Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 12 страница






Нæ фæ рæ дыд: æ мдымбыл, зæ рдæ йы хуызæ н, цыппæ рдигъон, дæ ргъæ ццон шоколад къафеттытæ, чи дзы хъулон фæ ци, цалдæ рыл та дзы — хъуына фæ хæ цыд. Иуыл дзы схæ цыд, йæ быныл баныхæ ст æ мæ стонын нæ комы. Стыдта йæ. Сæ фылдæ р гæ ххæ ттыл баныхæ стысты. Иу дзы асаста, æ мæ пъолмæ æ рхауд. Нæ! Æ рæ ппæ рста йæ. Уый...

— Цы кæ ны? — къафетмæ æ ргуыбыр мад.

— Ма йæ м бавнал. Скæ лм.

— Цы?

— Скæ лм, — къафетты къопп йæ къухтæ й æ рхауд. Æ васт, цыма сонт фæ ци, къафетты къопмæ фæ лæ бурдта, фелвæ ста йæ, æ ддæ мæ разгъордта æ мæ йæ бырæ ттæ м фехста.

Хъуыдытæ... Хъуыдытæ... Ивгъуыд сног кæ нынц.

 

31-æ м августмæ ма баззад 16 боны.

15-æ м август. Сабат. 2009 аз

Жаннæ фæ стаг рæ стæ г цыдæ р æ нахуыр фынты азар бахауы. Тæ рсын сæ райдыдта. Æ ниу, цæ мæ й сæ тæ рсы. Цы фын та фендзæ н ахсæ в? Цы хъизæ мæ рттæ та æ взардзæ н йæ фыны? Фылдæ р хатт уыны фæ ндаг, æ бæ рæ г, æ нахуыр фæ ндаг. Кæ дæ мдæ р фæ цæ уы, фæ лæ кæ дæ м, уый нал фæ зоны. Размæ, кæ дæ м, æ й цæ уын хъæ уы, уый йæ сæ р нал фæ ахсы, фæ стæ мæ, кæ дæ м раздæ ха, уый дæ р нал фæ зоны. Æ мæ уыцы æ бæ рæ г, æ нахуыр дунейы ныссуйтæ вæ ййы, цъысымы бахауы. Афтæ батыхсы, афтæ фæ катай кæ ны, æ мæ йæ уд æ рдуйыл нал фæ хæ цы. Куы фехъал вæ ййы, уæ д йæ буары гæ ртт-гæ ртт бирæ рæ стæ г не ’рынцайы, райсомæ й вæ ййы лæ мæ рст лимоны хуызæ н. Иуæ й-иу фынтæ ферох кæ ны, фæ лæ иннæ тæ сæ сау фæ димæ зæ рдæ йы баззайынц. Дысоны фын дæ р дзы тагъд-тагъд нæ ферох уыдзæ н.

...Æ бæ рæ г, æ нахуыр горæ т. Нырыккон, арвæ мбæ рц бæ рзонд хæ дзæ рттæ æ мæ цыппар, фондзсæ дæ азы размæ йы арæ зт галуантæ æ мæ фидæ рттæ, уæ рæ х æ мæ нарæ г уынгтæ... Жаннæ кæ дæ мдæ р цæ уы, фæ лæ кæ дæ м, уый нæ зоны; йæ хъуыды... ницыуал хъуыды кæ ны. Æ рлæ ууыд, кæ м и? Кæ дæ м цæ уы? Йæ сæ р ницы ахсы. Йæ сæ р у афтид. Искæ й бафæ рсид æ мæ йæ алыварс цъиуызмæ лæ г дæ р нæ й. Мард горæ т. Мард бæ стæ. Æ рдæ гталынг. Кæ цæ йдæ р райхъуысы халоны тарст хъуахъ-хъуахъ, фæ лæ кæ цæ й? Цæ ст æ й нæ ахсы. Афтид горæ т. Æ мæ, цымæ, афтæ вæ ййы? Жаннæ ардæ м кæ цæ й æ рбахауд? Цы ми кæ ны ам? Кæ дæ м цæ уы. Алцыдæ р ферох кодта, ницыуал зоны, ницыуал хъуыды кæ ны. Цы фæ уа? Кæ й агуры? Кæ м и? Йæ алыварс дуне — æ гуыппæ г, æ дзæ м сабыр, æ мæ дзы цæ мæ йдæ р тæ рсы. Йæ алыварс цъиуызмæ лæ г дæ р нæ й æ мæ уæ д афтæ тынг цæ мæ й тæ рсы. Куы иуырдæ м акæ сы, куы иннæ рдæ м. Сонт каст. Иууылдæ р цæ стытæ фестад. Тыхсы... Тыхсы чызг, катай кæ ны. Цы фæ уа? Кæ м и?

Сонт дымгæ йыл æ виппайды йæ хи æ рбаппæ рста, æ вæ ццæ гæ н, баст уыд æ мæ феуæ гъд. Æ ви йæ æ рвон дуæ рттæ арæ мыгъта æ мæ фæ йнæ рдæ м лæ буры, ныкъкъуыззитт кæ ны, йæ хи куы иуырдæ м аппары, куы инæ рдæ м, сæ рра. Бæ лæ сты къалиутæ æ мæ цæ нгтæ къæ с-къæ с кæ нынц, фæ лæ буры сæ м æ мæ дзы æ нæ хатырæ й куы иу фæ сæ тты, куы иннæ, аскъæ фы йæ æ мæ йæ æ ндæ р бæ ласыл ныццæ вы. Дымгæ нргуы, афтæ ниуы, афтæ хъæ р кæ ны, æ мæ Жаннæ йы хъустæ æ ндæ р ницыуал ахсынц. Чызг фæ цуды, йæ хъару тайы. Æ мæ йæ м афтæ кæ сы: ныртæ ккæ йæ ацы уаддымгæ сисдзæ н, дард кæ дæ мдæ р æ й ахæ сдзæ н, æ мæ фесæ фдзæ н, йæ кой-йæ хъæ р дæ р нал уыдзæ н. Жаннæ телыхъæ дыл ныххæ цыд, йæ цæ нгтæ йыл æ рбатыхта, йæ хи йæ м нылхъывта. Акъахдзæ ф та кодта. Цæ уын æ й хъæ уы æ мæ цæ уы, фæ лæ йæ дымгæ размæ нæ уадзы, цыма йыл исчи фæ стæ мæ хæ цы, афтæ йæ уромы. Уый уæ ддæ р цæ уы, уымæ н æ мæ йæ цæ уын хъæ уы, æ рмæ ст кæ дæ м, уый нæ зоны. Телыхъæ дмæ баирвæ зæ д æ мæ та уым аулæ фдзæ н. Арв тарæ й-тардæ р кæ ны, сау мигътæ ивылынц, кæ рæ дзийы сурынц, кæ рæ дзийы æ ууæ рдынц. Арв æ ддæ г-мидæ г ауад: Æ дзæ рæ г дунейы сæ рмæ арв нытталынг. Дымгæ бынтондæ р ницæ уылуал ауæ рды, ссонт, ныффутт кæ ны, фæ йнæ рдæ м лæ буры. Жаннæ уæ ддæ р размæ цæ уыныл архайы. Æ рмæ ст ын ницы ’нтысы. Кæ м и, уый нæ зоны. Кæ дæ м æ й цæ уын хъæ уы, уый нæ хъуыды кæ ны, афтæ мæ й размæ цæ уы. Æ мæ уæ д дæ мидбынат æ рлæ уу æ мæ, кæ м дæ, кæ дæ м дæ цæ уын хъæ уы, ууыл ног æ мæ ногæ й ахъуыды кæ н. Телыхъæ дмæ баирвæ зт, баныхæ ст ыл, цыдæ р хъарм дзы цæ уы, цыдæ р æ хсызгондзинад дзы æ нкъары. Фæ лæ уый хъæ уы цæ уын. Æ мæ та фезмæ лыд. Дымгæ бынтондæ р сæ рра, фæ йнæ рдæ м лæ буры, бæ лæ стæ фæ лдахы, бæ лæ стæ стоны æ мæ сæ кæ рæ дзиуыл ныццæ вы, хæ дзæ ртты сæ ртæ фелвасы æ мæ сæ æ ндæ р хæ дзæ ртты сæ рыл æ рæ ппары. Дуне иууыл æ нахуыр хъæ рахст æ мæ къæ с-къæ с ссис. Къæ вда... Къæ вда ныккалдта. Сæ х-сæ хæ й уары. Жаннæ йæ развæ ндаг нал ауыны. Афтæ тынг уары, æ мæ цыма дон арвæ й исчи ведратæ й калы. Дон сахатæ й уайы. Змæ ст сау дон. Арв нæ ры, ныццарауы, йæ хъæ рæ й хъустæ акъуырма вæ ййынц. Арв ферттивы, цæ хæ ртæ акалы, æ мæ уыйфæ стæ Жаннæ бынтондæ р ницыуал ауыны, цыдæ р уысм акуырм вæ ййы. Ахауы, дымгæ йæ фæ цæ йскъæ фы, уынгты цы сау дон ивылы, уый йæ фæ цæ йласы. Фæ лæ та сысты, ныггуыбыр вæ ййы, афтæ мæ й размæ цæ уыныл архайы. Кæ уы, йæ цæ ссыгтæ гæ р-гæ рæ й згъæ лынц, фæ лæ сæ нал æ нкъары. Кæ м и? Кæ дæ м цæ уы? Цавæ р дунемæ бахауд? Цы мæ гуыры бон ыл акодта? Удæ гас адæ ймаг хъуамæ ахæ м хъизæ мæ рттæ æ взара? Жаннæ йæ мидбынат цавддурауæ й баззад. Дымгæ æ мæ йæ къæ вда хойынц, фæ лæ рис нал æ нкъары, арвы богъ-богъ нал хъусы, арв æ мæ зæ хх сиу сты, фæ лæ сæ нал уыны. Уый... Уый... Æ мæ йæ нырмæ йæ сæ р куыд не ’рцахста. Жаннæ бахауд мæ рдтыбæ стæ м. Мæ рдтыбæ стæ?.. Æ мæ мæ лгæ акодта? Æ мæ алы мард дæ р ахæ м удхары, хъизæ мары фæ ндагыл фæ цæ уы? Уый... Уый Жаннæ, уæ лзæ ххон царды цы тæ ригъæ дтæ ракодта, уыдон фиды. Тæ ригъæ дджын у, тынг тæ ригъæ дджын. Æ нхъæ лдта, дзæ нæ тмæ бахаудзæ н, уый та зындонмæ бахауд. Зындонмæ? Æ мæ цæ мæ н? Æ мæ кæ д уырдæ м æ нæ нхъæ лæ джы бахауд. Кæ йдæ р хъæ лæ с ын дзуапп дæ тты:

«Дзæ нæ тмæ дæ р æ мæ зындонмæ дæ р æ нæ нхъæ лæ джы ничи хауы».

Кæ йдæ р хъæ лæ с нæ хъусы, йæ хи хъæ лæ с у уый. Зындон?.. Æ мæ цы ракодта уыйбæ рц æ взæ рæ й? Цæ мæ н бахауд зындонмæ? Цæ мæ н æ взары ацы хъизæ мæ рттæ? Стæ й, æ нахуыр диссаг, чи амæ лы, уый, зындонмæ куыд бахауы, уый фæ зоны?

Чызг йæ хъæ лæ сыдзаг ныккуыдта. Цæ мæ н? Цæ мæ н æ взары ацы зынтæ? Цæ мæ н? Æ мæ та йын чидæ р дзуапп дæ тты, чидæ р нæ — йæ хæ дæ г йæ хицæ н:

«Уымæ н æ мæ тæ ригъæ дджын дæ æ мæ ныр мæ рдтыбæ сты дæ тæ ригъæ дтæ фидыс».

Жаннæ, цы фæ уа, уымæ н ницыуал зоны, йæ уд æ рдуйыл нал хæ цы. Акъахдзæ ф кæ нид æ мæ йæ бон фезмæ лын нал у. Йæ къах тыххæ й атыдта. Фæ цуды. Дымгæ йæ иуварс аппары. Къæ вда йæ хойы. Ивылд дон йæ уæ рджытæ м схæ ццæ, ахæ м сау, змæ ст бæ зджын дон никуыма федта, йæ уылæ нтæ йæ м æ рбагуылф кæ нынц, хæ рдмæ йæ м сæ хи ивазынц. Дуне æ ддæ г-мидæ г ауад. Цымæ ацы зындоны бирæ фæ уыдзæ н? Æ нустæ м ам уыдзæ н? Ох, мæ нæ йыл цы мæ гуыры бон бакодта. Æ мæ... Æ мæ Жаннæ хъусы, кæ йдæ р хъæ лæ с хъусы. Уый йæ хи хъæ лæ с нæ у. Чызг æ рлæ ууыд, нал змæ лы, цы у, уымæ й хъустæ фестад. Йæ алыварс куы иуырдæ м акæ сы, куы иннæ рдæ м, фæ лæ ницы уыны. Хъæ лæ с, сылгоймаджы хъæ лæ с, бæ лвырддæ р, хуыздæ р æ рбайхъуыст:

«Ардæ м!.. Ардæ м!..».

Жаннæ, хъæ р кæ цæ й хъуысы, уыцырдæ м кæ сы, фæ лæ ницы уыны. Æ мæ йæ м чи дзуры? Кæ й хъæ лæ с у уый? Йæ химæ йæ чи хоны? Чи йæ м хъæ р кæ ны? Уыцы сылгоймаг чи у?

Ногæ й та сылгоймаджы хъæ лæ с райхъуыст: «Ардæ м!.. Ардæ м!..».

Сылгоймаджы хъæ лæ с — цыдæ р æ нахуыр хъæ лæ с: удаист, тыхст, катайæ йемыдзаг хъæ лæ с. Цыма Жаннæ зындоны кæ й ис, уый йын тынг зын у, æ мæ цæ мæ й тагъддæ р раирвæ за, ахæ м, зæ рдæ йы бынæ й цæ уæ г хъæ лæ с. Æ мæ чи у уыцы сылгоймаг? Чи у йæ хæ рзгæ нæ г? Ацы хъизæ мæ рттæ й аирвæ за, уый афтæ тынг кæ й фæ нды? Чызг æ м ныхъхъæ р кæ нид, фæ лæ йæ бон дзурын нæ у, йе ’взаг йæ комы бахус. Уæ ддæ р, афтæ зæ рдиагæ й йыл чи ауды, уымæ хъæ р кæ ны:

«Фæ цæ уын дæ м, фæ лæ кæ м дæ?» — Йæ хъæ лæ с йæ химæ дæ р нæ хъуысы, уæ д ма уыцы хуыцауысконд сылгоймагмæ куыд фехъуысдзæ н? Чи у, ацы хъизæ мæ рттæ й йæ фервæ зын кæ нынмæ чи хъавы, уый? Кæ дæ м, ардæ м æ й хоны? Жаннæ йæ алыварсмæ акæ сы, фæ лæ ницы уыны. Къæ вда сæ х-сæ хæ й уары, змæ ст доны сау уылæ нтæ размæ сæ хи æ ппарынц, æ нæ зонгæ, мард горæ ты уынгтæ ивылд донæ й нæ зынынц. Дымгæ ниуы, къуыззитт кæ ны, оæ лæ стæ кæ рæ дзиуыл хойы, алыран рæ дзæ гъдтæ й лæ ууынц. Æ мæ та æ рдзы зæ рдæ марæ н æ нахъинон æ хситт, къуыззитт, гыбар-гыбур, арвы богъ-богъы æ хсæ н райхъуыст уыцы сылгоймаджы удаист хъæ лæ с: «Ардæ м!.. Ардæ м!..».

Жаннæ, хъæ р кæ цæ й хъуысы, уырдæ м кæ сы, йæ цæ стытæ уæ рæ х байгом кодта æ мæ цыдæ р фиппайы. Къæ вда сæ х-сæ хæ й уары, сау мигътæ алырдыгæ й ивылынц, æ дзæ рæ г, æ рдæ гталынг дунейы сылгоймаджы æ нгæ с цыдæ р уыны, сылгоймаджы аууон æ м фæ зыны. Фæ зыны æ мæ ’рбайсæ фы. Æ рбайсæ фы æ мæ фæ зыны. Хъæ р æ м, кæ ны, йæ химæ йæ хоны.

«Ардæ м!.. Ардæ м! Мæ фæ стæ рацу!»

Чызгæ н йæ зæ рдыл æ рбалæ ууыд Хетæ джы Уастырджийы кувæ ндоны равзæ рд.

Раджы заман Кæ сæ джы цардис зæ ронд æ лдар Инал. Уыдис ын æ ртæ фырты: Биаслан, Тасолтан æ мæ Хетæ г. Кæ стæ р æ фсымæ р райста чырыстон дин. Æ фсымæ ртæ уый куы базыдтой, уæ д æ м фæ хæ рам сты æ мæ йæ амарынвæ нд скодтой. Хетæ гæ н æ ндæ р гæ нæ н нал уыд æ мæ йæ райгуырæ н бæ стæ йæ ралыгъд. Æ фсымæ ртæ хъуыддаг куы базыдтой, уæ д йæ фæ дыл фæ фæ дис сты. Мæ нæ йæ ныр баййафдзысты, зæ гъгæ, афтæ Хетæ г айхъуыста цыдæ р уæ ларвон хъæ лæ с: «Хетæ г — хъæ дмæ!» Фæ лæ лæ ппуйæ н йæ сæ р бафснайыны амал нал уыдис æ мæ йæ фæ дзæ хсæ гмæ адзырдта: «Хетæ г хъæ дмæ — нал! Хъæ д — Хетæ гмæ!» Уыйадыл Уæ лладжыры комы фахсæ й хъæ ды къох сыстади æ мæ хохрæ бын тъæ пæ ны, Хетæ г кæ м уыди, уым æ рæ нцад. Афтæ Уастырджи фервæ зын кодта Хетæ джы.

Цымæ Жаннæ йæ н та чи у йæ ирвæ зынгæ нæ г? Чи йæ м дзуры? Чи йæ хоны йæ фæ стæ?

Æ мæ йæ м цæ уы, цæ уы, кæ д ацы удхъизæ марæ й фервæ зид, фæ лæ йæ къæ хтæ айсын нæ фæ разы, йæ къæ хтæ, цыма асфальтыл ныхæ сгæ бакодтой, афтæ атонын нæ комынц, уæ ддæ р æ нæ зонгæ сылгоймагмæ цæ уы. Кæ мдæ р йæ зæ рдæ йы арфы æ нкъары: уый йæ ирвæ зынгæ нæ г у. Ахауы, змæ ст, чъизи доны уылæ нтæ йæ сæ быны аууæ рдынц æ мæ йæ м афтæ фæ кæ сы: уылæ нтæ йæ семæ аскъæ фдзысты, нал сыстдзæ н. Фæ лæ та сысты, цард зынаргъ у, тынг зынаргъ.

Жаннæ, аууоны хуызæ н æ м цы сылгоймаг зыны, уый æ взарын раидыдта. Йæ цæ сгом дæ р фæ зыны. Йæ къух æ м тилы: тагъддæ р! Тагъддæ р рацæ уæ д! Æ мæ афтæ кæ дæ м тагъд кæ ны? Цæ мæ й ацы фыдуавæ рæ й тагъддæ р аирвæ за, уый тыххæ й йæ хи хъары. Æ мæ чи у? Афтæ зæ рдиагæ й йыл чи батыхст? Йæ цæ сгом ын ауыны, фæ лæ та ’рбайсæ фы. Дзуры йæ м, йæ къух æ ы тилы: «Тагъддæ р! Тагъддæ р!» Æ мæ йæ м цæ уы. Цæ уы йæ м, фæ лæ йæ м нæ хæ ццæ кæ ны.

Сылгоймаг та Жаннæ мæ хъæ р кæ ны. Æ мæ йæ м йæ хæ дæ г цæ уыннæ ’рбацæ уы æ мæ йæ цæ уыннæ фервæ зын кæ ны, хъæ д Хетæ джы куыд бахъахъхъæ дта, афтæ. Чызгæ н йæ бон размæ акъахдзæ ф кæ нын нал у. Уыцы хуыцауысконд сылгоймаг чи у? Йæ цæ сгом йæ хæ дæ г не ’вдисы æ ви йæ уарын æ мæ мигътæ æ мбæ хсынц. Ох, Жаннæ йæ н йæ бон æ ппындæ р ницыуал у...

«Фæ цæ уын дæ м! Фæ цæ уын дæ м!» — хъæ р кæ ны сылгоймаджы фæ стæ. Фæ лæ уый нал зыны, æ вæ ццæ гæ н ын æ нхъæ лмæ кæ сыны фадат нал и, сау мигъты аууон алæ бырд. Чызг йæ хъæ лæ сыдзаг ныккуыдта: цы фæ уыдзæ н? Цы фæ уыдзæ н?.. Æ мæ ракаст. Кæ м и? Уыцы фыдранæ й аирвæ зт? Уый фын уыди æ ви цы?.. Фын... Æ мæ аирвæ зт...

— Жаннæ, цы кæ ныс? — йæ мад æ м æ ргуыбыр кодта æ мæ йын йæ армытъæ пæ нæ й йæ ных, йæ рустæ сæ рфы.

— Мамæ, — чызг йæ кæ уынæ й нæ ма басабыр, йæ рустыл цæ ссыгтæ уайынц, йæ уæ хсчытæ стъæ лфынц, йæ мады цæ нгтæ йæ риумæ нылхъывта.

— Жаннæ, ма ку, уый, æ вæ ццæ гæ н, цыдæ р æ взæ р фын федтай æ мæ... Жаннæ, мæ чызг, ма тæ рс. — Мад сынтæ джы йæ фарсмæ йæ хи ’руагъта, æ рбахъæ быс æ й кодта. — Мауал ку, мауал ку. Ма тæ рс.

Æ мæ Жаннæ нал тæ рсы. Уыцы фыдфынæ й кæ й аирвæ зт. Æ вæ ццæ гæ н, хъæ р кодта æ мæ йæ м мад æ рбазгъордта. Чызг йæ хуыссæ ны рабадт, йæ мады риумæ йæ хи нылвæ ста. Нал тæ рсы, ницæ мæ йуал тæ рсы, ныр йæ мад йæ цуры и.

— Мамæ, мацæ мæ йуал мын тæ рс. Бафынæ й кæ н. Хорз? Дæ у дæ р ма æ гъуыссæ г фæ кодтон, — чызг базыл йæ сæ р æ руагъта. Мад æ нæ уынæ рæ й ацыд. Жаннæ рухс ссыгъта: цыппæ рæ м сахат. Æ мæ ма бафынæ й уыдзæ н? Йæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп нæ сабыр кæ ны, йæ улæ фт фæ къуыхцы вæ ййы. Уыцы фыдфын, искæ д ма дзы раирвæ здзæ н, уый æ нхъæ л нæ уыд. Уæ ддæ р та мад, мад. Уый йæ февæ зын кодта, фæ фæ дис æ м, æ ндæ р, æ вæ ццæ гæ н, боны ’рбацъæ хтæ м дæ р уыцы зындоны хъизæ мар кодтаид. Алы фын дæ р — суйтæ къуыбылой. Цымæ, цы амоны йæ фын? Чи уыд, зындонæ й йæ йæ химæ чи хуыдта, чи йæ ирвæ зын кодта, уыцы сылгоймаг? Цæ уыннæ йæ м банхъæ лмæ каст? Кæ дæ м тагъд кодта? Кæ дæ м хуыдта Жаннæ йы? Æ нæ зонгæ сылгоймаг?.. Уый... Кæ йдæ р... Кæ йдæ р хуызæ н уыд. Уый... Чызг фестъæ лфыд, йæ хуыссæ ны рабадт æ мæ, цыма сонт фæ ци, афтæ дзагъырцæ стæ й кæ сы, аджих, йæ цæ стытæ нал ныкъулы. Уыцы сылгоймаг... Чи уыд... Йæ цæ сгом æ м цалдæ р хатты талынджы фæ зынд, фæ лæ йæ иу хатт дæ р хорз нæ ауыдта. Кæ йдæ р... Кæ йдæ р æ нгæ с у. Фæ лæ... Уый... Жаннæ сынтæ гæ й рагæ пп кодта. Цымæ йæ къæ хты хъæ р фехъуыст? Мад та фæ дисы куы ’рбазгъора. Сæ бинонты къамты альбом кæ м и? Чызг стъолы лæ гъзтæ сгары. Чингуыты тæ рхæ джытæ... Альбом райста æ мæ йæ тагъд-тагъд фæ лдахы. Мад æ мæ йæ фыдæ й исчи ацафон къамтæ м кæ сгæ куы ’рбаййафа, уæ д æ й цы схондзæ н? Сæ хъулон, сæ кæ стæ р чызгæ н йæ зонд фæ цыд. Альбомы сыфтæ тагъд-тагъд фæ лдахы. Цыма цæ мæ йдæ р тæ рсы, цыма цыдæ р сусæ г ми кæ ны, афтæ йæ м кæ сы. Æ мæ... Альбом йæ къухтæ й æ рхауд, йæ цæ стытæ бахгæ дта, йæ уæ нгты уазал риз ацыд. Кæ д ыл, мыййаг, йæ цæ стытæ тартæ кæ ныц, кæ д... Альбом систа æ мæ та ногæ й къаммæ кæ сы. Уый у! Уый у! Йæ мард мад æ м тылдта йæ къух. Йæ мард мад æ й йемæ кæ дæ мдæ р кодта. Æ мæ кæ дæ м? Уыцы зæ рдиагæ й йæ йсмæ кæ дæ м хуыдта? Жаннæ йæ н йæ бон цæ уын нал уыд, размæ феккуырсын ын нал æ нтыст æ мæ йæ мард мады нæ баййæ фта. Æ мæ йæ цæ уыннæ баййæ фта? Йæ мад æ м цæ уыннæ фæ лæ ууыд? Кæ дæ м тагъд кодта? Жаннæ йæ чызг кæ й у, уый дзы рох фæ ци? Уæ ддæ р... Уæ ддæ р, кæ дæ м æ й хуыдта? Уыцы зындонæ й йæ фервæ зын кæ нынмæ хъавыд? Æ мæ уый атагъд кодта, фæ лæ йæ йе схæ ссæ г мад фервæ зын кодта, уый йæ м фæ фæ дис. Кæ д, мыййаг, йæ ныййарæ г мад, Жаннæ йæ чызг кæ й у, уый нал базыдта.

Чызг ныуулæ фыд. Ныуулæ фыд йæ къæ хты бынæ й. Афтæ ма, азты сау тæ лм йæ зæ рдæ йы сау фæ дæ й кæ мæ н базайы, азты уæ ззау уаргъæ й чи фæ гуыбыр, уыцы фæ ллад сылоймаг ныуулæ фы. Æ мæ Жаннæ дæ р... Æ мæ цæ мæ й бафæ ллад?.. Уыцы фыдфынæ й. Йæ мад... Йемæ йæ хуыдта, фæ лæ йæ м цæ уыннæ фæ лæ ууыд?

Жаннæ та аджих. Цæ уыннæ йæ м банхъæ лмæ каст йæ мард мад? Цæ уыннæ?.. Æ вæ ццæ гæ н, сæ сæ мбæ лын афон нæ ма ’рхæ ццæ. Æ мæ ’рхæ ццæ уыдзæ н, æ рхæ ццæ уыдзæ н. Æ мæ сæ мбæ лдзысты.

Чызг рухс ахуыссын кодта, хъæ ццулæ й йæ хи æ рæ мбæ рзта. Куы ма афынæ й уаид. Фæ лæ йæ зоны: нал бафынæ й уыдзæ н.

 

31-æ м августмæ ма баззад 15 боны.

16-æ м август. Хуыцаубон. 2009 аз

Кулдуар чидæ р æ рбахоста. Ныфсджын, барджын хост. Бинонтæ йæ иууылдæ р фехъуыстой. Мад — цæ лгæ нæ ны. Аслан та дысон нæ фæ зынд, æ мæ фегъуыссæ г сты. Темыр абондæ ргъы уынгмæ цалдæ р хатты ацыд: алæ ууы, куы иуырдæ м акæ сы, куы инæ рдæ м, æ мæ та фæ стæ мæ кæ ртмæ, сарамæ уæ ззау къахдзæ фтæ й æ рбахизы, йæ хицæ н бынат нал ары. Телефон ныдздзæ нгæ рæ г кодта, уæ д æ м фæ лæ бур: чи дзуры, кæ д Асланы тыххæ й исты хабар...

Кулдуары хойынмæ бинонтæ æ ртæ йæ дæ р рауадысты. Темыр дуар байгом кодта, æ мæ кæ ртмæ æ рбахызтысты... Милицæ йы кусæ г, бæ рзонд, æ лвæ ст, иу-æ ртын авд, цыппор азы кæ уыл цæ удзæ н, ахæ м кары капитан, йæ фæ стæ — уымæ й æ рыгондæ р лæ ппулæ г джинс пинджак æ мæ джинс хæ лафы. Бинонтæ æ нæ иу ныхасæ й бамбæ рстой: цыдæ р... цыдæ р бæ ллæ х та ракодта Аслан кæ нæ йæ хиуыл цыдæ р æ рцыд, кæ нæ... Фæ лæ цы? Ахуыр ыл сты, фæ лæ... Цæ мæ ’рбацыд милиционер, цы зæ гъдзæ н? Йемæ уый чи у? Сæ цæ сгæ мттæ — уыцы тар...

Темыр æ дзæ мæ й лæ ууы. Мады цæ нгтæ æ рхаудысты. Жаннæ хæ дзарæ й сарамæ рацæ уæ н дуары тарвазыл баныхæ ст. Бинонтæ, йæ аххос чи фембары, уыдонау лæ ууынц: сæ ркъулæ й, æ нкъардæ й æ мæ ’ихъæ лмæ кæ сынц. Æ рæ джиау милиционер загъта:

— Æ мбæ лы уæ м? — Йæ хъæ лæ с — бардзырддæ ттæ гау, йæ цæ стæ нгас — ныфсджын. Цыма хæ дзары хицау Темыр нæ, фæ лæ уый у. Æ мæ Жаннæ бамбæ рста: йе ’фсымæ р цыдæ р фыддзинад ракодта, милиционер æ нæ зонгæ хæ дзары йæ хи æ гæ р сæ рибар æ нкъары. Темыры къух райста, ницы дзуры. Æ мæ цы райваз-байваз кæ ны, цы зæ гъинаг у, уый цæ уыннæ зæ гъы. Капитаны ракæ нон цæ стытæ сарайы, кæ рты къуымты æ рзылдысты, цыма дзы исты ферох æ мæ уый агуры. Æ ппынфæ стаг Темырыл æ рæ нцадысты:

— Уазæ гуарзон адæ мы хуызæ н стут, афтæ мæ й мидæ мæ куыд нæ зæ гъут. Æ ви ирæ ттæ нал стæ м.

Жаннæ сæ уазджытæ м аивæ й кæ сы: ацы милиционер, бирæ чи федта, уайæ нты чи ауад, ахæ м у. Æ дзæ сгом. Æ фсармы кой кæ ны, фæ лæ йæ хæ дæ г, æ фсарм цы у, уымæ н ницы зоны.

— Мидæ мæ, мидæ мæ, — æ нæ зонгæ уазджыты фæ стæ дуар ассыдта Темыр, йæ хъæ лæ с — хирастгæ нæ гау.

— Сбадын уæ м æ мбæ лы? — Капитан ныхасмæ нæ банхъæ лмæ каст, сарайы даргъ бандоныл даргъ стъолы уæ ллаг фарс, хистæ р кæ м фæ бады, уым сбадт. Бандоны фæ стæ мæ ауадзæ н хъæ лыл, цыма абондæ ргъы фыркуыст фæ кодта, афтæ йæ хи фæ стæ мæ ауагъта, йæ цæ нгтæ фæ йнæ рдæ м аппæ рста.

Жаннæ йæ м кæ сын нæ фæ разы, фæ лæ... Ехх! Ныр уымæ н йæ базыгыл ма фæ хæ ц æ мæ йæ ма феддæ дуар кæ н. Хицаудзинад диссаг у. Чысыл хицауы бынат дæ р чи ахсы, уый йæ химæ Хуыцау кæ сы, цыма адæ м йæ цагъартæ сты: уый, уæ ле кæ мдæ р — бæ рзондылбадæ г, адæ м та — бынæ й, кæ мдæ р, цыдæ р уаллæ ттæ, æ мæ дæ цы фæ нды, уый сын кæ н, фæ нды дæ — дæ цъыф къæ хтæ й сыл бацу æ мæ сæ ныцъцъист кæ н. Ау, адæ м хицауы бынæ ттæ м уый тыххæ й тырнынц? Æ ви уый æ рмæ стдæ р махмæ, ирæ ттæ м хауы? Цыма ирон адæ ймаджы хуызæ н къæ лæ тджын бандоныл бадын ничи уарзы, Жаннæ мæ афтæ кæ сы. Уый нын, æ нхъæ лдæ н, æ рдзæ й лæ вæ рд у, нæ туджы и. Нæ -æ, æ вæ ццæ гæ н, алы адæ м дæ р афтæ сты. Кæ рцæ й хæ дон — хæ стæ гдæ р, Жаннæ ирон у æ мæ уымæ н афтæ хъуыды кæ ны.

Ацы милиционер, цыма капитан нæ у, фæ лæ æ ппынкъаддæ р — инæ лар, зæ хх ууыл лæ ууы, йæ химæ афтæ кæ сы. Æ мæ инæ лар у, чысыл инæ лар, къухы кæ стæ р æ нгуылдзыйас инæ лар. Цæ мæ ’рбацыд, бинонтæ уый хорз зонынц, фæ лæ йæ зæ гъинаг цæ мæ ндæ р ивазы. Æ мæ цæ мæ н, уый Жаннæ зоны: уадз бинонтæ тыхсой, катай кæ ной, уæ д семæ æ нцондæ р дзурæ н уыдзæ н, цас тынгдæ р батыхсой, афтæ сæ фылдæ р ратонæ н уыдзæ н. Бæ рæ г у, ахæ м хъуыддæ гты йæ м стыр фæ лтæ рддзинад и, профессор у.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.