Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 14 страница






Чызг ахъуыды кодта: адæ ймаг дурвидар у, алцæ мæ н дæ р фæ разы. Фæ лæ — нæ. Раст нæ у: нæ фæ разы. Алцæ мæ н дæ р ис арæ н æ мæ иуафон уыцы арæ н атоны. Алцæ мæ н дæ р ис бæ рц.

— Уæ дæ сбадæ м, — йæ хъуыдыты хал ын фескъуыдта мады хъæ лæ с. Маринæ автобусмæ акъахдзæ ф кодта. Жаннæ йын йæ цонгыл фæ хæ цыд: йæ мады автобусы нæ ауадздзæ н, уыдон дæ р ацы зæ ххыл цæ рынц, таксийы ацæ удзысты.

— Мамæ, таксийы абадæ м.

— Æ мæ æ хца дзæ гъæ лы цы хардз кæ нæ м, — бакаст æ м мад. — Автобусы дæ р уайтагъд схæ ццæ уыдзыстæ м.

Чызг хъуыдытыл фæ ци: Маринæ йæ цоты разæ й йæ хиуыл капекк никуы схардз кодта. Æ мæ йын цы сарæ зтой хорзæ й? Цы йын сарæ зта мæ нæ Жаннæ хорзæ й? Ницы. Æ рмæ ст — кæ д уый фаг у, уæ д — йæ зæ рдæ худты никуы бацыд, маст ын никуы скодта. Жаннæ цыдæ р уысм æ дзæ мæ й аззад, аджих, стæ й загъта:

— Мамæ, кæ д дын искуы исты зын скодтон, уæ д мын бахатыр кæ н. — Жаннæ фестъæ лфыд: уый цы загъта? Йæ былтыл ма йæ армытъæ пæ н авæ рдта, охх, цы æ нæ рхъуыды ныхас дзы схауди, фæ рæ дыд, фæ лæ ферæ джы: ныхас бæ лон нæ у, нал æ й æ рцахсдзынæ, фæ стæ мæ йæ нал раздахдзынæ. Мад æ м æ рбакаст, цымыдис каст:

— Нæ, мæ хъæ бул, ды мын зын никуы скодтай, æ з цоты ад дæ уæ й базыдтон. Иннæ тæ й дæ р куыд нæ, фæ лæ фыццагдæ р дæ уæ й, — æ мæ йæ ’рбахъæ быс кодта.

Таксийы сбадтысты. Фæ сте, фæ рсæ й-фæ рстæ м. Жаннæ йæ н мады цонг йæ цонгыл æ мбæ лы æ мæ йын цыдæ р æ хсызгон у. Цалдæ р боны ма, цасдæ р рæ стæ г ма, æ мæ Жаннæ уыцы æ хсызгон хъарм нал æ нкъардзæ н, ницыуал зондзæ н, ницыуал æ мбардзæ н. Æ ви алцыдæ р зондзæ н, алцыдæ р æ мбардзæ н: уд æ нусон у. Цымæ Жаннæ йы сусæ г хъуыды Маринæ бамбæ рста, истæ уыл фæ дызæ рдыг? Æ вæ ццæ гæ н — нæ.

Такси размæ тындзы. Ссæ дз — фондз æ мæ ссæ дз минутмæ горæ ты сæ амынд бынаты уыдзысты. Цыдæ р фæ сарæ йнаг сабыр музыкæ. Зæ рдæ йыл æ мбæ лы. Мад æ мæ чызджы æ нкъард хъуыдыты хуызæ н æ нкъард музыкæ.

— Куынæ йæ фæ нæ миккой, — сусæ гæ й дзурæ гау æ м дзуры Маринæ. Жаннæ йæ уæ хсчытæ æ рбалхъывта: нæ зоны, нæ зоны. Асланы фæ нæ мын цас диссаг у? Дзых ма дзы и, æ ндæ р цы? Йæ къæ хтыл тыххæ й куы лæ ууы. Уымæ йæ къух чи сиса, уый адæ ймаг нæ у. Æ ндæ раз æ й æ взæ р фæ надтой, тынг æ взæ р. Йæ буар — цъæ хтæ æ мæ саутæ. Цалдæ р боны сынтæ гæ й нæ сыстад, хъæ рзыдта, ницы хордта, æ нæ уи дæ р хæ рынмæ рæ вдз никуы уыд, æ нæ бары цыдæ ртæ скомдзаг кæ ны. Бынтондæ р амæ ллæ г. Йæ хуыссæ ны-иу рабадт, æ мæ Жаннæ мæ афтæ каст: уый йе ’фсымæ р Аслан нæ у, фæ лæ йæ аууон, йе стæ гдар. Тынг ын фæ тарстысты: кæ д ын уыцы милицæ, куы йæ ’рцахстой, уæ д йæ фæ рсчытæ ныссастой, кæ д æ й уæ нгхъуаг фæ кодтой, кæ д фырнадæ й йæ хуылфыдзаумæ ттæ сæ хиуыл нал хæ цынц. Аслан нæ куымдта, фæ лæ йæ лæ гдыхæ й рынчындонмæ аластой, цалдæ р рентгены йын скодтой, хуыздæ р дохтыртæ йæ федтой. Æ мæ йæ хицæ н уæ лдай нæ уыд: цæ рдзæ н æ ви нæ цæ рдзæ н — ницы йæ æ ндæ вта, йæ къух йæ хиуыл ауыгъта, фæ лæ бинонтæ сулæ фыдысты: стæ гсаст нæ у, хуылфыдзаумæ ттæ — сæ бынаты. Дæ фыдгул милицæ йы къухтæ м бахауæ д. Цымæ ахæ м тызмæ г æ мæ æ нæ хатыр цæ мæ н сты? Уырдæ м кусынмæ чи бацæ уы, уыдонæ н сæ адæ ймагдзинад цы фæ вæ ййы? Æ ндæ р джиппы сæ ауадзынц? Цы у? Цы æ нахуыр диссаг у уый? Æ вæ ццæ гæ н, сæ куыст ахæ м у: ды æ нкъарыс, дæ бон цæ уы иннæ уыл æ мæ, раст у æ ви нæ — цыдæ риддæ р дæ фæ нды, уый йын кæ н: ды уæ ддæ р раст уыдзынæ, дæ у никуы ничи фæ зылын кæ ндзæ н, дæ у никуы ничи бафхæ рдзæ н. Æ мæ — нæ м, мар. Милицæ йы къухтæ й сау ингæ нмæ цал æ мæ цал адæ ймаджы бацыд? Æ мæ дзы цал адæ ймаджы бады ахæ стоны? Йæ фыдракæ нды тыххæ й дзы дзуапп цал адæ ймаджы радта? Кæ м и рæ стдзинад?! Нæ й! Æ мæ нæ м, æ вæ ццæ гæ н, никуы уыдзæ н! Закъæ ттæ, æ вæ ццæ гæ н, æ ппæ т адæ мæ н фыст не сты, кæ мæ дæ рты ницы бар дарынц.

Жаннæ йы æ мкъласон Алан æ мæ йе ’мбæ лттæ чындзæ хсæ вæ й рацыдысты, уынджы тигъыл æ рлæ ууыдысты æ мæ сæ иу ныззарыд, бахъырныдтой йын иннæ лæ ппутæ, æ мæ зарæ г стахт, хъæ уы сæ рмæ йæ хи анывæ ста. Уыцы рæ стæ г милицæ йы машинæ кæ цæ йдæ р фæ зынд, цалдæ рæ й дзы рагæ ппытæ кодтой, цыма баст уыдысты, кæ цæ йдæ р раирвæ зтысты. Лæ ппуты зарæ г фескъуыд. Уыцы æ нæ хатыр, тызмæ гæ й сæ гуыппытæ, ысхуыстытæ, цæ лхъытæ гæ нгæ машинæ мæ баппæ рстой æ мæ сæ милицæ йы бамидæ г кодтой. Уыдон сты расыггæ нджытæ, æ гъдаухалджытæ, фыдгæ нджытæ æ мæ хъуамæ дзуапп раттой. О, ницы æ гъдау халынц. Зарынц æ мæ... Уыдон расыггæ нджытæ сты. Не сты! Мæ нæ Алан карз нозт нæ, фæ лæ бæ гæ ны дæ р никуы схуыпп кодта. Чи загъта уый? Мæ нæ сау расыг куы у. Уæ ддæ р ма фæ стæ мæ дзуры! Акæ сма уымæ, куыдзы хъыбыл! Чи у куыдзы хъыбыл? Уый! Æ мæ йын милиционер йæ тых-йæ бонæ й йе ’хсæ рфарс ныкъкъæ рцц ласта. Иу хатт. Цалдæ р хатты. Аланы тымбылкъух куыд атахт, уымæ н ницы базыдта. Дуне йыл батар. Уыйфæ стæ рабæ рæ г: лæ ппуйы тымбылкъух топпы нæ мыгау сæ мбæ лд милиционеры æ фсæ рыл æ мæ, дæ фыдгул афтæ — æ фсæ р фæ саст. Дзолгъомæ йе ’мбæ лттæ ’рбазгъордтой. Милицæ йы кусджытæ та нæ мын нæ зонынц, цы. Оргæ ны кусæ гмæ йæ къух чи систа, уый у стыр фыдгæ нæ г, уый хъуамæ æ фхæ рд æ рцæ уа тæ ккæ карздæ р хуызы!

Æ мæ та — æ хца... Нæ рæ стæ джы тæ ккæ карздæ р хæ цæ нгарз, тæ ккæ дзырдарæ хстдæ р дипломат! Дыууæ знагæ й дыууæ ’фсымæ ры сараздзæ н. Лæ ппутæ — æ наххос. Цы чындæ уа? Сæ бинонтæ ницæ уыл бацауæ рстой, уæ лдайдæ р, Аланы ныййарджытæ æ мæ... æ мæ сæ рауагътой. Цас æ хца бакалдтой — чи зоны. Фæ стæ дæ р хъус-хъус цыд: лæ ппутæ мисхал дæ р æ хсæ надон æ гъдау нæ фехæ лдтой. Милиционеры æ фсæ р Алан нæ асаста: фæ бырыд, асины тигъмæ йæ æ рхаста æ мæ йын дыууæ дихы фæ ци.

Лæ ппутæ уыцы зындонæ й раирвæ зтысты. Раирвæ зт Алан дæ р. Фæ лæ раздæ ры рæ хснæ г, æ лвæ ст, æ мбаргæ, хæ дæ фсарм, уæ здан Алан нал у. Йæ бæ сты хатгай уынгмæ рацæ уы æ ндæ р — гуыбыр, мæ ллæ г, йæ цæ стытæ дзæ гъæ лгаст кæ мæ н кæ нынц, йæ хæ дæ г йæ хиимæ чи фæ дзуры, йæ къухтæ тилгæ æ бæ рæ г кæ мæ дæ р чи февзиды, ахæ м лæ ппу. Афавдз цалдæ р хатты сæ рмагонд психикон рынчындонмæ бахауы. Йæ ныййарджытæ, бинонтæ марой кæ нынц. Æ мæ уый тыххæ й исчи дзуапп радта æ мæ ратдзæ н? Ничи! Æ мæ никæ д!

Уыцы æ намонд изæ р Аланы милицæ йы кусджытæ афтæ фæ надтой, йæ сæ р ын къулыл афтæ фæ хостой, æ мæ уыцы изæ р милицæ йы кæ ртæ й, фыццаг сæ хæ дзармæ, стæ й рынчындонмæ раластой æ ндæ р, сахъат, йæ сæ рызонд йæ бынаты кæ мæ н нал уыд, ахæ м лæ ппуйы. Уæ дæ й фæ стæ мæ Алан Алан нал у. Æ мæ цы? Ницы.

Такси горæ тмæ схæ ццæ. Мады цæ стæ нгас дзуры: кæ дæ м сæ цæ уын хъæ уы, Жаннæ уый зоны? Нæ йæ зоны, фæ лæ йæ таксистимæ ссардзысты. Мад та йæ м аивæ й бакаст: йæ чызг фæ ндагыл куыд ницы дзырдта? Дзырдта. Æ гæ р дæ р ма дзырдта. Æ рмæ ст йæ хицæ н. Мæ нæ ныр йæ химидæ г, йæ хиимæ куыд дзуры, афтæ: «Цавæ р æ нахъинон æ хсæ над у не ’хсæ над? Æ мæ дзы афтæ мæ й цæ рæ н и?».

Милицæ йы кусджыты æ гъатыр надæ й Асланы буар куы сцъæ хтæ æ мæ саутæ, фырнадæ й сыстынхъом куынæ уал уыд, уæ д бинонтæ хъуыды кодтой: уæ д та сыл тæ рхондонмæ бадæ ттиккой. Вадим уыцы фæ нд куы фехъуыста, уæ д сыл хорз фæ худт: цы бæ стæ йы, цы паддзахады цæ рынц, уый нæ зонынц? Цæ стытæ сыл нæ й? Къуырматæ сты? Милицæ йы кусджытæ аххосджын никæ д уыдзысты. Аххосджын уыдзæ н Аслан. Æ мæ цы нæ уыд, цы нæ ракодта, сæ дæ ахæ мы ма йыл ныххуырсдзысты. Уый аххосæ й ма бинонты дæ р цалдæ р сасирæ й балуардзысты. Стæ й чи загъта, æ мæ уыдон — бинонтæ — сæ хæ дæ г аххосджын не сты? Милицæ йæ н гæ ртам чи радта? Æ мæ гæ ртам цы у? Фыдракæ нд. О! О! Уыдон... уыдон дæ р аххосджын сты. Дунейы хорзæ й дæ р æ мæ æ взæ рæ й дæ р цыдæ риддæ р цæ уы, уым аххосджын адæ м сæ хæ дæ г сты. Æ мæ уыцы адæ мæ й иу у Жаннæ.

Такси æ рлæ ууыд æ мæ Жаннæ дæ р йæ хъуыдытæ й фæ иртæ ст. Нарæ г асфальт къахвæ ндагыл адæ м дыууæ рдæ м тыннывæ ндæ гау нæ кæ нынц, фæ лæ дзы цæ уджытæ уæ ддæ р фаг и. Мад æ мæ чызгмæ æ рбакæ сынц, сæ цæ стæ нгас сыл, цас æ мбæ лы, цыма уымæ й фылдæ р афæ стиат вæ ййы. Æ ви уый Жаннæ афтæ хъуыды кæ ны. Суанг æ м афтæ дæ р кæ сы, цыма, милицæ йæ н æ хца кæ й дæ ттынц, уый фæ ндагыл цæ уджытæ дæ р æ нкъарынц æ мæ сыл сæ цæ стытæ уымæ н ахæ ссынц.

Капитан стъолы цур бады. Стыр, тынг стыр хицау куыд фæ бады, афтæ: сæ рыстырæ й, цыма ацы зæ ххыл уымæ й лæ гдæ р нæ й, йæ хи фæ стæ мæ ауагъта, йæ иу зæ нг иннæ уыл æ рæ вæ рдта. Дæ лбулкъон кæ нæ йыл булкъоны стъалытæ куы æ рттивиккой, уæ д, цымæ, искæ мæ ракæ сид?.. Хæ дзармæ сæ м цы лæ ппулæ гимæ ’рбацыд — магнитофоны хицау, уый дæ р — уаты. Капитан сæ м разылд:

— Æ рбахастат?

— Æ рбахастам, — мад йæ хызынмæ æ вналы. Жаннæ æ нцад лæ ууы. Диссаг, гæ ртам исын мызд райсыны хуызæ н куыд сси. Ацы паддзахад ма цымæ искуы ссыгъдæ г уыдзæ н? Искæ д ма рæ стдзинад уыдзæ н?

— Мæ нæ сæ уымæ ратт, — йе ’мбалмæ ацамыдта милиционер. — Нымайгæ сæ нæ кæ ндзыстæ м, æ ууæ ндын уыл.

— Æ мæ нæ лæ ппу...

— Уæ лæ ппуйæ н ма тæ рсут, — Маринæ йы ныхас фескъуыдта «уазæ гуарзон уæ здан» фысым. — Æ з мæ дзырдæ н хицау дæ н. — Сыстад, цалдæ р къахдзæ фы иуварс акодта æ мæ йæ ныхас, æ вæ ццæ гæ н, йæ химæ дæ р нæ хъуыст, афтæ ныллæ г хъæ лæ сæ й йæ чысыл телефонæ й кæ мæ дæ р адзырдта, стæ й разылд æ мæ загъта: — Ацæ ут, æ ртæ -фондз минуты фæ стæ нæ агъуысты тигъыл сæ мбæ лдзыстут.

Маринæ Жаннæ мæ æ рбакаст: цымæ сæ нæ сайы? Мах рæ стæ джы алцæ мæ дæ р æ нхъæ лмæ кæ сæ н и, æ хца йæ хи фесты æ мæ...

— Мацæ мæ й тæ рсут. Уастырджи уæ фæ ндараст кæ нæ д. Æ нæ фыдбылыз ут.

Мад æ мæ чызг уатæ й рацыдысты. Нæ, нæ сæ асайдта капитан. Аслан урс «Жигули»-йæ рахызт. Йæ дарæ с дæ р, йæ хæ дæ г дæ р — æ нцъылдтæ, лæ бырдтæ. Фылдæ р æ нæ даст вæ ййы, æ мæ бинонтæ й уый диссаг никæ мæ уал кæ сы. Йæ цыд... Цымæ йæ нæ фæ надтой? Жаннæ йын йæ уæ хскыл йæ къух æ руагъта, фæ лæ йыл уый иуварс ахæ цыд:

— Рагæ й мæ нал федтат?

Аслан милицæ йы иу суткæ фæ ци æ мæ йыл фæ зынд: цы мæ ллæ г у, уымæ й фæ мæ ллæ гдæ р, йæ мигъбадт цæ стытæ й тыххæ й кæ сы, æ вæ ццæ гæ н, æ гъуыссæ г æ хсæ в арвыста.

— Нæ дæ фæ надтой? — комкоммæ йæ м кæ сы Жаннæ.

— Куыд мæ хъуамæ фæ нæ мой, æ з йед дæ н... сывæ ллон, — йæ сæ р иуварс азылдта лæ ппу.

— Æ з нæ ма цæ уын, æ з фæ стæ дæ р ацæ удзынæ н. Фæ ндаггаг мын раттут æ мæ...

— Аслан, ам дæ нæ ныууадздзыстæ м, иууылдæ р цæ уæ м нæ химæ, — йæ цонгыл ын барджынæ й æ рхæ цыд Жаннæ. Лæ ппу бамбæ рста: йæ хо йæ горæ ты ницы хуызы ныууадздзæ н. Маринæ дæ р æ й нæ ныууадздзæ н, æ мæ æ нæ бары таксийы сбадт.

— Темыр афонмæ йæ хицæ н бынат нал ары. Дæ умæ ’нхъæ лмæ кæ сгæ йæ йæ цæ стытæ ныуурс сты.

— Æ з адæ ймаг нал дæ н, æ з никæ йуал хъæ уын.

— Хъæ уыс, хъæ уыс, Аслан, афтæ ма дзур, — йе ’фсымæ ры уæ хсчытыл йæ армытъæ пæ нтæ æ рхаста Жаннæ.

Такси фезмæ лыд. Ссæ дз-фондз æ мæ сæ дз минуты фæ стæ сæ химæ уыдзысты, æ мæ Темыр сулæ фдзæ н, йе ’нкъард, сагъæ сæ й семыдзаг цæ стытæ фæ райдзаст уыдзысты, йе ссæ ст, хъæ дгæ мттæ зæ рдæ мæ рухсы цъыртт бакæ лдзæ н: табу, табу Хуыцауæ н, æ гайтма сæ рæ гас сты, æ гайтма Аслан сæ хæ дзар ссардта. Фæ лæ та йын цас рæ стæ г ахæ сдзæ н уыцы цин...

 

31-æ м августмæ ма баззад 13 боны.

18-æ м август. Дыццæ г. 2009 аз

Йе ’нусон дунемæ чи ацыд, уыдоныл цас фылдæ р рæ стæ г цæ уы, афтæ нæ дардæ й-дарддæ р кæ нынц, Жаннæ мæ та — хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р. Йæ мард мады мысы арæ хæ й-арæ хдæ р, æ нæ нхъæ лæ джы зæ рдыл æ рбалæ ууы. Æ мæ йæ м афтæ фæ кæ сы, цыма йæ хорз зоны, цыма æ рæ джы амард. Йæ цæ стытыл ауайы: уæ лмæ рдмæ йæ фæ хæ ссынц, сау ингæ нмæ йыл сау сыджыт калынц. Нæ! Нæ амард: æ дзухдæ р æ й уыны удæ гасæ й: куы æ нахуыр хъæ лдзæ гæ й, фылдæ р та — æ нахуыр æ нкъардæ й, джихæ й фæ кæ сы, йæ цæ стытæ доны фæ зилынц. Йæ кæ стæ р, йæ æ хсызгон цъæ хахст кæ уын кæ мæ н нал фехъуыста, йæ цæ сты кæ ронæ й дæ р кæ й нал федта, йæ уыцы чызг Жаннæ имæ куы фемдзаст уой, цыма уымæ й æ фсæ рмы фæ кæ ны. Чызг ын йæ уæ хскыл йæ сæ р æ руадзы, йæ хи йæ м нылхъивы, уымæ н дæ р йæ цæ стытæ доны фæ зилынц. Йæ мад дзы æ фсæ рмыйаг нæ у. Цæ мæ й дзы хъуамæ æ фсæ рмы кæ на? Цард ын кæ й радта, уый тыххæ й? Æ фсæ рмы... Æ фсæ рмы дзы хъуамæ йæ чызг кæ на: уый... уый аххосæ й амард йæ мад, уый йын аскъуыдта йæ цард. Мад марæ г. Жаннæ нырмæ дæ р афтæ мæ й куыд цæ ры? Цы цæ сгомæ й рабады райсомæ й йæ сынтæ джы? Цы цæ сгомæ й фæ кæ сы йæ хо æ мæ йе ’фсымæ рты цæ стытæ м? Цы цæ сгомæ й æ рлæ ууы йæ фыд Темыры цур? Цы цæ сгомæ й фæ цæ уы адæ мы ’хсæ н?

Охх! Охх! Жаннæ ныуулæ фыд. Ныу}’лæ фыд куыстдзагъд, урсдадали фæ ллад зæ ронд усы хуызæ н. Цыма цыдæ р уæ ззау куыст кодта, тынг бафæ ллад, йæ куыстдзагъд уæ нгтæ сæ хи нал уромынц, æ мæ бандоныл йæ хи æ руагъта. Æ мæ та йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд. Чызг уаты къуымтыл афæ лгæ сыд: йæ хи йеддæ мæ дзы кæ й ничи ис! Сихоры улæ фтмæ ма сахатæ й фылдæ р и, фæ лæ йе ’мкусджытæ сæ хæ дзæ рттæ м раздæ р ацыдысты, æ ндæ р æ й исчи æ нæ бафæ рсгæ нæ фæ уаид:

— Жаннæ, цы кæ ныс?

Цы кæ ны, уымæ н йæ хæ дæ г дæ р ницы зоны. Бафæ ллад. Тынг бафæ ллад. Æ мæ фондзыссæ дзаздзыд зæ ронд ус у? Цæ мæ й бафæ ллад? Уый кары чызг хъуамæ афтæ бафæ ллайа? Бафæ ллайы, тынг бафæ ллайы. Ницыуал æ й фæ хъæ уы, дунейыл æ й ницыуал фендавы, цыма зæ ххон адæ ймаг нал вæ ййы. Йæ хæ дæ г йæ хицæ й бафæ ллад, йæ хæ дæ г йæ хицæ й стыхст. Йе змæ ст, йе ’лхынцъ хъуыдытæ й бафæ ллад. Йæ хо æ мæ йæ дыууæ ’фсымæ ры æ ппынæ дзух азымы дарынц æ мæ сæ бафæ ллад. Бафæ ллад... Бафæ ллад, ацы зæ ххыл рæ стдзинад кæ й нæ и, уымæ й. Нæ цард, нæ рæ стæ г æ м змæ ст, æ хсæ нтæ доны хуызæ н кæ сы. Чъизи. Æ лгъаг. Æ ви Жаннæ у цыдæ р лæ мæ гъ адæ ймаг æ мæ йæ хи сраст кæ ныны охыл цыдæ р æ фсæ нттæ агуры? Æ ви Жаннæ йæ алыварс цардмæ æ рмæ стдæ р сау кæ сæ нцæ стытæ й кæ сы, æ гæ р карз тæ рхон ын хæ ссы? Æ гæ р сау ахорæ нтæ й йæ ахоры? Æ мæ йын уый тыххæ й йе ’мкусджытæ, йæ хорз зонгæ тæ й чидæ ртæ уайдзæ ф дæ р бакæ нынц. Нæ! Уый цард, куыд у, афтæ мæ й йæ уыны. Уæ дæ йæ цæ стытыл розæ хуыз кæ сæ нцæ стытæ бакæ на?

Жаннæ йы цæ стытæ та уаты къуымты æ рзылдысты: йæ тыхулæ фтæ й йæ хæ дæ г дæ р фефсæ рмы, Тагъд... æ мæ йæ фæ ллад ссæ удзæ н. Куыд хорз! Куыд хорз уыдзæ н уый! Ницыуал зоныс. Ницæ уылуал тыхсыс, ницыуал дæ ’ндавы. Ды дæ æ цæ г сæ рибар.

Чызг йæ мидбынат базмæ лыд. Уымæ н дæ р сихорыл сæ химæ цæ уын афон у, фæ лæ йæ йæ къах никæ дæ м хæ ссы. Лизæ мæ ацæ уид æ мæ... Знон дæ р æ м уыд. Æ гæ р арæ х æ м куы цæ уа, уæ д дæ р хорз нæ у: мыййаг йæ мады зæ рдæ куы фæ цъæ х уа. Нæ -æ! Мад йæ хъæ булæ й никуы сфæ лмæ цдзæ н. Ном... Ном дæ р ыл йæ мард мад сæ вæ рдта. Кæ д сын лæ ппу уа, — уæ д ныры хуызæ н гæ нæ нтæ нæ ма уыд æ мæ, ацы дунемæ чи фæ зындзæ н, уый Хуыцау йеддæ мæ ничи зыдта, — уæ д ыл ном сæ вæ рдзæ н Темыр: Алан, уадз йæ лæ ппутæ й иу хæ ссæ д нæ рагфыдæ лты кадджын ном... Лæ ппу сын куы райгуырдаид, уæ д, чи зоны, сæ цард бынтон æ ндæ р хуызы ацыдаид. Кæ д — чызг, уæ д ыл хъуамæ ном сæ вæ рдтаид Лизæ. Жаннæ. Цард ын йæ размæ цы цæ лхдуртæ æ вæ рдзæ н, уыдоны сæ рты чи ахиздзæ н, уыцы хъæ батыр чызг — Жаннæ... Мад, дам, цæ мæ ндæ р бирæ уарзта уыцы ном. Æ мæ йын йæ фæ ндон сæ ххæ ст кодтой, æ рмæ ст йæ чызгмæ йæ уарзон номæ й никæ д бадзырдта. Фæ лæ Жаннæ уæ лмæ рдтæ м куы бацæ уы, уæ д мад æ мæ чызг фæ ныхас кæ нынц. Жаннæ йын фæ уыны йæ алы лыстæ г змæ лд дæ р, суанг ма, йæ былтæ куыд фезмæ лынц, уый дæ р фæ уыны, йæ хъæ лæ сы алы мыр дæ р ын фæ хъусы. Фæ стаг рæ стæ г æ й йæ фынты дæ р арæ хдæ р уыны. Æ взонг ма куы уыд, уæ д æ й кæ д уыдта? Фæ лæ куыд рæ зыд, азтæ йыл куыд цæ уынц, афтæ йæ уыны арæ хæ й-арæ хдæ р. Бонæ й-бонмæ кæ рæ дзимæ кæ нынц хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р. Æ мæ иубон сæ мбæ лдзысты. Æ мæ кæ д?.. Кæ д?.. Æ рхæ ццæ... æ рхæ ццæ уыдзæ н уыцы бон. Æ мæ Жаннæ йы уд сæ нусон уыдзæ н, зæ ххон цард æ й нал æ ндавдзæ н. Фынтæ... уыцы æ нахуыр фынтæ дæ р нал уындзæ н.

Жаннæ университетмæ бацæ уынмæ фæ лварæ нтæ м йæ хи куы цæ ттæ кодта, уæ д иуæ хсæ в федта æ нахуыр фын. Цалынмæ цæ ра, уæ дмæ йæ нал ферох кæ ндзæ н. Уæ дæ й нырмæ цал азы рацыд, фæ лæ йæ цыма дысон федта.

Астæ уккаг скъола хорз бæ рæ ггæ нæ нтимæ каст фæ ци: йæ аттестаты æ ртæ цыппары, иннæ тæ — фондзтæ. Уæ ддæ р тарст: фæ лварæ нты куы фæ къуыхцы уа, куынæ бахауа, æ мæ йæ къухы цыдæ риддæ р литературæ æ фтыд, уыдон æ лхæ дта, æ хсæ в-бон нал зыдта, йæ сæ р чингуытæ й хæ рдмæ нал иста, бон-иу ыл æ рбарухс. Билеттæ ссардта, билеттæ м гæ сгæ йæ хи цæ ттæ кодта сæ рмагондæ й, конспекттæ фыста. Фæ лварæ нтæ хъуамæ ратта æ нтыстджынæ й, кæ мæ й æ взæ рдæ р у? Цæ мæ н хъуамæ лæ ууа гобийæ? Æ хсæ в не схуысдзæ н, уæ ддæ р сахуыр кæ ндзæ н. Мад дæ р æ мæ йын фыд дæ р цалдæ р хатты дзырдтой:

— Улæ фгæ дæ р-иу акæ н, цы ’рцыд? Æ хсæ в, бон куынæ уал зоныс.

— Бахаудзынæ. Дæ хи цæ уыл удхарæ й марыс!

— Æ гæ р ахуыр дæ р хорз нæ у, хи хъахъхъæ нын хъæ уы.

Мад-иу Жаннæ йы уатмæ бацыд æ мæ -иу ын йæ рухс æ ркъæ пп кодта: гъер чиныджы кæ сæ д, йæ хицæ н цыдæ ртæ фыссæ д. Чызг æ м никуы смæ сты: йæ зæ рдæ йын хорз кæ й зæ гъы, уый зыдта. Маринæ æ мæ йын Темыр зæ рдæ вæ рæ н ныхас кодтой, ныфс дзы уагътой: ма тыхсæ д, æ нæ мæ нгæ й университетмæ бахаудзæ н.

— Уæ дæ ды куынæ бахауай, уæ д ма хъуамæ чи бахауа? — дзырдтой ныййарджытæ фидарæ й, ныфсджынæ й. Æ мæ йæ хи дæ р ныфс уыд; сызгъæ рин майдан нæ райста, фæ лæ сæ къласы хуыздæ р чи ахуыр кодта, уыдонæ й иу у. Бæ гуыдæ р, сызгъæ рин майдан дæ р райстаид, бæ гуыдæ р: æ мбæ лд ын. Уæ дæ йæ кæ мæ н раттой? Аркади — уый Жаннæ йæ хуыздæ р ахуыр кодта? Фылдæ р зоны? Се скъоламæ хауы иу сызгъæ рин майдан æ мæ хъуамæ кæ й хай фæ уа? Кæ й зæ гъын æ й хъæ уы, скъолайы директоры лæ ппу Аркадийы. Уый разæ й йæ хъуамæ Жаннæ йæ н раттой?

Æ мæ Жаннæ хуыздæ р куы ахуыр кæ ны. Чи загъта? Иуæ ндæ сæ м къласмæ куы бацыдысты, фыццаг мæ й — сентябрь куы ахицæ н, уæ д чызг бамбæ рста: цыфæ нды хорз ахуыр кæ нæ д, арвæ й стъалытæ скъæ фæ д, уæ ддæ р сызгъæ рин майдан уымæ н нæ ратдзысты. Райсдзæ нис æ й скъолайы директоры лæ ппу Аркади æ мæ йын уæ д уæ лдæ р ахуыргæ нæ ндоны дуæ рттæ — гом. Ахуыргæ нджытæ й чидæ ртæ, чи æ ргомæ й, чи та аивæ й, архайдтой, цæ мæ й Жаннæ фæ къуылымпы уа, сызгъæ рин майдан ма райса. Урок дзуры, уæ д æ м иу фарста ратт, иннæ, фæ ндзæ м: уадз фæ оцани уа, уадз йæ къах бакъуыра, уадз ныссуйтæ уа. Фыццаг рæ стæ г, цыма ницы зоны, йæ хи афтæ дардта. Мидæ гæ й та... Скъолайы дæ р æ мæ сæ химæ дæ р иунæ гæ й аззад, уæ д-иу йæ кæ уын йæ хъуырмæ схæ ццæ, цæ стытæ доны зылдысты. Цал æ мæ цал хатты фæ куыдта сусæ гæ й. Жаннæ Аркадийæ бирæ хуыздæ р куы ахуыр кæ ны, уæ д уый куыд раст у? Аркадийы сыфцæ й ласæ гау тыххæ й ласынц, уый та... Цард афтæ æ гъатыр цæ мæ н у? Адæ м афтæ чъизи цæ мæ н сты? Кæ м и рæ стдзинад? Æ цæ г цард рæ стдзинадæ й дард кæ й у, уый уæ д райдыдта æ мбарын.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.