Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






AElig;хсæрæг






Уæ, мæ пухкъæ дзил æ хсæ рæ г,

Уæ, мæ сонты бонты рухс,

Дæ у дæ хæ лары нымд зарæ г

Рох нæ фæ кæ ндзæ н æ нус.

 

Æ з дæ фæ д-дæ фæ д ызгъордтон

Уалдзæ г тар хъæ дты дзæ гъæ л,

Æ з дæ чысыл фæ дты ссардтон

Æ рдзы сусæ джы дæ гъæ л...

 

Рацу, радзур мын дæ хъыгтæ,

Гъе, дæ чысыл цин, дæ зын.

Æ з дæ судзаггаг цæ ссыгтæ

Рагæ й зæ рдæ мæ хæ ссын;

 

Æ з дæ сау чысыл цæ стыты

Рухс, æ рвайдæ нау, уынын:

Сау сæ лабыры мæ стытæ,

Тарст лæ ппын тæ рхъусы фын.

 

Рацу, мæ нæ мын дæ уæ н дæ р

Дзул куы рарвыста гыцци;

Ма тæ рс, — айхъус ма фæ йнæ рдæ м:

Хъæ д æ дзæ м сабыр ницци.

 

Уæ лæ назы цъупмæ фесхъиу,

Рауадз уырдыгæ й дæ хи.

Оххай, саби та куы фестин,

Демæ къалиутыл тæ хин!

 

Рабад хъилхъусæ й мæ цуры,

Ракæ н аргъæ утты хуыздæ р,

Кæ д æ рдзон æ взагыл дзурын

Искуы базонин æ з дæ р...

 

Уæ, мæ пухкъæ дзил æ хсæ рæ г,

Уæ, мæ сонты бонты рухс,

Дæ у дæ хæ лары нымд зарæ г

Рох нæ фæ кæ ндзæ н æ нус...

27.08.1961 аз. Цихантуры хъæ ды

Ма кæ

Ма кæ, ма мын дзур иудадзыг

Рухс Ирыстонæ й «Уарзын æ й»,

Цинæ н зæ рдæ йыл чи ‘ндæ дза,

Уый æ мбæ хстдæ р ран дардзынæ!

 

Æ з мæ судзгæ уарзт не ‘вдисын,

Хъазы ме уæ нгты мады ‘хсыр,

Фæ лæ ме схæ ссæ г ме ‘вдисæ н, —

Никуы, никуы йыл атыхсын.

 

Тайын иу чызгæ н йе ‘нгасæ й, —

У мын уалдзæ джы комы тæ ф.

Фæ лæ, сау рæ сугъд ме ‘вдисæ н, —

Æ з нæ фæ кæ нын сомытæ...

 

Гуырдз, мæ уды гуырдз а бæ сты,

Ады сау мæ ры схæ цыди,

Ам мæ цардцыбæ л къабæ зты

Терчы ‘хсидгæ туг бацыди;

 

Ам æ взистбазыр хуры тын

Мемæ сабийæ хъазыди

Æ мæ рухс хæ хты сурæ ты

Тайгæ ме ‘взонг уд баззади.

 

Ир æ нусæ мдзу уари у,

Æ з йæ дардтæ хæ н базыр дæ н,

Æ з сыфтæ р дæ н йæ къалиуыл,

Цæ й, куыд ын зæ гъон: «Уарзын дæ»...

 

Нæ, фæ лтау, мæ бон, судздзынæ н,

Фæ лæ аивæ й райдзынæ н,

Иры хуримæ худдзынæ н,

Иры цъититы тайдзынæ н...

 

Чи у а зæ ххыл разагъта,

Ирæ н чи кæ ны хорз æ гъдау,

Гъе, кæ й рухс нæ мттæ басагъта

Уый йæ зæ рдæ йыл хорзæ хтау.

 

Æ з мæ дæ ндагæ й уыдонæ н

Уаз алдзæ н цырагъ дардзынæ н;

Æ з мæ лгъæ взагæ й уыдонæ н

Кады зарджытæ зардзынæ н.

 

Фæ лæ ‘хсины лæ г хионæ й

Ирыл истынхъæ л чи тыхса,

Уый зæ рдæ рисгæ чи уына

Æ мæ химидæ г ма тыхса,

 

Гъе былысчъилтæ чи кæ на

Уымæ н йе ‘гъдауыл, йе ‘взагыл,

Уый нымайдзынæ н ингæ нмæ

Æ з мæ туджджыныл, ме знагыл...

 

Ма кæ, ма мын кæ н карз сомы:

«Уарзын а бæ сты хурзæ рин...»

Лæ г йæ судзаггаг уарзоныл

Никуы никæ мæ н дзурдзæ ни!..

Сæ рибары хæ стонтæ

Фыццаг ирон «Спартаконты» номарынæ н

Чъызгæ сæ разы ‘ркъул кæ нут уæ сæ ртæ!

Йæ бондзирдзурыл кодтой тох нæ цардæ н,

Цыргъ карды фындзыл сæ рыди сæ зæ рдæ,

Лæ гдзинад æ мæ намысы рыцартæ н.

 

Нæ абонмæ -ма ‘рхæ ццæ сты нымадæ й,

Хæ стдзагъд лæ гтæ зæ рдæ дзæ фтæ й, къуылыхтæ й.

О, уыдонæ н æ мбæ хст ысты нырма дæ р

Сæ ныхы ‘нцъылдты карз тохы тымыгътæ.

 

Уысммæ зæ рыфæ д ку’ айсæ фид сæ ныхæ й,

Уæ цæ стыты раз се ‘взонгад куы сыстид,

Уæ д фениккат, куыд састысты лæ гдыхæ й

Мæ лæ т, паддзах, Хуыцау æ мæ Чырысти.

 

Уæ д фениккат: хъадамантæ рæ мудзгæ,

Лæ джы бартыл куы ссыгъди тох Уырысы,

Уæ д раскъæ фтой æ нусты тарæ й судзгæ

Æ фхæ рдты раздзог Спартакæ й тырыса,

 

Черменæ й — кард, нæ ргæ зарæ г — Къостайæ,

Æ мæ лæ гæ рстой ленинон цæ ргæ стæ.

Кæ м ма-иу уыд сæ цæ фтæ н та нымайæ н,

Сæ тугуылæ н Бургъустанмæ нынхъæ взта.

 

Мæ лгæ йæ дæ р нæ цудыдтой, фæ рæ зтой —

Лæ ууыдысты лæ гдзинады цыртытау,

Уæ ддæ р ма-иу рухс кодтой хохбæ рзæ ндтæ й

Сæ тырысатæ ‘нæ хуысгæ æ ртытау.

 

Сыгътой нæ хъæ уты бурнымæ т лæ гсырдтæ,

Куыдта хæ къуырццæ й Иры сæ фтыл цъити.

— Лæ джыхъæ д бахъуыд, гъæ йтт, фæ сивæ д, цырддæ р! —

Æ ндон парти сæ м тохфæ дисы сидти.

 

Ыстæ й тыхдымгæ хæ хты фале растад, —

Уый бурдзалыг цинелджын лæ г фæ зынди, —

Сæ уæ хсидæ н зынггъуыз тырыса ‘рхаста,

Сыст, Хуссар Ир, ныр сау фæ ныкæ й сындидз!

 

Сæ фыдыбæ стæ амонды хур федта,

Æ мæ нæ баци ‘фхæ рд хæ ххон дывыдон:

Сæ рибары æ нусон эстафета

Ирыстоны кæ ронмæ ‘рхастой уыдон...

 

Чъызгæ сæ разы ‘ркъул кæ нут уæ сæ ртæ! —

Йæ бондзирдзурыл кодтой тох нæ цардæ н,

Цыргъ карды фындзыл сæ рыди сæ зæ рдæ —

Лæ гдзинад æ мæ намысы рыцартæ н...

1959 аз






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.