Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Темыры кæстæр чызг 2 страница






Жаннæ лæ джы ныхыл йæ армытъæ пæ н авæ рдта. Йæ цæ сгом дон фестад, уазал хиды æ ртæ хтæ йæ дæ ллагхъуырмæ лæ сæ нтæ кæ нынц. Нырмæ дæ р ын йæ галстук куыд не суæ гъд кодта. Рынчынæ н уæ лдæ ф бынтондæ р нал фаг кæ ны, йæ сæ р нал бауромы æ мæ йæ уæ хскыл æ рæ нцайы. Дæ цуры адæ ймаг мæ лæ д æ мæ йын дæ бон баххуыс кæ нын ма уæ д, уæ д та чысыл истæ мæ й. Мæ нæ цы æ нæ хъару у Жаннæ.

Рæ стæ мбис кары къæ бæ лдзыгсæ р сылгоймаг рынчынмæ афтæ хæ стæ г бацыд, цыма йæ ахъæ быс кæ нынмæ хъавы. Æ ргуыбыр æ м. Æ мæ чызгæ н фенцондæ р: кæ д йæ хæ стæ г у, кæ д йæ зонгæ у. Чысыл ма, æ мæ сылгоймаджы фындз лæ джы былтыл аныдзæ вдзæ н. Цы йæ м смыстытæ кæ ны, никæ д ницы федта. Ох, адæ м, цы ’взæ р цымыдис стæ м.

Сылгоймаг фæ стæ мæ акъахдзæ ф кодта, æ мраст слæ ууыд æ мæ бахудт. Æ мæ цæ уыл худы, цæ уыл цин кæ ны? Адæ ймаг мæ лы, ацы дунейæ фæ цæ уы, уый нæ уыны!

— Ма йын тæ рсут, дысон хорз ныххырхта æ мæ ныр улæ фы.

Жаннæ сагъдауæ й баззад. Цытæ дзуры ацы хъахбай, цыбырзонд сылгоймаг? Бацу йæ м, йæ уæ хсчытыл ын ныххæ ц æ мæ йæ ныууигъ, асхой йæ. Æ мæ фезмæ лыд.

— Нозт æ м æ ппындæ р нæ хæ ццæ кæ ны, йæ зæ рдæ йæ æ рцахста.

— Æ мæ йын ды та чи дæ, йæ чызг? А-а, йæ хæ згул. — Сылгоймаг сæ рыстырæ й йæ алыварс акаст, йæ мидбылты æ нæ рвæ ссонæ й бахудт æ мæ фидар къахдзæ фтæ й фæ цæ уы: уынут, мæ кадджын хæ с мæ хи æ мæ адæ мы раз дæ р сæ ххæ ст кодтон. Фæ лæ йæ м уый дæ р фаг нæ фæ каст, Жаннæ мæ фæ зылд æ мæ додойгæ нæ гау загъта: — Ды цы бинонтæ й рацæ уыс, уыдон дæ р, æ вæ ццæ гæ н, фенхъæ лынц, нæ хæ дзарæ й чызг рахизы. Сæ хи сайынц, мæ гуыр, — æ мæ цыма цæ мæ йдæ р фæ тарст, афтæ тагъд-тагъд ацыд. Жаннæ йæ цæ стытæ бахгæ дта: ацы сæ рхъæ н сылгоймаджы куынæ уал уынид.

Лæ джы уазал хид урс цæ ппузыртæ й уайы. Жаннæ сæ йæ къухмæ рзæ нæ й бæ ргæ сæ рфы, фæ лæ уыдон уæ ддæ р уайынц æ мæ уайынц. Адæ м фæ фылдæ р сты. Чидæ р дзуры, нæ лгоймаг:

— Æ гæ р ыл ма æ мбырд кæ нут, уæ лдæ ф æ м бауадзут.

Рынчын лæ джы улæ фт ноджы февзæ рдæ р, уæ лдæ ф ын бынтондæ р нал фаг кæ ны, йæ риуæ й цыдæ р æ нахуыр хæ р-хæ р райхъуысы. Йæ цæ стытæ... Цыма сыл мигъ ныббадт, цыма ницы уыны. Йæ цæ стытæ... доны зилынц. Лæ г кæ уы. Æ вæ ццæ гæ н, йæ фæ стаг минуттæ æ рхæ ццæ сты, уый зоны æ мæ кæ уы. Æ мæ, ау, мæ лын афтæ зын æ мæ æ нцон у. Цалдæ р минуты — æ мæ нал дæ. Йæ цæ стытæ... Йæ цæ стытæ Жаннæ йæ нал исы, цыма афтæ зæ гъынц: мæ лын... мæ лын, æ мæ мын феххуыс кæ н, аирвæ зын мæ кæ... мæ лын мæ ма бауадз. Æ мæ цы кæ на Жаннæ? Мæ нæ йæ бон куыд ницы у. Дохтыртæ кæ м сты: æ рбацæ уын афон сын нæ ма у?

Урссæ р, къæ схуыртæ гуыбыр зæ ронд лæ г сæ цурмæ æ рбацыд, йæ лæ дзæ гыл æ рæ нцой кодта æ мæ рынчыныл сæ рæ й къæ хтæ м цалдæ р хатты йæ цæ стытæ джигулгæ нæ гау æ рхаста. Йæ сæ р цалдæ р хатты банкъуыста, хъæ рзæ гау ныуулæ фыд æ мæ дзуры:

— О, уæ у-уæ й, гъе, бынтондæ р бабын стæ м, адæ мы ахæ мтæ сафынц, адæ мы ахæ мтæ худинаг кæ нынц, — æ мæ ату кодта, мæ стджын, æ лгъаг ту, йæ лæ дзæ гæ й асфальт ныххоста æ мæ, куыд гуыбыр-гуыбыр æ рбацыд, афтæ гуыбыр-гуыбыр фæ цæ уы. Чызг йæ фæ стæ кæ сгæ йæ баззад: адæ м кæ рæ дзийæ н афтæ æ нæ хатыр цæ мæ н сты, сæ адæ ймагдзинад кæ м и? Æ ви никæ д уыди, хъуыды йæ æ ркодтам, нæ хи сайдтам æ мæ сайæ м.

Зæ ронд лæ г адæ мы ’хсæ н аныгъуылд, нал зыны. Жаннæ йы сæ ры арвæ рттывдау атахт: аргъæ утты, адæ мон сфæ лдыстады мæ лæ т арæ х æ рбацæ уы зæ ронд лæ джы хуызы. Æ мæ кæ д уый зæ ронд лæ г нæ уыд, фæ лæ мæ лæ т уыд. Мæ лæ т?.. Мæ лæ т зæ ронд лæ джы хуызы?..

Æ нæ зонгæ рынчын... йæ сæ р йæ уæ хскыл æ руагъта æ мæ йæ м кæ сы, йæ цæ стытæ нал æ хгæ ны. Дзагъырæ й йæ м кæ сы. Йæ цæ сгом, йæ цæ стытæ... бынтондæ р аивтой, цыма æ ндæ р адæ ймаг фестад. Минуты размæ дæ р ма Жаннæ уыдта, æ нæ нхъæ лæ джы, æ виппайды рацæ уæ н, ралидзæ н кæ цæ й нал вæ ййы, уыцы цъысымы чи бахауы, ахæ м адæ ймаджы. Йæ удхар, йæ хъизæ мар, йæ æ нæ бон тох мæ лæ тимæ йæ цæ сгомыл, йæ цæ стытыл афтæ бæ лвырдæ й зынд, æ мæ йæ м чызг æ ргом кæ сын æ фсæ рмы кодта. Йæ бон ын баххуыс ницæ мæ й уыд æ мæ... Ныр ын ис бынтон æ ндæ р цæ сгом, бынтон æ ндæ р цæ стытæ: рухс, хурдзаст, цыма бахудынмæ хъавы: цыма цыдæ р уæ ззау уаргъ хаста æ мæ дзы фервæ зт. Æ мæ фервæ зт. Фервæ зт мæ лæ тæ й. Йемæ тохы бафæ ллад, сфæ лмæ цыд, бастад æ мæ ныр æ хсызгонæ й сулæ фыд, ныр дзы ницыуал риссы. Жаннæ... Адæ мы ’хсæ н Жаннæ мæ цæ мæ н кæ сы. Чызг иуварс азылд æ мæ йæ хуылыдз къухмæ рзæ нæ й йæ цæ ссыгтæ сæ рфы. Лæ джы алыварс цы цымыдис адæ м æ рæ мбырд, уыдоны ныхас æ м дард кæ цæ йдæ р хъуысæ гау хъуысы:

— Амард.

— Рухсаг уæ д.

— Арахъхъ бирæ адæ мы бабын кодта.

— Æ мæ цы фæ уыдзæ н? Чи у, ницы гæ ххæ ттытæ йæ м и?

— Амондджын мард акодта.

Иууылдæ р куы ацæ уой, уæ ддæ р æ й Жаннæ афтæ нæ ныууадздзæ н. Йæ бинонтыл, йæ къабæ зтыл æ й сæ мбæ лын кæ ндзæ н. Исты гæ ххæ тт æ м ма разына, уымæ н уæ вæ н нæ й. Дохтыртæ дæ р æ рбахæ ццæ сты. Æ мæ ма ныр цæ мæ н хъæ уынц. Кæ сынц æ м, сгарынц æ й. Цы хъуыддагхуыз сты... Сæ иу ын йæ цæ стытæ, Жаннæ мæ æ дзынæ г цы цæ стытæ кастысты, уыдон æ рæ хгæ дта, æ мæ афтæ зыны: лæ г бафæ ллад, тынг бафæ ллад æ мæ афынæ й, бады æ мæ фынæ й кæ ны.

Чызджы зæ рдæ сцæ лхъ-цæ лхъ кодта: лæ г кæ й амард, уый йæ м ныр ноджы тынгдæ р бахъардта. Ау, адæ ймаг афтæ æ нæ нхъæ лæ джы, афтæ æ виппайды амæ лы? Цымæ, лæ г сæ хицæ й куы рацыд, уæ д, йæ царды фæ стаг фæ ндагыл кæ й цæ уы, уый зыдта? Нырма цардбарæ г лæ г, æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, йæ рухс фидæ н йæ цæ стытыл уад, азты сæ рты йæ фидæ ны фæ ндагмæ каст, æ мæ, æ ндахы хал куыд фескъуыны, афтæ фескъуыд. Æ мæ уæ д цы у адæ ймаджы цард? Цæ мæ н фæ зыны ацы дунемæ? Амæ лыны тыххæ й?

Дохтыртæ й хистæ р сылгоймаг, цы цалдæ р адæ ймаджы ма баззад лæ угæ, уыдоныл йæ цæ ст ахаста:

— Феххуыс нын кæ нут æ мæ йæ машинæ йы сæ вæ рæ м.

Æ мæ йæ сæ вæ рдтой. Тагъд æ ххуысы хæ дтулгæ ацыд. Фæ стагмæ ма цы цалдæ р адæ ймаджы бафæ стиат, уыдон дæ р атагъд кодтой, чи йæ куыстмæ, чи ахуырмæ, чи базармæ, чи кæ дæ м. Æ мæ Жаннæ иунæ гæ й баззад. Цыма цыдæ р уæ ззау куыст фæ кодта. Йæ къæ хтæ фезмæ лын нæ комынц. Æ мæ, цалдæ р минуты раздæ р æ нæ зонгæ лæ г кæ м амард, уыцы даргъ цъæ хахуырст бандоныл йæ хи æ руагъта.

Жаннæ йы фезмæ лын нæ фæ ндыд, йæ химидæ г бандзыг. Адæ мы уынын дæ р æ й нæ фæ ндыд. Ницы йæ хъуыд. Университет дæ р. Фыццаг лекцимæ байрæ джы кодта, фæ лæ дыккаг, æ ртыккаг лекцимæ дæ р нал ацыд. Афтæ æ дзæ мæ й бадт, стæ й иурæ стæ г сыстад. Худинаг у: афтæ бадгæ йæ чи уыны, уыдон цы банхъæ лдзысты, цы йæ схондзысты? Æ мæ сæ химæ рацыд.

Университеты куы ахуыр кодта, уæ д дæ р æ мæ уыйфæ стæ дæ р, æ нæ зонгæ лæ г йæ мæ лæ тмæ цы къахвæ ндагыл цыд, уымæ й йæ хи иуварс ласта, цы даргъ цъæ хахуырст бандоныл амард, уый цурты йæ ацæ уын нæ фæ ндыд. Æ нæ цæ угæ нæ й, уæ д та — тагъд-тагъд, ма йæ м фæ кæ с.

Лæ джы цæ стытæ... Мигъбадт, æ гъуыз фæ лм æ вæ рд сыл. Æ ддаг бакастæ й афтæ зынд, цыма сæ ницы æ ндавы, ницæ уыл дзурынц. Æ цæ гдзинадæ й та фæ дисы дзæ нгæ рæ г цагътой: «Мæ лын! Мæ лын! — Æ бæ рæ г кæ мæ дæ р нæ дзырдтой, фæ лæ Жаннæ мæ. Комкоммæ. Комкоммæ дзырдта Жаннæ мæ. — Мæ лын æ мæ мын феххуыс кæ н. Аирвæ зын мæ кæ н».

Æ мæ йын цы йæ бон уыд? Цалынмæ Жаннæ цæ ра, уæ дмæ уыцы цæ стытæ нæ ферох кæ ндзæ н. Нæ! Уый йæ уыдон нæ рох кæ нынц. Æ виппайды, æ нхъæ л кæ м нæ вæ ййы, уым дæ р йæ размæ февзæ рынц æ мæ йæ м, фæ ндзæ м курсы куы ахуыр кодта, уæ д æ вддæ сæ м октябры куыд кастысты, афтæ фæ кæ сынц. Æ мæ йæ хицæ н бынат нал фæ ары, цыма сæ цуры цыдæ р аххосджын у.

Чи зоны, уыцы лæ г нæ амардаид, фæ лæ адæ м... Æ ддаг бакастæ й куыд хорз стæ м, фæ лæ нæ чысыл фæ цагай, чысыл нæ ракъах, уæ д... Къахгæ дæ р цæ мæ н?.. Цымæ, уыцы лæ г цардæ й мæ лæ ты арæ ныл куы лæ ууыд, дзагъырцæ стæ й куы каст, уæ д, йæ алыварс цы цалдæ р цымыдис адæ ймаджы æ рбатымбыл, уыдоны уыдта? Сылгоймаджы уазал æ фсæ йнаг хъæ лæ с æ м хъуыст? Зæ ронд лæ г цы æ лгъаг ту акодта, уый федта? Æ мæ йæ рыст, йæ хъæ дгом зæ рдæ ног хъæ дгæ мттæ нæ кодта? Афтæ æ нцонæ й, афтæ æ науæ рдонæ й кæ рæ дзийы цæ мæ н æ фхæ рæ м?

Афтæ æ нцонæ й кæ рæ дзийæ н зын цæ мæ н кæ нæ м? Афтæ æ нцонæ й кæ рæ дзийы цæ мæ н рæ хойæ м? Кæ рæ дзийæ н афтæ æ цæ гæ лон цæ мæ н стæ м? Æ ви æ дзухдæ р афтæ уыд...

Чызджы къахайст бынтондæ р ныссабыр. Йæ сæ р банкъуыста: мин æ мæ мин фарсты, ацу æ мæ сын дзуапп агур. Цымæ уыцы лæ г, ацы дунейæ кæ й хицæ н кæ ны, уый æ мбæ рста, æ нкъардта йæ? Цымæ цардæ й мæ лæ ты арæ ныл зын ахизæ н у? Уыцы лæ гæ н фæ стагмæ йæ цæ сгом цæ мæ н ныррухс, цæ мæ н бахъæ лдзæ гхуыз?..

Жаннæ ницы зоны, ницы æ мбары. Мæ нæ ныр нарæ г асфальт къахвæ ндагыл цы чызг фæ цæ уы, уый ацы дунемæ цæ мæ н фæ зынд? Куынæ фæ зындаид, уæ д дуне къахыр уыдаид? Истæ мæ н хъуыд?

Жаннæ арф ныуулæ фыд. Йæ æ рмæ г æ й ногæ й бакæ сын хъæ уы, йæ зæ рдæ дзы хъуамæ иу дзырд, иу хъуыдыйадмæ дæ р ма ’хсайа.

 

31-æ м августмæ ма баззад 31 боны.

31-æ м июль. Майрæ мбон. 2009 аз

Дауыт, сæ газеты редактор, уаты гом дуарæ й æ рбахызт. Компьютерæ й мыхуыр дыууæ сыфы йын йæ цуры æ рæ вæ рдта.

— Хорз æ рмæ г у. Дыууæ хъуыдыйады арæ зтмæ дзы мæ зæ рдæ фехсайдта, фæ бæ рæ г сæ кодтон, — æ мæ редактор разылд, йæ кусæ нуатмæ фæ цæ уы. Фæ лæ ууыд. — Дæ очеркыл ма дæ бирæ кусын хъæ уы?

— Иннæ бон дæ м æ й ратдзынæ н.

— Хорз. Æ гæ р æ й ма ныддаргъ кæ н.

Чызг бахудт:

— Мæ редакторæ н газеты алы квадраты сантиметр дæ р сызгъæ рины килограммæ й зынаргъдæ р кæ й у, уый хорз зонын.

Дауыт æ мæ Жаннæ кæ рæ дзимæ бахудтысты. Дауыт уатæ й ацыд, фæ лæ ма Жаннæ уæ ддæ р йæ фæ стæ кæ сы. Хорз редактор ын и. Сæ йрагдæ р та — хорз адæ ймаг. Ныфс дзы уый бауагъта, журналисты дæ сныйад уый фæ рцы равзæ рста. Уыцы фæ ндагыл æ й уый сарæ зта.

Дзерассæ Алыксандры чызг — ирон æ взаг æ мæ литературæ йы ахуыргæ нæ г — Жаннæ йæ никуы ферох кæ ндзæ н. Йæ уроктæ м ын уæ лдай æ хсызгондæ рæ й цыд. Уæ лдайдæ р литературæ йы уроктæ м. Æ фсæ рмы нæ кæ ны, уæ д-иу ныр дæ р бацæ уид, къласы æ ппæ ты фæ сте сбадид æ мæ Дзерассæ мæ хъусид æ мæ хъусид, йæ алы ныхас дæ р ын ахсид, йæ алы ныхас дæ р ын уаид дзæ мдзæ мы суадон. Цы уацмысы тыххæ й фæ дзуры, уый афтæ хорз фæ зоны, афтæ дзы аныгъуылы, æ мæ -иу Жаннæ мæ афтæ каст: кæ д уыцы радзырд кæ нæ роман сæ ахуыргæ нæ г йæ хæ дæ г ныффыста æ мæ йæ нæ хъæ р кæ ны, кæ йдæ р номыл æ й рауагъта. Чызг-иу афтæ дæ р ахъуыды кодта: кæ д сæ ахуыргæ нæ г уацмысы архайджытæ й иу йæ хæ дæ г у. Жаннæ урочы и, уый-иу дзы ферох, уацмысы дунемæ -иу бахауд, бадгæ къласы кодта, йæ хъуыдытæ та — кæ мдæ р. Дзерассæ йы сыгъдæ г, рæ сугъд фæ лмæ н хъæ лæ с... Цыма-иу урочы нæ, фæ лæ хохаг цæ ссыджы хуызæ н урс-урсид æ хсæ рдзæ ны цур бадт, афтæ йæ м каст.

Æ мæ Жаннæ йæ зæ рдæ йы зæ гъинæ гтæ, йе ’нкъарæ нтæ гæ ххæ ттыл ныффыста. Цалдæ р хатты йæ бакаст, цалдæ р хатты йæ ногæ й рафыста. Чызг йæ сæ р банкъуыста, йæ мидбылты бахудт: о, стыр куыст бакодта уæ д. Лев Толстой йæ роман «Война и мир» цал хатты рафыста? Жаннæ йæ н та йæ чысыл уацхъуыд уыд «Война и мир». Цалдæ р боны йæ æ мбæ хстæ й фæ хаста йæ тетрæ дтимæ. Бæ ззы æ ви нæ? Дзерассæ йы аккаг фыст у? Зæ гъæ м, газеты рацыд, уæ д скъоладзаутæ цы зæ гъдзысты? Чидæ ртæ афтæ нæ банхъæ лдзысты: йæ ахуыргæ нæ джы зæ рдæ æ лхæ ны, цæ стмæ митæ йын кæ ны.

Чызг йæ химидæ г тыхст. Æ ппынфæ стаг скарста: чи цы дзуры, уый дзурæ д: чи цы хъуыды кæ ны, уый хъуыды кæ нæ д. Фæ лæ равдисынæ н бæ ззы? Куыд у? Кæ мæ н раргом кæ на йæ зæ рдæ? Ай-гъайдæ р — йæ мадæ н. Æ мæ йын æ й бакаст. Цæ мæ ндæ р йæ хъæ лæ с къæ зыд. Цыма цыдæ р стыр хъуыддаг сарæ зта, йæ химæ цыдæ р стыр бæ рнон хæ с райста, афтæ йæ м каст.

Мад цасдæ р рæ стæ г ницы сдзырдта, стæ й загъта:

— Æ з, дæ уацхъуыд литературон хуызы куыд фыст у, уый нæ зонын, фæ лæ зæ рдæ агайы. Дзерассæ йы мын ноджы тынгдæ р бауарзын кодтай. Дæ фæ нд ма аив, газетмæ йæ ратт, мацæ уыл хъуыды кæ н.

Маринæ йы ныхæ стæ й фæ ныфсджын, мад ыл базыртæ ныссагъта. Уый зæ рдæ мæ нæ фæ цыд, уæ д æ й аскъуыдтæ кодтаид æ мæ йæ цардвæ ндаг, æ вæ ццæ гæ н, ацыдаид бынтон æ ндæ р хуызы. Чи зоны, университеты журналистикæ йы факультет нæ равзæ рстаид æ мæ сæ районы газеты нæ кусид, республикæ йы сæ йраг газет «Рæ стдзинад»-мæ йæ нæ хониккой. Æ рæ джы дæ р та йæ м телефонæ й æ рдзырдтой: сæ йраг редакторы демæ сæ мбæ лын фæ нды. Æ вæ ццæ гæ н, районы газеты йын цы æ рмæ джытæ рацæ уы, уыдон бакæ сы. «Рæ стдзинад»-мæ дæ р рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ ныффыссы æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, редакторæ н йæ зæ рдæ мæ фæ цæ уынц. Иурæ стæ джы республикæ йы сæ йраг газетмæ раивынвæ нд акодта, фæ лæ ныр...

Уæ д Жаннæ йæ фыццаг уацхъуыдимæ сæ кæ рты дуарæ й рахызт ныфсджынæ й. Фæ лæ уыцы ныфс, районы газеты редакцийы агъуыстмæ куыд хæ стæ гдæ р кодта, афтæ тад. Уыцы хæ дзар иу æ мæ дыууæ хатты нæ федта, йæ рæ зты иу æ мæ дыууæ хатты нæ ацыд. Фæ лæ ныр... Йæ фарсмæ иннæ зæ ронд хæ дзæ рттæ й ницæ мæ й хицæ н кæ ны: сырх дурæ й амад, йæ æ хсæ з рудзынджы уынгмæ кæ сынц. Нæ! Тынг хицæ н кæ ны. Мидæ мæ бацæ уæ н дуары сæ рмæ цы цалдæ р дзырды фыст и, æ рмæ ст уымæ й нæ, фæ лæ... Цыма кувæ ндон у. Æ мæ чызг цæ мæ йдæ р тæ рсы, цæ мæ йдæ р æ фсæ рмы кæ ны. Цы йын зæ гъдзысты? Цæ й фыссыны мæ т æ й и? Фыццагдæ р цы уатмæ бахæ ццæ уа, уырдæ м бацæ удзæ н. Æ мæ бахæ ццæ. Дуары сæ рмæ æ рмæ стдæ р иу дзырд фыст — «Редактор». Бахоста.

— Мидæ мæ.

Жаннæ уатмæ бахызт. Йæ зæ нгтæ ризынц, ма фæ донзоныг уæ д. Уаты хицау йæ бандонæ й сыстад, йæ размæ рахызт æ мæ йын йæ къух райста, цыма йе ’мгар адæ ймаг у, цыма уатмæ дæ сæ м къласы ахуырдзау нæ, фæ лæ цыдæ р кадджын, дзырддзæ угæ адæ ймаг æ рбацыд. Йæ бакомкоммæ йæ сбадын кодта æ мæ йæ фæ рсы: кæ й чызг у, кæ цы къласы ахуыр кæ ны? Ома тых æ мæ хынцфарст нæ, фæ лæ сабыр, æ нахуыр фæ лмæ нхуыз хъæ лæ сæ й. Æ мæ та йыл ногæ й йæ хионхуыз цæ стытæ ахаста:

— Æ вæ ццæ гæ н нæ м хуынимæ æ рбацыдтæ æ мæ дын æ й Хуыцау фæ рæ стмæ кæ нæ д.

Чызг йæ хуын — тетрады цыппар сыфы чысылхъуаг фыст — редакторы цур стъолыл æ рæ вæ рдта. Редактор абондæ ргъы цыма уымæ æ нхъæ лмæ каст, афтæ йæ цымыдисæ й кæ сын райдыдта. Жаннæ йæ мидбынаты æ нцад бады. Фест æ мæ ацу. Цæ й фыссыны сагъæ с æ й и? Цы зæ гъдзæ н редактор?.. Йæ зæ рдæ мæ куынæ фæ цæ уа, уæ д æ й уайдзæ фты бын нæ фæ кæ ндзæ н? Редактор хъуыр-хъуыр кæ ндзæ н: фыссын нæ зоныс æ мæ æ нцад бад, алчи та мын йæ хицæ й фыссæ г аразы. Скъоладзау дæ æ мæ дæ ахуыры кой кæ н, æ ндæ р дæ цы гуыбынниз хæ ры. Æ мæ уæ д... æ нæ уи дæ р нал ныффысдзæ н, фæ лæ ахæ м ныхас, уæ д иу хахх дæ р никуыуал акæ ндзæ н.

Редактор тетрад стъолыл æ рæ вæ рдта. Цы бирæ рæ стæ г æ й каст. Жаннæ цæ мæ ндæ р сыстад.

— Бад, бад. Ныхас нæ ма фестæ м. — Дауыт бахудт. — Дæ уацхъуыд æ взæ р нæ рауад. Къодах, дам, фыццаг æ рцæ фæ й бæ рæ г вæ ййы: дæ бон фыссын у.

Уæ д Жаннæ, уацхъуыд цы у, уый нæ ма зыдта, бафæ рсын та нæ бауæ ндыд.

— Раздæ р ма искæ д исты ныффыстай?

— Нæ.

— Æ мдзæ вгæ тæ нæ фыссыс? Дæ кары лæ ппутæ æ мæ чызджытæ æ мдзæ вгæ тæ арæ х фæ фыссынц.

— Æ з никуы ныффыстон.

— Дæ уацхъуыд газеты рацæ удзæ н, фæ лæ ма ноджыдæ р исты куы ныффыссис, уæ д хорз уаид. Дæ бон фыссын у. Дæ хъуыды — бæ лвырд, дæ хъуыдыйады арæ зт — лæ гъз, сыгъдæ г.

Чызг редакцимæ бацыд æ нæ бары, тæ рсгæ -ризгæ. Фæ стæ мæ рахызт æ ндæ р адæ ймагæ й: базыртимæ. Дауыт дзы ахæ м стыр ныфс бауагъта, æ мæ йæ химæ зæ ххон адæ ймаг нал каст, фæ лæ уæ ларвон. Цыма гæ лæ бу у. Раздæ р ын редакцийы хæ дзар иннæ агъуыстытæ й ницæ мæ й хицæ н кодта: зæ ронд агуыридур хæ дзар, æ хсæ з рæ стæ мбис рудзынджы. Дауытимæ фембæ лды фæ стæ редакцийы хæ дзар раздæ ры хæ дзар нал уыд: райдзаст, иннæ агъуыстыты æ хсæ н йæ хъулон рухсæ й бæ рæ г дардта, æ бæ рæ г æ хсызгондзинад æ мæ цин дзы ивылд, чызг-иу редакцийы дуарæ й мидæ мæ æ мæ фæ стæ мæ дæ р хызти амондджынæ й. Фæ лæ... Фæ лæ фæ стаг цалдæ р мæ йы — цалдæ р мæ йы цæ мæ н? — бирæ фылдæ р рæ стæ г, цас, уый Жаннæ бæ лвырдæ й нæ хъуыды кæ ны — йæ куыстæ й раздæ рау æ хсызгондзинад нал исы, цингæ нгæ не ’рбацæ уы редакцимæ. Æ рбацæ уы æ мæ ацæ уы куыдфæ ндыйæ. Цы фыссы, уыдон æ й нал æ ндавынц, цыма сæ уый нæ ныффыссы, цыма кæ йдæ р фыстытæ фæ кæ сы, цыдæ ртæ йæ фыссын фæ хъæ уы æ мæ фæ фыссы. Йæ химæ аууоны хуызæ н кæ сы, йæ хæ дæ г йæ хицæ н аууон ссис. Йæ куыстыл стырзæ рдæ кæ ны, йæ кусæ нуаты раздæ р цин ивылд, фæ ззыгон мигъбон дæ р дзы хур каст, ныр та цыма кæ йдæ р æ цæ гæ лон уатмæ бацæ уы. Ницыуал æ й æ ндавы. Тынг чи базæ ронд, йæ цардæ й тынг чи бафæ ллад, йæ цардæ й чи сфæ лмæ цыд, хатт Жаннæ йæ химæ ахæ м адæ ймаджы хуызæ н фæ кæ сы. Чызг йæ мидбылты бахудт: Жаннæ дæ р базæ ронд, тынг базæ ронд æ мæ... æ мæ йæ мидбылхудт атад. Сфæ лмæ цыд.

Чызг йæ уацхъуыд йæ химæ ’рбахæ стæ г кодта — иу хатт ма йæ м æ ркæ са. Дыууæ раны дзы кърандасæ й — зына-нæ зына хæ ххытæ, тыххæ й зынынц. Жаннæ йæ редакторы хорз æ мбары: ома мемæ кæ д разы дæ, уæ д сæ м æ ркæ с, кæ д нæ, уæ д сæ, куыд сты, афтæ уадз. Дауытæ н йæ хъуыды цæ хгæ р у, демæ разы нæ у, уæ д хъуыдыйады, науæ д дзырды бын бæ зджын хахх бакæ ны, йæ размæ йын дынджыр фарсты нысан сæ вæ ры. Æ мæ йæ уæ д зон: аивын æ й хъæ уы, сраст æ й хъæ уы. Йæ хæ дæ г æ й не сраст кæ ны: уадз автор ахъуыды кæ на.

Чызг гæ ххæ тты сыф иуварс æ рæ вæ рдта: зивæ г ыл бахæ цыд. Йæ сæ р банкъуыста: бынтондæ р йæ хи æ руагъта. Худинаг. Æ мæ афтæ мæ й кусæ н и?.. Æ нæ бары змæ л. Æ нæ бары дæ къухмæ ручкæ райс æ мæ æ нæ бары урс гæ ххæ ттыл цыдæ ртæ хъулæ ттæ кæ н. Раздæ рты æ нæ дзургæ йæ кæ уыл худт, ныр уыдонæ й йæ хæ дæ г иу фестад. Нæ! Уый йæ сæ рмæ не ’рхæ сдзæ н. Худинаг.

Йæ чысыл телефоны дзæ нгæ рæ г райхъуыст. Æ мæ йæ м чи дзуры? Æ мæ кæ й бахъуыд? Æ мæ йæ хæ дæ г йæ хи куынæ хъæ уы, уæ д... Нæ! Йæ мады хъæ уы! Йæ фыды хъæ уы! Ахуырбег... Йе ’фсымæ р Ахуырбег æ м дзуры.

Жаннæ сыстад æ мæ кæ ртмæ рахызт.

— Салам, Ахуырбег.

— Куыд дæ, мæ чысыл хо?

— Алцыдæ р хорз у, дæ зæ рдæ мацæ мæ ’хсайæ д.

— Аслан та куыд у?

— Куыд вæ ййы, афтæ.

— Папæ йæ н мын йæ райгуырæ н бонмæ ссæ уыны фадат нæ фæ уыдзæ н, фæ лæ иучысыл æ хца фервитын æ мæ -иу ын исты алхæ н.

— Æ мæ йын цы балхæ нон, цы дæ фæ нды?

— Дæ хæ дæ г æ ркæ с, æ з дæ уыл æ ууæ ндын. Дæ хæ дæ г та куыд дæ?

— Мæ ныл ма тыхс, сагсырды хуызæ н.

— Цæ й уал уæ дæ. Иууылдæ р мын дзæ бæ х ут. — Æ мæ дуне ныссабыр. Жаннæ ма уæ ддæ р телефоныл хæ цы. Ахуырбеджы хъæ лæ с та цыма ногæ й райхъуысдзæ н, афтæ йæ м кæ сы. Йæ ныхас уыцы дзæ бæ х, сыгъдæ гæ й хъуыст, цыма Мæ скуйæ нæ, фæ лæ ам, сæ хæ дзарæ й дзырдта. Йе ’фсымæ р æ й, Жаннæ йæ хи куы зоны, уæ дæ й фæ стæ мæ «мæ гыццыл», «мæ чысыл хо» хоны. Гыццыл кæ ддæ р уыд, ныр та... Уæ ддæ р æ м хорз кæ сы, цыдæ р æ хсызгон ын вæ ййы. Афтæ йæ æ ндæ р ничи хоны, стæ й уыцы дыууæ ныхасы афтæ рæ сугъд никæ й æ взаджы сбаддзысты.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.