Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 2 страница






— Эколог дæ р та дæ куы рауад, Папæ, æ мæ æ з уый куынæ зыдтон.

— Æ з экологтæ -йедтæ н ницы зонын, фæ лæ... — Вадим Темыры ныхас фескъуыдта:

— Дæ Советон бæ стæ цы уыд, уый зоныс? Стыр ахæ стон. Æ мæ ног цард уыцы ахæ стоны дуæ рттæ байгом кодта, адæ м ссæ рибар сты. Дунейы та сæ рибардзинадæ й зынаргъдæ р ницы ис, царды уæ лдæ ф æ рбакалд. Цы куыст дæ фæ нды, цы куыстмæ арæ хсыс, уый кæ н. Кæ д дæ бон у, уæ д иу нæ, фæ лæ цалдæ р заводы дæ р сараз. Ныртæ ккæ алкæ мæ н дæ р йæ цард йæ хицæ й кæ нгæ у. Æ рмæ ст хъæ уы сæ р.

— Нæ, Вадим. Ныртæ ккæ сæ йраг у давын, адæ мы стигъын, нæ паддзахад у давджыты паддзахад.

— Уæ дæ æ з та цы зæ гъын: бирæ тæ кусын нæ уарзынц. Уæ лдайдæ р та махмæ. Махмæ йеддæ мæ искæ м афтæ кувынц: «Нæ чысыл бакуысты стыр бæ ркад куыд уа»? Æ мæ куы ницы бакусай, уæ д стыр бæ ркад кæ цæ й æ рцæ удзæ н. Хурмæ бадгæ йæ? Адæ м, уæ лдайдæ р: та мах адæ м, диссаг сты, фырхæ лæ гæ й сæ цæ стытæ рацæ йхауынц, ныцъцъæ хтæ æ мæ ныббуртæ вæ ййынц: уымæ ахæ м хорз фæ сарæ йнаг машинæ цæ мæ н и? Уый дыууæ уæ ладзыгон хæ дзар цæ мæ й сарæ зта? Уый Куырттаты комы æ взаргæ дурæ й уыцы дачæ цæ мæ й аскъæ рдта? Уый...

— Ды йæ дæ хæ дæ г тынг хорз зоныс: сыгъдæ г фæ ллойæ уæ ладзыг хæ дзæ рттæ аразæ н нæ й. Мæ нæ цы дынджыр æ рттиваг хæ дтулгæ ты ратæ х-батæ х кæ нут, уыдон сыгъдæ г мыздæ й æ лхæ д не сты.

Жаннæ мæ хатгай афтæ фæ кæ сы: фыд æ мæ фырт, кæ д бадгæ фæ кæ нынц, уæ д ныртæ ккæ сæ бадæ нтæ й сыстдзысты, кæ рæ дзийы ныхмæ æ рлæ удзысты æ мæ кæ рæ дзимæ додойгæ нгæ дзурдзысты, сæ хъæ рныхас кæ ртмæ айхъуысдзæ н. Фæ лæ, табу Хуыцауæ н. Сæ иу дæ р æ мæ иннæ дæ р быцæ у ныхас уымæ не ’руадзы. Хо йе ’фсымæ рмæ бакæ сы, йæ цæ стæ нгасæ й йын фæ амоны: фыдимæ æ гæ р карз ныхас кæ ны, æ гæ р хъæ ддыхæ й йæ м дзуры. Хатт та йæ м йæ хи нал бауромы æ мæ йын фæ зæ гъы:

— Вадим, æ гæ р хъæ рæ й нæ дзурыс? Ныффæ сус уыдзынæ.

Фæ зоны йæ, йе ’фсымæ р æ й æ нæ дзуапп нæ ныууадздзæ н æ мæ, цы зæ гъдзæ н, уымæ æ нхъæ лмæ фæ кæ сы.

— Ды та ницы зоныс æ мæ мацы дзур. — Вадимы хъæ лæ с вæ ййы афтæ, цыма дыууæ аздзыд сывæ ллонимæ дзуры. Жаннæ ахъавы: мæ уатмæ ацæ уон. Æ мæ ацæ уы, фæ лæ фылдæ р хатт барæ й, фыдæ нæ н сæ цуры баззайы æ мæ йæ бафæ рсы:

— Вадим, цыма партийы уæ нг уыдтæ?

— Уыдтæ н æ мæ ныр дæ р дæ н. Иугонд Уæ рæ сейы уæ нг.

— Райсом хицауад æ ндæ р парти куы сараза, уæ д та уыцы партийы уæ нг уыдзынæ?

— Æ нæ мæ нгæ й. Ды дæ р, Папæ йы хуызæ н, цардæ й дард дæ, йæ апп ын нæ уыныс. Цыма мæ йæ æ рхаудтат, дыууын фыццæ гæ м æ нусы нæ цæ рут, афтæ мæ м кæ сы. Æ з та дæ у фæ рсын: Советон дуджы æ мæ ныр дæ р адæ м цæ мæ н цыдысты æ мæ цæ уынц партимæ? Æ мæ дын мæ хæ дæ г дзуапп дæ ттын: цæ мæ й хуыздæ р цæ рой, цæ мæ й сын хуыздæ р куыстытæ м, хуыздæ р бынæ ттæ м дуæ рттæ байгом кæ нын æ нцондæ р уа. Партийы уæ нг нæ дæ, уæ д цыфæ нды зондджын у, цыфæ нды дæ сны разамонæ г у, уæ ддæ р бæ рнон, хорз куыстмæ ма ’нхъæ лмæ кæ с. Афтæ уыд раздæ р, афтæ у ныр дæ р. Мæ хо, газеты кусæ г дæ æ мæ хъуамæ ахæ м хæ рз хуымæ тæ г хъуыддæ гтæ зонай, хъуамæ дæ хъуыдыкæ нынад уæ рæ хдæ р æ мæ арфдæ р уа, фæ лæ... — бахудт Вадим.

Фыды былтæ базмæ лыдысты, мæ стджын, тыхст змæ лд. Цыдæ р зæ гъын æ й фæ нды, фæ лæ тыххæ й йæ хи уромы. Нæ, йæ хи нал баурæ дта:

— Ныры адæ м диссаг сты, кæ цырдыгæ й дымы, уый уайтагъд базонынц.

— Æ мæ та уый дæ р æ взæ р у? — разылд æ м лæ ппу. — Алы адæ ймаг дæ р, цы йын пайдадæ р у, хъуамæ ууыл архайа. Дæ хæ дæ г куы фæ зæ гъыс, арвæ й цæ ттæ йæ ницы хауы.

Жаннæ йе ’фсымæ ры карз, цæ хгæ р ныхасмæ нал фæ лæ ууы. Вадим æ м æ рбадзагъул кæ ны, фæ лæ йæ уый дæ р нæ бауромы:

— О, ды ног царды тырысахæ ссæ г дæ. Дæ партион билет дæ р фыццæ гтимæ уымæ н радтай.

— О, о, мæ хорз хо.

— Уæ д дыл нæ районы газет дзæ гъæ лы фыста: Вадим у ног царды раздзæ уджытæ й иу, Коммунистон парти уыди къуылымпыйы, мидцоппайы хос æ мæ йыл йæ къух систа.

— Æ мæ ног царды раздзæ уджытæ й иу нæ дæ н? Иу капекк макæ мæ й райс, иу капекк ма адав, æ рмæ стдæ р дæ хи зонд, дæ хи хъаруйæ нырыккон хорз дукани сараз, уый æ нцон у, уый алкæ й бон у? Папæ, искуы дæ исты райстон, искуы мын истæ мæ й феххуыс кодтай?

Хо бахудт: йæ ныхас Вадимæ н хъыг уыдзæ н, фæ лæ...

— Дуканийы куыстай, йæ директор сдæ, стæ й æ хсæ над æ ддæ г-мидæ г куы ауад, уыцы змæ стытæ куы райдыдтой — змæ ст доны та кæ саг æ нцондæ р ахсæ н у, уæ д æ й дæ хи бакодтай.

— Бакодтон. Уæ рæ сейы закъонтæ куыд амонынц, уыдонмæ гæ сгæ. Æ мæ цы? Иу капекк дæ р никæ мæ й адавтон, никæ й асайдтон, никæ мæ й ницы байстон. Алцыдæ р — закъонмæ гæ сгæ. Оргæ нтæ мæ цалдæ р сасирæ й балуæ рстой, фæ лæ цы? Кæ д исчи раст æ мæ сыгъдæ г адæ ймаг у, уæ д æ з. Бамбæ рстай? Æ мæ мын зын цы у: мæ хо мыл кæ й не ’ууæ нды, хæ лæ г мæ м чи кæ ны, уыдоны хуызæ н кæ й хъуыды кæ ны, уый. Мæ сыг, дам, йæ хи дурæ й хæ лы. Ды, цæ мæ й размæ иу къахдзæ ф акæ най, уый тыххæ й мæ ныл — де ’фсымæ рыл дæ р нæ бацауæ рдис. Æ вæ ццæ гæ н, уæ ницæ йаг газеты мæ ныхмæ истытæ ныххæ ххытæ кæ нис. Æ мæ дын уый та — хо. Нæ рæ стæ джы дæ р ис Павлик Морозовтæ.

— Бæ гуыдæ р, ис. Дуне бынтон нæ ма фесæ фт.

— Папæ, — йæ фыдмæ разылд лæ ппу æ мæ цыма Темыр нæ, фæ лæ уый у йæ фыд, уыцы каст æ м кæ ны. — Жаннæ ахæ м хъуыдытыл хæ ст кæ й у, уым ды дæ р аххосджын дæ: кæ стæ рты раст фæ ндагыл аразын хъæ уы. Уæ вгæ, дæ уæ й дæ р лæ г цы бадома. Ды хъуамæ дæ хистæ р фыртæ й сæ рыстыр уаис, дæ сæ р дзы бæ рзæ ндты хæ ссис, ды та мæ м, цыма дæ цуры исты аххосджын дæ н, уыцы цæ стæ й кæ сыс. Æ мæ цæ мæ н, уый дын зæ гъон: ды дæ р цæ рын нæ базыдтай, цард саразын дæ къухы нæ бафтыд, цард дæ иувæ рсты ацыд, æ мæ уымæ н.

— Ау? Æ мæ æ з уый куынæ зыдтон, — скаст æ м фыд.

— Папæ, бæ ллæ х дæ р уый у, æ мæ йæ кæ й нæ зыдтай. Коммунистон парти йæ тыхы куы уыд, адæ м дзы сæ цард, сæ хъуыддæ гтæ куы арæ зтой, сæ кæ стæ ртæ н дзы фæ ндæ гтæ куы кодтой, уæ д æ м нæ бацыдтæ, фæ лæ куынæ уал хъуыд, бумбулийы уæ з дзы куынæ уал и, уæ д йæ зæ рдиаг архайджытæ й иу сдæ. Цæ уыл дзуры уый? Дæ рдтыл кæ й хъуыды кæ ныс, ууыл æ ви... дарддæ р æ й нал зæ гъын.

— Дæ у цы фæ нды, уый дзур, фæ лæ партимæ уымæ н бацыдтæ н, æ мæ дзы ныр хъæ уын. Раздæ р дзы æ нæ мæ н дæ р бирæ адæ м уыд, сафгæ дæ р æ й уыдон фæ кодтой — йæ разамонджытæ. Кæ саг сæ рæ й æ мбийы.

— Дæ у фæ рцы парти стыхджын, тагъд та хицаудзинад байсдзæ н, æ мæ дæ Генералон секретарь скæ ндзысты, — худы Вадим.

— Лæ ппу, мæ нæ н мæ фыд дæ р коммунист уыд, æ цæ г коммунист, æ з дæ р...

— Æ мæ дын бирæ бынтæ ныууагъта: кæ лддзаг, самандурæ й арæ зт хæ дзар. Æ мæ, дам, цæ рæ нбонты колхозы сæ рдарæ й, парторгæ й фæ куыста. Зондджын лæ г, дам, уыд, адæ мимæ цæ рæ г. Папæ, Америчы хорз, зондджын лæ г кæ й хонынц, уый зоныс?

— Нæ зонын, стæ й мæ хъæ угæ дæ р нæ кæ ны. Дæ Америкæ дæ хицæ н уадз. Фæ лæ иу хъуыддаг хорз зонын: адæ ймаг хъуамæ кæ ддæ риддæ р æ мæ кæ мфæ нды дæ р адæ ймаг уа. Ахсæ н гарна у, бын ын нæ й, æ фсис нæ зоны. Ныры адæ мы Хуыцау æ хца æ мæ исбоныл скодта, дунейыл сæ æ ндæ р ницыуал æ ндавы. Æ вæ ццæ гæ н, сæ фынты дæ р æ хца уынынц. Раздæ ры адæ м, æ цæ г коммунисттæ, уыдон адæ мы тыххæ й цардысты, уыдоны фæ ндыд адæ мæ н исты хорздзинад саразын, уыдон паддзахадыл хъуыды кодтой. Ныры хицауадæ н та сæ хъуыды æ рмæ стдæ р ууыл у: куыд фылдæ р адавой, куыд фылдæ р аскъæ фой, сæ дзыппытæ куыд тагъддæ р байдзаг кæ ной. Чи кæ ны адæ мы мæ т? Кæ й хъæ уынц адæ м? Адæ м ныртæ ккæ кæ мæ ндæ рты кусæ г фос сты, æ ндæ р ницы.

— Папæ, ахæ цыдтæ та, дæ большевикон, коммунистон ныхæ стæ м та бахæ ццæ дæ. Нал и Советон бæ стæ, стæ й советон æ хсæ над никæ дуал уыдзæ н. Æ мæ æ гайтма. Зæ гъыс, дæ фыд хорз ном ныууагъта. Фæ лæ уый бæ сты йæ фырты, мæ нæ дæ у, ахуыры фæ ндагыл куы сарæ зтаид æ мæ шофыр нæ, фæ лæ исты бæ рнон кусæ г кæ нæ хицау куы уыдаис, уæ д хуыздæ р нæ уыдаид? Дæ фыд хорз ном ныууагъта, фæ лæ уый бæ сты хорз хæ дзар куы сарæ зтаид, уæ д хуыздæ р нæ уыдаид? Фæ сарæ нты дæ сны, арæ хстджын разамонæ г, курдиатджын адæ ймаг цæ мæ й бæ рæ г у, уый зоныс? Æ хца цас исы, куыд цæ ры, цы исбон æ м ис, уымæ й. Уым алцæ мæ н дæ р аргъ кæ нынц æ хца æ мæ хъæ здыгдзинадæ й. Æ мæ раст кæ нынц.

— Хорз. Хорз.

Темыр дæ р æ мæ Вадим дæ р зонынц: йæ цæ стæ нгас, йæ зондахаст, йæ хъуыдыкæ нынад дзы ничи аивдзæ н. Уæ ддæ р та сæ ныхас райдайынц, скарз æ й кæ нынц. Æ мæ Жаннæ сæ цуры куы фæ вæ ййы, уæ д артæ й доны ’хсæ н бахауы. Уæ вгæ, цæ мæ н? Кæ д хатгай ницы фæ зæ гъы, уæ ддæ р йæ фыды фарс вæ ййы. Темыр иуварс куы ацæ уы, уæ д йе ’фсымæ рæ н бауайдзæ ф кæ ны:

— Вадим, йæ фыды чи ныллæ г кæ ны, уый хорз адæ ймаг нæ у.

— Æ з никæ й ныллæ г кæ нын, уæ лдайдæ р та мæ фыды. Уый та куыд? Ды дæ р бирæ цыдæ ртæ раст не ’мбарыс, йе та — нæ ма ’мбарыс æ мæ дæ цард куыд ацæ удзæ н — Хуыцау йæ зонæ г. Куыд уыдзæ н дæ фидæ н? Цы дæ м æ нхъæ лмæ кæ сы разæ й? Цавæ р хъысмæ т дын саккаг кодта Хуыцау? Уæ вгæ, алкæ мæ н дæ р йæ цард, йæ хъысмæ т йæ хицæ й аразгæ у.

Жаннæ æ мбæ рста: йе ’фсымæ р иугæ р йемæ ахæ м зондджын ныхас кæ ны, уæ д та йæ æ нæ фелхыскъгæ нгæ нæ ныууадздзæ н. Уый йын цыдæ р æ хсызгондзинад хæ ссы. Æ мæ сарамæ йе æ ндæ р искуыдæ м цæ уæ г йæ хи акæ ны. Ныр ын нал бантыст, иу къахдзæ ф дæ р нæ ма акодта, афтæ йæ Вадимы хъæ лæ с æ рурæ дта:

— Мæ чысыл хо, тæ ригъæ д дын кæ нын, тынг тæ ригъæ д: нæ мад дæ у тыххæ й кæ й амард, алы минут уый æ нкъар, уый дæ зæ рдæ йы хæ сс, уый кæ уылты цæ ф у? Де ’фсымæ ртæ æ мæ дæ хо дæ у аххосæ й сидзæ ртæ й аззайæ нт? Цæ йбæ рц æ намонддзинæ дтæ расайдта дæ райгуырд? Æ мæ уыцы уаргъ демæ хæ сс, уый зын у, тынг зын, уый æ лгъыст у. Ноджы, цы зондахаст æ мæ дын цы удыхъæ д и, афтæ мæ й дæ цард, дæ хъысмæ т хорз ацæ уа, уый стыр дызæ рдыггаг у. Тæ ригъæ дджын дæ, тæ ригъæ дджын æ мæ...

— Вадим, мæ ныл ма тыхс, мæ нæ н мачи тæ ригъæ д кæ нæ д, — загъта Жаннæ, йе ’фсымæ ры ныхас цыма æ ппындæ р ницæ мæ дары, афтæ. Уый — æ ддаг бакастæ й. Æ цæ гдзинадæ й та, йæ уатмæ куы бацыд, уæ д сынтæ гыл ныххауд. Æ фсæ рмы нæ кодта, уæ д йæ хъæ лæ сыдзаг ныккуыдтаид, йæ богъ-богъæ й рудзгуытæ рызтаиккой. Æ мæ куыдта, æ рмæ ст йæ химидæ г.

Ох, ох, бафæ ллад Жаннæ. Бафæ ллад йæ хицæ й, йæ ивгъуыдæ й, ацы зæ ххыл кæ й цæ ры, уымæ й. Бафæ ллад. Æ цæ гдæ р, цæ мæ н фæ зынд ацы дунемæ? Цæ мæ н хъуыд? Ни-и-цæ -мæ н.

 

31-æ м августмæ ма баззад 27 боны.

4-æ м август. Дыццæ г. 2009 аз

Абон у Темыры райгуырæ н бон. Сыхæ гтæ й, хионтæ й никæ мæ адзырдтой, кæ д йæ хигъдауæ й исчи ’рбацæ уа — æ хсызгонæ й йыл сæ мбæ лдзысты. Бинонтæ сæ хæ дæ г æ рбамбырд вæ ййынц: Вадим, йæ къай Ларисæ, сæ дыууæ лæ ппуйы, хо Фатимæ, йæ лæ г Чермен æ мæ сæ чызг æ мæ сæ лæ ппу. Аслан дæ р кæ д фæ зынид, æ ппындæ р æ й мацы æ ндавæ д, фæ лæ æ ххормаг уæ ддæ р не суыдзæ н? Ахуырбег, йæ цардæ мбал æ мæ сæ дыууæ фаззон чызджы дæ р ам куы уаиккой, уæ д бæ ргæ. Сæ бинонтæ иууылдæ р сæ хæ дзары куы сæ мбырд вæ ййынц, уæ д фыд æ мæ мады цæ стытæ й рухс стъæ лфæ нтæ фæ хауы, сæ цин фæ ивылы. Дæ бинонтæ иууылдæ р дæ хæ дзары — уымæ й ма хуыздæ р цы уа. Темырæ н йæ райгуырæ н бон уый уаид æ ппæ ты хуыздæ р лæ вар. Уæ вгæ, сæ горæ таг бинонтæ й чи æ рцæ удзæ н — Хуыцау йæ зонæ г. Кæ д сæ мбæ ликкой. Ау? Сæ сывæ ллæ ттæ ам куы вæ ййынц, уæ д сæ хæ дзар фæ рухсдæ р, фæ райдзастдæ р, фестырдæ р, фæ цардхуыздæ р вæ ййы сывæ ллæ тты хъæ лдзæ г худын æ мæ ныхасæ й, сæ æ нæ мæ т ратæ х-батæ х æ мæ гæ ппытæ й. Жаннæ мæ сæ хæ дзар фæ кæ сы мыды чыргъæ ды хуызæ н. Темыр æ мæ Маринæ вæ ййынц ацы зæ ххыл тæ ккæ амондджындæ р дыууæ адæ ймаджы. Цоты цот, дам, астæ уы магъз сты, æ мæ уый сæ цæ сгæ мттыл ирдæ й фæ зыны, уыцы рæ стæ г сæ азтæ й цалдæ р ахауы. Фæ лæ та фæ стæ дæ р цыппарæ й баззайынц, растдæ р зæ гъгæ йæ та — æ ртæ йæ, æ мæ Жаннæ мæ афтæ фæ кæ сы: сæ хæ дзар та сафтид, æ ртæ йæ дæ р — сидзæ рхуыз.

Жаннæ Темырæ й бирæ хæ ттыты фехъуыста: цалынмæ йæ мад æ мæ йæ фыд æ гас уыдысты, уæ дмæ сæ хæ дзар æ мызмæ лд кодта, мыды чыргъæ ды хуызæ н уыд, цыма дзы магнит и, афтæ бинонты йæ химæ ’лвæ ста. Хатгай-иу фынддæ с-æ вддæ с баисты: æ ртæ ’фсымæ ры, сæ бинонтæ, дыууæ хойы, сиæ хстæ, сæ цот. Мад æ мæ фыд ацы дунейæ ацыдысты, сæ уæ лзæ ххон цард фæ ци. Æ мæ бинонтæ фыццаджы бинонтæ нал уыдысты: сæ фыды хæ дзармæ фæ ндæ гтæ рох кæ нын райдыдтой, кæ д ма-иу цыдæ р хъуыддæ гты фæ дыл сæ мбæ лдысты. Бинонты хæ дзармæ цы тых æ лвæ ста, уыдон уыдысты мад æ мæ фыд. Уыдон сæ кæ рæ дзиуыл бастой, уыдоны фæ рцы кæ рæ дзиуыл хæ цыдысты, кæ рæ дзиуыл аудыдтой. Уыдон уыдысты бинонты кæ рæ дзиуыл бæ ттæ г тых.

Фыд ныуулæ фы, йæ сæ р банкъусы æ мæ фæ зæ гъы:

— Æ з дæ р æ мæ уæ мад дæ р куынæ уал уæ м, уæ д цыма мæ горæ таг бинонтæ й ацы хæ дзармæ ничиуал цæ удзæ н, афтæ мæ м кæ сы. Ныр дæ р, цыма уазæ гуаты æ рцæ уынц, æ цæ гæ лæ ттæ сты, ахæ м хуыз сын вæ ййы.

— Папæ, цæ уылты тыхсыс, — йæ хи йыл бакъул кæ ны Жаннæ.

— Мæ чызджы хуызæ н æ мбаргæ чызг никæ мæ н и, — чызджы цонгыл йæ уырзтæ æ рхæ ссы фыд.

Вадим дæ р æ мæ Фатимæ дæ р æ д бинонтæ æ рцыдысты, æ мæ уый Темырæ н у æ ппæ ты хуыздæ р лæ вар. Хæ дзар æ мызмæ лд кæ ны. Сывæ ллæ тты кæ й æ ркодтой, уæ лдай æ хсызгон та йын уый у. Цыппарæ й дæ р йæ цуры æ рбакъорд вæ ййынц, чи йын йæ уæ хскмæ быры, чи йын йæ уæ рагыл абады, чи йæ м ахъæ быс кæ нынмæ йæ хи ивазы æ мæ Темыр — Жаннæ йы фæ ллад фыд, цины æ хсызгон æ ртæ хты йæ хи найы.

Сылгоймæ гтæ фынджы кой кæ нынц. Цас диссаг у цалдæ р адæ ймагæ н фынг æ рæ вæ рын, цалдæ р фондзыссæ дз адæ ймаджы сæ м, мыййаг, не ’рбацæ удзæ н уазджытæ. Чи куыд арæ хсы, афтæ архайы. Суанг Фатимæ дæ р. Йæ иу къах иннæ уыл нæ сæ вæ рдта æ мæ уырдыгæ й зондджын ныхæ стæ нæ кæ ны. Сæ химæ куы ’рцæ уы, уæ д фылдæ р хатт йæ хи афтæ фæ дары, цыма уазæ гуаты и, цыма æ цæ гæ лон у, ацы хæ дзары нæ райгуырд. Диваныл сбаддзæ н æ мæ телевизоры программæ тæ ракъæ пп-бакъæ пп кæ ндзæ н. Афтæ мæ й сæ химæ — къулыйас телевизор. Суанг фынгмæ дæ р зивæ ггæ нгæ æ вналдзæ н, цыма не ’ввæ рсы, былысчъил кæ ны. Ахæ м рæ стæ г æ м Жаннæ мæ стæ й фæ цæ йтоны. Уый циу? Дæ фыды хæ дзары нæ дæ? Цыма мæ йæ æ рхаудтæ, дæ хи афтæ цы дарыс? Æ мæ йын зæ гъгæ дæ р фæ кæ ны. Уый йыл йæ къух ауигъы. Йæ сау дынджыр хъоппæ г цæ стытæ йæ м сзилы. Йæ цæ стытæ мæ стджынæ й дæ р цыдæ р æ нахуыр рæ сугъд вæ ййынц. Хатгай йæ хи нал бауромы æ мæ йæ кæ стæ р хойæ н бауайдзæ ф кæ ны:

— Æ гæ р къæ бæ да ныхас нæ кæ ныс? Хъуыддаг дæ кæ м нæ уа, уым дæ хи ма тъысс. Хорз?

— Рæ стдзинад цæ стытæ къахы, нæ? — дзуапп ын ратты Жаннæ.

Цалдæ р хатты сæ м мады цур быцæ у ныхас рауад, фæ лæ уымæ й иу сыбыртт никæ д схауд, цыма ницы фехъусы. Фæ лæ дыууæ йæ куы аззайынц, уæ д ын фæ зæ гъы:

— Жаннæ, мæ къона, уый дæ уæ й хистæ р у æ мæ йын барын хъæ уы.

— Раст куынæ уа, уæ ддæ р?

— Уæ ддæ р. Раст фæ зæ гъыс, фæ лæ кæ рæ дзийы хъахъхъæ нын хъæ уы. Бинонтæ дæ р, хотæ æ мæ æ фсымæ ртæ кæ рæ дзиуыл куынæ хæ цой, кæ рæ дзиуыл куынæ аудой, кæ рæ дзийæ н хатыр куынæ кæ ной, уæ д æ цæ гæ лон кæ нынц.

— Æ з сын ныр дæ р æ цæ гæ лон дæ н.

— Дзæ гъæ л дзырд ма кæ н. Иуæ н дæ р нæ дæ æ цæ гæ лон.

— Мамæ, хорз, ницыуал сдзурдзынæ н, — фæ зæ гъы Жаннæ.

Чызджы цæ стытæ йæ хистæ р хойыл æ рæ нцадысты: Фатимæ йыл абон цыдæ р зæ д атахт: уазæ джы хуызæ н нæ у, архайы, змæ лы, æ ххуыс кæ ны.

Жаннæ чъиритæ фынгыл æ рæ вæ рдта. Сæ адджын тæ ф фындзыл æ мбæ лы. Уый мады хуызæ н уæ либæ хтæ ничи кæ ны: хæ рзад, рæ сугъд, уыцы æ мхуызон бурфых. Фынгыл мин чъирийы æ рæ вæ р æ мæ чызг се ’хсæ н йæ мады конд уæ либæ хтæ сæ тæ ф æ мæ сæ уындæ й базондзæ н. Хæ рын дæ м куынæ цæ уа, уæ ддæ р сæ м нæ фæ лæ удзынæ.

Фатимæ йы змæ лд уæ ддæ р цыдæ р æ нæ бары у, цыма искæ й къухтæ й æ вналы. Æ мæ Жаннæ йæ иу ныхас дæ р не схаудзæ н: Темыры райгуырæ н бон хъуамæ иу дæ рзæ г, иу æ нæ ууылд ныхас макæ мæ й райхъуыса. Фатимæ сæ химæ, сæ хæ дзары бынтон æ ндæ р адæ ймаг у: ам — уæ нгмард æ мæ зивæ ггæ наг, уым та — рæ вдз, йæ февнæ лдыл цæ ст нæ фæ хæ цы — арт. Фатер — æ дзухдæ р æ фснайд, сыгъдæ г, алы дзаумæ дæ р, судзины онг — йæ бынаты.

Фатимæ йæ хæ дæ г дæ р æ мæ йæ лæ г Чермен дæ р ницыма дзурынц. Афтидæ й не ’рцыдаиккой. Æ мæ, диссаг, цы йæ сусæ г кæ нынц? Куы ’рцыдысты, уæ д Жаннæ мæ сæ чызг фæ дзырдта, уатмæ йæ ахуыдта, цалдæ р хатты йæ алыварс акаст, йæ былтæ йын йæ хъусыл авæ рдта æ мæ, йæ хъæ лæ с йæ химæ дæ р тыххæ й хъуыст, афтæ мæ й загъта:

— Хæ дзар æ лхæ нæ м, хи хæ дзар, дыууæ уæ ладзыгон хæ дзар. Æ з дæ р æ й федтон, тынг хорз, тынг рæ сугъд у. Фæ лæ йæ ничима зоны. Мамæ æ мæ Папæ афтæ зæ гъынц, цалынмæ йæ м балидзæ м, уæ дмæ, дам, æ й хъуамæ мачи зона. Фæ лæ йæ æ з дæ уæ н зæ гъын, уымæ н æ мæ дæ бирæ уарзын. Бассейн дæ р дзы ис. Æ рмæ ст макæ мæ н мацы зæ гъ, нæ уæ д мæ м Папæ æ мæ Мамæ фæ хыл кæ ндзысты.

— Хорз. Хорз.

Чызг гæ лæ буйау йæ цурæ й атахт. Йæ зæ рдæ йы цы цин сæ мбырд, уымæ й йæ мады хойы фæ хайджын кодта æ мæ йын æ хсызгон у.

Жаннæ йæ хойы æ мæ йæ сиахс Чермены не ’мбары. Хи хæ дзар æ лхæ нынц?.. Уый хорз, тынг хорз у. Фæ лæ йæ цы сусæ г кæ нынц? Хæ дзар кæ й æ лхæ нынц, уым æ взæ рæ й цы и? Газетты, хæ дзар чи уæ й кæ ны æ мæ æ лхæ ны, уыцы хъусынгæ нинæ гтæ й фылдæ р куы ницы ис. Хойæ дæ р æ мæ сиахсæ й дæ р, сæ зæ рдæ хи хæ дзар балхæ нынмæ кæ й æ хсайы, уый никуы фехъуыста. Æ мæ сæ фатер — замманай фатер, Сталины рæ стæ джы арæ зт, цыппар уæ рæ х уаты дзы, горæ тæ н йæ тæ ккæ астæ у. Сæ хи квартирæ ауæ й кодтой æ мæ цалдæ р азы размæ уый балхæ дтой. Æ мæ сын уый нал бæ ззы? Æ вæ ццæ гæ н, Темырæ н æ мæ хæ стæ г хионтæ н дæ р æ нæ нхъæ лæ джы циндзинад саразынмæ хъавынц. Сæ галуанмæ куы балидзой, уæ д сæ схондзысты. Фæ лæ йæ ныр нæ ма хъæ р кæ нынц. Æ мæ искæ мæ й исты адавтой?.. Искæ мæ й исты байстой?.. Искæ й афæ лывтой?.. Цы йæ сусæ г кæ нынц?..

Æ мæ та Жаннæ, йæ хæ дæ г дæ р æ й нæ бамбæ рста, афтæ мæ й аивæ й Фатимæ йы хъахъхъæ ны. Йæ хо змæ лы, архайы, фæ лæ куыддæ р æ нæ бары, зивæ ггæ нгæ, цыма йæ хицæ н тыхми кæ ны.

— Вадим, æ ртæ фæ рсчы сис, цæ хх сыл айзæ р æ мæ сæ æ рæ вæ р, — дзуры Темыр.

Мад стъолыл йæ цæ стытæ ахаста, Жаннæ мæ разылд:

— Исты ма нæ рох кæ ны?

— Гæ ххæ ттытæ, — чызг нывæ фтыд салфеткæ тæ æ рæ вæ рдта æ мæ йæ фыды цурмæ бацыд: — Папæ, каст дæ умæ у, — йæ цонгыл ын схæ цыд.

Темыр сыстад. Уыцы хæ рздаст та у. Жаннæ йæ фыды кæ дæ й зоны, уæ дæ й нырмæ йæ æ нæ дастæ й никуыма федта. Зæ ронд, æ мпъызтытæ, суанг чъизи дарæ сы-иу æ й федта, уæ лдайдæ р, кусгæ ма куы кодта, йæ машинæ имæ -иу куы архайдта, уæ д, фæ лæ æ нæ дастæ й — никæ д. Цæ рæ нбонты йæ астæ у никуы сраст кодта. Фæ лæ æ дзухдæ р — хæ рздаст. Жаннæ Вадимы дæ р æ нæ дастæ й никуы федта. Цæ й, иу хъуыддагæ й йæ фыды хуызæ н куы уа, уæ д цас диссаг у. Аслан къуыригæ йттæ, мæ йгæ йттæ йæ хи нæ адасы æ мæ схъуынджын, схæ мпæ л вæ ййы, йæ цæ сгом нал фæ зыны. Рæ стæ г ын нæ й æ мæ...






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.