Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






МÆ РАГОН ФЫН






Дæ н ахуыр а фыныл. Фырдиссаг у, кæ лæ н:

Мæ н уарзтой уым. О, уарзтон-иу æ з дæ р,

Фæ лæ æ мбæ хсы мигъвæ лмы кæ мдæ р

Мæ уарзты зæ д, — куы уым вæ ййы, куы — нæ.

 

Мæ зæ рдæ та, — фæ лывд митæ м — къæ рцхъус,

Ысвæ ййы фыны ирд æ мæ хуымæ тæ г

Йæ номыл... Уый та у æ рхæ ндæ г,

Йæ цæ ссыг рустыл, уазæ гау, ныхъхъус.

 

Мæ йдзæ сгом у йе — саудзыкку? — Мæ зонд

Нæ ахсы уый, йæ ном дæ р ын нæ зонын,

Фæ лæ мæ м расты мадзура уæ лмæ рдтæ й...—

Ныррухс вæ ййынц йæ сау цæ стытæ уæ д.

 

Ау, чи уа хъуамæ? — Гъе æ цæ г зæ д у,

Кæ лгæ тулдзау, ныдздзой кæ ны мæ зæ рдæ!

Гийом Аполлинер

***

Мæ удварн! Æ з базыдтон абон

Æ рхæ ндæ г æ хсызгондзинад:

Къух систай мæ ныл,

Фæ лæ уарзты монц риуы нæ цæ уы...

Æ з паддзах дæ н — зонын: цæ й, феккуырс,

сæ рыстыры рад! —

У хъодыгонд паддзах, фæ лæ та хæ тæ ны фæ цæ уы...

Рæ сугъд чызг нæ зоны мæ хъизæ мар, зæ рдæ йы уаг,

Уадз ма уарзæ д мæ н, къæ дзæ хау æ з фидар,

Æ вронг дæ н.

Цыфæ нды амонд дæ р нæ кæ ны мæ зæ рдæ йæ н фаг

Æ мæ уазал изæ рты æ рæ нцайын их-къæ йыл комы.

Æ з — паддзах, къæ бæ рæ й æ фсæ ст дæ н, йе — цух,

Æ дзæ ссыгæ й кастæ н, куыд лыгъди мæ бæ ллиц

фыртæ ссæ й, —

Йæ саби æ нгасæ й æ рттывта сæ уæ хсиды рухс.

Æ мæ дымгæ, хæ рзиуæ ггæ нæ гау, мæ къæ сыл

Фæ лгъуыдта: «Цæ й, раст-ма!» —

Дæ фæ ндаг дын амонынц мæ нæ

Цæ рмыстыгъд бæ лæ стæ, ыстæ гдарау чи кæ сы

Гомгæ рццæ й, уыдон!

ЭДВАРД

Англисаг балладæ

«Кæ й туджы ысывдылди уагæ р дæ кард?

Эдвард, Эдвард?

Кæ й туджы ысывдылди, гъа-ма, дæ кард?

Цæ мæ н кæ сыс афтæ тызмæ гæ й?»

«Мæ тæ вдæ й ныссагътон æ з уарийы кард,

О мæ мад, о мæ мад!

Мæ тæ вдæ й ныссагътон æ з уарийы кард,

Æ ндæ р ма кæ м арон, уый нал ис!»

«Нæ у афтæ сырх-сырхид цъæ х уарийы туг,

Эдвард, Эдвард!

Нæ у афтæ сырх-сырхид нæ уарийы туг,

Эдвард, Эдвард!

Дæ кардыл цы туг и — сырхдæ р у!»

«Мæ сырхбарц æ фсугъы ныррæ хуыстон æ з,

О мæ мад, о мæ мад!

Мæ сырхбарц æ фсургъы ныррæ хуыстон æ з,

Æ мæ йыл мæ цæ ссыг ныккалди!»

«Нæ, зæ ронд у дæ бæ х, æ мæ гъай туг уый нæ у,

Эдвард, Эдвард!

Нæ, зæ ронд у дæ бæ х, æ мæ гъай туг уый нæ у,

Зыны уый дæ тызмæ г æ нгасыл».

«Мæ фыды ныссагътон мæ судзаджы кард,

О мæ мад, о мæ мад!

Мæ фыды ныссагътон мæ цыргъæ ссад кард, —

Мæ рыст мын мæ зæ рдæ фæ тоны!»

«Дæ фыдракæ нд ма уæ д цæ мæ й фиддзынæ,

Эдвард, Эдвард!

Дæ уæ ззау тæ ригъæ д цæ мæ й фиддзынæ

Дæ уды æ фсармы тæ рхоны?»

Фыдтымыгъы сау науы бабадзынæ н,

О мæ мад, о мæ мад!

Мæ н денджызы уылæ нтæ м фесхойдзæ н уый,

Фыдтары, фыдрæ стæ джы».

«Цы дын фæ уыдзысты дæ мæ сыг, дæ къæ с,

Эдвард, Эдвард!

Цы дын фæ уыдзысты дæ мæ сыг, дæ къæ с,

Куы фæ лидзай денджызмæ, гъеуæ д?»

«Уадз дымгæ тæ, тымыгъты амæ ттаг фонт,

О мæ мад, о мæ мад!

Уадз дымгæ тæ, тымыгъты амæ ттаг фонт,

Ныффалгæ рон нæ кæ нæ нт иумæ!»

«Цы фæ уыдзысты уæ д, дæ цот уа, дæ ус,

Эдвард, Эдвард!

Цы фæ уыдзысты уæ д, дæ цот уа, дæ ус

Сæ мæ гуыр, сæ удисæ г царды?»

«Цæ уæ нт-иу мæ гуыргуыр нæ дун-дунейыл,

О мæ мад, о мæ мад!

Цæ уæ нт-иу мæ гуыргур нæ дун-дунейыл, —

Нал сæ фендзынæ н æ з никæ д».

«Дæ мадæ н та гъеуæ д цы зæ гъдзынæ, цы,

Эдвард, Эдвард!

Дæ мадæ н дæ зæ рдæ цы хорзæ х зæ гъы,

Дæ у авдæ ны чи уызта, уымæ н?»

«Цæ ргæ -цæ рæ нбонты æ лгъыстаг фæ у,

О мæ мад, о мæ мад!

Мæ лæ ты къæ сæ рмæ æ лгъыстаг фæ у,

Мæ н чи ысрæ вдз кодта фыдбылызы балцмæ,

Чи мын амарын кодта мæ фыды!»

Уильям Шекспир

СОНЕТТÆ

***

Куы стыхсын ног, уæ д мæ н мæ лын фæ нды.

Кæ сыс, æ мæ мæ гуыр лæ гæ н нæ й кад.

Йæ къухтæ м уый æ мхасæ нтæ кæ ны, —

Хъæ здыгæ н та у, хъазæ нхъулау, цард.

 

Уыныс: æ рцыд фыдахинæ н йæ рад,

Дæ лдон кæ ны рæ сугъд чызджы цæ сгом.

Тых у æ дыхæ н коммæ гæ с, цагъар, —

Бæ стонхорзæ н нæ у акъахдзæ ф йæ бон.

 

Уæ лмонц хъуыды у цъуттавæ рд, æ мыр.

Куырыхон зонды бадомдта сæ лхæ р.

Æ ргом уды быдзæ у хонынц, мæ гуыр,

Рæ дау фыдæ н у цумайаг, гæ лхæ рд.

 

Æ ппæ тæ й — тыхст, уæ д мæ н мæ лын фæ нды,

Фæ лæ, хæ лар, куыд мын уыдзынæ ды.

***

Дыууиссæ дз зымæ джы дæ ныхыл

Куы ныууадзой æ гъатыр фæ д,

Уæ д ма дæ чи ысхона зæ д, —

Цæ хæ р куы нал кала ызныхау

 

Дæ рæ сугъд... Æ мæ гъеуæ д дæ у

Куы фæ рсой: ау, цы фæ дæ ныр?..

Цы хъом ма дæ, æ гæ р мæ гуыр,

Сæ рыстыр, хивæ ндæ й, æ вæ дæ й?

 

Зæ гъ-иу: æ ркæ сут-ма, мæ бон,

Мæ кæ стæ ртæ м — мæ туг сæ хъазы.

Сæ райрæ зты — мæ ис, мæ бон,

Мæ зæ рондыл уыдзысты разы.

 

Æ мæ куы ныууазал уа туг,

Уæ д дæ р ис уыдоны мæ уд.

***

Кæ д нал уарзыс, уæ д мæ ныууадз ныртæ ккæ, —

Æ гас дуне куы растади мæ ныхмæ,

Дæ ацыд фод сæ карздæ ртæ й мæ зынтæ н,

Æ рмæ ст ма-иу уый ферттивæ д ызныхау.

 

Кæ д айсæ фа мæ зæ рдæ йы фæ лмаст, —

Фæ свæ дæ й-иу мæ макуы ныццæ в сонтæ й.

Тымыгъ æ хсæ втæ ма раивæ нт, уадз,

Къæ вда æ мæ æ нæ зæ рдæ рухс бонтæ й.

 

Ныууадз мæ, о, фæ лæ фæ стаг уысм — нæ,

Куы уон лæ мæ гъ лыстæ г мæ стыты сарæ й.

Ныууадз мæ ныр — уа зонд-зонæ н мæ нæ н,

Мæ ацы рыст кæ й у æ ппæ тæ й карздæ р.

 

Кæ й нæ й фыдох, ис иу хъаймæ т — дæ уарзтæ й

Куы фæ уон æ з æ нусбонтæ м æ вæ стаг!

Джордж Гордон Байрон






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.