Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






  • Царциаты Суа æмæ Нарты Уырызмæг






    Царциаты Суа ахæ м рауади æ мæ йыл царды, нæ кадæ й, нæ номæ й, нæ зардæ й, нæ кафтæ й исчи тых кодта.

    Йæ ном дардыл айхъуысти Суайæ н. Дыууæ адæ ймаджы-иу истæ уыл куы дзырдтой, уæ д Суа цæ райæ сомы кодтой.

    Царциаты астæ у Суайы ном бæ рæ г уыди. Йæ хицæ н авдбынатон мæ сыг уыди, авдбынатон та гæ нах.

    Царди Суа Хуыцауы цардæ й номдзыд æ мæ кадджынæ й. Йæ бон куывдæ н æ рвыста, йе ’хсæ в та — чындзæ хсæ вæ н.

    Суайы ном айхъуысти Царциаты фондз сыхыл. Йæ фæ ллой авд комы нæ цыдысты, уый бæ рц æ м фос уыди. Иу комы бирæ бæ хты Дзоджитæ [1] уыдысты, иннæ комы йæ емылыкк [2] бæ хтæ хæ цыдысты, æ ртыккаг комы йæ хуыскъаг хъомвосы дардта, цыппæ рæ м комы хъуццыты рæ гъæ уттæ, фæ ндзæ м комы сатæ г сау лыстæ г фосæ й бацæ уæ н нæ уыди.

    Царди Суа, йæ бирæ дæ лдзæ гтимæ [3]. Хуыцауæ й арфæ гонд уыди, зæ ххы фарнæ й хайджын уыди.

    Фæ схох Нарты Уырызмæ г кадджын æ мæ номджын уыди, æ мбал ын нæ уыди. Фехъуыста Царциаты Суайы кой. Иу бон æ нкъардæ й мæ сты тъæ пп æ ркодта йæ къæ лæ тджыны йæ хи æ мæ къæ лæ тджыны къæ хтæ ныцъцъил сты. Йæ ус Сатана йæ фæ рсы:

    — Цы кæ ныс, зæ ронд, чи дын смаст кодта?

    Уырызмæ г зæ гъы:

    — Ацы цардæ й амæ лын хуыздæ р у, не ’фсин. Зæ ххыл диссæ гтæ ис æ мæ сæ æ з та зонгæ нæ кæ нын. Циу мæ цард, кæ нæ мæ бон. Афтæ мæ й куы амæ лон, уæ д мæ рдты дæ р мæ хи хæ рдзынæ н æ мæ ма цы бакæ нон?

    — Уагæ ры цы фехъуыстай ахæ мæ й, ды кæ й нæ зоныс. Дæ хи сау хæ рдæ й цæ мæ н марыс. Хæ тæ нты хæ тыс, цауæ нты цæ уыс, æ мæ йын куынникуы фембæ лдтæ?

    — Нæ мæ бамбæ рстай, — зæ гъы та Уырызмæ г, — мæ маст цæ уыл у, уый ничи æ мбары.

    — Зæ гъай, стæ й цы хуыздæ р гæ нæ н уа, уый бакæ ндзыстæ м.

    Уырызмæ г зæ гъы:

    — Æ з фехъуыстон Царциаты Суайы кой. Кæ мдæ р йæ бирæ фæ ллæ йттæ н ныккæ нæ н нæ й, уымæ й уазæ гуарз зæ ххыл нæ й, æ мæ мæ катай ууыл у, уый кæ й нæ зонын.

    — О, зæ ронд, уый кой æ з дæ р фехъуыстон, фæ лæ нæ зонын, кæ м цæ ры, кæ дæ м æ м ис фæ ндаг.

    — Фæ цу Донбеттыртæ м æ мæ йæ, чи зоны, уыдон зоной.

    — Нæ, зæ ронд, дæ уæ й тынгдæ р фефсæ рмы уыдзысты, дæ хæ дæ г ацу, хорз дæ р ма дæ фендзысты.

    Уырызмæ г араст и Донбеттыртæ м. Донбеттыртæ йын уырдыг ныллæ ууыдысты, лæ ггад кæ нынц, зæ ххыл дæ р æ й нæ уагътой. Кæ фджын къæ лæ тджыныл [4] æ й æ рбадын кодтой, тохъхъыл æ рбаргæ встой, æ ртыкъахыг ын йæ разы авæ рдтой. Донбеттыр ракуывта, радта нуазæ н Уырызмæ гмæ. Уырызмæ г нуазæ н райста, фæ лæ хъыпп-сыпп дзыхæ й нæ сæ ппæ рста. Фæ рсынц æ й:

    — Цæ уылнæ кувыс, Уырызмæ г, æ ви нæ м кæ д истæ уыл фæ хъыг дæ?

    Уырызмæ г зæ гъы:

    — Бузныг уæ лæ ггадæ й, хъыг уæ м цæ мæ н хъуамæ уон, лæ ггады лæ ггад мæ нæ н куы кæ нут, фæ лæ мæ зæ рдæ йы æ ндæ р маст ис.

    — Уагæ ры циу?

    — Зæ гъин æ й бæ ргæ, фæ лæ тæ рсын, куы нæ мын æ й зæ гъат, уæ д мæ т мард акæ ндзынæ н.

    — Кæ д махæ й кæ нгæ у, уæ д дын ницы бахæ лæ г кæ ндзыстæ м.

    — Сымахæ й кæ нгæ нæ, фæ лæ тæ ккæ аразгæ у. Æ рыхъуыстон Царциаты Суайы кой. Дисæ н æ й хæ ссынц æ мæ уый куы нæ фенон, уæ д мæ цард ницы у.

    Донбеттырты хистæ р зæ гъы:

    — Фыдæ боны фæ ндаг равзæ рстай, Уырызмæ г, зындзæ уæ н æ м у.

    — Зынтæ й нæ фæ тæ рсдзынæ н, æ рмæ ст мын фæ ндаг бацамонут.

    Хистæ р Донбеттыр зæ гъы:

    — Уæ дæ мæ кæ д нал уадзыс, Уырызмæ г, уæ д мæ м хъус. Райсомы куыддæ р хур скæ са æ мæ авд ивазны бæ рц арвыл суайа, афтæ раздæ р цы хохыл сæ мбæ ла, уымæ дæ хъус дар æ мæ дæ фæ ндаг æ нæ цудгæ уырдæ м сараз, стæ й дæ зонд æ мæ дæ хæ дæ г, амæ й-ай фыддæ р митæ дыл цæ удзæ ни, кæ д нæ фæ тæ рсай, уæ д бахæ ццæ уыдзынæ Царциаты Суайы бæ стæ м. Ныр уал дæ хи хорз фен.

    Уырызмæ г арфæ тæ ракодта Донбеттыртæ н, йæ хи хорз федта æ мæ сæ химæ æ рцыди.

    Сатана фæ рсы:

    — Æ, зæ ронд, цы бадæ?

    — Фæ рæ ствæ ндаг дæ н, не ’фсин, фæ лæ мæ ныр ацæ ттæ кæ н æ мæ æ з цæ уон.

    Сатана къуыри фæ цæ ттæ кодта Уырызмæ джы балцмæ, æ мæ араст и.

    Цæ уы Уырызмæ г йæ дард хæ тæ ны, райсомы хур авд ивазны бæ рц арвыл куы суади, уæ д раздæ р цы хохыл сæ мбæ лди, уымæ йæ ных ратгæ йæ.

    Бирæ фæ цыди æ ви цъус, уый йæ хæ дæ г зоны, фæ лæ йыл иу ран æ рталынги. Уырызмæ г йæ бæ хы къæ бæ лбаст акодта, къæ бæ р ахордта æ мæ саргъы базыл йæ сæ р æ руагъта. Уайтагъд афынæ й ис. Фæ сæ мбисæ хсæ в уыдаид, афтæ фехъуысти цавæ рдæ р цъæ хснаг хъыллист. Уырызмæ г æ й нæ бамбæ рста, фæ лæ йæ бæ х ныммыр-мыр кодта æ мæ Уырызмæ г фехъал ис. Бæ хыл саргъ баппæ рста, абадтис ыл æ мæ хъыллист кæ цæ й фехъусти, уыцырдæ м ацæ уы. Иу æ рхы былмæ бахæ ццæ сты. Бæ х æ рлæ ууыди æ мæ зæ гъы:

    — Уырызмæ г, афтæ цæ угæ йæ нын нал у.

    — Уæ дæ куыд ацæ уон? — фæ рсы бæ хы Уырызмæ г.

    — Ды мæ тынг цæ в. Иу ран арт судздзæ н, арты æ взæ гтæ арвмæ фæ цыдысты, æ з бахъавдзынæ н æ мæ афтæ æ взæ гтæ куы фæ ныллæ г уой, уæ д йæ сæ рты агæ пп кæ ндзынæ н, кæ ннод æ з дæ р сæ фт, æ мæ ды дæ р арты фæ нык фестдзынæ.

    Уырызмæ г байхъуыста йæ бæ хмæ. Ахъаззаг цæ ф фæ кодта. Бæ х атахти фатау. Арты æ взæ гтæ куыд фæ ныллæ г сты, уæ д бæ х арты сæ рты йæ хи иу æ хст фæ кодта, йæ фæ стаг сæ фтæ джыты тъæ пæ нтæ цъус асыгъдысты, афтæ агæ пп ласта æ мæ доны бамидæ г ис. Бæ х зæ гъы:

    — Ныр уал дæ хи æ руадз боны цъæ хтæ м.

    Уырызмæ г дон анызта æ мæ афынæ й ис. Афтæ тарф фынæ й аци, æ мæ йæ м марæ г куы ’рбацыдаид, уæ ддæ р æ й нæ базыдтаид. Бæ х йæ цурæ й дард нæ цыди.

    Бон дзир-дзур [5] байдыдта, афтæ йæ бæ х Уырызмæ джы сыхъал кодта æ мæ араст сты, цæ уынц дарддæ р.

    Иу ран та сыл æ рталынг ис. Уырызмæ г йæ бæ хы къæ бæ лбаст акодта, къæ бæ р дæ р ахордта æ мæ саргъы базыл афынæ й ис. Фæ сæ мбисæ хсæ в уыдаид, афтæ та цъæ хахст фехъуысти. Бæ х ныммыр-мыр кодта æ мæ Уырызмæ г дæ р фехъал ис. Абадти бæ хыл æ мæ араст и. Æ ндæ р адагмæ бахæ ццæ ис æ мæ та бæ х æ рлæ ууыди, дзуры Уырызмæ гмæ:

    — Афтæ цæ угæ йæ нын нæ у.

    — Цы хабар та у?

    — Нæ разы фæ ндагыл дыууæ рдыгæ й фарс бабадтысты цавæ рдæ р бадджытæ. Ныр афтæ тынг цæ в, æ мæ дæ цæ стытæ й цæ хæ ртæ куыд акæ ла, афтæ куы нæ аирвæ зæ м, уæ д сæ фт нæ дыууæ дæ р.

    Уырызмæ г та бæ хы афтæ тынг ныццавта, æ мæ йæ цæ стытæ цæ хæ ртæ акалдтой. Бæ х фатау атахти æ мæ йæ раззаг къæ хты фæ къæ дзгæ нæ нты сæ рмæ фатфындзтæ сæ мбæ лдысты æ мæ иу доны цуры февзæ рдысты. Бæ х зæ гъы:

    — Æ рулæ ф, Уырызмæ г, тас нын нал у.

    Уырызмæ г та дон анызта æ мæ афынæ й.

    Бон дзир-дзур кодта, афтæ бæ х фехъал кæ ны Уырызмæ джы æ мæ та араст сты сæ фæ ндагыл. Бон-изæ рмæ фæ цыдысты æ мæ та сыл ноджы æ рталынг. Уырызмæ г та йæ бæ хы къæ бæ лбаст бакодта, къæ бæ р бахордта æ мæ саргъы базыл афынæ й ис. Раст та æ мбисæ хсæ в куы сси, афтæ ногæ й цъæ хахст фехъуысти. Бæ х та ацы хатт дæ р ныммыр-мыр кодта æ мæ Уырызмæ г фехъал ис. Абадт бæ хыл æ мæ цæ уы. Иу æ рхы былмæ бахæ ццæ ис æ мæ бæ х æ рлæ ууыди, стæ й зæ гъы:

    — Афтæ цæ угæ йæ та нал у, Уырызмæ г.

    — Цы та ’рцыди? — фæ рсы Уырызмæ г.

    — Афтæ тынг мæ цæ в æ мæ дæ ехсы къæ рцц æ рвнæ рдау куыд уа. Ардыгæ й ма кæ д аирвæ зæ м, уæ д рæ ствæ ндаг фæ уыдзыстæ м, кæ ннод ды дæ р сæ фт æ мæ æ з дæ р.

    Уырызмæ г бæ хы ахæ м цæ ф фæ кодта æ мæ арвы нæ рдау бæ стæ ныррызти. Бæ х иу сæ ррæ т акодта æ мæ тыхсæ лтæ гтæ [6] бæ хы къудийыл атыхстысты æ мæ йын йæ къудийы аскъуыдтой. Бæ х цæ угæ доны был балæ ууыд æ мæ дзуры Уырызмæ гмæ:

    — Аулæ ф, ныр нын тас нал у.

    Уырызмæ г афынæ й, йæ хуыр-хуыр ссыди. Бон та дзир-дзур кодта, афтæ бæ х райхъал кодта Уырызмæ джы æ мæ араст сты.

    Цæ уынц сæ фæ ндагыл. Иу коммæ бахаудтой æ мæ бæ стæ гуыбар-гуыбур ссис, арвмæ рыг бæ стæ бамбæ рзта. Уырызмæ г дис кæ ны æ мæ зæ гъы:

    — О, ме скæ нæ г, ай цы диссаг у.

    Бæ х æ м дзуры:

    — Уыдон, ды кæ дæ м цæ уыс, уый бæ хтæ сты. Тæ фæ й нæ базыдтой æ мæ бæ стæ сæ сæ рыл систой, уыдон рыг сбадти.

    Дарддæ р цæ уынц. Диссаг коммæ ныххæ ццæ сты æ мæ бæ стæ зæ вæ тдзагъд [7] кæ ны æ мæ сæ цæ хæ р акæ лы.

    Уырызмæ г та зæ гъы:

    — О, ме скæ нæ г, ай та цы диссаг у?

    Бæ х та йæ м дзуры:

    — Уый, мах кæ мæ цæ уæ м, уый емылыччытæ зæ вæ ттæ й кæ рæ дзи цæ вынц æ мæ цæ хæ р калынц сæ цæ фтæ й.

    Араст и Уырызмæ г дарддæ р. Æ ртыккаг коммæ ныххæ ццæ сты. Комы уæ ззау гуыппытæ цæ уы. Уырызмæ г та зæ гъы:

    — О, ме скæ нæ г, ай та циу?

    Бæ х та ноджы дзуры:

    — Уый, кæ мæ цæ уæ м, уый хуыскъаг фос сты.

    Араст та сты дарддæ р æ мæ цыппæ рæ м коммæ ныххæ ццæ сты. Бæ стæ уаст ссис, æ мæ ком арыдта. Уырызмæ г та дзуры:

    — О, ме скæ нæ г, ай та цавæ р уаст у? Йæ бæ х та йæ м дзуры:

    — Уый, кæ мæ цæ уæ м, уый хъугрæ гъæ уттæ сты.

    Цæ уынц та дарддæ р. Фæ ндзæ м коммæ ныххæ ццæ сты. Акастысты комы æ мæ сау змæ лæ гæ й бæ стæ байдзаг и. Уырызмæ г та зæ гъы ныр дæ р:

    — О, ме скæ нæ г, адон та цы уой?

    Йæ бæ х дæ р та дзуры:

    — Уый, кæ мæ цæ уæ м, уый лыстæ г сау фос сты.

    Араст та сты æ мæ æ хсæ зæ м коммæ ныххæ ццæ сты. Акасти коммæ Уырызмæ г æ мæ ком урс змæ лæ гæ й æ мбæ з-бæ з кæ ны. Зæ гъы Уырызмæ г:

    — О, ме скæ нæ г, ай та цавæ р диссаг уа, æ гас ком урс змæ лæ гæ й куы байдзаг вæ ййы!?

    Бæ х та йæ м дзуры ацы хатт дæ р:

    — Уыдон, кæ мæ цæ уæ м, уый урс фосы дзугтæ сты. Дарддæ р цæ уынц, ныххæ ццæ сты æ вдæ м коммæ. Бæ стæ гуыпп æ мæ гуымсытæ й байдзаг и. Уырызмæ г ноджыдæ р зæ гъы:

    — О, ме скæ нæ г, уый та цавæ р хæ сты хъæ р у?

    Бæ х та дзуры:

    — Уый, кæ мæ цæ уæ м, уый хуыскъаг фырыты гуыппытæ сты.

    Цæ уынц æ мæ иу быдырмæ ахæ ццæ ис Уырызмæ г. Акасти дардыл. Æ рбазындис æ м дардыл зынд хæ дзæ рттæ æ мæ арвмæ чи хæ ццæ кодта, ахæ м мæ сгуытæ. Хур акъул и, фæ лæ хæ дзæ рттæ стъалытау æ рттывтой. Æ рталынгтæ ис, афтæ ныххæ ццæ стыр быруты цурмæ. Бырутæ афтæ бæ рзонд амад уыдысты, æ мæ сæ сæ рмæ кæ сгæ йæ лæ гæ н йæ худ рахаудаид йæ сæ рæ й. Мæ сгуытæ афтæ уæ лиау уыдысты, æ мæ сыл сæ цъуппытæ феныны тыххæ й уæ лгоммæ зæ ххыл æ рхуыссын хъуыди. Алырдыгæ й уыдысты лæ ггадгæ нджытæ. Уырызмæ г сæ м æ ввахс бацыдис æ мæ зæ гъы:

    — Уе ’зæ р хорз уа, хорз адæ м!

    — Хорз дæ хай, бæ лццон, — зæ гъынц лæ ггадгæ нджытæ, бæ лвырд ардыгæ й нæ дæ, кæ нæ та дардæ й цæ уæ г дæ?

    — Дардæ й цæ уын.

    — Уæ д кæ йонг?

    — Фæ нды мæ Царциаты фенын.

    — Ам иууылдæ р Царциатæ сты, фондз сыхæ й. Уырызмæ г та зæ гъы:

    — Нæ, мæ хуртæ, мæ н Царциатæ се ’ппæ т нæ хъæ уынц.

    — Уæ дæ дæ чи хъæ уы?

    — Суа мæ хъæ уы.

    Иу лæ ггадгæ нæ г азгъордта æ мæ зæ гъы Суайæ н:

    — Æ нахуыр уазæ г дæ м æ рцыди, Суа, æ мæ дæ умæ кæ сы.

    — Уæ лджинтæ й [8] кæ д у?

    — Ахæ м миниуæ гæ й йæ м ницы ис.

    — Уæ д та дæ лджинтæ й [9] у?

    — Ахæ м хуыз дæ р ын нæ й.

    — Уæ д та сыхаг исчи у?

    — Сыхаг дæ р нæ у, йæ бакаст нæ ртоны хуызæ н у, йæ ныхас зондджыны хуызæ н.

    — Уазæ гдонмæ йæ акæ нут, æ з мæ хи æ рцæ ттæ кæ нон. Уырызмæ джы уазæ гдонмæ акодтой дыууæ лæ ггадгæ нæ джы æ мæ зæ гъынц:

    — Хæ дзары хицау ныртæ ккæ рацæ удзæ ни.

    Уалынмæ уазæ гдонмæ Суа æ рбахызти. Тинты кæ рц йæ уæ лæ, йæ фæ дджитыл ын хæ цынц лæ ггадгæ нджытæ. Уырызмæ гæ н арфæ ракæ ны æ мæ пылыстæ г къæ лæ тджыныл æ рбады. Фæ рсы Уырызмæ джы:

    — Кæ цон дæ? Кæ цæ й цæ уыс?

    Уырызмæ г зæ гъы:

    — Нæ ртон лæ г дæ н, Нарты бæ стаг дæ н.

    — О, о, Нарты хъусын æ з.

    — Æ з Уырызмæ г дæ н, Нарты хистæ р.

    — Нæ ртон лæ г мæ нмæ фыдвæ ндæ гтыл æ рхаудзæ н, — зæ гъы Суа, — йæ бæ хыл-ма йын фенут.

    Лæ ггадгæ нджытæ й иу ауади, чысыл фæ стæ дæ р æ рбауади æ мæ зæ гъы:

    — Бæ хыл къуди нæ й, раззаг къæ хтæ — фатдзæ фтæ, фæ стаг сæ фтæ джытæ — артсыгъдтæ. [10] Бæ хы бон стын нал у æ мæ хуыссы стурау.

    — Уæ дæ уый æ цæ г нæ ртон лæ г у.

    Суа та фæ рсы:

    — Зæ гъ-ма, Уырызмæ г, чи уæ м у кадджындæ р?

    — Æ з мæ хæ дæ г, фехъуыстон дæ хорз кой æ мæ мæ бафæ ндыди базонын æ цæ г куыд дзурынц дæ уæ й, ахæ м дæ, æ ви мæ кæ д сайгæ кæ нынц, уый аххосæ й æ рхаудтæ н ардæ м.

    Суа бахудти æ мæ зæ гъы:

    — Сом азилдзыстæ м, Уырызмæ г, абон уал баулæ ф.

    Уырызмæ джы хорз фенынц æ мæ дыккаг бонмæ йæ къах дæ р нал атылдта, ахæ м фынæ й баци.

    Дыккаг бон Суа аходæ н сцæ ттæ кæ нын кодта, фынг æ рæ вæ рдта æ мæ Уырызмæ гмæ бадзырдта:

    — Аходæ н хæ рыны афон у, нæ ртон лæ г!

    Уырызмæ г лæ ппуйы сæ ррæ т фæ кодта, йæ дарæ смæ æ ркасти æ мæ уыдон хуызæ н дарæ с хуыдт хуысар [11] хъуымацæ й.

    Уырызмæ г зæ гъы:

    — Мæ хи дарæ сы мын раттут фæ стæ мæ.

    Суа зæ гъы:

    — Уыдон дæ р дард не сты, фæ лæ уал дæ разы цы ис, уыдон скæ н.

    Уырызмæ г хуысар дарæ с скæ ны æ мæ Суайы ныхмæ æ ртыкъахыг фарсмæ æ рбады.

    Уырызмæ джы Суа хынцын байдыдта æ мæ сихор афонмæ фæ бадтысты. Суа зæ гъы йæ дæ лдзæ гтæ н [12]:

    — Уазæ джы бæ х ацæ ттæ кæ нут æ мæ азилæ м.

    Дæ лдзæ гтæ зæ гъынц:

    — Бæ хы фæ стаг сæ фтджытæ й сыстæ н нæ й.

    Суа зæ гъы:

    — Бæ хы мыдза [13] над ныккæ нут арыхъызмæ стимæ [14], мах къахæ й дæ р азилдзыстæ м. Не ’рцыдмæ фынг нодзæ г [15] скæ нут.

    Суа æ мæ Уырызмæ г ацыдысты къахæ й. Цасдæ р фæ зылдысты. Уырызмæ г кæ сы Суайы бæ стæ м æ мæ дис кæ ны.

    Изæ рты æ рцыдысты, ног та рабадынц æ мæ карз нуæ зт хъарм хæ ринагимæ дзаг фынгимæ хъауынц. Уырызмæ г дис кæ ны Суайыл æ мæ йæ хæ рын фæ урæ дта. Суа йæ фæ рсы:

    — Цы кодтай, нæ ртон лæ г, цавæ р хъуыдыты ацыдтæ?

    — Цы кæ нон, Суа, ныр дыккаг бон ам дæ н æ мæ дын йе кæ стæ р нæ й, йе бинонтæ, куы нæ сæ уынын.

    — Æ мæ сымахмæ уазæ г куы вæ ййы, уæ д кæ стæ ртæ æ мæ бинонтæ кæ м вæ ййынц?

    — Уазæ гæ н лæ ггад фæ кæ нынц.

    — Махмæ дæ р афтæ у, фæ лæ багæ дзæ кæ н, уыдон фенын дæ р рæ стæ г фæ уыдзæ н.

    Уырызмæ г ницыуал загъта æ мæ та фынг дарддæ р кодта.

    Афтæ алы бон фынг ногæ й-ногмæ ивта алы хæ ринаг, алы нуазинагæ й. Рацыди къуыри æ мæ Уырызмæ г йæ бæ стæ м æ рымысыди. Суа йæ бамбæ рста æ мæ зæ гъы:

    — Гъе, нæ ртон лæ г, бæ лвырд æ рымысыдтæ дæ бæ стæ м?

    Уырызмæ г дзуры:

    — Зæ ххыл бадын мæ нæ уадзыс, уый хатын, фæ лæ Нарты æ хсæ н иу зæ ронд усы ныууагътон æ мæ мыл мæ т мæ рдтæ кæ ндзæ н.

    Суа та йæ дæ лдзæ гтæ н зæ гъы:

    — Уазæ джы арæ вдз хъæ уы.

    Уырызмæ гæ н йæ бæ хы болат цæ фхæ дтæ йæ уæ лæ, афтæ мæ й æ рбакодтой. Уырызмæ г йæ бæ хыл фæ дызæ рдыг ис æ мæ зæ гъы:

    — Ай кæ сæ нау æ рттивгæ куы кæ ны.

    Суа хæ ррæ гъ саргъ гæ бæ рхæ рд бæ хыл сæ вæ рдта, сбадтис ыл, Уырызмæ г та йæ хи бæ хыл æ мæ хъуыды кæ ны: «Ай цавæ р лæ г у, йæ бæ хты дзоджыты диссаджы бæ хтæ куы уыди, уæ д ахæ м бæ хыл цæ мæ н цæ удзæ н.

    Уæ д Суайы ус рацыди æ мæ Уырызмæ джы фæ сарц тыхтон абаста, стæ й зæ гъы:

    — Фæ ндараст у, нæ ртон лæ г, ацы тыхтон Сатанамæ радт.

    Уырдыгæ й цæ уынц дыууæ лæ джы. Фыццаг коммæ ныццæ уынц æ мæ Суа йæ фыццаг фыртæ н зæ гъы:

    — Авд авды.

    Нæ бамбæ рста Уырызмæ г, циу авд авды æ мæ та цæ уынц. Дыккаг коммы та йæ дыккаг фыртæ н загъта:

    — Авд авды.

    Суайæ н авд фырты уыдис æ мæ алы комы дæ р дзырдта «авд авды». Æ вдæ м комæ й ахызтысты æ мæ иу доны былмæ ныххызтысты. Суа йæ бæ хы къудийæ æ ртæ хъисы ратыдта æ мæ сæ æ рхы ныппæ рста. Тæ хсæ лгæ тæ æ ртæ хъисыл кæ рæ дзи ныцавтой æ мæ фæ тары сты. Уырызмæ г зæ гъы:

    — Ам, Суа, мæ бæ хы къуди аскъуыди, æ рбакæ с-ма йæ м.

    Уырызмæ г йæ бæ хы къудимæ ацамыдта, фæ лæ уæ дмæ бæ хæ н йæ къуди йæ уæ лæ фестади æ мæ Уырызмæ г фефсæ рмы ис. Суа йæ м дзуры:

    — Ма тыхс, нæ ртон лæ г, афтæ дæ р вæ ййы.

    Цæ уынц дарддæ р. Дыккаг æ рхмæ бахæ ццæ сты. Суа бæ хы раззаг къæ хтæ н фæ къæ дзгæ нæ нты сæ рмæ мидæ гæ рдыгæ й сæ рдасæ ндзæ фтæ фæ кодта. Уырызмæ г та зæ гъы:

    — Ам мæ бæ хы раззаг къæ хты фæ къæ дзгæ нæ нты сæ рмæ фатдзæ фтæ й нысан сты, фен-ма сæ. Суа та ракасти, фæ лæ уæ дмæ уыцы бынæ ттæ æ нæ хъуын бикътæ й аззадысты æ мæ та Уырызмæ г джихæ й аззади.

    Суа зæ гъы:

    — Ницы кæ ны, нæ ртон лæ г, базондзынæ аххосаг.

    Араст сты æ мæ æ ртыккаг æ рхмæ бахæ ццæ сты. Суа æ рхызти æ мæ йæ бæ хы цæ фхад бафидар кодта. Уырызмæ г та зæ гъы:

    — Ам мæ бæ хы фæ стаг сæ фтæ джытæ басыгъдысты, фен-ма сæ, Суа.

    Суа ракасти, фæ лæ уæ дмæ сæ фтæ джытæ дзыхъхъынног фестадысты æ мæ та Уырызмæ г хорзау нал фæ ци.

    Суа бахудти æ мæ зæ гъы:

    — Хъус мæ м, Уырызмæ г. Хуыцауы зондæ й мæ нмæ касти æ ртæ фыдбылызы ахæ м дзырдæ й: цалынмæ сыл нæ ртон лæ г нæ рахиза, уæ дмæ уыдонæ й уыдтæ н æ лгъыст. Æ рбакæ с-ма: демæ рацыдтæ н гæ бæ рхæ рд бæ хыл æ мæ цыхуызæ н фестади мæ быны, кæ нæ мæ саргъ, кæ нæ мæ уидон. Амæ й фæ стæ мæ бæ хæ н балцы цæ угæ йæ йæ къуди тыхт уæ д, æ ртæ хъисæ й фæ стæ мæ æ мæ фыдбылыз уыцы æ ртæ хъисыл цæ уæ д. Бæ х амæ й фæ стæ мæ лæ джы ирвæ зынгæ нæ г фæ уæ д æ мæ йæ къæ хты нуæ рттæ та æ вдисæ нæ н баззайæ д. Бæ х бæ лцуаты цæ угæ йæ æ дзæ фхад макуы уæ д.

    Æ рулæ фыдысты уым æ мæ хорз сæ хи федтой цæ угæ доны был, стæ й та араст сты.

    Уырызмæ г зæ гъы:

    — Аздæ х Суа, авд æ фцæ гæ й мæ рахизын кодтай, ныр цæ удзынæ н.

    Суа загъта:

    — Авд æ фцæ гæ й алчи дæ р мæ фырты бар уыд. Федтай уыдоны дæ р. Ныр стæ м æ фцæ гæ й та дæ у мæ хæ дæ г ахизын кæ нон.

    Цæ уынц стæ м хохыл. Уырызмæ г тынг сдойны ис. Дон та æ ввахс нæ уыд. Уырызмæ г тыхсы æ мæ зæ гъы:

    — Оххай, ныр иу доны хъуыртт.

    — Ууыл ма тыхс, — загъта Суа.

    Арц дурбыны фæ цафта æ мæ дзы уазал дон ракалд. Уырызмæ г дзы йæ хи æ рыхсадта, анызта æ мæ зæ гъы:

    — Ох, зæ рдæ йæ н цæ й æ хсызгон дæ. Абонæ й фæ стæ мæ ацы дон, Суа, дæ номыл уæ д, æ мæ хуыннæ д Суадон. Фæ ндаггонæ н йæ дойны сæ ттæ д.

    Уырдыгæ й рацыд суадоны ном.

    Цæ уынц. Бирæ сæ нал хъуди æ фцæ джы сæ рмæ, афтæ та Уырызмæ г сдойны ис æ мæ зæ гъы:

    — Ох, цæ й дойны та сдæ н.

    Суа йæ м дзуры:

    — Ма тыхс, Уырызмæ г, исты хос та уыдзæ н.

    Суа та йæ арц дуры хъæ бысы фæ цавта æ мæ дзы дон сырхæ й ракалд, хæ рдмæ фыцæ гау кодта. Уырызмæ г дзы бынызта æ мæ зæ гъы:

    — Ох, ме уæ нгты цæ й тынг ацыди, хæ рдæ н æ ххуыс у, нуæ зты сафы. Ацы донæ н дæ р сæ фæ н мауал уæ д æ мæ хуыйнæ д, Суа, дæ номыл Суар, уадз, адæ м зонæ д, Суайы аргæ дон у, уый.

    Уæ дæ й баззади суары ном.

    Схæ ццæ сты æ фцæ джы сæ рмæ. Уырызмæ г кæ сы хуыскъаг фысвос авд хатты авдсæ дæ сæ ры йæ разы лæ ууынц. Суайы хистæ р фырт сæ цуры æ мæ зæ гъы Уырызмæ гæ н:

    — Адон дын лæ вар, æ з Суайы хистæ р фырт дæ н.

    Уырызмæ г акæ сы æ мæ авд хатты авдсæ дæ сæ ры урс фосы дзугтæ лæ ууынц. Суайы дыккаг фырт сæ цуры, зæ гъы Уырызмæ гæ н:

    — Адон дæ р дын лæ вар, æ з Суайы дыккаг фырт дæ н.

    Акасти ноджы Уырызмæ г æ мæ авд хатты авдсæ дæ сау фосы дзугтæ йæ разы. Суайы æ ртыккаг фырт сæ цуры, зæ гъы Уырызмæ гæ н:

    — Адон дæ р дæ у сты, æ з Суайы æ ртыккаг фырт дæ н. Уырызмæ г та акасти æ мæ авд хатты авдсæ дæ сæ р хъуджы йæ размæ. Сæ цуры ис Суайы цыппæ рæ м фырт, Уырызмæ гмæ дзуры:

    — Адон дæ р ма дæ у сты, æ з Суайы цыппæ рæ м фырт дæ н.

    Ноджы та акасти Уырызмæ г æ мæ та йæ размæ авд хатты авдсæ дæ сæ ры хуыскъаг стуры йæ разы, сæ цуры ис Суайы фæ ндзæ м фырт, дзуры Уырызмæ гмæ:

    — Адон дæ р дæ у сты, Уырызмæ г, æ з Суайы фæ ндзæ м фырт дæ н.

    Дарддæ р акасти Уырызмæ г æ мæ авд хатты авдсæ дæ сæ ры бæ хты емылыччытæ йæ разы, сæ цуры Суайы æ хсæ зæ м фырт. Дзуры Уырызмæ гмæ:

    — Адон дæ р дæ у сты, нæ ртон лæ г, æ з Суайы æ хсæ зæ м фырт дæ н.

    Ноджы акасти Уырызмæ г, фены авд хатты авдсæ дæ сæ ры бæ хы дзоджытæ, сæ цуры Суайы æ вдæ м фырт, уый дæ р та дзуры Уырызмæ гмæ:

    — Адон дæ р ма дæ у сты, Уырызмæ г, æ з Суайы æ вдæ м фырт дæ н.

    Уæ д Суа йæ диссаджы бæ хæ й æ рхизы æ мæ зæ гъы Уырызмæ гæ н:

    — Мæ номыл та ацы бæ х алас, дæ фосы дын уый куы нæ ныттæ ра Нартæ м, уæ д дын ныппырх уыдзысты.

    Æ фцæ джы сæ р Царциаты Суа йæ авд фыртимæ хъæ быстæ фæ кодтой Нарты Уырызмæ гæ н æ мæ Уырызмæ г рараст и. Суайы бæ х фосы рæ гъæ утты размæ тæ ры, Уырызмæ г дæ р æ вæ лмæ цгæ сæ фæ дыл цæ уы. Æ рæ ввахс сты Нарты бæ стæ м. Фосы комы тæ ф æ ртæ х æ вæ рдта æ ртæ Нартыл, иннæ рдыгæ й рыг сыстади æ мæ Нартæ рыджы бын кодтой. Уæ д Нартæ зæ гъынц:

    — Цыдæ р тыхгæ нæ г нæ м æ рцæ уы.

    Уырызмæ г хъæ умæ куы æ рæ ввахс и, уæ д фосы баурæ дта. Суайы бæ х сæ алыварс уарийы тахт кодта æ мæ сæ м æ ввахс никæ й уагъта.

    Уырызмæ г сæ химæ бæ хыл баскъардта æ мæ Сатанамæ дзуры:

    — Ам дæ, æ фсин, цы?

    Сатана йæ м рауайы æ мæ дзуры:

    — Удæ гас ма дæ?

    — Куыд уыныс, афтæ. Айхуызæ н балцы никуыма ацыдтæ н. Акæ с Суайы лæ вæ рттæ м, мæ нæ дæ уæ н та тыхтон Суайы усæ й.

    Уырызмæ г Сатанамæ тыхтон баппæ рста. Сатана райхæ лдта тыхтон æ мæ йæ мидæ г разынди хуыд фæ лыст уый бæ рц, æ ртæ Нарты цас уыдысты.

    Дыккаг бон Уырызмæ джы æ рцыд Нартыл ахъæ р и. Уырызмæ г Суайы лæ вар дзугтæ Нартыл æ мхуызон байуæ рста, йæ хи хайæ та сын стыр куывд скодта. Иу абонæ й сæ иннæ абонмæ фæ хыгъта æ мæ Уырызмæ г Нарты цæ сты Суайы скадджын кодта.






    © 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
    Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
    Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.