Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Сатанайы куывд






(Монолог)

Нæ ртон фæ сивæ д, амовдыл хæ ст ут, —

Æ нус-æ нус зæ ххы фарнæ й æ фсæ ст!

Зæ рин хур уæ м йæ хæ лар цæ стæ й худæ д,

Йæ цæ ссыг уын мигъ ма кæ нæ д æ вгъау,

Фæ скъæ вда ‘рттивæ д арвы рон уæ сæ рмæ!

Хæ рзамонды цыкурайы фæ рдыг

Куыстдзагъд лæ джы ныхæ й æ ртагъд кæ ддæ р.

Ныддур æ мæ дзы царды фидыц худы.

Уæ ныхæ й калæ д уыцы фæ рдыг рухс, —

Фæ рныг æ мæ хъæ зныг куыд уат æ нус,

Æ рдзæ сæ дæ — уæ рæ гъæ уттæ, уæ дзугтæ!

Уæ къæ бицты ныккæ нæ н ма уæ д хорæ н,

Мыдгъуыз суадæ ттæ й абузæ д æ лутон!..

 

Нæ ртон фæ сивæ д, амондыл хæ ст ут.

Ис амондмæ зæ ххыл фæ ндæ гтæ бирæ,

Цæ уынц æ м — зонут, — се ‘ппæ т дæ р æ рмæ ст

Лæ гæ н йæ бæ стæ, й ‘адæ мы зæ рдæ йыл.

Уæ дзыллæ искуы царæ фтыд куы уа,

Æ нæ уый уæ куы бæ лла исчи цинмæ, —

Уæ д баззайæ д нæ фидæ ны фæ лтæ ртæ м

Йæ ном цылгъагдæ р фидисæ н зæ ххыл.

Нæ зæ ххы сой нæ фыдæ лты туг у! —

 

Уый бацыдис уæ буары, уæ магъзы:

Уæ дзыллæ йы цæ рдхъом къабæ зтæ стут,

Æ мæ фыдамонд макуы фæ ут ахæ м, —

Зын уын куыд уа йæ сæ рвæ лтау мæ лын!

Фидауынц адæ м се ‘гъдауæ й, сæ уагæ й, —

Нæ ртон æ гъдау уæ фæ дзæ хст уæ д, мæ хуртæ!

— Сæ фæ тк, сæ ныхас — адæ мтæ н сæ ис, —

Цзесты гагуыйау хъахъхъæ нут нæ ртон дзырд, —

Нæ й фидæ нмæ афтидармæ й цæ уæ н!

 

Нæ ртон фæ сивæ д, амондыл хæ ст ут!

Хæ рамы охыл макуы сласут кард.

Фыццаг-фыццаг æ хсаргард æ мæ фат

Фыдæ хзæ рдæ йæ чи райста йæ къухмæ,

Уый туджы зæ йтæ фенкъуыста зæ ххыл,

Æ мæ ивылынц абон дæ р нæ сæ рты.

Кæ д уыдис маст мæ рддзаг хæ дон мæ лæ тæ н! —

Фыдмаст у ног фыдбылызы æ хсидав.

Фæ лæ фыдгул уæ уæ зæ гмæ куы бырса, —

Ныккалут туг сæ рибары сæ рыл:

Фыццаг-фыццаг æ хсаргард æ мæ фат

Хæ рамы ныхмæ чи райста йæ къухмæ

Уый цины денджыз рауагъта зæ ххыл...

Æ мæ ныр дæ р нæ зæ рдæ тыл ивылы...

Нæ ртон чызджытæ, рухс амонд уæ хай!

Зæ ххыл æ ппæ т ысфæ лдисæ г у мад, —

Нæ ртон мады ном фарнимæ хæ ссут.

Сымахæ й цæ удзæ н уарзт æ мæ хæ рам дæ р,

Зæ нæ г уын ахæ м рацæ уæ д, фæ лтæ ртæ м

 

Фыдыуæ зæ джы судзгæ уарзт, лæ гдзинад,

Нæ ртон æ гъдау, нæ ртон кад æ мæ намыс,

Тырысайау, куыд адæ ттой сыгъдæ гæ й!

Нæ ртон кæ стæ ртæ, цардамонд уæ хай!..






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.