Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 3 страница






Мæ мад, дæ Нана ма ахаста цалдæ р боны. Цыма йæ мæ лæ т зыдта, чи зоны, æ цæ гдæ р æ й зыдта, æ мæ æ хсæ вы йæ хи ныннайын кодта, йæ дзыккутæ йын ныффастой, йæ сæ рыл ног сæ рбæ ттæ н бабæ ттын кодта. Æ з-иу æ м алы райсом дæ р куыстмæ ацæ уыны агъоммæ бауадтæ н: куыд у, куыд улæ фы, куыд фынæ й кæ ны?..

Уыцы райсом дæ р æ м бацыдтæ н. Мæ фыд, цæ мæ й фæ здæ г ма цæ уа, фæ здæ г нæ мады ма хъыгдара, уый тыххæ й — тамако дымæ г лæ г — афтид лулæ пъæ ртт-пъæ ртт кодта, тамако дымынæ й йæ хи сайдта.

Нæ мад хуыссыд къулы ’рдæ м, æ з æ м æ ргуыбыр дæ н: куыд улæ фы? Æ мæ... æ мæ фæ стæ мæ мæ хи аппæ рстон, уатæ й разгъордтон.

— Чындз... Чындз...

«Чындз», — афтæ хуыдта нæ фыдымад нæ мады. Афтæ йæ хуыдтой хæ стæ джытæ, сыхæ гтæ, афтæ йæ хуыдтой суанг йæ чындзытæ дæ р. Нæ мад йæ царды фæ стаг сахатмæ чындзæ й баззад, чындзæ й мæ рдтæ м бацыд.

Нæ бинонтæ — æ фсымæ рæ й, хойæ, чындзæ й, рынчынфæ рсæ гæ й — чидæ риддæ р нæ м уыд, уыдон уатмæ базгъордтой. Æ мæ уатæ й раивылд удаист цъæ хахст, удаист кæ уын. Нæ фыд Æ мзор, уæ йыджы хуызæ н сæ вджынтæ, бæ рзонд, азтæ сæ уæ ззау уæ з кæ уыл æ руагътой æ мæ йæ хуыссæ ны дæ р тыххæ й чи рабады, лæ дзæ джы æ нцæ йтты тыххæ й чи рацæ йцæ уы, уый, диссаг, æ васт сынтæ гæ й, цыма æ вддæ саздзыд лæ ппу у, афтæ рагæ пп кодта, йе ’мбæ рц æ мраст слæ ууыд æ мæ æ рвнæ рæ гау йæ хъæ лæ с райхъуыст:

— Мачиуал уæ скæ уæ д!

Мах цавддуртау фестæ м. Уый та куыд? Æ мзор, хъæ рзгæ, сынтæ гыл йæ хи æ руагъта, йæ риуæ й цыдæ р æ нахуыр тыхджын уынæ ргъын райхъуыст, йæ цæ стытæ доны разылдысты, стæ й сæ дынджыр, æ нгуылдзы ныхыйас цæ стысыгтæ пъолмæ æ ргæ р-гæ р кодтой, йæ хъæ лæ с æ рхæ цыд, афтæ мæ й загъта:

— Кæ д ма... Кæ д ма йæ уд йæ мидæ г и, уæ д ын... уæ д ын уæ кæ уын зын уыдзæ н.

Ныфс. Ныфс никæ д мæ лы! Кæ д мæ лы, уæ д та æ рмæ стдæ р адæ ймагимæ. Чи уаты баззад, чи æ ддæ мæ рахызт, фæ лæ хъæ рæ й ничиуал скуыдта, æ рмæ стдæ р сусæ гæ й, Æ мзор куыд ницы фехъуса, афтæ.

Цал минуты рацыд, чи зоны: Æ мзор базмæ лыд, сынтæ гæ й сыстыныл афæ лвæ рдта, фæ лæ йæ бон нæ уыд, æ мæ мах йæ дæ лæ рмтты бацыдыстæ м, схæ цыдыстæ м ыл; слæ ууыд, дуары ’рдæ м ракаст æ мæ загъта:

— Ныр... ныр ыл ныккæ ут, — æ мæ йæ хæ дæ г хъæ рæ й, богъ-богъæ й, æ нæ фсæ рмæ й ныккуыдта, йæ цæ ссыгтæ стыр æ ртæ хтæ й згъæ лдысты, пъол сæ сау хъулæ ттæ кодта. Мах ыл хæ цыдыстæ м, афтæ мæ й нæ мады цурмæ бацыд, æ ргуыбыр æ м, йæ ризгæ армытъæ нæ н ын цалдæ р хатты йæ ныхыл ахаста æ мæ загъта:

— Рухсаг у, Чендзе. Рухсаг у, Чендзе.

Мах нæ фыды залмæ рахуыдтам. Диваныл йæ хи æ руагъта, азтæ й фæ ллад, кæ ддæ ры домбай цæ нгтæ йæ зæ нгтыл æ рхаудысты, йæ сæ р æ ркъул, цыма йæ хуыссæ г ахсы. Диссаг! Æ з диваныл бадтæ н бынтон æ ндæ р адæ ймаджы фарсмæ, цалдæ р минутмæ аивта. О, уый уыд зæ ронд лæ г, азтæ н чи быхсы? Фæ лæ уæ ддæ р — сæ вджын, бæ рзонд, фæ тæ нуæ хск, фæ тæ нриу. Йæ хæ дæ г йæ царды хабæ рттæ дзураг нæ уыд, фæ лæ уæ ддæ р хъуысыдысты. Йæ хъару, йæ тыхыл куы уыд, уæ д-иу, бричкæ къорыпп нартхорæ й йедзаг, æ мæ, бæ хтæ н разилæ н нæ й, зæ гъгæ, уæ д-иу бричкæ йыл фæ сте схæ цыд æ мæ -иу æ й иуварс байста. Хъæ уы хæ дзар куы арæ зтам, уæ д æ й цалдæ р хатты мæ хæ дæ г федтон: дæ ргъæ йдæ ргъмæ хъайваны кæ роныл-иу схæ цыд æ мæ -иу æ й иуварс æ рæ вæ рдта. Æ мæ ныр æ виппайды уыцы сæ вджынтæ лæ гæ й ницыуал аззад: атад, ампылд, бынтондæ р ныггуыбыр, дзой-дзой кæ ны, йæ хиуыл нал хæ цы, хъæ лæ с къæ зы, æ рхæ цы. Йæ цæ стытæ пъолæ й хæ рдмæ нæ исы, фæ лæ куы фæ зынынц, уæ д... Цæ стытæ дæ р фендæ рхуызон сты: æ гъуыз, цыма сыл мигъ ныббадт, цыма сæ кæ сын нæ фæ нды.

Фыд йæ сæ рыл схæ цыд æ мæ хъæ рзгæ загъта:

— Иу арахъхъ мын рахæ ссут.

Нæ фыд афтæ раджы, афтæ раджы нæ, фæ лæ сихорæ й раздæ р арахъхъ никуы банызта, фæ лæ ныр... Мæ хотæ й йын чидæ р арахъхъ рахаста. Гыццыл агуывзæ йы нæ — нæ мад-иу ын хæ рынафон цы агуывзæ йы рауагъта — тигъджын, дыууæ сæ дæ граммы кæ м цæ уы, ахæ м агуывзæ йы. Йæ къухтæ бынтондæ р сæ нæ хъару сты, рызтысты, агуывзæ йыл дыууæ къухæ й æ рхæ цыд, махыл йæ æ гъуыз цæ стытæ ахаста æ мæ загъта:

— Хуыцау, ды нæ сфæ лдыстай, алцыдæ р дæ уæ й аразгæ у æ мæ нæ дæ хорзæ х уæ д. Ам ма бинонтæ ис, кæ стæ ртæ, æ мæ сын цардамонд саккаг кæ н. Чендзе, ды нал дæ æ мæ рухсаг у, дзæ нæ ты — дæ бынат, дæ кæ стæ ртыл цардаудæ н кæ н, — æ мæ арахъхъ сабыргай, хуыпгай банызта.

— Исты ацаход.

— Ницы мæ хъæ уы.

— Уæ д та уал дæ хи æ руадз.

— Мæ хи æ руадздзынæ н, — æ мæ диваныл æ д дзаумæ ттæ æ рхуыссыд.

Нæ мады амарды фæ стæ Æ мзор дæ р йæ хиуыл нал схæ цыд, бынтондæ р æ рхауд. Аз æ мæ дыууæ мæ йы фæ стæ уый дæ р йе ’цæ г дунемæ ацыд. Кæ д, æ цæ гдæ р, æ цæ г Дуне уым и, æ мæ йæ мах нæ зонæ м.

Уырызмæ г, мад æ мæ фыд, ацы дунемæ дæ чи рафæ лдыста, цард дын чи радта, йæ комы-комдзæ гтæ й дæ чи фæ хаста, дæ у цæ райæ чи цард, уыдон зынаргъ куыд не сты? Уыдон куынæ уал вæ ййынц, уæ д нæ царды иу хай аскъуыны. Чи дын сæ баивдзæ н? Чи дын скæ ндзæ н ныййарджыты ад?

Цыдæ р, цыдæ р æ вирхъау бæ ллæ х ныл рацыд æ мæ нæ бинонтæ кæ рæ дзийы фæ стæ акалдысты. Æ хсæ з æ фсымæ ры уыдыстæ м æ мæ нæ æ ртæ нал и, зæ ронды бонмæ сæ иу дæ р нæ ацард. Сæ иуæ н фыццаг йæ бинойнаг, стæ й та йæ фынддæ с æ мæ ссæ дзаздзыд фырт æ виппайды амард. Цы кодтам уыйбæ рц Хуыцауæ н? Чи мын нал и, уыцы æ фсымæ рты номæ й ма-иу ныр кæ мæ бадзурон? Сæ сау цыртытæ м?..

Мæ фыды мад Хъариан, Хъаратæ й уыд йæ мыггаг æ мæ йæ Хъариан хуыдтой, йæ ном — Сæ на, æ мæ уый ничи зыдта, суанг, чи зоны, йæ хицæ й дæ р ферох. Хъариан фондзыссæ дз азæ й фьыдæ р фæ цард, æ з дæ р ма йæ æ рæ ййæ фтон: фараст-дæ с азы мыл цыд. Зæ ронд ус куы амард, уæ д цæ мæ ндæ р скъæ тмæ бацыдтæ н æ мæ уым сусæ гæ й куыдтон.

Нæ бинонты иу хай кæ рæ дзийы фæ стæ ацыдысты. Æ мæ уæ дмæ Хъарианыл никуы хъуыды кодтон. Фæ лæ уыдоны фæ стæ, Уырызмæ г, уæ лдайдæ р та дæ фæ стæ... Æ гæ р... Æ гæ р дæ р ма йæ æ рхъуыды кæ нын. Мардæ й амондджын нæ й, кæ й фæ нды мæ лын? Фондзыссæ дзаздзыд дæ р йе ’взонг зæ рдæ ахæ ссы. Фæ лæ амондджын мард уый у, æ мæ йæ фæ стæ бинонтæ, къабæ зтæ æ нæ фыдбылыз, æ нæ зиан куы вæ ййынц. Æ мæ махæ н ахæ м уыд Хъариан. Йæ амарды фæ стæ нæ хæ дзарæ й авд æ мæ дыууиссæ дз азы дæ ргъы кæ уын нæ райхъуыст. Уыцы гуыбыр, фæ лæ нуарæ й дæ р æ мæ удыскондæ й дæ р хъæ ддых урссæ р тæ нтъихæ г зæ ронд ус нæ фæ хъахъхъæ дта авд æ мæ дыууиссæ дз азы дæ ргъы, авд æ мæ дыууиссæ дз азы йæ химæ нæ бинонтæ й хæ стæ г никæ й бауагъта, стæ й, æ вæ ццæ гæ н, бафæ ллад, сæ нæ хъару æ мæ йæ бон мах хъахъхъæ нын нал уыд. Йе та иунæ гæ й сфæ лмæ цыд, йæ бинонтæ йæ зæ рдыл æ рлæ ууыдысты, æ мæ...

Уæ лмæ рдмæ бацу, æ мæ дæ м дæ мад æ дзæ мæ й кæ сы, цыдæ р зæ гъын æ й фæ нды, фæ лæ... Дæ фыд дæ м ныджджих, йæ цæ стытæ дæ фæ стæ зилынц, де ’фсымæ ртæ дæ м нымдзаст сты, дæ... Авд цырты... Зæ рдæ кæ рдихтæ кæ ны, фæ йнæ рдæ м тоны, цæ ссыгтæ уайынц. Фæ лæ уæ ддæ р...

Фæ лæ уæ ддæ р, о мæ бон, Уырызмæ г, ды мын се ’ппæ ты дæ р куы бамбæ рзтай, ды мын мæ зæ рдæ йы раздæ ры сау хъæ дгæ мттæ ферох кæ нын кодтай. Цот! Уый рис æ ндæ р у. Мачи йæ бавзарæ д. Макæ уыл æ рцæ уæ д. Зæ рдæ фæ йнæ рдæ м фæ ркгай хауы, астæ уыстæ г дыууæ дихы кæ ны. Дзырдтон-иу — цынæ бавзæ рстон, ахæ м мын ницыуал баззад. Охх, куыд тынг, куыд тынг рæ дыдтæ н! Мæ бавзаринæ гтæ нырма разæ й уыдысты. Ныр, Уырызмæ г, афтæ никуыуал зæ гъдзынæ н. Æ нхъæ лдæ н, ацы æ гæ рон дунейы кæ рон ницæ мæ н ис, цин æ мæ рисæ н дæ р, амонд æ мæ æ намондæ н дæ р... Дуне куыд æ гæ рон у, афтæ алцыдæ р — æ гæ рон.

Уырызмæ г, мæ фыццаг зæ нæ г, ме ’ртæ фырты хистæ р — цоты адджын ад мын фыццаг ды базонын кодтай, фæ лæ, о мæ бон, мæ зæ рдæ дæ р мын ды куы скъахтай.

Нæ бинонтæ м цы уаг и, уый суанг сыхæ гтæ æ мæ хионтæ й дæ р бирæ чидæ ртæ зоны. Исчи нæ суанг кæ ртмæ кæ нæ сыхæ гтæ м цæ уы, уæ ддæ р фæ зæ гъы:

— Æ з кæ ртмæ акæ сон. Уырдæ м цæ уын.

Уыцы æ намонд райсом дæ р афтæ загътай, иннæ хæ ттыты-иу куыстмæ цæ угæ йæ куыд дзырдтай, афтæ:

— Æ з фæ цæ уын.

— Фæ ндагсар Уастырджи — дæ фарс, — загътон æ з, уый размæ бирæ хæ ттыты куыд дзырдтон, афтæ. Цæ мæ й йæ зыдтон, æ мæ ма дæ фæ стаг хатт уынын. Цæ мæ й йæ зыдтон, æ мæ ма нæ къæ сæ ры сæ рты фæ стаг хатт хизыс. Цæ мæ й йæ зыдтон, æ мæ ма асинтыл иу кæ нæ дыгай-æ ртыгай къæ пхæ нтæ уадзгæ фæ стаг хатт нызгъордзынæ. Цæ мæ й...

О мæ бон, Уырызмæ г, уыцы бон дæ лæ ппуйы лæ ггæ нæ г, байраджы бæ хгæ нæ г урсбоцъо, бæ рзонд урс бæ хыл бадæ г Уастырджи йæ рахиз базыры бын нæ бакодта, нæ дæ фæ фæ ндараст кодта. Уыцы бон ды ацыдтæ фæ цу æ мæ ма ’рцуйы фæ ндагыл, фæ лæ йæ дунейыл ничи зыдта. Æ рмæ стдæ р Хуыцау. Æ рмæ стдæ р Уастырджи. Æ мæ уæ д цæ уылнæ цагътой фæ дисы дзæ нгæ рæ г? Цæ мæ н дæ ауагътой фыдбоны фæ ндагыл?.. Æ ви дын сæ хæ дæ г равзæ рстой уыцы фæ ндаг?.. Æ мæ цæ мæ н?.. Цæ мæ н?!

Уый цавæ р дунейы цæ рæ м? Райсомæ й цæ рæ ццаг лæ ппуйы дæ хæ дзарæ й афæ ндараст кæ н, зæ рватыккау дæ хæ дзарæ й атæ хæ д æ мæ дæ м изæ ры мауал æ рбацæ уæ д, дæ хæ дзарыл мауал сæ мбæ лæ д, дæ къæ сæ рыл фæ стæ мæ мауал æ рбахизæ д, фæ ссихор дæ м фæ дисы сау дзæ нгæ рæ г ныццæ гъдæ нт. Куыд у уый, Уырызмæ г? Куыд у уый? Цавæ р æ нахъинон, цавæ р æ буалгъ рæ стæ г цæ рæ м? Изæ рæ й дæ бинонтæ дæ хæ дзармæ æ нæ фыдбылыз, æ нæ мастæ й, дзæ бæ хæ й æ рбацыдысты, уæ д дæ хиуыл дзуæ рттæ бафтау. Цæ рæ м изæ рæ й райсоммæ, райсомæ й изæ рмæ. Нæ фæ лæ, сахатæ й сахатмæ. Æ мæ уæ д уый цард у? Алы уысм дæ р дæ мæ лæ тмæ æ нхъæ лмæ кæ с. Куыд у уый?

Уырызмæ г, нæ бинонтæ м иу æ гъдау ис: чидæ риддæ р нæ м æ рбацæ уа, суанг хæ рзгыццыл саби дæ р, хъуамæ йын сыстæ м, йæ къух ын райсæ м. Сымах гыццылтæ куы уыдыстут, дыгай æ мæ æ ртыгайаздзыдтæ, уæ ддæ р-иу уын, куы ’рбацыдыстут æ мæ кæ д бадгæ кодтон, уæ д æ нæ мæ нгæ й сыстадтæ н. Сымах дæ р арæ зтон афтæ. Æ рбацыдтæ н æ мæ уæ хæ дзары баййæ фтон, уæ д уын-иу æ нæ мæ нг салам раттаин. Уæ вгæ, ныр дæ р афтæ у.

— Фæ сивæ д, салам!

— Ме ’взонг хæ лæ рттæ, зæ рдиаг салам уын.

— Куыд стут, лæ ппутæ? — æ мæ афтæ æ ндæ р арфæ йы ныхас. Æ мæ -иу уын уæ къухтæ райстон. Сымах-иу сыстадыстут.

Уырызмæ г, дæ фæ стæ нæ цард аивта, фæ лæ уыцы фæ тк уæ ддæ р цæ ры.

Уыцы райсом... Цæ мæ й йæ зыдтон, æ мæ ма кæ рæ дзийы къухтæ фæ стаг хатт исæ м. Æ ндæ р... мæ къух мын куы æ ртъæ пп кодтай, уæ д мæ къух фестадаид аркъау, æ мæ дын дæ къух ацахстаин, ницы хуызы йæ суагътаин.

Фыццаг хатт дæ у æ мæ Ацæ мæ зæ н мæ фыд Æ мзоры цур уæ къухтæ куы райстон — Батрадз гуырд нæ ма уыд, — уæ д мæ м кæ сгæ йæ баззад, цасдæ р рæ стæ г ницы загъта, æ вæ ццæ гæ н, хъуыды кодта: «Бауайдзæ ф ын кæ нон æ ви нæ?..»

Фæ стагмæ уæ ддæ р йæ хи нал баурæ дта æ мæ загъта:

— Кæ рæ дзи рагæ й нал федтат, уый цавæ р къухист у?

Æ з ницы сдзырдтон, æ рмæ ст æ м бахудтæ н. Хорз æ мбæ рстон мæ фыды, аххосджын уыдтæ н йæ цуры æ мæ цы хъуамæ загътаин? Нæ хистæ рты, нæ фыдæ лты æ гъдаумæ гæ сгæ куыд аив у, куыд фидауы уый, æ мæ фырт фыды, кæ нæ фыд йæ фырты къух райса?

Мæ фыд, æ з цас хъуыды кæ нын, афтæ мæ й йæ æ хсæ з лæ ппуйы æ мæ æ ртæ чызгæ й иуæ н дæ р йæ къух никуы райста. Уæ дæ -иу балцы дæ р куыд нæ уыдысты, уæ дæ -иу бирæ рæ стæ г кæ рæ дзи дæ р нæ федтой. Уæ дæ мæ нæ й цы ныхæ стæ схауы, мæ лæ ппутимæ дзургæ йæ, ахæ м ныхæ стæ дæ р дзы никæ д схауд. Кæ д мын комкоммæ никуы загъта, уæ ддæ р æ й æ мбæ рстон: уый фыд æ мæ фыртты æ хсæ н уыцы ныхæ стæ хуыдта цыдæ р рог, æ нæ ууылд, æ видауц, нымадта сæ суанг æ нæ гъдау мийыл. Æ мæ йыл мæ зæ рдæ нæ худт, мах уыдыстæ м дыууæ фæ лтæ ры минæ вæ рттæ, алчидæ р нæ не ’гъдæ уттæ м каст æ мæ кæ сы йæ рæ стæ гæ й. Алы фæ лтæ р дæ р йæ рæ стæ джы хъæ бул у.

Уырызмæ г, æ фсады, Хæ стон-денджызон флоты, фæ дæ н цыппар азы. Уыдон цыппар боны не сты. Ныры оæ сивæ дæ й бирæ ты службæ мæ ацæ уыны бæ сты фæ лтау амар. Мах æ ндæ р фæ лтæ р уыдыстæ м, æ ндæ р фæ лтæ р та уымæ н уыдыстæ м, æ мæ мах цардыстæ м æ ндæ р бæ стæ йы, æ ндæ р паддзахады, æ ндæ р æ хсæ нады. Æ мæ, кæ д сой æ мæ мыды не ’вдылдыстæ м, уæ ддæ р сæ рыстыр æ мæ ныфсджын уыдыстæ м уыцы бæ стæ йæ, уыцы паддзахадæ й. Нæ фыдæ лтæ, нæ хистæ ртæ сæ сау туг цы зæ ххы сæ рвæ лтау фæ калдтой, уый нын уыд зынаргъ.

Ныр та... Æ мæ ныры фæ сивæ дыл мæ зæ рдæ нæ худы, Уырызмæ г. Зæ гъ-ма мын, бæ стæ ма нын ис? Зæ гъ-ма мын, паддзахад ма нын ис? «Ис! Ис!» — ныхъхъæ р кæ ндзысты чидæ ртæ сæ хъæ лæ сыдзаг.

«Ис!», «Ис!» — зæ гъын æ з дæ р. Æ рмæ ст уый адæ мы паддзахад нæ у, фæ лæ иугай адæ ймæ гты, адæ мы фæ ллой йæ химæ чи æ рбассывта, уыдоны. Æ мæ хъуамæ уыцы акулæ ты паддзахад хъахъхъæ ной нæ лæ ппутæ?

...Æ фсадæ й отпусчы æ рцыдтæ н. Сæ рд. Нæ химæ æ рхæ ццæ дæ н сæ умæ райсом фондз сахатыл. Рагæ й фæ стæ мæ дæ р, телеграммæ ратт æ мæ дæ м æ нхъæ лмæ кæ сой, сæ мбæ лой дыл, уый нæ уарзтон. Нæ бинонтæ й ничи ницы зыдта, фæ зындтæ н æ нæ нхъæ лæ джы. Уæ д хъæ уы кулдуар нæ, фæ лæ хæ дзары дуар дæ р гуыдырæ й ничима æ хгæ дта, уæ д хъæ уы нæ, фæ лæ горæ ты дæ р æ фсæ йнаг дуар ничима зыдта.

Кæ ртмæ бахызтæ н. Мæ фыд хæ дзары асинтæ й æ рхызт. Цыдæ р уысм æ з дæ р æ мæ уый дæ р æ дзæ мæ й аззадыстæ м, стæ й кæ рæ дзимæ бакъахдзæ ф кодтам.

— Ды дæ? — загъта Æ мзор.

— Æ з.

— Æ мæ кæ цæ й фæ дæ?

— Æ мæ -гъа! Отпусчы æ рцыдтæ н.

Дыууæ азмæ ’ввахс дæ кæ стæ р фырты ма фен, уæ д дын йемæ фембæ лд æ хсызгон куыд нæ уыдзæ н? Дæ риуы цины уылæ нтæ куыд нæ ивылдзысты? Æ мæ æ нхъæ лдтон, чи зоны, мæ къух мын райса, чи зоны, æ рбахъæ быс мæ кæ на, фæ лæ... Мæ къух дæ р мын нæ райста, хъæ быс дæ р мын нæ акодта. Æ з дæ р мæ хиуыл ныххæ цыдтæ н. Хæ стæ г мæ м æ рбацыд, йæ уæ хск мæ уæ хскыл андзæ выд, æ мæ загъта:

— Алыбон æ гас цу! — æ мæ иуварс акъахдзæ ф кодта. Уыцы уысм ын йæ цæ стытæ м фæ комкоммæ дæ н æ мæ, иуварс цæ мæ н фæ зылд, уый бамбæ рстон: йæ цæ стытæ доны разылдысты, чысыл ма, æ мæ йæ цæ ссыгтæ йæ рустыл æ рфæ д кæ ндзысты. Уыдон уыдысты цины цæ ссыгтæ, æ мæ сæ нæ урæ дта. Фæ лæ сæ исчи фена, суанг æ з, уый дæ р æ й нæ фæ ндыд. Уый бар ын нæ лæ вæ рдта йæ фыдæ лты фарн. Уый бар ын нæ лæ вæ рдта не ’гъдау. Уый та куыд, æ мæ ирон лæ г цины дæ р æ мæ зыны дæ р йæ хи лæ мæ гъæ й равдиса? Йе ’нкъарæ нты рохтыл хæ цын ма фæ раза? Мæ фæ лтæ р æ ндæ р фæ лтæ р у, Уырызмæ г, дæ фæ лтæ р та — бынтон æ ндæ р фæ лтæ р. Рæ стæ г, æ хсæ над алы фæ лтæ ры дæ р йæ хи джиппы, йæ хи уагыл уадзы, йæ хи гакк ыл æ вæ ры. Нæ фæ лтæ ртæ зæ ххы полюстау кæ рæ дзимæ дард не сты — иу ирон адæ м, иу туг, иу стæ г. Нæ уидæ гтæ — иу, æ мæ цыфæ нды тымыгъты куы бахауой, цыфæ нды рæ стæ джытæ сыл куы рацæ уа, уæ ддæ р уыцы уидæ гтæ н сæ фæ н нæ й. Мингай азты дæ ргъы нæ адæ м сæ ном бахъахъхъæ дтой, не ’взаг, не ’гъдæ уттæ æ мæ нæ удварны хæ знатæ абонмæ æ рхæ ццæ сты, æ мæ кæ д цыфæ нды æ гъатыр æ мæ æ вирхъау рæ стæ джы цæ рæ м, уæ ддæ р уалдзыгон митау нæ атайдзыстæ м. Фæ лæ уый ууыл нæ дзуры, Уырызмæ г, æ мæ нæ хи ма хъахъхъæ нæ м. Ныр нæ, ацы змæ ст рæ стæ джы, нæ хи, нæ адæ мы, не ’взаг, не ’гъдæ уттæ, нæ удварны хæ знатæ куыд хъахъхъæ нын хъæ уы, афтæ никæ д. Рæ стæ г афтæ тагъд цæ уы, æ хсæ над афтæ тагъд ивы, æ мæ йæ мах, адæ м, не ’ййафæ м.

Уырызмæ г, уæ къухтæ уын исон, уыцы æ гъдау райгуырд æ рдзон хуызы. Уыцы æ гъдау райгуырди демæ.

Гыццыл ма уыдтæ æ мæ -иу дæ сывæ ллæ тты рæ вдауæ ндонмæ акæ нын хъуыд, фæ стæ дæ р та дæ цæ уын хъуыд скъоламæ. Цы сывæ ллоны нæ фæ нды райсомæ й афынæ й кæ нын? Цы сывæ ллон рагæ пп кæ ндзæ н йæ хъарм хуыссæ нæ й æ хсызгонæ й? Мæ н нæ фæ ндыд дæ уæ н зын кæ нын. Фæ ндыд мæ, цæ мæ й-иу æ хсызгонæ й сыстадаис, æ мæ -иу дæ цуры æ рлæ ууыдтæ н кæ нæ дæ сынтæ джы кæ рон æ рбадтаин, дæ сæ рыл-иу дын мæ уырзтæ ахастон, æ виппайды куыд нæ райхъал уай, куыд нæ фестъæ лфай, афтæ. Ды-иу ракастæ, базмæ лыдтæ, æ мæ -иу æ з загътон:

— Хорз бафынæ й кодтай, ме ’взонг хæ лар?

— Хорз, — дæ цæ стытæ æ ууæ рдгæ -иу загътай ды.

— Уæ дæ дæ райсомы зæ дты хорзæ х уæ д. Æ ри-ма мæ м дæ сызгъæ рин къух.

Æ мæ -иу ды хъæ ццулы бынæ й дæ чысыл гукк радардтай. Æ з-иу ыл фæ лмæ н æ рхæ цыдтæ н, кæ нæ -иу æ й фæ лмæ н æ ртъæ пп кодтон:

— Æ мæ сывæ ллæ тты рæ вдауæ ндонмæ цæ уæ м?

— Цæ уæ м.

Æ мæ афтæ алы бон дæ р. Уыцы æ гъдау ныффидар нæ бинонты æ хсæ н, фæ тк нын ссис. Ныр дæ р æ рвылрайсом дæ дыууæ æ фсымæ рмæ бацæ уын æ мæ сын сæ къухтæ райсын. Аив у æ ви нæ, æ мбæ лы æ ви нæ — нæ зонын. Уыдонæ н сæ къухтæ бæ ргæ райсын, Уырызмæ г, фæ лæ дæ уæ н... Кæ д ма дын дæ къух мæ рдтыбæ стæ йы райсон, æ ндæ р... Куыд æ хсызгон уыдзæ н нæ фембæ лд. Кæ рæ дзиуыл æ нæ фсæ рмæ й ныттыхсдзыстæ м, фырцинæ й уæ лдæ ф мæ хъуыры баддзæ н. Æ мæ -иу мын ма фæ тæ рс мæ бронхæ тæ н, мæ улæ фæ нтæ н. Фырцинæ й нæ цæ ссыгтæ уайдзысты. Мæ урс сæ р дæ уæ хскмæ нылвасдзынæ н. Æ мæ нæ м мæ мад, мæ фыд, нæ хæ дзарвæ ндагæ й, нæ хионтæ й йе ’нусон бынатмæ чи ацыд, уыдон цингæ нгæ кæ сдзысты.

Уырызмæ г, рынчын саг дæ р кæ ны. Сывæ ллонæ й ды дæ р цалдæ р хатты фæ рынчын дæ. Фæ лæ иу хатт... Тынг... тынг нæ фæ тæ рсын кодтай. Цыдис дыл цыппар æ ви фондз азы. Схуыссыдтæ. Мах дæ мадимæ телевизормæ кастыстæ м. Уыд иуæ ндæ сæ м сахат, афтæ æ васт дæ кæ уын райхъуыст, нæ цурмæ разгъордтай. Дæ хъæ лæ с — фæ сус, дæ хъуыр æ рбахгæ дта, улæ фт дын нал фаг кодта, дæ дзыхæ й уæ лдæ ф ахстай. Уыцы низ уæ дмæ нæ зыдтон. Круп... Уыцы изæ рæ й фæ стæ мæ йæ æ гæ р дæ р ма базыдтон. Æ васт хъуыр ахгæ ны, адæ ймаг хуыдуг кæ нын райдайы. Цал æ мæ цал сабийæ н аскъуыдта йæ цард? Афоныл æ й нæ базыдтай, афоныл ын хос не ’рцыд, уæ д... Уыцы низы рæ стæ г алы уысм дæ р — удхос. Уырызмæ г, ды куы схуыссыдтæ, уæ д дæ ницы рыст, зæ рдæ дæ м ницæ мæ й æ хсайдта. Уæ д дыл æ виппайды цы ’рцыд, уымæ н абон дæ р мæ сæ р ницы ахсы. Æ з дæ мæ хъæ бысмæ фелвæ стон, дæ уæ н дæ ирд цæ стытæ й урс-урсид цæ ссыгтæ згъæ лдысты, хъæ лæ с — фæ сус, улæ фт нал фаг кодта æ мæ тыххæ й дзырдтай:

— Я не хочу умиратъ! Я не хочу умирать!

Уый та куыд? Мах дæ у мæ лын уадзæ м?! Дуар мæ сæ рыл ахастон. Бæ гъæ мвадæ й кæ рты февзæ рдтæ н. Уæ д нæ фатерты телефонтæ нæ ма уыд, æ мæ кæ рты иумæ йаг телефонмæ мæ хи аппæ рстон. Уайтагъд дохтыртæ фæ зындысты. Низ сбæ рæ г, æ мæ дын дохтыр тагъд-тагъд æ ртæ уколы скодта. Æ мæ дын фенцондæ р, сулæ фыдтæ. Диссаг, дæ кары сывæ ллон уколæ й куыд нæ фæ тæ рсы, фæ лæ дæ уæ й иу сыбыртт дæ р не схауд. Æ нцад лæ ууыдтæ, иу нуар дæ р нæ базмæ лыд. Фæ тарстæ æ мæ... Уæ д хæ рзсывæ ллонæ й лæ ууыдтæ цардæ й мæ лæ ты арæ ныл.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.