Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 15 страница






Жаннæ цалынмæ иуæ ндæ сæ м къласмæ бацыд, уæ дмæ дæ р цыдæ ргæ æ мбæ рста, Мæ йыл нæ цард, фæ лæ уæ д... Гæ дыйы ноггуырд лæ ппынтæ цасдæ р рæ стæ г сæ цæ стытæ й нæ ракæ сынц, ницы фæ уынынц. Æ мæ уæ дмæ йæ химæ каст, йæ цæ стытæ й чи нæ ма ракаст, ахæ м гæ дыйы лæ ппыны хуызæ н. Цавæ р адæ м стæ м? Зонгæ -зонын урс сау хон. Жаннæ йы æ мкъласон — Аркадимæ хиуарзондзинад, сæ рыстырдзинад æ ппындæ р нæ й? Ахуыргæ нæ г дæ м кæ сы, зоны йæ: хорз радзырдтай, тынг хорз; иттæ г хорз бæ рæ ггæ нæ н дын æ мбæ лы, фæ лæ дæ хъуамæ исты хуызы бакъуылымпы кæ на. Ды йын йæ алы фарстæ н дæ р дæ ттыс бæ лвырд дзуапп. Æ мæ ахуыргæ нæ г мæ стджын кæ ны. Ды дæ р мидæ гæ й судзыс, фæ лæ дæ бон ницы у; уый ахуыргæ нæ г у, ды — скъоладзау, æ мæ цæ мæ й ма скæ уай, уый тыххæ й дæ былтыл дæ дæ ндæ гтæ й ныххæ ц, дæ хи ныддурвидар кæ н.

Жаннæ æ ппынфæ стаг иубон йæ мадæ н рахъаст кодта. Уый цасдæ р ницы дзырдта, стæ й йæ чызгмæ бацыд, йæ цæ нгтæ йыл æ рбатыхта æ мæ загъта:

— Мæ хъæ бул, царды æ нæ растдзинадæ й фылдæ р ницы ис æ мæ уыдонæ н сæ сæ рты куынæ хизæ м, уæ д нын размæ фæ ндаг никуы уыдзæ н.

— Æ з директорыл нæ дис кæ нын, фæ лæ ахуыргæ нджытæ, ахуыргæ нджытæ... Цы цæ сгомæ й æ рлæ ууынц мæ цуры? «Фондз» сæ вæ рын мын куы фембæ лы, уæ д мын «цыппар», суанг «æ ртæ» дæ р сæ вæ рынц. Мæ бынаты йæ чызг кæ нæ йæ лæ ппу куы лæ ууид, уæ д та куыд?.. Цæ мæ й æ нцад кусай, дæ фæ ндæ гтæ лæ гъз уой, скъолайы директоры хорзæ х дæ уа, уый тыххæ й дæ хи афтæ æ рныллæ г кæ н. Худинаг! Жаннæ сæ м фыццаг мæ сты кодта, стæ й та сын кодта тæ ригъæ д. Уæ дæ й нырмæ цал азы рацыд, æ мæ дзы искæ уыл куы амбæ лы, уæ д ын суанг ныр дæ р ма тæ ригъæ д фæ кæ ны.

— Цу, сбад. «Цыпиар» дын.

— Æ мæ мæ нæ н хуыздæ р бæ рæ ггæ нæ н æ мбæ лы, «фондз» мын æ мбæ лы. — Цалдæ р хатты сæ м йæ хи нал баурæ дта ахуырдзау.

— Уый æ з хуыздæ р зонын, — дæ цæ стытæ м дын комкоммæ кæ сы, афтæ мæ й дзуры ахуыргæ нæ г. Зоныс æ й, сайы дæ, раст нæ у. Æ мæ йæ йæ хæ дæ г дæ р зоны, фæ лæ...

Скъолайы директоры лæ ппуйæ н сызгъæ рин майдан куы радтой, уæ д æ м Жаннæ æ мраст бацыд, майдан йæ къухмæ райста æ мæ загъта:

— Аркади, ацы майдан хъуамæ æ з райстаин, фæ лæ ды директоры лæ ппу дæ, æ мæ дын хайыр уæ д.

Жаннæ æ нхъæ лдта: Аркади цыдæ ртæ дзурдзæ н, йæ хи раст кæ ндзæ н, чи зоны, цыдæ р карз ныхæ стæ дæ р дзы схауа. Фæ лæ уый ницы загъта, каст æ м, стæ й йæ сæ р дæ лæ мæ ’руагъта æ мæ, цыма къуытты у, афтæ мадзурайæ лæ ууыд, стæ й, цыма Аркади нæ у, фæ лæ йæ аууон, афтæ æ нæ иу ныхас скæ нгæ йæ иуварс ацыд. Æ мæ Жаннæ, йæ ахуыргæ нджытæ й кæ мæ ндæ рты куыд тæ ригъæ д кодта, уымæ н дæ р фæ тæ ригъæ д кодта афтæ, чи зоны, ноджы тынгдæ р. Цыдæ р уысм Жаннæ йы сæ ры атахт: ныртæ ккæ Аркади йæ майданыл фæ хæ цдзæ н æ мæ йæ, цæ ст куыднæ уал ауына, афтæ дард кæ дæ мдæ р фехсдзæ н. Нæ йæ фехста. Уæ д, закъон куыд амыдта, уымæ гæ сгæ, радта иу фæ лварæ н æ мæ университеты юридикон факультеты студентæ й агæ пп ласта.

Жаннæ скъолайы æ рмæ ст цæ ттæ дзинады аттестат нæ райста, фæ лæ ноджы стырдæ р, царды ахсджиагдæ р цы у, ахæ м зонындзинæ дтæ. Уæ дмæ дæ р цыдæ ртæ куыд нæ зыдта, фæ лæ йын уæ д арвыдуар байгомгæ нæ гау байгом сты царды дуæ рттæ. Æ мæ федта æ ндæ р дуне: карз æ мæ æ нæ хатыр, фылдæ р адæ м кæ рæ дзимæ знаджы, бирæ гъы цæ стæ й кæ м кæ сынц, æ з хуыздæ р цæ рон, æ з бæ рзонддæ рæ й разынон, уый охыл адæ ймаг адæ ймагыл кæ м нæ ауæ рды, хæ рз хион дæ р, суанг æ фсымæ р дæ р æ фсымæ рыл цъыф къæ хтæ й кæ м бацæ уы, ахæ м дуне. Чъизи, æ лгъаг, æ нæ хатыр дуне.

Чызг йæ цæ стытæ бахгæ дта, йæ сæ р банкъуыста: афтæ у цард, ахæ м у ацы дуне. Йæ мард мад Лизæ йæ йæ химæ дзæ гъæ лы хоны? Дзæ гъæ лы йыл ауды? Нæ фæ лæ нырмæ дæ р куыд ныббыхсыдта ацы уæ лзæ ххон цардæ н? Нæ фæ лæ нырмæ дæ р йæ ныййарæ г мадимæ куыд нæ сæ мбæ лд? Рагæ й йæ куы агуры. Йемæ фембæ лынмæ рагæ й куы бæ ллы. Уыцы æ нахуыр фын. Нæ дзы рох кæ ны.

Жаннæ университетмæ бацæ уынмæ фæ лварæ нтæ м йæ хи цæ ттæ кодта æ хæ сæ вæ й-бонæ й. Цал æ гъуыссæ г æ хсæ вы арвыста.

...Йæ уаты стъолы фарсмæ бады æ мæ чиныджы кæ сы. Рæ стæ г æ хсæ вы дыууæ сахатæ й ахызт. Йæ цæ сты уæ лтъыфæ лттæ афтæ суæ ззау сты, æ мæ сæ нал бауромы, æ рхауынц. Чызг рæ дзæ мæ дзæ кæ ны, цыдæ р уысм ницыуал ауыны, афынæ й вæ ййы, чиныг йæ къухæ й фæ быры, æ мæ та фестъæ лфы, иу рæ нхъ иннæ йы фæ стæ кæ сы. Фæ лæ йыл хуыссæ г тыхджынæ й-тыхджындæ р кæ ны. Йæ цæ стытæ куыд бахгæ дта, куыд афынæ й, уый нал базыдта. Æ мæ федта уыцы æ нахуыр фын.

Библиотекæ. Чингуыты тæ рхæ джытæ... Дæ ргъæ й-дæ ргъмæ. Сæ кæ рон цæ ст нæ ахсы. Сæ бæ рзæ нд — цалдæ р метры. Кæ дæ м не ’ххæ ссыс, уырдæ м асин авæ р æ мæ чингуытæ æ взар. Рагон чингуытæ, сæ æ ддаг цъæ рттыл сызгъæ рин дамгъæ тæ й фыстытæ, афгæ уæ ззау сты, æ мæ сæ къух тыххæ й уромы. Æ мæ ног, типографийæ æ рæ джы кæ й æ рбаластой, ахæ м чингуытæ. Ахорæ нты æ хсызгон тæ ф фындзыл æ мбæ лы. Чингуыты денджыз. Æ мæ уым Жаннæ — зыбыты иунæ гæ й. Уæ д та чысыл цыдæ р уынæ р, цыдæ р стыф искæ цæ й куы райхъуысид. Фæ лæ Жаннæ нæ тыхсы, уымæ йæ не ’вдæ лы: йæ хи цæ ттæ кæ ны фæ лварæ нтæ м. Цыдæ р, цыдæ р чиныг æ й хъæ уы æ мæ уый агуры, чингуытæ исы, фæ лдахы сæ, кæ сы сæ м. Асин иу тæ рхæ гмæ сæ вæ ры, иннæ мæ бацæ уы. Мингай æ мæ мингай чингуытæ. Æ мæ уый цы чиныг хъæ уы, уый кæ мдæ р — се ’хсæ н. Куынæ йæ ссара, уæ д фæ лварæ нтæ м йæ хи нæ бацæ ттæ кæ ндзæ н. Жаннæ мингай æ мæ мингай чингуыты ’хсæ н уыцы чиныг агуры. Зилы. Цы кæ на? Кæ м æ й ссара? Чызг тыхсы, катай кæ ны. Цы чиныг æ й хъæ уы, уый ам кæ мдæ р ис, æ мæ йæ дæ бон ссарын ма уæ д. Кæ м сты библиотекæ йы кусджытæ? Иу адæ ймаг дзы уæ ддæ р куы фæ зынид? Чызджы цæ стытæ доны зилынц, скæ уынмæ йæ бирæ нал хъæ уы. Йæ цæ ссыгтæ йæ рустыл уайынц, йæ хæ къуырцц райхъуыст. Цы кæ на? Кæ м ссара уыцы чиныг? Æ мæ ныккуыдта. Уыцы уысм зæ хх нынкъуысыд, чингуыты тæ рхæ джытæ дыдæ гътæ кæ нынц, дуне гыбар-гыбур ссис, ахæ м бæ зджын рыг сыстад, æ мæ Жаннæ ницътуал уыны. Йæ алыварс чингуытæ хауынц, сæ быны йæ кæ нынц, се ’хсæ нæ й хæ рдмæ йæ хи ивазы, хæ рдмæ быры, фæ лæ йыл чингуытæ хауынц æ мæ хауынц. Æ виппайды уыцы æ нахуыр дуне ныссабыр. Æ дзæ м, æ гуыппæ г сабыр. Чингуытæ нал кæ лынц, æ нæ кæ рон библиотекæ раздæ р куыд уыд, афтæ. Чингуыты тæ рхæ джыты æ хсæ н æ рбацæ уы æ ндæ рг. Сылгоймаджы æ ндæ рг. Æ ндæ рг хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р кæ ны. Æ рбаввахс. Йæ цæ сгом разынд. Уый... Йæ мад, йæ мард мад. Æ мæ кæ цæ й фæ ци? Цы йæ хъæ уы? Мад æ м бахудт æ мæ йæ м дзуры:

— Дæ хи ма тухæ нæ й мар, фæ ндзæ м æ мæ æ вдæ м билет сахуыр кæ н, сисдзынæ уыдон, — æ мæ куыд æ нæ нхъæ лæ джы фæ зынд, афтæ æ нæ нхъæ лæ джы æ рбайсæ фт. Жаннæ йæ мидбынат лæ угæ йæ баззад, йæ бон иу ныхас зæ гъын дæ р нал ссис. Банкъардта: чидæ р ын йæ уæ нгтыл хæ цы, чидæ р ын йæ рустыл йæ армытъæ пæ нтæ æ рхæ ссы. Æ мæ фестъæ лфыд, ракаст. Чи лæ ууы йæ цуры? Йæ Йгстыл ын йæ армытъæ пæ нтæ чи æ рхæ ссы? Йæ мард мад Лизæ?.. æ цуры лæ ууы йæ мад, йе схæ ссæ г мад Маринæ.

— Мæ хъæ бул, бафынæ й кæ н. Алы ’хсæ в æ нафонтæ м уый цавæ р ахуыр у? Дæ хи цæ уыл марыс?

— Мамæ, хорз, хорз, — Жаннæ схуыссыд, фæ лæ боны ’рбацъæ хтæ м нал бафынæ й. Адæ ймаг та фынтæ й фылдæ р цы уыны. Æ нахуыр фынтæ. Æ нахуыр дунетæ. Цыдæ р фынтæ царды æ цæ гдзинадæ й — дард кæ мдæ р, иппæ рд. Цыдæ р фынтæ та — царды æ нгас. Цыдæ р фынтæ никæ д æ рцæ уынц, æ мæ сын æ рцæ уæ н дæ р нæ й. Цыдæ р фынтæ та æ рцæ уынц»

Жаннæ фынтæ арæ х уыны, иуæ й-иутæ дзы бахъуыды кæ ны, цæ стыты раз сыстынц, иннæ тæ нæ рахæ ссы. Цыдæ р фынтæ царды æ цæ гдзинадмæ рахизынц, кæ мæ н дыккаг, кæ мæ н фæ ндзæ м боны, кæ мæ н га суанг цалдæ р азы фæ стæ. Цы амоны йæ мард мады æ рбацыд? Фæ ндзæ м æ мæ æ вдæ м билет. Чызг фестад, гæ ххæ ттыл сæ тагъд-тагъд афыста. Куы дзы ферох уой. Нæ! Фæ ндзæ м æ мæ æ вдæ м билет. Билеттæ м кæ сы. Фæ ндзæ м. Æ вдæ м. Зоны сæ. Æ мæ иннæ билеттæ дæ р зоны. Иннæ бон фæ лварæ нтæ. Райсом ма ногæ й сæ рмагондæ й фæ ндзæ м æ мæ æ вдæ м билетмæ æ ркæ сдзæ н. Сæ хуыр сæ кæ ндзæ н, къæ рццæ й сæ куыд зона, афтæ. Цы нæ вæ ййы.

...Жаннæ стъолы цурмæ бацыд, æ нцад лæ ууы. Фæ лварæ нтæ исынц æ ртæ сылгоймаджы. Астæ уæ й, азтæ кæ уыл рацыд, ахæ м кардзыд, йæ сæ р нæ лгоймаджы сæ ры хуызæ н æ лвыд, хæ рзхуызтæ сылгоймаг. Йæ фæ лмæ н, хæ мпус æ нгуылдзтæ й билеттæ базмæ лын кодта, цыма дзы, кæ уыл цы фыст и, уый уæ лæ мæ зыны æ мæ сæ чызгæ й æ мбæ хсы. Жаннæ йыл йæ дынджыр хъоппæ г цæ стытæ æ рæ вæ рдта æ мæ бæ зджын, лæ джы хъæ лæ сæ й загъта:

— Сис билет. Цæ мæ ма ’нхъæ лмæ кæ сыс?

Уый уæ ддæ р цыдæ р рæ стæ г æ нцад лæ ууы, йæ къухтæ куыд зыр-зыр кæ нынц, уый куы ничи бафиппаид. Æ мæ æ рмæ ст йæ къухтæ нæ — йæ буар иууылдæ р. Дзуапп нæ ратдзæ н, уымæ й нæ тæ рсы: йæ мард мад ын цы билеттæ бацамыдта, уыдонæ й сисдзæ н æ ви æ ндæ р? Йе ’нгуылдз билетты æ хсæ н хъавгæ сæ иуыл æ рæ нцад, систа йæ, фæ лæ йæ м æ ркæ сын нæ уæ нды.

— Дæ билет кæ цы номыр у? — кардзыд сылгоймаджы бæ зджын хъæ лæ с æ й ныууыгъта, æ мæ Жаннæ æ рчъицыдта, æ рæ вронг. Билетмæ кæ сы æ мæ... Йæ зæ нгтæ куыд лæ мæ гъ кæ нынц, уый æ нкъары — куы фæ тасой. Куы не ’рхауид. Йæ бон исты зæ гъын нæ, фæ лæ улæ фын дæ р нал у. Йæ къухы æ вдæ м билет, йæ мад ын цы дыууæ билеты бацамыдта, уыдонæ й иу. Фæ нды йæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кæ нын, фæ нды йæ аудиторийæ алидзын, фæ лæ уый йæ мидбынаты у сагъды хуызæ н. Ау, йæ фын æ цæ г рауад? Йæ мад ын мæ рдтæ й феххуыс кæ нынмæ фæ зынд? Фын афтæ æ цæ г рауайа? Ницыуал зоны. Ницыуал æ мбары. Йæ мард мад, аргæ йæ мæ рдтæ м цы чызджы тыххæ й бацыд, йæ цъæ хахст дæ р кæ мæ н нал фехъуыста, уый нæ рох кæ ны, йæ хъæ булыл мæ рдтæ й дæ р ауды. Жаннæ йæ мидбынат куы не ’рхауид.

— Чызг, мыййаг, цы билет систай, кæ д уый нæ зоныс, уæ д æ ндæ р сис, ма тыхс, — кардзыд сылгоймаджы бæ зджын хъæ лæ с та йæ ныууыгъта. Кардзыд сылгоймаджы бæ зджын хъæ лæ с арвы нæ рды хуызæ н нæ ргæ ацыд, æ мæ та Жаннæ æ рæ вронг.

— Æ нæ бацæ ттæ кæ нгæ йæ дзуапп раттæ н и?

— Дæ хорзæ хæ й, — скаст æ м сылгоймаг. Йæ фæ йнæ фарс цы дыууæ сылгоймаджы бады, уыдон дæ р æ м цымыдисæ й кæ сынц: кæ д æ рмæ г афтæ хорз зоны, æ мæ дзуапп раттынмæ цæ ттæ у, уæ д нырмæ дæ р сагъдауæ й цæ мæ н лæ ууыд?

Жаннæ билеттæ иууылдæ р зоны. Фæ лæ уæ лдай хуыздæ р зоны, йæ мад ын цы дыууæ билеты бацамыдта, уыдон. Фæ ндзæ м æ мæ æ вдæ м. Сæ рмагондæ й сæ м цалдæ р хатты æ ркаст. Йæ хи мин æ мæ мин хатты бафарста: йæ фын æ рцæ удзæ н? Уымæ н уæ вæ н и? О! Йæ фын æ рцыд!

Æ мæ чызг дзуры. Æ рдæ гдзуапп дæ р нæ ма радта, афтæ йæ зæ ронд ахуыргæ нæ г баурæ дта:

— Хорз. Хорз, — йæ фарсмæ иннæ сылгоймæ гтæ м бакаст. — Искæ мæ уæ исты фарст и?

— Нæ й. Хорз цæ ттæ у, — загъта ахуыргæ нджыгæ й иу.

— Уæ дæ афтæ бакæ нæ м, æ мæ йын фондз сæ вæ рæ м. Разы стут? Арфæ дын кæ нын, — зæ ронд ахуыргæ нæ г сыстад, Жаннæ йы къух райста. — Ныр университеты, журналистикæ йы факультеты студент дæ. Хорз кæ й ахуыр кæ ндзынæ, бафæ зминаг студенткæ кæ й уыдзынæ, уый бæ рæ г у.

Жаннæ аудиторийæ куыд рацыд, йæ фæ стæ дуар куыд бахгæ дта, уымæ н ныр дæ р ницы зоны. Студент у! Университетмæ бахауд! Цины уылæ нтæ йæ сæ сæ рыл скъæ фтой. Фæ лварæ нтæ æ нтыстджынæ й кæ й ратдзæ н, уый зыдта. Йæ хи бацæ ттæ кодта хорз, цыдæ риддæ р бакæ сæ н уыд, уыдон бакаст. Кæ й бахаудзæ н, ууыл дызæ рдыг нæ кодта, фæ лæ уæ ддæ р тарст: цы нæ вæ ййы, цы нæ вæ ййы...

Фæ лварæ ны размæ уыцы æ нахуыр фын... Йæ мард мад ын ног тыхтæ радта. Ныфс дзы уыд, фæ лæ дзы ног ныфс бауагъта. Жаннæ мæ афтæ кæ сы: æ ппындæ р куы ницы зыдтаид, куы ницы сахуыр кодтаид, уæ ддæ р æ м йæ мад фæ зындаид, йæ фарсмæ æ рбалæ ууыдаид, зын уавæ ры йæ иунæ гæ й нæ ныууагътаид. Йе та... Жаннæ, æ гæ р кæ й тыхсы, æ хсæ в, бон кæ йнæ уал зоны, уый тыххæ й мад катайы бахауд: йæ кæ стæ р, йæ хъарм хъæ бысы ад ын чи нал базыдта, уымæ н фæ дисы цæ уæ гау йæ цуры æ рбалæ ууыд: йæ цоты кæ стæ р, йе ’хсыры хъæ стæ чи нæ фæ ци, йæ зæ рдæ йы хъармæ й кæ й нæ барæ вдыдта, уый — зын уавæ ры, æ мæ йын хъуамæ феххуыс кæ на.

Жаннæ йæ фын никуы никæ мæ н загъта, Маринæ йæ н дæ р, Темырæ н дæ р. Афтæ мæ й уыцы фын æ хсæ вæ й-бонæ й йемæ æ мдзу кæ ны. Мин æ мæ мин хатты йæ хи бафарста æ мæ та ныр дæ р фæ рсы: цы у фын? Чингуыты — дзуаппытæ бирæ, фæ лæ йын уый дзуапп нæ ары. Æ мæ иннæ... Мæ рдтæ æ мæ удæ гæ стæ... Удæ гæ стæ æ мæ мæ рдтæ... Цавæ р æ бæ рæ г тыхтæ сæ бæ ттынц?.. Цы бар дарынц кæ рæ дзимæ?.. Азтæ йыл куыд цæ уы, афтæ йæ м хистæ рты ныхæ стæ тынгæ й-тынгдæ р хъарынц: «Хуыцауы хорзæ хæ й марды хорзæ хæ й уæ лдай нæ й». «Уæ мард уыл хорзырдæ м аудæ д». «Уæ мæ рдты хорзæ х уæ уæ д...». Раздæ р Жаннæ мæ уыцы ныхæ стæ кастысты хуымæ тæ джы ныхæ стæ, алы бон цы мингай æ мæ мингай ныхæ стæ хъуыста, уыдоны хуызæ н, фæ лæ йын уыцы фыны фæ стæ хуымæ тæ джы ныхæ стæ нал сты. Ис!

Ис бастдзинад удæ гæ стæ æ мæ мæ рдты æ хсæ н. Ис! Æ мæ уымæ н æ вдисæ н — мæ нæ Жаннæ.

Чызг йæ бадæ нæ й сыстад. Фæ лæ фæ стæ мæ сбадт: йæ куыстæ й йæ сæ химæ ацæ уын нæ ма фæ нды. Раздæ рты, сæ химæ куыд тагъддæ р бахæ ццæ уа, ууыл архайдта, фæ лæ фæ стаг рæ стæ г... Ницыуал æ й æ ндавы, алцыдæ р ын æ цæ гæ лон сси. Кæ д... Жаннæ йы цæ стытæ уæ рæ х байгом сты. Кæ д ацы зæ ххыл цæ рæ г нал у, цæ ры ма, фæ лæ ацы зæ ххыл цæ рæ г нал у. Йæ мад... Йæ мард мад алцыдæ р зоны æ мæ тыхсы, катай кæ ны: цы хуызы йын баххуыс кæ на? Йæ уды хъизæ мæ рттæ й йæ куыд фервæ зын кæ на? Æ мæ йæ йæ химæ хоны, сиды йæ м: хъуамæ йæ фервæ зын кæ на. Æ мæ фервæ здзæ н. Æ цæ гæ лоны цардæ й фервæ здзæ н.

Жаннæ йæ бандонæ й йæ хи атыдта. Алы сихорафон дæ р сæ химæ фæ цæ уы æ мæ куынæ ныццæ уа, уæ д мад æ мæ фыды зæ рдæ æ хсайдзæ н, уайтагъд æ м телефонæ й æ рбадзурдзысты.

Чызг редакцийы кæ ртæ й рахызт, сæ химæ фæ цæ уы.

 

31-æ м августмæ ма баззад 12 боны.

19-æ м август. Æ ртыццæ г. 2009 аз

Æ хсар... Жаннæ йы къахайст фæ сабыр. Лæ ппу йæ ныхмæ æ рбацæ уы. Æ мæ кæ цæ й фæ ци? Кæ д æ й ам, районы исты хъуыддаг уыд? Жаннæ имæ сæ мбæ лынмæ хъавы, уæ д раздæ р æ рбадзуры. Раздæ р йæ алы фембæ лд дæ р чызгæ н æ хсызгон уыд. Фæ лæ фæ стаг рæ стæ г... Нæ йын æ хсызгон вæ ййы, нæ хъыг. Нæ фæ лæ — хъыг. Мæ нæ ныр дæ р, Æ хсар æ й федта, æ ндæ р иуварс фæ зилид, иннæ уынгмæ згъорæ гау ацæ уид. Æ хсар æ м телефонæ й арæ х дзуры æ мæ Жаннæ йемæ куы аныхас кæ ны, куы та — нæ. Дзæ нгæ рæ г... Æ мæ Æ хсар у, уæ д телефоныл иуварс ахæ ц, дæ къухы и, уæ д æ рцæ йхауы. Ногæ й та дзæ нгæ рæ г. Дыккаг, æ ртыккаг хатт. Де ’нгуылдзтæ судзынц, ризынц, телефонмæ бавнал æ мæ йæ ахуыссын кæ н, фæ лæ дæ цæ мæ ндæ р уый дæ р нæ фæ нды. Æ мæ фест, цыма истæ мæ й фæ тарстæ, афтæ тагъд-тагъд кæ ртмæ кæ нæ де ’мкусджытæ й искæ й уатмæ бауай æ мæ дæ м ницы дзуринаг и, фæ лæ цыдæ ртæ дзур, уæ дмæ кæ д телефоны дзæ нгæ рæ г æ рсабыр уаид. Уый дын æ фсон. Æ мæ дын фенцондæ р. Фæ лæ — нæ! Нæ дын фенцондæ р: дæ хæ дæ г дæ хиимæ хыл кæ н: чи дæ, цавæ р æ нахуыр адæ ймаг дæ? Æ ргом зæ гъыны хъару дæ м цæ уыннæ разыны?

Чызджы къахайст бынтондæ р æ рсабыр, фæ стæ мæ фæ зил æ мæ алидз, зæ ххы скъуыды ныххау. Æ хсар æ дзухдæ р йемæ сæ мбæ лы йæ мидбылты худгæ. Цыма мæ стджын кæ нын нæ зоны. Чызг Æ хсаримæ куы сæ мбæ лы, уæ д йæ зæ рдæ тынгдæ р гуыпп-гуыпп кæ нын райдайы, йæ хиуыл нал фæ хæ цы. Мæ нæ ныр дæ р йæ зæ рдæ йы сонт гуыпп-гуыпп хъусы. Æ хсар ныр йæ мидбылты нæ худы. Æ мæ цæ уыннæ? Цы кодта? Сæ фæ хицæ ны рæ стæ г æ рхæ ццæ æ мæ йæ йæ зæ рдæ ’нкъары. Се ’хсæ н — цалдæ р къахдзæ фы. Лæ ппу йæ мидбылты бахудт:

— Адæ мæ й йæ хи чи ’мбæ хсы, телефон чи нæ исы, уыцы зæ ххон зæ дæ н — зæ рдиаг салам, — лæ ппуйы къух йæ къухыл андзæ выд. Куынæ йыл æ ндзæ вид, фæ лæ... Æ хсар ын йæ къух райста. Цы бирæ йыл хæ цы. Секунд дæ р — нæ, фæ лæ Жаннæ мæ афтæ кæ сы — бирæ, тынг бирæ рæ стæ г.

— Зæ дтæ уæ лæ рвты цæ рынц, — бахудт æ м чызг дæ р.

— Уæ ларвон зæ дты æ мæ нæ зæ ххон зæ дты хорзæ х уæ д, — комкоммæ йæ м кæ сы Æ хсар. Ацы хатт цыдæ р ракæ нон каст. — Жаннæ, кæ рæ дзийы бамбарын афон нын у. Нæ райсомы цардыл ахъуыды кæ нæ м. Æ мæ... Æ мæ æ з мæ фидæ ны цард уынын æ рмæ стдæ р демæ. Жаннæ, мацæ мæ й тæ рс, æ з æ ппæ тдæ р сараздзынæ н, цæ мæ й нæ иумæ йаг цард амондджын уа, уый тыххæ й.

Чызг æ нцад лæ ууы, цæ мæ ндæ р æ й фæ нды: Æ хсары риуыл дæ сæ р æ руадз, фæ лæ йæ не ’руадздзæ н: чидæ ртæ сæ рæ зты ацæ уынц æ мæ... æ рмæ ст уый тыххæ й нæ — уыцы бар йæ хицæ н нæ ратдзæ н, уый уаид ногæ й гадзрахатдзинад.

— Æ хсар, ма тагъд кæ н, — йæ цæ стытæ бынмæ æ руагъта Жаннæ: йæ бон æ м комкоммæ кæ сын нæ у. Сайы йæ, гадзрахатæ й йыл цæ уы æ мæ ма йæ м хъуамæ суанг джыгъгъытцæ стæ й дæ р кæ са? Бынтондæ р йæ цæ сгом бахордта? Æ рхæ ццæ... Æ рхæ ццæ æ ргом, цæ хгæ р зæ гъыны афон. Цыдæ р уысм... Цыдæ р уысм йæ сæ ры атахт: Æ хсармæ цæ хгæ р фæ зил, дæ армытъæ пæ нтæ й йын йæ риу ныххой, стæ й алидз, фесæ ф. Диссаг, арвы æ рттывдау æ м цæ мæ н фæ зынд ахæ м æ нахуыр хъуыды? Кæ д, мыййаг, йæ зонд цудын райдыдта?

Æ хсар ын цыма йæ хъуыдытæ кæ сы:

— Жаннæ, алцæ мæ н дæ р афон и, æ мбарыс мæ? Дардæ й йæ дарддæ рмæ цы ’ргъæ вæ м. Кæ д... Жаннæ, кæ д дæ зæ рдæ æ ндæ р искæ мæ æ хсайы, уæ д... уæ д æ й æ ргом зæ гъ. Фæ лæ дæ æ з никæ мæ н ратдзынæ н. Никæ мæ н! Хъусыс мæ? Хуыцау нæ кæ рæ дзийæ н сфæ лдыста, æ мбарыс мæ? Æ мæ Хуыцауы ныхмæ цæ уæ н нæ й, ралгъитдзæ н нæ, дыууæ йæ дæ р фенамонд уыдзыстæ м.

— Æ з ныр дæ р æ намонд дæ н.

— Цы?!

— Æ з ныр дæ р æ намонд дæ н.

— Жаннæ, цыдæ р мæ æ мбæ хсыс.

— Уый афтæ æ нæ уи зæ гъын.

Чызг фезмæ лыд:

— Цом сабыргай. Иу ран лæ ууын аив нæ у.

Æ мæ акъахдзæ ф кодтой. Жаннæ йæ мидбылты бахудт. Йæ хиуыл. Уæ дæ ма хъуамæ кæ уыл худа? Хуыцау сæ ралгъитдзæ н. Æ мæ Жаннæ рагæ й æ лгъыст у. Рагæ й. Куы райгуырд, уæ дæ й фæ стæ мæ. Уыцы æ лгъыст йемæ æ мдзу кæ ны, æ хсæ в дæ р æ мæ йæ бон дæ р уæ гъд нæ уадзы. Æ мæ та йæ хи ногæ й фæ рсы: «Цæ мæ н... цæ мæ н фæ зынд ацы зæ хмæ?» Æ лгъыст. Æ намонд адæ ймаг. Æ мæ йæ фарсмæ чи и, уыдоны дæ р æ намонд кæ ны. Мæ нæ Æ хсары дæ р. Æ гъгъæ д... Æ гъгъæ д фæ уæ д! Ацы фембæ лд у сæ фæ стаг фембæ лд.

— Æ хсар...

— Жаннæ, хуыцауизæ р уæ м минæ вæ рттæ бацæ удзысты.

— Цы?! Сæ кой дæ р ма кæ н. Цавæ р минæ вæ рттæ? Темырмæ чызгдæ ттинаг нæ й.

— Ис! Йæ ном — Жаннæ, Темыры кæ стæ р чызг.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.