Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 13 страница






Темыр йæ хи нал баурæ дта æ мæ йæ фæ рсы:

— Аслан исты бæ ллæ хы бахауд? Исты фыдбылыз æ рцыд? — милиционеры фарсмæ бандоныл сбадт. Капитан, милицæ йы кæ й кусы, уый æ вдисæ н йæ дзыппæ й систа æ мæ йæ стъолыл æ рæ вæ рдта. Йæ хи бæ лвырд бацамыдта, стæ й Темырмæ бакаст æ мæ загъта:

— Ды дæ Асланы фыд, дæ ном...

— Темыр.

— Сылгоймаг — дс ’фсин, уæ ртæ зæ ды хуызæ н, уый та — уæ чызг. Æ мæ фæ рнæ й цæ рут, фæ лæ уæ м хорз хабар не ’рбахастон. Уæ лæ ппу — Аслæ нбег — уæ хæ дæ г æ й хуыздæ р зонут, цы у, чи у, цы мигæ нæ г у? Хъуамæ ахæ стоны иу æ мæ дыууæ хатты нæ бадтаид, фæ лæ йын фæ тæ ригъæ д кæ нынц: цы фæ уыдзæ н, куыд ацæ удзæ н йæ хъысмæ т? Уæ ддæ р та, ирæ ттæ стæ м æ мæ...

Бинонтæ й ничи ницы дзуры, милиционер йе ’рбацыды сæ р кæ д зæ гъдзæ н, уымæ ’нхъæ лмæ кæ сынц. Темыр капитанмæ хæ стæ гдæ р бабадт. Жаннæ стъолы кæ рон æ рлæ ууыд. Æ фсæ рмы нæ кæ ны, уæ д милиционерæ н йæ фындзы бынмæ бацæ уид æ мæ йын зæ гъид: «Цы схæ ц-ныххæ ц кæ ныс? Цы зæ гъинаг дæ, уыйма зæ гъ!»

Милиционер бинонтыл афæ лгæ сыд:

— Фæ лæ уæ лæ ппу ныр афтæ арф нынныхст, æ мæ йæ фæ ндаг æ мраст цæ уы ахæ стонмæ, раирвæ зæ н ын нал и.

— Æ мæ уæ ддæ р цы ракодта? — Темыр капитанмæ комкоммæ кæ сы.

— Цы ма кæ на? Ахæ стоны æ ппынкъаддæ р хъуамæ абада фондз-авд азы.

— Мæ гуыры бонтæ, — йæ сæ р нынкъуыста мад, йæ цæ нгтæ йæ риуыл дзуарæ вæ рд акодта. — Аслан ахæ стоны иу аз дæ р нæ бафæ раздзæ н. Нæ -æ, уымæ н æ руадзæ н нæ й.

Жаннæ, йæ мад чысыл иуварсдæ р куы лæ ууид, уæ д ын исты хуызы ацамонид: ныртæ ккæ дзурын ницы хъæ уы, æ цæ гдзинад цы у, уый уал базонæ м. Милиционеры ныхæ стæ... Уый цæ мæ ’рбацыд, цы йæ хъæ уы, уый чысыл сывæ ллон дæ р зоны, йæ цæ стытыл хорз фыст у: фылдæ р æ хца цы хуызы ратона. Барадхъахъхъæ нæ г кусджытæ н дын æ хца ратонынæ н фадат фæ уа, чысыл фадат дæ р, æ мæ уымæ й ма спайда кæ ной, сæ фарчыхай ма ратоной, уый гæ нæ н куыд и? Чызгмæ хатгай афтæ фæ кæ сы, цыма барадхъахъхъæ нæ г оргæ нты кусджытæ иу джипы уагъд сты, æ ддаг бакастæ й — алыхуызон цæ сгæ мттæ -маскæ тæ, мидæ гæ й та — иухуызон, иу цæ сгом. Нæ! Се ’ппæ т давджытæ, æ дзæ сгом, цæ стфæ лдахджытæ, гæ ртамисджытæ куыд уыдзысты? Фæ лæ се ’ууæ нк бахордтой æ мæ... Диссаг куыд нæ у! Закъонтæ, адæ мы, дæ у чи хъахъхъæ на, уыдонæ й ды дæ хæ дæ г тæ рс, уыдон — фыццаг стигъджытæ, æ мæ сæ дæ хи хъахъхъæ н.

— Мæ нæ æ фсин раст зæ гъы, уæ лæ ппу ахæ стоны аз нæ, фæ лæ мæ й дæ р нæ бафæ раздзæ н, — йæ къæ хтыбынæ й ныуулæ фыд капитан, цыма Асланы мæ тæ й дысон-бонмæ нæ бафынæ й, тынг ыл тыхсы, йæ зæ рдæ йыл тынг риссы. Уымæ н йæ зæ рдæ цæ уыл риссы, Жаннæ уый хорз зоны: йæ нывондаджы тынгдæ р куыд бастигъа, æ нцонæ й йæ чи ауадза, ахæ мы каст нæ кæ ны.

Милиционер йæ ныхас фæ бæ лвырддæ р кодта:

— Æ мæ æ з дæ р ууыл хъуыды кæ нын: уæ лæ ппу ахæ стоны мæ й нæ, фæ лæ цалдæ р боны дæ р нæ бафæ раздзæ н æ мæ йæ ратонын хъæ уы.

— Æ мæ уæ ддæ р цы ракодта? — ногæ й та йæ фæ рсы Темыр.

— Цы ма ракæ на? Мæ нæ, кæ й бастыгъта, бонсихорафон кæ й бабын кодта, уый йæ йæ хæ дæ г хуыздæ р зæ гъдзæ н, — йемæ цы лæ ппулæ г æ рбацыд, уымæ разылд капитан.

— Мæ машинæ Викалинæ йы базары цур фæ уагътон. Сигнализаци сæ вæ рдтон æ мæ æ дас уыдтæ н. Бирæ нæ афæ стиат дæ н, нымадæ й цалдæ р минуты. Рацыдтæ н æ мæ... — лæ ппу ныссабыр, йæ сæ р банкъуыста. — Рацыдтæ н, кæ сын æ мæ машинæ йы дуар — гом, магнитофон нал и, йæ телтæ — пырхытæ. Чысыл фалдæ р дыууæ милиционеры лæ ууынц. Азгъордтон сæ м. Сæ иу мæ нæ Сослæ нбег. Фæ лтæ рдджын кусджытæ. Кæ рæ дзимæ бакастысты æ мæ, цыма дзырд бакодтой, афтæ иумæ загътой: «Уый уыдаид».

— Сабыргай, куыд ничи сыл фæ гуырысхо уа, цыма сæ зæ рдæ ты дзæ бæ хæ н тезгъо кæ нынц, æ ппындæ р сæ ницы æ ндавы, афтæ базары зилынц. Стæ й æ васт иу лæ ппуйы ацахстой. Йæ фарсмæ — йæ кары, чысыл бæ рзонддæ р лæ ппу — йæ хи размæ аппæ рста, адæ мы ’хсæ н æ рбайсæ фт.

— Уый дæ р нæ дард нæ аирвæ здзæ н, — магнитофоны хицаумæ бакаст милиционер. — Уыцы лæ ппу уыд, дæ фырт магнитофон кæ мæ н æ рбауæ й кодта, уый. Аслан алцæ уыл дæ р басаст, алцыдæ р радзырдта. Магнитофон цы æ хцайыл æ рбасатар кодта, уыдон ын йæ дзыппæ й систам.

— Дæ с æ мæ ссæ дз мины аргъ магнитофон дыууæ миныл авæ р, — лæ ппу йæ сæ р банкъуыста, Темырмæ бакаст, ома цы ницæ йаг фырт дын и.

— Уый йæ, иу укол цæ мæ й скæ на, уый аргъыл дæ р авæ рдтаид. Ацы наркомантæ н сæ хъуыддаг æ з хорз зонын. Бахъахъхъæ нут уæ лæ ппуйы, бынтон æ й сæ фын ма бауадзут, — тæ ригъæ дгæ нæ гау загъта капитан.

— Æ мæ ныр Аслан кæ м и? — Жаннæ стъолмæ хæ стæ гдæ р бацыд.

— Кæ м хъуамæ уа? — бахудт милиционер. — Рестораны йæ зæ рдæ йы дзæ бæ хæ н минас кæ ны. Кæ м хъуамæ }’а? Рæ стæ гмæ уал — милицæ йы, куынæ йæ ратонат, уæ д та йæ фæ ндаг æ мраст цæ уы ахæ стонмæ.

Темыр йæ бадæ нæ й сыстад, йæ цæ нгтæ стъолмæ сбыцæ у кодта æ мæ сыл йæ уæ з æ руагъта.

— Папæ, — йæ цонгыл ын йæ арм æ рхаста чызг, — дон дын радавон?

— Нæ, ницы мæ хъæ уы, — фыд бандоныл фæ стæ мæ йæ хи ’руагъта. Жаннæ дæ р — йæ фарсмæ. Асланы бæ ллæ х бинонтæ й алкæ мæ н дæ р зын куыд нæ у, фæ лæ Темырæ н куыд зын у, æ вæ ццæ гæ н, афтæ никæ мæ н.

Милиционер цыдæ р æ нæ ууæ нк зыны, æ гæ р ракæ нонхуыз ын и, йе ’фсармы сæ рты раджы чи ахызт, ахæ м у. Аслан магнитофон адавта æ ви нæ, уый нырма равзарын хъæ уы. Кæ д ыл дау æ ркодтой, уæ д та? Кæ д, фæ тарст æ мæ йын уыдон цы дзырдтой, ууыл сразы, уæ д та? Чи йын цы зоны. Давы, æ мæ уый Жаннæ дæ р зоны. Фæ лæ ныр... Ныр, цыфæ нды дæ р уæ д — милицæ раст уыдзысты, семæ дзурæ н нæ й. Тыхныхас, уæ д...

Капитан Темырмæ лæ мбынæ г кæ сы, цыма, цæ уыл хъуыды кæ ны, уый базонынмæ хъавы. Æ мæ цæ уыл хъуыды кæ ны? Йæ фыртыл. Цæ мæ й ахæ стонмæ ма бахауа, уый тыххæ й йæ фæ стаг хæ дон дæ р ратдзæ н. Цы хуызы йæ фервæ зын кæ на? Куыд ын баххуыс кæ на?

— Ахæ м рæ стæ г алы минут дæ р зынаргъ у, — милиционер та йæ ракæ нон, æ дзæ сгом цæ стытæ Темыр, Маринæ æ мæ Жаннæ йыл ахаста. — Гæ ххæ ттытæ фыст нæ ма ’рцыдысты, куыддæ р арæ зт æ рцæ уой æ мæ сын фæ ндаг лæ вæ рд æ рцæ уа, афтæ сæ министры бон дæ р æ руромын нал уыдзæ н. Æ мæ лæ ппу фесæ фт, бабын. Мæ нæ машинæ йы хицау, Хуыцауы уарзон адæ ймаг, æ мæ йæ ницы хъæ уы, йæ магнитофоны аргъ у дæ с æ мæ ссæ дз мины æ мæ йын уый бафидут, кæ нæ йын ахæ м магнитофон балхæ нут, æ мæ хъуыддаг ныссабыр кæ ндзыстæ м.

Машинæ йы хицау ныхас йæ химæ айста:

— Уæ лæ ппу мын мæ магнитофон кæ й адавга, уый тыххæ й гæ ххæ тт нæ ма балæ вæ рдтон. Ахæ стоны фæ баддзæ н, уый мæ нæ н цы пайда у?

— Дæ с æ мæ ссæ дз мины, — ныуулæ фыд Темыр, йæ бинойнаг æ мæ йæ чызгмæ разылд, кæ сы сæ м. Цыфæ ндыйæ дæ р æ хца ссарын хъæ уы. Аслан ахæ стонмæ бахауа, уый гæ нæ н нæ й, уырдыгæ й нал рацæ удзæ н. Ныр дæ р дзой-дзой куы кæ ны, бафу йыл кæ н æ мæ ахаудзæ н.

— Дæ с æ мæ ссæ дз мины, — цыма уыцы ’хца хъуамæ уый ссара, æ мæ йын тынг зын у, ахæ м хъæ лæ сæ й загъта милиционер.

— Уый — магнитофоны аргъ. Иу уыйбæ рц та, дæ с æ мæ ссæ дз мины, цæ мæ й гæ ххæ ттытæ арæ зт ма ’рцæ уой æ мæ хъуыддаг тæ рхондонмæ ма бахауа, уый тыххæ й. Æ рмæ ст, уæ хорзæ хæ й, рæ стæ г ма сафут, алы минут дæ р зынаргъ у.

— Цы? — йæ сæ рыл схæ цыд Темыр æ мæ милиционермæ кæ сы.

— Иу уыйбæ рц ма, зæ гъыс? Æ мæ уыйбæ рц æ хца хъуамæ кæ м ссарæ м? Къуыри нæ сасирæ й куы фæ луарат, уæ ддæ р уыйбæ рц æ хца никæ м ссардзыстæ м. Аппарæ н дзы нæ й? Уыйбæ рц æ хца...

— фыды хъæ лæ с ризы, цы кæ на...

Милиционер базмæ лыд, цыма сыстынмæ хъавы. Фæ лæ не сты:

— Нæ фыдыхай, нæ й, ницы хуызы йын ис фæ къаддæ ргæ нæ н, ахæ м уæ ззау фыдракæ ндæ н уый у тæ ккæ къаддæ р аргъ. Алы фыдракæ ндæ н, алы хъуыддагæ н дæ р ис йæ хи аргъ, æ мбарыс мæ? Æ мæ дзы æ ппарæ н нæ й. Уæ д мæ мæ хи дзыппæ й фидын хъæ уы æ мæ хъуамæ искæ й тыххæ й мæ мæ гуыр капеччытæ цæ мæ н хардз кæ нон. Æ мбарыс мæ? Мæ нæ н дæ р бинонтæ и.

— Цы чындæ уа, нæ зонын. — Темыр æ дзæ мæ й бады, йæ уæ нгтæ æ ркалдысты, ныггуыбыр.

Милиционер сыстад. Сыстад йе ’мбал дæ р.

— Æ хца раттын хъæ уы райсом, дæ с сахатыл. Уыйфæ стæ ницыуал хъæ удзæ н. Райсом мын кусгæ бон нæ у, фæ лæ сымах тыххæ й æ рбацæ удзынæ н, — капитаны хъæ лæ с нырмæ дæ р сойæ сæ рсты хуызæ н фæ лмæ н æ мæ лæ гъз нæ уыд. Ныр ноджы фæ карздæ р.

— Дæ с сахатмæ, зæ гъыс... — сыстад Темыр. — Æ мæ уæ дмæ уыйбæ рц æ хца кæ м ссардзыстæ м? — йæ хъæ лæ с, цыма скæ уынмæ хъавы, афтæ ризы, ферхæ цы.

— Ссардзыстут, ссардзыстут, хорз лæ г. Уыдон капеччытæ сты. Адæ ймаджы цард алцæ мæ й дæ р зынаргъдæ р у. Райсомы дæ с сахатмæ уал, — æ мæ акъахдзæ ф кодта, фæ лæ йæ Темыры ныхас фæ урæ дта.

— Æ мæ ’хца куы раттæ м, уæ д лæ ппуйы суæ гъд кæ ндзыстут?

— Уый та куыд зæ гъыс? Уыцы сахат нæ, фæ лæ уыцы минут.

Æ нæ нхъæ лæ джыйы хæ ддзу уазджытæ ацыдысты, æ мæ Жаннæ йæ н куыддæ р фенцондæ р. Нæ сæ бауарзта, йæ зæ рдæ сæ нæ райста. Уæ лдайдæ р уыцы милиционер, æ хсæ нтæ дон ын йæ цæ сгомыл бакал, уæ ддæ р йæ цæ ст нæ фæ ныкъулдзæ н. Чызг раздæ рты хъуыды кодта: алцæ мæ н дæ р фæ лгæ т и. Нæ й! Фæ лгæ т ницæ мæ н и. Ахæ м ма дзы æ дзæ сгом уа? Æ хца уал сахатмæ уыцы уатмæ æ рбахæ ссут. Цыма йын, йæ сыгъдæ г фæ ллойæ н цы мызд æ мбæ лы, хъуамæ уый бахæ ссой. Тæ рсгæ дæ р нал кæ нынц. Давын, сайын, гæ ртам исын, цæ стфæ лдахæ н митæ царды æ ууæ лтæ систы. Æ мæ цæ мæ н тæ рсой? Халон халоны цæ ст къахы? Зоны йæ, Жаннæ рæ дийы, фæ лæ йæ м хатгай афтæ фæ кæ сы, цыма адæ м иууылдæ р давджытæ сты, цыма, гæ нæ н æ мæ амал кæ мæ н и, уыдон иууылдæ р гæ ртам исынц, цыма раст æ мæ сыгъдæ г адæ ймагæ н нæ царды бынат нал и.

Бинонтæ хæ дзармæ бацыдысты. Мæ рдджыны хуызæ нæ й. Ничи ницы дзуры. Æ мæ цы дзурой? Фæ нды сæ, нæ фæ нды, сæ бон у, нæ у, уæ ддæ р сæ æ хца ссарын хъæ уы. Темыр ныуулæ фыд, ныууынæ ргъыдта:

— Ацы лæ ппу нæ смæ гуыр кодта, нæ къæ хтыл слæ ууынхъом нал стæ м. Æ мæ цы нæ бон у? — Маринæ мæ разылд. — Кассæ йы ма нын исты ис?

— Æ вддæ с мины.

— Жаннæ, лæ ппутæ м-ма адзур, Фатимæ йæ н дæ р зæ гъ, æ мæ кæ д, мыййаг, сæ бон истæ мæ й феххуыс кæ нын у, уæ д...

— Папæ, мызд нын мæ йы райдайæ ны фæ дæ ттынц, фæ лæ æ хца нæ уыд æ мæ нын æ ндæ рæ бон радтой, стæ й ма мæ м цыдæ ртæ уыд æ мæ, дыууадæ с мины мæ м ис.

— Бæ ргæ, хорздзинадæ н нæ куы бахъуыдаиккой, фæ лæ... — мад йæ чызгмæ бакаст.

— Уæ ддæ р ма нæ иуæ ндæ с æ мæ ссæ дз мины ссарын хъæ уы, — дзуры фыд.

Чызг йæ уатмæ бацыд: йе ’мкусджытæ й искæ мæ адзурид, искæ мæ й æ хца райсид æ мæ... Сæ бæ рнон секретарь æ нæ ’хца никуы вæ ййы. Нæ. Никæ мæ дзуры. Фæ стæ мæ сæ раттын йæ къухы куынæ уал бантыса, уæ д — худинаг. Цы йæ схондзысты? Цы дзурдзысты?

Темыры ныхас хъуысы:

— Нæ хиуæ ттæ куы ницы феххуыс кæ ной, уæ д уал искæ мæ й æ фстау райсын хъæ уы. Нæ дыгæ рдыг ауæ й кæ ндзыстæ м æ мæ сæ бафиддзыстæ м.

Чызг йæ сæ р банкъуыста: Аслан... Аслан сæ ахæ м уавæ ры цал æ мæ цал хатты баппæ рста? Æ мæ та йæ сыфцæ йласæ гау ралас. Иуырдæ м тæ х, аннæ рдæ м згъор, лæ гъстæ кæ н, дæ уæ рджытыл æ рхау. Уæ вгæ ма ныры рæ стæ г уыдæ ттæ кæ й хъæ уынц. Æ хцайы æ взаг — се ’ппæ тæ й тыхджындæ р, уый алцыдæ р сараздзæ н. Æ мæ хæ дзары ауæ йгæ нæ н цы ис, уый ауæ й кæ н, хæ сты бацу, уæ ддæ р дæ лæ ппуйы скъах, ахæ стонмæ йæ ма бауадз.

Жаннæ телефоны хæ тæ л систа: кæ мæ уал адзура? Ахуырбегмæ? Вадим æ мæ Фатимæ мæ дæ р адзурдзæ н, фæ лæ... Цъысымы куы бахауынц, уæ д та сæ тъæ пп Ахуырбегыл фæ цæ уы, цыма уымæ н йæ хо æ мæ йе ’фсымæ рæ й йæ къух фылдæ р амоны, бонджындæ р у. Уый йæ фæ стаг капекк дæ р нæ бавгъау кæ ны.

— Ахуырбег, дæ бон хорз. Хъусыс мæ?

— О, Жаннæ дæ н. Хорзæ й... Хорзæ й нæ м ницы ис. Аслан та бахауд.

— Æ намонд у æ мæ... Æ мæ цы зæ гъынц?

— Æ ртиссæ дз мины агурынц. Æ мæ дæ с æ мæ ссæ дз нæ химæ ис, фæ лæ иннæ тæ... Æ дзух дæ хъыгдарæ м æ мæ...

— Уæ хъалæ й мæ нæ хъыгдарут. Омæ... Омæ хорз, Жаннæ, истытæ ссардзыстæ м. Темыр æ мæ Маринæ хæ дзары сты? Телефон-ма сæ м ратт, сæ хиуыл фæ хæ цæ нт, сæ хи та ма бахæ рæ нт.

— Дæ ттын телефон.

— Папæ, салам. Маринæ йæ н дæ р зæ гъ æ мæ уæ хи æ гæ р ма тыхсын кæ нут, уæ хи хъахъхъæ нут. Æ хца райсоммæ хъæ уы? Гъемæ хорз.

— Хорз, хорз, Ахуырбег, — фыд телефон Жаннæ мæ радта. — Ныр мын фенцондæ р, — æ мæ ныссабыр. Йæ химидæ г йæ хъуыдыты аныгъуылд, Маринæ мæ бакаст. — Ахуырбег дæ р дын мæ лæ ппу æ мæ Вадим дæ р. Диссаг, бынтон афтæ алыхуызæ ттæ цæ мæ н сты?

— Цот иууылдæ р æ мхуызон уой, уымæ н уæ вæ н нæ й, — дзуры мад.

— Фæ лæ уый дæ р куыд раст у, цыма иу мад, иу фыдæ й гуырд не сты. Ахуырбегмæ уæ лдай æ хцатæ и? Йæ фæ стаг капеччытæ йæ бинонты, йæ цоты хъуырæ й ратоны æ мæ та сæ сæ рвиты. — Темыр диваныл йæ хи фæ стæ мæ ауагъта, йæ цæ стытæ бахгæ дта. Æ вæ ццæ гæ н æ й хуыссæ г ахсы. Чызг æ нæ уынæ рæ й йæ уатмæ бацыд, мад та сарамæ рахызт: мыййаг, кæ д Темыры хуыссæ г ахсы, уæ д бадгæ йæ афынæ й кæ на.

Жаннæ йæ н дæ р фенцондæ р. Æ хца кæ й ссардтой, искæ мæ й курын сæ кæ й нæ бахъуыд. Вадим æ мæ ма Фатимæ мæ адзура, æ ви... Нæ йæ фæ нды, фæ лæ... адзурдзæ н сæ м. Барæ й, кæ ддæ ра цы зæ гъиккой. Диссаг, фылдæ р кæ мæ и, уыдон æ лгъиндæ р, чъындыдæ р цæ мæ н сты.

Фыццаг дзæ нгæ рæ г уал Вадиммæ.;

— Уæ дæ та уыцы фаджыс йæ хи лæ хы нытътъыста, зæ гъыс. Иу хатт дзы куы аирвæ зид æ мæ дзы куы фервæ зиккам, уæ д хуыздæ р уаид, бæ ргæ.

— Æ мæ нæ æ хца агурынц, æ ртиссæ дз мины, æ мæ йæ уæ д рауадздзысты.

— Æ ртиссæ дз мины! Æ мæ уыйбæ рц æ хца хъуамæ кæ м ссарат. Уый кæ уылты æ хца у. Йæ хæ дæ г æ д тъæ нгтæ æ ртиссæ дз капеччы аргъ куынæ у, уæ д...

— Нæ зонын. Нæ зонын.

— Æ мæ æ ркæ сут, æ ркæ сут, мæ нæ н ныртæ ккæ мæ бон ницы у. Районы мæ цыдæ р хъуыддаг и, нæ химæ дæ р бауайдзынæ н æ мæ ма аныхæ стæ кæ ндзыстæ м, — Вадим йæ телефон акъæ пп кодта. Тагъд æ й ардæ м хъæ уы, йæ дзыппытæ æ хцайæ фæ йнæ рдæ м тондзысты, афтæ мæ й. Æ ртиссæ дз мины анымайдзæ н æ мæ сæ стъолыл æ рæ вæ рдзæ н.

Жаннæ ныр та Фатимæ мæ дзуры, йæ хистæ р хомæ. А-а, Жаннæ дзуры. Бахатыр ын кæ нæ д, цалдæ р минуты фæ стæ операци райдайдзæ н æ мæ йын æ ппындæ р фезмæ лæ н нæ й. Аслан та бахаудис, зæ гъыс. Æ мæ йын цы нæ бон у, фыццаг хатт ын нæ у, ахуыр ыл стæ м. Æ ртиссæ дз мины агурынц? О-о! Махæ н нæ бон ницы у, уый зонын. Æ ртæ мины бахъуаджы сахатмæ бавæ рдтон æ мæ сæ райсом ныддавдзынæ н. Хуыздæ р та уаид, дæ хæ дæ г сæ м куы суаис, уæ д. Æ ппындæ р мæ не ’вдæ лы. — Æ мæ йæ телефон ахуыссын кодта.

Чызг бахудт. Йæ хо тынг æ нæ вдæ лон у, операци хъуамæ скæ на, æ мæ уый та æ хца у, æ рмæ джы æ хца, цæ ттæ æ хца. Æ мæ уый уадзæ н и? Фатимæ йæ м, чысыл раздæ р сæ м æ хцайы тыххæ й цы милиционер æ рбацыд, уый хуызæ н кæ сы. Æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, се ’хсæ н тыгъдбыдыртæ нæ й. Сæ иу — хирург, иннæ — милиционер, сæ иу — нæ лгоймаг, иннæ — сылгоймаг, фæ лæ иухуызон, иу джиппы уагъд. Акæ са, Фатимæ мæ æ хца нæ й, йæ къухтæ м æ мхасæ нтæ кæ ны, мæ гуырæ й сæ фы. Æ рмæ стдæ р æ м ис æ ртæ мины, йе ’вæ рд æ хца, æ мæ сæ ратдзæ н. Бафæ рсын æ й хъуыд: æ мæ, абон операци кæ мæ н кæ ны, уымæ й æ хца нæ ма райста? Нæ! Райстаид дзы. Жаннæ йы хо дардыл хъуыды кæ ны: цы нæ вæ ййы, уæ д та йын операцийы фæ стæ рынчын æ хца нал дæ тты, иннæ рдæ м ныкъкъуырдта. Паддзахадон рынчындæ тты хъуамæ адæ мы лæ вар ма дзæ бæ х кæ ной?..

Чызг йæ уатæ й рахызт. Фыд æ мæ мад сарайы даргъ бандоныл бадынц.

— Фатимæ æ мæ Вадиммæ адзырдтон. Фатимæ операци кæ ны æ мæ йын æ руайыны фадат нæ й, фæ лæ Вадим æ руайдзæ н. — Жаннæ йæ мады фарсмæ сбадт. Уый йæ м разылд:

— Чи зоны, дзурын сæ м нæ хъуыди, фæ тæ рсдзысты.

— О, сæ хи фыртыхст, фыркатайæ Терчы змæ ст уылæ нты куы баппарой, уымæ й тынг тæ ссаг у, — бахудт чызг. Темыр æ нцад бады. Асланы цæ мæ й рауадзой, уый тыххæ й æ хца ссардтой, æ мæ йæ цæ сгомыл рухсы тæ пп фæ зынд, фæ лæ та ныр нынкъард, нырхæ ндæ г. Куы фæ тыхсы, мæ стджын куы вæ ййы, уæ д йæ химидæ г фæ уынæ ргъы, йæ риуы хæ р-хæ р фæ хъуысы. Æ мæ уый мад дæ р æ мæ чызг дæ р зонынц, фæ лæ йыл нæ ахуыр кæ нынц: фæ тæ рсынц, мацы кæ нæ д. Ныр дæ р та йæ риуы хæ р-хæ р хъуысы, тыхулæ фт кæ ны.

— Папæ, цы кæ ныс?

— Зицы.

— Папæ, ма тыхс, Аслан райсом нæ химæ уыдзæ н.

Фыд йæ чызгмæ разылд, йæ цæ стытæ, цыма скæ уынмæ хъавы, — доны зилынц. Æ нкъард, сагъæ сæ й семыдзаг мигъбадт цæ стытæ.

— Афтæ мæ й куыд цардæ уа, — йæ къæ хтыбынæ й ныуулæ фыд Темыр. — Цард лæ гъз фæ ндаг кæ й нæ у, уый зыдтон: къуыбыртæ дзыхъхъытæ, фæ хæ рдгæ нæ нтæ -ныууайæ нтæ, къæ дз-мæ дзытæ, бырынцъаг. Фæ лæ афтæ суйтæ, афтæ куырмæ лхъынцъытæ уыдзæ н, уый æ нхъæ л нæ уыдтæ н. Хъуыды кодтон, зæ гъын, уыцы дыгæ рдыг Джеоргуыбайы аргæ вддзыстæ м æ мæ бæ рæ гбоны хæ йттæ Вадимæ н дæ р, Фатимæ йæ н дæ р æ мæ нæ иннæ хæ стæ джытæ н дæ р арвитдзыстæ м. Фæ лæ йæ ауæ й хъæ уы æ мæ Ахуырбегæ н йе ’хца арвитдзыстæ м. Æ дзух уæ з ууыл æ рæ нцайы æ мæ тæ ригъæ д у. Зæ рдæ, зæ рдæ хъуамæ уа адæ ймагæ н, уый куынæ уа, уæ д адæ ймаг адæ ймаг нæ у, уæ д уый дур у. Мæ бинонты цард искæ д афтæ ныссуйтæ уыдзæ н, уый æ нхъæ л никуы уыдтæ н.

— Папæ, — Жаннæ Темыры уæ хскыл йæ сæ р æ руагъта, — зæ ххыл ахæ м бинонтæ нæ й, алцæ мæ й дæ р, алы хуызы дæ р амондджын чи у. — Зæ гъынмæ ма хъавыд: «Ахуыргæ ндтæ, стыр фысджытæ куыд дзурынц, афтæ мæ й бинонты цард у сусæ гдзинæ дты сусæ гдзинад, бинонты цардæ й æ мбæ хстдæ р æ мæ зындæ р ницы и, авд дуары йыл — стыр авд гуыдыримæ». Фæ лæ ницыуал загъта: мад æ мæ фыд сæ хæ дæ г алцыдæ р хорз зонынц, уый хъуамæ уыдонæ н цыдæ ртæ дзура. Йæ телефон. Чидæ р... Вадим.

— Хъусын. Хъусын. Хорз.

Чызг телефон стъолыл æ рæ вæ рдта.

— Вадим дзырдта. Æ руайынмæ хъавыд, фæ лæ йын абон фадат не суыдзæ н. Чи зоны, райсом сæ мбæ ла.

— Нæ дуæ рттæ йыл нæ сæ хгæ ндзыстæ м, — сыстад фыд. — Æ з цæ хæ радонмæ акæ сон.

— Цом мах дæ р, нæ хæ дзары куыстытæ акæ нæ м. — Мад æ мæ чызг дæ р сыстадысты, хæ дзармæ бацыдысты.

 

31-æ м августмæ ма баззад 14 боны.

17-æ м август. Къуырисæ р. 2009 аз

Мад Жаннæ йы уаты дуарыл бахæ цыд, мидæ мæ нæ бахызт:

— Цæ уæ м?

— Цæ уæ м, Мамæ.

Чызг фыццаг хъавыд: йæ хæ дæ г иунæ гæ й ацæ удзæ н, йæ мады цы тыхсын кæ ны. Фæ лæ Маринæ ныллæ ууыд, ноджы фидарæ й:

— Æ з дæ р цæ уын.

Йæ катай йын æ нкъары æ мæ... Аслан та кæ й бахауд, цыма уый хионтæ, сыхæ гтæ æ мæ Жаннæ йы æ мкусджытæ дæ р зонынц, афтæ йæ м кæ сы. Цы æ дылы у. Чызг йæ уаты дуар ассыдта: уымæ н дæ р æ мæ бинонтæ н дæ р сахуыр афон бæ ргæ у. Аслан алы бæ ллæ хты цал æ мæ цал хатты бахауд? Æ мæ та дæ фæ стаг капеччытæ схардз кæ н, искæ мæ й ракур æ мæ та йæ бахъахъхъæ н, ралас æ й. Æ вæ ццæ гæ н æ м афтæ кæ сы: афтæ æ мбæ лы, афтæ хъæ уы.

Мад æ мæ чызг автобусты станцæ мæ фæ цæ уынц: горæ тмæ раздæ р цы цæ уа — автобус æ ви маршрутон такси, уым абаддзысты. Æ хсæ з азы размæ ма сæ м «Жигули» уыд, дæ рдджын, бирæ уайæ нты ауад, фæ лæ алцæ мæ й дæ р — цæ ттæ, рæ вдз. Уæ дæ дын Темыр цыдæ р хæ лддзаг машинæ йыл сбаддзæ н? Цал æ мæ сæ м цал азы уыд æ мæ йыл сахуыр, йæ цуры йæ дзыхъхъынног машинæ дæ р нæ хъуыд. Абон дæ р ма куыстаид, фæ лæ йæ Аслан уæ гъд нал уагъта: Темыр-иу дæ гъæ лтæ бамбæ хста, уæ ддæ р-иу Аслан машинæ цыдæ р хуызы скусын кодта æ мæ йæ ацу æ мæ агур, кæ д æ рбацæ удзæ н, цы сæ м æ нхъæ лмæ кæ сы? Исты фыдбылыз куы ’рцæ уа? Æ мæ фыд скарста: цалынмæ исты бæ ллæ хы нæ бахаудысты, уæ дмæ сæ сæ машинæ ауæ й кæ нын хъæ уы, æ мæ куыд гæ нæ н æ мæ амал и, афтæ тагъддæ р. Æ мæ йæ фыццаг æ лхæ нæ гæ н лæ варæ мхасæ н радта. Темыр æ хсызгонæ й сулæ фыд: æ нæ фыдбылызæ й кæ й аирвæ зтысты. Сулæ фыд, фæ лæ цалдæ р боны уыд мæ рдджыны хуызæ н: цæ рæ нбонты машинæ йыл чи сахуыр, ссæ дз азæ й йæ м фылдæ р цы хæ дтулгæ фæ ци, алы бон дæ р удгоймаджы хуызæ н кæ уыл аудыдта, йæ фыццаг фезмæ лд, йæ фыццаг сулæ фтæ й кæ й æ мбæ рста, уымæ й æ виппайды сидзæ рæ й аззад.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.