Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Поэт æмæ редактор






Поэт:

Дæ бонтæ хорз. Лæ удзæ н дæ зæ рдыл,

Мæ къухфыст бакастæ йе — нæ?

Редактор:

Кæ д æ й æ рбахастаис?

Поэт:

Сæ рды.

Редактор:

Уæ д æ й цы агурыс зымæ г?

Куы нæ лæ ууыс ды махмæ штаты...

Æ ви дæ бахъуыди аванс?

Поэт:

Фæ цæ йцыдтæ н уæ рæ зты...

Редактор:

Хатыр,

Дæ кой нæ уыди ам æ ввахс!

Нæ загътаты — дæ хæ дæ г зоныс, —

Чи къул фæ зæ гъы, чи та — фæ з,

Æ мæ сæ басæ ттын кæ й бон у:

Сымахтæ — бирæ, иунæ г — æ з!

Поэт:

Уæ дæ та мæ, тыччыйау, хъазут:

Æ нхъæ лмæ кæ с! Кæ син, фæ лæ

Тæ хынц мæ бæ ллицтæ, мæ азтæ...

Æ мбарын. Бузныг дын фæ уæ д!

Уæ вгæ, цы мæ м фæ кæ сы диссаг, —

Æ ндæ р цы гæ нæ н ис, бецау, —

Ныууæ й кæ удсагъæ сты риссаг

Лæ варыл ды, фæ лæ, Хуыцау,

Кæ мæ н?

Редактор:

Æ з та зæ гъин, зæ гъгæ, фæ зындтæ,

Нырма нæ рахъæ р и дæ куыст,

Уæ д дæ æ ппæ тæ й дæ р хъæ здыгдæ р...

Цы у, æ ппынфæ стаг, æ нтыст?

 

У хъазт, æ нæ пайдайы хъазт...

Мыхуырмæ? Уый бæ сты-иу баппар

Цæ угæ доны гуылфмæ æ мраст

Дæ фыстытæ. Дæ уд сыл ма хъар!..

 

Нæ цæ гъдынц ахæ мæ й фæ ндыртыл,

Йæ ном — уый пълан уа, редсовет:

Зæ ххыл æ мдзæ вгæ фыссæ г — бирæ,

Æ нхъæ лмæ гæ с — æ рмæ ст поэт.

 

Рæ хджы ысхаудзæ ни йæ хъул дæ р,

Сæ фындз сын амæ рздзæ н æ васт...

Куы зоныс, къамтæ й дæ р æ мбулы

Тыхджындæ ры фыстæ г-ныхас.

Поэт:

Нæ зонын, чи зоны ‘мæ раст дæ...

Мæ нмæ дæ р хаттæ й-хатт кæ сы, —

Кæ д алчидæ р — æ хца уа, кадмæ —

Йæ хирдыгон цæ стæ й кæ сы.

 

Фæ лæ куы рацæ уын æ з уынгмæ

Мæ куыдзы ирхæ фсынмæ, уæ д

Кæ сын, æ мæ у бон æ гуыдзæ г —

Мæ куыдз дæ р ын фæ лдыст фæ уæ д!

 

Ныхъхъил ис заз бæ лас, къæ цæ лау,

Быгъдæ г уынджы. Мæ гуыр — йæ каст.

Æ з та, дзæ гъæ лдзуйау, фæ цæ уын, —

Дæ умæ гæ сгæ, гъеуый у хъазт?!

 

...Уæ дæ тызмæ г дымгæ йы ниудмæ

Куы хъаза тугдадзинты туг, —

Нæ дæ нæ зæ ххы цъарыл иунæ г:

Дæ сæ рмæ — хур, æ мдзæ рин — дуг,

 

Кæ нæ дæ хъæ убæ сты уæ нгрогæ й

Æ д къæ рта рауагътай дæ хи,

Цæ мæ й сыгъдæ г суадоны донæ й

Ныхсай дæ зокъоты кæ ри...

 

Зымæ г у. Фæ лæ хъарм фæ лгæ ты

Мыдыбындз рог дыв-дыв кæ ны,

Æ мæ йыл диссаджы къæ лæ тæ й

Сырхфарс фæ ткъуыйы тæ ф кæ лы,

 

Ысраст кæ гъеуæ д, гъе, дæ астæ у, —

Кæ м нæ фæ дæ тты зæ рдæ бар, —

Дæ удсагъæ с æ мæ дæ мастæ н

Ныллæ ууыд катайаджы кар,

 

Æ мæ — фысгæ. Æ хсæ вы тары

Ныууасы удисæ гау уыг.

Нæ, уый фынæ й лæ гмæ нæ хъары,

Нæ хауы никæ мæ й цæ ссыг.

 

Фæ зынынц ме ‘рдхæ рдтæ. Арахъхъыл

Бæ гæ ны ауадзын — æ хцон,

Æ мæ сæ м кæ с: сæ иу мын сахъ у,

У иннæ мæ н йæ дзырд æ ргом.

 

Фæ лæ куы растай райсом раджы, —

Æ хца дæ м нæ й, мæ гуыр дæ бон, —

Тæ лмацтæ кæ н æ мæ сæ руаджы,

Цæ стысындзау, æ рвит дæ бон.

 

О стихтæ, стихтæ... Уыдон, зонын,

Фæ уыдзысты дæ уæ н дæ фаг...

Уæ вгæ, нæ у ногдзинад поэзи,

Уый у æ рмæ ст зæ рдæ йы уаг.

 

Фæ снозт, куы ничи уа дæ цуры,

Дæ сæ р та зилы, ризы къух,

Уæ д фехс дæ сис: поэт фæ дзуры

Æ нæ дзургæ йæ дæ р æ дзух.

Редактор:

О, дæ у тыхсын кæ ны дæ уавæ р.

Кæ д мах — дæ рухс, дæ фидæ н, сом.

Нæ бынаты дæ хи дæ р авæ р...

Поэт:

Цæ мæ й уын хъазæ нхъул ысуон?

Бæ ргæ, æ з дæ р быхстон æ вæ рæ з...

Кæ с-ма, куырыхон лæ г — фæ рныг —

Зæ гъы: мах рæ стæ джы нæ цæ рæ м,

Фæ лæ уый мах удты цæ ры!

Мæ н та фæ нды: æ мгъуыдтæ ма кæ,

Цы уа рæ стæ гыл, уый у хорз!

Редактор:

Æ мæ куы кæ най ракæ -бакæ, —

Кæ сыс, æ мæ дæ зынг ныххорз.

Цæ рын та афтæ хъæ уы: адæ м

Цы дзурынц, уымæ цадæ г хъус,

Нæ дын ысты сæ дзырдтæ адæ н,

Уæ д дæ р ныссабыр у, ныхъхъус!

 

Рæ стдзинадагурæ г у алчи...

Мæ нмæ гæ сгæ та, у мæ гуыр

Кæ нæ цæ стхъуаг, йе саугуырм баци,

Æ ргом дзырд чи фæ кæ ны, уый!

 

Ды зондзынæ: цы ‘рттива, алкæ д

Сызгъæ рин нæ у. Фæ лæ дæ зонд

Цы фæ лдиса, гъеуымæ й, баууæ нд,

Зæ гъдзысты: у Хуыцауы конд!

 

Дæ разы — фынг, æ мæ йæ фынг

Ысхонай — бирæ тæ нæ хъæ уы.

Фæ лтау дæ норст цæ хæ ры зынг

Фæ цагай — горæ ты уай, хъæ уы.

 

Цæ р-иу, кæ д дæ цæ рыны фос!

Поэт-лæ г рагбонтæ й фæ стæ мæ

Нæ уыди паддзæ хтæ н æ мвос, —

У зондты зонд, мæ хур, лæ гъстæ йæ.

 

Сæ рибар дæ, фæ лæ дæ уавæ р, —

Уый зон, — тыхтона у, тыхми...

Поэт:

Цæ й, æ з цæ уон.

Редактор:

Цы кодтай, уагæ р?

Поэт:

Æ з афтæ... Атавтон мæ хи —

Æ гъгъæ д у ныр.

Редактор:

Дæ къухфыст айс.

Кæ д дæ фæ нда,

Цæ рдзыстæ м фидыдæ й, зæ ххыстæ н!..

Поэт:

Куынæ уа афтæ?

Редактор:

Гъеуæ д та...

Æ рбацу...

Аныхас кæ ндзыстæ м.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.