Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Темыры кæстæр чызг 4 страница






Чызг йе стъолы цур сбадт, лагъзæ й цалдæ р сыгъдæ г, æ нæ фыст сыфы систа, иу дзы йæ химæ хæ стæ г æ рæ вæ рдта. Газетмæ йæ уацхъуыд ныффыссын хъæ уы æ мæ... Ручкæ райста æ мæ æ нцад бады. Йæ бон у, æ мæ йæ райсом ныффысса кæ нæ иннæ бон. Куы ницы ныффысса, уæ ддæ р ын ничи ницы зæ гъдзæ н. Жаннæ æ дзæ мæ й бады, фыссын æ м нæ цæ уы. Раздæ рты... Æ рмæ стдæ р фыссын фæ раз: хъуыдыйæ дтæ сæ хæ дæ г урс гæ ххæ тмæ калдысты, сæ хæ дæ г ивылдысты.

Жаннæ гæ ххæ тты сыфыл иуварс ахæ цыд, ручкæ стъолыл æ рæ вæ рдта. Цæ уыл хъуыды кæ ны: ныййарджытæ н сæ цот афтæ зынаргъ, афтæ адджын цæ мæ н сты? Цард сын уыдон кæ й радтой, уый тыххæ й? Дарддæ р сæ цард уыдоны хуызы кæ й цæ удзæ н, уый тыххæ й? Ныййарæ г афтæ хатыргæ наг цæ мæ н у? Уый хуызæ н дын чи ныббардзæ н? Уый хуызæ н æ нхъæ лмæ кæ сын чи зоны? Уыцы миниуджытæ йын, æ вæ ццæ гæ н, æ рдзæ й лæ вæ рд сты. Цот сæ ныййарджыты, уыдон сæ куыд тынг уарзынц, афтæ цæ уыннæ уарзынц? Жаннæ йæ хи ’фсымæ ртæ æ мæ хойæ зæ гъы. Гъа, Мамæ сын фыдыус у, фæ лæ Темыр та? Цыдæ р, цыдæ р уазал хуыз сын вæ ййы. Æ ви уый уымæ афтæ кæ сы. Асланæ н уæ лдай нал у, фæ лæ иннæ тæ... Ахуырбег сæ цæ мæ йдæ р хицæ н кæ ны, цыма уый æ ндæ р мад æ мæ фыдæ й райгуырд. Æ фсымæ ртæ æ мæ хоты ’хсæ н дæ р ис хъулæ ттæ. Сæ бинонтæ æ ддаг бакастæ й цыма кæ рæ дзийы хорз æ мбарынц, кæ рæ дзиуыл æ рхъæ цмæ дæ р нæ хъæ цынц, цыма æ нæ кæ рæ дзи нæ фæ разынц, иу хæ дон дæ р сын уæ рæ х у, цыма сын алы фембæ лд дæ р стыр бæ рæ гбон у. Æ цæ гдзинадæ й та?.. Ох, æ ддаг бакаст æ мæ æ цæ гдзинад, куыд дард стут кæ рæ дзимæ! Ахуырбег ам нæ й, фæ лæ Вадим дæ р æ мæ Фатимæ дæ р, цыма дард кæ мдæ р цæ рынц, авд хохы сæ рты сæ цæ уын хъæ уы — кæ д ма сæ мбæ лынц бинонтæ сæ райгуырæ н хæ дзары иумæ? Искуы иу хатт. Æ мæ уый дæ р — æ хсгæ уад: сæ бадæ нтæ нæ ма ахъарм вæ ййынц, афтæ мæ й дуармæ фæ кæ сынц, фæ стæ мæ цæ уыныл ныллæ ууынц. Темыры загъдау, дунейы адæ мты æ мæ паддзахæ дты фарстатæ уыдон лыг кæ нынц æ мæ... Жаннæ мæ афтæ фæ кæ сы, цыма Вадим дæ р, Фатимæ дæ р æ мæ Аслан дæ р сæ хæ дзары æ цæ гæ лæ ттæ сты. Зонгæ æ цæ гæ лæ ттæ. Уыдон та уый хонынц æ цæ гæ лон. Æ ви, æ цæ гдæ р, уый йæ хæ дæ г у сæ хæ дзары æ цæ гæ лон? Йæ хо æ мæ йе ’фсымæ ртæ й алкæ мæ н дæ р — йæ хи цард, æ мæ сæ кæ д, мыййаг, Жаннæ не ’мбары? Æ мæ Ахуырбеджы куы ’мбары. Уый... уый ницыуал зоны.

Стыр фысджытæ й чидæ р, æ нхъæ лдæ н, Лев Толстой фыста, зæ гъгæ, алы амондджын бинонтæ дæ р æ нгæ с сты, алы æ намонд бинонтæ та æ намонд сæ хирдыгонау сты. Цымæ бинонты цардæ й сусæ гдæ р æ мæ æ мбæ хстдæ р исты ис? Сусæ гдзинæ дты сусæ гдзинад...

Дысон та сæ бинонтæ æ гъуыссæ г фесты. Жаннæ ма уæ ддæ р ацъынд кодта, фæ лæ мад æ мæ фыдыл рæ дзæ мæ дзæ гæ нгæ æ рбабон. Адæ ймаг, дам, алцæ уыл дæ р ахуыр кæ ны. Нæ! Нæ ахуыр кæ ны! Аслан нæ зыны, уæ д мад æ мæ фыдæ й йæ сæ р базмæ ничи æ руадздзæ н. Цалдæ р æ хсæ вы дæ р æ нхъæ лмæ кæ сдзысты, цырæ гътæ судздзысты, уынгæ й цыдæ р уынæ р æ рбайхъуыст, уæ д æ зфæ раздæ ронæ й згъорæ гау æ ддæ мæ рауайынц, фæ стæ мæ сæ ркъулæ й æ рбаздæ хынц æ мæ та... рæ дзæ -мæ дзæ кæ н. Аслан иу æ хсæ в куынæ фæ зыны, уæ д дæ р — бæ ллæ х. Фæ лæ цалдæ р æ хсæ вы, къуыригæ йттæ дæ р фесæ фы, æ мæ уæ д мад æ мæ фыд сæ хи хуызæ н нал вæ ййынц. Сæ цæ стытæ бахауынц, цыдæ р мынæ г рухс ма сæ фæ кæ лы, цыма ахуыссынмæ фæ хъавынц. Жаннæ йы зæ рдæ ницæ уылуал фæ хæ цы. Ахæ м рæ стæ г дæ хæ дзарæ й алидз, искæ м бамбæ хс æ мæ мацы уын, мацы зон. Фæ лæ... Нæ -æ! Куыд хъуамæ ныууадза йæ мад æ мæ йæ фыды иунæ гæ й? Нæ -æ! Дæ мад æ мæ дæ фыд — зындоны, ды та дæ хи бамбæ хс. Раздæ рты сын-иу дзырдта: иучысыл рæ стæ г уæ ддæ р афынæ й кæ нут, æ ппынфæ стаг, æ ртæ стæ м, æ мæ уæ д та радыгай æ нхъæ лмæ кæ сæ м. Нæ сæ басаста. Æ мæ -иу æ й скæ уынмæ бирæ нал хъуыд. Уыдон та уымæ н дзырдтой, уый ахуырмæ цæ уын хъæ уы, фæ стæ дæ р та — кусынмæ, æ мæ йæ хи æ гъуыссæ г ма кæ нæ д. Уыдонæ н ницы у, уыдоныл ма хъуыды кæ нæ д. Æ мæ -иу æ д дзаумæ ттæ диваныл йæ хи æ руагъта. Исты уынæ р фæ цыд, уæ д фестъæ лф æ мæ сарамæ, кæ ртмæ дæ хи аппар. Æ мæ кæ д Аслан фæ зынд, уæ д йæ фæ стæ аууоны хуызæ н æ рбацу. Жаннæ йы-иу иу ныхас зæ гъын нæ, фæ лæ улæ фын дæ р нæ фæ ндыд. Дæ цæ стытæ доны зилынц, афтæ мæ й дæ хуыссæ ны ныххау. Фæ лæ уæ ддæ р де ’фсымæ р æ гас кæ й у, хæ дзар кæ й ссардта, ууыл цин кæ н.

Чызг фæ стаг рæ стæ джыты мад æ мæ фыдæ н ницыуал фæ зæ гъы: уæ ддæ р æ м нæ байхъусдзысты æ мæ ма сын сæ зæ рдæ тæ цы къаха.

Аслан сæ хæ дзарæ й фыццаг хатт куыд ацыд, уый дзы никуы ферох уыдзæ н. Уыцы изæ р цæ стыты раз февзæ ры, æ нæ нхъæ лæ джы сног вæ ййы.

Уæ д уыцы хъылмайæ уколтæ нæ ма кодта, уæ д уыцы талæ у комкоммæ йæ тугмæ нæ ма цыд. Фæ лæ дымдта... Дымдта уыцы емынæ. Фыццаг хатт дзы кæ д æ мæ куыд фæ хъæ стæ и? Уыцы цъымарамæ йæ фæ ндаг кæ д фæ саджил? Æ вæ ццæ гæ н ын йæ хæ дæ г дæ р ницы зоны. Хъæ здгуыты, хицауады цот, дам, арæ хдæ р фæ рæ дийынц, наркотиктæ н бирæ æ хца хъæ уы æ мæ, дам, уыдонæ н та сæ дзыппытæ хорз амонынц. Фæ лæ æ рмæ ст уыдоны цот рæ дийынц? Темыр æ мæ Маринæ мæ заводтæ æ мæ цехтæ и? Се ’хцатæ ракæ л-ракæ л кæ нынц? Дыууæ йæ дæ р — хуымæ тæ джы кусджытæ, фæ стаг азты та — хуымæ тæ джы пенсиисджытæ. Æ вæ ццæ гæ н, æ цæ гдæ р, уыцы цъымара ныккæ ндмæ адæ ймаг куыд фæ бырдзæ н, уый зын зæ гъæ н у. Уый... уый, æ вæ ццæ гæ н, Жаннæ йæ бинонты раст кæ ны, йæ хи раст кæ ны, æ ндæ р...

Æ мæ та йæ цæ стыты раз сног, Аслан фыццаг хатт сæ хицæ й цы изæ р ацыд, уый. Бадымдта та. Æ мæ цыма æ рдæ гфынæ й у: йæ цæ стытæ й тыххæ й кæ сы, фæ цуды. Йе ’фсымæ р у хъæ дын адæ ймаджы, роботы хуызæ н: ацы зæ ххыл æ й ницы æ ндавы, алцыдæ р ын — æ цæ гæ лон.

Фыд йæ сæ р банкъусы, цæ хæ радонмæ ацæ уы, куы иу бæ ласы бын алæ ууы, куы бадгæ акæ ны, куы белыл æ рæ нцой кæ ны æ мæ æ дзæ мæ й баззайы. Цы ма кæ на йæ лæ ппуйæ н? Нал æ м хъусы. Сæ фы, цæ стыты раз сæ фы йæ лæ ппу æ мæ цы кæ на? Йемæ дзурын — дурмæ дзурæ гау: дæ ныхас æ й нæ хъæ уы.

Темыр хæ дзармæ æ рбахызт æ мæ стъолы фарсмæ сбадт, йæ худ стъолыл æ рæ ппæ рста. Аслан диваныл йæ хи фæ стæ мæ ауагъта. Фыргуыстæ й бафæ ллад. Æ мæ цыма ныртæ ккæ афынæ й уыдзæ н, йæ цæ стытæ афтæ — æ рдæ гцъынд.

— Йарæ би, Аслан, дæ химæ -ма бакæ с, цыхуызæ н дæ, дæ хи куыд æ руагътай? Æ ппын дæ хицæ н аргъ нал кæ ныс? Лæ ппу куы дæ? Худинаг нал æ мбарыс?

— Æ мæ цы кæ нын? — Аслан æ м йæ хи разылдта, цыма аххосджын уый нæ, фæ лæ Темыр у.

— Цы кæ ныс, уый кæ й не ’мбарыс, бæ ллæ х дæ р уый у. Университетыл нæ фæ стаг капеччытæ схардз кодтам æ мæ уырдыгæ й фæ хауæ ццаг у. Алчи уым сахуыр кæ нынмæ бæ ллы, ды та... Худинаг, худинаг. Цал æ мæ цал хатты дзырдтам: кæ д ахуыр нæ кæ ныс, уæ д та исты куыстыл ныххæ ц, фæ лæ дын куыст дæ р мамм у. Æ мæ афтæ мæ й уый цард у? Дæ хи дæ р æ мæ мах дæ р худинаг кæ ныс.

— Æ з никæ й худинаг кæ нын. Æ з хорз цæ рын. Æ з мæ цардæ й тынг разы дæ н, — лæ ппу йæ къух ауыгъта. — Цæ й, лекцитæ та мын кæ с. Куыст! Куыст! Æ з абон цæ рын æ мæ мæ куыд фæ нды, афтæ цæ рын.

Мад æ мæ чызг æ нцад лæ ууынц, ничи сæ ницы дзуры. Сæ иу дæ р æ мæ иннæ дæ р æ мбары: арт судзы, ноджы тынгдæ р куы ссудза, уымæ й — ахъаззаг тæ ссаг, æ мæ дæ ныхас баппар, уый уаид уыцы артмæ хус æ хсныфтæ, хус сугтæ æ ппарæ гау. Жаннæ ахъавыд. Иуварс ацæ уа æ мæ мацы хъуса. Нæ! Нæ ацæ удзæ н. Æ мæ диваны иннæ кæ рон сбадт.

— Ды куыд цæ рыс, Аслан, уый цард нæ у. Бирæ гъ дæ р ма йæ райсомыл хъуыды кæ ны. Стæ й чи загъта, æ мæ, ды цы цардæ й цæ рыс, афтæ цæ рын хъæ уы, уый бæ лиццаджы цард у.

— Мæ ныл мачи тыхсæ д, мæ мæ т мачи кæ нæ д.

— Æ з дыл тыхсын, æ з, уымæ н æ мæ мæ лæ ппу дæ. Мæ нæ дыл нæ бинонтæ тыхсынц, уымæ н æ мæ нæ бинонтæ й дæ.

— Ох, Папæ, сфæ лмæ цыдтæ н уæ, искуы уæ фервæ з.

— Мæ нæ æ з куы амæ лон, уæ д мæ фервæ здзынæ. Акæ са, сфæ лмæ цыд нæ. Уый дæ мах сфæ лмæ цыдыстæ м. Бамбæ рстай?

— Æ з уæ ныр дæ р фервæ здзынæ н. Æ з ардыгæ й цæ угæ кæ нын, мæ бон уæ нал у.

Темыр йæ сæ рыл схæ цыд, йæ цæ стытæ лæ ппуйыл æ рæ нцадысты, уæ рæ х байгом сты æ мæ мæ сты æ рттывд кæ нынц. Æ мæ æ виппайды, цыма сонт фæ ци, афтæ йæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кодта:

— Æ мæ ацу! Ацу!!!

— Цæ уын!

— Ацу!.

Жаннæ йæ фыды уæ хскыл йæ хи баппæ рста. Фыццаг хатт æ й уыны ахæ м мæ стджынæ й. Йæ фыд ризы, йе ’взаг къæ зы. Йæ уæ здан, йæ фæ лмæ н фыд йæ хи нал баурæ дта, йæ маст срæ мыгъта. Аслан сабыр ныхас нал æ мбары æ мæ...

— Цæ уын! Цæ уын! — Аслан йæ паспорт раскъæ фта. Шифанерæ й йæ дзаумæ ттæ калы, йæ дарæ сæ й йæ цы хъæ уы, уыдон чысыл спортивон хызыны тагъд-тагъд тъыссы. Бинонтæ иууылдæ р ныссабыр сты, æ рмæ ст хъуысы Темыр æ мæ Асланы тыхулæ фт. Хъуысы Темыры риуы хæ р-хæ р, зæ рдæ йыл æ мбæ лы. Æ мæ Жаннæ йы зæ рдæ тынгæ й-тынгдæ р гуыпп-гуыпп кæ ны. Афтæ тынг гуыпп-гуыпп кæ ны, æ мæ йæ м йæ фыд æ мæ йе ’фсымæ ры тыхулæ фт дæ р нал хъуысы. Тæ рсы, цæ мæ йдæ р тынг тæ рсы, цыма ныртæ ккæ арт ныггуыпп кæ ндзæ н, цыдæ р срæ мудздзæ н, цыдæ р æ буалгъ хъуыддаг æ рцæ удзæ н...

Маринæ Асланы цурмæ бацыд, хъуамæ йын йæ уæ хскыл йæ армытъæ пæ н фæ лмæ н æ рæ вæ ра. Лæ ппу фестъæ лфыд, иуварс алæ ууыд.

— Аслан, масты фæ ндаг адæ ймаджы хорзмæ никуыма ’ркодта.

— Алчи та мæ нæ н амоны зонд. Мачи мын мацы дзурæ д.

— Аслан...

Уый ницы хъусы. Йæ дзаумæ ттæ хызыны тыхтъыст кæ ны.

Жаннæ сыстад. Сыстад, фæ лæ дарддæ р йæ бон акъахдзæ ф кæ нын нæ у. Цыма йæ пъæ ззы æ рцахста, цыма уадзыг баци, æ мæ æ нцад лæ ууы. Аслан... Асик, æ цæ гдæ р сæ хæ дзарæ й ацæ удзæ н? Æ мæ цы фæ уыдзæ н? Æ мæ йæ м цы ’нхъæ лмæ кæ сы? Уынг. Вагзал... Талынг, уымæ л пъадвал... Æ ххормаг æ мæ бæ гънæ г... Ахæ стон... Стæ й, æ ппынфæ стаг... Цы? Æ гады мард. Уый та цавæ р хъуыды у?

Чызджы зæ рдæ тынгдæ р гуыпп-гуыпп кæ ны. Нæ -æ. Уый та куыд? Йе ’фсымæ рмæ ахæ м хъысмæ т æ нхъæ лмæ кæ сы?

— Асик, уый цытæ кæ ныс? Уый...

Лæ ппу йын йæ ныхас фескъуыдта.

— Ды... ды та цы сцырын дæ? — æ мæ йыл йæ къух ауыгъта. Æ рбакаст æ м. Æ рбакаст æ м ахæ м цæ стæ нгасæ й, цыма йæ цуры йæ хо нæ, фæ лæ йе знаг лæ ууы. Уæ ддæ р чызг загъта:

— Аслан, Асик, дæ хи-ма æ рæ мбар.

— «Асик! Асик!» Цы «Асик, Асик» кæ ныс? Ды... ды... Нæ бинонты нын ды фенамонд кодтай. Бамбæ рстай? — æ мæ та йæ м æ рбадзагъул кодта.

Жаннæ йы фæ нды ныххудын. Йæ хъæ лæ сыдзаг. Афтæ хъæ рæ й, æ мæ рудзгуыты æ вгтæ куыд ныддыз-дыз кæ ной, куыд æ рызгъæ лой. Фæ лæ нæ ныххудт. Йæ армытъæ пæ нтæ й йæ цæ сгом амбæ рзта. Йе ’нгуылдзтæ й йæ йæ цæ сгом афтæ тынг нылхъивын фæ нды, куыд рисса. Фæ лæ дзы ницы риссы.

— Цы дзурыс, уый æ мбарыс? — Йе ’фсымæ р цы зæ гъы, Жаннæ уый хорз зоны. Фыццаг хатт нæ хъусы уыцы ныхас, фыццаг хатт æ й нæ азымджын кæ ны.

— Æ мæ раст нæ зæ гъын? — разылд æ м Аслан. — Нæ мад дæ у аххосæ й нæ амард? Æ нæ мад дæ у тыххæ й нæ баззадыстæ м?

— О, мæ н тыххæ й, мæ н тыххæ й, æ мæ мæ амарут! — Дæ уатмæ азгъор, базыл ныддæ лгоммæ у æ мæ дæ хъæ лæ сыдзаг ныббогъ кæ н. Фæ лæ уый не скæ удзæ н! Уæ д мад æ мæ фыд... Нæ! Не скæ удзæ н. Йæ зæ нгтæ зыр-зыр кæ нынц: ма фæ донзоныг уæ д.

— Æ мæ Мамæ дæ Мамæ нæ у?

— Нæ у! Уый æ рмæ стдæ р дæ мад у.

Жаннæ Асланæ й фыццаг хатт нæ хъусы ацы ныхас. Вадим æ мæ йын Фатимæ дæ р иу æ мæ дыууæ хатты нæ загътой, иу æ мæ йын дыууæ хатты нæ бадардтой йæ цæ стмæ, кæ м хъазгæ йæ, кæ м та комкоммæ: акæ са, æ нæ мад уый аххосæ й фесты, сидзæ рæ й уый тыххæ й баззадысты, мады ад уый аххосæ й нæ базыдтой, фыдыусы азар сæ уый тыххæ й басыгъта.

Мад æ дзæ мæ й лæ ууы. Чызг æ м бацыд æ мæ йæ æ рбахъæ быс кодта. Ничи сæ ницы дзуры, фæ лæ... фæ лæ Жаннæ йы буар йæ алы стъæ лфтæ й дæ р дзуры: Маринæ Асланы ныхæ стыл æ ппындæ р ма хъуыды кæ нæ д, уыдон, йæ зонд кæ мæ н ныггалиутæ æ мæ ныссуйтæ, цы дзуры, ууыл чи нæ хъуыды кæ ны, ахæ м рынчын лæ ппуйы ныхæ стæ сты.

Чызг йæ сæ рыл схæ цыд, йе ’фсымæ рмæ кæ сы:

— Аслан, рæ дийыс, тынг рæ дийыс.

— Æ з цы дзурын, уый хорз зонын, — æ мæ лæ ппу йе спортивон хызын йæ уæ хскмæ баппæ рста. Бинонтæ ныссабыр сты, иу сым нæ хъуысы. Цыдæ р рæ стæ г сæ цæ стытæ кæ рæ дзимæ фемдзаст сты æ мæ æ нæ иу ныхасæ й иууылдæ р бамбæ рстой: Асланы куынæ бауромой, уæ д æ рцæ удзæ н, срастгæ нæ н кæ мæ н нал и, ахæ м рæ дыд, æ вирхъау рæ дыд. Æ мæ... æ мæ чызг йе ’фсымæ ры раз йе ’мбæ рц слæ ууыд, йæ хи йыл баппæ рста:

— Никæ дæ м цæ уыс. Нæ дæ ауадздзынæ н.

Аслан йæ хойы иуварс асхуыста, мæ стджын, æ нæ хатырæ й. Акъахдзæ ф кодта. Мад йæ размæ дуары цур æ рлæ ууыд. Æ мæ йæ уый бауромдзæ н?.. Ау, Аслан уымæ йæ къух сисдзæ н? Асхойдзæ н æ й? Йæ ныййарæ г мад нæ у, фыдыус, фæ лæ йæ чи схъомыл кодта? Йæ дзаумæ ттæ йын чи ’хсадта? Скъоламæ йæ сыгъдæ г æ мæ итувæ рд дæ рæ сы чи ’рвыста? Кæ й конд хъарм хæ ринаг хордта æ мæ хæ ры абон дæ р? Вадимæ н дæ р, Ахуырбег æ мæ Фатимæ йæ н дæ р сæ мад нæ у, фæ лæ сыл хи мадау чи узæ лыд æ мæ сæ чи рæ вдыдта? Жаннæ куы райгуырд, уæ д Асланыл цыди цыппар азы. Æ мæ, дам, Маринæ мæ мад нæ у. Уæ дæ чи у йæ мад? Æ мæ уый асхойдзæ н? Æ мæ уæ д уый бинонты сæ фт нæ у? Бинонтæ... Бинонтæ... Цы ’рцыд сæ бинонтыл? Ныссуйтæ сты. Æ мæ уый кæ д, æ цæ гдæ р, Жаннæ йы аххос у. Æ ви... Æ ви ис æ ндæ р аххосæ гтæ, стырдæ р аххосæ гтæ... Бинонтæ кæ рæ дзийы куынæ уал æ мбарой, уæ д уый куыд у? Хистæ р дзы хистæ р куынæ уал уа, сылгоймаг — сылгоймаг, кæ стæ р та — кæ стæ р. Æ ппындæ р нæ ницыуал хъæ уы? Хъæ уы! Æ хца æ мæ исбон! Æ ппындæ р ницыуал зонæ м? Зонæ м! Æ хца æ мæ исбон! Ау, нæ удварн бынтондæ р фесæ фт? Æ вæ ццæ гæ н, æ вæ ццæ гæ н... Асланы къух Маринæ йыл куы андзæ ва, уæ д... Жаннæ... Жаннæ арт фестдзæ н. Æ мæ чызг йæ мады цонгыл иуварс рахæ цыд:

— Ауадз æ й.

Темыры тыхулæ фт хъуысы. Мацы кæ нæ д. Йæ æ лхъывдад та хæ рзаг сгæ пп кодта. Исты хос... æ мæ нæ бакомдзæ н. Йæ химидæ г базмæ лыд, йæ сæ рыл схæ цыд æ мæ къæ згæ дзуры:

— Аслан, æ з дæ р æ мæ ды дæ р нæ хиуыл нæ фæ хæ цыдыстæ м, æ гæ р карз ныхас рауад не ’хсæ н æ мæ дарддæ р рæ дийын нал хъæ уы.

— Ды раджы фæ рæ дыдтæ.

Фыд йæ хиуыл схæ цыд, йе ’мбæ рц сраст, Асланмæ разылд æ мæ йæ м нымдзаст:

— Уый, æ з фæ рæ дыдтæ н?

— Ды, — Аслан дæ р æ м комкоммæ кæ сы.

— Æ мæ, дæ хорзæ хæ й, цæ мæ й фæ рæ дыдтæ н, уый-ма мын бамбарын кæ н? Мæ комы-комдзæ гтæ й уæ кæ й фæ хастон, уымæ й? Мæ хиуыл дарæ сы хуызæ н дарæ с кæ й никуы скодтон, уымæ й? Сымахæ н уæ цард хуыздæ р ацæ уа æ мæ ахуыры фæ ндагыл æ рлæ ууат, уый тыххæ й мæ хи кæ й хъардтон, уый тыххæ й мæ фæ стаг капеччытæ кæ й хардз кодтон, уымæ й фæ рæ дыдтæ н? Цæ мæ й царды уæ бынат ссарат, адæ мы рæ нхъы цæ уат, ууыл мæ быцъынæ г кæ й тыдтон, уымæ й фæ рæ дыдтæ н? Зæ гъ-ма мын, дæ хорзæ хæ й, дæ иууыл бæ рзонддзинад, цæ мæ й фæ рæ дыдтæ н? Зæ гъма мын æ й!

Жаннæ минуты размæ цы Темыры уыдта — сабыр, фæ лмæ ндзаст, — уый фæ цыдæ р. Уыны æ ндæ р Темыры: карз, æ нæ хатыр. Лæ г фæ бæ рзонддæ р, ноджы тынгдæ р сраст, фæ уæ нгджындæ р, йæ хъæ лæ с ризы.

Аслан ныххудт. Хъæ рæ й. Йæ армытъæ пæ нтæ цалдæ р хатты кæ рæ дзиуыл æ рцавта:

— О, ды нын бирæ цыдæ ртæ сарæ зтай: заводтæ, цехтæ, æ ддæ гуæ лæ галуантæ, нæ кæ рты — цалдæ р фæ сарæ йнаг машинæ йы. О, ды нын олигарх дæ, олигарх! — Æ мæ та йæ хъæ лæ сыдзаг ныххудт. Рог, æ нæ мæ т кæ л-кæ л. Æ дзæ лгъæ д худт! — Цы нын сарæ зтай? Ницы!

— Мæ нæ н мæ уавæ р æ мæ мæ фадæ ттæ куыд амыдтой, афтæ архайдтон. Цалынмæ мæ хъару уыд, уæ дмæ иу бон дæ р мæ хицæ н улæ фты бар нæ радтон. Ды та, дæ с æ мæ дыл ссæ дз азы цæ уы æ мæ иу бон бакуыстай? Иу сом дæ фæ ллойæ искæ д нæ хæ дзармæ æ рбафтыд? — Темыр афтæ мæ стджынæ й дзуры, æ мæ йæ къухы лæ дзæ г и, уæ д æ й, æ вæ ццæ гæ н, пъолыл хоид. Æ мæ лæ дзæ г тæ гæ лтæ хауид.

— Фондз-æ хсæ з мины тыххæ й хъуамæ мæ йы дæ ргъы мæ удæ й арт цæ гъдон? Цæ уыннæ. Ныр ахæ м æ дылытæ нал и, — Аслан дуарыл рахæ цыд. Къæ сæ рæ й ахызт. Жаннæ йæ фæ стæ уынгмæ рацыд, æ нхъæ лдта, йе ’фсымæ р æ м ракæ сдзæ н, æ рлæ удзæ н, йæ цурмæ бацæ удзæ н æ мæ зæ гъдзæ н: «Никæ дæ муал цæ уын». Фæ лæ уый фæ стæ мæ дæ р нæ ракаст, автобусты æ рлæ ууæ нмæ йæ ных сарæ зта.

Хæ дзар — æ гуыппæ г сабыр. Æ ртæ адæ ймаджы дзы, фæ лæ дзы цыма цъиуызмæ лæ г дæ р нæ й, цыма уыдон адæ ймæ гтæ нæ, фæ лæ аууæ ттæ сты. Æ мæ Жаннæ телевизор скусын кодта: уадз, уый хъæ р уæ ддæ р хъуыса. Мад дæ р æ мæ йæ м фыд дæ р бакастысты, æ мæ йæ ахуыссын кодта.

— Фæ йнæ цайы уын акæ нон?

— Акæ н.

Мад аууоны хуызæ н базмæ лыд. Фыд, цыма йæ цайæ н фæ уынæ й тæ рсы, афтæ дзы чысылгай ахуыпп кæ ны. Ахуыпп кæ ны æ мæ та агуывзæ сгъолыл æ рæ вæ ры, ныуулæ фы, аджих вæ ййы. Æ нцад бады, фæ лæ мидæ гæ й, зæ рдæ йы цы цæ уы? Æ вæ ццæ гæ н, ивылд дон фестад. Хъуыдытæ... Хъуыдытæ, уаддымгæ мигъты дыууæ рдæ м куыд хæ сса, мигътæ æ ддæ г-мидæ г куыд ауайынц, æ вæ ццæ гæ н, афтæ кæ рæ дзийы сурынц, иу хъуыды иннæ йы йæ быны ануæ рды.

Темыр диваны къуымы бады. Чызг бафиппайдта: чысыл раздæ р йæ фыртимæ цы æ лвæ ст, ныфсджын лæ г ныхас кодта, уый атад, бампылд.

Темыр йæ цайы агуывзæ æ рдæ гцымдæ й стъолыл иуварс æ рæ вæ рдта æ мæ Жаннæ мæ бакаст:

— Иу агуывзæ мын арахъхъ рахæ сс. Стыр, тигъджын агуывзæ йы дзаг. Водкæ.

Чызг цыдæ р уысм сагъдауæ й аззад: йæ фыд хынджылæ г кæ ны æ ви йæ æ цæ гæ й фæ нды иу арахъхъ баназын?

— Рахæ сс, рахæ сс, — дзуры та йæ м ногæ й. Жаннæ водкæ йы авг стъолыл æ рæ вæ рдта, агуывзæ йы дзаг дзы рауагъта. Мад æ нцад бады, цыма ницы хъусы. Йæ хъуыдыты аныгъуылд æ мæ, чи зоны, ницы хъусы. Темырмæ кæ сы, фæ лæ йæ, æ вæ ццæ гæ н, нæ уыны.

Фыд агуывзæ райста. Йæ къухтæ... Жаннæ йæ фыццаг хатт уыны афтæ мæ й: йæ къухтæ ризынц. Мацы кæ нæ д, мацы йыл æ рцæ уæ д.

— Папæ.

— Ма тыхс, — дыууæ къухæ й агуывзæ йыл æ рхæ цыд æ мæ йæ йæ былыл сдардта. Цыма дон нуазы, цыма йын тынг дойны у, афтæ йæ æ нæ сулæ фгæ йæ банызта. Мад ницы дзуры, фæ лæ йæ химидæ г хæ рзаг дис кæ ны: цы ’рцыд йæ уæ здан цардæ мбалыл? Йæ хи дзыхæ й арахъхъ никуы бацагуырдта, иунæ гæ й иу хуыпп никуы скодта, уæ д ныр... Цы сыл æ рцыд?

Цы сыл æ рцыд, уый сæ алчидæ р хорз зоны.

— Папæ, исты акомдзаг кæ н.

— Ницы мæ хъæ уы. — Фыд йæ чызгмæ разылд. — Ацу баулæ ф. Æ гъгъæ д удхъизæ мар у дæ уæ н дæ р æ мæ не ’ппæ тæ н дæ р. Ацу, дæ хи æ руадз.

Жаннæ йæ уатмæ бацыд. Цыма æ цæ гæ лон, æ нæ зонгæ уаты астæ у лæ ууы. Йæ цæ стытæ къуымтыл æ рзылдысты. Сбадт. Фæ лæ йæ м бадын нæ цæ уы. Диваныл йæ хи æ руагъта æ мæ цармæ кæ сы. Цар лæ быры, ныртæ ккæ æ рхаудзæ н, фæ лæ дзы уый нæ тæ рсы. Сæ бинонтæ... Æ мæ чи у аххосджын?.. Чызг рабадт. Уый... Уый у аххосджын: Æ мæ цы кæ на?.. Йæ уатæ й рацыд. Фыд диваны къуымы куыд бадт, афтæ бады, æ рмæ ст йæ сæ р фæ стæ мæ ауагъта æ мæ цыма фынæ й кæ ны: йæ цæ стытæ — цъынд. Æ мæ, чи зоны, афынæ й.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.