Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Ныфсы таг






Фыдфын, кæ лæ н æ хсæ в йæ тары

Цырагъдар боны гуырдз хæ ссы,

Зæ рдæ уынгæ ггæ нæ г æ нкъарæ н

Æ мбæ хсы рухс цины цæ ссыг.

Хулиан Гримау [4]

Хулиан Гримау, удæ нцой мын ратт,

Цы мыл сагъуыдис, м’ аууонау, дæ сурæ т, —

Ныццæ вæ д мын мæ зæ рдæ йы цыргъ кард,

Кæ нæ мæ м исты сдзурæ д.

 

Æ гомыгæ й кæ сынæ н дын — æ гъгъæ д!

Мæ рдонæ мырæ й мауал лæ уу мæ разы...

«Мæ рæ стаг тугæ й иунæ г æ ртах кæ д

Дæ тугдадзинты хъазы.

 

Кæ д рухс нысанæ н у нывонд дæ цард,

Æ мæ, мæ нау, сæ рибары салдат дæ,

Мæ лæ т куы сласта де ‘мхæ стонмæ кард, —

Æ нæ мæ тæ й кæ м бадтæ?!

 

Йæ сыкъатыл куы систа хуры мигъ,

Гвадалквивирмæ тугдзæ ссыг куы фегуырд,

Нæ уыдтæ н, цы, дæ игæ ры кæ рдих, —

Испайнаг дæ, ирон лæ г, æ ви негыр! —

 

Æ рфæ ныфæ д дæ балцвæ ндаг куы сси,

Куы тоныс арвы ‘фсæ н дуæ рттæ, Батрадзау,

Куы сисыс арвыл Авдхойы куысси,

Æ мæ дзы нуазыс хуры тын æ вдадзау.

 

Уæ д а-зæ ххыл, — дæ райгуырæ н зæ ххыл,

Лæ гмар куыд цæ ры барджынæ й ныфсимæ,

Нæ уыныс туг Лумумбайы ныхыл,

Æ ви дæ уæ й нæ дуды Хиросимæ?!

 

Хæ лынбыттырау тых æ мæ фыдæ х

Æ фхæ рд бæ стæ тыл ку’ айтыгътой сæ базыр,

Дæ къæ хты бын куы ныууынæ ргъы зæ хх, —

Æ хсæ в дæ сæ р куыд æ руадзыс дæ базыл?!

 

Лæ г куы хуыйныс, — лæ джы хъару дæ м нæ й?

Рæ стдзинадæ й хæ рам куыд хъазы хъулау!» —

Дæ сусæ г ныхас хъусын æ з мæ рдтæ й,

Æ мæ лæ ууын дæ нывы раз сæ ркъулæ й...

 

Хулиан Гримау, ма мæ м кæ с тызмæ г,

Дæ цæ стытæ дыууæ ‘хсидавау судзынц,

Дæ цæ стытæ м нæ лæ ууы лæ г, —

Цыргъ хъаматау рæ мудзынц...

 

Æ рвайдæ нтæ — цы диссаг сæ цæ уы!

Кæ й саударæ г сæ тоны уый йæ дзыюсу?

Испанийы бæ рзонд арв сæ кæ уы,

Æ ви Гарсиа Лоркæ йы[5] цæ ссыг у?

 

Бæ лонау сæ уынгæ г пæ р-пæ р кæ ны

Хозе Диасы[6] тохвæ лмаст фæ ллад уд.

Тырысайау сæ адæ мы зæ й рахæ ссы дæ ныв,

Æ ви зæ й нæ у, — æ ппæ тноггæ нæ г уад у.

 

Дæ цæ стыты æ рвайдæ ны зыны

Æ ппæ т адæ м, æ ппæ т дунейæ н уайдзæ ф:

Куынæ уæ м алхатт хуры фарс зыны,

Кæ д ралæ удзæ н зæ ххыл æ нусон уаддзæ г?!

 

Дæ цæ стытæ æ нцой нæ уадзынц мæ н, —

Ызнæ т, тымыгъджын денджызтау æ хсидынц,

Сæ адæ мы уæ йгæ нджыты ныхмæ,

Рæ стаг хъуыды æ ргæ вдджыты ныхмæ

Æ ппæ т дзыллæ тæ м сидынц.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.