Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 9 страница






Ме ’мкусæ г мæ м диссаг каст: йæ цæ сгом бынтондæ р суагъта? Æ фсарм бынтондæ р нал и? Кæ д, мыййаг, æ цæ гдæ р бауарзта. Æ мæ бауарзæ д. Æ мæ уæ д хъуамæ дæ зонд фесафай? Цы кæ ныс, ууыл ма хъуыды кæ най? Уæ дæ æ з та афтæ зæ гъын: уым уарзондзинадæ н йæ кой-йæ хъæ р дæ р нæ уыд. Уый уыд хиуарзон сылгоймаджы хиуарзондзинад. Æ нæ домд сылгоймаджы æ нæ домд ивылд æ нкъарæ нтæ. Сылгоймаг хæ йрæ г у; сфæ нд кодта, уæ д ын бауромæ н нæ й. Æ мæ Таня хъуамæ йæ бæ ллиццаг фæ нд цæ уыннæ сæ ххæ ст кæ на? Йе ’мкусæ г, йæ хицау Ларисæ йæ цæ мæ й æ взæ рдæ р у? Йæ цардæ мбалимæ йын хъуамæ цæ уыннæ сæ мбæ ла? Уæ д та иу æ хсæ в. Уæ д та цалдæ р сахаты. Æ мæ уыдзæ н амондджын, тынг амондджын.

Сылгоймаг йæ цæ сгом куы суадза, уæ д ын уæ лдай нал у, уæ д ын бауромæ н нæ й. Æ ндæ р ма-иу Таня куыстмæ куыд æ рбацыд? Ларисæ йы бакомкоммæ -иу йе стъолы фарсмæ куыд сбадт? Куы-иу фæ комкоммæ сты, уæ д-иу æ фсæ рмæ й не ссыгъд? Фæ лæ уый, æ фсæ рмы цы у, уый нæ зоны. Æ ндæ р исчи уый бынаты йæ куыст ныууагътаид. Фæ лæ — нæ, Таня уыдонæ й нæ у.

Алцæ мæ н дæ р и райдайæ н, алцæ мæ н дæ р и кæ рон. Стъæ лф сæ вæ рын хъуыд. Æ мæ де ’фсымæ римæ хъуыды кодтам: Таняйы аккаг стъæ лф куыд хуыздæ р сæ вæ рæ м. Ахæ м стъæ лф, æ мæ Вадимæ н йæ ном куыд ферох кæ на, йæ ном фехъусгæ йæ -иу йæ буары уазал риз куыд ацæ уа.

Жаннæ йæ химидæ г хъуыды кодта, суанг афæ рсынмæ дæ р хъавыд: уыцы æ наккаг, чъизи сылгоймагæ н цы тæ рхон рахастой? Сæ маст дзы куыд систой? Маст та сæ дыууæ йæ н дæ р стыр маст скодта. Ларисæ цас тынгдæ р йæ хиуыл хæ цыд, афтæ масты цæ нд та йæ риуы стырæ й-стырдæ р кодта, фыхт. Æ мæ тарст: иубон йæ хи куынæ уал баурома, куы срæ мудза. Адæ ймаг дур у? Жаннæ имæ куы ныхас кодта, уæ д та йæ маст сног æ мæ йæ цæ стытæ æ рттывтой, чызгмæ -иу афтæ фæ каст: ныртæ ккæ йæ масты стъæ лфæ нтæ арты стъæ лфæ нтау схъиудзысты.

Ларисæ йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд, цыдæ р уысм аджих, цыма, Таняйæ н цы тæ рхон рахастой, уый дзы рох фæ ци. Нæ дзы ферох, стæ й дзы никæ д ферох уыдзæ н. Ахæ м тæ рхон нæ рох кæ ны.

— Сабат. Хур зæ ххыл атылд. Ахæ м бон дæ хи æ рдзы хъæ бысмæ аппар, уымæ й ма хуыздæ р цы уа. Зæ гъæ м, Бехъаны цады былмæ. Алæ мæ ты бынат. Дон. Цъæ х-цъæ хид сыфтæ р бæ лæ стæ, цады алыварс — нывæ фтыд гауыз. Дæ цуры — хæ рд æ мæ нозты дзæ бæ х, бур физонæ г цъысцъысгæ нгæ, йæ адджын тæ ф уддзæ ф фæ йнæ рдæ м скъæ фы. Æ мæ уыдон уым, дыууæ йæ. Цы ма уа уымæ й хуыздæ р.

Æ з, Вадим Танямæ телефонæ й куы дзырдта, уæ д йæ цуры нæ уыдтæ н. Уыцы чъизи сылгоймаг де ’фсымæ ры хъæ лæ с куы фехъуыста, уæ д цы уавæ ры уыд, уый нæ федтон, фæ лæ цæ стытыл ауайы. Æ вæ ццæ гæ н, фырцинæ й иу метр хæ рдмæ фæ хауд. Сæ ххæ ст. Æ ппынфæ стаг сæ ххæ ст йæ бæ ллиц. Æ ппынфæ стаг Вадимимæ сæ мбæ лдзысты. Де ’фсымæ рæ н, уыцы æ лгъыст йæ машинæ йы кæ м сбаддзæ н, уый раздæ р кæ й нæ загътон, ууыл ма ныр дæ р фæ смон кæ нын. Искæ м æ рæ мбæ хс æ мæ йæ м кæ с. Уый, æ вæ ццæ гæ н, фестад гæ лæ бу, зæ рватыкк æ мæ уæ лæ рвты тахт. Цалдæ р хатты йæ химæ айдæ нмæ нæ бакаст, уый мæ ницы хуызы бауырндзæ н. Куыд у? Рæ сугъд у? Вадим нæ фæ фыдæ нхъæ л уыдзæ н? Йæ цæ сгомыл хуртæ æ мæ мæ йтæ хъазы, йæ цæ стытæ й рухс тынтæ ивылы? Францусаг духийы адджын тæ ф Вадиммæ йæ разæ й скъæ фта. Йæ фарсмæ фæ сарæ йнаг фæ лмæ н хæ дтулгæ йы куы сбадт, уæ д уымæ й амондджындæ р а зæ ххыл нал уыд.

Жаннæ æ нхъæ лдта: йе ’фсымæ р Бехъаны цады был бæ лæ сты аууон фынг сараздзæ н. Иу ныхас. Аннæ ныхас. Стæ й сабыргай, фæ лмæ н хъæ лæ сыуагæ й, Таняйæ н бамбарын кæ ндзæ н: хорз адæ ймаг у æ мæ амондджынæ й цæ рæ д, æ вæ ццæ гæ н æ м Вадиммæ цыдæ р æ нкъарæ нтæ райгуырд æ мæ уый уымæ й сæ рыстыр у. Фæ лæ йемæ æ мбæ ла, уый гæ нæ н нæ й. Вадимæ н — бинонтæ, фырыхъулы хуызæ н сывæ ллæ ттæ, йæ бинойнагыл гадзрахатæ й никæ д рацыд æ мæ нæ рацæ удзæ н, уымæ н æ мæ йæ зæ рдæ йæ н у тынг зынаргъ адæ ймаг. Æ мæ йын ныххатыр кæ нæ д, макæ дуал æ м æ рбадзурæ д, йемæ фембæ лыныл мауал архайæ д, ферох æ й кæ нæ д.

Вадим æ мæ Ларисæ мæ уыд бынтон æ ндæ р фæ нд.

— Бехъаны цады был бæ рзонд, пæ лæ хсар бæ лас уыцы æ мдымбыл йæ цæ нгтæ фæ йнæ рдæ м аппæ рста, — Ларисæ дарддæ р йæ ныхас кодта. — Дон æ м — цыппар-фондз къахдзæ фы, разгъор — æ мæ йæ хъæ бысы февзæ рдтæ. Аргъæ утты бынат. Æ цæ гæ лон цæ стытæ й иуварс: бæ ласы цæ нгтæ бынмæ сæ хи афтæ æ ривæ зтой, æ мæ цыма мусонг у. Цалдæ р хатты дзы Вадимимæ уыдыстæ м, фæ лæ уыйфæ стæ, Таня уым кæ й уыд, уый тыххæ й нæ уырдæ м нæ къах нал хæ ссы.

Вадимæ н раздæ р — алцыдæ р хъуыдыгонд. Йæ машинæ иуварс сæ вæ рдта, йæ дарæ с — уым. Æ мæ бæ ласы бын... Жаннæ, ды дæ р сывæ ллон нал дæ, цард та цард у, æ гъатыр, æ мбæ хсæ н дзы нæ й. Æ мæ дыууæ йæ, Вадим æ мæ Таня, раздæ р куыд баныхас кодтам, афтæ бæ ласы бын бадынц. Дыууæ йæ дæ р — бæ гънæ гæ й. Сæ цæ нгтæ кæ рæ дзиуыл стыхсынц, адджын, зæ рдиаг хъæ быстæ æ мæ батæ, дыууæ бæ гънæ г буары кæ рæ дзийы агурынц, кæ рæ дзимæ тырнынц. Таня зæ ххон адæ ймаг нал у, фæ лæ уæ ларвон, йе ’нкъарæ нтæ ивылынц, сæ уæ ливхты йæ систой. О, куыд амондджын у, куыд амондджын! Кæ мæ бæ ллыд, уыцы сахæ ттæ, уыцы минуттæ æ рцыдысты. Ныртæ ккæ сæ буæ рттæ сиу уыдзысты.

Æ мæ уыцы рæ стæ г Вадим загъта:

— Машинæ йы дуæ рттæ хорз нæ сæ хгæ дтон, сигнализацийыл æ й сæ вæ рон, — дыууæ буары æ нæ бары кæ рæ дзийæ фæ иртæ стысты. Вадим тагъд-тагъд ацыд, йæ хæ дтулгæ йы абадт. Машинæ асфальт фæ ндагмæ йæ хи аппæ рста, фæ аууон. Де ’фсымæ р йæ дзаумæ ттæ скодта æ мæ горæ тмæ рафардæ г. Таня, мæ гуыр, фыццаг, цы ’рцыд, уый нæ бамбæ рста, стæ й... Дæ фыдгул уый бынаты уæ д. Мæ нæ н ме знагæ н дæ р мæ цæ ст уый нæ уарзы, фæ лæ мын уый знагæ й знагдæ р уыд, цы агуырдта, уый ссардта, — бахудти Ларисæ æ мæ Жаннæ мæ бакаст: ома мæ маст дзы хорз нæ райстон, хорз ын нæ фæ дæ н, цъыфы йæ хорз нæ сызмæ стон?..

Жаннæ æ нцад бадт, цы йын загътаид, уый нæ зыдта. Ахæ м æ нахуыр уавæ р... Æ нахуыр нæ, фæ лæ æ вирхъау. Нæ, никæ дма фехъуыста. О, цард тох у, æ гъатыр, æ лхынцъ суйтæ. Фæ лæ... Жаннæ. Йæ чындзмæ бакаст:

— Æ мæ уыцы Таняйæ н æ гæ р карз тæ рхон нæ рахастат?

— Карз? Нæ рахастам. Карздæ р, æ гъатырдæ р тæ рхон ын рахæ ссын хъуыд. Вадим уый цы уавæ ры ныууагъта, уый сылгоймагæ н у стыр æ фхæ рд, цæ рæ нбонтæ м кæ й бахъуыды кæ ндзæ н, ахæ м æ фхæ рд, уыцы бон йæ амæ лæ тмæ йæ зæ рдыл дардзæ н. Æ мæ йын афтæ хъуыд, раст тæ рхон ын рахастам, — дзырдта Ларисæ.

Жаннæ цæ уыл хъуыды кæ ны: æ вæ ццæ гæ н, кæ рон ницæ мæ н и, нæ — уды сыгъдæ гдзинад, нæ — уды чъизидзинадæ н, нæ — рæ стдзинад, нæ — цъаммардзинадæ н... Нæ й! Дунейы кæ рон ницæ мæ н и. Адæ ймаг йæ æ взæ р, йæ чъизи миниуджытæ æ ддæ мæ нæ уадзы, цъист сæ кæ ны, фæ лæ, æ вæ ццæ гæ н, вæ ййы ахæ м рæ стæ джытæ, мæ нæ ныр нæ рæ стæ г куыд у, ахæ м, æ мæ уæ д рагуылф кæ нынц, раивылынц. Уыцы миниуджытæ афтæ сбирæ вæ ййынц, афтæ стыхджын вæ ййынц, æ мæ уды сыгъдæ гдзинад, æ цæ г рæ стдзинад иуварс аззайынц, нал фæ зынынц, нал фæ хъæ уынц, мæ нæ ныр куыд нал хъæ уынц, афтæ. Æ ви уый рæ дыд хъуыды у. Æ мæ -гъа, æ мæ -гъа...

Таня цы фæ ци, Жаннæ уымæ н ницы зоны, стæ й йæ хъæ угæ дæ р нæ кæ ны. Уыцы «монолоджы» фæ стæ Жаннæ йæ н цасдæ р рæ стæ г йæ чындз æ мæ йс ’фсымæ рмæ йæ бон бакæ сын нæ уыд. Куы-иу æ рцыдысты, уæ д æ ргомæ й-аивæ й архайдта, цæ мæ н сæ ма уына, ма сæ хъуса, гæ нæ н ын и, зæ гъгæ, уæ д-иу йæ уаты æ мбæ хстæ й бадти. Уæ дæ й фæ стæ мæ йæ чындз æ мæ йе ’фсымæ р, йæ цæ сты цы ныллæ г уыдысты, уымæ й ноджы фыныллæ гдæ р сты. Хатгай Жаннæ мæ афтæ фæ кæ сы, цыма уый дæ р уыцы чъизидзинадæ н æ вдисæ н уыд. Цыма, ахæ м æ лгъаг чъизидзинад кæ й æ рцыд, уым уый аххос дæ р и. Æ мæ цы аххосджын у? Ларисæ йæ н кæ й ницы загъта, уымæ й? Вадимæ н кæ й ницы загъта, уымæ й? Мæ нæ ахæ м чъизи, æ лгъаг, æ нахъинон рæ стæ г кæ й цæ ры, уымæ й? Цы аххосджын у? Йæ хицæ н дæ р æ мæ йæ алыварс адæ мæ н дæ р кæ й ницы зоны, уый у йæ аххос? Бирæ, бирæ, цæ мæ йдæ рты аххосджын у Темыры кæ стæ р чызг...

 

31-æ м августмæ ма баззад 19 боны.

12-æ м август. Æ ртыццæ г. 2009 аз

Сæ рдыгон фæ лмæ н изæ р. Жаннæ йæ куыстæ й сæ химæ ’рбацæ уы. Сæ дидинæ гдон — нæ, сæ хæ дзары рудзгуытæ — нæ, фæ лæ йæ м хæ дзар дæ р нæ ма æ рбазынд, афтæ йæ йæ зæ рдæ æ нкъары: мад æ мæ фыд бадынц рудзгуыты бын дидинджыты цур кæ рдæ гхуыз ахорæ нæ й ахуырст даргъ бандоныл. Темыр æ й йæ хæ дæ г сарæ зта. Бадынц æ мæ цыдæ ртæ дзурынц, цæ уыл дзурой, уый сын нæ й? Йе та ницы дзурынц. Сæ цурты иугай адæ ймæ гтæ ацæ уы, сæ фылдæ р — зонгæ тæ, æ мæ кæ рæ дзийæ н салам раттынц, чи семæ аныхас кæ ны, чи та дарддæ р ацæ уы. Лæ г æ мæ ус сæ фæ стæ акæ сынц. Кæ сынц, фæ тæ н лæ гъз асфальт фæ ндагыл æ зфæ раздæ ронæ й машинæ тæ сæ хи размæ куыд æ ппарынц, уымæ. Чи зоны, Маринæ, алы кæ рдæ джытæ й цы адджын цай фæ кæ ны, ахæ м скодта, æ мæ дзы ахуыпп кæ нынц. Уыцы дзæ нæ ты бынаты алцыдæ р адджындæ р æ мæ хайырдæ р у.

Сæ цæ нгтæ стъолыл æ руадзынц, æ мæ куыстдзагъд, азтæ й фæ ллад цæ нгтæ фæ улæ фынц, сæ хи адаргъ кæ нынц, цыма сæ м фынæ й цæ уы. Стъол Темыр йæ хæ дæ г сарæ зта. Сырх ахуырст. Лæ мбынæ г, бæ стон арæ зт, цыма йæ цыдæ р æ ркастмæ цæ ттæ кодта. Згæ хафæ н гæ ххæ тт æ мæ йæ авджы састæ й фæ хафта. Бандон дæ р æ мæ стъол дæ р — зæ ххы фидар сагъд. Ныр сыл цал азы цæ уы, уæ ддæ р авджы хуызæ н — лæ гъз, æ рттивынц, цæ хæ р калынц.

Чызгмæ сæ хæ дзар æ рбазынд, йæ рудзгуытæ æ ддæ мæ кæ сынц. Мад æ мæ фыды нæ ма федта, фæ лæ йæ зоны: рудзгуыты бын дидинæ гдоны бадынц. Темыр æ й дзæ нæ ты бынат хоны, æ мæ йæ бинонтæ дæ р, суанг ма сыхæ гтæ дæ р, афтæ хонын райдыдтон. Куы йæ арæ зта, уæ д бинонты нæ фæ ндыд, сыхæ гтæ й дæ р æ м чидæ ртæ зулцæ стæ й ракастысты: уынджы иумæ йаг фидауц нæ фехалдзæ н? Уыйфæ стæ уыдонæ й дæ р чидæ ртæ сæ рудзгуыты оын ахæ м дидинæ гдонтæ сарæ зтой. Сыхæ гтæ сын сæ «дзæ нæ ты бынатмæ» арæ х æ рбауайынц æ мæ уым фæ бадынц, фæ ныхас кæ нынц, цай фæ цымынц, лæ гтæ та фæ йнæ арахъхъы баназынц. Сæ сæ рмæ æ гæ рон цъæ х арвыл — стъалыты хуртуан, мæ й се ’хсæ нты хъавгæ сцæ йленк кæ ны. Æ цæ гдæ р, æ вæ джиауы хорз бынат.

Мад æ мæ фыд рудзгуыты бын бадынц. Дидинджытæ н сæ фылдæ ры бæ рзæ нд — метр, метр æ мæ ’рдæ г, чи та адæ ймаджы бæ рзæ ндæ н. Цыма алыхуызон цырæ гътæ судзы сæ хæ дзары цур: сырхытæ, буртæ, сиренхуызтæ, урсытæ, мыдхуызтæ... Куынæ дæ фæ нда, рæ стæ г дын куынæ уа, уæ ддæ р дæ уыцы зæ ххон дзæ нæ т йæ химæ ’лвасы.

Чызджы къахайст фæ сабыр. Дзæ нæ т... Дзæ нæ ты бынат... Дзæ нæ ты бæ стæ... Жаннæ дæ р дзæ нæ ты бынаты, дунейыл ын тæ ккæ зынаргъдæ р æ мæ адджындæ р чи у, уыцы дыууæ адæ ймаджы — йæ мад æ мæ йæ фыды фарсмæ сбаддзæ н. Хатгай, уæ лдайдæ р фæ стаг рæ стæ г, куыддæ р бафæ ллайы, иу рæ нхъ нæ ныффыссы, уæ дæ хæ дзары дæ р ницы бакусы, уæ ддæ р бафæ ллайы, йæ уæ нгтæ æ рызгъæ лынц, зæ рдæ йæ химидæ г нырхæ ндæ г вæ ййы, рухс æ м нал фæ кæ сы. Мæ нæ ныр куыд нырхæ ндæ г, афтæ. Кæ д мад æ мæ фыд рудзгуыты бын фæ бадынц, уæ д хорз. Кæ д нæ, уæ д йæ хæ дæ г иунæ гæ й дæ р абады, æ вæ ццæ гæ н, афтæ кæ й сахуыр, уымæ н, æ мæ йын фенцондæ р вæ ййы.

Чызг дидинæ гдоны дуарыл бахæ цыд. Мад æ мæ Фыд фæ рсæ й-фæ рстæ м бадынц. Дзæ нæ т... Дзæ нæ ты — дæ бынат...

— Æ рбахæ ццæ дæ? — разылд æ м мад.

— Иу кусгæ бон та фæ ци, — Жаннæ йæ мады фарсмæ ’рбадт. Зæ гъынмæ хъавыд: «Мæ цардæ й та иу бон фæ ци», — фæ лæ йæ хиуыл фæ хæ цыд. Уый фæ лмаст, зæ ронд адæ ймаджы ныхас у. Стæ й æ взаг æ рмæ ст дзурынæ н нæ у, фæ лæ ма хъуыды æ мбæ хсынæ н дæ р.

Фыд æ мæ мад ныхас кæ нынц.

— Ацы аз нæ картоф хорз уыдзæ н, дыууæ -æ ртæ губаккæ й ведра айдзаг вæ ййы.

— Æ мæ уæ ддæ р æ ххæ ст нæ ма сцæ ттæ. Ацы аз æ гæ р æ рæ джиау ныссагътам.

— Азæ й бирæ аразгæ у. Æ ндæ р иннæ азты афтæ куыстгонд нæ вæ ййы?

— Нæ зæ хх фаджыс, донхъуаг никæ д баййæ фта.

Жаннæ та бынтон æ ндæ р цæ уылдæ рты хъуыды кæ ны. Дзæ нæ т... Дзæ нæ ты бадæ д... Ис зæ ххон цард, фæ лæ ма ис æ нусон цард дæ р — мæ рдтыбæ стæ. Æ мæ алкæ й дæ р иубон уырдæ м хъæ уы, кæ й — раздæ р, кæ й — фæ стæ дæ р, фæ лæ æ нæ мæ нгæ й уырдæ м. Мæ нæ ныр æ ртæ йæ — Темыр, Маринæ æ мæ Жаннæ — фæ рсæ й-фæ рстæ м бадынц, фæ лæ иубон фæ хицæ н уыдзысты. Æ ппæ ты разæ й сæ фæ хицæ н уыдзæ н сæ цоты кæ стæ р. Адæ ймаг адæ ймаджы хъуыдытæ кæ сын кæ й нæ зоны, уый хорз у. Жаннæ ацы дунейæ куы ахциæ н уа, уæ д ын мад æ мæ фыд марды æ гъдæ уттæ кæ ндзысты, сæ фæ стаг капеккыл дæ р нæ бацауæ рддзысты. Æ мæ -иу ын фынджыдзаг куы скæ ной, уæ д адæ м арæ хдæ р цы дзурдзысты, уый ныр дæ р зоны:

— Дзæ нæ ты бад.

— Дзæ нæ ты — дæ бынат.

— Дзæ нæ ты...

Адæ ймаг куы амæ лы, уæ д æ ндæ р адæ ймаг, дунейы æ ппæ ты хуыздæ р адæ ймаг фесты. Абырæ г дæ р хъуамæ дзæ нæ ты бада, лæ гмар дæ р. Йæ зæ рдæ сау-сауид кæ мæ н у, иу урс стъæ лф дзы кæ мæ н нæ й, уый дæ р. Æ мæ, æ вæ ццæ гæ н, адæ м мæ рдтыбæ стæ м уый тыххæ й ивылынц, ацы дунейæ æ зфæ раздæ ронæ й уырдæ м уый тыххæ й тагъд кæ нынц. Чызг йæ химидæ г бахудт.

— Жаннæ, цыдæ р æ нкъард хуыз дын и, нæ цуры бадыс, фæ лæ цыма ам нæ дæ, — мад чызджы уæ хскыл банцой кодта.

— Мамæ, ам дæ н, ма тыхс, ам дæ н. — Зæ гъид ын, нырма уал ам и, фæ лæ...

— Вадим æ мæ Фатимæ йæ н дæ р картоф авæ рын хъæ удзæ н, нæ хи дзы цастæ хъæ уы, — дзуры Темыр.

— О, уæ дæ дзæ гъæ лы æ хца хардз кæ н, уый дæ р цы у, стæ й хи картоф уæ ддæ р хи картоф у: хæ рзад, æ нæ сахъат. Ноджы мах картоф — лæ хурæ г, фыцын дæ р æ й бирæ нæ хъæ уы.

Дзæ нæ т... Дзæ нæ ты быдыр... Жаннæ, æ цæ гдæ р, ам нæ й. Дард кæ мдæ р...

Нарты Сослан... Мæ рдтыбæ стæ м фæ цæ уы æ мæ йæ уыны, кæ сы йæ м, цыма йæ цуры и: йæ алы фæ зылд дæ р — йæ цæ стыты раз, йæ алы ныхас дæ р ын хъусы. Жаннæ ам и, фæ лæ уыцы рæ стæ г — дард кæ мдæ р.

...Сослан бахæ ццæ иу быдырмæ. Алы хорз, алы хъæ здыгдзинадæ й, алы бæ ркадæ й — йедзаг. Жаннæ йы цæ стытæ сыл не ’ххæ ссынц. Хор — бирæ, фос — бирæ. Сырдтæ фосимæ хизынц. Быдыры астæ у стыр дон, Теркæ й бирæ стырдæ р. Йæ уылæ нтæ сæ хи размæ ’ппарынц. Доны был сæ дæ рæ хснæ г, æ лвæ ст чызджы симынц. Жаннæ цыдæ р уысм се ’хсæ н йæ хи дæ р ауыны æ мæ æ рбайсæ фы. Нæ, уый ам и, уæ лзæ ххон дунейы, мад æ мæ фыды фарсмæ бады, фæ лæ мæ рдтыбæ стæ йы Сосланы алы фезмæ лд дæ р уыны.

Сæ дæ рæ хснаг, æ лвæ ст чызджы симынц, сæ разы алы хорз, адджын хæ ринæ гтæ æ мæ нозтæ й фынгтæ — седзаг, дæ лæ мæ тасынц. Сосланмæ бахатыдысты: семæ куы расимид. Æ мæ симы. Фæ лæ уый у æ ххормаг æ мæ сæ куры: исты хæ ринаг ын куы авæ риккой. Æ мæ йын уыдон зæ гъынц:

«Махимæ цæ р, уæ лæ уыл дунемæ мауал бæ лл, æ мæ дæ уæ д бафсаддзыстæ м, нæ разы цы хæ ринаг ис, уымæ й мах хуызæ н æ фсæ ст уыдзынæ».

Нарты зондджын Сослан дис кæ ны: цы амоны уый та, цымæ? Æ мæ йын йæ мард ус Бедуха зæ гъы:

«Уый уыдис дзæ нæ ты быдыр, чызджытæ та уыдысты, куринагæ й æ мæ куырдуаты бадгæ йæ чи амардис, ахæ мтæ. Хæ ринæ гтæ та, уæ лæ уыл дунейы сын кæ й ныффæ лдыстой, уыдон. Ныр сæ разы, куыд федтай, афтæ лæ ууынц, æ мæ сæ уындæ й æ фсæ ст сты».

Жаннæ дæ р зæ ххон цæ рæ г куынæ уал уа, уæ д бахаудзæ н дзæ нæ ты быдырмæ, уыцы сæ дæ чызгыл ма иу бафтдзæ н. Уырдæ м уадзынц раст æ мæ сыгъдæ г адæ мы. Æ мæ... Æ мæ Жаннæ ахæ м у? Раст адæ ймаг у? Сыгъдæ г, æ нæ къæ м адæ ймаг у? Искæ мæ н искуы исты æ взæ рдзинад ракодта? Ракодта! Ацы дунемæ кæ й фæ зынд, уымæ й. Æ мæ кæ й фæ зынд, уым уый цы аххосджын у?.. Æ мæ -гъа, æ мæ -гъа...

Сыхæ гты чызг фæ ндаггон фыдбылызы фæ мард. Скодтой йыл чындздзон дарæ с. Куыд рæ сугъд ыл фидыдтой! Жаннæ мæ афтæ каст: ныртæ ккæ чызг йæ чырыны рабаддзæ н, йæ чырынæ й рахиздзæ н, йæ цурмæ бацæ удзæ н йæ уарзон æ мæ йын йе ’нгуылдзыл къухдарæ н бакæ ндзæ н. Адæ м фæ сыкк уыдзысты. Хъарæ г æ мæ сау маройы бæ сты райхъуысдзæ н фæ ндыры цагъд.

Жаннæ чырыны йæ сыхаг чызгмæ каст, йæ зæ рдæ уынгæ гæ й-уынгæ гдæ р кодта, йæ къуыбар цæ ссыгтæ кæ рæ дзийы фæ стæ згъæ лдысты, йæ цæ стыты рухс ын æ хгæ дтой. Арвы æ рттывдау-иу йæ сæ ры атахт: сыхаг чызджы бæ сты чырыны уый куы февзæ рид, уæ д... Хорз уаид. Тынг хорз! Æ мæ -иу цыдæ р уысм чызджы бæ сты чырыны ауыдта йæ хи. Йæ цæ ссыгтæ гæ р-гæ рæ й уайынц, кæ рон сын нал и... Уый уæ д æ рмæ ст сыхаг чызгыл нæ куыдта. Уый куыдта йæ хиуыл дæ р.

— Жаннæ, куыд ницы дзурыс? — мад æ м кæ сы.

— Æ мæ -гъа, цыдæ р фæ ллад дæ н æ мæ... — æ мæ Жаннæ æ цæ гдæ р фæ ллад у. Мад сыстад:

— Абадут, æ з цай рахæ ссон.

— Мамæ, мæ н ницы хъæ уы. Сымах уал абадут, æ з хæ дзармæ бакæ сон. Цай уын æ з рахæ сдзынæ н.

— Омæ хорз.

Чызг сыстад æ мæ сæ дзæ нæ ты бынатæ й ракъахдзæ ф кодта. Мад æ мæ фыдæ н цай рахаста æ мæ фæ стæ мæ хæ дзармæ ацыд. Телевизормæ бакæ сын дæ р æ м нæ цæ уы, сынтæ гыл йæ хи æ руагъта.

Чындздзон чызг куы амæ лы, уæ д ыл чындздзон дарæ с цæ мæ н скæ нынц? Буцдæ рæ н, рæ сугъддæ рæ н, æ ви дзы цыдæ р æ ндæ р хъуыды æ вæ рд и? Йæ фæ стаг фæ ндагыл æ й чындзы фервитынц? Хъуамæ мæ рдтыбæ сты йæ амонд ссара? Æ мæ уым амонд ссарæ н и? Æ мæ уæ д, адæ ймаджы йæ фæ стаг фæ ндагыл куы фервитынц, уæ д цæ мæ н фæ дзурынц:

«Ды цæ уыс, усгур ус кæ м нæ куры, чындздзон чызг чындзы кæ м нæ цæ уы, саби рæ згæ кæ м нæ кæ ны, уыцы талынг, æ дзæ м дунемæ».

Уым рæ стæ г æ рлæ ууы, æ ви... Зæ ххон цард — суйтæ æ мæ æ бæ рæ г, фæ лæ уым... уым дæ р афтæ... Цымæ Жаннæ йыл чындздзон дарæ с скæ ндзысты? Фидаудзæ н ыл? Йе уæ нгтыл хорз баддзæ н? Йæ хи дзы куыд æ нкъардзæ н? Чызгыл чындздзон дарæ с куы скæ нынц, уæ д уый фендæ рхуызон вæ ййы: хуртæ æ мæ дзы мæ йтæ фæ кæ сы. Жаннæ фендæ рхуызон уыдзæ н? Йæ цæ сгом аивдзæ н?

Чызг уаты къуыммæ нымдзаст. Хуыссы сынтæ джы, йæ хъуыдыты та... Мæ нæ... Се стыр, райдзаст уат. Жаннæ лæ ууы къуымы чындздзон дарæ сы. Кухылхæ цæ г — йæ рахиз фарсмæ, æ мдзуарджын — галиуырдыгæ й. Уатæ й йæ ракæ нынц. Къæ рццæ мдзæ гъд хъазт. Фæ ндыры хъуытаз мыртæ ивылынц. Адæ мы хъæ лдзæ г ныхас. Адæ мы хъæ лдзæ г худын. Æ ртындæ с-фынддæ саздзыд лæ ппу кæ цæ йдæ р фегуырд æ мæ йæ разæ й кафгæ фæ цæ уы. Йæ къæ хтæ зæ ххыл нæ ныдзæ вынц, йæ цæ нгтæ, йæ уæ нгтæ тæ лфынц. Цъилау ныззилы. Йæ хи хæ рдмæ фехсы. Йæ уæ рджытыл æ рхауы. Æ мæ Жаннæ мæ афтæ фæ кæ сы: ныртæ ккæ цæ ргæ сау арвы тыгъдадмæ стæ хдзæ н. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ йæ цæ стытæ... Нæ! Уымæ н уæ вæ н нæ й. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ чызджы цæ стытæ адæ мы ’хсæ н Æ хсары... Æ хсары ацахсынц. Нæ! Уымæ н уæ вæ н нæ й. Уый йæ цæ стытыл ауайы, æ ндæ р... Æ хсар ныртæ ккæ ам уа, уый йын не ’мбæ лы.

Цалдæ р лæ ппуйы — æ вæ ццæ гæ н, цæ стæ нгасæ й кæ рæ дзийы хорз æ мбарынц — æ рбатымбыл сты, æ мæ сæ иу, рæ стæ мбис, йæ фындзыбын чысыл сау рихитæ, чындзхæ сджыты зарæ г ныццæ лхъ кодта. Бахъырныдтой йын йе ’мбæ лттæ, æ мæ зарæ г йæ хи систа. Фæ ндыры хъæ лæ с нал хъуысы, æ рсабыр, адæ мы хъæ лдзæ г дзолгъо-молгъо дæ р фæ сабыр. Зарæ г йæ хи бæ рзондæ й-бæ рзонддæ р исы, фæ йнæ рдæ м тæ хы. Æ мæ Жаннæ мæ афтæ кæ сы: цъæ хснагхъæ лæ с ирон лæ ппуты уæ лмонц зарæ г æ рмæ ст сæ кæ рты нæ хъуысы, фæ лæ се стыр хъæ уыл дæ р. Хъæ уæ й-хъæ умæ, комæ йкоммæ тæ хы, æ ппæ т Ирыстоны сæ рмæ дæ р йæ хи айвæ зта æ мæ йæ м адæ м — стырæ й, чысылæ й — ныхъхъуыстой, адæ мы йæ уацар кæ ны.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.