Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






  • Сервис онлайн-записи на собственном Telegram-боте
    Тот, кто работает в сфере услуг, знает — без ведения записи клиентов никуда. Мало того, что нужно видеть свое расписание, но и напоминать клиентам о визитах тоже. Нашли самый бюджетный и оптимальный вариант: сервис VisitTime.
    Для новых пользователей первый месяц бесплатно.
    Чат-бот для мастеров и специалистов, который упрощает ведение записей:
    Сам записывает клиентов и напоминает им о визите;
    Персонализирует скидки, чаевые, кэшбэк и предоплаты;
    Увеличивает доходимость и помогает больше зарабатывать;
    Начать пользоваться сервисом
  • Царциаты хистæр






    Царциаты Ахуыйы зæ нæ г — Суа, Фарнæ г, Едысо, Хæ тгар æ мæ Хъæ лæ г ралæ гтæ сты æ мæ фондз сыхы баисты. Фондз сыхы адæ м нал фидыдтой æ мæ загътой:

    — Нæ хицæ н скæ нæ м хистæ р.

    Кæ й равзарой, ууыл уыди сæ ныхас. Алы сых дæ р хъавыди, уыдонæ й хистæ р уа, уымæ. Нал фидыдтой æ мæ кæ рæ дзи цæ гъдынмæ æ рцыдысты. Уæ д Царциаты фондз сыхæ й Суа æ мæ Едысо тыхджындæ р уыдысты, сæ цæ уæ т дæ р фылдæ р уыдысты æ мæ загътой уыдон:

    — Фондз сыхы нæ хиуыл байуарæ м, фæ лæ куыд, фæ йнæ дыууæ сыхы фæ стæ ма иу сых не ’хсæ н дзырддаг у.

    Едысо зæ гъы:

    — Мах афтæ мæ й нæ бафидаудзыстæ м, фæ лтау нæ фæ ттæ фехсæ м, хуыздæ р миниуæ гимæ сæ чи æ рыздæ ха, уый уæ д Царциаты хистæ р.

    Фондз æ фсымæ рæ й фондзырдæ м фехстой сæ фæ ттæ. Суайы фат атахти æ мæ Æ хсæ ртæ ггаты сыхы, Уырызмæ джы уæ лкъæ сæ р ныссагъди. Нарты Уырызмæ г пылыстæ г сынтæ гыл хуыссыди. Йæ хæ дзар ныдздзелау [1] кодта æ мæ йæ бынатæ й фестади, фæ рсы Сатанайы:

    — Уый цы уыди, уæ дæ?

    Сатана зæ гъы:

    — Нæ уæ лкъæ сæ р ныссагъди кæ йдæ р фат æ мæ йæ фен дæ хæ дæ г.

    Уырызмæ г фатмæ æ ркасти æ мæ зæ гъы:

    — Ай Царциаты Суайы фат у, æ мæ йæ цы хъæ удзæ н.

    — Æ нæ фæ цæ угæ дын нæ й, зæ ронд, — загъта Сатана, кæ нæ хорзы нысан у, кæ нæ фыды нысан.

    Уырызмæ г рафтыдта Суайы фаты, йæ бæ хы сифтыгъта æ мæ араст ис Царциатæ м.

    Дыккаг фат фехста Фарнæ г æ мæ сæ мбæ лди уæ ллаг Нарты Бурæ фарнæ джы хæ дзары уæ лкъæ сæ рыл. Бурæ фарнæ г сихор кодта æ мæ йæ хæ ринæ гтæ зæ хмæ æ ркалдысты. Дзуры йæ усмæ:

    — Уæ дæ цы хабар уа?

    — Нæ зонын, нæ уæ лкъæ сæ рыл ныссагъди кæ йдæ р фат.

    Бурæ фарнæ г æ м æ ркасти æ мæ загъта:

    — Ай Царциаты Фарнæ джы фаты хуызæ н у, цыдæ р ыл æ рцыди.

    — Бабæ рæ г æ й хъæ уы, — зæ гъы Бурæ фарнæ джы ус йæ лæ гæ н.

    Бурæ фарнæ г дæ р фаты рафтыдта, йæ бæ хыл сбадти æ мæ араст и Царциатæ м.

    Едысо фехста æ ртыккаг фаг æ мæ дæ ллаг Нарты Алæ джы хæ дзары уæ лкъæ сæ рыл сæ мбæ лди. Хæ дзар ныдздзелау кодта. Алæ г цыдæ р куыста æ мæ дзуры йæ усмæ:

    — Уæ дæ цæ й дзелау ныккодта нæ хæ дзар?

    Ус зæ гъы:

    — Кæ йдæ р фат сæ мбæ лди уæ лкъæ сæ рыл.

    Алæ г фаты федта æ мæ зæ гъы:

    — Ай Царциаты Едысойы фат у æ мæ йæ цы хъæ удзæ ни мæ нæ й.

    — Фæ цу йæ м, — загъта йæ ус, — æ мæ йæ базондзынæ.

    Алæ г йæ бæ хы сифтыгъта, фаты сæ фтыдта æ мæ араст и Царциаты ’рдæ м.

    Хæ тгар дæ р фехста йæ фаты. Фат атахти судзгæ -уыраугæ. Нарты Батырадз дзуæ рттимæ хæ цыди æ мæ йæ фæ схъусы ныссагъди. Фæ лæ бурдта йæ м, æ ркасти фатмæ æ мæ загъта:

    — Ай Царциаты Хæ тгары фат у, æ мæ мæ нæ й цы агурæ г уыдзæ н, фæ цæ уын æ м хъæ уы.

    Фæ раст и Царциаты ’рдæ м.

    Уæ д Хъæ лæ джы фат дæ р атахти æ мæ сæ мбæ лди хохы сæ ры, Нарты Ацæ мæ з уым улæ фыди æ мæ йæ зæ вæ ты фæ ныхсти. Ацæ мæ з фесхъиуæ гау кодта æ мæ æ ркасти фатмæ, зæ гъы:

    — Ай Царциаты Хъæ лæ джы фат куы у, цы йыл æ рцыдаид? Айтæ -уыйтæ нал фæ кодта, фæ лæ фæ раст и Царциатæ м.

    Уалынмæ Нартæ кæ рæ дзи баййæ фтой, алчидæ р загъта, цæ мæ цæ уы Царциатæ м, уый.

    Æ рцыдысты Нартæ фондзæ й — Уырызмæ г, Бурæ фарнæ г, Алæ г, Батырадз æ мæ Ацæ мæ з Царциатæ м. Царциатæ уыдысты сæ ныхасы æ мæ та хистæ риуæ гыл ныхас кодтой. Нартæ сæ м æ рхæ ццæ сты æ мæ загътой:

    — Фарн уæ ныхасы!

    — Фæ рнæ йдзаг ут, Нарты сæ ргуыппыртæ!

    — Фатфæ дис нæ м фервыстат æ мæ уымæ н æ рцыдыстæ м.

    — Хорз бакодтат, — зæ гъынц Царциатæ, — мах стæ м сымахмæ хъусæ г, хистæ р æ взарæ м æ мæ нæ фидауæ м.

    Уырызмæ г зæ гъы:

    — Цæ мæ й уый равзарæ м, уый тыххæ й нын уе ’хсæ ны аг не ’хсæ н æ рæ вæ рут раздæ р.

    Царциатæ æ хсæ ны аг дардтой. Йæ мидæ г гал фыхтой æ мæ загътой:

    — Æ хсæ ны сыхы гал фыцæ м æ хсæ ны аджы. Уырызмæ г Нартæ н зæ гъы:

    — Алчи уæ иу хай сисæ д.

    Фыцгæ агмæ Ацæ мæ з февналдта æ мæ сгуы фелвæ ста. Уырызмæ г зæ гъы:

    — Царциаты Хъæ лæ г кæ стæ риуæ г фод Царциаты хистæ рæ н.

    Батырадзы рад æ рхауди, февналдта фыцгæ агмæ æ мæ агъд фелвæ ста. Уырызмæ г зæ гъы:

    — Царциаты хистæ ртæ æ гъдау зонгæ й фидар уæ нт нырæ й фæ стæ мæ.

    Алæ г февналдта агмæ æ мæ æ фцæ г фелваста. Уырызмæ г зæ гъы:

    — Царциаты Едысо Царциатæ н æ фцæ гау баст уæ д æ мæ æ ртыккаг хистæ р бауæ д.

    Бурæ фарнæ г æ хсидгæ агмæ февналдта æ мæ бæ рзæ й фелваста. Уырызмæ г та зæ гъы:

    — Царциаты Фарнæ г уæ д Царциатæ н бæ рзæ йау фидар æ мæ абонæ й фæ стæ мæ дыккаг хистæ рæ н баззайæ д.

    Уæ д Нартæ Уырызмæ гæ н зæ гъынц:

    — Дæ хæ дæ г дæ р сис хай.

    Уырызмæ г февналдта фыцгæ агмæ æ мæ галы сæ р фелвæ ста, стæ й зæ гъы:

    — Царциаты Суа уæ д Царциаты сæ р нырæ й фæ стæ мæ. Ницыуал загътой Царциатæ Уырызмæ джы ныхасыл. Нартæ н фынг æ рæ вæ рдтой, фæ лæ Нартæ й нæ нуазинагмæ исчи æ вналдта, нæ хойрагæ й исты хъаудта. Царциатæ фæ рсынц:

    — Цæ уылнæ исты исут? Уыдон загътой:

    — Нартæ м ис æ гъдау, кæ д æ ххæ ст æ рцæ удзæ н, уæ д æ вналæ м фынгмæ, кæ ннод нæ цыд дæ р сæ фт, нæ хæ дæ г та уе ’хсæ н æ гад.

    — Зæ гъут æ й.

    — Мах цы хистæ ртæ равзæ рстам, уыдонæ й алчи йæ миниуæ г Нарты хуызæ н равдисæ д. Сразы сты Царциатæ.

    Суа, Фарнæ г, Едысо, Хæ тгар, Хъæ лæ г сбадтысты бæ хтыл æ мæ сæ хъуамæ арвитоæ, уæ д [? ].

    — Хуыцау, Суайы бæ х кæ м фæ къуылых уа.

    Уырызмæ джы ныхас Суайы бæ хыл æ рцыдис. Суайы бæ х афтæ къуылых ссис, æ мæ размæ йæ бон къах исын дæ р нал уыд. Уырызмæ г загъта:

    — Уæ, Суа! Мæ нæ дын мæ бæ х, ууыл ацу, дæ хи бæ х дæ искуы ныууадздзæ ни.

    Ничи базыдта иннæ Нартæ й Уырызмæ джы хин. Цæ уынц фондзæ й Царциатæ, æ рмæ ст Уырызмæ джы бæ хыл цæ уы Суа. Иу бон фæ цыдысты æ мæ дыккаг бон Уырызмæ г скуывта:

    — Хуыцау, Царциаты фондз барæ гыл ахæ м мит рауадз æ мæ авд азы мит иу бон цы ’руара.

    Царциаты барджытыл æ цæ гдæ р арв сасæ ст и. Мит сыл уарын байдыдта æ мæ æ д уæ лбæ хæ й сæ сæ рты акалдис. Суа æ мбæ рста, ай Уырызмæ джы фæ нд у, уый.

    Зæ гъы йе ’мбæ лттæ н:

    — Æ з мæ хистæ риуæ гад [2] дæ ттын уымæ н, фæ ндаг чи акæ на æ мæ мæ ранмæ чи фæ кæ на.

    Суайы æ мбæ лттæ й ничи йæ ныфс бахаста. Хъæ лæ г æ м бадзырдта:

    — Æ з кæ стæ риуæ г кæ ндзынæ н фæ лтау, æ мæ нын дæ хæ дæ г фæ ндаг акæ н, ам миты бын сæ фыны бæ сты мæ мæ лæ т мæ хи бæ стыл æ рцæ уæ д.

    Суа йæ хи фæ разæ й кодта. Уырызмæ джы бæ х разæ й лæ гæ рды. Ныффутт кæ ны миты æ мæ йæ авд ивазны бæ рц йæ разæ й фæ хæ ссы. Аивæ рстысты [3] уырдыгæ й. Цæ уынц та дарддæ р, уæ д Нарты Уырызмæ г скуывта:

    — Хуыцау, авд азы хъызт иу бонмæ рауадз Царциаты бæ лццæ ттыл.

    Уырызмæ джы ныхас та æ рцыди. Царциатыл ахæ м хъызт сыстади æ мæ сæ хæ лæ фты мизыныл фесты. Бабукъ сты сæ сæ ргътыл, сæ бæ хтæ ныкъкъæ дзтæ сты. Суа дзуры:

    — Чи нæ фервæ зын кæ на ацы уазалæ й, уый фæ уæ д хистæ р иуæ г.

    Хæ тгар зæ гъы:

    — Цы нæ мæ стæ й марыс, Суа, кæ д исты дæ бон у, уæ д дын æ з кæ стæ рæ н уыдзынæ н æ мæ нæ фервæ зын кæ н.

    Суа та æ мбæ рста, Уырызмæ джы зонд у, уый. Зæ гъы йе ’мбæ лттæ н:

    — Тымбыл кæ рæ дзимæ æ рбацæ ут.

    Царциатæ æ рбатымбыл сты. Уырызмæ джы бæ х сæ алыварс зилдух байдыдта æ мæ тæ вд кодта, уыцы тæ вдæ й Царциатæ схъарм сты æ мæ та фервæ зтысты. Цæ уынц дарддæ р иннæ боны. Ноджы та Уырызмæ г скуывта:

    — Хуыцау, ахæ м уард рауадз æ мæ бæ стæ лæ сæ нтæ куыд кæ на.

    Æ цæ гдæ р, ахæ м уарын рацыди æ мæ хæ хтæ лæ сæ нтæ байдыдтой. Царциатæ лæ сæ ны астæ у бахаудтой æ мæ сын ацæ уæ н нал уыди. Суа та зæ гъы:

    — Мæ н хистæ риуæ г нал хъæ уы, дæ ттын мæ хистæ риуæ г ахæ мæ н, ацы лæ сæ нæ й мæ чи фервæ зын кæ на.

    Едысо нæ фæ лæ ууыди æ мæ зæ гъы:

    — Æ з æ ртыккаг хистæ рæ й дæ р æ ввæ рсын, æ рмæ ст мæ, Суа, хъуа ды фервæ зын кæ най.

    Суа æ мбæ рста, ацы ми дæ р та Нарты Уырызмæ джы у, уый. Йæ бæ хы разæ й ауагъта. Бæ х йæ болат цæ фхæ дтæ й лæ сæ ны цъыкк ласта æ мæ лæ сæ н авд мусуаты фæ йнæ рдæ м пырх кодта. Аивæ рстысты уырдыгæ й дæ р. Цæ уынц та дарддæ р. Уæ д ноджы Уырызмæ г скуывта:

    — Хуыцау, ахæ м донивылд рауадз, æ мæ Царциаты барджытæ н ахицæ н куыннæ уал уа.

    Æ рцыдис та ацы хатт дæ р Уырызмæ джы ныхас. Царциатыл ахæ м ивылд рацыди æ мæ сахъарайы [4] астæ у аззадысты. Дон кодта фылдæ рæ й фылдæ р. Ласта хæ хтæ æ мæ къæ дзæ хтæ, кæ рæ дзийыл сæ хаста. Суа зæ гъы:

    — Ардыгæ й мæ чи аирвæ зын кæ на, уый фæ уæ д мæ хистæ риуæ гдзинад.

    Фарнæ г æ м нал фæ лæ ууыди æ мæ зæ гъы:

    — Цы ма нæ мæ стæ й марыс, хистæ риуæ г дæ уæ н радтам æ мæ нæ ивæ рзын [5] дæ р акæ н, æ з дыккаг хистæ рæ й дæ р ныллæ удзынæ н.

    Суа та йæ хицæ н дзырдта, зæ гъгæ, ацы ми дæ р Уырызмæ джы фæ ндæ й у. Йæ бæ хы доны батардта. Уæ д Донбеттыртæ базыдтой Уырызмæ джы бæ хы æ мæ загътой:

    — Нæ хæ рæ фырты бæ хы æ д барæ г æ мæ æ д барджытæ фервæ зын кæ нæ м.

    Доны фæ хуыскъ кодтой æ мæ Суа æ д æ мбæ лттæ уыцы фарс фестадысты. Араст та сты сæ фæ ндагыл. Уæ д сыл гуымир уæ йгуытæ амбæ лдысты. Суа йæ хицæ н дæ р фæ тарсти. Бæ х æ й бамбæ рста æ мæ ныууасыди. Бæ хы уаст Уырызмæ джы хъустыл æ руади æ мæ скуывта:

    — Хуыцау, бон сæ мачи сæ ттæ д, æ хсæ в тыхгæ нджытыл фынæ й хæ цæ д.

    Æ цæ гдæ р афтæ рауади. Гуымиртæ схæ цыдысты Царциатимæ. Ничи сæ састи. Изæ рырдæ м сæ хæ ст ныууагътой. Дыууæ рдыгæ й дæ р æ рулæ фыдысты. Уырызмæ джы бæ х зæ гъы Суайæ н:

    — Хуысгæ йæ нæ у, Суа.

    Суа йе ’мбæ лттæ н загъта:

    — Улæ фут уал, æ з азилон гуымиртыл.

    — Мах де уазæ г, Суа, аирвæ зын нæ кæ н, æ мæ дын дæ номæ н кувдзыстæ м.

    Суа Уырызмæ джы бæ хыл азылди. Гуымиртæ уыдысты фынæ й. Суа сæ арцдзæ фтæ фæ кодта, сæ фæ ллой сын ратардта æ мæ зæ гъы йе ’мбæ лттæ н:

    — Цæ уæ м нæ химæ.

    Уыдон дæ р фестадысты. Æ рцыдысты Царциатæ м æ мæ Нарты Уырызмæ гæ н загътой:

    — Дæ зонд авд хуыздæ ры фæ уæ д, Суайы хистæ р кæ й скодтай, уый руаджы мах дæ р фервæ зтыстæ м.

    Стыр куывд скодтой Царциатæ Нартæ н. Стыр лæ вæ рттимæ сæ рарвыстой æ мæ рацыдысты сæ хи бæ стæ м.

    Царциаты Суа хистæ риуæ гæ й баззади Царциатæ н йæ амæ лæ ты бонмæ.

    25. Фæ рнлæ г æ мæ йæ фырттæ

    Царциаты фондз сыхы уыдысты, фондз сыхы дæ р æ фсымæ рты цæ уæ тæ й уыдысты. Фондз сыхæ н сæ хуыздæ ртæ й иу Фæ рнлæ г уыди. Фарны гуырд уыди, фарны боны æ мæ йæ афтæ рахуыдтой Царциатæ.

    Фæ рнлæ г йæ лæ джы ранмæ рахæ ццæ ис, уæ д йæ мад амарди. Сфæ нд кодта йæ мады кадджынæ й бавæ рын. Фондз сыхæ й Фæ рнлæ джы зианыл маст кодтой, сæ хуыздæ р æ мæ сæ кадджындæ р уый уыдис. Тых æ мæ хъаруйы хицау уыди Фæ рнлæ г. Бавæ рдтой Фæ рнлæ джы мады Царциатæ æ мæ Фæ рнлæ г зæ гъы:

    — Мæ н чи нымайы, уый иу бон йæ хиуыл фæ хæ цæ д, ма дæ р тых кæ нынмæ ацæ уæ д, ма дæ р маст исынмæ. Кæ д нæ исчи хъыгдара, уæ ддæ р уал уромæ м.

    Фæ рнлæ г кæ фты фыдæ й хæ рнæ г кодта æ мæ дзы Донбеттыртæ æ рхуынды ферох сты.

    Донбеттыртæ мæ сты кодтой æ мæ загътой:

    — Царциатæ мах не ’рхъуыды кодтой æ мæ сын ныббаринаг нæ у.

    Уæ д дын Царциатæ м æ рбаминæ вар кодта Донбеттырты хистæ р:

    — Мах ферох кодтат æ мæ уын баринаг нæ у.

    Фæ рнлæ г загъта:

    — Царциатæ ам ницы сты аххосджын, аххосджын уæ д æ з дæ н. Мемæ дзурут, цы фæ нды кæ нут, фæ лæ абон Царциаты мады æ вæ рæ н бон у æ мæ уæ м дзурынхъом не стæ м.

    Уый фехъуыстой Донбеттыртæ.

    Донбеттыртæ уæ д худын байдыдтой æ мæ загътой:

    — Фесæ фат, Царциатæ, сæ зæ ронд хæ ррæ гъ амарди, уыйадыл йæ ныгæ нæ н боны никæ мæ дзурынц.

    Донбеттырты хистæ р зæ гъы:

    — Абон хъуамæ Царциатæ й фаг хынджылæ г фæ кæ нæ м.

    Æ рбакодта алчидæ р Донбеттыртæ й йæ чызджы, лазæ гтыл [1] сæ сæ вæ рдтой, лазæ гтыл Царциаты сифтыгътой æ мæ сæ тырты сындзытæ й цавтой. Бæ хты ифтыгъдау цыдысты Царциатæ. Царциаты чызджытæ скъæ фтой æ мæ сæ æ рхæ ццæ кодтой сæ хъазæ н фæ змæ. Уым Царциатæ чызджыты цæ рдзæ фгæ [2] фæ кодтой, стæ й сæ бонмæ нал ауагътой. Донбеттырты чызджытæ фæ худинаг сты, уый Донбеттыртæ куы бамбæ рстой, уæ д сæ м тæ лм [3] æ ркасти. Æ нæ бафидæ уыны хос нал уыди æ мæ бафидыдтой.

    Донбеттырты чызджытæ бакъæ йттæ кодтой Царциатæ.

    Фæ рнлæ джы ус дзы фæ цис Донбеттырты хистæ ры чызг.

    Фæ рнлæ джы ус тырæ нхъæ лцау [4] баци æ мæ зæ гъы:

    — Мæ афон у, мæ нæ уый.

    — Кæ д мын хъулджын [5] гуырд рацæ уа, уæ д фидауын дæ фыдимæ, кæ ннод уын уæ мыггаджы быны цагъд фæ кæ ндзынæ н.

    Ус æ м дзуры:

    — Хъулджынтæ дыууæ сты æ мæ кæ рæ дзийæ н бар нæ дæ ттынц, нæ æ з раздæ р райгуырон, нæ æ з.

    — Уый та цы уæ лдай у, чи фæ нды сæ райгуырæ д раздæ р.

    — Уæ лдай дзы ис, куы рахъомыл уой, уæ д сæ алкæ й хистæ рдзинад фæ нддзæ ни æ мæ сын хылмæ цæ удзæ ни. Фæ лтау мæ нæ мæ базыджы бын бакъæ ртт кæ н æ мæ дзы раздæ р кæ уыл фæ хæ ст уай, уый райс æ мæ хистæ р дæ р уый уæ д. Дыккаг хатт кæ й райсай, уый та кæ стæ р уæ д.

    Фæ рнлæ г йæ усы базыджы бын бакъæ ртт кодта æ мæ дзы иу гуырды цæ хæ р калгæ райста — уыйадыл æ й схуыдтой Базыг. Дыккаг æ внæ лд бакодта, райста дыккаг гуырды — уый дæ р цæ хæ р калгæ, уый та схуыдтой Æ мбазыг.

    Фæ рнлæ г стыр куывд скодта йæ фазæ ттæ н. Æ рхуыдта уæ д Донбеттырты дæ р æ мæ йæ усы фыд, хистæ р Донбеттыры дæ р. Стыр куывды Фæ рнлæ г рауагъта фыццаг куывд æ мæ зæ гъы:

    — Мæ фыртты хъæ булы хаст афæ дзмæ чи скæ на, уымæ н мæ нæ мæ сыгъзæ рин нуазæ н, æ мæ йæ ныфс чи хæ ссы, уый йæ айсæ д.

    Хистæ р Донбеттыр акасти, йæ ныфс ничи хаста æ мæ уæ д сыстади. Фæ рнлæ гмæ дзуры:

    — Дæ фыццаг сыгъзæ рин нуазæ н мæ н у, æ з сæ скæ ндзынæ н хъæ булы хаст.

    Райсы хистæ р Донбеттыр нуазæ ны, арфæ ракодта, анызта йæ æ мæ нуазæ н та йæ химæ нывæ рдта.

    Фæ рæ гъытæ кодтой. Фæ рнлæ г райста дыккаг сыгъзæ рин нуазæ ны йедзагæ й æ мæ зæ гъы:

    — Ацы нуазæ н та айсæ д уыцы лæ г, кæ цы мæ фыртты мын иу афæ дзмæ хъаны хаст чи скæ на.

    Хистæ р Донбеттыр та акастис æ мæ куы ничи стади, уæ д зæ гъы:

    — Уыцы нуазæ н дæ р мæ н у, сæ дыккаг æ з дæ р схæ сдзынæ н хъаны хастæ й.

    Райста нуазæ н, ануæ зта йæ æ мæ та уый дæ р йæ химæ нывæ рдта. Цыдысты та рæ гъытæ. Уæ д Фæ рнлæ г æ ртыккаг сыгъзæ рин нуазæ н байдзаг кæ нын кодта æ мæ зæ гъы:

    — Ацы æ ртыккаг сыгъзæ рин нуазæ ны та ахæ м лæ гæ н дæ ттын, кæ цы мæ фыртты хъаны бæ рны цæ уы.

    Хистæ р Донбеттыр та ацы хатт дæ р йæ цæ ст ахаста бадты адæ мыл, куы ничи стади, уæ д зæ гъы:

    — Фæ рнлæ г, уыцы нуазæ н дæ р мæ н у, æ з дæ фыртты хъаны бæ рны цæ уын æ мæ æ ртыккаг æ з дæ р нæ рауаддзынæ н дæ фыртты мæ хицæ й.

    Райста æ ртыккаг сыгъзæ рин нуазæ ны хистæ р Донбеттыр, арфæ ракодта, анызта йæ æ мæ йæ нывæ рдта йæ химæ уый дæ р.

    Куывд цыди дарддæ р. Уый фæ стæ æ рхуынды адæ м арфæ тæ кодтой Фæ рнлæ гæ н, йæ фыртты тыххæ й æ мæ фæ цыдысты. Баззади ма дзы хистæ р Донбеттыр. Фæ рнлæ г æ м дзуры:

    — Ныр мах тугхæ стæ г стæ м демæ, абонæ й фæ стæ мæ дын ис мæ хæ дзармæ фæ ндаг.

    Лæ вæ рттæ ракæ ны хистæ р Донбеттырæ н. Йæ фыртты йын лæ вæ рттимæ акæ ны æ мæ хистæ р Донбеттыр фæ цыди сæ химæ.

    Рацыди афæ дз. Фæ рнлæ гæ н йæ ус зæ гъы:

    — Афæ дз рацыдис æ мæ афон у мæ цæ гаты бабæ рæ г кæ нын.

    Фæ рнлæ г зæ гъы:

    — Раст дæ, «нæ» дын нæ зæ гъын, фæ лæ иу азмæ ацæ уæ н нæ й: дæ фыдмæ нæ хъæ бултæ хæ ссынмæ сты афæ дзы æ мгъуыдмæ, æ ндæ ра дын æ мбарын дæ хъуыдыйы.

    Ус дæ р ницыуал загъта. Рацыди афæ дз дæ р æ мæ та Фæ рнлæ гæ н йæ ус загъта:

    — Ныр мæ уæ ддæ р ауадз.

    Фæ рнлæ г та загъта:

    — Ныр дæ р дын ацæ уæ н нæ ма ис, нæ хъæ бултæ дæ фыдмæ хъаны номыл лæ вæ рд сты.

    Ус дæ р та ницыуал загъта æ мæ та рацыди ноджыдæ р иу афæ дз. Фæ рнлæ джы та йæ ус нæ уадзы:

    — Гъеныр мæ уæ ддæ р ауадз.

    Фæ рнлæ г дæ р та зæ гъы:

    — Дæ фыдæ й æ фсæ рмы кæ нын, нæ хъæ булты хъаны бæ рн дæ фыдмæ лæ вæ рд у, æ мæ зæ гъдзæ ни, цыма бæ рæ ггæ нæ г цæ уыс.

    Рацыди та иу аз æ мæ та Фæ рнлæ джы нал уадзы йæ ус:

    — Ныр дæ æ ртыккаг хатт мæ хи курын мæ цæ гатмæ æ мæ мын разыйы дзуапп нæ зæ гъыс. Цасфæ нды мæ уромай, уæ ддæ р ацæ удзынæ н.

    Фæ рнлæ г зæ гъы:

    — Бар дæ хи, фæ лæ мæ нырмæ нæ фæ ндыди. Ацу.

    Йæ хи сцæ ттæ кодта Фæ рнлæ джы ус, бирæ лæ вæ рттæ æ мæ йæ Фæ рнлæ г доны былмæ рафæ ндараст кодта. Уым кæ рæ дзийæ н хæ рзбон загътой æ мæ Донбеттырты чызг доны смидæ г ис. Фæ рнлæ г ма донмæ касти, фæ лæ уый нал зынди.

    Фæ рнлæ г сæ химæ нæ тагъд кодта, фæ лæ цуаны ацыди. Хохыл федта саг æ мæ йæ м фæ хъавыди. Уæ д саг æ виппайды фесхъиудта æ мæ коммæ ныттылди. Фæ рнлæ г æ м раздæ р æ рхæ ццæ ис æ мæ кæ сы сагмæ. Чысыл фæ стæ дæ р дыууæ лæ ппуйы йæ разы февзæ рдысты æ мæ йын дардæ й салам загътой.

    Фæ рнлæ г сын се уæ нгты кондмæ бакасти. Уыдысты фидаргондтæ, хъамбулдзаст æ мæ хæ дæ фсарм лæ ппутæ. Йæ зæ рдæ мæ тынг фæ цыдысты æ мæ йæ химидæ г загъта: «Тæ худы мæ фырттæ дæ р адон хуызæ н куы рауаиккой».

    Фæ рнлæ г лæ ппутæ м дзуры:

    — Цæ мæ кæ сут, мæ нæ саджы мард æ мæ дзы физонджытæ акæ нут.

    Лæ ппутæ загътой:

    — Дæ фарн, дæ фарн, фæ лæ æ нæ хистæ ры бавнæ лдæ й мах не ’вналæ м.

    Фæ рнлæ г бахудти æ мæ зæ гъы:

    — Амондджын кæ стæ ртæ стут сымах, бар уын дæ ттын.

    Дыууæ лæ ппуйы саджы мардмæ февналынц. Иу уысмæ йын йæ царм фæ хицæ н кодтой, арт бакодтой æ мæ физонджытæ суанцъы [6] сагъд акодтой. Уадидæ гæ н ацæ ттæ сты. Иннæ фондз дихы скодтой. Уæ д Фæ рнлæ г хъуыды кæ ны: «Цæ мæ н кæ нынц фондз дихы саджы марды, ам æ ртæ йæ фылдæ р куынæ стæ м. Цæ й, уæ д та уал сæ м бакæ сон». Физонджытæ ацæ ттæ сты, æ рбадтысты хæ рыныл, сæ хи хорз федтой, стæ й лæ ппутæ зæ гъынц Фæ рнлæ гæ н:

    — Ацы фондз дихы байуар, хистæ р ды дæ.

    Фæ рнлæ г зæ гъы:

    — Куыд зыны, афтæ мæ й саджы сымах амардтат, стигъгæ æ мæ дзы физонджытæ дæ р сымах скодтат, уæ дæ фысым дæ р ныр сымах стут æ мæ йæ дих дæ р акæ нут. Уазæ г искæ й хæ дзары йæ хи хицау нæ фæ кæ ны.

    Лæ ппутæ загътой:

    — Уæ дæ фыццаг хай дæ уæ н, куыд хистæ р, афтæ. Дыккаг хай дæ р дæ уæ н, де ’мбæ лæ ггаг. Æ ртыккаг хай дæ р дæ уæ н, Царциатыл цæ удзынæ æ мæ нын уым фыд ис, уымæ йæ бадæ тдзынæ. Цыппæ рæ м хай дæ р дæ уæ н: Царциатæ м цæ угæ йæ, уым мад ныууагътам, æ мæ йæ уымæ ратдзынæ. А фæ ндзæ м хай та мах уæ д, фæ ндагыл ныл уæ д та сыдæ й мæ лæ г амбæ лд.

    Фæ рнлæ г ацы ныхæ стæ м фæ дурдзæ фау ис æ мæ фæ рсы:

    — Ныххатыр кæ нут лæ ппутæ, фæ лæ сымах Царциатæ й кæ цыйы фырттæ стут?

    Лæ ппутæ загътой:

    — Нæ фыд Царциаты Фæ рнлæ г у, нæ мад та хистæ р Донбеттыры чызг у.

    — Уæ дæ мæ хъæ бултæ стут, æ з Фæ рнлæ г мæ хæ дæ г дæ н.

    Уым кæ рæ дзийыл фæ цин кодтой. Уæ д лæ ппутæ сæ мады æ рфарстой. Фæ рнлæ г зæ гъы:

    — Уæ мад йæ цæ гатмæ фæ цæ уы.

    — Иунæ гæ й, æ ви искæ имæ?

    — Чи йæ хъæ уы, афонмæ ныхæ ццæ ис.

    Лæ ппутæ кæ рæ дзимæ бакастысты, стæ й загътой:

    — Нæ мады цæ гатмæ Донбеттыртæ мæ сты сты. Мах йæ фыдмæ ацæ уæ м, кæ ннод ыл исты фыдбылыз æ рцæ удзæ ни. Дæ уæ й та хатыр уал курæ м æ мæ фæ ндараст фæ у.

    Фæ рнлæ г раздæ хти Царциатæ м.

    Лæ ппутæ азгъордтой сæ мады фæ стæ æ мæ сæ мады фыдмæ æ рхæ ццæ сты. Фæ рсынц æ й:

    — Нæ мад нæ ма æ рцыди?

    Хистæ р Донбеттыр зæ гъы:

    — Нæ ма.

    — Уæ дæ йыл цыдæ р сæ мбæ лди, — æ мæ радзырдтой сæ мады тыххæ й цы фехъуыстой сæ фыд Фæ рнлæ гæ й, уый.

    Донбеттырты хистæ р фæ дфæ дис [7] фæ кодта йæ хæ рæ фырттимæ. Ссардтой лæ ппутæ сæ мады, йæ гомтæ риу, риутыл уырдхæ фсытæ [8] æ хсыр дæ йынц, йæ цæ нгтæ й хæ рдмæ баст, бынæ й къæ хтæ м сындз арт цæ уы æ мæ удхарæ й мæ лы. Донбеттырты хистæ р зæ гъы:

    — Уæ ртæ уæ мад, сæ фы кæ йдæ р амыдæ й.

    Лæ ппутæ базгъордтой, фæ лыг кодтой бæ ттæ нты æ мæ йæ æ ристой. Тарæ хсад [9] æ й акæ нынц æ мæ йæ фæ рсынц:

    — Цы кодтай, æ на?

    Мад дзуры:

    — Фыдæ бон фæ уæ д, мæ н бацамонæ г. Чидæ р мæ бацамыдта мæ фыды знæ гтæ н æ мæ мыл фыдвæ ндаг бафтыди.

    Донбеттырты хистæ р зæ гъы йæ хæ рæ фырттæ н:

    — Æ з мæ чызджы кæ нын, фæ лæ ме знаг та уæ ртæ уыцы гæ нахы бады, фыдæ бон мын кæ ны цæ рæ нбонты. Кæ д уæ м Царциатæ й исты фарн ис, уæ д мын уымæ й мæ маст сисут, мæ н бон та уый басæ ттын нæ у.

    Хистæ р Донбеттыр йæ чызджы акæ ны сæ химæ. Дыууæ лæ ппуйы амынд гæ нахмæ бацыдысты æ мæ бахъæ р кодтой:

    — Фысым, æ ддæ мæ нæ м ракæ с!

    Фысым æ рвгæ нæ н [10] фæ зылдта æ мæ гæ нахы иу фарс рафæ лдæ хти. Дыууæ лæ ппуйы фæ свæ д алæ ууыдысты. Дыккаг хъæ р та бакодта:

    — Æ ддæ мæ ракæ с, мах цы хъавæ м дæ гæ нахы дуртæ й!

    Уæ д та дыккаг æ рвгæ нæ ны бакодта, цæ хæ р ракалди, бæ стæ ссыгъди. Лæ ппутæ та фæ йнæ рдæ м алæ ууынц æ мæ æ ртыккаг хатт бахъæ р кодтой:

    — Махæ н уазал нæ у, зынджытæ й цы хъавæ м, æ ддæ мæ нæ м ракæ с.

    Æ ртыккаг хатт дын фысым æ рвгæ нæ н бакодта æ мæ æ хсидгæ дон ракалдта. Лæ ппутæ та фæ стæ фæ лæ ууыдысты æ мæ ноджы бадзырдтой:

    — Мах нæ хи найгæ нæ кæ нæ м, æ ддæ мæ ракæ с, науæ д дæ м тыхæ й фæ цæ уæ м.

    Фысым уыди авдсæ рон, иу сæ ррæ т ракодта, лæ ппутæ йемæ схæ цыдысты. Уый еугуыппарты хистæ р уыди. Лæ ппутæ йæ тæ лмдзæ ф фæ кодтой æ мæ еугуыппар йæ уды систа.

    Уырдыгæ й ацыдысты æ мæ сæ мады æ рвадæ лтæ м ныццыдысты. Донбеттырты хистæ р куыннæ ныццин кодтаид йæ хæ рæ фыртты фесгуыхтыл.

    Уæ дæ й баззади, зæ гъгæ, хæ рæ фырт тугисæ г у.






    © 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
    Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
    Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.