Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 24 страница






Мад чызгмæ йæ хи нылвæ ста, йæ сæ ры бын ын йæ армытъæ пæ нтæ бакодта æ мæ йыл схæ цыд:

— Жаннæ! Мæ чызг, райхъал-ма у, уый цавæ р фынæ й у?

Уый — тарффынæ й. Æ нустæ м.

Мад чызджы уæ хсчытыл ныххæ цыд æ мæ йæ тынгдæ р ныууыгъта:

— Жаннæ! Сыст-ма! Рабад-ма!

Маринæ ссонт, ницыуал ауыны. Бамбæ рста: йæ чызг, йæ хъæ бул... нал и. Æ мæ йæ риу ныххоста, йæ удаист цъæ хахст, йæ удаист богъ-богъ уаты ныццарыдга, уаты къултæ тонынц. Рудзгуыты æ вгтыл сæ хи хойынц. Йæ зонгуытыл æ рхауд æ мæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодта:

— Бабын стæ м! Бабын стæ м!

Темыр, йæ бинойнаджы зæ рдæ халæ н кæ уын, йæ удаист цъæ хахстмæ цыдæ р уысм цавддурауæ й аззад, стæ й разгъордта: цы сыл æ рцыд? Цы кодтой? Цы хабар у? Фæ калд. Сыстад æ мæ та азгъордта. Аслан... Аслан мацы кæ нæ д. Иухатт дæ р ма фæ цæ ймард æ мæ уæ д аирвæ зт. Аслан... Йе ’фсины богъ-богъ хъуысы Асланы уатæ й нæ, фæ лæ Жаннæ йы... Мад йæ чызгыл ныддæ лгом.

— Цы?! Цы?!

— Бабын стæ м! Бабын стæ м!

— Жаннæ?! Жаннæ?! Уый цы у?! — ныккуыдта, ныббогъ кодта фыд. Æ нæ фсармæ й. Хъæ лæ сыдзагæ й. — Жа-а-нн-æ!..

Мад чызгыл ныттыхст, йæ фæ лурс, æ дзард рустыл ын йæ армытъæ пæ нтæ куы иуырдæ м ахæ ссы, куы иннæ рдæ м, йæ цæ ссыгтæ й йын йæ цæ сгом æ хсы.

— Мæ хъæ бул! Мæ чызг! Сыст-ма, рабад-ма, дæ куыстмæ нæ хуын хæ ссын хъæ уы. Рабад-ма...

Аслан аууоны хуызæ н уатмæ куыд æ рбацыд, йæ цæ стытæ доны куыд зылдысты, йæ къухтæ й сæ цалдæ р хатты куыд асæ рфта æ мæ уатæ й фæ стæ мæ куыд ацыд, уый мад æ мæ фыд нæ бафиппайдтой: сæ цæ ссыгтæ й ницы уыдтой.

Цыдæ р уысм мады цъæ хахст кæ уын фескъуыд, йæ цæ стытæ Жаннæ йæ нал исы: цыма йæ м йæ чызг йæ мидбылты худы, цыма ракæ сынмæ хъавы, цыма... Кæ д... Кæ д ма фынæ й у? Кæ д... Æ мæ та мад йæ чызджы ныууыгъта:

— Жаннæ, рабад-ма! Жаннæ!.. — Схæ цыд ыл, цыма йæ рабадын кæ нынмæ хъавы. — Жаннæ?! Мæ чызг?! Ды... ды... Худгæ мыл кæ ныс? Æ мæ æ з бын куы бадæ н! Æ мæ мæ нæ н мæ бон куы бакалд! Æ мæ мæ ныл мæ сæ ууон хур куы аныгуылд!

Темыр кæ угæ йæ къулы æ нцæ йтты æ ддæ мæ рацыд æ мæ сарайы, кæ рты куы иу къуымы æ рлæ ууы, куы иннæ йы, йæ хъуыр æ рбахгæ ны, фыркуыдæ й ферхæ цы. Фæ цуды. Фæ цæ йхауы. Сыхы сылгоймæ гтæ фæ дисы згъорынц, сæ кæ уын, сæ цъæ хахст арауы. Лæ гтæ й дæ р чидæ ртæ кæ угæ ’рбацыдысты. Иугай, дыгæ йттæ й лæ ууынц æ мæ кæ уынц. Ничи сæ ницы дзуры. Чидæ р сæ кулдуар байгом кодта, æ мæ Темыр бамбæ рста: нырмæ дæ р æ й куыд не ’мбæ рста, фæ лæ ныр... мард сыл æ рцыд, судзаггаг мард. Бабын сты. Йæ хъæ лæ сыдзаг никкуыдта. Бабын сты! Бабын сты! Арвæ й дур æ рхауд æ мæ — йæ хæ дзарыл. Æ виппайды кæ уинаг фесты.

Фæ лæ Жаннæ уыдæ ттæ н ницыуал зыдта. Уый ницыуал уыдта. Уый ницыуал хъуыста. Жаннæ уæ лзæ ххон дунейы цæ рæ г нал уыд.

Мад æ мæ фыд, сæ цардбæ ллон чызг Жаннæ цы кодта, цы йыл æ рцыд, уый нæ ма зыдтой. Изæ рæ й, иннæ хæ ттыты куыд вæ ййы, афтæ йæ уатмæ ацыд, нитды дзы рыст. Нæ фæ лæ знон дæ р æ мæ дысон дæ р уыд уæ лдай хъæ лдзæ гдæ р, йæ цæ стытæ й цины рухс калд: йæ райгуырæ н боны къæ сæ рыл лæ ууы, æ мæ рæ сугъд, уæ лмонц æ нкъарæ нтæ сæ хи нæ уромынц. Йæ цинæ й циндзаст сты Маринæ æ мæ Темыр дæ р. Æ мæ дæ чызг изæ рæ й хъазгæ -худгæ йæ уатмæ ацæ уæ д æ мæ йæ райсом йæ сынтæ джы... О Хуыцау, уый цы у?! Цы кодта? Цы йыл æ рцыд? Мад дæ р æ мæ фыд дæ р ницы зонынц, сæ сæ р ницы ахсы.

Уыдон ницы зонынц, фæ лæ, хæ дзары сæ кæ уынмæ, сæ богъ-богъмæ цы сылгоймæ гтæ ’рбазгъордтой, кæ рты æ мæ кулдуары цур цы лæ гтæ лæ ууы, уыдон алцыдæ р зонынц: Жаннæ йæ химæ йæ къух систа, ацы цардæ й ацыд йæ хи барвæ ндæ й.

Маринæ æ мæ Темыры кæ уынмæ, сæ богъ-богъмæ сыхæ гты сылгоймæ гтæ й фыццагдæ р фæ дисы чи ’рбазгъордта, уыдонæ й иу стъолыл къонвертмæ фæ комкоммæ æ мæ йæ зæ рдæ фæ къæ пп кодта: уый хуымæ тæ джы къонверт нæ у, цымæ дзы цы фыст и?

Адæ м фæ фылдæ р сты, æ мæ сылгоймаг къонверт аивæ й систа, йæ риуты æ хсæ н æ й амбæ хста, хъуызæ гау ваннæ мæ бацыд, дуар йæ хиуыл ахгæ дта æ мæ йæ тагъд-тагъд бакаст. Уый та куыд? Жаннæ Хуыцауы низæ й нæ амард? Ацы дунейæ йæ хи барвæ ндæ й ацыд? Йæ хæ дæ г йæ химæ йæ къух систа? Диссаг, æ нахуыр диссаг! Сылгоймаг фыстæ г цалдæ р хатты бакаст, йæ алы дзырд дæ р ын бахъуыды кодта. Иннæ сыхаг усмæ сусæ гæ й фæ дзырдта, уый дæ р æ й бакаст æ мæ, сæ ныхас сæ химæ дæ р нæ хъуыст, афтæ мæ й дзырдтой:

— Ахæ м æ рыгон чызг, æ мæ афтæ бакæ н.

— Уæ ддæ р цæ мæ н? Цæ мæ н бабын кодта йæ хи?

— Диссæ гтæ! Диссæ гтæ!

— Йæ хи цæ мæ н амардта, уый тыххæ й куыд ницы фыссы.

Дыууæ усы ваннæ йæ рацыдысты сæ сæ ртæ æ нкъусгæ.

Цалдæ р минуты фæ стæ, хæ дзары цы сылгоймæ гтæ уыд, уыдон æ мæ лæ гтæ дæ р зыдтой Жаннæ йы фыстæ джы хабар: чи йæ сусæ гæ й йæ хæ дæ г бакаст, кæ мæ н та йæ чидæ р йæ хъусы бадзырдта. Æ рмæ ст æ й дыууæ адæ ймаджы нæ ма зыдтой: мад æ мæ фыд.

Вадим йæ бинойнагимæ æ рхæ ццæ. Æ рхæ ццæ Фатимæ дæ р йæ лæ гимæ, æ рмæ ст фæ стæ дæ р. Куысты сæ м ахæ м фæ тк и: цалынмæ операци ахицæ н уа — цыфæ нды бæ ллæ х дæ р æ рцæ уæ д — уæ дмæ хирургæ н дзурæ н ницы и.

Жаннæ йы фыстæ г фыццаг цы сылгоймаг бакаст, уый Вадиммæ фæ дзырдта æ мæ йын стъолмæ ацамыдта:

— Мæ нæ ам цыдæ р къонверт æ мæ...

Лæ ппу йæ æ нæ дзургæ йæ систа, иуварс рацыд æ мæ йæ бакаст. Уый... Уый цы бакодта йæ хо? Йæ мидбынат æ дзæ мæ й лæ ууыд, стæ й фезмæ лыд. Сылгоймæ гты ’хсæ н Фатимæ йæ н йæ цæ стæ нгасæ й ацамыдта, ома хъæ уыс мæ. Уый рацыд, æ мæ йæ м къонверт радта.

— Уый та куыд? — йæ цæ ссыгтæ сæ рфгæ загъта Фатимæ.

— Нæ хо цæ рæ нбонты дæ р æ намонд уыд, — йæ кæ уын тыххæ й урæ дта Вадим.

— Æ намонд. Тынг æ намонд.

— Уæ ддæ р ма йæ м уыцы зонд разынид, æ мæ аххосджын никæ й кæ ны.

— Æ мæ йын чи у аххосджын? Йæ хæ дæ г. Маринæ æ мæ Темыр фыстæ гæ н ницыма зонынц æ мæ...

— Æ мæ йæ кæ дмæ рамбæ хс-бамбæ хс кæ ндзыстæ м? Æ з æ й Темырмæ равдисдзынæ н, ды та нæ фыдыусмæ. — Лæ ппу къонверт æ мæ фыстæ г райста. Зын, тынг зын уыдзæ н йæ фыдæ н, дыккаг зæ рдæ цæ ф, фæ лæ цы чындæ уа. Æ мæ йæ цурмæ бацыд, йæ дысыл ын рахæ цыд, адæ мæ й йæ иуварс ракодта.

— Мæ нæ... мæ нæ Жаннæ йы фыстæ г.

Фыд ницы зоны, йæ сæ р ницы ахсы.

— Цы?

— Йæ хæ дæ г йæ химæ йæ къух систа, æ вæ ццæ гæ н, цыдæ р хостæ банызта. — Æ мæ Вадим Жаннæ йы писмо бакаст сабыргай, уæ нггай. Фатимæ дæ р сæ цурмæ бацыд, фыды риуыл йæ сæ р бауагъта:

— Папæ, дæ хиуыл фæ хæ ц.

— Уый та куыд? Уый та куыд? —Темыр та ныккуыдта. Хъæ рæ й. Хъæ лæ сыдзагæ й. Æ мæ лæ гтæ бамбæ рстой: æ намонд фыд базыдта йе ’намонд чызджы æ намонддзинад.

— Папæ, цом, укол дын скæ нон, — дзуры йæ м Фатимæ.

— Ницы мæ хъæ уы, — чызгыл иуварс ахæ цыд фыд. — Ницы мæ хъæ уы.

Æ фсымæ р æ мæ хо сæ фыды цурæ й рацыдысты. Фатимæ къонверт райста. Куыд хуыздæ р бамбарын кæ на Жаннæ йы фыстæ г йæ фыдыусæ н? Куыд? Ратдзæ н æ м æ й æ мæ йæ бакæ сæ д. Æ мæ йæ м æ й радта:

— Жаннæ йы фыстæ г.

Маринæ йы цæ стытæ уæ рæ х байгом сты: цавæ р фыстæ г? Ницы зоны, ницы ’мбары.

— Жаннæ йы фыстæ г, — ногæ й та загъта Фатимæ. Сылгоймæ гтæ ныссабыр сты, иу уынæ р, иу стыф никæ цæ йуал хъуысы. Маринæ йы къух ризы, дамгъæ тæ нал ауыны. Писмо йæ къухæ й æ рхауд æ мæ ныцъцъæ хахст кодта:

— Мæ нæ куыд бабын стæ м, — йæ чызгыл ныттыхст, йæ химæ йæ нылвæ ста. — Уый цы бакодтай? Уый цы бакодтай? Уыйас дæ чысыл зæ рдæ йы цы маст бацыд? — Сылгоймæ гтæ Маринæ йы сабыр кæ нынц. Чидæ р ын йæ уæ хскыл йæ къух æ рхæ ссы. Чидæ р æ й аивæ й йæ чызгæ й тоны. Сылгоймæ гтæ й чидæ р кæ уынхъæ лæ сæ й ныфсæ вæ рæ гау дзуры:

— Раздæ р азтимæ абаргæ йæ ныр сæ химæ сæ къух бирæ фылдæ р адæ м исынц, фынддæ с-ссæ дз хатты фылдæ р. Суанг хæ рз æ рыгæ ттæ дæ р ацы æ мтъеры, æ нæ фидæ н цардæ й сфæ лмæ цыдысты æ мæ дзы лидзынц.

Фатимæ пъолæ й Жаннæ йы фыстæ г систа æ мæ йæ цæ ссыгтæ сæ рфгæ уатæ й рацыд.

Фæ лæ Жаннæ уыдæ ттæ н ницыуал зыдта. Уый ницыуал уыдта. Уый ницыуал хъуыста. Жаннæ уæ лзæ ххон дунейы цæ рæ г нал уыд.

Темыры кæ стæ р чызджы йæ фæ стаг фæ ндагыл афæ ндараст кæ нынмæ æ рцыдысты бирæ дзыллæ тæ. Темыр йæ хæ дæ г дæ р, йæ цардæ мбал Маринæ дæ р — адæ мимæ цæ рæ г, къабазджын, хæ стæ гджын. Вадимæ н дæ р æ мæ Фатимæ йæ н дæ р — бирæ хæ лæ рттæ, зонгæ тæ, æ мкусджытæ, æ мæ уæ рæ х сара æ мæ кæ рты, суанг хæ дзары цур уынджы дæ р къах æ рæ вæ рæ н нæ й. Æ вирхъау бæ ллæ х, æ мæ хионæ й, зонгæ йæ адæ м нызмæ лыдысты.

Ахуырбег йæ бинонтимæ дысон æ ртахт. Йæ кæ уын нал æ мæ нал урæ дта. Ноджы ма-иу æ м Маринæ куы бахъарæ г кодта:

— О, мæ бон, Ахуыроег, хъулон уарзт цы хойы кодтай, хъулон уарзт дæ цы хо кодта, уый нæ тæ ргайы куы цæ уы. О, мæ бон куы бакалд.

Куыдта æ фсымæ р, йæ хæ къуырцц нæ урæ дта.

Темыры фарсмæ лæ ууынц хæ рз хионтæ, йæ лæ ппутæ Вадим, Ахуырбег æ мæ Аслан. Аслан куы ацæ уы, куы æ рбацæ уы.

Бинонтæ м хæ стæ гдæ р чи у, уыцы сылгоймæ гтæ чырыны цур цалдæ рæ й бадынц, иннæ тæ лæ ууынц. Маринæ бады æ ппæ ты уæ ле, йæ фæ стæ лæ ууынц Фатимæ æ мæ чындзытæ. Сæ рбæ ттæ нтæ сыл. Фатимæ йæ сæ рыл сæ рбæ ттæ н никуы бабаста, нæ йæ уарзы. Ныр дæ р æ й хъыгдары, фæ лæ дзы æ рбайрох вæ ййы. Диссаг сты нæ адæ м: цыма сæ рбæ ттæ н зæ рдæ йы рис æ вдисæ г у.

Вадим хистæ р у æ мæ Ахуырбеджы уæ ле лæ ууы. Саударæ н митинг байгом кæ нынмæ бирæ рæ стæ г нал и, фæ лæ ма адæ м уæ ддæ р цæ уынц æ мæ цæ уынц. Нынкъуыстысты хæ стæ джытæ, зонгæ тæ. Ех-х! Жаннæ! Жаннæ! Адæ мы базмæ лын кодтай. Айдагъ Вадимæ н йæ хи фæ стæ дæ р дуне дзыллæ тæ æ рцыд, телевизорæ й йæ фехъуыстой æ мæ сæ ахсджиаг куыстытæ, сæ хъуыддæ гтæ ниууагътой. Темыры загъдау, ирон æ гъдау хæ с у. Æ мæ, ех-х! Жаннæ! Жаннæ! Æ нæ хъæ н бинонты дæ р, фыццаджыдæ р та Вадимы, хæ сы баппæ рстай. Ех-х, Жаннæ. Жаннæ...

Вадим хъуыды кодта: йе ’намонд хойы дыккаг бон бавæ рдзысты. Æ мæ хуыздæ р уыдаид. Уæ дæ бинонтæ, хæ стæ джытæ цалдæ р боны сæ хи куы хæ рой, уæ д цы уыдзæ н? Раздахæ н ма йын и? Искæ й бон ма йын исты у? Æ мæ горæ тæ й куы ’рцыд, уæ д Темырæ н бамбарын кодта. Уый, цыма йæ фыццаг хатт федта, афтæ йæ м æ дзæ мæ й каст, йæ сæ р цалдæ р хатты банкъуыста, стæ й æ рæ джиау загъта:

— Уый та куыд, гормонфæ уинаг, карчы цъиу куынæ у, мыййаг.

Вадим бамбæ рста: йæ сызгъæ рин доны дзæ гъæ лы калы, йæ фыд не сразы уыдзæ н æ мæ йæ хи иуварс райста.

Жаннæ йы æ мкусджытæ æ мхуызонæ й æ рбацыдысты. Йæ райгуырæ н боны арфæ йы бæ сты сæ дæ ттын бахъуыд некролог, Жаннæ йы къам — сау фæ лгæ ты.

Темыры кæ стæ р чызг йæ хи кæ й амардта, уый мæ рддзыгой адæ мæ й чи нæ базыдта, æ вæ ццæ гæ н, иу дæ р ахæ м нæ уыд. Сусæ гæ й-æ ргомæ й дзырдтой, къæ хтæ æ мæ ма йыл къухтæ сагътой. Адæ м уасæ гыл саргъ сæ вæ рынц.

... — Дæ -дæ -дæ й, уыцы кары, æ мæ дæ хицæ н афтæ бакæ н.

... — Уыйас маст дзы уагæ ры цæ мæ й бацыд?

... — Йе ’фсымæ р хъылмайы уацары бахауд æ мæ, дам, уымæ н афтæ бакодта. Сфæ лмæ цыд дзы.

... — Рæ дыд, дам, ыл æ рцыд, рæ дыд. Сывæ рджын, дам, уыд.

... — М’ арт бауазал, дæ хицæ н афтæ бакæ н.

... — Хицауадимæ, дам, фæ быцæ у æ мæ йæ маргæ акодтой.

... — Йæ химæ йæ къух сисы кæ нæ бынтон лæ мæ гъ, кæ нæ бынтон фидар адæ ймаг.

... — Цыдæ р лæ ппуйы, дам, тынг уарзта, фæ лæ уый æ ндæ ры ракуырдта æ мæ, дам, йæ хи уымæ н бабын кодта.

... — Цы рæ сугъд чызг уыд, зæ ды хуызæ н.

... — Уымæ н цы у? Мæ гуыр Темыр æ мæ Маринæ сты.

Жаннæ йы баныгæ дтой йæ мад Лизæ йы ингæ ны фарсмæ. Адæ м рацыдысты. Иу лæ ппу мæ рддзыгойæ куыд фæ хицæ н æ мæ фæ стæ мæ ингæ ны цурмæ куыд бацыд, Лизæ йы ингæ ны тигъыл куыд сбадт æ мæ куыд куыдта, уый ничи фæ хъуыды кодта. Уыцы лæ ппу уыд Æ хсар.

Вадим æ мæ Фатимæ уæ лмæ рдæ й цыдысты фæ рсæ й-фæ рстæ м. Фатимæ йæ н уыд зын цæ уæ н. Йæ фæ ллад ыл æ ртæ фст æ мæ -иу рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ йс ’фсымæ ры уæ хскыл йæ хи бауагъта. Ахæ м æ фсымæ р ын кæ й и, уый цы хорз у. Алы хъуыддаджы дæ р ын ныфс у. Фатимæ йæ хи æ гæ р æ руагъта, йæ хиуыл æ й фæ хæ цын хъæ уы: райсом иу лæ ппуйы операци кæ ны æ мæ хъуамæ йæ гаччы уа.

Цасдæ р рæ стæ г цыдысты æ нæ дзургæ йæ. Сæ хæ дзармæ тигъыл куы фæ зылдысты, уæ д Фатимæ загъта:

— Уæ дæ нæ хо цы æ намонд разынд.

— Тынг æ намонд. Йе ’намонддзинадæ й æ нæ хъæ н бинонты дæ р æ намонд кодта.

— Цыма ацы дунемæ æ нæ нхъæ лæ джы фæ зынд, афтæ мæ м кæ сы.

— Цыдæ р æ цæ гæ лон ын уыд. Бинонтæ н дæ р. Цардæ н дæ р.

— Нæ бон ын ницыуал у.

— Ницыуал. Æ намопд уыд, æ ндæ р дæ химæ дæ къух сис.

— Уый дæ р низ у.

— Æ мæ мах Хуыцау ахæ м низæ й бахизæ д.

Æ фсымæ р æ мæ хо хæ дзармæ бахæ стæ г сты æ мæ сæ дзурын ныууагътой. Мæ рддзыгой адæ мы æ хца чи фыста, уыцы лæ ппутæ й иу Вадиммæ бацыд æ мæ загъта:

— Æ хца банымадтам æ мæ сæ райсут, бафснайын сæ хъæ уы.

— Æ мæ Темыр кæ м и?

— Нæ бакуымдта, Вадим кæ нæ, дам, Ахуырбегæ й искæ мæ н зæ гъут.

Адæ м сæ куыд нæ уыной, афтæ мидæ ггаг уаты сбадтысты. Лæ ппутæ ма æ хца иу хатт банымадтой æ мæ сæ Вадиммæ радтой. Бирæ адæ м æ рцыд, тынг бирæ, æ мæ йæ зыдта: дзæ вгар дзы æ рæ мбырд уыдзæ н, фæ лæ уыйбæ рц... Хæ дзары сын уадзæ н нæ й, адæ м алыхуызæ ттæ сты æ мæ уал сæ аивæ й машинæ йы сæ вæ рдзæ н. Изæ ры бинонтæ сæ хæ дæ г куы баззайой, уæ д сæ Темыр æ мæ Марршæ мæ ратдзæ н. Фæ лæ сæ тæ ккæ райсом æ фснайæ н кассæ йы сæ вæ рын хъæ уы.

Фæ лæ Жаннæ уыдæ ттæ н ницыуал зыдта. Уый ницыуал уыдта. Уый ницыуал хъуыста. Жаннæ уæ лзæ ххон дунейы цæ рæ г нал уыд.

Вадиммæ иуæ й-иутæ диссаг кæ сынц. Æ мæ иуæ й-иутæ цæ мæ н? Бирæ тæ. Советон цардарæ зты рæ стæ г Хуыцау æ мæ дзуæ ртты ныхмæ фыццаг тохгæ нджытæ чи уыд, уыдон уыйфæ стæ дины тырысахæ сджытæ æ мæ дзыуарылæ гтæ й агæ пп кодтой. Æ мæ, чи зоны, раст сты: цы пайдадæ р сын у, уый кæ нынц. Вадим уыдонæ й нæ у, Хуыцауыл дæ р æ мæ, мæ рдты исты ис æ ви нæ й, ууыл никуы æ ууæ ндыд æ мæ не ’ууæ нды. Уый æ ууæ нды æ рмæ стдæ р йæ хиуыл: кæ д исты саразай, уæ д дæ м исты уыдзæ н, науæ д — ницы. Ацы сабатизæ ртæ, мæ рдты бæ рæ гбæ ттæ... Цы сты уыдон? Хихæ рæ нтæ. Мæ гуыргæ нæ нтæ.

Абон — Жаннæ йы фыццаг сабатизæ р, æ мæ Вадимы не ’вдæ лд, фæ лæ уæ ддæ р æ руад. Темыры æ фсæ рмæ й. Фатимæ кусгæ кæ ны æ мæ йын æ рцæ уынæ н фадат нæ фæ ци, иннæ сабатизæ рмæ кæ д йæ хи исты хуызы ратонид.

Лæ ппу цалдæ р хатты йæ фыдмæ фæ комкоммæ: Жаннæ йы фæ стæ бынтондæ р фæ цудыдта, æ рхауд, фæ гуыбыр. Йæ хи нæ дасы. Ахуырбег дæ р. Аслан та æ дзухдæ р саударæ г у. Вадим, йæ хи адаса æ ви нæ, ууыл хъуыды дæ р нæ кодта. Йæ хи нæ адасдзæ н, схæ мпæ л уыдзæ н æ мæ цы? Сау дарыс, нæ дарыс — уыдæ ттæ й исты куы уаид, уæ д, бæ ргæ. Уæ лдай, æ нæ фенд митæ.

Сыхаг устытæ æ мæ лæ гтæ й цалдæ р æ рбамбырд. Фыццаг, дам, лæ гтæ сабатизæ рмæ нæ цыдысты. Ныр устыты разæ й фæ вæ ййынц. Æ мæ цæ уыннæ цæ уой: сæ разы — дзаджджын фынгтæ, хорз бахæ р, баназ æ мæ æ фсæ стæ й дæ хæ дзармæ ацу. Мæ нæ адон куыд цæ уынц, афтæ. Сæ цæ сгæ мттæ — хъæ лдзæ г, райдзаст, цыма судзаггаг марды фынгæ й нæ, фæ лæ цины фынгæ й сыстадысты.

Вадим Темыры цурмæ бацыд. Йæ бон ын цы у, фæ лæ йæ фарсмæ куы алæ ууа, уæ д уый дæ р хорз у, ныфсытæ йын авæ ра. Ацы цалдæ р боны бынтондæ р йæ хи хуызæ н нал у. Æ мæ исты куы кæ на, уæ д... Хуыцау ма зæ гъæ д. Хуыцау ма зæ гъæ д. Ацы цалдæ р боны йæ м дохтыртæ дыууæ æ ви æ ртæ хатты æ рбацыдысты. Йе ’лхъывдад куы бынмæ æ рхауы, куы та — хæ рдмæ ныццæ вы, дыууæ сæ дæ йæ ахизы, йæ зæ рдæ йæ хиуыл нал хæ цы. Æ мæ йын афтæ мæ й рынчындоны кой ма скæ н.

— Темыр, не ’ппæ тæ н дæ р зын у, уæ лдайдæ р та дæ уæ н, фæ лæ фидар фæ лæ ууын хъæ уы.

— Бæ ргæ йæ ’мбарын, фæ лæ зæ рдæ йæ хионтæ кæ ны.

— Дæ хиуыл фæ хæ ц.

— Йæ зæ гъын æ нцон у, фæ лæ... абадæ м уал. — Фыд бандоныл йæ хи æ руагъта. Йæ хиуыл нал хæ цы, йæ зæ нгтæ йæ нал уромынц. Вадиммæ бадын нæ цæ уы, стæ й йын рæ стæ г дæ р нæ й. Ахуырбег хуыцаубоны фæ стæ мæ тæ хы. Цымæ Мæ скуыйы дæ р сау дардзæ н? Йæ хи нæ адасдзæ н? Раст уырыссаг къупецы хуызæ н у. Йæ куыстæ й йæ уал боны хорз рауагътой.

Темыр, Аслан та кæ м и, уымæ н ницы зоны, стæ й уыимæ фæ нды дзур, фæ нды ма. Йæ дыууæ фыртмæ фæ дзырдта:

— Рæ стæ г тагъд цæ уы, Жаннæ йæ н йæ дыууиссæ дзæ м бонмæ цырт сæ вæ рын хъæ уы, йæ алыварс ын банывыл хъæ уы. Мæ нæ н мæ бон ницыуал у, æ з мæ хæ дæ г æ рдæ гмард дæ н æ мæ уый сымахмæ хауы.

— Æ з... отпуск мын нæ ма ’мбæ лы, фæ лæ мæ хи хардзæ й райсдзынæ н, — фыды фарсмæ ’рбадт Ахуырбег. — Дыццæ г кæ нæ æ ртыццæ джы мæ бон фæ стæ мæ стæ хын у.

Вадим ницы дзуры. Æ мæ цы зæ гъа. Цырт сæ вæ рыныл æ гæ р тагъд нæ кæ нынц? Фæ сте сæ исчи суры? Цы ’рцыд? Бирæ тæ азмæ дæ р нæ сæ вæ рынц æ мæ уый тыххæ й сæ мард фæ стæ мæ ралидзы? Лæ ппу йæ фыдмæ хæ стæ гдæ р æ рлæ ууыд:

— Æ гæ р тагъд нæ кæ нæ м? Уадз æ мæ уал зæ хх æ рбада.

— Уый æ рыгон чызг уыд, æ мæ йын алцыдæ р афоныл æ мбæ лы.

Темыр йемæ кæ й ис сразы уыдзæ н, Вадим уый æ мбæ рста, фæ лæ уæ ддæ р... Йæ фыдæ н йæ бон ницыуал у, уæ ддæ р ма хивæ нд у.

Вадим йе ’фсымæ ры уæ хскыл йæ къух æ руагъта:

— Ахуырбег, мацæ уыл тыхс, мах ам не стæ м? Кæ д дын фадат фæ уа, уæ д-иу дыууиссæ дзæ м бонмæ ссу.

— Ссæ удзынæ н, ай-гъайдæ р. Уæ дæ куыд.

Зæ гъид ын, куы не ссæ уа, уæ ддæ р ницы хъыгдары, дыууæ рдæ м рацу-бацу æ нцон нæ у, хæ рдзтæ дæ р дзы куыд нæ хъæ уы, фæ лæ... мыййаг æ й раст куынæ бамбара.

— Ныр та Маринæ имæ абадон, — сыстад Ахуырбег æ мæ хæ дзармæ бацыд. Вадим æ нцад лæ ууы. Асагъæ схуыз. Темыры куыд нæ ма афарста: уыцы æ хца банкмæ радта æ ви нæ? Уыйбæ рц æ хцайæ н афтæ уадзæ н нæ й. Стæ й, сæ хæ дзары цы адæ ймаг и, уый нæ зоны? Сæ хицæ й иу æ мæ дыууæ хатты адавта æ хца дæ р æ мæ дзаумæ ттæ дæ р? Исты уæ лæ нгай фæ уагътай, уæ д ыл дæ къух ауигъ.

Нæ, уыцы æ хца банчы сæ вæ рын хъæ уы. Ницæ йы тыххæ й куы фесæ фой, уæ д худинаг у. Стæ й... исты дзы балхæ н, уый та æ ппæ тæ й хуыздæ р уаид. Банчы дæ р цы фидынц? Нæ, исты дзы балхæ нын хъæ уы. Зæ гъæ м, Куырттаты комы зæ хх кæ нæ, бафтау ма сæ м æ мæ — квартирæ. Уæ дæ ныртæ ккæ æ хца цы у? Дон. Инфляци ивылы, æ хцайы аргъ цæ стыты раз тайы. Æ мæ Темырмæ йæ хъуыды куыд фæ кæ сдзæ н... Цыдæ р фарстатæ, цыдæ р хъуыддæ гтæ алыг кæ нынмæ хистæ ртæ уыйас нал фæ арæ хсынц æ мæ -иу сæ кæ стæ рты бар куы бакæ никкой. Уыдон ныры царды фæ зилæ нтæ хуыздæ р зонынц, хуыздæ р арæ хсынц.

— Темыр, уыцы æ хца банчы нæ ма сæ вæ рдтай?

— Нæ ма. Сæ вæ рын сæ хъæ уы, фæ лæ...

— Хæ дзары сыл дзæ гъæ лы æ ууæ ндыс.

— О. Бафснайдтон сæ, фæ лæ... Мæ нæ мæ хиуыл куы фæ хæ цон, уæ д сæ ахæ сдзынæ н.

— Ноджы хуыздæ р та уаид, исты дзы куы балхæ нис, уæ д.

Фыд æ м разылд. Скаст æ м:

— Ома?

— Инфляци кæ й хонынц, уый тынгæ й-тынгдæ р кæ ны, æ хцайы аргъ сæ фы. Знон минæ й цы дзаума кæ нæ хæ ринаг балхæ нæ н уыд, уый абон уыцы аргъæ й нал балхæ ндзынæ.

— Уый афтæ у. Уæ дæ ныры æ хца советон æ хцаимæ барыс. Уыцы æ хца æ хца уыд, ныр та афтид гæ ххæ ттытæ сты.

— Æ мæ дзы исты балхæ н, уæ д куыд уаид? Зæ гъæ м, Куырттаты комы зæ хх, йе ма сæ м бафтау — æ мæ фатер. Сæ рды-иу уым фæ уаиккат.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.