Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






  • AElig;М МАРТЪИ






    Худæ джы бæ сты

    Ныттар и бон. Æ гъуыз сæ лфынæ г

    Мæ разы цоппæ йттæ кæ ны.

    Ныр уалдзæ г у. Нæ арв æ рныллæ г,

    Æ мæ йæ их цæ ссыг кæ лы;

     

    Кæ д афтæ у, мыййаг, йæ хъуыды:

    Кæ мæ кæ сын æ мæ цæ мæ? —

    Мæ разы судзаджы æ дылы

    Цæ уылнæ ацæ уы хъæ мæ?

     

    Уæ д æ з дæ умæ кæ сын æ нхъæ лмæ,

    Нæ фæ зындзынæ — ма кæ хъаст:

    Кæ йдæ р фæ уыдзæ ни — æ дзæ лгъæ д —

    Ныртæ ккæ дидинджыты баст...

    КЪАДА

    Фæ ззæ г. Митфæ лдзæ гъдæ н. Уары.

    Къада дон кæ ны йæ цыд.

    Иунæ г иу удмæ нæ хъары, —

    Ууыл сау дымгæ хъызыд!

     

    Мæ нæ комрæ бынты, хъавгæ,

    Сусæ г хъарджытæ кæ ны.

    Денджызмæ йæ фынк — æ вгъауаг —

    Тадзгæ -баргæ йæ кæ лы.

     

    Судзы уылæ нтыл, мæ гуырæ г,

    Уый цы бакæ на, бæ гуы! —

    Чи йæ расхойы, — æ гуыдзæ г! —

    Чи йыл, хионау, кæ уы.

    АФРИКÆ ЙАГ ПОЭЗИ КÆ СГÆ ЙÆ

    Уый ды дæ! Бирæ азты фæ стæ

    Æ з хъусын дæ хъæ лæ с

    Фæ сус телефоны.

    Дзур, тагъддæ р-иу дзур,

    Науæ д иу уысм —

    Æ мæ нæ фæ хицæ н кæ ндзысты

    (Йæ аргъ мын фыст нæ у, —

    Æ хца та мæ м нæ й).

    Зæ гъ: нæ хицæ ны фæ стæ,

    Цъæ х арв æ мæ хурау,

    Нæ удтыл кæ й нытталынг

    Дуне...

     

    Ис уарзты къæ сæ рыл

    Æ ртæ дидинæ джы:

    Сæ иу вæ ййы малусæ г,

    Дыккаг — сæ рдыгон æ рыскъæ ф,

    Уыд иннæ,

    Фæ ззыгон фыдтымыгъты дæ р ма

    Йæ уд кæ мæ н тæ лфы,

    Гъе, ахæ м

    Рæ дау хризантемæ...

     

    Нæ хъысмæ ты куывды

    Сæ фыццаг ды уыдтæ,

    Æ рвцæ хæ рау, — малусæ г.

    Уыд иннæ — нæ уарзт;

    Мыдыбындзы базыртау,

    Адджын...

     

    Æ з цы зæ гъон? —

    Мæ фæ ззыгон бонтыл

    Ныффутт кæ ны их дымгæ,

    Фæ лæ, оххай, дæ сурæ т

    Нæ хизы

    Мæ цæ стыты къуырфæ й.

    ХУДÆ ДЖЫ Æ МДЗÆ ВГÆ ТÆ

    Февралы фæ уды у фыды комбæ ттæ н, фыццæ гæ м мартъийы — урсаджы комбæ ттæ н...

    Биазырты Аннæ йы ныхæ стæ й

    Мæ райгуырд уыди

    Фыды комбæ ттæ ны,

    Февралы мæ йы фæ уды

    Æ мæ мартъийы фыццаг бон —

    Урсаджы комбæ ттæ ны.

    Уый худæ г кæ м нæ у:

    Æ з мæ райгуырдæ й

    Ацы хæ рзиуджытыл,

    Æ вæ ццæ гæ н, ком дарын:

    Физонæ г уа, урсагыл, —

    Мæ хи хæ дзары сæ,

    Мæ хи къухæ й — галæ ргæ вст,

    Мæ бинойнаджы армæ й та —

    Иу сой уæ ливых,

    Нæ федтон

    Æ з никæ д.

    Цæ й, уый дæ р та барын Хуыцауæ н,

    Ком дардзынæ н алцы, æ ппæ тыл,

    Фæ лæ мын

    (Ехх, куыд нæ мæ фæ нды!)

    Кæ д бахъуыди, уæ д

    Мæ Иры фыдгулты цæ гъдыныл

    Æ з нал дарын ком!..

    Æ МДЗÆ ВГÆ ЙЫ РАЗМÆ

    Кæ й сайынмæ хъавут, æ нæ уд рæ нхъытæ,

    Фыдрасыгæ й дæ р уыл куы цæ уы мæ бар!..

    Раст цъингуыртау сисут уæ рогми тæ лфынтæ, —

    Йæ чемы ис цуанон, — дæ рзæ г у йæ арм.

     

    Лæ удзыстут та къуымы, æ нæ куырд чызджытау, —

    Фыдуынд æ мæ сабыр. Кæ д уын вæ ййы аргъ!

    Æ ндонмыр хъæ лæ сæ й куы кæ ла зынджытæ,

    Уæ д ничи æ вæ ры йæ хæ рæ гыл саргъ.






    © 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
    Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
    Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.