Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Темыры кæстæр чызг 3 страница






Бинонты цард — суйтæ, быцæ утæ. Ахуырбег дæ р æ мæ йæ къай дæ р — æ гуыст. Æ мæ куыд цардæ уа афтæ мæ й? Иу ран, иннæ ранмæ бацæ уынц æ мæ сæ кæ м къæ сæ рæ й рарвитынц, кæ м сын зæ рдæ бавæ рынц, æ мæ æ нхъæ лмæ кæ с. Цас?.. Цас рæ стæ г и афтæ æ нхъæ лмæ кæ сæ н? Æ мæ Ахуырбег скарста: йе ’мбæ лттæ й цалдæ р Мæ скуымæ сæ хи айстой æ мæ тынг дзæ бæ х кусынц, тынг хорз цæ рынц. Ам, Ирыстон, цъымара у æ мæ дзы цас раздæ р йæ хи атона, афтæ хуыздæ р, йе ’мбæ лттæ йæ хонынц, куыст ын ссардзысты. Æ мæ Ахуырбег йæ бинойнагимæ Мæ скуымæ ацыд. Ма йын тæ рсæ д: йæ хи сæ рсæ фæ нæ й не ’ппары. Жаннæ цасдæ р рæ стæ г йæ химæ не ’рцыд, йæ химæ ныхъхъуыста. Афтæ йæ м каст: йе ’фсымæ р сæ хицæ й алыгъд, йæ сæ р бамбæ хста. Мысыди йæ. Дыууæ хойы æ мæ æ ртæ ’фсымæ ры сты, æ мæ йæ м цыма Ахуырбег хæ стæ гдæ р у, афтæ йæ м кæ сы. Хъуамæ се ’ппæ ты дæ р æ мхуызон уарза, йæ зæ рдæ мæ æ мхуызон хæ стæ г уой, фæ лæ... Æ мæ -гъа, æ мæ -гъа.

Жаннæ тыхст: йе ’фсымæ р уыцы стыр горæ ты цы фæ уыдзæ н? Куыд цæ рдзæ н? Горæ т, дам, цас стырдæ р у, уыйас æ гъатырдæ р у. Ныр та, Ахуырбег Мæ скуымæ кæ й ацыд, уый йын æ хсызгон у: сæ бинонты цард ныссуйтæ æ мæ уый нæ уыны. Уæ лдайдæ р, ацы Аслан, ацы Асик... Цымæ йæ м уыцы бæ ллæ х кæ цæ й каст? Бинонты дæ р ма фенамонд кодта. Уæ вгæ... Вадим æ мæ Фатимæ дæ р... Æ ви уый Жаннæ мæ афтæ кæ сы.

Асик та дысон дæ р нæ фæ зынд. Кæ м и? Кæ м баззад? Стæ й... Кæ д та æ рбацæ удзæ н? Цыхуызæ нæ й?.. Æ нцъылдтæ æ мæ лæ бырдтытæ й, йæ цæ стытæ й тыххæ й кæ сдзæ н. Чи зоны, йæ дзаумæ ттæ дæ р ма раласа, афтæ мæ й сынтæ гыл ныххауа æ мæ суткæ йæ фылдæ р хуысдзæ н.

Мад æ мæ фыд — Маринæ æ мæ Темыр — сæ хи хуызæ н нал сты, сæ хиуыл нал хæ цынц, Аслан сæ афонæ й раздæ р базæ ронд кодта, сæ химæ хъусыныл фесты, æ дæ рсгæ адæ мы ’хсæ нмæ рацæ уын нал уæ ндынц. Æ мæ Жаннæ та?.. Исчи йæ цуры — дыууын фыццæ гæ м æ нусы æ вирхъау бæ ллæ х — наркотикты æ мæ наркоманты тыххæ й куы фæ дзуры, уæ д æ м афтæ фæ кæ сы: цыма йæ ныхас йе ’фсымæ р Асланы тыххæ й вæ ййы, уыцы талæ уы ахæ сты чи бахауд, сымахæ н дæ р уæ кæ стæ р лæ ппу уыдонæ й у æ мæ йæ адæ мæ й æ мбæ хсут, зæ гъгæ, фæ зæ гъы. Æ мæ чызг йæ хицæ н бынат нал фæ ары: ныхас исты хуызы æ ндæ рырдæ м аздах, цыдæ р хуызы йæ фескъуын, фæ цæ уæ г у. Кæ нæ, тæ худы, зæ ххы скъуыды ныххау æ мæ мацыуал зон. Уæ д ды дæ дунейы тæ ккæ амондджындæ р, уымæ н æ мæ цъысымæ й фервæ зтæ.

— Жаннæ, сихорыл уæ химæ нæ цæ уыс? — дард кæ цæ йдæ р хъуысæ гау æ м хъуысы йе ’мкусæ г сылгоймаджы хъæ лæ с. Цас хистæ р дзы у. Цыппар азы дæ р нæ, æ мæ йын æ ртæ сывæ ллоны, фырыхъулы хуызæ н æ ртæ лæ ппуйы. Æ ртæ лæ ппуйы мад. Жаннæ... Жаннæ мад никуы суыдзæ н, сывæ ллоны ад никуы базондзæ н.

— Цæ уын. Мæ нæ мæ æ рмæ г бæ рнон секретарьмæ дæ ттын æ мæ цæ уын.

— Жаннæ, фæ стаг рæ стæ г дæ хъуыдыты арф аныгъуылыс. Æ вæ ццæ гæ н, кæ йдæ р бауарзтай æ мæ зæ рдæ ныссуйтæ, ныссаджилтæ.

— Æ мæ мын афон нæ ма у? — дыууæ йæ дæ р худынц.

— Уый æ ппæ ты æ хсызгондæ р кæ мæ н уаид, уыдонæ й иу уаин æ з. Жаннæ, ды æ цæ гæ й дæ р хорз амонды аккаг дæ, — æ мæ сылгоймаг сыстад. — Фæ ссихор æ рбацæ удзынæ? Æ з хæ дзары афæ стиат уыдзынæ н æ мæ цынæ вæ ййы, исчи мæ куы агура, уæ д-иу сын исты зæ гъ.

— Хорз. Хорз. Æ ртæ лæ ппуйы мадæ н æ фсон кæ нын ницы хъæ уы.

Сылгоймаг ацыд. Жаннæ дæ р ныртæ ккæ ацæ удзæ н. Æ мæ сыстад. Редакцийы кæ ртæ й рахызт. Йæ алыварс акаст. Автобусы сбада æ ви фистæ гæ й ацæ уа? Æ мæ кæ дæ м тагъд кæ ны. Иуæ й-иутæ, цалдæ р минуты сæ цæ уын хъæ уы, æ мæ автобусы фæ зындмæ æ нхъæ лмæ кæ сдзысты. Ныртæ ккæ чызджытæ м, сылгоймæ гтæ й бирæ тæ м — машинæ тæ. Машинæ модæ йы хуызæ н ссис. Дæ хæ дтулгæ йæ рахызтæ, уæ лдайдæ р — фæ сарæ йнаг машинæ йæ, уæ д ды кæ уылты дæ. Фатимæ цалдæ р мæ йы размæ дзыхъхъынног БМВ балхæ дта. Диссаг, нырмæ цæ мæ æ нхъæ лмæ каст? Цы йæ урæ дта?

Чызг цы автобусы фæ бады, уый йæ цурты ацыд. Жаннæ дæ р тагъд сæ химæ уыдзæ н. Йæ зонгæ чызджытæ й цалдæ рæ н се стырдæ р бæ ллиц у машинæ балхæ нын. Цыма уæ д æ ндæ р адæ ймæ гтæ фестдзысты. Уымæ ахæ м бæ ллиц никуы уыд. Ныр та йæ æ ппындæ р ницыуал хъæ уы — машинæ дæ р. Чызджы къахайст фæ сабыр. Æ вæ ццæ гæ н, йæ бон машинæ балхæ нын нæ у æ мæ уымæ н афтæ хъуыды кæ ны. Гæ ды фиумæ куы не ’ххæ сса, уæ д æ й мархо хоны. Нæ. Ахæ м бæ ллиц æ м никуы уыд. Стæ й, цы дзы кодта? Цæ мæ йæ хъуыд? Йæ бирæ хъуыддæ гтæ уый тыххæ й æ нæ кондæ й баззадысты? Фатимæ йын цалдæ р хатты бакой кодта:

— Жаннæ, хъуамæ дæ умæ уаид машинæ, æ мæ цыдæ р уæ рæ сейаг, йæ хæ р-хæ р цалдæ р километрмæ кæ мæ н хъуысы, ахæ м нæ, фæ лæ фæ сарæ йнаг, цæ стытæ кæ мæ нæ лæ ууынц, æ хсæ выгон дæ р цæ хæ р чи калы, ахæ м. Уæ дæ дæ у хуызæ н чызг хъуамæ фистæ гæ й цæ уа?

— Æ мæ æ лхæ нын, æ лхæ нын, — дзуапп ын ратты уый. — Фæ лæ мæ н чи хъæ уы, ахæ мыл нæ хæ ст кæ нын. — Йæ хо йæ барæ й кæ й фæ фæ рсы, уый хорз зоны.

— Æ з дæ р дæ м истæ мæ й фæ кæ сдзынæ н.

— Æ мæ мæ хæ дæ г ме ’хца цы фæ кæ нон, уый куынæ зонын.

— Ха-ха-ха! — Йæ хъæ лæ сыдзаг ныххуды Фатимæ, цасдæ р рæ стæ г йæ кæ л-кæ л нæ банцайы. Йæ цæ стæ нгас фæ дзуры: кæ сыс, куыд æ нæ бон дæ, афтæ мæ й дæ бынат нæ зоныс, афтæ мæ й мын уæ лæ рвты тæ хыс, æ мæ дæ дæ бынаты куыд æ нцонæ й авæ рын.

— Дæ мызд цас у, зæ гъыс? — бафæ рсы хо. Жаннæ йы мызд цас у, уый Фатимæ тынг хорз зоны, Жаннæ йæ н йæ хицæ й дæ р хуыздæ р. Фæ лæ уадз, йæ хойы мызд чысыл кæ й у, уый ма иу æ мæ иу хатт фехъуса. Æ мæ кæ мæ й? Жаннæ йæ н йæ хицæ й.

— Ды цы æ хца исыс, уый базармæ иу ацыды фаг дæ р нæ у. Ахорæ нтæ балхæ нынæ н дын фаг сты? — мæ стæ ймарæ гау æ й афæ рсы Фатимæ. Æ мæ Жаннæ ахъуыды кæ ны: цы гæ нæ н æ мæ амал ын и, уымæ й мæ куыд ныллæ г кæ ны, цъыфы мæ куыд змæ нты.

— Мæ нæ н алцæ мæ н дæ р фаг кæ нынц, — фæ зæ гъы сæ рыстырæ й Жаннæ. Æ мæ цы хъуаг у? Бæ гънæ г у? Æ ххормаг у? Бæ ргæ, фылдæ р æ хца куы исид. Бриллианттæ æ мæ сызгъæ ринæ й куынæ уал зынид, исты фæ сарæ йнаг зынаргъ хæ дтулгæ йæ -иу куы рахизид. Æ мæ уæ д цы уаид? Гыццыл мызд кæ й исы, уый йын Фатимæ йæ цæ стмæ нал дарид. Æ мæ дарæ д. Фæ фæ нды йæ: дæ хъæ лæ сыдзаг ыл ныхъхъæ р кæ н:

— Ды исыс стыр æ хцатæ, мæ гуыр рынчынты стигъыс æ мæ цы?! — Фæ лæ ницы фæ зæ гъы, йæ хъæ лæ сыдзаг нæ ныхъхъæ р кæ ны. Зоны йæ, йæ химидæ г цас тынгдæ р тыхсы, афтæ йын у зындæ р. Æ мæ кæ дмæ афтæ уыдзæ н? Бирæ рæ стæ г — нал. Æ мæ уæ д Жаннæ сулæ фдзæ н. Стыр æ хцатæ кæ й нæ исы, уый йын йæ цæ стмæ ничиуал дардзæ н.

Чызг сæ уынджы тигъмæ фæ зылд, ныртæ ккæ сæ химæ бахæ ццæ уыдзæ н.

 

31-æ м августмæ ма баззад 30 боны.

1-æ м август. Сабат. 2009 аз

Темыр сарайы ныллæ г даргъ хъæ дын бандоныл бады. Йæ сæ р афтæ ныллæ г æ руагъта, æ мæ йæ уæ рджытыл андзæ вы. Æ вæ ццæ гæ н, афынæ й. Йæ уæ нгты хъару нал и, уæ ддæ р æ нцад бадын нæ зоны. Нæ. Фынæ й нæ у: Жаннæ йы къæ хты уынæ рмæ йæ сæ рыл æ нæ бары схæ цыд æ мæ йæ цæ стытæ чызгыл æ рæ вæ рдта, æ дзæ мæ й йæ м кæ сы.

— Цæ рын мæ м нал цæ уы, мæ чызг, — æ мæ та йæ сæ р æ руагъта. Чызг йæ фыды фарсмæ сбадт, æ рбахъæ быс æ й кодта.

— Папæ, зындзæ н та.

— Омæ, дæ фырт амард, уæ д æ й зоныс: амард æ мæ нал и. Æ мæ ацы æ намонд иу хатт куы амæ лид, уæ д йæ хæ дæ г дæ р æ рæ нцаид æ мæ мах дæ р, ныр та алы бон кæ уинаг стæ м. О, уæ у-уæ й, гъе. Ахæ м лæ ппу, æ мæ дæ цард фехал. Фæ худинаг нæ кодта, адæ мы ’хсæ нмæ рацæ уын нал уæ ндын.

Жаннæ Темыры сæ рыл схæ цыд: фыды цæ стытæ доны зилынц, йæ химæ йæ æ рбалхъывта. Уымæ н дæ р йæ цæ стытæ доны разылдысты. Не скæ удзæ н. Йæ хи ныффидар кæ ндзæ н. Йæ фыд... Темыр ныр цы карз, æ гъатыр ныхас загъта, ахæ м ныхас дзы никуыма схауд. Йæ риу сау мастæ й байдзаг æ мæ йæ нал баурæ дта, æ ндæ р йæ цоты мæ лæ т кæ й фæ нды. Цыма фыд нæ, фæ лæ æ ндæ р чидæ р дзырдта, цыма уый хъæ лæ с нæ, фæ лæ æ ндæ р кæ йдæ р хъæ лæ с хъуыст, Жаннæ мæ афтæ кæ сы. Уæ дæ карк дæ р чи не ’ргæ вста, цæ мæ й мæ лдзыгыл ма ныллæ ууа, уый тыххæ й йæ иувæ рсты чи ацæ уы, уыцы фæ лмæ н фыд афтæ зæ гъа, уый йæ нæ уырны. Темыр йæ бинонты, йæ кæ стæ рты цæ райæ куы цæ ры, уæ д...

Фыд æ мæ чызг æ дзæ мæ й бадынц. Сæ иу дæ р æ мæ иннæ дæ р ницы дзуры. Жаннæ йæ сæ р фыды уæ хскæ й атыдта:

— Папæ, ахæ м мæ стджынæ й дæ никуы федтон.

Уый ницы дзуры. Кулдуары хъæ р фæ цыд æ мæ æ васт дыууæ йæ дæ р, фыд дæ р æ мæ чызг дæ р, фестъæ лфыдысты, кулдуармæ кæ сынц. Дуар æ рбазыхъхъыр, Аслан кæ ртмæ æ рбахызт. Фыд йæ сæ р иуварс азылдта æ мæ гуыбырæ й бады. Жаннæ фестад, йе ’фсымæ ры размæ разгъордта:

— Дзæ бæ х дæ?

— Æ з æ дзухдæ р дзæ бæ х дæ н, мæ ныл мачи тыхсæ д, — æ мæ мидæ мæ, хæ дзармæ фæ цæ уы. Фæ цуды, цыма ныртæ ккæ йæ къах бакъуырдзæ н æ мæ æ рхаудзæ н, йæ къæ хтæ тыххæ й исы. Уыцы æ намонд хъылмайæ чысыл дæ р фæ хъæ стæ, уæ д йæ хи хуызæ н нал вæ ййы. Цыма цалдæ р боны нæ бафынæ й кодта, афтæ йæ цæ стытæ й нал фæ кæ сы, сæ хуыз аивынц, мигъ сыл ныббады. Рæ дзæ -мæ дзæ кæ ндзæ н, йæ уæ нгтæ сæ хиуыл нал фæ хæ цынц. Ныр дæ р ницы уыны. Ницы хъусы. Ницы йæ хъæ уы. Æ нæ уи дæ р æ й царды ницы æ ндавы. Цыма ацы зæ ххыл нæ цæ ры.

— Исты бахæ р æ мæ схуысс. — Жаннæ Асланы фæ стæ хæ дзармæ бацыд.

— Исты кæ ндзынæ н, — лæ ппу стъолы цур бандоныл хауæ гау æ ркодта. Чысыл ма, уæ д пъолыл адæ ргъ уыдаид: стъолы тигъ æ й баурæ дта. — Æ мæ кæ м и уæ хæ ринаг?

— Ныртæ ккæ, ныртæ ккæ. — Жаннæ йын ныртæ ккæ хæ ринаг æ рæ вæ рдзæ н. Фæ лæ лæ ппу нал банхъæ лмæ каст.

— Мæ н уæ хæ ринаг нæ хъæ уы, — бандонæ й йæ хи атыдта æ мæ цудтытæ гæ нгæ йæ уатмæ бацыд, йæ хуыссæ ны ныххауд.

Чызг сарамæ рахызт: йе ’фсымæ рмæ кæ сын æ й нæ фæ нды. Темыр бандоныл нал бады. Йæ фырт фæ зынд æ мæ йын фенцондæ р, сулæ фыд. Карз ныхас загъта, зæ рдæ йæ та, Аслан кæ й фæ зынд, æ гас кæ й у, ууыл цин кæ ны. Уадз, цыфæ нды хуызæ н уæ д, уæ ддæ р йæ лæ ппу у, йæ хъæ бул, æ мæ фæ зынд, æ гас у.

Темыр цæ хæ радоны дынджыр кæ рдо бæ ласы бын йæ хи арæ зт æ ртæ къахыг бандоныл бады, йæ къухтæ йæ уæ рджытыл æ руагъта æ мæ дард кæ дæ мдæ р, арвгæ ронмæ кæ сы. Жаннæ йæ фыды хорз, тынг хорз æ мбары: мидæ мæ, хæ дзармæ йæ йæ къах нæ хæ ссы, Асланы ахæ м уавæ ры уына, уый йæ нæ фæ нды æ мæ йæ хиуыл бонасадæ н кæ ны.

Лæ ппу схуыссыд. Æ д дзаумæ ттæ. Йæ туфлитæ дæ р нæ раласта. Цыма æ хсæ вы сменæ йы куыста æ мæ тынг бафæ ллад — уайминут афынæ й. Жаннæ йын йæ туфлитæ куыд раппæ рста, уый нæ базыдта.

Мад дуканийы цыдæ р хæ ринæ гтæ балхæ дта æ мæ æ рбацыд. Чызг ын йæ хæ ссинаг райста:

— Аслан...

— Кæ м и? — Мад дзыхълæ уд фæ кодта, йæ хъæ лæ с — тарст.

— Нæ химæ и. Чысыл раздæ р фæ зынд, фынæ й кæ ны. Ма тæ рс.

— Хуыцауæ н табу. — Маринæ йæ чызджы разæ й хæ дзармæ бахызт. Чызг дзаг сау пакет цæ лгæ нæ ны стъолыл æ рæ вæ рдта æ мæ йæ уатмæ бацыд. Аслан фæ зынд, фæ лæ йын уæ ддæ р цыдæ р нæ фаг кæ ны, йæ химидæ г тыхсы, зæ рдæ — æ нтъыснæ г. Йæ фыссæ н стъолы цур къæ лæ тджыны йæ хи æ руагъта.

Стъол — æ нæ фснайд: чингуытæ, газеттæ, гæ ххæ ттытæ, йæ дæ гъæ лтæ. Йæ цæ стытæ йæ дæ гъæ лтыл æ рæ нцадысты, цыма сæ фыццаг хатт федта, афтæ сæ м ныджджих. Йæ сæ р банкъуыста, йæ зонд ницыуал кæ рды. Цы рæ стæ г цæ рæ м? Цавæ р æ хсæ нады цæ рæ м? Чи стæ м? Ныртæ ккæ, æ вæ ццæ гæ н, нæ бæ стæ йы дæ гъæ лтæ, гуыдыртæ æ мæ æ фсæ н дуæ рттæ й фылдæ р ницы ис. Уыдон дын — тæ ккæ хъæ угæ дæ р товартæ. Æ мæ — гъа, искæ йы фæ ллойæ цæ рын чи уарзы, уыдонæ й дæ хи хъахъхъæ н, дæ дуæ рттыл цалдæ ргай гуыдыртæ сæ вæ р, фæ лæ... фæ лæ дæ хи бинойнаг... уый хæ дзарæ й исты куы адава, уый тæ ссæ й дæ уаты дуæ рттæ гуыдырæ вæ рдæ й дар. Иу бинонтæ æ мæ... Уый цавæ р цард у? Дæ лæ ппуйæ, де ’фсымæ рæ й дæ хи хъахъхъæ н, хæ дзарæ й ахæ ссынæ н бæ згæ цы ис, уыдон арф бафснай, гуыдыртæ сыл сæ вæ р. Уый куыд у?

Жаннæ йæ н фæ стаг рæ стæ г, исты критикон æ рмæ г ныффысса, уый йæ цæ сгом нал хъæ цы. Ахæ м æ рмæ г, фыссын æ й куы бахъæ уы, уæ д ручкæ райсы тынг æ нæ бары. Йæ хицæ н тыхми фæ кæ ны, мæ рдтыбæ стæ йы зындонмæ бахауы. Уæ д та йæ исчи æ рурæ дта æ мæ бафарста: «Ахæ м æ мæ ахæ м æ рмæ г ныффыстай æ мæ уый хорз, фæ лæ уал искæ мæ н зонд амоныны бæ сты, искæ й хъæ ндзинæ дтæ хурмæ ракалыны размæ уæ хи бинонтæ м æ ркæ с. Чи у де ’фсымæ р? Наркоман! Æ мæ уал уый саразут раст фæ ндагыл. Чи сты де ’ннæ ’фсымæ р æ мæ дæ хо?..».

Уыцы хъуыдытæ м чызджы уæ нгты уазал риз ацæ уы. Уæ д та газеты дæ куыст ныууадз æ мæ хæ дзары дуарæ хгæ дæ й бад. Кæ нæ ссар ахæ м куыст, адæ мæ й иппæ рд куыд уай, дæ у дæ р æ мæ ды дæ р куыд никæ й уынай. Æ мæ ахæ м куыст и? Стæ й, газет ныууадз, сывæ ллонæ й фæ стæ мæ цæ мæ бæ ллыд, уый — журналисты дæ сныйад иуварс аппар, уый йæ бон бауыдзæ н? Бауыдзæ н! Уæ дæ ма-иу кæ сут: бауыдзæ н! Иубон куыстмæ нал рацæ удзæ н. Иубон алцæ мæ й дæ р фервæ здзæ н.

Жаннæ дæ гъæ лтæ иуварс асхуыста, æ мæ дзингдзинггæ нгæ пъолмæ æ рхаудысты. Нæ фæ лæ цы æ дылы у. Дæ гъæ лтæ та цы аххосджын сты. Систа сæ æ мæ сæ хъавгæ йе стъолыл æ рæ вæ рдта.

Уаты дуар æ рбайгом æ мæ мад æ рбахызт, ницыма загъта, фæ лæ йæ чызг бамбæ рста: сихор цæ ттæ у æ мæ йæ м дзуры.

— Мамæ, фæ цæ уын.

— Цом уæ дæ.

— Æ мæ Папæ кæ м и?

— Мæ зæ рдæ, дам, ницы зæ гъы.

Жаннæ мæ дæ р хæ рын нæ цæ уы, фæ лæ йæ мады зæ рдæ худт нæ райсдзæ н. Темыры дæ р æ нæ сихор бахæ ргæ нæ ныууадздзæ н. Фыд цæ хæ радоны кæ рдæ джытæ тоны, æ нæ кусгæ нæ зоны. Сара, кæ рт — æ фснайд, сыгъдæ г, цæ хæ радон — куыстгонд, æ мæ чызг фæ хъуыды кæ ны: йæ фыд ацы бон баулæ фдзæ н, зæ хмæ не ’ргуыбыр кæ ндзæ н. Нæ! Уæ ддæ р йæ хицæ н исты куыст ссары. Æ вæ ццæ гæ н, сæ алыварс цæ рджытæ й Темыр йеддæ мæ йæ белтæ ничи цыргъ кæ ны. Темыры къæ питæ æ мæ белтыл згæ никæ д фæ хæ цыд.

— Папæ, замманай фынг нæ м æ нхъæ лмæ кæ сы.

— Мæ нæ й, ницы рауайдзæ н, æ з хæ рдджын дæ н, — æ мæ фыд кæ рдæ г тонынмæ æ ргуыбыр. Цæ й кæ рдæ г дзы ис, искуы иу хал, Темыр йæ цæ хæ радоны кæ рдæ г зайын уадзы? Фыд йæ чызгмæ кæ сгæ дæ р нæ ракодта. Æ мæ йæ æ мбары: хæ рдджын у, æ фсæ ст у... мæ стæ й.

— Цом, Папæ, ды куынæ рацæ уай, уæ д... уæ д æ з дæ р нæ хæ рын.

— Мæ зæ рдæ ницы зæ гъы. Ацу. Æ з фæ стæ дæ р акомдзаг кæ ндзынæ н.

Жаннæ йы дæ р, бæ ргæ, ницы хъæ уы, фæ лæ...

Чызг цæ лгæ нæ н бафснайдта æ мæ йæ мады цур æ рлæ ууыд, йæ уæ хскыл ын йæ армытъæ пæ н æ руагъта:

— Мамæ, иннæ бон Папæ йæ н йæ райгуырæ н бон у æ мæ æ ртæ чъирийы кæ ндзынæ?

— Уый та цы фарст у?

— Æ мæ -гъа. Ахуырбег ын æ хца сæ рвитдзæ н æ мæ йын сæ афтæ раттæ м æ ви йын исты балхæ нæ м?

Мад йæ уæ хсчытæ æ рбалхъывта:

— Нæ зонын, нæ зонын. Исты йын балæ вар кæ н, уæ д æ взæ р нæ уаид, иннæ мæ й та, æ хца хæ дзары хуыздæ р хъæ уы, йæ хиуыл сæ куы не схардз кæ ндзæ н, мыййаг.

Жаннæ та цы ралæ вар кæ ндзæ н йæ фыдæ н? Æ дзухдæ р ын, уадз, хæ рз чысыл цыдæ р уæ д, уæ ддæ р йæ ном ссары, исты æ хсызгондзинад ын саразы. Чызг ницыма загъта, фæ лæ йæ мад бамбæ рста, æ вæ ццæ гæ н, йæ цæ стæ нгасæ й, æ вæ ццæ гæ н, ныййарæ гæ й цоты ’хсæ н цы тæ гтæ ис, уымæ й. Диссаг у мады зæ рдæ.

— Ды мацæ уыл тыхс, дæ у ницы æ фсæ рм и.

— Нæ, Мамæ, — чызг йæ уатмæ бацыд. Айдæ нмæ йæ химæ кæ сы. Аслан сæ химæ кæ й нæ уыд, уый ууыл дæ р фæ зынд: йæ цæ стытыл, хуыссæ гхъуаг кæ й у, уый бæ рæ г дары.

Жаннæ бандоныл йæ хи æ руагъта. Йæ уæ нгтæ цыдæ р уæ ззау сты. Уый хорз, фæ лæ цы ралæ вар кæ на Темырæ н? Дзыппыдаргæ телефон. Æ мæ йæ зæ рдæ мæ фæ цæ удзæ н? Бакомдзæ н æ й? Хъæ уы йæ? Исты ’фсæ нттæ нæ кæ ндзæ н: зæ ронды ма цæ й телефон хъæ уы? Кæ дæ м дзы дзурын?.. Æ мæ цас зæ ронд у Темыр? Æ вдай цыппар азы йыл сæ ххæ ст уыдзæ н. Æ мæ уый зæ ронд у?

Чызг йæ химидæ г скарста: йæ фыдæ н балæ вар кæ ндзæ н телефон. Мамæ йæ н куы балæ вар кодта, уæ д æ й уый дæ р нæ куымдта, стæ й йыл тынг дзæ бæ х фæ цахуыр. Темыры дæ р сразы кæ ндзæ н. Цæ хæ радоны бæ ласы бын бадыс æ мæ Мæ скуыйы дæ фырт Ахуырбегимæ ныхас кæ ныс, йæ хъæ лæ с ын афтæ хорз хъусыс, цыма дæ цуры лæ ууы. Кæ дæ м дæ фæ нды, зæ ххы иу кæ ронæ й иннæ кæ ронмæ, уырдæ м дæ р адзур. Темыр цæ рæ нбонты техникæ имæ баст у, дыууиссæ дз азы бæ рц гуыффæ джын машинæ йыл чи фæ куыста, хæ дтулгæ йæ фондз æ нгуылдзы хуызæ н чи зоны, ныр дæ р ма сæ машинæ тæ исты куы фæ кæ нынц, уæ д бафæ рсынмæ кæ мæ ’рбацæ уынц, машинæ йы мотормæ исты лаз и æ ви нæ й, уый йæ хъæ рæ й чи базоны, уый дзыппыдаргæ телефонæ й дзурын нæ базондзæ н? Фæ лæ... масты хос ын куы фæ уа. Бирæ йæ м бафæ стиат уыдзæ н? Иубон зæ ххы скъуыды нæ ныххаудзæ н? Æ мæ цы фæ уыдзæ н, уый бинонтæ иууылдæ р зондзысты, фæ лæ йæ æ ргом иу дæ р нæ зæ гъдзæ н. Уый у, фæ лæ ууыл басæ ттын сæ иуы дæ р нæ фæ нддзæ н. Æ мæ йæ агурдзысты. Кæ д æ й Темыр искæ м авæ рдта? Суанг ма сара æ мæ кæ рты къуымтæ дæ р басгардзысты, фæ лæ никæ м ницы. Афтæ мæ й та, цы фæ ци, уый се ’ппæ т дæ р тынг хорз зондзысты. Фæ лæ, ау, уый... Аслан æ й фæ иуварс кодта, уый йæ адавта, ууыл сæ иу дæ р гуырысхо нæ кæ ндзæ н. Фæ лæ ныййарæ джы зæ рдæ... Зоны йæ: йæ хъæ бул ахæ м æ мæ ахæ м адæ ймаг у, афтæ æ мæ афтæ кæ ны, фæ лæ йыл уæ ддæ р йæ зæ рдæ басæ ттын нæ комы, йæ ныфсы тæ пп нæ мæ лы. Уый... уый амæ лдзæ н æ рмæ стдæ р йемæ.

Жаннæ йæ мадæ н дæ р балæ вар кодта телефон. Фæ лæ иубон авд дæ лзæ хх ныххауд. Цы фæ ци, уый зыдтой, уæ ддæ р æ й агуырдтой. Ногæ й та йæ мадæ н телефон балхæ нынмæ хъавыд, фæ лæ уый цæ хгæ р ныллæ ууыд: нæ йæ хъæ уы. Æ мæ йæ чызг бамбæ рста: фесæ фдзæ н та йын æ мæ зонгæ -зонын йæ хицæ н маст цæ мæ н кæ на... Кæ д... кæ д, Жаннæ Темырæ н йæ райгуырæ н бон телефон балæ вар кæ нынмæ кæ й хъавы, уый рæ дыд фæ нд у? Уымæ н дæ р æ рбайсæ фдзæ н?.. Ау, ацы зæ ххыл табуйаг ницыуал ис?..

Темыр æ нæ уи дæ р дзыппыдаргæ телефонтæ нæ уарзы. Телеуынæ н, цы ног техникæ æ рбагуылф кодта, уый æ мæ ацы чысыл телефонтæ цыма адæ мы, фыццаджыдæ р та фæ сивæ ды, рæ згæ фæ лтæ ры халджытæ сты, афтæ нымайы. Арæ х йæ хицæ н дзурæ гау фæ дзуры: «Уæ лдайдæ р æ рыгон лæ ппутæ æ мæ чызджытæ н æ нæ уыцы телефон сæ цард цард нал у. Автобусмæ хизой, фистæ гæ й цæ уой — уыцы телефон сæ хъустæ й нæ исынц. Хъусыл ын баныхасæ н и, уæ д æ й баныхасиккой æ мæ æ хсæ вæ й-бонæ й дзуриккой æ мæ дзуриккой. Акæ с-ма, паддзахадон стыр фарстатæ лыг кæ нынц æ мæ...».

Цы уа, уый уæ д, Жаннæ йæ фыдæ н телефон балæ вар кæ ндзæ н.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.