Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 7 страница






— Рынчоындоны сæ йраг дохтыр, йæ алыварс цы цæ уы, уый нæ зоны? Йæ кусджытæ æ хца кæ й исынц, уый йын сусæ гдзинад у? Алцыдæ р тынг хорз зоны. Кæ д нæ зоны, уæ д та йæ хъуамæ зонид. Хъарм, фæ лмæ н къæ лæ тджын бацахс, æ ндæ р дзы ницы хъæ уы, — дзуры Азæ.

— Алцыдæ р тынг хорз зоны, фæ лæ дзы, æ вæ ццæ гæ н, йæ хæ дæ г дæ р хайджын у æ мæ йæ хи ницызонæ г скодта. Кæ саг сæ рæ й æ мбийы.

— Тынг раст зæ гъыс, тынг раст. Æ ниу республикæ йы разамынд, республикæ йы цы цæ уы, уый нæ зонынц? Тынг хорз æ й зонынц. Бæ стæ йы разамынд, бæ стæ йы цы цæ уы, уый нæ зонынц? Тынг хорз æ й зонынц.

— Зонынц, зонынц, Азæ. Тынг раст æ й загътай: кæ саг сæ рæ й æ мбийы. Фыццаг давджытæ, фыццаг стигъджытæ, фыццаг гæ ртамхортæ уæ лдæ р хицауад сæ хæ дæ г сты. Æ мæ дын халон халоны цæ ст къахы? Куыд нæ! Мæ нæ бæ стæ куыд бабын и! Мæ нæ адæ м куыд фесæ фтысты! Мæ нæ куыд бабын стæ м! Мæ нæ паддзахад куыднæ уал и!

— Бабын стæ м, бабын. Закъон нал и, æ фсарм нал и æ мæ дын Темыры чызг Фатимæ йы хуызæ ттæ мæ гуыр адæ мы цæ уыннæ стигъой? Сæ рохтæ хъуамæ цæ уыннæ суадзой? Уæ дæ... — Азæ йæ ныхас æ рдæ гыл фескъуыдта æ мæ æ рмæ ст йæ сæ р нæ, фæ лæ ма йæ гуыр дæ р фæ стæ мæ разылдта æ мæ... Æ мæ Жаннæ йы уæ нгты уазал риз ацыд: цæ мæ й тарст, уый æ рцыд. Сылгоймаг æ й цыма йæ сæ рæ й къæ хтæ м басгарынмæ хъавы. Йæ цæ стытæ дзы ныссагъта. Йæ цæ стытæ й йæ хуынчъытæ кæ ны. Ох, Жаннæ цæ мæ н сбадт ацы автобусы, фæ лтау абон горæ тмæ куынæ ацыдаид. Фæ лтау...

Сылгоймаджы тæ нæ г былтæ базмæ лыдысты:

— Ды, ды... — йæ цæ стытæ дзы ноджы тынгдæ р ныссагъта. — Ды Темыры кæ стæ р чызг нæ дæ?

Жаннæ бандзыг, цы зæ гъа, уымæ н ницы зоны, йе ’взаг бахус. Ох, мæ нæ удæ гасæ й зындонмæ куыд бахауд.

— Темыры кæ стæ р чызг нæ дæ? — ногæ й та йæ фæ рсы сылгоймаг. Ацы хатт ноджы барджындæ рæ й, хъæ рдæ рæ й, цыма Жаннæ йæ цуры цыдæ р аххосджын у, цыдæ р дзы дары. Æ мæ чызг къæ згæ, йæ улæ фт къуыхцы кæ ны, афтæ мæ й дзуапп радта:

— Темыры кæ стæ р чызг дæ н.

— Базыдтон дæ. Раджы кæ ддæ р дæ федтон, фæ лæ дæ уæ ддæ р базыдтон. Автобусмæ куы схызтæ, уæ дæ й фæ стæ мæ мæ хинымæ р ууыл хъуыды кодтон, — фæ хъæ лдзæ гхуыз сылгоймаджы цæ сгом, алцыдæ р йæ зæ рдыл куыд хорз дары, куыд ницы дзы рох кæ ны, уый тыххæ й йæ хицæ й разыйæ баззад. Жаннæ бамбæ рста: Азæ, рынчындонмæ куыд бахауд, Фатимæ имæ куыд сæ мбæ лд, уый, кæ д йе ’мбал усæ н дзырдта, уæ ддæ р Жаннæ мæ арæ зт уыд; уадз, Темырæ н цы чызг и, уадз, Жаннæ йæ н цы хо и, уый уыдон дæ р æ мæ адæ м дæ р зонæ нт. Фатимæ йын æ нæ нхъæ лæ джы цы зын, цы маст скодта, уый йæ риуы сцæ нд æ мæ йын дуæ рттæ байтыгъта.

Азæ Жаннæ мæ куыд каст, афтæ йæ м кæ сы, йæ цæ стытæ дзы нынныхстысты. Иу уысм дзы йæ цæ стæ нгас иуварс куы аскъæ фид æ мæ... æ мæ йæ сылгоймаджы цæ стытæ уæ гъд нæ уадзынц. Йæ тæ нæ г былтæ та базмæ лыдысты, æ мæ та Жаннæ йы буары уазал риз ацыд. Куы сыстид æ мæ фæ сте искæ м куы слæ ууид, æ мæ базмæ лыд, фæ лæ йæ сылгоймаджы цæ стытæ слæ ууын нæ уадзынц.

— Уæ дæ Фатимæ дæ хо у?

— Мæ хистæ р хо.

— Куыд дохтыр, афтæ арвæ й стъалытæ дæ р скъæ фæ д, фæ лæ, йæ хи æ хцайы уацайраг чи бакодта, уый хорзæ й никæ д ницы сараздзæ н. Мæ гуыр рынчынты чи стигъы, ууыл уыцы æ хцатæ нæ бахæ цдзысты, иубон ыл æ ртæ фсдзысты. Йæ уæ здан фыд æ мæ мады фегад кодта. Афтæ, гъе. — Сылгоймаг цæ хгæ р размæ фæ зылд, ома мæ зæ гъинæ гтæ загътон.

Жаннæ сыстад. Афтæ йæ м кæ сы, ныртæ ккæ та йæ м Азæ разилдзæ н æ мæ йæ адæ м иууылдæ р куыд хъусой, афтæ Фатимæ йы кой ногæ й хъæ рæ й райдайдзæ н. Æ мæ чызг йæ хи цы фæ кæ на, уымæ н ницыуал зоны. Диссаг, ацы ус Темыртæ н сæ химæ куыд не ссыд æ мæ йæ хъæ стытæ куыд нæ фæ кодта? Йæ хи куыд баурæ дта? Жаннæ йæ н куы ницыуал зæ гъид, Жаннæ ма исты хуызы ацы автобусæ й куы аирвæ зид. Æ мæ чызг акъахдзæ ф кодта, хъæ угæ рон рахиздзæ н, фынддæ с-ссæ дз минутмæ сæ химæ ныххæ ццæ уыдзæ н.

— Шофыр, бауром-ма.

— Æ мæ автостанцæ йы куы рахизæ й, уæ д дын хæ стæ гдæ р нæ уыдзæ н? Дæ лдæ р куы цæ рут, — йæ хи йыл æ рбаппæ рста сылгоймаджы æ фсæ йнаг хъæ лæ с. Жаннæ — ахизынæ ввонг. Нæ! Уæ ддæ р ма йын хъуамæ Азæ исты зæ гъа.

— Ам мæ мæ зонгæ мæ цыдæ р хъуыддаг и, — автобусы дуар куыд æ рæ гмæ гом кæ ны, исты хуызы ма æ ддæ мæ куы аирвæ зид. Дуар байгом.

— Фатимæ йæ н-иу мæ нæ й саламтæ ратт, — дуары хъинц æ мæ сылгоймаджы хъæ лæ с сиу сты, æ мæ Жаннæ ныккæ рзыдта: кæ д цæ фæ й нæ мæ лыс, уæ д дын уый та — рæ хуыст. Уæ ддæ р кæ й раирвæ зт, цыма цъымарайы аныгъуылд, цыма йыл æ хсæ нтæ дон калдæ уыд, æ мæ ныр æ нцонæ й, æ хсызгонæ й сулæ фыд. Ацы автобусы сбадыны бæ сты фæ лтау горæ тæ й сæ химæ фистæ гæ й фæ цыдаид, кæ й ма дзы раирвæ зт. Йæ зæ нгтæ цыдæ р лæ мæ гъ, цыдæ р æ нæ хъару сты. Фæ ндаггæ рон уал абадид æ мæ... Æ мæ йæ афтæ бадгæ чи фена, уый цы банхъæ лдзæ н?

Чызг фезмæ лыд.

 

31-æ м августмæ ма баззад 22 боны.

9-æ м август. Хуыцаубон. 2009 аз

Жаннæ куыд хъуыды кодта, афтæ рауад: Темырæ н йæ райгуырæ н бон цы телефон балæ вар кодта, уый фæ цыдæ р, зæ ххы скъуыды ныххауд. Æ мæ йæ æ мбæ рста, телефон йæ фыдмæ бирæ рæ стæ г нæ бафæ стиат уыдзæ н, фæ лæ цы нæ вæ ййы. Бинонтæ й йæ иу дæ р нæ агуры: цы фæ ци, уый зонынц. Æ рмæ стдæ р æ й агуры Аслан.

— Папæ, цæ хæ радоны цыдæ ртæ фæ кусыс æ мæ дын кæ д уым ахауд, — лæ ппу цæ хæ радонмæ ацыд. Жаннæ йæ хи тыххæ й уромы. Асланыл дæ хъæ лæ сыдзаг ныхъхъæ р кæ н, фæ лæ... Мад, фыд æ мæ чызг. Ничи сæ ницы дзуры, чи æ дзæ мæ й бады, чи æ дзæ мæ й лæ ууы. Фæ лæ дзы чи цæ уыл хъуыды кæ ны, уый иннæ зоны. Дæ лæ мæ дæ р æ мæ уæ лæ мæ дæ р — телефон. Сæ цард уымæ й аразгæ нæ у. Фæ лæ... Дæ фыды телефон адав. Дæ сæ рмæ уый æ рхæ сс. Цæ мæ ’рхауы адæ ймаг, цæ мæ! Ахæ м ныллæ г дæ хи æ руадз. Дæ бинонтæ дæ сæ дзаумæ ттæ гуыдырæ вæ рдæ й дарæ нт.

Аслан цæ хæ радонæ й æ рбацыд æ мæ, цыма тынг тыхст у, афтæ куы иуырдæ м акъахдзæ ф кæ ны, куы иннæ рдæ м.

— Фæ цагуырдтон æ мæ никæ м ницы. — Темырмæ ахæ м каст бакодта, цыма, телефон кæ м и, уый базыдта, ныртæ ккæ йæ райсдзæ н æ мæ йæ м æ й ратдзæ н. — Папæ, цæ хæ радоны нын цы туалет и, кæ д уырдæ м бацыдтæ æ мæ дын уым ныххауд, — æ мæ бахудт. Мад, фыд æ мæ чызг кæ рæ дзимæ бакастысты. Темыр йæ цæ стытæ уæ рæ х байгом кодта æ мæ Асланмæ нымдзаст, цæ стытæ сæ химидæ г зилынц, йæ маст йæ цæ стытæ й кæ лы. Жаннæ йæ м бацыд, йæ фарсмæ ’рбадт:

— Папæ, уыцы телефон ницы у, балхæ ндзыстæ м та.

— Ныхас телефоныл нæ у. Уымæ й æ взæ рдæ р ма цы уа: дæ хæ дзарæ й дав, дæ алы акъахдзæ фмæ дæ р дын кæ сæ нт, бинонтæ дæ сæ хи хъахъхъæ нæ нт. О, уæ -уæ й, гъе. — Темыр йæ сæ рыл бæ рзонддæ р схæ цыд. Асланмæ бадзагъул кодта. — Лæ ппу, уыцы телефон цы фæ ци?!

— Æ мæ йын æ з цы зонын? Мæ нæ й йæ цы агурыс? — цыма Темыры ныхас уымæ æ ппындæ р ницы бар дары, фыд уыцы мæ стджынæ й уымæ нæ дзуры, ахæ м хъæ лæ сæ й зæ гъы Аслан. —

Цæ й, æ з уал æ ддæ мæ акæ сон, — æ мæ фæ цæ уы, уынгмæ ахызт.

— Амæ л, уый се ’ппæ тæ й хуыздæ р у, бæ ргæ, — йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд фыд. Йæ улæ фт — хъæ рзæ гау, йæ риуы хæ рхæ р хъуысы.

— Папæ, цытæ дзурыс.

Темыр æ дзæ мæ й бады. Хорз нæ, фæ лæ тынг хорз æ мбары Жаннæ йæ фыды. Бафæ ллад. Сфæ лмæ цыд. Уд хъизæ мар куы кæ на, уæ д цард ад нал кæ ны. Æ мæ уый Жаннæ дæ р зоны. Йæ хи удæ й. Йæ хи буарæ й. Æ мæ йын искæ д кæ рон уыдзæ н? Уыдзæ ни... Уыдзæ ни... Цыдæ р æ хсызгонæ й сулæ фыд чызг. Нæ! Нæ сулæ фыд. Зæ рдæ мæ рухс нæ кæ лы. Йæ химидæ г ын цыдæ р нæ фаг кæ ны, цыдæ р сагъæ ссаг æ нкъарæ нтæ та йæ цух нæ уадзынц. Фæ лæ цы, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ зоны.

Æ мæ та Жаннæ йы цæ стытыл Темыры райгуырæ н бон ауад. Вадим дæ р æ мæ Фатимæ дæ р сæ бинонтимæ сæ фæ рныг хæ дзæ рттæ м афæ ндараст сты. Æ ризæ р. Æ рæ хсæ в. Фæ лæ Аслан зынæ г нæ ма и. Æ мæ бинонтæ, карк æ фтуанхъæ дыл куыд бада, афтæ бадынц, рæ дзæ -мæ дзæ кæ нынц. Уад та мад æ мæ фыдæ й сæ иу куы афынæ й кæ нид, стæ й та сæ иннæ. Фæ лæ нæ! Æ мæ æ ркув-æ ркув кæ нынц!

Рæ стæ г æ мбисæ хсæ вæ й ахызт, афтæ Аслан фæ зынд. Æ рбакъахдзæ ф кодта, æ мæ йæ фыццаг æ рбакъахдзæ фæ й бæ рæ г у: укол та скодта. Цыма æ рдæ гфынæ й у, йæ цæ стытæ й тыххæ й кæ сы, фæ цуды, йæ къæ хтæ тыххæ й исы.

— Гос... Господатæ, куыд... куыд ацыд бæ рæ г... бæ рæ гбон, — Аслан йæ æ рдæ гцъынд цæ стытæ фыд, мад æ мæ Жаннæ йыл ахаста. Уыцы хъылмайæ укол куы скæ ны, уæ д йе ’взаг йæ коммæ нал фæ кæ сы, ныссуйтæ вæ ййы, къæ зæ нæ г ыл бахæ цы.

Жаннæ йе ’фсымæ рмæ йæ хи тыххæ й уромы. Фæ лæ йæ хиуыл ныххæ цыд: ахæ м уавæ ры Асланимæ фæ нды дзур, фæ нды ма — дон хиды бынты.

Аслан дыдæ гътæ кæ ны, фæ цуды, куы ахауа æ мæ йæ хи куы ныццæ ва. Темыр æ м разылд æ мæ йæ м дзуры:

— Ацу æ мæ бафынæ й кæ н.

— Куы мæ фæ нда, уæ д.... уæ д бафынæ й... бафынæ й кæ ндзынæ н. Уый... уый мын амон... амонын нæ хъæ уы, — йæ æ рдæ гцъынд, мигъбадт цæ стытæ фыды ныссагъта, къæ йных, ракæ нон каст æ м кæ ны.

— Аслан, ацу, баулæ ф. — Темыр сыстад.

— Папæ, ды...ды мын бул... булкъон нæ дæ, æ з... æ з дæ салдат нæ дæ н, æ мæ... æ мæ мын бардзырдтæ ма дæ тт, — Темыр хъуамæ сæ уатмæ ахиза, фæ лæ йæ мидбынат лæ ууы, йæ цæ стытæ уæ лæ мæ нал исы. Цы кæ на? Бæ рæ гбон, Темыры райгуырæ н бон, æ мæ бинонтæ хъуамæ хъæ лдзæ г æ мæ зæ рдæ рухс уой, уыдонæ н та... Чызг йæ химидæ г тыхсы. Йæ зæ рдæ афтæ сонт гуыпп-гуыпп скæ ны, æ мæ йæ м ницыуал фæ хъуысы. Æ ппынфæ стаг йæ хи нал баурæ дта:

— Аслан, худинаг дын нæ у, дæ фыдимæ цы ’взагæ й дзурыс?

— Жаннæ мæ афтæ кæ сы: йæ хъæ лæ с у карз æ мæ æ нæ хатыр, суанг æ нæ уынон. Æ дзух йемæ уыцы фæ лмæ н ныхас кæ нынц, уæ дæ кæ д бамбарид, кæ д æ рзæ ххон уаид, уый та бонæ й-бонвыддæ р кæ ны, цъымарайы арфæ й-арфдæ р ныгъуылы.

— Æ з... Æ з никæ й хъыг... хъыгдарын. Æ мæ мæ н дæ р мачи... мачи хъыгдарæ д. О.

— Æ мæ дæ чи хъыгдары? Папæ йæ н дæ р, Мамæ йæ н дæ р, нæ бинонтæ й дын алкæ мæ н дæ р йæ зæ рдæ зæ гъы æ рмæ стдæ р хорздзинад. Цæ мæ й, æ ппынфæ стаг, царды раст фæ ндагыл æ рлæ ууай. Дæ хи дæ р æ мæ бинонты дæ р фæ худинаг кодтай, дæ хи цард дæ р æ мæ нын нæ бинонты цард дæ р ныссуйтæ кодтай.

— Æ з никæ... никæ йы худинаг кæ нын. Æ з... æ з хорз цæ рын, куыд... куыд мæ фæ нды, афтæ... афтæ цæ рын, — Аслан фæ цуды, исты хуызы йæ сынтæ гмæ куы бахæ ццæ уаид. Йемæ дзæ гъæ лы дзурынц. Фæ лæ та уæ ддæ р хо нæ фæ лæ ууыд:

— Дæ у тыххæ й Мамæ æ мæ Папæ сæ хи хуызæ н нал сты, алы æ хсæ в сæ æ гъуыссæ г кæ ныс, сæ цард сын ад нал кæ ны.

Аслан йæ сæ рыл схæ цыд, йæ æ рдæ гцъынд цæ стытæ байгом кодта æ мæ бахудт. Тыххудт. Кæ нгæ худт. Мадмæ разылд:

— Æ мæ... Æ мæ æ з, ды... ды мæ н тыххæ й æ гъуыссæ г æ хсæ в... æ хсæ втæ æ рвитыс, уый... уый куынæ зыдтон, — æ мæ та ныххудт. Ацы хатт хъæ рдæ рæ й, мæ стджындæ рæ й. Ныр та Жаннæ мæ разылд æ мæ йæ м кæ сы: — Уый... Уый дæ уæ н и мад, мæ нæ н... мæ нæ н мад нæ й. Æ з... æ з сидзæ р дæ н. Æ з иунæ г... æ з иунæ г дæ н.

Маринæ æ нæ дзургæ йæ куыд лæ ууыд, афтæ лæ ууы, йæ сæ р ноджы ныллæ гдæ р æ руагъта. Чызг æ м бацыд. Нæ. Нæ йæ ’рбахъæ быс кодта: йæ фарсмæ слæ ууыд. Уый йæ м æ рбакаст, фæ лмæ н каст. Дыууæ йæ дæ р кæ рæ дзийы æ мбарынц: иумæ сты сæ зæ рдæ тæ, иу у сæ рис.

Аслан Жаннæ мæ бакъахдзæ ф кодта, цыдæ р сæ рæ н къахдзæ ф, йæ уæ хсчытыл ын йæ къухтæ æ рæ вæ рдта æ мæ йын йе ’нгуылдзтæ й йæ уæ хсчытæ æ рбалхъывта. Тынг, афтæ тынг, афтæ æ нæ хатырæ й, æ мæ рис йæ буары апырх. Йæ хи нæ атыдта, уæ д дзы, æ вæ ццæ гæ н, йе ’нгуылдзтæ нынныхстаиккой. Æ мæ Жаннæ ахъуыды кодта: «Тихалæ джы хуызæ н у, дзой-дзой кæ ны, йæ къæ хтыл тыххæ й лæ ууы, уæ д йæ къухты уыйбæ рц тых кæ цæ й февзæ рд?»

Жаннæ Асланы къухтæ й феуæ гъд, фæ лæ дзы йæ цæ стытæ ноджы тынгдæ р ныссагъдысты. Æ мæ уый йе ’фсымæ рæ н æ взæ рæ й цы ракодта?..

— Уый... Æ мбарыс? Дæ у аххосæ й... Дæ у аххосæ й фестæ м æ нæ мад.

Чызг æ дзæ мæ й лæ ууы. Цал хатты фехъуыста ацы ныхæ стæ, куы Вадимæ й, куы Фатимæ йæ, куы Асланæ й. Уæ лдай арæ хдæ р та сæ фæ стаг рæ стæ г хъусы, фæ лæ сыл нæ ахуыр кæ ны, зæ рдæ йы ныхсынц. Йæ хъустæ йæ къухтæ й амбæ рзта, фæ лæ уæ ддæ р гыбар-гыбур хъуысы, цыма арв нæ ры, цыма арв ферттивы æ мæ се ’хсæ н Асланы хъæ лæ с райхъуысы. Аслан аууоны хуызæ н йæ цурæ й фæ цæ уы. Фæ цæ уы разыйæ: йæ зæ гъинаг та загъта æ мæ сæ рыстыр у йæ хицæ й, стыр хъæ батырдзинад равдыста. Схуыссыд æ мæ райсом сихормæ йе ’нгуылдз дæ р нæ базмæ лдзæ н. Фæ лæ Темыр та?.. Маринæ та?.. Жаннæ, гъа, цыфæ нды дæ р кæ нæ д. Уымæ н уæ лдай нал у.

Мад æ мæ фыд сæ уатмæ ацыдысты. Схуыссыд Жаннæ дæ р, фæ лæ йæ м хуыссæ г æ мгæ рон нæ цæ уы, цыма Асланы æ нæ ууылд, æ нæ рхъуыды ныхасæ й фæ тарст æ мæ дард кæ дæ мдæ р алыгъд.

Чызг куы йæ иу фарсыл æ рхуыссы, куы иннæ уыл, баз бæ рзонд сæ вæ ры æ мæ йыл йæ хи фæ стæ мæ ауадзы, фæ лæ цæ стытæ бацъынд нæ комынц. Чи у? Чи у Жаннæ?.. Цæ ры æ мæ цы? Цæ мæ н хъуыд?..

Аслан цал æ мæ цал хатты ныццæ лхъ кодта: Жаннæ йы аххосæ й фенамонд. Æ мæ Жаннæ та йæ хицæ н æ нцад-æ нцонæ й цæ ры. Уый куыд раст у?

Чызг йæ цæ стытæ бацъынд кæ ны, хуыссæ г æ м йæ хи ивазы, йæ быны йæ ануæ рдынмæ фæ хъавы, фæ лæ та фестъæ лфы, йæ химидæ г хæ рдмæ фæ хауы. Йæ хицæ н фæ зæ гъы: «Ницæ уыл хъуыды кæ нын. Æ ппындæ р ницæ уыл хъуыды кæ нын!» Фæ лæ та йыл хъуыдытæ æ рбакæ лынц, æ ртыхсынц ыл. Æ мæ йæ хи дæ р æ мæ Асланы дæ р фзерсы: Мад, хи мад кæ мæ н и, ахæ м лæ ппутæ æ мæ чызджытæ й уыцы хъылмайы амæ ттаг иу æ мæ дыууæ фæ ци? Гъа, Аслан Жаннæ йы аххосæ й фæ рæ дыд. Фæ лæ мад кæ мæ н и, уыдон та кæ й аххосæ й фæ рæ дыдысты? Жаннæ йы? Сæ бинонты æ хсæ н цыддæ риддæ р æ взæ рæ й цæ уы, уым аххосджын у иу адæ ймаг — Жаннæ. Тагъд, республикæ йы æ мæ æ нæ хъæ н паддзахады дæ р æ взæ рæ й цы цæ уы, уыдон дæ р уыдзысты уый аххос. Адæ м давын æ мæ гæ ртам исыныл систы, æ хца æ мæ исбоны тыххæ й кæ рæ дзийы цæ гъдынц æ мæ уый дæ р Жаннæ йы аххос у, Темыры кæ стæ р чызг Жаннæ йы аххос. Æ мæ цы кæ на? Адæ ймагæ н йæ райгуырд йæ хицæ й аразгæ нæ у, фæ лæ йæ цард та?.. Уый йæ хицæ й кæ нгæ нæ у? У! У! Æ мæ кæ дмæ хъизæ мар кæ ндзæ н? Кæ дмæ удхар кæ ндзæ н? Стъæ лф сæ вæ рын афон нæ ма у?.. У!

Нæ й, Жаннæ йы хуыссæ г нæ ахсы. Исты хуызы куы афынæ й уаид. Райсом та фæ хты хосты хуызæ н уыдзæ н. Сæ рдыгон хъарм райсом, сæ рдыгон тæ вд бон, фæ лæ æ ргъæ вст цъиумæ дæ р бакæ с æ мæ уымæ дæ р.

Чызг йæ цæ стытæ бацъынд кодта æ мæ йæ химидæ г нымайы. Кæ д афынæ й уаид. Хуыссæ г æ м æ мгæ рон нæ цæ уы. Æ лгъыст... Иуæ й-иуты Хуыцау гуырдзæ й ралгъиты. Æ мæ Жаннæ дæ р уыдонæ й у. Æ мæ хъуамæ цæ рæ нбонтæ м æ лгъыстæ й фæ цæ ра? Æ мæ хъуамæ цæ рæ нбонтæ м уыцы ном фæ хæ сса?.. Æ вæ ццæ гæ н, æ цæ гдæ р, хъуамæ ацы дунемæ ма фæ зындаид, ацы дунейæ н у æ цæ гæ лон. Æ мæ тагъд æ цæ гæ лон никæ мæ нуал уыдзæ н.

Исты хуызы куы афынæ й уаид æ мæ... Бон æ рбацъæ хтæ. Ныр хуыссæ г боны фыццаг рухс тынтимæ бынтондæ р алидздзæ н.

Ног бон та райдыдта.

 

31-æ м августмæ ма баззад 21 боны.

10-æ м август. Къуырисæ р. 2009 аз

Жаннæ йе стъолы тдур бады. Ручкæ йæ къухы, урс гæ ххæ тты сыфмæ æ дзæ мæ й кæ сы. Дæ хнмæ йæ ’рбахæ стæ г кæ н æ мæ фысс. Дамгъæ мæ дамгъæ æ фтау æ мæ дзырд райгуырд. Æ вæ ццæ гæ н, йæ сæ р сафтид, дымгæ дзы зилдух кæ ны æ ви йæ химидæ г ныддур æ мæ йæ м ницыуал хъары. Фыццаг хъуыдыйæ дтæ, фыццаг дыууæ -æ ртæ фразæ йы куы ныффыссид, уæ д уыдон иннæ хъуыдыйæ дты сæ фæ стæ ласиккой, — сæ хигъдауæ й гуыриккой, æ мæ сæ кæ рæ дзиуыл ныхас; удхар нал кæ нид.

Нæ й, фыссын æ м нæ цæ уы. Гæ ххæ тты сыфыл иуварс ахæ цыд, ручкæ баппæ рста. Йæ хицæ н тыхми нæ кæ ндзæ н. Тыхбегара йыл ис? Сæ рмагонд хæ с ыл нæ й.

Компьютер. Куы ручкæ йæ фæ фыссы, куы компьютерыл. Цæ мæ н, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ зоны. Цыдæ р æ рмæ джытæ фыссы ручкæ йæ, цыдæ р æ рмæ джытæ — компьютерыл. Ныр æ й сæ иу дæ р нæ хъæ уы. Ницы йæ ’ндавы.

Мæ й дæ р æ ххæ стæ й нал баззад, æ мæ фæ ззæ г ралæ удзæ н. Ныридæ гæ н дæ р йæ тæ ваг фæ зынд. Æ мæ та район йæ зæ ххытæ й уыйбæ рц бæ ркад сисдзæ н, уыйбæ рц, æ мæ сын хордæ тты ныккæ нæ н нал уыдзæ н! Фæ дис кæ нæ м: иу адæ ймаджы хыгъдмæ зæ хх махæ й къаддæ р никæ м и. Кæ д ма Мæ скуыйы. Æ мæ уый тыххæ й нæ удæ й арт цæ гъдæ м, нæ зæ ххытæ й хъуамæ иу квадратон метр дæ р æ гуыстæ й ма баззайа, ма фесæ фа, æ хсæ в-бон нæ зонæ м. Фæ ндагыл цæ уыс æ мæ йæ фæ йнæ фарс быдыртæ хæ мпæ л æ мæ хъамылы бын фесты, зæ рæ стон зæ ххытæ фылдæ рæ й-фылдæ р кæ нынц. Афтæ мæ й нæ риутæ хойæ м: мах хуызæ н кусаг, фæ ллойуарзаг адæ м нæ й, мах хуызæ н йæ зæ хх ничи уарзы! Æ мæ хæ мпæ л æ мæ хъамылы бын уый тыххæ й фесты? Зæ рæ стонæ й уымæ н баззадысты? Цы ’рцыд нæ адæ мыл? Кусын нал зонæ м æ ви нæ кусын нал фæ нды? Цыдæ р, цыдæ р бæ ллæ х ныл æ рцыд, фæ лæ цы?.. Суанг сæ сыхы, сæ хъæ уы дæ р бирæ тæ сæ цæ хæ радоны гæ ппæ лтæ нал кусынц. Æ мæ уыдонæ н та чи у аххосджын?

Жаннæ цалдæ р хатты фыста ацы фарстайы фæ дыл. Æ мæ ма ноджыдæ р ныффысдзæ н. Кæ д йæ фæ дисы дзæ нгæ рæ г искæ мæ фехъуысид. Иу адæ ймагмæ уæ ддæ р. Нæ. Нал ныффысдзæ н. Фæ стаг хатт цы æ рмæ г ныффыста, уый газеты куы рацыд, уæ д æ м йе ’мбал æ рбакаст æ мæ загъта:

— Хатгай мæ м сывæ ллоны хуызæ н фæ кæ сыс. Ныртæ ккæ ма куысты тыххæ й чи фыссы. Уыцы рæ стæ джытæ ацыдысты. Кæ й ма хъæ уы куыст, фæ ллой?

Жаннæ йæ м ницы сдзырдта. Уый афтæ нæ хъуыды кæ ны. Дауыт, сæ газеты редактор, уый дæ р афтæ нæ хъуыды кæ ны.

Чызг æ нцад бады. Чидæ р йæ цурмæ æ рбацыд. Жаннæ йæ м разила æ мæ йæ м скæ са, уымæ зивæ г кæ ны. Æ вæ ццæ гæ н, йæ редактор Дауыт, исты æ рмæ г ныффыссын ын бахæ с кæ нынмæ хъавы. Æ мæ Жаннæ ныртæ ккæ у, исты мигæ нæ нæ й дон куы рауадзай, уæ д уый куыд сафтид вæ ййы, афтæ. Фыссын нæ, фæ лæ йæ м гæ ххæ тты сыфмæ бакæ сын дæ р нæ цæ уы.

Аууон. Адæ ймаджы аууон йæ цуры æ рлæ ууыд, хæ рз хæ стæ г, æ мæ йæ м Жаннæ разылд. Уый... Уый... Æ хсар?.. Æ мæ кæ цæ й фæ ци? Куыд æ рбацыд? Чызг цыдæ р уысм йæ мидбынат æ дзæ мæ й баззад. Йæ куыстмæ йæ м æ рбацæ удзæ н, уый æ нхъæ л нæ уыд. Чызг сыстад, йæ бандоныл иуварс ахæ цыд.

— Кæ цæ й фæ дæ?

— Æ рбауадтæ н, зæ гъын, уæ редакци уын фенон.

Æ хсар йæ химидæ г, æ вæ ццæ гæ н, иу æ мæ дыууæ хатты нæ ахъуыды кодта: Жаннæ мæ йæ куыстмæ бацæ уа æ ви нæ? Аив уыдзæ н? Фæ лæ та-иу фæ къуылымпы: чызджы æ бæ лвырд ныхас ын йæ ныфс саста. Уый та, æ фсармджын, уæ здан лæ ппу æ мæ... Æ вæ ццæ гæ н, абон йæ хицæ н фидарæ й скарста: бацæ удзæ н, абон ын Жаннæ йы æ нæ фенгæ нæ й. Æ мæ цымæ цы зæ рдæ йæ æ рбахызт редакцийы къæ сæ рæ й? Жаннæ йы кусæ нуаты дуары цур цы зæ рдæ йæ æ рлæ ууыд?






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.