Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Дæу куы фенын.






(...-мæ)

Дæ у куы фенын, мæ амонды стъалы, —

Цинæ й сабийау сырæ зын æ рвмæ,

Æ мæ рухс сæ нтты ‘нæ кæ рон малæ н

Уарзтæ й судзгæ фæ хауын йæ арфмæ.

 

Уæ д фæ кæ сын æ з цардмæ цыбæ лæ й,

Æ мæ химид бæ лгæ йæ фæ дзурын:

Ехх, цæ рынæ н мæ м азтæ й цы ‘мбæ лы,

Уыдон афтæ куы тонин дæ цуры!..

 

Дæ у куы фенын, уæ д аззайын сагъдæ й,

Исдут ме уæ нгтæ н нал вæ ййы стæ лфæ н.

Кæ д фæ худыс дæ мидбылты дардæ й,

Уæ д дæ цæ стытæ й фесхъиугæ стъæ лфæ н

 

Арты пиллон ысуадзы мæ риуы

Æ мæ спæ ртт кæ ны, ссудзы мæ зæ рдæ,

Уæ д ныфсджынæ й ысхæ цын мæ хиуыл,

Уæ д фæ тырнын æ з царды бæ рзæ ндтæ м,

 

Уæ д мæ разы нæ фæ лæ ууы хох дæ р,

Уæ д ныммарын мæ зивæ джы хурхæ й

Æ мæ ‘рбалвасын фидар йæ рохтæ

Рог, зынгбазыр уæ лтæ мæ н æ фсургъæ н;

 

Урс, æ гъуыссæ г æ хсæ втæ æ ртæ хынц

Æ мæ ‘рынцой нæ вæ ййы мæ сисæ н...

Хур куыд ысхъазы райсомы ‘ртæ хыл,

Афтæ арвмæ нæ ргæ зарæ г сисын...

 

Дæ у куы фенын, уæ д хъыг æ мæ мастæ й

Мур, бындзыг дæ р нæ баззайы риуы,

Мæ н фæ фæ нды мæ цинæ й, мæ уарзтæ й

Адæ м хайджын куы уаиккой иууыл.

 

Мæ н фæ фæ нды куы бахæ рин пъатæ й

Де ‘нгас дидинты, ‘гомыг нæ зыты,

Алкæ й риуæ й куы фæ сурин катай,

Гъе куы рæ вдауин алкæ й йæ зынты.

 

Уæ д нæ бацæ уин калмæ н йæ хъыджы,

Уæ д цыфæ нды ыстыр маст ныббыхсин;

Зæ гъгæ, фембæ лдтæ н ме знагыл уынджы,

Баууæ нд, ууыл дæ р цинæ й ныттыхсин...

 

У дæ номæ й мæ ардбахæ рд, ме ‘ппæ лд,

Цæ й, дæ фендæ й куыд нæ судзон арты,

Адæ м афтæ куы уарзиккой се ‘ппæ т,

Уæ д хæ рамдзинад фесæ фид царды...

 

Иу дæ мидбыл фæ худтæ й, дæ фендæ й

Уад æ хситгæ нгæ сысты мæ риуы,

Æ мæ стайы ‘внæ лд фесты мæ февнæ лд,

Хохаг цырд зæ йы ракъуырд — мæ риуыгъд.

 

Нæ й дæ уарзтæ н мæ зæ рдæ йæ рафтæ н, —

Уый ныфссастдзинад ме уæ нгтæ й суры;

Адæ м се ‘ппæ т куы уарзиккой афтæ,

Уæ д æ рисиккой арвæ й зынг хуры!..

1958 аз






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.