Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






AElig;ртæ минуты






Нал райстон фыстæ г мæ хурæ й рагæ й

(Дард Сыбыры кусы, зæ хх фæ лдахы),

«Ферох дæ дæ уарзон адæ ймагæ й», —

Хастон-иу мæ хи зæ рдæ мæ хахуыр.

 

Иу райсом мæ м постхæ ссæ г фæ зындис: —

«Дзурдзæ н, дам, дæ м телефоны абон».

Фырцинæ й мæ риуы арт ыссыгъдис,

Дис кæ нын мæ зæ рдæ йыл, — нæ бадон.

 

Ме уæ нгтæ гæ дыхъæ дау рызтысты;

Мидбылхудгæ сидæ н сыфмæ кастæ н:

Ау, зæ гъын, цы у æ ртæ минуты, —

Мин азты куы нæ й зæ гъæ н мæ уарзтæ н!..

 

Сагъæ с кодтон иу рæ стæ джы мурыл,

‘Нхъæ лмæ гæ сгæ рафт-бафтгæ нгæ бадтæ н;

Загътон, — абон зивæ г бафтыд хурыл,

Бандзыг ысты сахатæ н йæ фаттæ...

 

Райстон хæ тæ л... Не скодтон сыбыртт дæ р,

Нал ардтон мæ бæ ллиццаг ныхæ стæ й;

Пъагæ нæ гау, ризгæ йæ, мæ былтæ

Баззадысты хæ тæ лыл ныхæ стæ й...

 

Чызг дæ р уæ д йæ химидæ г ыстыхстис,

Бандзыгау ис, нал дзы цыд уынæ р дæ р,

Дардæ й мæ м йæ риуы гуыпп-гуыпп хъуыстис, —

Атонынмæ хъавыдис фæ йнæ рдæ м.

 

Кæ д, мыййаг, нæ зæ рдæ тæ нæ риуты

Уый тыххæ й ныхъхъус ысты æ рмæ стдæ р, —

Тарстысты нæ телефоны телтæ н

Басудзынæ й не ‘хсидгæ ныхæ стæ й.

1954 аз

***

Зæ рдæ йæ зæ рдæ мæ куы уаид ныккæ сæ н,

Куы фенис, мæ риуы цæ й бæ рц ис дæ уарзт,

Æ фсæ рмдзинад намысыл баззаид хæ сæ н,

Æ мæ мыл æ ргомæ й ныттыхсис æ васт;

 

Мæ былтыл мын пъайæ чъырын арт ысуадзис,

Дæ бæ ллиццаг риумæ мæ балхъивис тынг;

Ыстæ й мын мæ уæ хскыл дæ буц сæ р æ руадзис,

Дæ русыл æ ртулид дæ цины цæ ссыг.

 

Æ з та ма цы зонин фырцинæ й, фыруарзтæ й, —

Узæ лин дыл, уддзæ фау, сабыр, фæ лмæ н,

Цыфæ нды мыл халас æ вæ риккой азтæ, —

Мæ уарзондзинадæ н нæ уаид мæ лæ н...

1956 аз

***

О, ма мын бахуд, ма, мæ митыл,

(Нæ уыд мæ зæ рдæ уарзтæ й цух);

Зымæ джыдæ ргъы уынгты митыл

Дæ фæ дтæ агуырдтон æ дзух...

 

Ныр ды фæ рнæ й чындзы фæ цыдтæ.

Дæ къахдзæ фтимæ батад мит...

О, кæ д дæ зæ рдæ мæ нæ цыдтæ н, —

Дæ мидбылты худт мæ м цы сидт?..

 

Дзырдтон: «Куы ‘ххæ ст кæ нин мæ фæ ндтæ,

Уæ лæ рвты, уариау, тæ хин...»

Ныр дын кæ м агурон дæ фæ дтæ,

Ныр дын кæ м агурон дæ хи?..

1956 аз

***

Мæ й кæ сы, мæ нмæ кæ ны тæ худы, —

Дæ у куы ахъæ быс кæ нид мæ бæ сты,

Арвæ й дæ м йæ мидбылты фæ худы,

Æ мæ ды кæ ныс мæ нæ й къæ мдзæ стыг.

 

Æ з мæ сæ р æ ркъул кæ нын дæ риумæ,

Хъусын уарзты зарæ гæ н йæ зæ лтæ.

Рухс фидæ нмæ мах куы цæ уæ м иумæ,

Иу куы у нæ зард æ мæ нæ зæ рдæ.

 

Ацæ уæ м, дам, сусæ гæ й мæ м хатыс,

Балхъивын дæ зæ рдæ мæ хæ стæ гдæ р.

Цæ й-ма, цæ й, ды дæ р мыл афтæ атыхс,

Ме уæ нгты куыд нал баззайа стæ г дæ р.

 

Зæ рдæ тæ дæ р уадз æ мæ фæ риссæ нт,

Уарзондзинад банкъардзыстæ м карзæ й.

Дзыллæ ты ‘хсæ н баззайдзæ ни дисæ н, —

Мах кæ рæ дзи афтæ тынг кæ й уарзæ м.

 

Æ з зыдæ й ныпъа кæ нын дæ русæ н.

Цингæ нгæ дæ зæ рдæ мæ ныхъхъусын.

Баззайдзæ ни ацы пъа ныуæ сæ й

Ахсæ вæ й зæ ры бонтæ м дæ русыл.

1954 аз

***

Мæ ныхæ й сурхид цадæ ггай тæ дзы,

Мæ риу мын низ рæ хойы;

Уæ ззау ристыл хъæ цын, —

Æ нхъæ лмæ дæ м кæ сын:

Ды уаты дуар нæ хойыс...

 

Æ нæ дæ у мын мæ судзгæ рис уромын

Фæ зын.

Дæ бахудт у мæ зæ рдæ йы хъæ дгомæ н

Æ вдадзы хос, —

Фæ зын!..

1954 аз






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.