Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 17 страница






Жаннæ йы æ рмæ г газеты куы фæ зынд, ууыл рацыд мæ йæ фылдæ р. Йæ химæ дæ р æ мæ редакцимæ дæ р ничиуал дзырдта, ферох. Фæ лæ йæ зæ рдæ йы цы æ бæ рæ г тас сæ взæ рд, уый йæ аууонау йемæ æ мдзу кодта. Æ мæ дзæ гъæ лы нæ.

...Ноябры фæ стаг бонтæ й иу. Жаннæ йæ хорз хъуыды кæ ны — дыууын æ стæ м ноябрь. Горæ ты æ гæ р афæ стиат: изæ ры аст сахатыл сæ химæ ’рхæ ццæ. Маршрутон таксийæ рахызт. Цас бауайын æ й хъæ уы: дæ с-дыууадæ с минуты, æ мæ сæ хæ дзары уыдзæ н. Фыццаг хатт цæ уы ацы фæ ндагыл? Телыхъæ дты цырæ гътæ й иу дæ р нæ судзы, цыма сæ барæ й ахуыссынчындæ уыд. Талынг. Уыдоны ’рдæ м исчи куы цæ уид æ мæ... Цæ й, цæ мæ й тæ рсы. Уæ ддæ р чызг уайы тагъд-тагъд. Æ мæ æ васт... Æ васт æ ртæ лæ ппуйы, цыма зæ ххыскъуыдæ й февзæ рдысты, афтæ йæ цуры фегуырдысты. Сæ цæ сгæ мттæ нæ зынынц, сау маскæ тæ сыл. Дыууæ лæ ппуйы йын дыууæ рдыгæ й йæ цæ нгтæ фæ стæ мæ æ рыздыхтой. Жаннæ йæ н ныхъхъæ р кæ нын нал бантыст: æ ртыккаг лæ ппу йын йæ армытъæ пæ нæ й йæ былтæ ацахста, йæ сæ р ын йæ риумæ нылхъывта. Иннæ дыууæ йын йæ цæ нгтæ æ рзылдтой, æ науæ рдонæ й, æ гъатырæ й, цыма сæ ратонынмæ хъавынц. Судзгæ рис æ ппæ т буарыл дæ р апырх. Æ мæ Жаннæ бамбæ рста: цæ мæ й тарст, уый æ рцыд.

— Жаннæ йы рæ сугъд, ды æ гæ р хорз фыссыс, фæ лæ цæ й тыххæ й фыссын хъæ уы, уый нæ зоныс æ мæ йæ абонæ й фæ стæ мæ зондзынæ, — æ мæ йæ рахизырдыгæ й цы лæ ппу лæ ууыд, уый йын йæ рахиз къухы амонæ н æ нгуылдз ацахста, сонт æ й цæ хгæ р фæ зылдта, йæ къæ рцц фæ цыд. Уыцы къæ рццимæ æ нгуылдз ссыгъд, судзгæ рис æ ппæ т буарыл дæ р апырх. Æ мæ ма уый размæ кæ д йæ хи суæ гъд кæ ныныл цыдæ ртæ архайдта, уæ д ныр афтæ æ рлæ мæ гъ, æ мæ йæ æ рхауынмæ бирæ нал хъуыд. Цыдæ р уысм йæ цæ стытæ атартæ сты. Ракаст. Лæ ппутæ куыд æ виппайды февзæ рдысты, афтæ æ виппайды æ рбайсæ фтысты. Æ мæ бамбæ рста: нæ йæ амардтой, ныууагътой йæ. Йæ судзгæ рисимæ сæ химæ згъордта, фæ миддуар, уæ ддæ р, аирвæ зт, уый йæ нæ ма уырныдта. Æ ппæ ты тынгдæ р цæ мæ й тарст — тыхмийæ. Фæ нæ мæ нт æ й, акъабæ зтæ йæ кæ нæ нт. Фæ лæ тыхми... Уый нæ ныббарстаид. Цыдæ р æ нæ уынон дын дæ буар йæ хи бакæ нæ д. Æ мæ ма уыйфæ стæ уæ д цæ рæ н и? Жаннæ йыл ма бон æ рбарухс уыдаид?

Мад æ мæ фыд сæ хицæ н бынат нал ардтой. Жаннæ мæ йæ къух чи систа, уыдон адæ м не сты, фæ лæ лæ гсырдтæ, фашисттæ.

— Уыдон дæ р аххосджын куыд не сты, фæ лæ уыдон чи сардыдта, сафинаг уыдон сты! — стъол йæ къухæ й хоста Темыр.

— Æ хца, æ хца цы нæ кæ ны, — кæ уæ гау дзырдта Маринæ.

Тагъдæ ххуысы дохтыртæ м адзырдтой. Баралгин сæ м разынд æ мæ йын дзы мад дыууæ таблеткæ йы фæ д-фæ дыл баназын кодта, фæ лæ йæ рис нæ фæ къаддæ р: йæ амонæ н æ нгуылдзы судзгæ рисæ й æ нæ хъæ н буар дæ р сыгъд. Йæ тарст куыд цыд, рис та афтæ тынгæ й-тынгдæ р кодта. Йæ уд ницæ уылуал хæ цыд. Иурæ стæ г йæ сæ ры атахт: цæ й фыссыны мæ т æ й уыд? Цы проблемæ рахаста хурмæ, — уый суйтæ, æ лхынцъытæ къуыбылой, уæ лæ мæ дзы цы нæ зыны, мин ахæ мы дзы — бынæ й. Ныффыста, æ мæ цы. Хъуыди! Хъуыди ныффыссын! Кæ й ныффыста, ууыл иу уысм дæ р фæ смон нæ кæ ны.

Дохтыртæ йын, цæ мæ й йæ рис фæ сабырдæ р уа, ахæ м укол скодтой, стæ й сæ иу загъта:

— Æ нгуылдз саст у æ мæ дæ рынчындонмæ ласын хъæ уы, рентген дын скæ ндзысты, радгæ с хирург дæ фендзæ н. Æ рмæ ст фæ стиат нал хъæ уы.

Маринæ йемæ цæ уыныл ныллæ ууыд. Æ мæ рацæ уæ д. Темыр дæ р йæ дзаумæ ттæ раивынмæ уатмæ бахызт.

— Папæ, ды та кæ дæ м цæ уыс, ды ам лæ уу.

— Куыд лæ ууон ам? — йæ чызгмæ разылд фыд. — Сымах — уым, æ з та ам æ нæ мæ тæ й бадон? Нæ.

— Кæ д ды нæ лæ ууыс, уæ д æ з нæ цæ уын.

— О-о, ныры фæ сивæ д... семæ дзурæ н нæ й. Омæ хорз, нал цæ уын.

— Мах тагъд уыдзыстæ м, — Жаннæ йы фæ нды йæ фыдмæ бахудын, фæ лæ йæ æ нгуылдзы рис нæ уадзы.

Районы рынчындоны радгæ с хирург ын йе ’нгуылдзмæ ’ркаст, басгæ рста йæ æ мæ загъта:

— Саст у, — æ мæ уатæ й рацыд. Йе ’нгуылдз саст кæ й у, уый куырм дæ р базыдтаид: йе ’рдæ г æ рдзедзыкка, нуæ рттæ æ мæ йæ царм урæ дтой. Хирург та — рæ стæ мбис кары лæ г, фæ зынд, йе стъолыл — цыдæ р гæ ххæ ттытæ, æ ркаст сæ м, арафæ лдах-бафæ лдах сæ кодта, сыстад æ мæ та уатæ й ацыд, цыма йæ кæ мдæ р цыдæ р стыр хъуыддæ гтæ и. Жаннæ æ мæ Маринæ фæ дисы æ рбацыдысты æ мæ сæ хъуыды дæ р нæ кæ ны, кæ рæ дзимæ бакæ сынц: хирург сын цы кæ нынмæ хъавы. Маринæ катай кæ ны: йæ чызгæ н ын тагъд æ ххуыс кæ й хъæ уы, хирург уый не ’мбары? Цы дыууæ рдæ м кæ ны? Гуыбынниз ыл бахæ цыд?

Маринæ къæ лидормæ ахызт, дыууæ -æ ртæ минуты фæ стæ фæ зынд. Фæ зынд радгæ с хирург дæ р. Жаннæ йæ м бакаст: куы никæ дæ муал ацæ уид, ам кæ дмæ джиудзысты. Æ мæ нал ацыд. Æ нгуылдзæ н рентген скæ нын кодта, гипсæ й йæ сбаста. Цалдæ р хатты Жаннæ мæ бакаст, цалдæ р хатты йæ м бахудт фæ лмæ н, хион худт æ мæ загъта:

— Ма тыхс, адзæ бæ х уыдзæ н, де ’нгуылдз куыддæ риддзер уыд, афтæ уыдзæ н, — йæ ныхас — уæ здан, лæ гъз, цыдæ р æ хсызгон хъарм дзы цæ уы. Куы ’рбацыдысты, уæ д ын цыдæ р уазалхуыз уыд, цыдæ р æ цæ гæ лон цæ стæ й сæ м каст. Æ мæ уый атад, æ мæ Жаннæ дæ р бахудт.

Сæ химæ ссыдысты æ мæ та чызджы зæ рдыл радгæ с хирург æ рбалæ ууыд, йæ химидæ г фыдызæ рдыг: дохтыр къæ ссавæ лдæ хт цæ мæ н фæ ци? Уыцы цыбыр рæ стæ г ыл цы ’рцыд? Маринæ бахудт æ мæ загъта:

— Уый дыл æ хца узæ лыд, æ хца дæ дзæ бæ х кодта, ахæ м фæ лмæ н хъæ лæ сæ й демæ æ хца ныхас кодта.

Мад рынчындоны Жаннæ йы разæ й къæ лидормæ куы рахызт, уæ д хирургæ н дыууæ мины йæ дзыппы атъыста. Уый йæ цæ ст дæ р нæ фæ ныкъуылдта, анымадта сæ, фæ рухсдзаст æ мæ загъта:

— Цом, чызгмæ фæ кæ сын хъæ уы, алы уысм дæ р зынаргъ у.

— Мамæ, нæ хæ дæ г стæ м, нæ хæ дæ г алы хъуыддаджы дæ р аххосджын. Чысыл дæ р æ ххуысхъуаг кæ мæ й стæ м — æ ххуысхъуаг цæ мæ н, уыдонæ н уый сæ куыст у — уыдоны æ взæ р сахуыр кодтам: хъуамæ сын сæ былтæ айсæ рдæ м, хъуамæ сын сæ зæ рдæ истæ мæ й алхæ нæ м, æ мæ нæ хынджылæ г кæ нынц. Нæ хæ дæ г, нæ хæ дæ г стæ м аххосджын. Цæ й æ хца дæ ттын хъуыд хирургæ н? Мызд нæ исы?

— Раст зæ гъыс, мæ чызг, раст, фæ лæ... Æ хца нæ радтам, зæ гъгæ, уæ д ма райсоммæ дæ р уым джиуиккам. Стæ й, æ нгуылдз куыд бабастаид, чи йын цы зоны. Чи зоны, фæ стæ мæ сæ ттинаг фæ уыдаид.

Жаннæ æ нцад лæ ууыд æ мæ хъуыды кодта: уый цавæ р паддзахады цæ рæ м? Цавæ р? Æ мбыд. Сæ рæ й къæ хтæ м æ мбыд паддзахады. Бирæ хæ ттыты йæ хи бафарста: æ гæ р карз ныхас нæ кæ ны? Æ гæ р карз тæ рхон нæ хæ ссы не ’хсæ надæ н? О, нæ паддзахад рынчын у, фæ лæ ахæ м уæ ззау низ... кæ д, мыййаг, рæ дийы? Нæ рæ дийы! Афтæ кæ й у, ууыл, азтæ йыл куыд фылдæ р цæ уы, афтæ æ ууæ нды тынгæ й-тынгдæ р, афтæ йыл дызæ рдыг нал кæ ны.

Жаннæ æ мбæ рста: Заретæ йы чи хъахъхъæ ны, йæ алыварс ын цæ джындзты хуызæ н чи у, йæ «бæ ркадæ й» сауджыны хай кæ мæ н и, уыдон ын йæ бафхæ рæ джы афтæ нæ ныууадздзысты. Йæ амонæ н æ нгуылдз ын уыдон асæ ттын кодтой: уадз, кæ д æ мæ цы фыссын хъæ уы, уый зонæ д. Уый йын у фыццаг урок. Æ мæ уыдон афтæ ныууадза? Милицæ мæ гæ ххæ тт бадæ тта? Æ мæ уый дзæ гъæ лы нæ уыдзæ н? Донмæ фæ рæ тæ й лæ бурæ н и? Фат фехсдзæ н, фæ лæ афтæ дæ р рауайдзæ н, æ мæ фæ стæ мæ йæ химæ æ рбаздæ хдзæ н. Мад æ мæ фыды хъуыды — цæ хгæ р: Жаннæ йæ хæ дæ г афтæ кæ й баззад, уый тыххæ й — табу Хуыцауæ н. Ныр та уыцы хъуыддаджы тыххæ й иу хахх дæ р — нал! Милицæ мæ курдиат куы ныффысса, уæ д цы уыдзæ н? Фыдгæ нджытæ æ мæ хицауад иумæ кæ й архайынц, баст кæ й сты, уый алчидæ р зоны. Хицауад æ мæ абырджытæ ныртæ ккæ иу сты. Æ мæ Маринæ æ мæ Темыр уый куы зонынц, уæ д æ й Жаннæ нæ зоны? Зоны йæ, зоны, фæ лæ хъуамæ къуыттыйы хуызæ нæ й дæ р куыд бада? Йæ хицæ й куырм адæ ймаг куыд сараза? Ма аразæ д æ мæ йæ фендзæ н. Стæ й йæ уынгæ дæ р фæ кодта. Стъол йæ къухæ й ныххоста фыд æ мæ мæ стджынæ й хæ дзарæ й кæ ртмæ рахызт.

Редакцийы кусджытæ й, чи Жаннæ йыл йæ хъæ лæ сыдзаг кæ лкæ лæ й худт: цæ й фыссыны мæ т æ й уыд, кæ м æ й хордта, арсимæ кæ рдо чи цæ гъды? Чи та йæ химæ ныхъхъуыста. Чи та карзæ й дзырдта: газеты уыцы бандиты тыххæ й ног æ рмæ г рауадзын хъæ уы. Дауыты фидар ныхас Жаннæ йæ н æ хсызгон уыд: æ ппындæ р мацæ мæ й тæ рсæ д, редакцийы кусджытæ иууылдæ р йæ фарс сты, куы бахъæ уа, уæ д тæ рхондонмæ дæ р ацæ удзысты.

Æ мæ Жаннæ скарста: йе ’нгуылдз ын чи асæ ттын кодга, уыдон афтæ уадзгæ не сты, уыдон хъуамæ закъоны цур дзуапп раттой. Рынчындонæ й йæ м — гæ ххæ тт. Районы милицæ йы хицауы номыл курдиат ныффыста. Разамонæ г уым нæ разынд æ мæ йын йæ хæ дивæ гмæ бацыд. Уый, фæ ндзай азмæ ’ввахс кæ уыл цыдаид, ахæ м бæ зæ рхыгтæ лæ г, гæ ххæ тт райста, цыма кæ сын нæ зоны æ мæ дамгъæ гай кæ сы, кæ нæ алы дамгъæ йы фæ стæ дæ р цыдæ р æ мбæ хст и æ мæ уый агуры, афтæ йæ бирæ фæ каст, стæ й йæ сæ рыл схæ цыд æ мæ загъта:

— Дæ уацхъуыдгонд дын æ з дæ р бакастæ н. Æ мæ уый цы у, уый зоныс? Æ хсæ нтæ дон. Раст, сыгъдæ г адæ мыл цъыф калыс, цæ сты сæ æ фтауыс. Уый нæ, фæ лæ ма оргæ нты дæ р худинаг кæ ныс.

Жаннæ æ нцад лæ ууыд æ мæ йæ м хъуыста. Кæ м и? Кæ дæ м æ рбахауд? Ацы лæ г цы дзуры, ууыл йæ хæ дæ г æ ууæ нды? Æ фсæ рмы нæ кæ ны? Æ ви цæ сгом оынтондæ р нал и? Жаннæ Заретæ йæ йæ хæ дæ г балхæ дта наркотик. Йæ хæ дæ г. Заретæ хъылма кæ й уæ й кæ ны, уый районы алчйдæ р зоны. Дзæ уджыхъæ уæ й дæ р ма йæ м куы цæ уынц, уæ д æ й... уæ д æ й районы милицæ йы хицауы хæ дивæ г нæ зоны? Заретæ сæ фындзы бын адæ мы сафы, мæ рдтæ м сæ æ рвиты æ мæ уый нæ зонынц?

— Уыцы сылгоймаг наркотиктæ уæ й кæ ны, уый мах нæ зонæ м, махмæ уый тыххæ й хъаст никуы ’рбацыд.

Жаннæ йæ хи нал баурæ дта, цыма ныртæ ккæ йæ мидбынат ссудздзæ н, афтæ йæ м каст:

— Заретæ уыцы хъылмæ кæ й уæ й кæ ны, уый æ з куы зонын, уæ д æ й сымах куыд нæ зонут? Фыдгæ нæ г — уæ фындзы бын, æ мæ уæ хи ницызонæ г скодтат.

— Мах цы зонын хъæ уы, уый нын дæ у амонинаг нæ у. Бамбæ рстай? Фыдгæ нæ г чи у, уый нырма рабæ рæ г хъæ уы æ мæ рабæ рæ г уыдзæ н. Районы разамындыл, районы милицæ йыл, раст, сыгъдæ г адæ мыл цъыф чи калы, уый чи у? Уый фыдгæ нæ г нæ у? — комкоммæ йæ м каст æ мæ хъæ рæ й дзырдта хæ дивæ г.

— Царциаты диссæ гтæ, — загъта Жаннæ. Дарддæ р цы дзырдтаид, уый нал зыдта. Чысыл ма, æ мæ йæ хæ дæ г фыдгæ нæ гæ й агæ пп ласдзæ н. Уый уыдзæ н, миллионтæ æ мæ миллиардтæ чи бахордта, уыдонæ й иу. Уæ вгæ, уыдонæ н цы у. Æ нцад-æ нцойæ сæ хицæ н дзæ бæ х цæ рынц, цас фылдæ р адавай, афтæ æ дасдæ р дæ.

— Æ мæ дын цыдæ р лæ ппутæ, маскæ ты, ды куыд зæ гъыс, афтæ дс ’нгуылдз кæ й асастой, цыдæ р æ ртхъирæ нтæ дæ м кæ й кодтой, уый тыххæ й æ вдисæ нтæ ис? — майор Жаннæ йы курдиатыл иуварс рахæ цыд, ома нæ ныхас дзæ гъæ лы у.

— Нæ й.

— Нæ й, — бахудт лæ г. Жаннæ мæ скаст æ мæ йæ сæ р банкъуыста. — Мах уын, барадхъахъхъæ нæ г оргæ нты кусджытæ, сымахæ н, журналисттæ н, уæ фокустæ хорз зонæ м. Цæ мæ й адæ мы уæ химæ æ рыхъусын кæ нат, уый тыххæ й цыфæ нды дæ р бакæ ндзыстут. Чидæ ртæ уæ, цыма рæ стдзинады фыццаг тырысахæ сджытæ уыдон сты, сæ хицæ й цыдæ р ахæ мтæ аразынц, æ цæ гдзинадæ й та...

— Æ цæ гдзинадæ й та цы?! — загъта Жаннæ. Хъуамæ йыл йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодтаид, фæ лæ та йæ хи тыххæ й баурæ дта.

Лæ г сыстад æ мæ, йæ мидбылты нæ, фæ лæ, цыма барæ й, афтæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудт:

— Æ рыгон уæ вгæ йæ дæ нервытæ нал бæ ззынц æ мæ сæ сдзæ бæ х кæ н. Дзæ уджыхъæ уы хорз психиатрон рынчындон и.

Æ мæ та Жаннæ йы сæ ры февзæ рд: кæ м и? Кæ дæ м æ рбахауд? Закъæ ттæ хъахъхъæ нджытæ м æ ви закъæ ттæ халджытæ м? Йæ къæ хты бын пъол тасыд. Кæ имæ ныхас кæ ны? Йæ курдиат æ мæ, рынчындонæ й цы гæ ххæ тт райста, уыдонмæ фæ лæ бурдта æ мæ сæ аскъуыдтæ кодта. Фæ ндыд æ й, уыцы гæ ххæ тты скъуыдтæ лæ джы цæ сгомыл бакал, йæ цæ сгомыл ын сæ ныццæ в, фæ лæ цыдæ р уысм арвы æ рттывдау йæ сæ ры атахт: цы кæ ны, йæ зонд фæ цыд?

— Нæ дын загътон, дæ нервытæ дзæ бæ хгæ нинаг сты. Рынчындонмæ ласинаг дæ. Нервытæ кæ м дзæ бæ х кæ нынц, уырдæ м нæ, фæ лæ психикон рынчынты рынчындонмæ, — æ мæ худы. Йæ цæ сгомы алы стъæ лфæ й дæ р дзуры: куыд зондджын у — Жаннæ йæ уатмæ нæ ма ’рбахызт, афтæ мæ й йын йæ низ базыдта, сæ вæ рдта йын тынг раст диагноз.

— Сымах, сымах, хицауад та цæ мæ й рынчын стут?! — Йæ хи нал баурæ дта æ мæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодта Жаннæ, цæ хгæ р фæ зылд æ мæ æ нæ уынон уатæ й разгъордта. Йæ цæ стытæ доны зылдысты, куыдта. Кæ м и рæ стдзинад? Ахæ м уавæ рты рæ стдзинадæ н рабæ рæ ггæ нæ н и? Искæ д ма нæ зæ ххыл рæ стдзинадæ н бынат уыдзæ н? Нæ удтæ, нæ зæ рдæ тæ рыг, чъизи æ мæ цъыфы бын фесты æ мæ ма уыдон искæ д ссыгъдæ г уыдзысты?

Жаннæ куыдта, йе ’фсымæ р Аслан та худт. Нæ йын дзырдта: æ нцад бад, ма фысс, дæ хи дын фæ аххосджын кæ ндзысты. Дзырдта. Æ мæ афтæ рауад? Рауад. Сæ бон у, æ мæ йæ ахсгæ дæ р æ ркæ ной.

— Æ мæ афтæ цæ мæ н у? Цæ мæ н у афтæ? — фарста йæ хи дæ р æ мæ йе ’фсымæ ры дæ р.

— Афтæ цæ мæ н у? Афтæ у, æ мæ уымæ н, — æ нæ мæ тæ й худт Аслан. Бæ рæ г уыд, йæ удхосæ й та фæ хъæ стæ æ мæ йын уыд хъæ лдзæ г зæ рдæ йы ахаст. Зæ ххон цард — йæ бирæ куырмæ лхынцъытимæ, æ мæ уымæ й нæ цард, фæ лæ тахт уæ лæ рвты. Зæ ххон цардæ й уыд дард, зæ ххон цард æ й æ ппындæ р не ’ндæ вта. Æ мæ Жаннæ йы сæ ры цыдæ р уысм атахт: йе ’фсымæ р цы амондджын у. Стæ й, цы æ нахуыр, æ буалгъ хъуыды йæ м февзæ рд, уый фембæ рста æ мæ ныккæ рзыдта, йæ буар ныггæ ртт-гæ ртт кодта. Йæ цæ ссыгтæ æ мбæ хста, фæ лæ сын бамбæ хсæ н нæ уыд: йæ рустыл урс фæ рдгуытæ й уадысты. Йæ цæ сгом йе ’фсымæ ры риумæ нылхъывта, йæ хæ къуырцц кæ уын тыххæ й урæ дта, афтæ мæ й загъта:

— Æ дылы, æ з газеты уыцы уацхъуыд фыццаджыдæ р дæ у тыххæ й ныффыстон.

— Мæ н тыххæ й? Ха-ха-ха!

— Кæ д Заретæ уыцы хъылма нал уæ й кæ нид æ мæ дзы кæ д фæ иртæ сис, кæ д дзы фервæ зис.

— Æ мæ уæ д æ ндæ р никæ м и? Ха-ха-ха!

— Æ мæ уæ дæ куыд? Куыд, Аслан? Дарддæ р афтæ мæ й куыд цæ рдзынæ?

— Мæ ныл ма тыхс. Æ з цы дзыхъхъы ныххаудтæ н, уырдыгæ й схизæ н нал и. Мæ ныл ма тыхс.

— Ис! Ис, Аслан.

— Æ з, цы цардæ й цæ рын, Хуыцау мын цы хъысмæ т саккаг кодта, уымæ й разы дæ н, — æ фсымæ р йæ хойы сæ рыл иуварс ахæ цыд. — Æ з уынгмæ акæ сон. Мæ ныл мачи тыхсæ д, — æ мæ фæ цæ уы. Жаннæ йæ фæ стæ каст, йæ цæ ссыгтæ сæ рфта, фæ лæ уыдон уæ ддæ р уадысты. Цы кæ на? Цæ мæ й баххуыс кæ на йе ’фсымæ рæ н? Йæ сæ р ницы ахста.

 

31-æ м августмæ ма баззад 10 боны.

21-æ м август. Майрæ мбон. 2009 аз

Жаннæ йы телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст. Æ мæ йæ м чи дзуры? Æ хсар? Æ мæ йæ уæ д нæ сисдзæ н, се ’хсæ н ницыуал и. Æ мæ се ’хсæ н исты уыд? Жаннæ йæ хæ дæ г у аххосджын: цыдæ р ныфс ын лæ вæ рдта. Йæ хо Фатимæ. Арæ х æ м не ’рдзуры, æ ппынæ дзух дæ р дугъ кæ ны, рæ стæ г ын нæ фаг кæ ны, хæ ргæ дæ р — тагъд-тагъд. Хæ дзар балхæ дтой, уый уæ ддæ р куыд нæ хъæ р кæ нынц. Цымæ йæ цæ мæ ’мбæ хсынц? Уым сусæ ггагæ й цы и?

— Фатимæ...

— Куыд стут? Дзæ бæ х, æ нæ низ?

— Ницы нын у. Цæ рæ м.

Куыд сты, цыма уый нæ зоны. Æ фсоны фæ рстытæ. Аслан милицæ мæ куы бахауд, уæ дæ й нырмæ цал боны рацыд? Æ мæ иу хатт ма æ руай. Цыма йæ автобусы цæ уын хъæ уы, науæ д æ й такси æ ххуырсын хъæ уы. Æ мæ автобусы куы ’рцæ уа, уæ д ын цы уыдзæ н? Жаннæ сæ хицæ й горæ тмæ æ мæ фæ стæ мæ дæ р автобусы æ рцæ уы æ мæ уымæ й фегад? Куыд цæ рынц? Цæ рынц. Иу поэты загъдау, цæ рдтытæ кæ нынц. Йæ хо йæ кæ нгæ, йæ былалгъ фæ рстытæ й, цæ й тыххæ й дзуры, уымæ куы рахизид.

— Фатимæ, иу изæ р дæ сызгъæ рин рæ стæ гæ й цалдæ р минуты раскъуыддзаг кæ н æ мæ нæ фен.

— О-о, ды куыддæ риддæ р зæ гъай, афтæ бакæ ндзынæ н.

Жаннæ телефон йæ хъусæ й чысыл дарддæ р айста, цыма, цы хъуыды кæ ны, уыдон телефонæ й райхъуысдзысты æ мæ сæ йæ хо куы фехъуса, уымæ й æ фсæ рмы кæ ны, уымæ й тæ рсы. Диссаг, рæ стдзинад хъусын адæ ймагæ н афтæ зын цæ мæ н у? Зæ гъæ м, мæ нæ Фатимæ йæ н.

— Хорз, хорз. Цæ мæ н дæ м дзурын: уыцы æ хцамæ цæ уыннæ суадтæ?

Жаннæ йæ сæ р банкъуыста: дзурын æ й нæ фæ нды, æ нæ дзургæ та йын нæ й. Æ мæ йын цы зæ гъа, цы хъуыды кæ ны, уый?

— Ссардтам æ мæ дæ м уый тыххæ й нал ссыдтæ н. — Æ ртæ мины. Æ мæ уыдон цы сты? Сæ кой та куыд скодта. Акæ са, æ ртæ мины йеддæ мæ сæ м нæ й. Æ мæ уæ д галуантæ цæ мæ й балхæ дтой? Фатимæ, рынчынмæ æ хца нæ й, уый куы зона, уæ д æ м кæ сгæ дæ р нæ бакæ ндзæ н. Йæ алы операци дæ р дæ с-дыууадæ с-фынддæ с мины. Æ мæ йæ м æ хца нæ й, йæ капеччытæ нымайы, йæ къухтæ м æ мхасæ нтæ кæ ны, мæ гуырæ й мæ лы, бырæ тты асыччытыл зилы æ мæ дзы æ вгтæ æ мбырд кæ ны. Ох-х, цы мæ гуыр у йæ хо.

— Кæ д, зæ гъын, тæ ргай фестут.

— Нæ. Нæ.

— Уæ дæ хорз, — æ мæ Фатимæ йæ телефон ахуыссын кодта.

 

31-æ м августмæ ма баззад 9 боны.

22-æ м август. Сабат. 2009 аз

Афтæ гæ нæ н и, æ мæ адæ ймаг йæ хæ дæ г йæ хи мауал зона? Ис! Мæ нæ Жаннæ. Уæ вгæ, адæ ймаг йæ хæ дæ г йæ хи зоны? Кæ д, мæ хи зонын, зæ гъгæ, цæ рæ нбонты йæ хи сайы. Æ мæ кæ д йæ хи нæ зоны, уæ д ма искæ й та куыд и базонæ н?.. Жаннæ фæ стаг рæ стæ г йæ химæ æ ндæ р адæ ймаг кæ сы: ницыуал æ й хъæ уы, цыма ацы дунемæ ницыуал бар дары. Раздæ р йæ куыстмæ базыртыл тахт. Раздæ р азты, æ взонг ма куы уыд, саби, бирæ цыдæ ртæ куы нæ ма æ мбæ рста, уæ д йæ химæ гæ лæ буйы хуызæ н каст, зæ ххыл нæ ныдзæ выд. Æ мæ æ ртахт... Кæ дæ м?.. Кæ дæ м хъæ уы, уырдæ м, Хуыцау кæ дæ м загъта, уырдæ м. Æ мæ кæ д адæ ймаг Хуыцау йæ хæ дæ г йæ хицæ н у, уæ д та... Нæ! Жаннæ ницыуал зоны. Фæ лæ уый хорз зоны: редакцийы кæ ртмæ — æ цæ гæ лон кæ ртмæ бахизы æ цæ гæ лон адæ ймаг. Раздæ р æ м сæ кусæ нуат дзæ нæ ты бынат каст, цыма йæ уæ лдæ ф дæ р æ ндæ р уыд, суанг йæ къултæ й дæ р рухс стъæ лфæ нтæ хауд. Ныр æ й йæ къæ хтæ уырдæ м нал хæ ссынц. Бацæ уы æ мæ йе стъолы цур æ нæ бары фæ бады. «Сындзытыл бады», — уыцы ныхас кæ д искæ уыл фидауы, уæ д ууыл. Йе ’мбæ лттæ м фæ кæ сы, семæ фæ ныхас кæ ны хъæ дын адæ ймаг, робот. Чи зоны, кæ мæ дæ рты ма афтæ кæ сы, æ мæ уый фыццаджы Жаннæ у. Нал у! Йæ гуыр ма ам и, цæ ры ацы зæ ххыл, фæ лæ ацы зæ ххыл цæ рæ г нал у, йæ уд ам нал и.

Абон — сабат. Редакцийы кусджытæ й иу — отпусчы, иннæ фæ рынчын, газет та уадзын хъæ уы. Редакторы фæ ндоныл дыууæ ничи загъта æ мæ æ нæ зивæ гæ й рацыдысты. Æ нæ зивæ гæ й?..

Чызг йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд. Афтæ тынг, æ мæ йæ м йе ’мкусæ г æ рбакаст:

— Жаннæ, исты дæ риссы? Кæ д дæ хи æ взæ р æ нкъарыс, уæ д уал хæ дзармæ ацу.

— Нæ, ницы. Уый афтæ... Райсомæ й уарынæ нгæ с уыд, ныр арв цы дзæ бæ х æ рбарухс, — ныхас иннæ рдæ м здахы Жаннæ. Йе ’мбал дзы уæ ддæ р йæ цæ стытæ нæ исы:

— Мæ нæ чызг, цыдæ р кæ ныс.

— Нæ, ницы. Уый дæ умæ афтæ кæ сы, — Жаннæ йы фæ нды: сыст æ мæ уал кæ ртмæ ацу, арауай-бауай кæ н. Фæ лæ нæ сыстдзæ н: æ ддæ мæ куы ацæ уа, уæ д æ м йе ’мкусæ джы зæ рдæ бынтондæ р фæ къæ гш кæ ндзæ н. Ау, йæ зæ рдæ йы ахаст, йæ мидуавæ р йе ’ддаг бакастыл афтæ тынг бæ рæ г у? Йæ цæ сгом, йæ хуыз ыл гадзрахатæ й цæ уын райдыдтой?






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.