Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






МЫСТ ÆМÆ ХÆФС






Æ рæ гвæ ззæ джы аргъау

Хъæ у ысхъæ лдзæ г и. Фæ срагъæ й

Хурæ н разынди йæ тæ лы,

Æ мæ, кæ с, нæ комы дагъыл

Судзгæ цæ хæ ртæ ныккалы.

 

Хæ фс ныфсхаст у, мæ нæ дурыл

Аппæ рста йæ хи уæ лгоммæ.

Ис йæ чысыл чызг йæ цуры,

Никæ мæ н нæ кæ сы коммæ.

 

Уæ д тъыллим-мыллимтæ сисы,

Арвырдæ м йæ къæ хтæ тилы:

— Цымæ хурæ й исты риссы,

Бæ стыл рагацау цы зилы?

 

Мыст æ м рауад: — Ныр цы кæ ныс,

Мах фæ рныг цардмæ æ вдæ лы? —

Тагъд — зымæ г, æ мæ нæ къæ сы

Нал цыхт ис, нæ дæ р къæ луа.

 

— Рацагур, цы арыс, уыдон,

Ау, фæ рныг куы у нæ уæ зæ г,

Æ мæ, чи зоны, дæ фæ ллой,

Абон уа йе сом — ысбæ ззой.

 

— Хорз, фæ лæ дæ ма уæ д рохы, —

Загъта мыст, — тызмæ г у рæ стæ г,

Уа мæ цин æ ви фыдохы,

Мауал цу мæ нмæ æ ввæ хсты.

 

— Уый цытæ лæ хурыс, стæ -ма, —

Рабадти йæ дурыл хæ фс дæ р, —

Чи зæ гъы, æ мæ дæ къæ смæ

Æ з фæ цæ удзынæ н лæ гъстæ мæ?

 

Ам мæ нæ н мæ доны хъармы

Алцы — дзаг. Цы дæ нæ уырны:

Дзынгатæ нызмæ лынц тары,

Дурты бын кæ м нæ й уытъырны?

Уæ д ныййазæ лыди ком

Митвæ здæ гæ й æ мæ — кæ с:

Дон æ рбаста ихæ й рон,

Аззади йæ уæ лæ хæ фс.

 

Уазалы ныргъæ вст, мæ гуырæ г,

Æ мæ уæ д йæ чызгмæ дзуры:

— Цу, фæ цу нæ мыстмæ курæ г

Урс гагатæ æ мæ дзулмæ.

 

Зæ гъ: уый базыдта йæ бон,

Нал кæ ны йæ басыл фу-фу,

Æ мæ, дам, — æ рхат æ м, — зон,

Нал уыдзæ ни никуы суфа.

 

Чызг чъызгæ йæ уæ д фæ цыд

Мыстмæ — хуыккоммæ, йæ разы

Мæ нæ — мыст... Цы ма йæ хъуыд,

Удисгæ быры йæ фазыл.

Бады мыст. Йæ фынгыл — зокъо,

Бурбын физонæ г — йæ тæ вдыл,

Æ мæ пъæ ртт кæ ны тамако

Иу къах иннæ йыл æ вæ рдæ й.

 

Къуым — æ фснайд, дзæ нæ тау, хъарм у.

Ис йæ разы телевизор,

Уый йын диссæ гтæ æ вдисы...

У фæ рныг йæ бон, йæ изæ р.

 

— Мидæ мæ, кæ м дæ, мæ сыхаг?

Тас æ рцу, æ рбад мæ фарсмæ.

Уый дæ хи æ хсыс цæ ссыгæ й,

Ау, цы дæ бафтыдта тасы?!

 

— Табу дын кæ нын дæ хицæ н,

Бауадз нæ чысыл дæ къæ смæ,

Нал нæ м ис хæ ринаг ницы,

Мæ нæ уазалы ыскъуыйæ м.

 

— Хорз, уæ дæ. Фæ дзур дæ мадмæ.

Де ‘фсæ рмæ й кæ нын æ з разы,

Науæ д, куыст кæ мæ н нæ у адæ н,

Ахæ мты, мæ хур, нæ уарзын!..

НЫСТУАН МÆ КÆ СТÆ РМÆ

Нæ й искæ й зондæ й зонд, фæ лæ уæ ддæ р

Ды хъуамæ зонай: царды цин, йæ зынтыл

Куыд хъуыды кодтой разагъды лæ гтæ,

Цы хæ рзтæ м-иу бæ ллыдысты сæ фынты.

 

Нæ лгоймаг уа, сылгоймагæ й... Уый раджы

Йе æ рæ джы уыд — нæ кæ ны ивгæ

Нæ цæ угæ цард. Æ дзух вæ ййы йæ равджы,

Цæ уой йыл азтæ цъусдуг уа йе — мингай.

 

Нызгъæ лы хох. Ныззаууат и цæ угæ дон,

Йæ кæ сæ гтæ фæ лыгъдысты, кæ дæ м

Æ мæ цæ мæ н, гъеуый нæ зоны, —

Фæ тæ хынц мæ ргътæ цардхæ ссæ г хъæ дæ й...

 

Æ мæ уæ д цу, æ мæ дæ фæ ндаг агур...

Дæ уарзт фæ ци. Дæ нæ ргæ зард — цæ ссыг.

Цы-ницытæ кæ нынц дæ удыл дам-дум,

Дæ фæ рныг зард, дæ иугъæ дон рыстыл.

 

Фæ лæ та раст, — лæ мæ гъæ н ничи бары, —

Куы йæ уарза фæ рныг, уæ ддæ р — рæ стæ гмæ,

Æ мæ -иу ма кæ с а сау зæ ххы цъарыл

Куыдзау — ыстæ гмæ!






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.