Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






ЗАРÆГ ГАГЛОЙТЫ ÆФСЫМÆРТЫЛ






Ой, Сунжæ йы рæ гътæ фæ ззæ джы кæ роныл

Дыккаг хатт ныккарстой.

Кæ сут-ма, лæ ппутæ,

Уый Гаглойты кæ ртмæ

Дыууæ марды ‘рластой.

 

Хæ рæ мигъы тарыл тыхдымгæ нæ хъæ цы, —

Нывзилы йæ кæ мттæ м.

Нæ Иры дзыллæ йæ н сæ хуыздæ р лæ ппутæ м

Æ мхиц у мæ лæ т дæ р.

 

Ныййарæ джы зæ рдæ æ вирхъауы цауæ й

Йæ сагъæ с уромы:

Йæ дыууæ хъæ булæ й кæ цыйыл ыскæ уа,

Гъеуый дæ р нæ зоны.

 

Хъæ риуы хохæ й, дам, зæ йбадæ н рæ стæ джы

Ныззæ й кæ нынц дуртæ;

Сæ хистæ р æ фсымæ р ныббогъ кæ ны, галау:

— Цы фестут, мæ удтæ?

 

Ой, Сунжæ йы хъæ уыл цæ й тыхст бон ныккодта, —

Хæ стæ г уа, æ рвадæ й.

Йæ марой ма хъуысы — æ хсæ в уа йе бон уа, —

Сæ саударæ г мадæ н...

ЗЫМÆ ГОН МЕЛОДИ

Джусойты Леойæ н

Рæ сугъд бон у абон...

Тъæ нджы мæ йы хъызты

Тымыгъы цæ уæ нтыл, —

Дæ лфадæ й-уæ лфадмæ, —

Ныууынæ ргъы сонтау,

Ныффæ йлауы зæ ххыл

Йæ хъуымбыл дзыккутæ

Тæ рс бæ лас...

 

Рæ сугъд у хæ хбæ сты...

Сæ рды мæ йы бонты

Ныррухс вæ ййы дуне

Цъæ х арвы цæ хæ рæ й.

Æ мæ ма дæ гъеуæ д

Цы бахъæ уа уагæ р:

Цъæ йдоны хæ л-хæ лæ й,

Тыгъдбазыр цæ ргæ сæ й,

Хуычъы уа, гæ нгæ лы, —

Дæ разы — дæ минас...

 

Уый рухс цард бæ ргæ уыд.

Ныр мæ нæ мæ разы

Æ лгъыстагау растынц

Нæ рухс царды мæ ргтæ:

Гуырдзиаг —

Дымысдæ р,

Мæ хъхъæ лон —

Гуымыдза,

Æ мæ ма нæ ирæ ттæ й

Бирæ æ взæ ртæ...

 

Цы кæ нон, мæ боныл?

Цырагъау фæ тайы

Мæ цæ стырухс мæ нæ.

Æ вæ джиау бонрухс, —

Хуыздæ рмæ бæ лгæ йæ,

Мæ ингæ ны тарау,

Мæ удыл

Нытталынг!..

ЧЪРЕБА

Фыдбоны бон. Нæ туг кæ лы нæ цæ стæ й.

Уырыссаг хуы, гуырдзиаг калм æ мæ

Ирон уыры æ ркодтой мах æ лгъыстмæ...

Дæ хъаст ма уæ д кæ дæ м хæ ссай,

Кæ мæ?!

 

Нæ аххос — не ‘ууæ нк. Базыдтам нæ бон

Кæ дæ й-уæ дæ й: МÆ ЛÆ Т КÆ НÆ СÆ РИБАР!..

Бæ гъæ ввад саби ивазы йæ ком

Æ мæ зæ гъы: «Цы бон ныккодта Ирыл?»

Нынкъуысы уæ д йæ алывæ рсты зæ хх.

***

Нæ Иры мæ сыг хи дурæ й ныккалд,

Нæ фарн — æ дых, цы уыдзæ ни нæ фæ стæ?!

Фæ ндаг... Фысымтæ... Дугъоны фæ калд,

Хæ цæ нгæ рзтæ æ мæ æ ндæ р бæ ллæ хтæ.

 

Нæ дуг у уый, æ мæ йыл æ з хъæ цын,

Уæ дæ, Хуыцау, кæ мæ цæ уон хъæ стмæ:

Мæ хæ лæ рттæ дæ р нал зонынц мæ зын,

Нæ хид ныккалд: нæ — размæ, нæ — фæ стæ мæ.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.