Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Царды цин






Маймæ малусæ г нæ хъæ цы, —

Тагъд куы ралæ ууид, тæ худы!..

Хур, мæ цæ сгом дæ м нæ хъæ цы —

Райсом рагацау нæ худыс.

 

У мæ уд, мæ дзæ цц сæ уæ хсид, —

Цард гуылф-гуылфгæ нгæ куы гуыры...

У мæ цæ сты сындз зæ рæ хсид:

Рухс хур — царды мад ныгуылы.

 

Судзы ме ‘хсæ в дæ р цырынæ й,

Рагæ й — уадтымыгъ мæ лымæ н;

Мæ н цы бафсаддзæ н цæ рынæ й,

Мæ н кæ д авдæ лдзæ н мæ лынмæ!

 

Бон мыл ку’ акъул уа, уæ ддæ р дæ,

Рухс цин, мысдзысты мæ фынтæ...

Æ з цæ рддзугæ нгæ мæ рдтæ й дæ р

Хурмæ ‘хсындзынæ н мæ былтæ.

 

Уалдзæ г сахкъæ вда лæ дæ рсы —

Цины хъарм цæ ссыг — мæ рустыл.

Арв, дæ къæ р-къæ рæ й нæ тæ рсын, —

У æ вдадзы хос мæ ристæ н;

 

Сæ рд æ взист мæ йы цыллæ тын

Мæ н, бæ ллиц фынау, рæ вдауы;

Фæ ззæ г, бур зæ рин нымæ ты,

Мæ н мæ амондыл æ фтауы.

 

Зымæ г, бирæ гъау, нынниуы,

Сысты ‘хситгæ нгæ тызмæ г уад, —

Сисы зилдухæ н мæ риуы, —

Ногæ й басхъауы нымæ г арт...

 

Уæ д мæ цардуалдзæ г цы уыдис! —

Хурæ й расхъиугæ тыны хау;

Æ з — сывæ ллонау, цымыдис,

Æ з — æ нæ сæ ттон, тымыгъау!

 

Мæ н цы схъыг кæ ндзæ н нæ бæ сты! —

Стæ й цы хæ хтæ сты, цы рæ гътæ!

Макуы, ма ‘рхуыссат мæ цæ сты,

Рухс сæ уæ хсиды цырæ гътæ!..

***

У мæ цард къуыбылойы тыхтонау,

Тулы йæ дымгæ йау рæ стæ г размæ,

Бонтæ дзы кæ нынц æ дзух тыхтона,

Сæ ры хил ысурс ис азæ й-азмæ.

 

Фæ лæ судзы зæ рдæ цинæ й арты:

Иунæ г уысм мын мин æ нусы аргъ у,

Кувын æ з хуыцæ утты бæ сты цардæ н:

О, мæ цард, тъымы-тъыма ныддаргъ у...

 

Бур сыфтæ ртау иугай азтæ згъæ лынц,

Цъитытыл дыдзы хуры тын ризы.

Фæ лæ зонын, зарджытæ нæ мæ лынц,

Зарæ гæ н сыджытмæ нæ й ныххизæ н!..

 

У мæ цард къуыбылойы тыхтонау,

Атулдзæ нис уый кæ ронмæ рæ стæ г.

Гъе, фæ лæ та зæ ххæ й хъуамæ стона,

Сырæ здзæ н гуырвидыц хъæ з мæ бæ сты, —

 

Цады был кæ дмæ баззайдзæ н рохы,

Цас фæ тасдзæ н дымгæ мæ къæ с-къæ сæ й! —

Фыййау искуы ‘рхиздзæ нис уæ лхохæ й,

Сараздзæ н мæ лгъæ взаг уадындз хъæ зæ й.

 

Æ мæ та мæ зарæ г зæ лдзæ н кæ мтты,

Хъугомæ й йæ м гутондар ныхъхъусдзæ н,

Ацæ удзæ н дыз-дызгæ нгæ йæ уæ нгты,

Тугдадзинты, ‘хсидгæ тугау, хъаздзæ н.

 

Фескъуындзæ н хæ ххон суадон йæ кадæ г, —

Хъусдзæ нис æ м их-авджы сæ стытæ й:

Тулдзысты дзыназгæ зæ лтæ м цадæ г

‘Взист цæ ссыгтæ уарзæ тты цæ стытæ й;

 

Арвастæ у йæ базыртæ ныттындздзæ н

Хохаг цæ ргæ с, — сисдзæ н æ й уæ лтæ мæ н.

Зарæ джы зæ л удхосæ н ныттæ дздзæ н

Удисæ г цæ рæ ццаджы зæ рдæ мæ...

1960 аз

Денджыз — зæ рдæ

Денджыз сабыр улæ фы...

Пулсау цадæ г рæ мудзы;

Уылæ н былмæ,

Фидыды нысанау,

Урс тырысатæ скъæ фы...

Уылæ н базмæ лы, —

Фосфор йæ быны

тар æ рвгъуыз рухс ыссудзы.

 

Мæ й — æ взистдзыкку донычызг — уылæ нты хъазы,

Афтæ зæ рдæ йы уарзоны сурæ т ныххауы;

Денджыз мæ йы æ нус-æ нус уарзы,

Мæ й йæ — фауы.

 

Мæ й йæ мидбылты худгæ куы стулы, —

Денджыз урсриу кæ сагластæ суадзы,

Рухс бæ ллицтау,

Рæ убазыр бæ ллицтау.

Гъа ныр рахъавы мæ йæ н йæ сагъæ стæ дзурын, —

Уый йæ мигъ хыз æ рымбæ рзы, — ницы та...

 

Æ мæ денджыз ныууынæ ргъы мæ стæ й,

Æ мæ уадтымыгъ рацæ уы стæ ры,

Уылæ н уылæ ны расуры змæ стæ й...

Нæ, уый денджыз фыдохы тырысатæ сдары!

 

Мигътæ ‘ркæ уынц мæ лæ тдзаг кæ сагласты уастмæ, —

Урс уæ здан мæ ргъты сау уылæ н аууæ рды...

Афтæ зæ рдæ куы сыхсиды мастæ й,

Уæ д йæ фидыцы бæ ллицтыл н’ ауæ рды.

Ялтæ. 19—21. 04. 1961 аз






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.