Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 4 страница






Цалдæ р минуты фæ стæ дæ хъуыр фегом, æ нцонæ й сулæ фыдтæ.

Дохтыртæ загътой:

— Ныр ын тас нал у. Хуыцау хорз, æ мæ нæ м афоныл адзырдтат, мах дæ р афоныл æ рбахæ ццæ стæ м. Амондджын лæ ппу у. Æ рмæ ст æ й райсом дохтыртæ н фенын кæ нут.

Уырызмæ г, уæ д дын цы Хуыцау æ мæ цы зæ дтæ баххуыс кодтой, уыдонæ н — табу. Цы дохтыртæ дæ м фæ зындысты, уыдон сызгъæ рин фæ ндæ гтыл фæ цæ уæ нт. Фæ лæ дæ хи ирвæ зынгæ нæ г фыццаджыдæ р ды дæ хæ дæ г уыдтæ: ды куынæ разгъордтаис, уæ д... Дæ фæ сус, кæ уынхъæ лæ с уæ дæ й абонмæ мæ хъустæ й нæ хицæ н кæ ны:

— Я не хочу умирать! Я не хочу умирать!

О мæ бон, Уырызмæ г, кæ д дæ м уæ д бахъавыд уыцы Саулæ г — хистæ р, кæ стæ р чи нæ зоны, тæ ригъæ д чи не ’мбары. Кæ д дын уæ д аскъуынынмæ хъавыд дæ рæ згæ цард? Кæ д дæ уæ д байсынмæ хъавыд махæ й, ацы дунейæ? Кæ д дæ уæ д равзæ рста йæ хицæ н? Кæ д дын уæ д сæ мгъуыд кодта уыцы сау хуыцаубон. О, æ гъатыр мæ лæ т, цæ мæ н, цæ мæ н ахæ м æ вирхъау дæ?! Цæ уылнæ зоныс тæ ригъæ д? Цæ уыннæ зоныс хистæ р, кæ стæ р? Æ ви зоныс?.. Уыцы изæ р дын, æ вæ ццæ гæ н, о мæ бон, Уырызмæ г, фæ тæ ригъæ д кодта, æ вæ ццæ гæ н æ м бахъардта дæ зæ рдæ йы цъæ хахст æ мæ йæ фембæ лд ахаста фæ стæ дæ рмæ, дыууæ мины æ ртыккæ гæ м азы æ стæ м июнмæ, хуыцаубонмæ.

Уыцы æ вирхъау сау бон... Фæ лæ йæ мах нæ ма зыдтам. Нæ рынчынты бабæ рæ г кæ нæ м, зæ гъгæ, æ з, дæ мад æ мæ Ацæ мæ з ацыдыстæ м республикæ йы сæ йраг рынчындонмæ, мæ хо Риммæ мæ. Табу Хуыцауæ н, фæ дзæ бæ х. Стæ й та ацыдыстæ м Беслæ ны рынчындонмæ нæ хорз хæ стæ г Таутиаты Батрадзы бабæ рæ г кæ нынмæ. Дæ фыдгул уымæ куы бакастаид. Йæ цæ стытæ — æ хгæ д, йæ хуыр-хуыр хъуыст. Йæ фырт йæ цуры бадт æ мæ йын æ нæ дзургæ йæ йæ ныхы хид сæ рфта. Йæ ус сау дарæ сы йæ уæ лхъус лæ ууыд. Мæ бон Батрадзмæ кæ сын нал уыд. Чи зоны, ахæ сса ма цалдæ р боны, чи зоны, цалдæ р сахаты, чи зоны, цалдæ р минуты. Палатæ йæ рацыдтæ н. Ау, уый куыд раст у, æ мæ Батрадзы хуызæ н уæ здан, куыстуарзаг, хионтыл иузæ рдион лæ г мауал уа? Фæ ндзай азы дæ р ыл куы нæ ма цæ уы.

Уæ д цæ мæ й зыдтон, æ мæ ды дæ хæ дæ г цардæ й мæ лæ ты арæ ныл лæ ууыдтæ. Уæ д цæ мæ й зыдтон, æ мæ дын уыцы сау нæ мыг дæ зæ рдæ скарста.

Палатæ мæ æ рбахызт Батрадзы хо Эммæ йæ фыртимæ. Æ ртæ чъирийы сæ м, кувинæ гтæ.

— Ам дæ кæ й æ рбаййæ фтон, абон — хуыцаубон, æ мæ Батрадзæ н акув, кæ д ын Хуыцау баххуыс кæ нид, — загъта сылгоймаг æ мæ кувинæ гтæ стъолыл æ рæ вæ рдта. — Ды нæ лгоймаг дæ, дæ куывд Хуыцау барстдæ рæ н айсдзæ н.

Æ з фыццаг хатт бахаудтæ н ахæ м уавæ ры. Дæ цуры адæ ймаг мæ лы. Цы дзурæ м, уый йæ м нæ хъуысы, ницыуал æ нкъары. Йæ зæ рдæ цардæ й мæ лæ ты æ хсæ н дзедзырой кæ ны. Æ мæ цы зæ гъон, куыд скувон?

— О Стыр Хуыцау, табу дын. Алцыдæ р дæ уæ й аразгæ у æ мæ дæ м мæ нæ Таутиатæ дæ кувæ н бон кувынц, Батрадзы дыл фæ дзæ хсынц æ мæ йæ дæ хорзæ х уæ д. — Æ з кастæ н рынчыны мæ рдон, æ дзæ м цæ сгоммæ æ мæ мæ хъуыр æ рбахгæ дта, мæ бон дзурын нал уыд, мæ цæ стытæ адон сты, мæ кувын æ рдæ гыл фæ уагътон æ мæ палатæ йæ рахызтæ н. Цалдæ р минуты фæ стæ мæ хиуыл фæ хæ цыдтæ н, улæ фын мын фенцондæ р æ мæ дарддæ р скуывтон.

Уырызмæ г, диссаг у цард. Диссаг у адæ ймаджы удысконд. Батрадзмæ чидæ риддæ р рынчынфæ рсæ г æ рбацыд, уыдон зыдтой, бирæ нал ахæ сдзæ н, бирæ цæ рæ нбон ын нал и. Уæ ддæ р... уæ ддæ р нæ алчидæ р хъуыды кодта: кæ д фервæ зид, цынæ вæ ййы. Кæ д рабадид, кæ д адзæ бæ х уаид. Мæ рдты къæ сæ рæ й иу æ мæ дыууæ адæ ймаджы раздæ хт? Ныфс! Æ мæ ма иу хатт дæ р — ныфс! Адæ ймаг ныфсæ й цæ ры. Адæ ймагмæ ныфс нал и, йæ ныфс асаст, уæ д фесæ фт, уæ д ын фидæ н нал и.

Батрадзы оæ ргæ бафæ дзæ хстон Хуыцауыл, Уастырджийыл, Хуыцауы сконд зæ дтыл. Бæ ргæ зæ рдиагæ й куывтон, бæ ргæ куырдтон æ мæ хатыдтæ н не Сфæ лдисæ гмæ, цæ мæ й рынчын адзæ бæ х уа. Фæ лæ... Батрадз уыцы изæ р цардæ й ахицæ н.

Зæ ххыл, дунейы удæ гасæ й цыдæ риддæ р и, уыдонæ й адæ ймагæ й зондджындæ р æ мæ тыхджындæ р ничи у. Цытæ сарæ зта, цытæ æ рхъуыды кодта, цытæ! Фæ лæ уыцы рæ стæ г куыд æ дых у, куыд æ дых! Мæ лæ ты ныхмæ йæ бон æ ппындæ р ницы у. Уыцы Саулæ г адæ ймаджы куы сабыргай баууилы, къæ дзæ хы хуызæ н лæ джы атайын кæ ны, куы йын йæ цард уысммæ фескъуыны.

О мæ бон, Уырызмæ г, раздæ р-иу мардмæ куы бацыдтæ н, уæ д ууыл куыдтон, ныр та дæ уыл фæ кæ уын. Киномæ куы фæ кæ сын, æ мæ æ рыгон сыгъдæ гзæ рдæ лæ ппу зæ хмæ йæ удисгæ куы ’рхауы, уæ д мæ цæ стытæ доны дæ у тыххæ й разилынц. Æ нкъард, æ рхæ ндæ г зарæ гмæ куы фæ хъусын, уæ д мын мæ зæ рдæ уый нæ, фæ лæ ды нынкъуысын кæ ныс.

Хъæ дгом зæ рдæ йыл хауынц здыйы хуызæ н уæ ззау цæ ссыгтæ.

Уырызмæ г, адæ ймагæ н йæ бон мæ лæ ты ныхмæ æ ппындæ р кæ й ницы у, уый мын ды хорз базонын кодтай. Уый æ з хорз бамбæ рстон мæ зондæ й, мæ зæ рдæ йæ, мæ буары алы стъæ лфæ й дæ р. Охх, куыд æ нæ бон дæ, адæ ймаг, мæ лæ ты раз! Уæ д та-иу искæ й бæ сты цард раттæ н куы уаид! Фæ лæ мæ лæ т афтæ æ гъатыр у, æ мæ йæ æ рмæ стдæ р хъæ уы йæ хи равзæ рст.

Уырызмæ г, Беслæ ны рынчындонæ й рацыдыстæ м зæ рдæ рисгæ йæ. Æ ххæ ст ма дæ мады мад — уæ здан, æ фсармджын Таутионы дæ р абæ рæ г кæ нæ м, зæ гъгæ, Ацæ мæ з хæ дтулгæ Къостайыхъæ умæ сарæ зта. Цалдæ р минуты, æ мæ нæ машинæ æ рлæ ууыд дæ мадырвадæ лты дуармæ. Æ ппæ ты фыццаг нæ размæ рауад дæ мады хо Ирæ, уый дæ р æ руад Таутионы абæ рæ г кæ нынмæ. Зæ ронд сылгоймагæ н æ хсызгон куыд нæ вæ ййы йæ цоты фенд, уæ дæ йын йæ сиахсы фенд дæ р хъыг куыд уыдзæ н? Фæ лæ йын æ ппæ ты æ хсызгондæ р вæ ййы йæ цоты цоты уынд. Хъæ булы хъæ бул астæ уы магъз у. Таутион машинæ йы хъæ рмæ уынгмæ рацыд. Æ ппæ ты фыццаг кæ уыл бацин кодта, уый — Ацæ мæ зыл. Уынджы ма сыхæ гтæ й чидæ ртæ, ныхæ стæ кæ нæ м. Ныртæ ккæ хæ дзармæ куы бацæ уæ м, уæ д Таутион æ нæ мæ нг ныхас аздахдзæ н Уырызмæ гмæ. Æ мæ æ рмæ ст фæ саууонмæ нæ кодта дæ кой. Дæ хи цур дæ р. Хъуыддаг куы бакодтаис, уый йæ тынг фæ ндыд. Фондз æ мæ ссæ дз, æ хсæ з æ мæ ссæ дз, авд æ мæ ссæ дзаздзыд лæ ппуйæ н йæ тæ ккæ афон у йæ амонд ссарынмæ.

Уырызмæ г, бæ ргæ, дæ амонд куы ссардтаис, уæ д, чи зоны, дæ хъысмæ т æ ндæ р хуызы рауадаид. Æ ви мæ хи сайын?..

Бæ ргæ, кæ йдæ р уæ здан, æ гъдауджын, æ фсармджын чызг нæ хæ дзармæ куы бакуывтаид. Куыд амондджын уыдаиккам æ нæ хъæ н бинонтæ й дæ р! Хуыцау нын чызг нæ радта, æ мæ нын уый чындз дæ р уыдаид æ мæ чызг дæ р. Æ мæ йæ м нæ хи бæ ргæ цæ ттæ кодтам. Нæ хæ дзары цыдæ р сусу-бусу, дæ лгоммæ ныхæ стæ никæ д уыд. Æ ргом, комкоммæ ныхас. Æ мæ цалдæ р хатты демæ дзырдтам. Фæ рсгæ дæ р-иу дæ бакодтам:

— Дæ хицæ н кæ й саккаг кæ най, нæ хæ дзармæ чындзы номыл чи æ рбакъахдзæ ф кæ на, ахæ м зонгæ дын нæ й?

Ды-иу фæ лмæ н бахудтæ, кæ нæ -иу ницы загътай, кæ нæ -иу ныхас æ ндæ рырдæ м аздæ хтай. Дæ зæ рдæ цыма кæ мæ дæ р æ хсайы, афтæ мæ м каст. Æ мæ нæ рæ дыдтæ н. Бæ ргæ, куы бахъуыддаг кодтаис. Дæ туг, дæ ном дын чи хæ ссы, дæ фæ стæ иу ахæ м лæ ппу, иу ахæ м чызг куы баззадаид. Бæ ргæ, дæ хъæ булæ й æ з цоты цоты ад куы базыдтаин. Йæ чысыл, гыццыл къухыл ныххæ ц æ мæ йемæ фæ цæ уыс, дæ хъæ бысмæ йæ систай, уый дæ риумæ йæ хи нылвæ ста. Мæ нæ дæ м æ рбазгъоры, цыма гæ лæ бу у. Дæ цуры — йæ мад, йæ фыд, фæ лæ сæ нæ уыны. Уый амонд нæ у? Цы ма уа уымæ й зæ рдæ йæ н адджындæ р?

Уырызмæ г, раздæ р, кæ д адæ м хорз нæ цардысты, уæ ддæ р цот фылдæ р кодтой. Алы хæ дзары дæ р фондз, авд, фараст сывæ ллоны, ноджыдæ р фылдæ р. Нæ ныййарджытæ æ цæ г хъайтартæ уыдысты: ахæ м тыхст, зын уавæ рты уыйбæ рц цот схъомыл кæ н! Мах фæ стæ, сымах фæ лтæ р та бынтондæ р — цот бирæ нал уадзынц, иу кæ нæ дыууæ. Æ ртæ сывæ ллоны кæ мæ н ис, уыдон — стæ мтæ. Æ мæ уый æ хсæ нады аххос у. Ныртæ ккæ адæ м фылдæ р горæ тты цæ рынц, æ мæ бирæ тæ н фатертæ нæ й. Цалдæ р квадратон метры фæ зуат фатеры чи цæ ры, уыдон дын фондз-æ вдгай сывæ ллоны куыд нæ ныййардзысты!.. Цот рауадзын æ нцон у, фæ лæ се схæ ссын, сæ хъомыл кæ нын та? Æ мæ, дам, хорз цæ рæ м, арвæ й стъалытæ скъæ фæ м!

Уырызмæ г, мæ мад æ мæ мæ фыдæ н сæ цоты цотæ й алкæ йы фæ зынд дæ р æ рхаста, абарæ н кæ мæ н нæ й, ахæ м æ хсызгондзинад, ахæ м цин. Бинонтæ фæ бæ зджындæ р сты, цы ма уа уымæ й хуыздæ р!

Ды куы райгуырдтæ, уæ д мæ фыд Æ мзор хуыссыд рынчындоны. Æ ртæ чъирийы скæ нын кодтон æ мæ йæ м бацыдтæ н. Мæ хæ дæ г ын хъуамæ куыд загътаин, рынчынтæ й иумæ къæ лидормæ фæ дзырдтон, уый мын мæ ныхасмæ кæ ронмæ дæ р нал банхъæ лмæ каст, хъæ ргæ нгæ азгъордта:

— Æ мзор, хæ рзæ ггургеггаг, — æ мæ палатæ йы смидæ г. Мæ фыд къæ лидормæ уыцы хъæ лдзæ гæ й рахызт, æ нæ лæ дзæ гæ й нæ цыд, фæ лæ йæ уæ д лæ дзæ г дæ р нал бахъуыд. Цыдæ р уысм ницы загъта. Фырцинæ й. Йæ цæ сгом — хурæ нгæ с, йæ цæ стытæ — райдзаст, хъæ лдзæ г.

— Лæ ппу у уæ дæ, нæ? — цыма йæ м уыцы æ хсызгон хабар чи фехъусын кодта, ууыл кæ ронмæ не ’ууæ нды, ахæ м хуызы загъта мæ фыд. — Хорз. Хорз. Хуыцау æ мæ йæ Уастырджийы хорзæ х уæ д. Цæ ринаг гуырд нын фæ уæ д. — Æ мæ та цасдæ р рæ стæ г ницы сдзырдта, куыддæ р аджих, стæ й загъта:

— Хорз ирон ном ыл сæ вæ рут.

Ницы загътон. Ай-гъайдæ р, сæ вæ рдзыстæ м ыл æ цæ г ирон ном.

— Æ мзор, рахиз, ноггуырдæ н акувæ м, — райхъуыст палатæ йæ йе ’мбæ лттæ й кæ йдæ р ныхас.

— Ацу, — загъта мæ фыд. — Æ з мидæ мæ бакæ сон. Ноггуырдæ н акувын хъæ уы.

Уырызмæ г, дæ номæ вæ рæ г уыд Æ мзор, дæ фыдыфыд, дæ Баба. «Хорз ирон ном ыл сæ вæ рут». Хорз ирон нæ мттæ — бирæ. Иуæ й-иутæ сæ цотыл цыдæ р къленц, цыдæ р фæ сарæ йнаг, цалдæ руæ ладзыгон нæ мттæ сæ вæ рынц. Чи загъта, æ мæ ном æ рмæ ст фæ кæ сынмæ у? Алы номæ н дæ р йæ хи фарн æ мæ йæ хи уæ з и. Цыма, æ цæ г ирон нæ мттæ кæ мæ н нæ й, уыдон æ цæ г ирæ ттæ не сты, цаёмæ ндæ р мæ м афтæ кæ сы.

Дæ мадимæ нæ бирæ равзар-бавзар нæ бахъуыд. Дæ ном нын цыма зæ гъынæ ввонг цæ ттæ уыд.

Уырызмæ г!

Нарты хистæ р. Зондджын, пехуымпар æ мæ куырыхон, нæ ртон адæ мы фарн æ мæ ныфс — Уырызмæ г. Махæ н дæ р нæ цоты хистæ р уыдзæ н Уырызмæ г.

Уырызмæ г, æ мæ Нарты хистæ р куырыхон Уырызмæ г зæ ронды бонтæ м фæ цард, йæ цыллæ урс-урсид зачъетæ йæ ронбастмæ хæ ццæ кодтой, царды уайæ нты бирæ ауад, бирæ цыдæ ртæ федта. Дæ уæ н та дæ цардвæ ндаг нæ ма райдыдта, афтæ мæ й æ рдæ гыл фескъуыд, уалдзыгон сæ ууон хуры тын фæ тар.

О ме ’дзард фырт, афтæ райгуырд дæ ном. Уыцы фæ рнджын номимæ, бæ ргæ, фылдæ р куы фæ цардаис, æ мæ... Æ ртынæ м декабрь — дæ райгуырæ н бон. Адæ мæ н — иу, махæ н та дыууæ бæ рæ гбоны фæ д-фæ дыл. Ныр дзы адæ мы уагыл иу дæ р нал у. Æ ртынæ м декабрь — дæ мысæ н бон, фынджыдзаг скæ нæ м, нæ ныхас нæ химæ дæ р нæ фæ хъуысы. Ног азы дæ мад фынгыл æ ртæ чъирийы бæ ргæ æ рæ вæ ры, фæ лæ æ нæ дæ у уый цавæ р Ног аз у? Нæ бæ рæ гбæ ттæ дæ фæ стæ бæ рæ гбæ тты хуызæ н нал сты, ад сæ нал и, зæ рдæ йыл нал æ мбæ лынц.

Царты Уырызмæ г Сатанаимæ «а» æ мæ «о»-йæ зæ ронды бонтæ м шэæ цард. Ды та, Уырызмæ г, мах Уырызмæ г, цард царды хуызæ н кæ мæ й у, уыцы уæ лмонц æ нкъарæ нтæ нæ ма бавзæ рстай, афтæ мæ й дæ цард фескъуыд.

Иу чызг... Йæ ном ын барæ й нæ фыссын. Мыййаг, ацы рæ нхъытæ куы бакæ са æ мæ йын йæ зæ рдæ куы фæ риссын кæ нон. Цы ахастдзинæ дтæ уыд уе ’хсæ н? Цы ’нкъарæ нтæ райгуырд уæ зæ рдæ ты? Æ взонг лæ ппу, æ взонг чызджы риуы цы арт ссудзы, уымæ й уæ развæ ндæ гтæ ныррухс сты æ ви нæ?.. Чи зоны, уыцы чызгмæ дæ æ вирхъау хабар куы байхъуыст, уæ д йæ бинонты сусæ гæ й йæ къуыбар цæ ссыгæ й йæ хи æ хсадта; чи зоны, дæ фæ стаг бон дæ м сылгоймæ гты æ хсæ нæ й джихæ й каст, хатгай-иу дæ нал ауыдта, йæ цæ стыты рухс ын йæ сусæ г цæ ссыгтæ æ хгæ дтой; чи зоны, фырзæ рдæ рыстæ й йæ зæ нгты тых тад æ мæ -иу фæ донзоныг, куыд ничи йæ бафиппайа, афтæ уæ лдæ ф йæ къухтæ й ахста.

О мæ бон, Уырызмæ г, кæ д-иу дæ м дæ царды фæ стаг уысмты уыцы чызг мигъвæ лмæ й зынæ гау фæ зынд. Фæ зынд-иу æ мæ -иу атад. Фæ зынд-иу æ мæ -иу атад. Стæ й фæ стагмæ бынтондæ р бæ зджын сау фæ лмы аныгъуылд. Йæ рухс цæ сгом дæ цæ стыты баззад. Кæ д ын йæ хурæ нгæ с цæ сгом мæ рдтæ м демæ ахастай æ мæ йæ мах нæ зонæ м...

Æ ргомныхас уыдыстæ м, кæ рæ дзийæ ницы æ мбæ хстам, кæ рæ дзийæ ницы сусæ г кодтам. Æ з сымахимæ, мæ цотимæ, æ дзухдæ р архайдтон æ мæ мæ хи дардтон афтæ, цыма канд мæ фырттæ не стут, фæ лæ стæ м æ мбæ лттæ, æ мгæ рттæ, æ рдхæ рдтæ. Æ мæ мæ лæ ппу æ мæ мæ хорз æ рдхордæ й дæ р æ нæ хай куы фæ дæ н.

Ныййарджытæ й бирæ чидæ ртæ, чи зоны, сæ хæ дæ г дæ р нæ фембарынц, афтæ мæ й сæ цотæ н, сæ кæ стæ ртæ н фаг аргъ нæ фæ кæ нынц. О, ды йæ ныййарæ г дæ, йæ мад дæ, йæ фыд дæ, йæ хистæ р, фæ лæ уый ууыл нæ дзуры, æ мæ дæ цотыл дæ бон цæ уы æ мæ сæ ныллæ г кæ най, сæ адæ ймаджы сæ рыстырдзинад сын дæ къæ хты бын ссæ ндай. О, сымах фæ рцы фæ зындысты уыдон ацы дунемæ, фæ лæ уый ууыл нæ дзуры, æ мæ уыдон адæ ймæ гтæ, дæ у хуызæ н адæ ймæ гтæ не сты. Зæ ххыл фыццаг къахдзæ фтæ чи кæ ны, уый дæ р адæ ймаг у, дæ у хуызæ н адæ ймаг. Æ мæ уый никуы рох кодтон. Мæ лæ ппутимæ цыма æ мсæ р, æ мдæ ндаг дæ н, мæ хи афтæ дардтон æ мæ абон дæ р афтæ дарын.

— Уырызмæ г, бахъуыддаг кæ нынæ н дын афон у. Ницæ мæ й батыхсдзыстæ м.

Ды-иу загътай:

— Фæ стæ дæ р фендзыстæ м.

— Ахæ м исчи ис, минæ вæ рттæ кæ мæ барвитæ м?

— Фендзыстæ м.

Фыд æ мæ фыртæ н цыфæ нды хорз ахастдзинæ дтæ куы уа, уæ ддæ р се ’хсæ н цыдæ р ауæ дз ис, æ мæ уый сæ рты ахизæ н нæ й. Æ мæ уый уæ лдай тынгдæ р дæ фæ стæ бамбæ рстон. Уый у нæ ирон фарн, нæ ирон æ гъдау, нæ ирон æ фсарм.

Мæ иу зонгæ йы арæ х æ рымысын. Йæ фырт йæ амонд куы ссардтаид, уый уыд йе стырдæ р бæ ллиц. Уыдонæ н дæ р сæ ныхас уыд æ ргом. Иубон фырт йæ дзыппæ й цалдæ р чызджы къамы систа æ мæ сæ стъолыл æ рæ вæ рдта, æ ркæ с-ма сæ м, дæ зæ рдæ мæ дзы тынгдæ р чи цæ уы, зæ гъгæ. Фыд сæ м бирæ фæ каст, стæ й дзы иумæ бацамыдта:

— Мæ нæ ацы чызг.

Лæ ппу бахудт.

— Мæ нæ н дæ р.

Цалдæ р мæ йы фæ стæ сæ м æ рбакуывта уыцы чызг. Ныр сын ис дыууæ фырты.

Уырызмæ г, ды нын иу чызджы къаммæ дæ р куынæ бацамыдтаис æ мæ афтæ мæ й дæ номыл нæ къæ сæ рæ й дæ цардæ мбал куы ’рбакъахдзæ ф кодтаид. Уæ д та нын дæ фæ стæ уыдисныйас сывæ ллон куы баззадаид. Дæ у нын ацы зæ ххыл ничи баивдзæ н, ацы дунейы иу адæ ймагæ н иннæ мæ й, цыфæ нды хæ стæ г æ мæ адджын дын куы уа, уæ ддæ р баивæ н нæ й, фæ лæ уæ ддæ р... Уæ ддæ р... Дæ сыгъдæ г, æ нæ хин ирд цæ стытæ нæ м кастаиккой уыцы сывæ ллонæ й. Дæ фæ лмæ н мидбылхудт уыдтаиккам йæ цæ сгомыл. Дæ хъæ лæ с нæ м хъуыстаид уымæ й. О, фæ лæ нын Хуыцауы цæ ст уый дæ р куынæ бауарзта. Цымæ афтæ тынг йæ хъыджы цæ мæ й бацыдыстæ м? Йæ зæ рдæ ныл афтæ тынг цæ мæ н фæ худт?

Уырызмæ г, рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ дын дæ цыртыл чидæ р удæ гас дидинджытæ сæ вæ ры. Сызгъæ рин стъæ лфæ нтæ сæ фæ хауы, æ нтъыснæ г бон дæ р цырæ гътау фæ рухс кæ нынц. Чи сæ сæ вæ ры? Де ’мкъласонтæ? Университеты кæ имæ ахуыр кодтай, уыдон? Де ’мкусджытæ дæ бабæ рæ г кæ нынц? Кафджытæ м кæ имæ цыдтæ, уыцы лæ ппутæ æ мæ чызджытæ дæ м æ рхæ ссынц уыцы дидинджытæ? Дæ хорз æ мгæ рттæ, дæ хорз æ мбæ лттæ дæ бабæ рæ г кæ нынц? Нæ хæ стæ джытæ й дæ м исчи æ рхæ ссы уыцы дидинджытæ? Чи, чи дæ м æ рхæ ссы уыцы удæ гас цæ хæ р-дидинджытæ? Чи дын æ рхæ ссы йæ зæ рдæ йы хъарм? Чи... чи дын ссудзы дæ сау ингæ ныл уыцы рухс арт?..

Уырызмæ г, цæ уылнæ хъуамæ цыдаис кæ йдæ рты зæ рдæ мæ? Хуымæ тæ г бинонты лæ ппу. Зæ ххон лæ пиу. Фæ лæ ды бирæ тæ й уыдтæ бæ рзонддæ р, дæ кары фæ сивæ дæ й, дæ у æ мæ уыдонæ й кæ йдæ рты æ хсæ н — тыгъд быдыртæ. Ды — сыгъдæ г æ мæ рæ студ. Æ мæ кæ д, адæ м кæ рæ дзийæ н бирæ гътæ кæ м систы, уыцы æ хсæ нады цæ рæ м, уæ ддæ р — нæ, нæ! Сыгъдæ гуд æ мæ рæ стзæ рдæ адæ м нæ ма фесæ фтысты. Чи зоны, ахæ м рæ стæ г дæ р та æ рцæ уа, æ мæ адæ м цæ рой Сыгъдæ г Рæ стдзинады закъонтæ м гæ сгæ. Ау, чъизи æ мæ хæ рам æ нустæ м фæ уæ лахиз сты? Нæ! Нæ мæ уырны!

Æ мæ, Уырызмæ г, дæ уды сыгъдæ г, дæ рæ стдзинад кæ йдæ рты зæ рдæ мæ ма цыдаид, уымæ н уæ вæ н нæ й. Дæ кары чызджытæ се ’ппæ т æ хца æ мæ исбоны цæ стæ й нæ кæ сынц. Се ’ппæ т гæ лæ буты хуызæ н нæ пæ р-пæ р кæ нынц. О, алцыдæ р уæ ййаг ссис, уарзондзинад дæ р, фæ лæ сыгъдæ г уарзондзинадæ н уæ ддæ р фесæ фæ н нæ й.

Уырызмæ г, Къостайыхъæ умæ, дæ мадырвадæ лтæ м фæ ндаг нын разынд æ намонды фæ ндаг, цæ рæ нбонтæ м æ й бахъуыды кæ ндзыстæ м. Кæ ртмæ дæ р нал бахæ ццæ стæ м, афтæ сыхæ гты чызг дæ мады хо Ирæ йы цур алæ ууыд:

— Телефонмæ уæ м дзурынц, æ рмæ ст тагъддæ р.

Ирæ азгъордта, уайтагъд удаистæ й фæ стæ мæ фæ зылд.

— Тагъддæ р! Горæ тмæ!

— Циу, цы хабар у?

— Уырызмæ гыл цыдæ р нæ мыг сæ мбæ лд, æ мæ йын операци кæ нынц.

Цавæ р нæ мыг?.. Операци... Дæ мадырвадæ лты кæ ртмæ нæ ма бахызтыстæ м. Æ мæ...

— Ацæ мæ з, разил, — загътон æ з, фæ лæ, диссаг: мæ мидбынат æ нцад лæ ууыдтæ н, мæ къæ хтæ мæ бон зæ ххæ й атонын нæ уыд, мæ зæ нгтæ, ме уæ нгтæ здыйы кæ рдихтæ фестадысты, фæ лæ уæ ддæ р цыдæ р хуызы фезмæ лыдтæ н, машинæ йы сбадтæ н. Таутионы хъæ лæ с мæ м, дард кæ цæ йдæ р хъуысæ гау, хъуыст:

— О Лæ гтыдзуар, Уырызмæ гæ н баххуыс кæ н. О Лæ гтыдзуар!..

Машинæ цæ хгæ р фæ зылд, размæ атындзыдта. Уырызмæ г...

Цы кодта?.. Цавæ р нæ мыг?.. Операци... Мæ сæ р ницы ахста. Æ мæ хъуамæ цы ахстаид? Цыдæ р нæ мыг... Цавæ р нæ мыг?..

Машинæ йы бадтыстæ м цыппарæ й, фæ лæ дзы цыма ничи бадт, иу сым никæ мæ й хъуыст, æ рвдзæ фтау уыдыстæ м æ мæ... Нæ! Хъуыст. Уый мæ нмæ ницы хъуыст. Дæ мад куыдта. Уый цавæ р куыд у? Басабыр æ й кæ н, исты йын зæ гъ, фæ лæ йæ м ницы сдзырдтон. Уæ вгæ та мæ фæ ндыд, дæ хъæ лæ сыдзаг ыл ныхъхъæ р кæ н:

— Уый цавæ р куыд у? Уый...

Къостайыхъæ уæ й горæ тмæ фæ ндагæ н кæ рон нал уыд. Мæ н фæ ндыд, иу машинæ дæ р фæ ндагыл куынæ цыдаид, куы ничи нæ къуылымпы кæ нид. Мæ н фæ ндыд, уайуысм рынчындоны кæ рты куы февзæ рдаиккам. Ацæ мæ змæ разылдтæ н. Лæ ппуйы цæ сгом ныддур.

Цы зæ рдæ йæ скъæ ры машинæ? Цы хъуыдытæ ивылынц йæ сæ ры? Æ мæ загътон:

— Ацæ мæ з, фæ ндагмæ дзæ бæ хдæ р кæ с.

Фæ ндагмæ æ дзынæ г каст, фæ лæ уадз иучысыл уæ ддæ р æ рæ вронг уа. Æ з та... Фæ дисы нæ м æ рдзырдтой. Уырызмæ г хорз уавæ ры нæ й. Æ вирхъау бæ ллæ х æ рцыд. Хъуыдытæ, хъуыдытæ... мæ хицæ й сæ бæ ргæ сырдтон, фæ лæ... Цал æ мæ цал хатты скуывтон Хуыцаумæ, Уастырджимæ, цæ мæ й дын, Уырызмæ г, баххуыс кодтаиккой, дæ удæ н мацы уыдаид, нæ хæ дзарыл фæ стæ мæ дзæ бæ хæ й сæ мбæ лдаис. Куывтон Хуыцаумæ, цæ мæ й дзы гал хæ сджын фæ уæ м, дæ номыл стыр куывд скæ нæ м.

Уырызмæ г, бæ ргæ дæ фæ дзæ хстон Хуыцауыл, Уастырджийыл, нæ ирон зæ дтыл, фæ лæ нæ уыцы бон сæ хорзæ х нæ уыд. Уыцы бон нын æ ндæ р тæ рхон рахастой.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.