Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






УÆЛМÆРДТЫ






Мæ нæ уæ лмæ рдты кæ рон, цъæ х-цъæ хид кæ м

адардта быдыр,

Сæ гътæ цоппай кæ нынц, æ мæ сабырад хъæ ды

нындзыг.

Алчи ‘фснайы йæ картоф. Сæ хæ рздæ ф

æ ддиауæ й хъуысы,

Æ мæ алы къуыбырыл дæ р ам ис кæ йдæ р

хъысмæ т фыст.

Мæ нæ н афон нæ ма у... Уæ д цæ мæ н кæ сын афтæ

æ дзынæ г

А кæ лæ нгæ нæ г бæ стæ м. Æ фсæ йнаг антеннæ тау ам —

Рох кæ йдæ рты цыртытæ... Мæ тасæ й фæ хъæ р

кæ ны хиуа,

Æ мæ гъеуæ д æ рымысын ме сæ фт хæ лары цæ сгом..

Ай кæ м дæ н? Йе — цы дæ н? Кæ д,

дзæ гъæ лдзуйау, нал арын фæ ндаг,

Цыма гъеныр æ рыхъал дæ н, — хъусын ма белты

хъæ рзын.

Фæ лæ цадæ г мæ къæ хты уынæ рмæ æ рцæ уын

мæ химæ

Æ мæ ссарын мæ къæ с. Уæ д, æ рцæ угæ йæ, ног

Цай фæ цымын... Стæ й мæ тæ рхæ гыл, ризгæ,

ныххауын

Æ мæ, чингуытæ райсгæ... иу-дыууæ сыфы

фæ стæ зæ фцæ й

Тарф ныффынæ й у — уæ нгтыл дæ фæ ллад

æ ртæ фсти.

Уæ д ды фыны уыныс: судзы хъæ д, уый

ныггуыпп кодта фæ здæ г, —

Арвмæ ивылы, хъавгæ... Ныххал ысты дæ лвæ зы фос.

Дард кæ мдæ р ма, фысау, дары урс-урсид

аргъуан.

Фос æ рыскъæ рдта фыййау. Æ ризæ р, бæ гуы.

Æ з мæ тæ лы фæ тулын нæ уынгты — æ ппæ тдæ р

у хорз...

Ног та картоф ныссагътой, ныззæ бул и

бæ лæ стыл дидин.

Сты нæ рудзгуытæ гом, не ‘фсад рагæ й ис,

раджы, Берлины...

У мæ мад та æ взонг... Æ мæ зары фæ сус

патефон.

О, æ рмæ ст ма кæ цæ йдæ р хъуысы судзаджы

марой, хъæ рзын...

Тагъд фæ ззæ г у. Æ з — ахуырмæ. О, уый куыд

хорз у, куыд хорз!

Чидæ р кулдуар ныххойы. Ныххаудта йæ уаты

зæ ронд ус...

О Хуыцау, о мæ зынаргъ, цы кодтай нæ дугæ н,

мæ бон?

Ау, сырхмæ тæ джы изæ р кæ м ис?

Йе — нæ бæ ллицтæ?

Кæ нæ — нæ зарæ г?

Лазарь Шерешевский

ФЫСТÆ Г ИРЫСТОНМÆ

Иу раст хъуыды нæ у рохы мæ нæ й, —

Уый фæ кæ сы нæ ртон лæ гмæ худæ г:

О, ысхизæ н бæ рзонд хæ хтæ м нæ й,

Кæ д дæ уæ рджытæ нæ ууыл дæ р цудой!

 

Урс мит цадæ ггай хауы — фæ лмæ н,

Сæ рыл баззайынц, носау, йæ фæ дтæ...

О, куыд зын у уæ хъысмæ т мæ нæ н,

О мæ рагон, мæ сагсур ирæ ттæ!

 

У бæ рзонд хæ хтæ м рагæ й уæ каст, —

Уыдон урс цæ хæ р калынц уæ фендæ й...

Нæ, нæ уыди мæ гуыры æ нгас

Иры рох къуымæ н номдзыд поэттæ й!..

 

У мæ гуырæ н йæ дзырддаг рыстæ й,

У, цæ ргæ сау, йæ цæ стæ нгас сонтау...

Ам, кæ м райгуырди фарны Къоста,

Цард нæ нымайынц бонтæ й.

 

Дуджы тымыгътæ калдтой сæ бон, —

Арв нæ рыди йæ сау къæ сыл гъæ йттæ й...

Уый — фыднизимæ тохы, уæ ндон,

Цыд йæ лæ дзæ джы ‘нцæ йтты.

 

Нæ, йæ лæ дзæ г нæ уыди йæ ныфс,

Уыд йæ хъомыс — йæ зарæ г,

Æ мæ иунæ г цыфыддæ ры уысм

Уымæ н никуы уыд цардимæ арæ н.

 

Уый зыдта, цард-цæ рæ нбонты дæ р

Зарæ г — удæ н æ вдисæ н, —

Уадз кæ на йын йæ хъысмæ т фыддæ р, —

Ис ма зарæ гæ н сисæ н!..

 

Æ мæ гъеуæ дæ й абонмæ ног

Дун-дунейæ н йæ хъарæ г фæ кæ ны

Уаз «Ирон фæ ндыр»... — Ивазы цонг

Цардмæ, зивæ г нæ кæ ны...

 

Рогæ й базмæ лы доны хъæ лæ с

Уый фæ рныг зæ лтæ м, тохау,

Æ мæ гъеуæ д хæ лæ г кæ нын æ з

Саг поэты зын хъысмæ тмæ, оххай!

 

Уæ д фæ зæ гъын: мæ хъысмæ т кæ нон,

Кæ д мæ рухс бон фæ къул и, гъеуæ ддæ р

Урс бæ рзæ ндтæ м... Цыфæ нды фæ уон,

Хъуамæ баззайой хæ хтыл мæ фæ дтæ.

 

Кæ д мæ фæ ззæ джы бонтæ н æ рцыд

Ныр сæ кæ рон, уæ ддæ р мыл фæ худæ нт:

Ома афон у — нал у дæ дзырд, —

Хæ хтæ н акув дæ худæ й!..

 

Фæ лæ — нæ! Мæ н нæ хъæ уы ысгуы

Рох, хъæ рмуст царды фынгæ й, —

Уадз æ рцæ уæ д мæ мæ лæ т, бæ гуы,

Урс бæ рзæ ндтæ н сæ зынгæ й!

***

У хъарм бон... Нæ у ихуазал уды,

Фыдох æ мæ сары бон нæ у, —

Нæ фæ тчы æ ппынæ дзух худын, —

Æ дылы фæ хондзысты дæ у!..

 

Лæ г маст дæ р нынныхъуыры иу хатт,

Йæ цардæ й нæ у райгонд æ дзух —

Æ рвылбон дæ зынтыл куы ниуай, —

Нæ дæ м ратдзæ н ничи йæ къух!

 

Мæ хъысмæ т — уæ цин йе мæ таг уа,

Нæ рæ стæ г — хæ рын уын æ з ард —

Кæ уынæ н йе зарæ гæ н фаг у...

Фæ лæ нын нæ фæ дæ тты цард

 

Нæ уавæ р æ мбарынæ н фадат,

Нæ зонæ м: циу хорз, циу æ взæ р? —

Рæ у бартæ цæ ссыгæ н дæ р ма ратт, —

Дæ мидбылхудт ма кæ æ гæ р!..

Къибирты Тимур

ЛИЛЕТТÆ МÆ

Хъуыды ма йæ кæ ныс, Лилеттæ, мах кæ ддæ р

Лæ ууыдыстæ м нæ ногдзауты хæ дзарæ н

Йæ фæ скъулмæ. Цъæ х изæ р. Ленины хæ хтæ

Æ мæ нæ дыууæ. Касти нæ м, цæ й арæ н

 

Уа хъуамæ амонд æ мæ мах æ хсæ н! Дæ къух

Уыди æ вæ рд мæ риуыл... Æ мæ махæ н

Кæ м уыд нæ цард æ взонджы цинтæ й цух, —

Кæ д ма уыди дзæ нæ ты къæ с дæ р ахæ м?

 

Æ ндæ р цы хъуыди мæ н? Нæ уарзты монц, уæ вгæ,

Сæ ууон дымгæ йæ рог базыртыл хаста...

Ард хордтам уæ д: цæ ргæ уа йе — мæ лгæ, —

Тæ рхонгæ нæ г нын нæ у — Хуыцау уа йе — Барастыр.

 

Уый амонды уысм уыд... Ныр та, зæ гъ-ма,

Кæ рæ дзимæ Цы цæ стытæ й кæ сдзыстæ м?!

ДИПТИХ

I

Уый мæ сабийы бонтæ й æ ртахти æ хсыры хъæ ндил,

Мæ н нæ хъæ уы йæ хорзæ хтæ й бирæ,

Фæ лæ хъуамæ ныббæ ттон йæ къахыл, —

Мæ н афтæ фæ нды, —

Сырх æ ндах —

Фæ кæ на мæ райгуырæ н Ирмæ.

 

Уыцы аргъæ утты бæ стæ м,

Кæ м уыдтæ н æ з хъулон хъæ бул,

Æ мæ -иу кæ м нæ хъæ цыд ничи мæ фыныл,

Кæ м-иу мæ нымбæ хста йæ æ рмтты

Мæ ахæ сты хъул

Мæ хойы ардыдæ й: мæ фыдуаг ми рахъæ р, мæ

зынгыл!

Æ ппæ ты тæ ссагдæ р, — кæ й амардта удæ гас хæ фс

Нæ сыхæ гты лæ ппу: фыд-зыкъуыр, фыд-зылын!

Фæ цыди-иу бæ ласы къалиуæ й зæ ххыл мæ дзæ хст,

Мæ стæ й-иу мæ мардтой:

Ды — тула-быдула,

Æ дылы!

 

Хъæ мæ -иу фæ лыгъдтæ н. Мæ зæ ронд мад пецы

уæ лхъус

Мæ фæ зындмæ бауæ ларт кодта хæ ринаг.

Фæ лæ та мæ уым дæ р нæ уадзынц:

— Ныссус у, ныхъхъус! —

Бартойы уал бакæ с,

Ныууадз уал рæ стæ гмæ йы цинаг!

Мæ фыдыфыдимæ нæ хихсынæ й иумæ цæ уæ м.

Æ з — арвæ й сыгъдæ гдæ р

Мæ урсхъуыр хæ доны.

Ис нæ кæ рты æ хсынцъы. Цъæ х, дам, у...

Цыфæ нды фæ уæ д, —

Æ з æ взæ р æ мæ хорзæ н цы зонын

Йе цы мæ бон у? Оххай, фæ вæ ййы, бæ гуы, —

Гайлаг родæ й бæ рæ г кæ ны, —

Ахæ м фæ зæ гъæ г...

Уæ д нана та мæ н ногæ й

Кæ дæ мдæ р кæ ны,

Цæ мæ й ма уон нæ сыхаг лæ ппуйау къæ зæ нæ г.

II

Фæ ззыгон изæ р ыссардтон мæ сабыр къæ сы

Гæ лæ буйы базыр:

Мæ лæ т ын æ рцагъта йæ бонтæ...

Уæ д мæ цæ стытыл ауад:

Нæ кæ рты æ нхъæ лмæ кæ сы

Йæ фæ стаг фæ ндагмæ æ рхæ ндæ г зæ ронд ус.

 

Талынг...

Чи ма ыссудза нæ цырагъы рухс? —

Ныр дыккаг дæ с азы мæ зæ ронд фыд

Мард у...

Æ мæ ма йын чи зæ гъа а комы «рухс», —

Нæ сыхæ гты лæ ппу дæ р ахæ сты бады...

 

У изæ р... У афон — ыссарын дæ афтид хæ дзар,

Дæ къæ сæ р ныхгæ,

Ныффынæ й у, райхъал у райсом...

Нæ мæ ахсы хуыссæ г.

Мæ дуне æ гуыппæ г у, тар.

Ныр иу мæ йы дæ ргъы фыстæ г дæ р нæ райстон.

Æ нæ зылдæ й баззад мæ фæ рцы фыдæ лты

уæ лмæ рд.

Мæ зæ рæ дты ингæ ны

Сау кæ рдæ г бацыд.

Æ нхъæ лмæ фæ кæ сын:

Фæ зындзæ н сæ уддзæ ф, сæ фæ д, —

Нæ й... Нæ фæ ззæ джы мæ ргътæ фæ тæ хынц сæ

балцы.

Фыдахин цигайнаг мæ м къамы фæ лгæ тæ й кæ сы, —

Уый мæ хойы лыстæ г сынкæ й конд у...

Æ з та ма,

Мæ химæ ныккæ сгæ,

Мæ уды фæ рсын:

Ай æ взонг йе зæ ронд дæ?!

 

Фæ лæ та æ рбакæ лы, хионы улæ фтау,

Рухс

Сабыр, гомзæ вæ т рудзгуытæ й:

Ай та ма чи уа?

Æ мæ гъеуæ д, хуыцæ уттау, мæ зæ рдæ у рухс

Æ мæ гъеуæ д ныззарын:

—Æ з хион дæ н,

Хион!..






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.