Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 11 страница






Цымæ Вадим, йæ æ нæ ууылд ныхасæ й Темырæ н зын кæ й кæ ны, уый не ’мбары æ ви барæ й афтæ дзуры?

— Вадим, ды тынг æ нæ хатыр адæ ймаг дæ, — йæ хи нæ баурæ дта чызг.

— Æ з?! — цæ хгæ р æ м разылд æ фсымæ р. — О. Кæ м хъæ уы, уым æ нæ хатыр дæ н, тынг æ нæ хатыр, кæ м хъæ уы, уым та — фæ лмæ н, тынг фæ лмæ н.

Чызг æ нцад лæ ууы. Исты ма зæ гъид æ мæ... Сæ ныхас хатт æ гæ р скарз вæ ййы.

— Фыццаджыдæ р, адæ ймаг хъуамæ адæ ймаг уа.

— Æ мæ æ з, мæ бирæ тæ зонаг хо, адæ ймаг нæ дæ н? — Вадимæ н йæ хъæ лæ сыуаг ивы: мæ стджын кæ ны, æ мæ йыл зыны. Жаннæ йын зæ гъид: «Уый хуызæ н адæ ймагæ н мæ сты кæ нын не ’мбæ лы. Маст нервытæ сызмæ лын кæ ны, æ мæ хи хъахъхъæ нын хъæ уы. Ды махæ н хъæ угæ адæ ймаг дæ». — Фæ лæ ницы зæ гъдзæ н.

Темыр комкоммæ Вадиммæ бакаст:

— Мæ цотыл куы фæ хъуыды кæ нын, уæ д мæ м хатт афтæ фæ кæ сы, цыма иу мад æ мæ фыдæ й гуырд не сты.

— Папæ, цот, зæ гæ лтæ кæ нæ болтытæ куыд иухуызон сты, афтæ æ мхуызон уой, уымæ н уæ вæ н нæ й.

— Фæ лæ сымах æ гæ р алыхуызæ ттæ стут.

— Папæ, райдыдтай та. Дæ у афтæ фæ нды, æ мæ æ з дæ р Асланы хуызæ н уон?

— Хуыцау ма зæ гъæ д, — æ рбадзагъул æ м кодта фыд. — Фæ лæ дæ м кæ д афтæ кæ сы, æ мæ дзы ды бирæ хуыздæ р дæ, уæ д рæ дийыс.

— Ацы хъуыды зæ гъынæ ввонгæ й, æ вæ ццæ гæ н, дæ химидæ г бирæ фæ хастай, — загъта, Темыры цур æ рбадгæ йæ.

— Куы райгуырдтæ н, уæ дæ й фæ стæ мæ, — бинонты хистæ ры былтæ мæ стджын стъæ лфт фæ кодтой. Йæ химидæ г базмæ лыд, æ вæ ццæ гæ н, сыстынмæ хъавы, фæ лæ нæ сыстад. Вадиммæ комкоммæ кæ сы: — Аслан йæ хи фенамонд кодта, мах дæ р масты хай фестæ м. Фæ лæ зæ рдæ йы уагæ й, зæ рдæ йы скондæ й, хъыг дын уыдзæ н, мæ лæ ппу, мæ ныхас, уый зонын, фæ лæ дæ уæ й сыгъдæ гдæ р æ мæ растдæ р у. Ды дæ хи йеддæ мæ никæ й уарзыс, дæ у дæ хи йеддæ мæ ничи хъæ уы, дæ уæ н дæ зæ рдæ æ мпылд у, рыгбадт, хæ рв. Зын мын у, тынг зын дзурæ н мын у, уымæ н æ мæ мæ хъæ бул дæ, фæ лæ... Æ нæ ’хца, æ нæ исбон цæ рæ н нæ й, фæ лæ адæ ймаг уыдон йеддæ мæ куы ницыуал уына, æ ндæ р æ й куы ницыуал æ ндава, уæ д адæ ймаг нал у, йе ’ддаг бакастæ й, йæ хуызмæ гæ сгæ, адæ ймаг, мидæ гæ й та...

— Дæ большевикон ныхæ стæ та райдыдтай, Папæ. — Вадим сыстад. Фæ стæ мæ сбадт. — Папæ, æ хца æ мæ мулк цы сты, уый зоныс? Сæ рибардзинад. Сæ рибар чи у, уый та æ дзухдæ р йæ хи хорз æ нкъары, арвы æ гæ рон тыгъдады цæ ргæ с йæ хи куыд æ нкъары, афтæ.

Жаннæ фыд æ мæ йе ’фсымæ ры ныхасмæ хъусы. Æ гæ р карзмæ та цæ уы сæ ныхас. Ахæ м рæ стæ г дæ ныхас баппар, уый аив нæ у, фæ лæ...

— Вадим, уæ дæ ды цæ ргæ с дæ, нæ?

— Цæ ргæ с. Уæ лæ арвы тыгъдады цы цæ ргæ с хъазы, ахæ м цæ ргæ с. Папæ, дæ уæ н та ма цы зæ гъынмæ хъавын: цæ рæ нбонты æ мпылдæ й, æ лхъывдæ й фæ цардтæ, дæ уæ нгтæ се ’мбæ рц никæ д айвæ зтай, цæ рæ нбонты дæ капеччытæ зырзыргæ нгæ фæ нымадтай, дæ зæ рдæ йы фæ ндон хæ ринаг никуы бахордтай, дæ зæ рдæ йы фæ ндон дарæ с никуы скодтай, æ мæ цæ мæ й мах дæ р, ныры фæ лтæ р, афтæ цæ рæ м, уый дæ фæ нды? Дæ цæ стытæ й ракæ с, дæ лгг уынгмæ ахиз — ссæ дз азæ й фылдæ р æ ндæ р рæ стæ джы, æ ндæ р æ хсæ нады цæ рæ м, фæ лæ йæ ды ныр дæ р нæ ма æ мбарыс.

— Æ з алцыдæ р хорз зонын. Бæ ллæ х дæ р уый у, æ мæ æ ндæ р рæ стæ г, æ ндæ р æ хсæ нады кæ й цæ рæ м. Адæ мы ницыуал хъæ уы. Адæ м кæ рæ дзийæ н бирæ гътæ фестадысты. Ды арвы бæ рзондмæ кæ й исыс, уыцы рæ стæ г, уыцы ног æ хсæ над адæ мы мæ гуырмæ æ ртардтой, фосы бынаты нæ сæ вæ рдтой, адæ ймаджы бындзы кад нал и, бинонты цард ныссаджилтæ, ныссуйтæ. Цыма æ цæ гæ лæ ттæ сты: кæ рæ дзийы нал хъæ уынц, бинонтæ бинонты хуызæ н нал сты, æ фсымæ р æ фсымæ ры нал хъæ уы.

— Уыцы æ мбисонд куыд уыд, Папæ? Ды — æ цæ г ирон лæ г, æ цæ г ирон æ гъдæ уттыл хæ ст æ мæ йæ зондзынæ. А-а. Æ рхъуыды йæ кодтон. Кæ мæ ндæ р, дам, йæ бæ хыл йæ бон нæ цыд æ мæ йæ саргъы надта. Æ з та уый зæ гъынмæ хъавын: рæ стæ г æ мæ æ хсæ нады æ фсон мачи мацы кæ нæ д. Алкæ мæ н дæ р нæ йæ цард дæ р, йæ бинонты цард дæ р йæ хицæ й аразгæ у, æ мæ йæ чи куыд аразы, афтæ у æ мæ афтæ уыдзæ н. — Вадим сыстад. Æ мæ Жаннæ ахъуыды кодта: тагъддæ р куы ацæ уид. Темырæ н йæ зæ рдæ æ нæ уи дæ р йæ хиуыл нæ хæ цы æ мæ та йын рисдзæ н, йæ æ лхъывдад та хæ рдмæ ссæ удзæ н. Вадим тагъддæ р куы ацæ уид. Æ мæ цæ уы.

— Цæ й, дзæ бæ х уал ут, мæ зынаргъ бинонтæ, — лæ ппуйæ н кæ нгæ мидбылхудт йæ цæ сгомыл ахъазыд. Хæ дзарæ й рахызт æ мæ йæ рæ сугъд дынджыр хæ дтулгæ йы сæ рыстырæ й сбадт. Жаннæ мæ кæ сгæ дæ р нæ ракодта, цыма йæ фæ стæ уынгмæ нæ рацыд, «фæ ндараст» ын нæ загъта. Вадимы «Мерседес» уæ рæ х, лæ гъз асфальт фæ ндагыл иннæ машинæ ты æ хсæ н уайтагъд атад, чызг ма уæ ддæ р æ нцад лæ ууыд æ мæ фæ ндагмæ каст. Стæ й фезмæ лыд, сæ рудзгуыты бын дидинæ гдонмæ бацыд æ мæ даргъ хъæ дын бандоныл сбадт. Йæ цæ нгтæ стъолыл æ руагъта. Вадим, йæ бинойнаг Ларисæ æ мæ Фатимæ сæ химæ куы ’рцæ уынц, уæ д сæ хæ дзар цыдæ р æ нахуыр уавæ ры вæ ййы. Æ ви уый Жаннæ мæ афтæ кæ сы. Куыддæ р кæ рæ дзийы не ’мбарынц. Алы адæ ймаг дæ р хицæ н дуне у æ мæ... Æ мæ уæ д хъуамæ кæ рæ дзийы ма ’мбарой?

Вадим кæ й ацыд. Фæ стаг рæ стæ г фыд æ мæ фырты ныхас кæ рæ дзиуыл нал бады, тыхдзырдмæ сын расайы. Уагæ р ма-иу Вадимæ н рæ стæ г куы уаид, уæ д-иу Темыримæ сæ быцæ у цалдæ ргай сахæ ттæ ахæ ссид. Фæ лæ æ дзухдæ р кæ дæ мдæ р тагъд кæ ны, æ дзухдæ р кæ дæ мдæ р дугъы уайы. Йæ дуканийы кой никуы фæ кæ ны, цыма йæ м уый ницы бар дары, уый нæ у. Æ мæ йæ Жаннæ барæ й бафæ рсы:

— Æ мæ дæ дукани куыд у? Куыст куыд цæ уы? Дæ кусджытæ куыд сты?

Йæ хи афтæ скæ ны, цыма йæ нæ хъусы, науæ д фæ зæ гъы:

— Мæ нæ н ничи кусы, уыдонæ й алчидæ р кусы йæ хицæ н.

— Уæ дæ дæ уæ н ницы пайда сты?

— Ницы. Алчидæ р йæ хицæ н кусы, — фæ зæ гъы Вадим æ мæ иуварс ацæ уы: ома мауал мæ фæ рс, нæ ныхас ахицæ н. Жаннæ арæ х фæ хъуыды кæ ны: йе ’фсымæ р æ й куыд никæ д бафарста: «Мыййаг, хъалонтæ исæ н инспекцийы райдыдтай кусын, цы хынцфæ рстытæ мæ кæ ныс?» Æ мæ йæ æ нæ мæ нгæ й искæ д бафæ рсдзæ н. Жаннæ йæ барæ й фæ фæ рсы: æ мæ йæ дуканийы фæ зуат цас у? Нродукттæ дзы цал мины аргъ и? Æ фсымæ р ныхас æ ндæ рырдæ м аздахы. Цыма паддзахадон сусæ гдзинад у. Кæ мæ дæ рты заводтæ æ мæ фабрикæ тæ куы и, комбинаттæ, цалдæ ргай нырыккон супермаркеттæ. Цымæ сæ уыдон дæ р афтæ сусæ г кæ нынц? Æ мæ басусæ ггæ нæ н истæ мæ н и?

Вадим йæ дукани куы цалцæ г кодта, уæ д æ й æ хсæ вгæ с хъуыд, æ мæ нæ ардта. Йæ хицæ й иу ныхас дæ р никуы схауд, фæ лæ Жаннæ йы хъустыл æ рцыд. Æ мæ йæ уый та Темырæ н радзырдта.

— Хуыздæ р ма уæ дæ кæ мæ н баххуыс кæ ндзынæ н. Тæ ккæ аизæ р дæ р мæ бон ацæ уын у. Уæ дæ йын йæ хъæ дæ рмæ г, йæ аразæ н æ рмæ г куы фæ хæ ссой, уæ д хуыздæ р уыдзæ н. Ныртæ ккæ давын йеддæ мæ адæ м куы ницыуал зонынц, — загъта фыд.

Чызг æ мæ фыды æ хсæ н уыцы ныхасыл дыууæ æ ви æ ртæ боны рацыд, Вадим афтæ сæ химæ фæ зынд. Æ мæ йын Темыр æ хсызгонæ й загъта:

— Æ з уал дæ м фæ кæ сдзынæ н. Уæ ддæ р дзæ гъæ л бадт кæ нын, æ мæ æ вгъау дæ н.

Вадим ницы сдзырдта, æ рмæ ст цалдæ р хатты йæ сæ р банкъуыста. Цыма йын Темыры фæ ндон хъыг уыд, цыма йæ цæ сгом куыддæ р фæ тар, Жаннæ мæ афтæ фæ каст. Æ мæ йæ химидæ г дисы бацыд: Темыр ын агургæ йæ æ нæ аргæ æ хсæ вгæ с, дæ хион, дæ фыд, хуыздæ р ма дæ цы хъæ уы. Уый дын дæ аразтад цæ стыгагуыйау хъахъхъæ ндзæ н, дæ аразæ н æ рмæ гæ й дын мисхал дæ р фæ аууон кæ нын нæ бауадздзæ н. Диссаг, цы ма рахъуыды-бахъуыды кæ ны. Вадим ацæ уыны агъоммæ Темыры цур æ рлæ ууыд æ мæ хъуыддагхуызæ й, стыр хицау йæ дæ лбар кусджытимæ цы хъæ лæ сыуагæ й фæ дзуры, ахæ м хъæ лæ сыуагæ й загъта:

— Райсоммæ ахъуыды кæ нæ м, хорз?

— Цы ма рахъуыды-бахъуыды кæ ныс, — нал æ м фæ лæ ууыд Жаннæ. — Дæ аразæ н æ рмæ г дын куы фæ давой, уæ д-иу...

— Дæ кас кæ м нæ уа, уым дæ уидыг ма тъысс, — æ рбадзагъул æ м кодта йе ’фсымæ р æ мæ йæ машинæ йы сбадт.

Вадим дыккаг бон фæ зынд, æ мæ хо бамбæ рста: уыцы куысты тыххæ й æ рцыд, æ ндæ р сæ химæ афтæ арæ х æ руайаг нæ у. Сарайы Темыры фарсмæ бандоныл æ рбадт, йæ къух йæ фыды уæ рагыл æ руагъта æ мæ загъта:

— Папæ, хорз. Райсом куыстмæ рацу.

— Æ з ацы сахат дæ р цæ ттæ дæ н.

— Æ рмæ ст... иу хъуыддаг: мызд уыйас бирæ нæ у æ мæ дæ зæ рдæ ма фæ худæ д.

Жаннæ иуварс лæ ууыд æ мæ -иу йæ фыд æ мæ йе ’фсымæ рмæ бакаст, æ хсгæ каст, лæ мбынæ г сæ м кæ й хъусы, уый куыд нæ бафиппайой, афтæ. Темыр Вадимы ныхасмæ ницы сдзырдта, фæ лæ ныр та уый банкъуыста йæ сæ р, лæ ппуйы къухыл йæ уæ рагæ й иуварс ахæ цыд, разылд æ м æ мæ йæ м æ дзæ мæ й каст. Æ рæ джиау загъта:

— Феххуыс дын кæ нон, æ ндæ р мæ н æ хца нæ хъæ уы, цы пенси исæ м, нæ цæ хæ радон æ мæ нæ м нæ фосæ й цы капеччытæ хауы, уыдон нæ фаг сты. Цастæ нæ хъæ уы? Бирæ йæ бирæ гъ дæ р не ’фсæ ды.

— Папæ, ахæ цыдтæ та. — Вадим сыстад. — Уæ дæ æ з та бынтон æ ндæ р хуызы хъуыды кæ нын: адæ ймаг куыд кусы, цы пайда хæ ссы, уымæ н ын хъуамæ уа аргъ, мызд иса йæ фæ ллоймæ гæ сгæ. Советон рæ стæ джы нал цæ рæ м, уæ д адæ м лæ вар куыстой.

Темыр базмæ лыд, сдзагъул æ м кодта: йæ фырт та йын йæ зæ рдæ рæ хойы:

— Вадим, дæ хорзæ хæ й, алы хъуыддаджы «Советон Цæ дис, Советон Цæ дис» цы кæ ныс? Уæ дæ дын æ з та афтæ зæ гъын: ныр дæ р ма цæ рæ м æ мæ ма бирæ азты цæ рдзыстæ м, Советон рæ стæ джы цы арæ зт æ рцыд, уымæ й. Паддзахад зæ ронд уæ рдоны хъæ вс-хъæ вс кæ ны. Уæ ды арæ зтæ дтæ куынæ уал уой, уæ д бæ стæ цæ мæ ’рцæ удзæ н, уый æ з нал фендзынæ н — Хуыцауæ н табу, фæ лæ йæ сымах, кæ стæ ртæ, фендзыстут. Паддзахад, нæ ма нæ уырны, фæ лæ нал и. Фæ рсын дæ: завод кæ нæ фабрикæ йыл ныхас нал цæ уы, фæ лæ иу цех, иу гыццыл цех фæ стаг рæ стæ г паддзахады хардзæ й нæ республикæ йы арæ зт æ рцыд?

— Бирæ, бирæ, Папæ. Æ рмæ ст спъиртты заводтæ нæ м цал и.

— Ма сæ байрай. Адæ м уыцы водкæ йы бын фесты æ мæ сæ фынц.

— Бирæ, тынг бирæ нæ м арæ зт æ рцыд. Æ рмæ ст дуканитæ æ мæ нæ м афтектæ цал ис?

— Уыдон кæ йдæ р сты, цы сæ хонут, олигархты, хъæ здгуыты. Уыдон адæ ммæ ницы бар дарынц.

— Папæ, æ мæ уым адæ м нæ кусынц? Уыцы заводты æ мæ дуканиты хицæ уттæ куы амæ лой, уæ д сæ мæ рдтæ м семæ ахæ сдзысты? Ныгуылæ н бæ стæ ты адæ м мæ зæ рдæ мæ цæ мæ й цæ уынц: уыдон кусгæ кæ нынц, кусгæ, мах адæ м та — дзæ гъæ л дзырд, æ мæ нæ афтæ мæ й хорз цæ рын фæ нды. Фæ сарæ нты фырт фыды заводы кусы æ мæ йын уый æ хца фиды, цы пайда хæ ссы, уымæ гæ сгæ. Æ мæ хъуамæ афтæ уа. Махмæ та, уæ лдайдæ р Ирыстоны, уыцы кæ нгæ, уыцы цæ стмæ митæ. Уыдон ныууадзын хъæ уы, размæ цæ уын хъæ уы.

— Кæ д дæ, зæ гъын, ме ’ххуыс хъуыди, — сыстад Темыр.

— Хъæ уы, æ рмæ ст мыздыл баныхас кæ нæ м. Æ з бæ лвырд ныхас уарзын, уыйфæ стæ дзы цыдæ р дам-думтæ, зæ рдæ худтытæ куыд нæ уа, афтæ.

— Лæ ппу, уый цытæ дзурыс, цытæ? Æ з хъуамæ дæ къухæ й æ хца райсон? Æ мæ ма уæ д мæ цард цы у? Мæ хи худинаг кæ нын? Уый нæ куы райхъуыса, уæ д ныл адæ м худинаджы зарджытæ скæ ндзысты, фæ ндырты нæ фæ цæ гъддзысты.

— Папæ, адæ ймаг хъуамæ хæ сджын макæ мæ й уа: суанг фыд йæ фыртæ й, цот сæ ныййарджытæ й. Хæ сджын дæ, уæ д зонгæ -зонын къæ лæ т дæ бæ рзæ йыл бакодтай, æ мæ, зæ гъæ м, мæ н уый нæ фæ нды.

— Вадим, æ хцайы кой мын мауал скæ н.

— Омæ хорз, изæ ры куыстмæ рацу, уыйфæ стæ бæ рæ г уыдзæ н.

Темыр изæ ры горæ тмæ, Вадимы дуканимæ ацыд. Жаннæ ма суанг ныр дæ р дис фæ кæ ны: куыд сразы? Æ вæ ццæ гæ н, æ нхъæ лдта: æ хцайы тыххæ й сæ м ныхас нал æ рцæ удзæ н, йæ фырты æ ххуыс хъæ уы æ мæ йын уадз феххуыс кæ на, зын ын у æ мæ йæ м уадз йæ уæ хск бадара.

Æ мæ бакуыста иу мæ й. Иу мæ й æ ртæ æ хсæ вы хъуаг. Иуизæ р куыстмæ нæ ацыд. Йæ хи æ взæ р æ нкъардта: йе ’лхъывдад хæ рдмæ ссыд, йæ зæ рдæ рыст. Фæ цудыдта-иу. Уæ ддæ р нæ лæ ууыд. Мад æ мæ йæ чызг тыххæ й баурæ дтой: уым ыл æ хсæ вы исты куы ’рцæ уа, уæ д куыд уыдзæ н?

— Кæ мфæ нды дæ р амæ л, цы уæ лдай у, — загъта Темыр. Нæ йæ ауагътой.

Ноджы ма дыууæ хатты нæ уыд йæ куысты. Иу хатт, сыхæ гты фæ дыл дард хъæ умæ мардмæ ацыд, сæ автобус æ рдæ гфæ ндагыл асаст, æ мæ æ рæ джиау æ рбаздæ хтысты, горæ тмæ ссæ уыны фадат ын нал фæ ци. Иннæ хатт... Уæ ддæ р йæ хи тынг æ взæ р æ нкъардта, суанг ма йæ м тагъдæ ххуысы дохтыртæ дæ р æ рбацыдысты, цалдæ р уколы йын фæ д-фæ дыл скодтой.

Вадим иу хатт æ хсæ вгæ сæ й йæ хæ дæ г баззад, дыууæ хатты та — кæ мæ ндæ р-иу æ хца бафыста. Никуы ницы загъта. Фæ лæ Жаннæ йы зæ рдæ ’хсайдта. Æ мæ дзæ гъæ лы — нæ: Темыр æ ртæ хатты йæ куысты нæ уыд, æ мæ Вадим æ ртæ хатты цъысымы бахауд. Ахæ м арæ зтад æ нæ ’хсæ вгæ сæ й уадзæ н и? Уайтагъд æ й асыгъдæ г кæ ндзысты, дыкъахыг бирæ гътæ ма йын къултæ й йæ агуыридуртæ дæ р раппардзысты. Вадимæ н хъуамæ йæ арæ зтадмæ йæ зæ рдæ ма ’хсайæ.

Жаннæ хъуыды кодта: цы зæ гъдзæ н, цы уынаффæ рахæ сдзæ н йе ’фсымæ р? Темыр цы æ ртæ ’хсæ вы фæ цух йæ куыстæ й, уыдон æ нæ рхъуыдыйæ нæ баззайдзысты, цыдæ р фæ стиуæ г сын уыдзæ н.

Мæ йы фæ уынмæ ма æ ртæ боны баззад, афтæ Вадим сæ химæ æ рцыд. Бинонтæ — иууылдæ р хæ дзары. Жаннæ йы зæ рдæ фæ къæ пп кодта æ мæ та нал фæ лæ ууыд:

— Вадим, цыдæ р хорз хабар нын æ рхастай.

— Бæ гуыдæ р, æ рхастон, — бакаст æ м йе ’фсымæ р. — Папæ, фæ хъуыды кодтон, æ мæ дын алы æ хсæ в горæ тмæ цæ уын зын у, де ’нæ низдзинад бынтон зæ рдæ мæ дзæ угæ нæ у, æ мæ баулæ ф, дæ бæ сты æ ндæ р адæ ймаг ссардтон. Æ рмæ ст дæ зæ рдæ ма фæ худæ д. Хорз?

— Ай-гъайдæ р. Куыстæ н пайдадæ р цы у, уый кæ нын хъæ уы.

— Мæ нæ, — Вадим йæ дæ лармæ й, йæ гæ ххæ ттытæ цы сау папкæ йы вæ ййынц, уый райста æ мæ йæ стъолыл æ рæ вæ рдта. — Мæ нæ дæ мызд, мæ нæ ам та, æ хца кæ й райстай, уый тыххæ й дæ къух æ рæ вæ р. Формалон хъуыддæ гтæ сты, фæ лæ афтæ ’мбæ лы.

Арæ х нæ фæ бæ рæ г кæ нынц, æ мæ адæ ймагмæ хъуамæ къух бакæ нæ н ма уа. — Æ хца æ мæ гæ ххæ тт Темырмæ бахæ стæ г кодта. Ничи ницы дзырдта, хæ дзар — æ гуыппæ г сабыр. Жаннæ стъолы цур, куыд лæ ууыд, афтæ лæ угæ йæ баззад. Йе ’фсымæ рæ н йæ зонд фæ цыд? Йæ хи дæ р æ мæ Темыры дæ р цы худинаг кæ ны? Æ мæ ма æ хца — гъа, фæ лæ уыцы гæ ххæ тт... Йæ цæ ст ацахста: æ хца куы фæ исынц, уæ д сæ къухтæ кæ м æ рæ вæ рынц, ахæ м гæ ххæ тт.

— Æ з æ хцайы тыххæ й нæ куыстон, зæ гъын, феххуыс дын кæ нон, æ ндæ р...

— Папæ, уыдон Бабуцайы ныхæ стæ сты, дæ мызд райс æ мæ дæ къух æ рæ вæ р.

— Æ з уыцы æ хца нæ райсдзынæ н. — Фыд иуварс акъахдзæ ф кодта. — Дæ хицæ н сæ уадз, дæ у нырма бирæ цыдæ ртæ аразын хъæ уы æ мæ дзы иу æ мпъузæ н бампъуздзынæ.

— Папæ, райс сæ, афтæ ’мбæ лы, афтæ хъæ уы. Кæ д тæ ргай кæ ныс, уæ д рæ дийыс: дæ мызд у, иннæ рæ тты æ хсæ вгæ сæ н куыд фидынц, афтæ. Ма тæ рс, къаддæ р нæ у.

Маринæ ницы дзырдта. Ницы дзырдта Жаннæ дæ р, йæ хиуыл тыххæ й хæ цыд. Цымæ æ цæ гдæ р Вадим афтæ ’нхъæ лдта, æ мæ йын Темыр мыздыл куыста? Темыры маргæ куы акæ най, уæ ддæ р уыцы ’хца нæ райсдзæ н. Ау, ацы царды табуйаг ницыуал и? Иу бинонтæ нал сты?

Жаннæ æ мбæ рста: дзурыны æ фсарм æ й нæ й, фæ лæ...

— Вадим, немыцаджы хуызæ н мæ м кæ сыс.

Йе ’фсымæ р æ м нæ ракаст, йæ хи йæ м нæ разылдта, цыма ницы фехъуыста, цыма, Жаннæ, зæ гъгæ, йæ цуры ахæ м адæ ймаг нæ лæ ууы:

— Ууыл нæ ныхас фестæ м, — фыд сарамæ рахызт, йæ фæ стæ дуар ныггуыпп кодта.

— Хорз уæ дæ, — лæ ппу дæ р йæ фæ стæ рахызт æ мæ йæ машинæ мæ фæ цæ уы.

Чызг куыд лæ ууыди, афтæ лæ ууы, йæ химидæ г судзы, ныртæ ккæ æ хсидав фестдзæ н. Йæ цæ стытæ æ хца æ мæ ведомостыл андæ гъдысты. Фæ лæ бурдта сæ м, хъуамæ Вадимы фæ стæ азгъора æ мæ йын сæ йæ машинæ йы рудзынгæ й мидæ мæ баппара. Папæ йы дæ р æ мæ сæ бинонты дæ р уыцы æ хца ницæ мæ н хъæ уынц. Мад ын йæ цонг ацахста, æ рурæ дта йæ, æ рбахъæ быс æ й кодта:

— Мæ чызг, арт куы ссудза, уæ д ыл хус сугтæ æ ппарын нал хъæ уы, нæ фæ лæ бацархайын хъæ уы ууыл, цæ мæ й мауал судза, ахуысса.

Жаннæ йы цæ нгтæ бынмæ æ рлæ бырдысты. Æ хца æ мæ ведомость зилдухгæ нгæ пъолмæ æ рхаудтой. Йæ цæ сгом йæ мады дæ ллагхъуырмæ нылхъывта æ мæ куыдта. Маринæ йын, цыма гыццыл сывæ ллон у, афтæ йæ сæ рыл йæ уырзтæ хаста æ мæ дзырдта:

— Ма ку, ма ку, мæ чызг, царды афтæ тæ дæ р вæ ййы, цæ рын зын у.

Уый мады дæ ллагхъуырмæ йæ цæ сгом тынгдæ р нылвæ ста æ мæ куыдта. Темыры къæ хты хъæ р æ рбайхъуыст, æ мæ æ нæ бары йæ хи атыдта. Ваннæ йы йæ цæ сгом ахсадта, æ мæ дзы цыма иу цæ ссыг дæ р не ’рхауд, афтæ мæ й рахызт.

Фыд, стъолы уæ ллаг фарс, кæ м фæ бады, уым сбадт. Маринæ пъолæ й æ хца æ мæ ведомость систа æ мæ сæ рудзынджы тæ рхæ гыл æ рæ вæ рдта. Темыр ныуулæ фыд, йæ сæ р банкъуыста:

— Ацы рæ стæ г адæ мы тынг аивта. Уæ лдайдæ р та фæ сивæ ды — къæ ссавæ лдæ хт фесты.

— Уыдон æ ндæ р рæ стæ г, æ ндæ р цардæ й цæ рынц, — йæ цурмæ бацыд Маринæ. — Стæ й, цæ мæ н зæ гъыс, иууыл æ мхуызон не сты. — Æ мæ йæ цæ стытæ Жаннæ йыл амбæ лдысты: ома мæ нæ дын бæ лвырд дæ нцæ н — нæ кæ стæ р чызг.

Темыр, Вадим ын æ хсæ вгæ сы куысты тыххæ й æ хца куы ’рхаста, уæ д стъолы уæ ллаг фарс куыддæ риддæ р бадт, ныр дæ р бады афтæ, цыма, Жаннæ йы йæ хъуыдытæ уырдæ м кæ й ахастой, уый зоны æ мæ уый дæ р уыцы бон цæ ры, цыма йæ маст ныронгдæ р зæ рдæ йы баззад æ мæ йæ сног кæ нынмæ хъавы. Æ мæ уый сæ иу æ мæ иннæ йы дæ р нæ хъæ уы, фæ лæ хъуыдытæ... хъуыдытæ нæ фæ рсынц.

Æ мæ та Жаннæ йы зæ рдыл Темыры райгуырæ н бон æ рлæ ууыд.

Уазджытæ... Уазджытæ цæ мæ н — сæ бинонтæ сæ фæ рныг хæ дзæ рттæ м ацыдысты, æ мæ чызг йе ’фсымæ ры лæ вар — цæ мæ йдæ рты йедзаг рæ сугъд целлофан дзæ къул — стъолыл æ рæ вæ рдта æ мæ, цыма доклад кæ ны, барæ й ахæ м хуызы дзырдта:

— Темыры хистæ р хъæ бул, йæ коммерсант фырт Вадимы лæ вармæ æ ркæ сæ м. Цымæ, цæ мæ й барухс кодта йæ уарзон фыды зæ рдæ?

Мад йæ чызджы хъус сивæ зта:

— Къæ бæ да ныхæ стæ ма кæ н.

Жаннæ дзæ къулæ й цъæ ххъæ дуры æ ртæ къоппы систа, æ ркаст сæ м, кæ рæ дзиуыл сæ бахоста. Куыддæ риддæ р хъуыды кодта, афтæ: хæ рынмæ кæ дмæ бæ ззынц, сæ уыцы рæ стæ г фæ ци.

— Адон хæ рынмæ нал бæ ззынц, — æ мæ къоппытыл иуварс ахæ цыд. Дзæ къулæ й æ ртæ хуызы къалбас систа. Нæ сæ м æ ркаст, хæ рынмæ кæ дмæ бæ ззынц, уыцы фыст сыл уæ ддæ р не ссардзæ н. Зетийы дыууæ авджы, сойы æ ртæ къоппы. Сæ рæ стæ г аивгъуыдта æ ви нæ, уымæ нал кæ сы. Фæ лæ къафеттыты къоппытæ н сæ фыстытæ æ нæ бакæ сгæ нæ й, уæ лдайдæ р — стырдæ рæ н. Цымæ, зынаргъ у? Цы рæ сугъд у! Йæ рæ стæ г... Йæ рæ стæ г æ ртæ мæ йы размæ аивгъуыдта. Чызг йе ’взагыл ныххæ цыд: ницыуал зæ гъдзæ н. Къафеттыты къоппытæ н æ нæ байгомгæ нгæ нæ й: уæ д та нæ бæ ззынц æ мæ сæ Мамæ афтæ мæ й искæ мæ н балæ вар кодта. Стыр къафетты къопп байгом кæ нын йæ зæ рдæ нæ комы, æ гæ р рæ сугъд у, стæ й, æ вæ ццæ гæ н — зынаргъ, фæ лæ...






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.