Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 10 страница






 

Ой! Ой! Нана! Дæ райсомы уатисæ г,

дæ изæ ры уатгæ нæ г дæ куы ныууадздзæ нис иунæ гæ й!

Райсом куы ракæ сай семæ йæ куынæ уал фенай!..

Цы кæ ндзынæ, Нана? Дæ буц хъæ булы кæ мæ й агурдзынæ?

Æ рхъæ цмæ цы хъæ булыл нæ лæ ууыдтæ,

Къæ сæ рмæ цы чызгыл не ’ууæ ндыдтæ,

Уый дын кæ йдæ р лæ ппу куы фæ хæ ссы!

Уæ лæ хохæ й цæ ргæ с ратахти.

Карчы бæ дулыл йæ хи андзæ рста!

Уый, дам, цæ ргæ с нæ уыди — сау лæ ппу.

Дæ буц хъæ булы дын куы фæ хæ ссы!

 

Уый... Уый цы у? Йæ цæ стытæ... Жаннæ йы цæ стытæ доны зилынц? Йæ цæ ссыгтæ уайынц? Æ мæ цæ мæ н? Чызг йæ сынтæ джы рабадт. Нæ! Фесхъиудта. Йæ цæ сгом йæ уæ рджытæ м нылхъывта. Уæ ддæ р йæ цæ ссыгтæ уайынц, сæ хъарм фæ д йæ уæ рдасытыл æ мбæ лы. Цæ ссыгтæ... Æ мæ цы ’рцыд? Цæ мæ н кæ уы? Йæ цæ сгом йæ уæ рджытæ м ноджы тынгдæ р нылхъывта, уæ ддæ р йæ цæ ссыгтæ нæ уромы. Йæ уæ хсчытæ стъæ лфынц. Æ мæ цæ мæ н кæ уы? Цы йыл æ рцыд?..

— Жаннæ, рацу æ мæ æ хсæ вæ р скæ нæ м, — хъуысы мады хъæ лæ с.

— Фæ цæ уын, Мамæ.

Мад æ мæ фыдæ й йæ афтæ мæ й куы ничи фенид. Æ мæ йæ нæ фендзысты. Æ мæ цы кодта? Кæ д йæ зонд йæ бынаты нал и æ мæ йæ не ’мбары. Чызг йæ сæ рыл схæ цыд, йæ цæ ссыгтæ урс фæ лмæ н гæ ххæ ттæ й асæ рфта. Æ мæ та аджих. Уый кæ м и?.. Чызгæ рвыст. Фæ ндыры хъуытаз зæ лтæ. Цъæ хснагхъæ лæ с ирон лæ ппуты зарæ г. Æ хсары цæ стытæ... Æ рбайсæ фтысты. Ныр... Ныр та йæ хи уыны... Кæ м? Чырыны. Уый та куыд? Чындздзон дарæ с ыл, фæ лæ чындзы нæ цæ уы. Жаннæ йæ зæ нгтæ йæ химæ ’рбалхъывта, цыма йын уазал у. Æ мæ кæ сы... иннæ, дыккаг Жаннæ мæ. Уый. — чырыны, йæ цæ стытæ æ хгæ д, цыма æ рæ джы афынæ й. Нæ! Ницы уынын æ й фæ нды æ мæ йæ цæ стытæ бахгæ дта. Йæ чындздзон дарæ с ыл цы дзæ бæ х фидауы, сæ сыхаг, фæ ндаггон фыдбылызы чи фæ мард, уыцы чызгыл дæ р йæ чындздзон дарæ с афтæ рæ сугъд фидыдта.

Цыбыр рæ стæ г ма, уæ лмæ рдтæ м ахæ ссыны агъоммæ йы ныхас, æ мæ Жаннæ йæ н йæ уæ лзæ ххон цард фæ ци. Мæ рддзыгой адæ мæ й арæ хдæ р хъусы иу ныхас:

«Дзæ нæ ты суадонæ й йын иуазыны бар уæ д».

«Дзæ нæ ты цæ хæ радоны зайæ г хæ лттæ й йын хæ рыны бар уæ д».

«Дзæ нæ ты цъæ х нæ ууыл ын цæ уыны бар куыд уа».

«Дзæ нæ ты...»

Дзæ нæ ты суадон... Цымæ, уый цавæ р æ нахуыр суадон у? Цæ мæ й хицæ н кæ ны иннæ суадæ ттæ й? Хæ хты, цæ ссыджы хуызæ н сыгъдæ гæ й хæ рдмæ цы суадæ ттæ абузынц, уыдонимæ йын иудзинадæ й исты ис? Дзæ м-дзæ мы суадон... Уый, æ вæ ццæ гæ н, удсыгъдæ ггæ нæ н у, тæ ригъæ дтæ фесæ фынц: чи дзы бануазы, уый ферыгондæ р вæ ййы, йæ удысконд — рæ сугъддæ р. Æ вæ ццæ гæ н, ног райгуыры, йæ зæ рдæ — урс æ нæ фыст гæ ххæ тты сыф.

Дзæ нæ ты суадонæ й дын нуазыны бар уæ д. Æ мæ дзы алкæ мæ н нуазыны бар нæ й? Кæ мæ н дзы ис нуазыны бар? Æ мæ уыцы бар чи дæ тты? Æ рмæ сгдæ р дзы раст æ мæ сыгъдæ гудтæ н и нуазыны бар? Æ мæ уæ д иннæ тæ та? Жаннæ йæ н дзы нуазыны бар уыдзæ н æ ви йæ м дардæ й кæ сдзæ н?

— Жаннæ, æ хсæ вæ р ныууазал. Кæ м дæ? — Мад æ м дзуры.

— Фæ цæ уын, Мамæ. — Æ мæ цæ уы, цæ уы.

— Рауай, рауай, мæ хур.

Чызг сынтæ гæ й рахызт. Йæ цæ ссыджы фæ дтæ рустыл бæ рæ г нæ дарынц? Йæ хи ахсадта. Ницы йæ хъæ уы. Фæ лæ... Æ нæ бары акомдзаг кæ ны. Науæ д мад æ мæ фыд тыхсдзысты: кæ д дзы исты риссы. Йæ комдзаг йæ хъуыры нæ цæ уы, сывæ ллонæ н тыххæ й куыд фæ хæ рын кæ нынц, афтæ йæ хицæ н тыххæ й хæ рын кæ ны. Мад æ м фæ комкоммæ:

— Цыдæ р кæ ныс, мæ чызг.

— Нæ, дзæ бæ х дæ н, куыд вæ ййын, афтæ, ма тыхс.

— Кæ д дæ м дæ куысты исты дзырд æ рхауд.

— Алцыдæ р хорз у, Мамæ.

— Ницы бахордтай.

— Фæ стæ дæ р та ахæ рдзынæ н, — Жаннæ сыстад. Тæ бæ гътæ ахсын хъæ уы, стъол афснайын... Йæ уæ нгтæ басты хуызæ н сты. Худинаг, бынтондæ р йæ хи æ руагъта.

— Ацу, ацу, æ з афснайдзынæ н, — мад дæ р сыстад. Чызг йæ уатмæ бацыд æ мæ стъолы цур йæ бандоныл сбадт. Стъолыл цалдæ р чиныджы, йæ цæ стытæ сыл ахаста. Рафæ лдаха æ мæ исты бакæ са, уый йæ м нæ цæ уы. Йæ цæ стытæ бацъынд кодта æ мæ бандоныл йæ хи фæ стæ мæ ауагъта. Куы афынæ й уаид. Йæ цæ стыты раз фегуырд цъæ х-цъæ хид фæ з, футболæ й кæ м фæ хъазынц, ахæ м фæ з. Стырæ й-стырдæ р кæ ны, цæ стытæ йыл не ’ххæ ссынц. Уый... Жаннæ «Нарты кадджытæ» нæ ма бакаст. Сослан мæ рдтыбæ стæ м куыд абалц кодта, уый нæ ма зыдта, фæ лæ дзæ нæ ты цъæ х нæ уу цы амоны, уый зыдта. Адæ мы, хистæ рты ныхæ стæ й. Хъæ угæ рон сывæ ллæ ттимæ хъазынæ й кæ м не ’фсæ ст, уыцы цъæ х фæ з хуыдтой дзæ нæ ты цъæ х нæ уу.

Чызг ракаст. Цъæ х фæ з нæ айсæ фт. Мæ рдтыбæ стæ йы цъæ х нæ ууыл фэехъазынц сывæ ллæ ттæ. Жаннæ йы цæ стытæ ноджы уæ рæ хдæ р байгом сты, гауызы хуызæ н цъæ х фæ зæ й сæ хи атонын нал фæ разынц, кæ сынæ й йæ м нал æ фсæ дынц. Æ мæ цымæ хистæ ртæ н, Жаннæ йы кары чи ис, уыдонæ н дзæ нæ ты цъæ х нæ умæ бацæ уыны бар и? Уæ д та уыдон дæ р сæ сывæ ллоны бонтæ æ рымысыдысты, уым сæ ахъазын, азгъорын фæ нды. Науæ д, уæ лгоммæ схуысс, дæ къухтæ дæ сæ ры бын бакæ н æ мæ æ гæ рон цъæ х арвмæ кæ с æ мæ кæ с.

Уаты дуары уынæ р фæ цыд. Мад æ рбахызт.

— Нæ ма схуыссыдтæ?

— Хуыссын, Мамæ.

— Цыдæ р æ нкъард дæ. Мæ зæ рдæ дæ м æ хсайы.

— Мамæ, ма тыхс, — бахудт æ м Жаннæ. — Ма тыхс, цу, баулæ ф, æ з дæ р хуыссын.

— Хорз, хорз, — мад уатæ й ацыд. Чызг схуыссыд. Йæ цæ стытæ бацъынд кæ ндзæ н. Кæ д иуафон бафынæ й уаид. Цыдæ р, цыдæ р æ нахуыр уавæ ры ис абон, стæ й фæ стаг рæ стæ г... Куы афынæ й уаид.

 

31-æ м августмæ ма баззад 18 боны.

13 август. Цыппæ рæ м. 2009 аз

Аслан æ хсæ вы куынæ фæ зыны, уæ д ын йæ зонгæ тæ м, йе ’мбæ лттæ м дзур, сæ хæ дзæ рттыл зил, иу ран, аннæ ран æ й агур. Йæ хи дæ р фенамонд кодта æ мæ бинонты дæ р. Бынтон тæ ригъæ д фыд æ мæ мад сты. Сæ рдыгон, Аслан æ рæ гмæ зыны, уæ д сарайы кæ нæ æ дде рудзгуыты бын дидинджыты цур фæ бадынц, сæ цæ стытæ йæ м æ нхъæ лмæ кæ сынæ й ныуурс вæ ййынц: уæ дæ кæ д фæ зындзæ н, цы фæ ци, кæ д ыл исты фыдбылыз æ рцыд? Йуафон, æ нæ бары, зæ рдæ хсайгæ, хæ дзармæ æ рбахизынц. Телевизор дæ р не скусын кæ нынц, æ нæ дзургæ йæ, цыма мæ рдджынтæ сты, афтæ фæ бадынц. Жаннæ йæ н æ ппæ ты зындæ р вæ ййы уыцы æ гуыппæ г сабыр: цыдæ р сусæ г тас дзы фæ цæ уы æ мæ йæ хи цы фæ кæ на, уый нал фæ зоны.

Аслан та дысон дæ р не ’рбацыд. Телефон æ м и, уæ д æ м адзур.

Æ мæ кæ д ам, сæ химæ, хъæ уы искæ м и, уæ д æ м бацу æ мæ йæ ракæ н, кæ д горæ ты — уæ д таксийы абад, ссар æ й æ мæ йæ ралас. Жаннæ йын цалдæ р телефоны балæ вар кодта æ мæ та-иу зæ ххы скъуыды ныххаудысты. Нæ! Æ рбауæ й-иу сæ кодта. Æ мæ уæ д чызг йæ химидæ г скарста: тæ ккæ асламдæ р цы телефон у, ахæ м дæ р ын нал балхæ ндзæ н. Вадим ын никуы балхæ дта, стæ й никуыдæ р балхæ ндзæ н. Искæ м сæ лæ вар куы дæ ттой, науæ д къæ хты бын рахау-бахау куы кæ ной, уæ ддæ р дзы нæ сисдзæ н æ мæ йæ Асланæ н нæ ратдзæ н. Уæ ддæ р бон-дыууæ боны фæ стæ телефон фесæ фдзæ н. Фатимæ дæ р афтæ: Асланæ н ахæ м лæ вар бакæ н, уый æ хца сафын у, æ мæ мах рæ стæ джы та алы капекк дæ р нымад у, зынаргъ у, йæ бакусын зын у. Жаннæ йын зæ гъынмæ фæ хъавы:

— Дæ уæ н дæ р æ хца бакусын зын у? — Фæ лæ та йе ’взагыл ныххæ цы.

Темыр æ нцад бады, йæ сæ рыл схæ цыд æ мæ Жаннæ мæ кæ сы, ницы дзуры, фæ лæ йæ йæ цæ стæ нгасæ й фæ рсы: «Цы кæ нæ м, мæ чызг, дарддæ р афтæ куыд цардæ уа?» Æ мæ йын цы зæ гъа Жаннæ, цы дзуапп ын ратта? Асланы цалдæ р хатты дохтыртæ м бакæ ныныл афæ лвæ рдтой — дзæ гъæ лы, ма йын сæ фенын кæ н. Афтæ мæ й йæ игæ р нал бæ ззы. Афтæ ослæ мæ гъ, æ мæ дзой-дзой кæ ны, бафу йыл кæ н æ мæ ахаудзæ н. Йæ тæ вд цалдæ ргай бонтæ не ’рхауы, уæ ддæ р хæ дзары не ’рбаддзæ н. Уыцы хъылмайы амæ ттаг чи фæ ци, уыдонæ й чидæ ртæ чырыстон динмæ разылдысты, сæ хи Хуыцауыл бафæ дзæ хстой, цыдæ р хуызы сæ хи уыцы цъымарайæ атыдтой. Асланыл дæ р афæ лвæ рдтой: Жаннæ йæ æ ртæ хатты аргъуанмæ дæ р басайдта. Æ мæ дзæ гъæ лы. Адæ ймаг йæ хæ дæ г йæ хицæ н куы не ’ххуыс кæ на, уæ д ын никæ й бон ницы у. Хуыцау дæ р ын нæ баххуыс кæ ндзæ н.

Мад сыстад æ мæ рудзынгæ й æ ддæ мæ кæ сы. Куыдз куы срæ йы, уæ д бинонтæ й алкæ мæ н дæ р йæ фыццаг хъуыды вæ ййы: кæ д Аслан арбацæ уы.

Чызг йæ мад æ мæ йæ фыдмæ разылд:

— Мамæ æ мæ Папæ, схуыссут, мæ н уæ ддæ р хуыссæ г нæ ахсы, — æ мæ йæ, æ цæ гдæ р, нæ ахсы, æ мгæ рон æ м нæ цæ уы.

— Жаннæ, æ мæ мах ахсы? — дзуры мад. — Ацу, ацу æ мæ ды уæ ддæ р афынæ й кæ н, ды нырма æ рыгон дæ, æ рыгоны та фылдæ р фынæ й кæ нын хъæ уы, — Маринæ Темыры фарсмæ сбадт, йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта: — Асланæ н уый низ у, низ, æ взæ р, карз низ.

Хатт бинонтæ й ничи ницы, фæ дзуры æ мæ хæ дзар хасты хуызæ н вæ ййы. Ныр уæ ддæ р цыдæ р дзурынц æ мæ Жаннæ йæ н æ нцондæ р у. Мамæ цы загъта? «Уый низ у...» Æ взæ рдæ р та ма цы низ уа? Зын дзæ бæ хгæ нæ н низ. Чидæ ртæ зæ гъынц: нæ дзæ бæ х кæ ны. Рæ стæ джы, æ хсæ нады карз, уæ ззау низ. Æ мæ ууыл алчидæ р сæ тты, президентæ й уынгтæ мæ рзæ джы онг. Æ мæ кæ д афтæ у, уæ д дзæ бæ х кæ нын хъæ уы æ хсæ над. Æ мæ ныхас — бирæ, фæ лæ... Рæ сугъд, кæ ркæ -мæ ркæ дзырдты æ мæ ныхæ сты къæ вда ныл æ хсæ вæ й, бонæ й алы телевизион равдыстытæ, радиобакастытæ æ мæ газеты сыфтæ й сæ х-сæ хæ й уары, рæ сугъд ныхæ сты денджызы нæ хи найæ м, сæ быны фестæ м.

Темыр æ нцад бады, йæ сæ р хæ рдмæ нæ исы, йæ хицæ н дзурæ гау дзуры:

— Кæ мдæ р фæ рæ дыдыстæ м, мæ хицæ й зæ гъын, фæ лæ кæ м — мæ сæ р æ й нæ ахсы. Фæ хъуыды кæ нын æ мæ... Нæ иннæ цотæ й йæ хъулон никæ д кодтам, афтæ мæ й цыма æ ндæ р бинонты ’хсæ н схъомыл.

— Дæ хи та ма хæ р, — Маринæ йын йæ зæ нгыл йæ къух æ рæ вæ рдта. — Йæ кæ стæ рты хорздзинад кæ й нæ фæ нды, ахæ м мад, ахæ м фыд, æ вæ ццæ гæ н, нæ ма райгуырд. Уыдоны тыххæ й куы цæ рæ м.

Темыр æ нцад бады, дзырд дзы нал хауы. Æ мæ цы зæ гъа.

Иурæ стæ джы Аслан хъуыддаг бакæ нын сфæ нд кодта. Æ мæ бинонтæ дывыдон арты бахаудысты. Уæ лдайдæ р, Маринæ æ мæ Темыр. Цы кæ ной? Куыд хуыздæ р уыдзæ н? Дæ кæ стæ р йæ кары бацыд æ мæ йæ амонд ссардта, уымæ й ма хуыздæ р цы уа? Фæ лæ сæ лæ ппуйы уавæ р... Хъуыддаг бакодта æ мæ аивта, æ рзæ ххон, раст фæ ндагыл æ рлæ ууыд, уыцы хъылмайæ йæ хи атыдта, уæ д уымæ й хуыздæ р цы уаид. Æ мæ дзы йæ хи атондзæ н? Раст фæ ндагыл æ рлæ удзæ н? Уыцы чызг, дам, нырма — хæ рз æ рыгон, æ мæ куыд ацæ удзæ н йæ цард? Куыд ацæ удзæ н йæ хъысмæ т? Аслан ма уый дæ р нæ фенамонд кæ ндзæ н? Темыр-иу йæ сæ р банкъуыста:

— Уыцы æ взонг чызг куы фенамонд уа, уымæ й ахъаззаджы тæ ссаг у. Бинонтæ дæ р, дам, хорз бинонтæ. Æ гъдауджын. Хорз мыггаг. Нæ хъуыддаг æ взæ р топпæ й æ хсæ гау у æ мæ... Цы чындæ уа? Зонгæ -зонын кæ йдæ р фенамонд кæ н, уый тæ ригъæ ддзинад у.

Мад æ мæ фыд цы кæ ной, уымæ н ницы зыдтой. Йæ хъæ бул амондджын уа, уый кæ й нæ фæ нды. Фæ лæ амондджын уыдзæ н? Амонд æ нхъæ л уыцы сабийæ н йæ цард ныссуйтæ уыдзæ н. Иу хъуыды. Иннæ хъуыды. Темырæ й суанг ахæ м ныхас дæ р схауд:

— Уыцы хуыцауысконд чызг, цымæ, Асланы уавæ р зоны? Йæ бинонтæ, цымæ, Асланы тыххæ й искæ й бафарстой? Искæ д æ й федтой, зонынц æ й?

Темыр æ мæ Маринæ цас фылдæ р хъуыды кодтой, афтæ сæ м гуырыд фылдæ рæ й-фылдæ р фарстатæ. Жаннæ -иу йæ химидæ г афæ нд кодта: уæ д та уыцы чызгимæ сæ мбæ лид æ мæ йын исты хуызы йе ’фсымæ ры уавæ р бамбарын кæ нид. Æ мæ... Нæ! Зæ гъæ м, уæ д та Аслан аивта, йæ ивгъуыдыл йæ къух систа. Алцæ мæ н дæ р уæ вæ н и. Нæ! Ницы зæ гъдзæ н. Жаннæ йы ’рдыгæ й уый уаид стыр тæ ригъæ ддзинад, гадзрахатдзинад.

Ирыстоны хъæ утæ й иуы уыд ахæ м хабар. Æ цæ г уыд æ ви нæ... Жаннæ йæ цалдæ рæ й фехъуыста. Уæ вгæ, ацы зæ ххы цы не ’рцыд, ахæ м исты ис?

Мад сидзæ ргæ сæ й баззад йæ дыууæ фаззон лæ ппуйæ н. Йæ хи сын снывонд кодта. Рахъомыл сты, æ мæ дыууæ йæ дæ р æ рлæ ууыдысты уыцы бырынцъаг фæ ндагыл, уыцы хъылмайы амæ ттаг баисты. Хæ дзары ницыуал уагътой, афтид къуымты дымгæ зилдух кодта. Мад, цæ мæ й уыцы цъымарайæ йæ хъæ булты ратона, уый тыххæ й удæ нцой нал зыдта, фæ лæ... Уæ д, дыууæ ’фсымæ ры иубон сæ мады, дæ хъуыр-хъуырæ й сфæ лмæ цыдыстæ м, зæ гъгæ, сынтæ гмæ сбастой, уыцы хъылмайæ йын укол скодтой. Æ мæ афтæ — дыууæ æ ви ’ртæ боны фæ д-фæ дыл. Æ мæ, дам, мад йæ лæ ппуты хуызæ н фестад.

Жаннæ дæ р æ мæ йæ алчидæ р зоны: наркомани у нæ рæ стæ джы, не ’хсæ нады уæ ззау, æ вирхъау низ. Æ мæ йын хос и? Бирæ тæ дзы сдзæ бæ х? Бирæ тæ раирвæ зт уыцы цъымарайæ? Дыууиссæ дз азмæ дзы бирæ тæ цæ ры? Уæ лмæ рдтæ м бацу, цыртытæ м кæ сыс, æ мæ фылдæ р — æ рыгæ ттæ. Зæ рондмæ дзы чи аирвæ зы? Уыцы хъылмайы аххосæ й цал æ мæ цал æ рыгон зæ рдæ йы банцад сæ куыстæ й?

Жаннæ наркоманийы тыххæ й иу æ мæ дыууæ чиныджы нæ бакаст. Наркоман суæ вын æ нцон у, тынг æ нцон, дæ хи дзы ратон, уый та — тынг зын.

Æ ртæ йæ бадтысты: мад, фыд æ мæ чызг. Æ мæ та ныхас рацыд — цы кæ ной? Аслан хъуыддаг кæ ныныл куы ныллæ ууа, уæ д... Зæ гъæ м, сæ химæ йæ ’рбакодта, комкоммæ сæ хæ дзармæ, уæ д ын бинонтæ й иу дæ р афтæ нæ зæ гъдзæ н: ацу, ам дын бынат нæ й, ам дæ цард нæ ацæ удзæ н. Иуæ н дæ р дзы йæ цæ сгом афтæ зæ гъын нæ бахъæ цдзæ н.

Жаннæ ницы дзырдта. Цы кæ ной, цъысымы бахаудысты æ мæ... Æ рæ джиау загъта:

— Æ з чызгимæ фембæ лдзынæ н.

— Цы?! — æ рбадзагъул æ м кодга Темыр.

— Уый йæ, æ вæ ццæ гæ н, нæ зоны, æ ндæ р...

— Махырдыгæ й ахæ м ныхас уаид стыр худинаг. Уый уаид, Ирыдзыхъхъы чи нæ ма ’рцыд, ахæ м худинаг.

— Нæ хи Хуыцауы бар бакæ нæ м. Аслан срæ цыгъта, фæ лæ, чи зоны, йæ хъуыды аива, — мад ныхас балхынцъ кодта.

Сæ мидхъуырдухæ н, сæ зæ рдæ ты цъæ хахст Дунесфæ лдисæ гмæ фехъуыст. Иубон Аслан, йæ цæ стытæ й тыххæ й каст, афтæ мæ й загъта:

— Хъуыддаг нал кæ нын. Уый цыдæ р ницæ йаг куы у, йæ хицæ й мын цыдæ р зæ д аразы, — æ мæ йæ къух ауыгъта. Бинонтæ сулæ фыдысты, кæ рæ дзимæ бакастысты, фæ рсæ н, æ хсызгон каст: сæ лæ ппуйыл цы ’рцыд? Цæ мæ н фæ оцани? Жаннæ йе ’фсымæ ры уатмæ бахызт. Дуар бахгæ дта, цыма йемæ цыдæ р сусæ г ныхас кæ нынмæ хъавы.

— Æ мæ уæ ддæ р цы ’рцыд?

— Ницы, — йæ ныхас ын фескъуыдта Аслан. — Фынæ й кæ нын мæ бауадз.

— Уæ ддæ р уе ’хсæ н цы гæ ды атахт? Æ рмæ ст, æ ргом мын æ й зæ гъ. Дæ хæ дæ г æ й ныууагътай æ ви уый нал бафæ ндыд?

— О, ацу-ма. Фынæ й мæ м цæ уы. О. Уый! Уый! Цæ хгæ р иннæ рдæ м ныззылд. — Аслан, цыма йын тынг уазал у, афтæ хъæ цтдулы бын ныббырыд, йæ хи дзы æ рбатыхта æ мæ дзуры:

— Ныууадз мæ, фынæ й мæ м цæ уы. Ныууадз мæ.

Жаннæ Асланы уатæ й рахызт цыдæ р æ нахуыр уавæ ры. Йе ’фсымæ ры хъуыддаг кæ й нæ сырæ зт, уый йын, иуæ й, æ хсызгон уыд, иннæ мæ й та — хъыг. «Хуыцауæ й, Хуыцауæ й аразгæ у алцыдæ р, — хъуыды кодта йæ хинымæ р, — æ мæ уый афтæ бафæ ндыд».

Хуыцау цы тæ рхон рахæ ссы, уый æ дзухдæ р раст вæ ййы.

 

31-æ м августмæ ма баззад 17 боны.

14-æ м август. Майрæ мбон. 2009 аз

Мад æ мæ чызг хæ ринæ гты дуканийы цыдæ ртæ балхæ дтой æ мæ сæ химæ æ рбацæ уынц. Асфальт фæ ндагыл машинæ тæ размæ тындзынц, цыма сæ фæ сте исчи суры. Скъола — Темыртæ м хæ стæ г æ мæ цæ мæ й ахуырдзаутæ æ дасдæ рæ й цæ уой, фыдбылызæ й хызт уой, уый тыххæ й фæ ндагыл фондзсæ дæ метрæ й фондзсæ дæ метрмæ асфальтæ й чысыл къуыбыртæ. Æ мæ хæ дтулгæ тæ бар-æ нæ бары сæ цыд фæ сабыр кæ нынц, стæ й та, цыма сæ рæ хыстæ й феуæ гъд вæ ййынц: размæ сæ хи аппарынц, иуæ й-иутæ та уыцы асфальт къуыбырты сæ рты уыциу гæ пп акæ нынц. Темыр сæ фæ стæ фæ кæ сы æ мæ, йæ цуры исчи ис æ ви нæ й, уæ ддæ р фæ зæ гъы:

— Уыдон шофыртæ не сты, фæ лæ фыдгæ нджытæ. — Æ мæ ма йæ ныхасмæ бафтауы: — Цард дæ р мæ м, машинæ тæ фæ ндагыл куыд тагъд кæ нынц, иу иннæ йы разæ й фæ уыныл йæ уд куыд хъары, йæ иувæ рсты агæ пп ласон, йæ сæ рты атæ хон æ мæ фыццаг фæ уон, афтæ кæ сы. Цыфæ ндыйæ дæ р разæ й фæ уон.

Жаннæ йы цыд фæ сабыр. Вадим йæ «Мерседес»-ыл сæ рæ зты ссæ уы. Хæ дтулгæ фыццаджы хуызæ н размæ нал тындзы. Ныртæ ккæ сæ хæ дзары размæ базилдзæ н æ мæ æ фсымæ р йæ бинонты абæ рæ г кæ ндзæ н. Йæ машинæ асфальтæ й арæ зт чысыл къуыбыры сæ рты ахызт æ мæ размæ атындзыдта. Чызг æ рлæ ууыд. Æ рлæ ууыд мад дæ р.

— Вадимы нæ федтай? Нæ химæ куыд нæ фæ зылд.

— Федтон æ й. Æ вæ ццæ гæ н ын хæ дзармæ бауайынæ н фадат нæ й, — дзуры Маринæ. Жаннæ йæ м бакаст: уый хуызæ н мад ацы дунейыл никæ мæ н и. Цыфæ нды мæ стджын уæ д, цыфæ нды тыхст кæ нæ д, уæ ддæ р дзы æ нæ ууылд, æ нæ рхъуыды ныхас не схаудзæ н, æ вæ ццæ гæ н ыл раздæ р мин æ мæ мин хатты ахъуыды кæ ны. Æ фхæ рæ н, адæ ймаджы ныллæ г чи кæ ны, Жаннæ дзы иу ахæ м ныхас никæ дма фехъуыста. Æ вæ ццæ гæ н ын уый æ рдзæ й лæ вæ рд у: маст макæ мæ н скæ н, макæ й бафхæ р. Йæ ныхас — æ дзухдæ р лæ гъз, фæ лмæ н, уæ здан. Жаннæ йæ м бахæ лæ г кæ ны.

— Иу минут фездæ хыны рæ стæ г ын куыд нæ й, фæ лæ æ нæ рхъуыды у, стырзæ рдæ.

— Вадим бирæ змæ лы, бирæ куыст ын и æ мæ йыл дæ зæ рдæ ма худæ д.

Мад æ мæ чызг сæ химæ бацыдысты. Сæ хæ ссинæ гтæ стъолыл æ рæ вæ рдтой, афтæ кулдуары цур машинæ йы хъæ р æ рсабыр. Вадимы хæ дтулгæ. Жаннæ йæ йæ хъæ рæ й базоны. Маринæ æ мæ йæ хойы федта, хардзау æ м æ ркаст, æ вæ ццæ гæ н, йæ хиуыл æ рхудт æ мæ фæ стæ мæ разылд. Цалдæ р минуты афæ стиат уыдзæ н, уымæ й йын ницы у.

Фыд æ мæ фырт хæ дзармæ æ рбахызтысты. Темыр стъолы уæ ллаг фарс, кæ м фæ бады, уым сбадт.

— Вадим, абад уал, — дзуры йæ м фыд.

— Абондæ ргъы машинæ йæ нæ рахызтæ н æ мæ бадынæ й бафæ лладтæ н. Стæ й мын рæ стæ г дæ р нæ й, — Вадим йæ алыварс афæ лгæ сыд. — Аслан та хæ дзары нæ й?

— Дыккаг æ хсæ в нæ ма фæ зынд. Цы ма йын кæ нæ м, уый мæ сæ р нæ ахсы, — Темыр Вадиммæ кæ сы, цыма дзы æ ххуыс агуры, цыма афтæ зæ гъы: йæ хуыздæ р æ фсымæ р дын ничи ратдзæ н æ мæ йын исты баххуыс кæ н.

— Папæ, омæ йыл цы тыхсут? Дæ хицæ н скæ рд: ахæ м лæ ппу дын нал и, ахахх æ й кæ н дæ цардæ й, дæ къух ыл ауигъ. Амард. Нал и.

Темыр ницы дзуры. Жаннæ йæ м нæ ма бакаст, фæ лæ йæ фыд цы хъуыды кæ ны, уый зоны: йæ фырты ныхас ын хъыг у, тынг хъыг. Хъæ бул цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р хъæ бул у æ мæ йæ куыд хъуамæ ахахх кæ на йæ зæ рдæ йæ. Зæ рдæ уый комы? Зæ рдæ дур у, мыййаг?

Фыд йæ цæ стытæ Вадимæ й атыдта.

— Ды æ мæ Ахуырбег куыд стут мæ лæ ппутæ, уый дæ р мын афтæ у.

— Папæ, уый дын ахæ м лæ ппу нæ у, уый адæ ймаг нал у, бинонты дæ р фенамонд кодта. Маст йеддæ мæ дзы исты зоныс? Дæ цардæ й йæ ахахх кæ н, æ мæ нал и.

— Æ нгуылдзтæ куы лыг кæ най, уæ д æ мхуызон риссынц.

— Æ нгуылдз куы бамбийа, уæ д æ й æ вæ стиатæ й лыг хъæ уы.

Хо йе ’фсымæ рмæ разылд. Темыры цы кæ нын хъæ уы, уый йæ хæ дæ г нæ зоны? Вадим, цыма Темыр нæ у йæ фыд, фæ лæ уый у Темыры фыд, æ дзух ын ахæ м зондамонæ н ныхæ стыл схæ цы.

— Папæ, уæ дæ дын æ з зæ гъын: Асланы дæ цардæ й ахахх кæ н æ мæ дын фенцондæ р уыдзæ н, сулæ фдзынæ. Иу æ мæ дыууæ амæ лы: чи аварийы, чи кæ йдæ р къухæ й, чи та æ ндæ р хуызы, æ мæ цы? Бавæ рынц сæ. Æ мæ сæ фæ стæ уыдон нал фæ цæ рынц? Тынг дзæ бæ х фæ цæ рынц.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.