Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Дидинæг






(З.А.-йæ н)

Федтон диссаджы дидинæ г,

Хох æ й батыдта «‘взæ рдæ»-йæ.

Мæ нæ уалдзæ джы фидиуæ г

Бацыд рухстаугæ зæ рдæ йы...

 

Уый чъызгæ -ризгæ дуры бын

Байрæ зт цъæ х нæ ууæ й миты ‘хсæ н,

Уæ, тæ худы ф’ уай, хуры тын, —

Ууыл алы бон чи тыхсы!..

 

Цины ‘видигæ суадонау,

Уымæ й байрайы чидæ рид.

Уæ лæ, сау айнæ г, бадон уай, —

Ууыл тар аууон чи дары.

 

Райсом рухс хуры ‘взист тагыл

Афтæ ‘фсæ рмгъуызæ й фембæ лы,

Цыма дунейы цинагæ й

Уымæ мисхал дæ р не ‘мбæ лы.

 

Мигъ ын ку’ адары арвы дон,

Уддзæ ф ыл цинæ й ку’ атыхсы, —

Цæ й, цæ мæ й, дам, сын бафидон

Ныр сæ лæ ггæ дтæ, — батыхсы...

 

Хъоппæ г циу, кæ нæ малусæ г, —

Бацыд уый хуызы уарзты зæ д.

Уалдзæ г, бакæ н æ й де уазæ г,

Хæ хты Галæ гон ма схъызæ д...

 

Федтон диссаджы дидинæ г, —

Хох æ й бадомдта «‘взæ рдæ»-йæ;

Мæ нæ уалдзæ джы фидиуæ г

Бацыд рухстаугæ зæ рдæ йы.

Амæ ттаг бæ ллиц

(3. А.-йæ н)

 

Уæ ртæ залйаг калм анкъуыст, фæ лæ сы;

Хохыл ахылд, фæ уайы цæ рдæ г.

Уыцы калмæ н йæ хъæ стæ хъæ лæ сы

Ис цыкурайы ‘рттивгæ фæ рдыг.

 

Нæ, — уый уадæ г мæ хуры фæ хæ ссы,

Æ мæ м’ алфæ мблай бæ стæ ныхъхъус.

Хур æ мбисбон, цырагъау, фæ хуыссы,

Æ мæ тайы мæ цæ стыты рухс.

 

Уайынц цæ лхытæ, — тагъддæ р, дам, тагъддæ р.

Фæ свæ д къæ вдамæ телхъæ д ныджджих...

Нæ, уый зæ ххыл нæ сæ мбæ лд æ ртах дæ р, —

 

Уый мæ зæ рдæ йы уары тæ рк-их.

 

Дардмæ фехстон мæ цардамонд барæ й,

Ныр йæ фæ дыл дзыназгæ кæ сын:

Рухс бон баивтон млазон фыдтарæ й,

Æ мæ байхæ лд мæ сæ нтты мæ сыг...

 

Гъеныр дам-думтæ й бафсæ дут уе ‘ппæ т, —

Кодта судзгæ мæ рдтæ м фыд кæ й дзых:

Фæ тк, æ гъдаумæ гæ сгæ, дам, цы не ‘мбæ лд,

Уый, дам, бакодта уыцы къæ йных...

 

Дам тæ вд нæ мыгау ацæ уы ниугæ, —

Уый нæ ныккæ ны маргъы пæ ррæ ст:

Дам дыл хъус-хъусæ й ацыдис иугæ р,

Уæ д æ нæ ууæ нк у адæ мы цæ ст...

 

Уый æ ппæ рстой уæ цæ стытæ тасы, —

Алкæ д кодтой йæ м сусæ г зыдкаст,

О, æ дзухдæ р уыдысты йæ разы

Уынд»жы, дзуарæ вæ рд хъаматау, раст.

 

Уый уæ дам-думтæ м тадис уæ лхъæ дæ й,

Уый æ наххосæ й домдта фыдмаст;

Зæ ххæ й сисинаг чи нæ у йæ хæ дæ г,

Уый дæ р уымæ былысчъилæ й каст.

 

Уæ д цы уыдис йæ фыдракæ нд, уагæ р,

Гъе йæ м фауæ й цы ‘рхастаид цæ ст?!

Уарзтæ н рухс цырагъ дардта дæ ндагæ й,

Иу цæ стмæ ми нæ зыдта æ рмæ ст.

 

Мæ н йæ амонды стъалыйыл барста:

(Хур мæ м мигъæ й чъызгæ -ризгæ каст);

Уый йæ хивæ нд зæ рдæ йæ н нæ барста

Риуы дуарæ хгæ д сусæ ггаг уарзт.

 

Уый нымадта йæ хицæ н æ вгъауыл, —

Æ з уыдаин йæ царды æ мбал.

Афтæ хурзæ рин зæ ххы рæ вдауы,

Фæ лæ зæ ххæ й нæ домы лæ вар...

 

Æ з мæ цæ стытыл кодтон æ нæ ууæ нк,

Æ з æ нхъæ лдтон — рæ сугъд фыны дæ н.

Уый — мæ дуне, мæ удæ н йæ лæ ууæ н,

Уыд æ видигæ цины гуырæ н.

 

Æ мæ судзгæ, кæ лæ нгæ нæ г уарзтæ н

Арф нымбæ хстон мæ зæ рдæ йы й’ арт;

О, мæ фынæ н, сывæ ллонау тарстæ н, —

Зæ гъын, маргъау мын ку’ атæ ха дард...

 

Атахт м’ амонд дæ р, йемæ фæ тары,

Уый фæ хицæ н æ нустæ м мæ нæ й...

Бон йæ къухы æ хсæ вдзырагъ дары, —

Уæ лæ арвыл мæ рдонвæ лурс мæ й.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.