Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






ТÆРСЫН.






Мæ удæ н ацы бæ ллиц уаз у,
Фæ лæ нæ фæ фæ лдæ хдзæ н зæ хх,
Къæ ссайау... Æ мæ мæ фыдæ х
Мæ рдтæ м куы барвита йæ разæ й...

Хостыхъоты Зинæ

Тæ рсгæ кæ нын... Цы йæ æ мбæ хсон!..

Хостыхъон дæ н, æ мæ тæ рсын:

Мыййаг, куы рацæ уа мæ рæ зты

Фыдæ х,

Куы райдайа мæ рзын

Мæ кæ рт!..

Куыд ма уыдзынæ н, оххай!..

Мæ уд цæ мæ бæ ллыд, цæ мæ?!.

Æ мдзæ вгæ ты æ мхиц дæ н тохмæ, —

Фыдæ х фæ зынд, —

Уæ д лидз хъæ мæ!

Мæ нæ н, бæ ргæ, поэзи уаз у, —

Йæ пайдайæ йæ сар — фыддæ р,

Нæ кæ нын уый тыххæ й йæ разы

Æ вгъау

Къæ бæ рсайæ н дзырдтæ...

ИРЫСТОНЫ АДÆ МОН ПОЭТ ХОДЫ КАМАЛЫ ФЫСТÆ Г ЙÆ ХÆ ЛАР, ЗÆ РОНДБÆ ТÆ ХЪОЙЫХЪÆ УККАГ ЛÆ ППУ, УАТАТЫ БИБОМÆ

Цæ й, цом, мæ хæ лар, бауайæ м Къуыдармæ,
Уым бирæ ис парахатзæ рдæ адæ м...
Цом, боныцъæ хтæ м «Ерцъойы» [3] фæ бадæ м...
Цæ лхъзард фæ кæ нæ м...
Къуыдары мын ныффæ лдисдзысты
Суадон...

Ходы Камал

Ма бакæ, мæ хæ лар, ма кæ! —

Нал цæ уæ м Къуыдаргоммæ,

Мæ н мæ лын нæ фæ нды, оххай,

Нал мæ хъæ уы суадон дæ р...

 

Уым хæ ст цæ уы. Уым, Къуыдары,

Ехх, мæ гуырæ г, — сау бонтæ.

Уыцы рухс бæ стæ йыл ма

Æ з ныззарин абон дæ р,

 

Фæ лæ хæ ст хæ ст у, æ мæ дзы

Нал фæ лæ ууин ибонау,

Ма ацу ды дæ р, фæ лæ уу,

О мæ хи дзæ бæ х Бибо!

 

Бонзонгæ кæ м нæ у нæ хион, —

Нæ й мæ удæ н асайæ н, —

Абон мæ н дыууæ цæ дæ й дæ р

Нал аласис Къуайсамæ [4].

 

Цом фæ лтау нæ зæ ронд хъæ умæ,

Уым æ дасæ й рабадæ м, —

Æ з, мæ хур, Къуыдары тæ фтыл

Нал, нæ цæ уын, а-ба-бау!..

Æ РДЗЫДИССÆ ГТÆ

Нæ у вазыгджын
Цыбырбеджы
æ рдзысконд —
Цыбырæ нгуылдз,
Цыбырбоцъо,
Цыбырзонд...

Ходы Камал

Æ з фæ фыссын æ мдзæ вгитæ,

Æ мæ, чи зоны, ницы сты,

Фæ лæ, — гъа-ма, гъа, — иу ахæ м

Хорз кæ м нæ ысты диссæ гтæ н?!

 

Чи у сабыр — цыбырæ нгуылдз,

Чи, мæ гуырæ г, — цыбырбоцъо...

Чи — цыбырзонд: Уæ лладжыры

Иу бон раргæ вста сау гоцо.

 

Æ з цыбыркъух дæ н, зонын æ й, —

Роцъо-боцъо дæ р уа-даргъ нæ у,

Фæ лæ, чи зоны, а фыстæ й

«Уа мын» искæ д æ хца, фæ лæ уу!

Р.S.

Мæ зонд та?!

Хатыр бакæ нут (уый уын сусæ гæ й зæ гъын), —

Дæ лæ мæ райгуырæ н уæ зæ г

Зæ ронд Бæ тæ хъойыхъæ уæ й дарддæ р

Не ‘ххæ ссы.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.