Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Кæдæй мах нал федтам кæрæдзи






Кæ дæ й мах нал федтам кæ рæ дзи, —

Нæ царды алвæ ндаг фæ саджил:

Дæ уау мын фадæ ттæ нæ фæ ци, —

Æ выд кæ м баззад хæ сты алчи!

 

Мæ фыд ‘мæ ме ‘фсымæ р æ рхастой

Сæ сæ ртæ карз тохы нæ бæ стыл,

Хæ дзардзаг бинонтæ ныууагътой, —

Уæ хскуæ зæ й кусын хъуыд сæ бæ сты...

 

Ды та... Дæ фæ ндаг дын цы ‘лгъитон,

Кæ нæ цы дæ м дзурон тызмæ гæ й:

Дæ фыд кæ й разынди фæ литой,

Йæ хи кæ й бахызта ызнагæ й,

 

Фæ цис дæ уый адыл лæ гъзвæ ндаг.

Дæ бæ ллиц — институт... Фæ цыдтæ.

Фæ лæ дзы рафтыдтай дæ дæ ндаг; —

Куыд фæ нды уæ д, зæ гъгæ, хъæ цыдтæ.

 

Уæ ддæ р фæ хæ ццæ стут нысанмæ

Куыддæ рты д’ арæ хстджын фыдимæ

Æ мæ дæ райгуырæ н Чысанмæ

Æ рцыдтæ — «ахуыр лæ г» — цытимæ...

 

Кæ дæ й ныр нал федтам кæ рæ дзи, —

Фæ ндыд мæ абадын дæ цуры,

Зæ гъын, йæ зæ рды нæ кæ мæ н ц’ и,

Нæ иу уый иннæ мæ н фæ дзурид...

 

Ды та? — нæ дæ н, цыма, дæ зонгæ, —

Фæ раст дæ ‘нæ дзургæ мæ рæ зты.

Дæ зæ рдыл не ‘рлæ ууыд, æ взонгæ й

Мах ам куыд æ рвыстам нæ рæ стæ г:

 

Уæ лыгæ с фæ срагъмæ цыдыстæ м,

Мæ нау нæ къæ дзæ хтыл фæ хаттæ...

Бæ ргæ уæ д тынг æ нгом уыдыстæ м,

Нæ хæ рд дæ р иу уыдис, нæ бадт дæ р,

 

Фæ лæ куыд цардыстæ м кæ ддæ рты,

Уый рæ стæ г бамбæ рзта йæ рыгæ й —

(Æ ниу гуымир уыдтæ уæ ддæ р ды:

Бæ рæ г у гайлаг род уæ ныгæ й...)

 

Цæ й, цы? — зæ гъынц, цыма дæ сæ рмæ

Иронау дзурын дæ р нæ хæ ссыс,

Цыма нымайыс уый æ фсæ рмæ й

Æ рмæ стдæ р хаттæ й-хатт дæ хæ сыл: —

 

Дæ мад дын ц’ амыдта æ взонгæ й,

Ды ууыл ‘нæ ввæ рсон кæ м ысдæ,

Уым, цæ й, дæ уæ й æ з дæ р — дæ зонгæ —

Цы домон цинтæ ‘мæ хъæ быстæ!

 

Мæ нæ й-иу макуы зæ гъ — фæ хæ рам;

Нæ тыхсын, фырмæ стæ й нæ кæ рзын:

Æ лгъыст уæ д де ‘мдзæ хдон, дæ хæ лар!

Мæ куыдз дын бахæ рæ д дæ кæ рдзын!..

 

1958 аз

Яннакопулу Фотуламæ

Грецийы националон сæ рибаргæ нæ г тохты хайадисæ г æ взонг поэт Я. Фотула ныртæ ккæ эмиграцийы ис Советон Цæ дисы. Ахуыр ксгны Тбилисы университеты. 1957 азы фæ ззæ джы уыд Ирыстоны.

Грецийыл куы рыфтауæ м ныхæ стæ,

Уæ д æ нкъард цæ мæ н вæ ййыс, Фотула?

Чи зоны, рæ хджы, мæ хо, дæ бæ стæ н

Йе ‘фхæ рæ г йæ сау туджы фæ тула!..

 

Акæ сыс нæ Иры стыр бæ рзæ ндтыл,

Цикъæ йау ныффæ лурс дæ мæ цуры;

Райгуырæ н та ‘рбалæ ууы дæ зæ рдыл

Æ мæ мын æ рхæ ндæ ггъуызæ й дзурыс:

 

Йе уæ нгтæ, дам, баст ысты рæ хыстæ й,

Амонд, дам, дзы ракодта хылкъахæ н,

Стæ й, дам, ыл æ хсины лæ джы ‘ххуысæ й

Мистер Джон ныллæ ууыди цъыфкъахæ й.

 

Хи удау адджын кæ мæ н у Греци,

Уыдон, дам, цæ рынц ныр уым æ мбæ хстæ й

Æ мæ, дам, рæ стæ гмæ эмиграци

Бахъуыди рæ стдзинады мæ бæ стæ й...

 

«Кæ д фæ тагъд йæ зæ рдæ йыл йæ цæ ссыг,

Йе ‘фхæ рд риуы тохы арт æ рнымæ г», —

Грецийыл дæ сонт зæ рдæ ныккæ рзы —

О, зын у, зын у, мæ хо, — уырны мæ...

 

Фæ лæ ма бафт сау æ нкъард хъуыдытыл,

Ма мæ т кæ н, дæ риуæ й сагъæ с асур.

Кæ д æ цæ г Элладæ йы къуылдымтыл

Тугхæ ццæ цæ ссыджы мал нæ ма ссур,

 

Мигътæ йын йæ хуры рухс кæ д байстой,

Кæ д ызгæ хъадаманты тыхсы ныр,

Прометейы ногæ й кæ д ныббастой,

Сынт та йын йæ игæ р кæ д æ хсыны;

 

Кæ д дæ бæ стыл ралæ ууыд хъызт зымæ г,

Никъосыл дзы уалдзæ г саутæ дары,

Тохы артæ н нæ й уæ ддæ р æ рнымæ г,

Зон, рæ стдзинад йе стыр фæ ндаг ары!

 

Дуне ‘мткæ й лæ джы бартыл ысдзырдта,

Рухс фидæ н — йæ фарсхæ цæ г дæ бæ стæ н.

Тагъд Элладæ тугхъæ лæ с лæ гсырдтæ м

Райсдзæ нис фæ стаг тохы йæ гæ рзтæ.

 

Байроны зæ рдæ йы туджы ‘ртæ хтæ

Растдзысты сæ рибары салдæ ттæ й,

Тохвæ дисы рацæ удзысты хæ хтæ,

Прометей ысрæ дувдзæ н йæ бæ ттæ н...

 

Грецийыл куы рыфтауæ м ныхæ стæ,

Ма-иу у уæ д, ма, æ нкъард, Фотула!

Хъуамæ ныр рæ хджы, мæ хо, дæ бæ стæ н

Йе ‘фхæ рæ г йæ сау туджы фæ тула!...






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.