Ныртæ ккæ нæ къæ сæ ры сæ рты бахиздзынæ н, фæ лæ, о мæ бон, Уырызмæ г, дæ у нæ фендзынæ н, ды нæ къæ сæ ры сæ рты дæ къах нал æ рбайсдзынæ. Цы цыбыр разынд дæ фæ ндаг. Сæ умæ райсом зæ рдæ рухс æ мæ хъæ лдзæ гæ й дуар байгом кодтай, хуры тынтыл тæ хæ гау дæ рæ сугъд хъуыдыты фæ стæ атахтæ, фæ лæ...

Сыхаг лæ гтæ цалдæ рæ й мæ фæ стæ ссыдысты. Дзурынц мæ м, хатынц мæ м:

— Цом махмæ.

— Уæ д та махмæ цом...

Не сразы дæ н. Нæ, никæ дæ м ацæ удзынæ н. Мæ кæ уинаг хæ дзар нæ ныууадздзынæ н. Мæ сæ р кæ йдæ р фæ лмæ н базыл цы зæ рдæ йæ æ рæ вæ рдзынæ н?

Лæ гтæ ацыдысты. Æ д дзаумæ ттæ диваныл мæ хи æ руагътон. Фæ лæ цæ й хуыссæ г... Сыст æ мæ, дæ къæ хты уынæ р куыд нæ хъуыса, афтæ уаты куы иуырдæ м ацу, куы иннæ рдæ м, балкъонæ й акæ с. Кæ д æ рбабон уыдзæ н? Диваны къуыммæ дæ хи нылхъив, уаты рацу-бацу кæ н, цæ стытыл уайыс ды — хъуыдытæ, æ нкъарæ нтæ дæ алыварс зилынц. Уæ вгæ, уæ дæ хъуамæ кæ й алыварс зилой? Уырызмæ г, ды уыдтæ, рынчындонмæ дæ м фæ дисы цы адæ м æ рцыд, уыдоны æ хсæ н. Уырызмæ г, ды лæ ууыдтæ изæ ры нæ кæ рты хъыггæ нæ г адæ мимæ. Уырызмæ г, ды... Мæ цæ стыты раз-иу февзæ рдтæ, уыдтон дын дæ алы фезмæ лд, дæ алы сулæ фт дæ р, дæ алы акъахдзæ ф дæ р. Куы-иу мæ м æ рбазындтæ мигъвæ лмæ й зынæ гау. Кæ м дæ æ рыгонæ й уыдтон, кæ м — хæ рз сывæ ллонæ й, кæ м — дыууадæ с-фынддæ саздзыдæ й. Уыдтон дæ, уыцы æ лгъыст райсом нæ хæ дзарæ й куыд ацыдтæ, афтæ мæ й.

...Уæ д ма, Уырызмæ г, ды гыццыл уыдтæ, æ ртæ азмæ ’ввахс дыл цыд. Сывæ ллæ тты рæ вдауæ ндонмæ дæ м нæ химæ ракæ нынмæ бацыдтæ н. Æ рбазгъордтай мæ м. Æ рыгон сылгоймаг йæ чызджы къухыл хæ цы, йæ мидбылты худы, афтæ мæ й нæ цуры æ рлæ ууыд:

— Дæ лæ ппу тынг фыдуаг митæ кæ ны.

— Уырызмæ г, уый та куыд?

Ды ницы сдзырдтай, мæ зæ нгмæ дæ хи æ рбалхъывтай.

— Куы рахъомыл уа, уæ д та ма цытæ кæ ндзæ н! — худы æ рыгон сылгоймаг.

— Æ мæ уæ ддæ р цы ракодта?

— Цы ма ракæ на! Мæ чызджы трусик мын аскъуыдта, — дæ сæ рыл йæ уырзтæ æ рхаста чызг. Бахудтæ н æ з дæ р:

— Гъеуый дын лæ г!

Хъазыдыстут, ды чызджы трусикыл фæ хæ цыдтæ, æ мæ фескъуыд. Æ рыгон мад тызмæ гхуызæ й нæ дзырдта, нæ фæ лæ йын цыма æ хсызгон уыд, афтæ йæ мидбылты худт. Не ’фсæ рмы кодтон, зæ гъгæ, уæ д зæ рдиагæ й, хъæ лæ сыдзагæ й ныххудтаин. Æ вæ ццæ гæ н, уыдон уыдысты æ рыгон фыды хиуарзон æ мæ сæ рыстырдзинады æ рдзон æ нкъарæ нтæ. Уæ ддæ р загътон:

— Уырызмæ г афтæ никуыуал бакæ ндзæ н.

Æ мæ рацыдыстæ м.

Уыцы хабар-иу арæ х æ рымысыдтæ н. Куы фæ хъомыл дæ, уæ д дын æ й цалдæ р хатты дзырдтон. Иурæ стæ г бафиппайдтон, иннæ уатмæ ацыдтæ, фæ сырх дæ. Æ мæ мæ химæ фæ хыл кодтон: зонгæ зонын мæ лæ ппуйы æ фсæ рмы цæ мæ н æ ппарын? Уæ дæ й фæ стæ мæ уыцы хабар ферох кодтон.

Уырызмæ г, æ гъдау æ мæ æ фсарм дыууæ рдыгæ й цæ уынц: хистæ ртæ й кæ стæ ртæ м, кæ стæ ртæ й хистæ ртæ м. Се ’хсæ н — хидтæ. Æ рмæ ст сæ цæ стæ й нæ уынæ м, нæ й сын уырзæ й басгарæ н. Æ мæ уыцы хид фехæ лд, аскъуыд, уæ д хæ лы фæ лтæ рты бастдзинад. Æ ниу ныртæ ккæ йы æ мтъеры рæ стæ джы дуне рафæ лдæ хт, бынтондæ р ныссуйтæ стæ м.

Йæ кары чи бацыд, мæ иу ахæ м уæ здан, æ гъдауыл хæ ст хорз зонгæ лæ г мын дзырдта. Уæ д ма йæ цот сывæ ллæ ттæ уыдысты. Фæ скуыст йе ’мбæ лттимæ анызтой. Нæ, нæ цудыдта нозтæ й. Фæ лæ... йæ цоты цур нозтджынæ й æ рлæ ууа, уыцы бар ын йе ’гъдау, йæ уæ здандзинад нæ лæ вæ рдта, æ мæ сæ хæ дзары цур бандоныл сбадт. Йæ бинойнаг æ м цалдæ р хатты радзырдта, хæ дзармæ рацу, зæ гъгæ. Афтæ фæ бадт сахатæ й фылдæ р. Куы æ рæ вронг, уæ д сæ химæ ссыд.

Адæ м, бинонтæ кæ рæ дзийæ æ фсæ рмы куынæ уал кæ ной, уæ д цард чъизи æ мæ æ лгъаг кæ ны. Махæ н, ирон адæ мæ н, не ’гъдау æ мæ не ’фсарм нæ удварны цæ джындзтæ сты, уыдон куы фæ цудой, уæ д цуды нæ цард æ мхуызонæ й дæ р.

Мæ зæ рдыл арæ х æ рлæ ууы зындгонд ахуыргонд, профессор Цагъаты Анастасияйы ныхас. Уый ивгъуыд æ нусы хæ сты фæ стæ æ мбырд кодта адæ мон сфæ лдыстад: аргъæ уттæ, таурæ гътæ, æ мбисæ ндтæ, зарджытæ... Зылд нæ хæ хбæ сты, цыд иу комæ й иннæ коммæ, иу хъæ уæ й иннæ хъæ умæ. Бафтыд Дагоммæ. Æ рлæ ууыд иу кæ рты кулдуары цур. Ракаст æ м урссæ р зæ ронд ус, кæ ртмæ йæ бахуыдта. Анастасия йын йе ’рбацыды сæ р бамбарын кодта. Зæ ронд ус аджих, стæ й загъта:

— Æ з дæ р зонын иу зарæ г, фæ лæ дзы æ взæ р ныхæ стæ ис.

Ахуыргонд сылгоймаг йæ алыварс кæ ртыл йæ цæ стытæ ахаста æ мæ дзы цъиуызмæ лæ г дæ р нæ федта.

— Æ мæ йæ радзур, ничи нæ хъусы, æ з æ й ныффысдзынæ н.

— Ам нæ, — зæ ронд ус Анастасияйы хъæ угæ ронмæ ахуыдта, уым дæ р цалдæ р хатты йæ алыварс акаст, ничи сæ фехъусдзæ н, уый бæ лвырдæ й куы базыдта, уæ д зарæ джы ныхæ стæ радзырдта.

Уырызмæ г, кæ сыс, цæ йбæ рц æ фсарм, цæ йбæ рц уæ здандзинад уыд уыцы хохаг зæ ронд усмæ. Сæ кæ рты дуртæ й дæ р æ фсæ рмы кодта. Хъæ угæ рон дæ р йæ алыварсмæ цал æ мæ цал хатты акаст: мыййаг сæ ничи хъусы? Хуымæ тæ джы нæ баззад: æ фсарм хъæ ды дæ р хъæ уы. Мæ нмæ афтæ кæ сы, Уырызмæ г, æ мæ æ фсармджын, зæ гъæ м, уыцы усы хуызæ н адæ ймаг исты фыдынд, æ взæ р, чъизи, æ нæ гъдау ми ракæ на, уый мæ нæ уырны. Æ мæ нæ м ахæ м адæ мтæ цас фылдæ р уа, афтæ уыдзыстæ м рæ сугъддæ р, нæ удварн — хъæ здыгдæ р. Нæ адæ мæ н уыдзæ н фылдæ р цæ рæ нбон.

Уырызмæ г, æ хсæ з æ мæ ссæ дз азы дыл цыд æ мæ дæ иу æ нæ фсарм, иу æ нæ гъдау, иу æ нæ ууылд ныхас никуы фехъуыстон. О, æ з фыд дæ н æ мæ, чи зоны, уымæ н афтæ хъуыды кæ нын, фæ лæ афтæ уыд. Æ мæ æ рмæ ст дæ уæ й нæ — дæ кæ стæ р æ фсымæ ртæ й дæ р æ нæ фсарм, æ нæ гъда}’дзинад нæ зонын. Уæ д хъуамæ мæ нæ й цыдæ р æ нæ рхъуыды, цыдæ р æ нæ джелбетт ныхас куыд райхъуыса? Сымахимæ мын цы ахастдзинæ дтæ ис, уыдон мын уыцы бар нæ лæ вæ рдтой æ мæ нæ дæ ттынц.

Уырызмæ г, цастæ хъæ уы ныййарæ джы зæ рдæ балхæ нынæ н? Хатгай — иу ныхас. Хатгай — иу фæ лмæ н фæ каст, иу мидбылты бахудт.

Нæ гаражы нæ иу къул райхалын хъуыд. Дæ у æ мæ Ацæ мæ змæ дзурын:

— Цомут æ мæ уыцы къул райхалæ м.

Сымах фæ цæ ут.

— Æ з дæ р уæ феййафын.

Ды фæ стæ мæ фæ зылдтæ æ мæ мæ м дзурыс:

— Папæ, ды ма рацу.

— Цæ уылнæ?

— Уым рыг уыдзæ н, дæ бронхæ тæ сахъат сты, æ мæ фæ хуыфдзынæ, зын дын уыдзæ н.

— Цæ й, ницы мын у.

— Нæ, ма рацу, папæ.

Æ з чысыл фæ стæ дæ р уæ ддæ р ацыдтæ н. Æ мæ æ нкъард бон уыд, фæ лæ дæ ныхæ стæ й мæ ныл хауд хуры зæ лдаг тынтæ. Кодта лыстæ г сæ лфынæ г, мæ зæ рдæ та йæ хи надта сойæ вдылд æ ртæ хты.

Ацы хабар цалдæ р хатты дзырдтон скъоладзаутимæ, фæ сивæ димæ, студенттимæ фембæ лдты.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.