Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Миты къуыбар






Æ з кæ сын

Мæ рагбонтæ м

Æ дзынæ г,

Мигъвæ лмы

Мæ цæ сты тигъ

Нындзыг.

Уайы цыма

Зæ рдæ йыл

Тæ дзынæ г, —

Къулæ й хъуысы

Сахаты

Цъыкк-цъыкк.

Æ з кæ сын

Мæ рох бонтæ м

Æ дзынæ г,

Дард кæ мдæ р

Мæ цæ сты тигъ

Нындзыг...

Арвы дуарау

Байгом æ мæ

Разынд

Мигъвæ лмæ й

Мæ цардуалдзæ г

Æ васт:

Хиуайы

Кæ ркæ -мæ ркæ

Цъæ х базыр

Худы, цыма,

Арвырон у раст.

Æ хсæ рдзæ н,

Хъæ ддаг байрагау,

Хъазы

Арф комы, —

Цæ гъды цыма

Хъуытаз.

Мах — уæ лыгæ с...

Бамбæ хстæ мын

Фæ скъæ й.

— Ехх, — зæ гъын, —

Æ ссар ‘мæ дæ

Фæ нæ м.

Ды, чысыл,

Цъæ хдзаст зæ дау,

Æ дæ рсгæ,

Бабастай

Дæ мидбылхудтæ й

Мæ н

Æ мæ ногæ й,

Цъититæ й

Лæ дæ рсгæ,

‘Взист доны

Тъыбар-тъыбур

Кæ нæ м...

Куы — зымæ г.

Куы хур кæ ны

Дзæ гæ рæ г.

Азтæ уайынц

Базырджын

Бæ хтыл.

Ахуырафон...

Фестадтæ

Къæ ркъæ раг

Æ мæ цинæ й

Нал лæ ууыс

Къæ хтыл...

Не скъолайы

Стыр

Бурæ дзæ нгæ рæ г —

«Дзинг-дзинг» — цыма

Абон дæ р

Цæ гъды...

Иу бон та нын

Бацайдагъ и

Хъазын,

Худгæ ‘рбахастай

Урс миты къуыбар.

Фемдзаст ыстæ м,

Ме ‘нæ рцæ ф сæ р

Разылд,

Дарынц мыл

Уæ дæ й нырмæ

Сæ бар:

Нарæ г æ рфыг —

Сау сынты

Тыгъд базыр,

Даргъæ лвæ ст

Сæ гуытдзæ стыты

Тар...

 

Уый уыди

Фæ стаджы фемдзаст

Махæ н,

Атахтæ ды

Дард горæ тмæ

Стæ й;

Бацардтæ

Мæ зæ рдæ йы

Паддзахæ й,

Де ‘рцыдмæ

Фæ бæ ллыдтæ н

Тыхстæ й.

Æ мæ ‘рцыдтæ...

Уыд нæ фембæ лд

Ахæ м... —

Бастъæ ла,

Куыд æ й радзурон,

Цæ й?

 

Уæ д æ цæ г

Зымæ г уыди, —

Декабыр,

Худгæ йæ дæ м

Разгъордтон

Куыддæ р, — Бахстон дыл

Фæ лмæ н къуыбар

Хæ рз сабыр.

Систай мит

Æ нæ бары

Ды дæ р...

Урс къуыбар

Мæ сау бецыккыл

Апырх

Æ мæ баззад

Урсхилæ й

Мæ сæ р...

 

Ныр кæ сын

Мæ рагбонтæ м

Æ дзынæ г,

Мигъвæ лмы

Мæ цæ сты тигъ

Нындзыг.

Ингæ нмæ

Мæ зæ рдæ йы

Цæ рдзынæ,

Ме ‘взонджы

Рæ сугъд цин æ мæ

Хъыг...

Æ мæ уайы

Зæ рдæ йыл

Тæ дзынæ г,

Æ мæ хъуысы

Сахаты цъыкк-цъыкк.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.