Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Нагъуыллæйы мæлæт






Ахуыйы амард Нагъуыллæ йæ н афтæ зын уыди, æ мæ бонæ й-бонмæ фыдхуыз æ мæ цола кæ нын [1] байдыдта. Гуымир æ ртæ æ фсымæ р уæ йыджы йæ фæ рсынц:

— Йæ, нæ хо, бонæ й-бонмæ фыдхуыз æ мæ цола кæ ныс, æ ви дын кæ д хъыг у, мах де ’фсымæ ры хæ дзары кæ й цæ рæ м, уый?

— Уый хъыгаг нæ у, хъыгаг уый у, ме ’фсымæ ры туг ист нæ у, æ мæ цы бакæ нон.

— Махæ н цы зæ гъай, уый бакæ ндзыстæ м.

— Уæ дæ бакæ нæ м афтæ, — зæ гъы та Нагъуыллæ, — нæ хи бацæ ттæ кæ нæ м фат æ хсынæ й, арц цæ вынæ й, кардæ й хæ цынæ й. Уæ д нын æ нцондæ р уыдзæ ни.

Сразы вæ ййынц æ ртæ гуымир уæ йыг æ фсымæ ры æ мæ сæ хи байдыдтой цæ ттæ кæ нын. Нал æ хсæ в, нал бон æ взæ рстой. Сæ фæ ттæ нысанмæ æ хсгæ йæ æ рвнæ рдау кодтой. Сарæ зтой цилхъытæ æ мæ -иу хуры цæ стмæ тæ мæ нтæ скалдтой, скодтой æ рцытæ æ мæ -иу сæ атахт уарийы æ хситт кодта.

Уæ д сæ м Хур минæ вар рарвыста æ мæ загътой Нагъуыллæ йæ н:

— Уæ цилхъыты зынджытæ сихсийут æ мæ сæ сойы сæ вдулут.

Уыдон стыр кæ фты æ рцахстой, сой сæ рауагътой, сæ цилхъытæ зынджы сихсийын кодтой æ мæ сæ кæ фты сойы нытътъыстой. Сыгъдæ г болат фестадысты сæ цилхъытæ.

Иу бон рараст сты еугуыппартæ м хæ цынмæ, Ахуы кæ м амарди, уыцы бынатмæ схæ ццæ сты. Уыцы рæ стæ джы æ нхъæ л нæ уыдысты Нагъуыллæ йы фæ зынынæ н. Нагъуыллæ фат фæ дисы суагъта. Еугуыппартæ базыдтой фаты йæ хъæ рæ й æ мæ загътой:

— Ис ма Царциатæ й змæ лæ г. Уæ йгуытæ нын никуыдæ м ирвæ зынц, фæ лæ быныскъуыд Царциаты фæ кæ нæ м. Еугуыппартæ афтæ бакодтой. Сæ хи рауагътой Нагъуыллæ йыл. Нагъуыллæ йæ н æ ртæ гуымир æ фсымæ ры æ ххуыс кодтой æ мæ бацайдагъ ахъаззаг хæ ст. Уæ йгуытæ Нагъуыллæ йы куы федтой, уæ д загътой:

— Махæ н ныр рæ стæ г ис еугуыппартимæ хæ цынæ н.

Уæ йгуытæ чызгæ фсад сарæ зтой, Нагъуыллæ мæ сæ барвыстой æ ххуысæ н, сæ хæ дæ г та æ ртæ гуымир æ фсымæ р уæ йыджы фарс фæ хæ цыдысты.

Райдыдтой мæ лæ тдзаг тох еугуыппартимæ. Дыууæ рдыгæ й дæ р фæ цагъды ис бирæ тæ.

Уæ д Хур йæ тынтæ ныззылдта еугуыппартæ м æ мæ сæ тæ вды мæ стæ й мардта. Еугуыппартæ аходæ н афонтæ м дзæ вгар цагъды фесты, фæ лæ æ ртæ гуымир æ фсымæ ртæ й дæ р иу амарди. Æ мбисбонтæ м фыддæ р цагъды фесты еугуыппартæ, фæ лæ та æ ртæ гуымир æ фсымæ р уæ йгуытæ й дыккаг дæ р дзыхъмард фæ ци. Хурæ рныкъуылды онг еугуыппартæ бæ лвырд къаддæ р фесты, фæ лæ та æ ртæ гуымир уæ йыг æ фсымæ ртæ й æ ртыккаг дæ р фæ мард ис.

Баззади Нагъуыллæ йæ чызг æ мбæ лттимæ, хæ цын райдыдтой тынгдæ р. Нагъуыллæ йы æ мбæ лттæ иу ададжы фæ уынгæ г сты. Еугуыппартæ сыл æ ртыхсæ гау кодтой æ мæ суынгæ г сты. Чызгæ фсадæ й дзæ вгар нал аирвæ зти, чи мард фæ ци, чи цæ ф. Иунæ гæ й аззади Нагъуыллæ. Йæ цилхъ цыхты карст кодта еугуыппарты, стæ й фæ тыхсти. Къаннæ г фæ зы онг ма адагæ й разгъордта æ мæ скуывта:

— Уæ, ме сфæ лдисæ г, цавддур цы фестон ацы ран.

Йæ куывд æ рцыди Нагъуыллæ йæ н, дур фестади хъилгомау. Абон дæ р уыцы дур хуыйны «Хъилдур» [2] æ мæ уæ йгуыты чызджытæ цы ададжы фæ цагъды сты, уый та хуыйны «Чызджыты адаг» [3]. Абон дæ р ма Ахуы цы бынаты амарди, уый цуры ацы нæ мттæ дæ р нæ фесæ фтысты.

 

21. Нагъуыллæ йы мæ лæ т (вариант)

Нагъуыллæ дæ р Царциатæ й уыди.

Уый ахæ м чызг рацыди:

Тыхæ й йæ ныхмæ ничи лæ ууыди,

Ныфсджын æ м йæ ныфс никуы бахаста,

Тыхджыны тыхы ницæ мæ дардта.

Хуыцауы комы тæ фæ й хайджын уыди,

Хурау йæ фенд адджын уыди,

Донау йæ фенд цæ ссыгау ирдæ й зынди,

Зæ ххæ й дæ р арфæ гонд уыди.

Нагъуыллæ йæ н хорз æ фсымæ р уыди, Ахуы, зæ гъгæ.

Уый нæ ауæ рста Царциаты знæ гтыл цæ гъдынæ й.

Еугуыппартæ æ мæ гуымир уæ йгуытæ

Уый асайдтой хæ цгæ -хæ цгæ, гурæ й-гурмæ,

фæ тыхсын æ й кодтой иу бæ рзонды сæ рмæ.

Æ мæ йæ сындзын арты басауæ взалы кодтой.

Йæ фæ стæ йæ хо зæ ххыл нал цыди.

Нагъуыллæ йæ хи гæ рзифтонг скæ ны

æ мæ ралæ ууыд йе ’фсымæ ры марджытыл.

Кæ й арцыл иста, кæ й фатæ й æ хста, кæ й кардæ й мардта.

Иу февнæ лдæ й-иу æ вдай фæ тымбыл сты,

Иу ахæ м та дзы цæ фтæ -иу фесты.

Нал уыди кæ рон мæ рдтæ æ мæ цæ фтæ н.

Туджы лæ сæ нтæ й бæ стæ малтæ [1], култæ [2] кодта.

Бирæ ты дзы базонæ н нал уыд,

Бирæ тæ н сæ гуыртыл æ рдæ г сæ ртæ уыд,

Бирæ тæ н та сæ сæ ртæ гуыртæ й фæ хицæ н сты.

Кæ мæ н цонг нал уыд, кæ мæ н йæ зæ нг фæ хаудта.

Кæ мæ н йæ риуæ й йæ туг схъызти.

Ахæ м стыр хæ ст нæ ма фендæ уыд.

Нагъуыллæ йы хæ стмæ сылтæ кастысты уæ йгуыты бæ стæ й,

Сæ кæ рæ дзи мидæ г тæ рхæ ттæ кодтой,

сæ иутæ загътой: «Ныр мах цы бадæ м,

Нæ лæ гтæ н зæ гъæ м, нæ гæ рзтæ райсæ м.

Еугуыппартæ, стæ й гуымиртæ мах знæ гтæ дæ р сты.

Уыдон Царциаты бындзагъд куы фæ кæ ной,

Уæ д райсом боны махмæ тых хæ сдзысты.

Фæ лтау Нагъуыллæ йæ н æ ххуыс бакæ нæ м.

Бирæ фæ дзырдтой, бирæ ныхас кодтой.

Иу зондмæ æ ппындæ р нæ ма æ рцыдысты.

Уæ йгуыты сыхы æ фсымæ ртæ царди,

уыдон йеддæ мæ ничи рацыди.

Уæ йгуытæ дын, уæ д, чызгæ фсад скодтой,

Нæ лгоймаджы дарæ сы сæ хи сфæ лыстой,

Æ нæ нхъæ лæ джы Нагъуыллæ йы раз балæ ууыдысты.

Уæ йгуыты æ ртæ æ фсымæ ры дæ р хæ стмæ рацыдысты.

Дарддæ р та кодтой сæ хæ сты кæ рон.

Еугуыппартæ æ мæ гуымиртæ кæ цæ й æ мбæ рстой,

Ай Царциаты фарс исчи фæ уыдзæ н.

Чызгæ фсæ дтæ й дын, уæ д, барызтысты,

Сæ чъылдыммæ та æ ртæ уæ йыг æ фсымæ ры æ рбалæ ууыдысты.

Чъылдым цæ фтæ сæ хъæ бæ р фæ кодтой.

Бон-сауизæ рмæ фæ хæ цыдысты,

Æ ртæ уæ йыг æ фсымæ ртæ й иу хæ сты фæ хъуыди.

Дыккаг боны та Хур йæ был ныддардта,

Бæ стæ ныррухс и, хæ ст та бацайдагъ.

Кæ рон нæ уыди утæ ппæ т мæ рдтæ н,

Нæ куымдтой сæ ттын чызгæ фсæ дтæ дæ р.

Æ ртæ æ фсымæ рæ й ма цы дыууæ аззад, уыдон фыддæ р

хæ ст фæ цырын кодтой.

Уым еугуыппарты мæ рдтæ й рæ дзæ гъдтæ скодтой.

Гуымир уæ йгуытæ мæ рдтæ й дæ р кæ ритæ скодтой.

Дыккаг бон изæ рмæ сæ хæ ст нæ банцад,

Дыууæ уæ йыг æ фсымæ рæ й та сæ иу уым аззад.

Талынгтæ м æ ввахс хæ ст ныссабыр ис.

Æ рбалæ ууыди æ ртыккаг бон дæ р.

Æ мæ та сæ хæ ст бæ рæ г фертывæ р.

Нагъуыллæ имæ йæ чызгæ мбæ лттæ

Нал бацауæ рстой æ ппын сæ хиуыл.

Æ ртæ уæ йыг æ фсымæ рæ й цы иу ма баззад,

Уый æ ртывæ р хæ цын æ нæ вгъау систа.

Дыууæ боны дæ ргъы цæ йбæ рц фæ цагъта,

Уый æ ртыккаг боны иунæ гæ й фæ цагъта,

Фæ лæ та изæ рмил куыддæ р æ ркодта,

Афтæ уыцы æ фсымæ р дæ р йæ уды систа.

Уый алдзæ н чызгæ фсад æ ртæ боны дæ ргъы,

Иу фат нал фехстой æ фсымæ рты номæ н.

Сæ хи бацæ ттæ кодтой дарддæ ры хæ стмæ,

Æ ртæ боны фæ стæ æ вдæ м бон разылд.

Æ гас уæ йгуыты лæ гтæ ныхас та кодтой:

— Ай нæ сылгоймæ гтæ æ хсæ з боны сæ тугтæ калынц,

Махæ н не знæ гтæ й рæ дзæ гъдтæ марынц.

Уæ д мах цæ мæ н стæ м ам, цæ уылнæ хæ цæ м?

Æ ви нæ сæ ртыл худты бæ сты кæ рдæ нтæ [3] ’ркæ нæ м.

Æ гад сæ м æ ркаст ацы дзырд уæ йгуытæ м.

Цалынмæ уыдон æ фсад арæ зтой,

Цалынмæ уыдон хæ цынмæ сæ хи цæ ттæ кодтой,

Уæ дмæ та Нагъуыллæ йæ чызгæ фсадимæ

Сцæ ттæ кодта йæ хи хæ цынмæ.

Бирæ нал баззади еугуыппартæ й ныр,

Бирæ фæ хъуыди гуымирты ’фсæ дтæ й дæ р.

Сыхырнайау уыд Нагъуыллæ йы буар.

Йæ хи ма фæ змæ цæ рдæ г аппары,

Фæ лæ йæ сусæ гæ й иу гуымир бацæ вы.

Ныззыр-зыр кодтой чызгæ н йе уæ нгтæ,

Фемæ хст дын сты уым тугæ й йæ дадзинтæ,

Нал сæ урæ дта ныр баст, нæ ком раздæ р.

Фегуыппæ г дын ис Нагъуыллæ, мæ гуыр,

Æ мæ скувы: «О, ме скæ нæ г, кæ м дæ!

Ам мæ фестын кæ н ды хъил дур тагъддæ р».

Хъилдур дын фесты Нагъуыллæ фæ зы.

Уæ йгуытæ чызджытæ иу ададжы мидæ г,

Ныр æ ртымбыл сты, нæ й сын ахизæ н.

Сæ дæ ллаг фæ рсты еугуыппартæ сты,

Сæ уæ ллаг фæ рсты — гуымирты æ фсад.

Куынæ г сæ кæ нынц, уыдон дæ р цæ гъдынц.

Æ нæ нхъæ лæ джы уæ йгуытæ мæ нæ,

Цæ рдæ г фæ зынынц æ мæ хæ сты бацæ уынц.

Чъылдым цæ ф фесты еугуыппартæ ныр,

Бынтон цагъды кодтой гумиртæ дæ р уым.

Фæ сырдтой уæ йгуытæ, чи та аззади тыхджын гуымиртæ й,

Фæ тардтой дардмæ еугуыппартæ й дæ р ма, уым чи аззади.

Уæ дæ й фæ стæ мæ ацы ададжы

Схуыдтой адæ м «Чызджыты адаг».

Йæ дæ ллаг кæ рон цыртæ й ныр дæ р ма

Лæ ууы æ нæ змæ лгæ Нагъуыллæ -Хъилдур.

Кæ д а бæ сты искуы, мыййаг, ацæ уай,

Афæ рсут-иу, уæ д, чызджыты адаг кæ цырдыгæ й ис.

Кæ нæ кæ м лæ ууы Хъилдур та, зæ гъгæ.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.