Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 2 страница






Уырызмæ г, ды уыцы райсом дæ р иннæ райсомты хуызæ н тагъд кодтай дæ куыстмæ, аст сахатыл хъуамæ лæ ууай де ’мбæ лтты æ мрæ нхъ. Хæ рздаст. Сыгъдæ г æ мæ итувæ рд. Æ лвæ ст. Уæ дæ хъуамæ Мидхъуыддæ гты министрады патрулон службæ йы кусæ г æ ндæ рхуызон куыд уа?

Уырызмæ г, цымæ ды искуы дæ куыстмæ байрæ джы кодтай? Цымæ искуы ды дæ куысты дæ химæ ныхас æ руагътай? Дæ куыст та æ нцон нæ уыд. Хур уа, къæ вда уа, сæ рд уа, зымæ г уа — æ дзухдæ р æ дде, уынджы, фæ ндаджы был: мацы фыдгæ нд, мацы бæ ллæ х, мацы æ взæ р хъуыддаг æ рцæ уæ д. Уый — гъа, фæ лæ дын зын цы уыд, æ цæ г зын, уый, базары кæ нæ -иу стадионы куы куыстат, уæ д. Нæ, æ з дæ иу ныхас дæ р никуы фехъуыстон. Ды дæ куысты тыххæ й никуы ницы дзырдтай. Дæ хъæ лæ с... дæ хъæ лæ с дын хъусын. Хъæ рдæ рæ й дзур.

— Уым... уыцы куысты хи... хи цард иуварс уыд. Хи цардæ н дзы... бынат нæ уыд.

Хъусын... хъусын дын дæ хъæ лæ с, дæ фæ лмæ н хъæ лæ с. Хъæ рдæ рæ й-ма дзур. Уæ вгæ, дæ алы ныхасæ й дæ р-иу цыма æ фсæ рмы кодтай.

Уырызмæ г, уый цы загътай? Æ з æ нæ уи дæ р æ рдæ гмард куы дæ н. Æ з æ нæ уи дæ р æ фхæ рд æ мæ æ лгъыст куы дæ н. Ды уыцы куыстмæ куы цыдтæ, уæ д æ з ныхмæ нæ уыдтæ н. Нæ фæ лæ мæ н дæ р фæ ндыд. Цæ уылнæ дын сæ вæ рдтон дæ фæ ндагыл исты цæ лхдуртæ? Цæ уылнæ загътон: «Уыцы куыст нæ нæ хъæ уы»?

Цы стыр бæ ллæ х æ рцыд, уым æ з дæ р аххосджын дæ н. Тынг аххосджын! Цы? Дæ хъæ лæ с... Дæ хъæ лæ с та мæ м хъуысы. Цы зæ гъыс? Уыцы куыст мæ хæ дæ г равзæ рстон, зæ гъыс. Æ з ницы аххосджын дæ н, зæ гъыс? Дæ н! Дæ н, Уырызмæ г! Ай-гъай, ды мæ ныл, дæ фыдыл къæ м абадын нæ уадзыс. Æ ндæ р аххосджын дæ н. Тынг аххосджын.

Мæ н дæ р, цы хуыздæ р уа, уый фæ ндыд, бæ ргæ. Кæ й фæ нды йæ цоты æ взæ р фæ ндагыл саразын? Фæ лæ дын уыцы фæ ндаг царды, амонды фæ ндаджы бæ сты сау дунемæ фæ ндаг куы разынд. Æ ртæ азы дæ ргъы ды цыдтæ уыцы тугамæ ст хуыцаубонмæ, бонæ й йæ м бон хæ стæ гдæ р кодтай, фæ лæ нæ уый ничи зыдта. Нæ фæ лæ йыл гуырысхо дæ р никуы фестæ м. Æ ви куы райгуырдтæ, уæ дæ й фæ стæ мæ цыдтæ уыцы хуыцаубонмæ. Кæ д дын не Сфæ лдисæ г, дунемæ куы фæ зындтæ, уæ д ахæ м хъысмæ т сныв кодта? Адæ ймаг, дам, куы райгуыры, уæ д йæ ныхыфыст бæ рæ г вæ ййы. Æ мæ йæ æ рмæ ст Хуыцау зоны кæ сын. Æ ви уыдæ ттæ й нæ хи сайæ м?.. Нæ зонын, нæ зонын, Уырызмæ г, мæ сæ р ницыуал ахсы. Мæ хъуыдыты ныдздзæ гъæ л дæ н, мæ хъуыдытæ ныссуйтæ сты, мæ зæ рдæ ныггалиутæ, раст æ мæ зылын кæ рæ дзийæ нал иртасын.

Æ мæ дын, Уырызмæ г, кæ д Хуыцау ахæ м фæ ндаг сныв кодта, уæ д... уæ д цæ мæ н?.. Мин æ мæ мин хатты мæ хи фарстон æ мæ ныр дæ р фæ рсын: «Цæ мæ н?!! Цæ мæ н?!! Цæ мæ н?!!» Нæ й, дзуапп раттын ын мæ бон нæ у, стæ й йын дзуапп ничи ратдзæ н. Ацы зæ ххыл цы цæ уы, уый æ нæ нхъæ лæ джы цæ уы æ ви йын цыдæ р аххос ис? О, ахуырад зæ гъы: алцæ мæ н дæ р аххос ис, æ нæ нхъæ лæ джы ницы цæ уы. Алцæ мæ н... Æ мæ ды кæ й нал дæ, Уырызмæ г, уымæ н цы аххос ис? Цæ мæ н æ рцыд уыцы æ вирхъау бæ ллæ х?

...Лæ ппу-иу хатгай сæ хæ дзармæ æ нафонты æ рбацыд. Мад тыхст. Иуизæ р æ м дзуры:

— Мæ иунæ г, мæ зæ рдæ дæ м фехсайы, афоныл-ма-иу хæ дзармæ æ рбацу.

— Хорз, хорз, ныртæ ккæ афоныл æ рбацæ удзынæ н, —æ мæ лæ ппу кæ ртмæ ахызт.

Рацыд фондз минуты, дæ с минуты — лæ ппу нæ зыны. Мады зæ рдæ ныссæ ххæ тт кодта, кæ ртмæ разгъордта æ мæ æ рхауд: лæ ппу — бæ ласы цонгыл ауыгъд.

Цы у уый, Хуыцауы арæ зт хъуыддаг? Мадæ й уыцы изæ р уыцы ныхас куынæ схаудаид, уæ д уыцы æ вирхъау бæ ллæ х æ рцыдаид? Æ ви йын уæ ддæ р иубон æ нæ рцæ угæ нæ уыд?

Æ мæ ахæ м цаутæ минтæ æ мæ минтæ. Цæ уыл лæ ууы дуне? Цы у цард? Цы у хъысмæ т?

Цымæ, цы фæ ци уыцы мад? Цæ ры ма? Йæ хи нæ бахордта? Æ мæ цы аххосджын у? Йæ хъæ булæ н йæ зæ рдæ хорз кæ й загъта, уый?.. Тарст, йæ лæ ппуйыл æ нафоны исты куы ’рцæ уа, æ мæ дын уый йæ аххос...

Уырызмæ г, ды райсомы сыгъдæ г суадон. Уый уый тыххæ й нæ зæ гъын, æ мæ ды мæ лæ ппу уыдтæ. Уый тыххæ й йæ нæ зæ гъын, æ мæ, адæ ймаг нæ цуры куынæ уал вæ ййы, уæ д нын зæ д фесты. Нæ! Æ цæ гдæ р, дæ удысконд афтæ уыди, Хуыцау дæ афтæ мæ й сфæ лдыста, раст æ мæ сыгъдæ гудæ й. Æ мæ ахæ мтæ н та кæ ддæ риддæ р зындæ р вæ ййы цæ рын. Раст æ мæ зылын, сыгъдæ г æ мæ чъизийы æ хсæ н арæ н нал и, æ ддæ г-мидæ г ауадысты. Æ вирхъау тызмæ г æ мæ æ вирхъау æ нæ хатыр æ хсæ над! Алы рæ стæ г, алы æ хсæ надæ н дæ р — йæ хи хъæ батыртæ. Æ мæ чи сты мах рæ стæ джы сæ йраг хъæ батыртæ? Æ хца! Мулк! Исбон! Хицаудзинад! Давджытæ æ мæ цæ стфæ лдахджытæ — нæ рæ стæ джы сæ йраг хъайтартæ.

Дзидзайы килæ кæ нæ цалдæ р зæ гæ лы чи адавта, уыдон ахæ стæ тты бадынц. Заводтæ æ мæ фабриктæ, паддзахады исбон йæ хи чи бакодта, уыдон та районты, горæ тты, республикæ ты, облæ стты æ мæ паддзахады хицæ уттæ сты, æ мæ нын сойæ вдылд ныхæ стæ кæ нынц. Хъæ здгуытæ æ мæ хицауад, хицауад æ мæ хъæ здгуытæ сиу сты, иу хæ дон дæ р сын уæ рæ х у, иу буаргъæ д сæ рауад. Æ мæ адæ мы адæ мыл нал нымайынц, мах стæ м сæ цагъартæ, мах сын стæ м кусæ г тых. Сæ иу газеты фыста, зæ гъгæ, уыдонæ н хъæ здыгдзинад Хуыцауæ й лæ вæ рд у. Федтай? Æ вæ ццæ гæ н сæ уымæ дæ р бирæ нал хъæ уы, æ мæ тагъд сæ хи хондзысты Хуыцауы минæ вæ рттæ. Æ мæ сын хъуамæ табу кæ нæ м, хъуамæ -иу нæ зонгуытыл сæ цуры æ рхауæ м, зæ дтæ м кувæ гау сæ м кувæ м. Сæ химæ гæ сгæ уыдон сты æ ппæ ты растдæ р æ мæ сыгъдæ гдæ р адæ м.

Æ ви, Уырызмæ г, æ з рæ дийын? Кæ д æ з, мыййаг, ивгъуыд царды минæ вар, мæ уидæ гтæ — уым, æ мæ ног дуг раст нæ бамбæ рстон, мæ хи дзы не ссардтон æ мæ афтæ уымæ н дзурын? Нæ! Алцыдæ р хорз бамбæ рстон æ мæ зонын. Æ мæ мын уымæ н зын у. Куырм нæ дæ н æ мæ мæ хи куырм куыд скæ нон. Цæ мæ й мацы хъусон, уый тыххæ й мæ хъусты къæ рмæ джытæ куыд бакæ нон? Ахæ м æ буалгъ рæ стæ г цæ рæ м, æ мæ удæ гæ стæ й бирæ тæ, чи амард, уыдонмæ хæ лæ г кæ нынц: фервæ зтысты сæ хъизæ мæ рттæ й, ницыуал уынынц, ницыуал хъусынц, æ лгъаг, æ наккаг дугæ й фæ хицæ н сты.

Адæ м, хуымæ тæ г адæ м, кусæ г адæ м, ницæ уылуал æ ууæ ндынц. Фыццаджыдæ р, хицауадыл. Уымæ н æ мæ фыццаг стигъджытæ, фыццаг давджытæ, фыццаг цæ стфæ лдахджытæ уыдон сты. Æ мæ дзы цалы æ рцахстой? Æ мæ халон халоны цæ ст къахы? Фарн æ мæ сæ м уды сыгъдæ гдзинад дард кæ цæ йдæ р зынынц. Цæ мæ ’рхаудыстæ м, цæ? Центрон телеуынæ ны равдысты иу æ рыгон, æ дзæ сгом, йæ хæ дæ г дæ р æ й загъта, æ хцайы тыххæ й цыфæ нды чъизи ми дæ р чи ракæ ндзæ н, иу ахæ м лæ ппу дзырдта. Цæ виттон, фæ дзырдта йæ м иу хъæ здыг лæ г: юбилей кæ ны, æ мæ йæ уый куы амонид. Æ хцайыл ма тыхсæ д. Æ мæ баныхас кодтой: уыцы «уæ ззау» æ мæ «зын» куыстæ н ын бафиддзæ н авд мины æ мæ ’рдæ г... доллæ ртæ й. Юбилеймæ хуынд æ рцыдысты Уæ рæ сейы зынгæ дæ р адæ ймæ гтæ æ мæ зынгæ дæ р артисттæ. Ай-гъай, уыдон дæ р арфæ йы зарджытæ лæ вар нæ зарыдысты — къæ ркъæ ргæ наг евротæ æ мæ доллæ ртыл, уырыссаг æ хцатыл ма чи æ рвæ ссы. Юбиляр та уыд... хъæ здыг лæ джы куыдз. Сызгъæ рин къæ лæ тджыны бадт æ мæ -иу рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ адæ мæ н йæ сæ рæ й зына-нæ зына акуывта. Афынæ й-иу, рæ дзæ -мæ дзæ кодта. О, цæ мæ ’рхаудыстæ м, цæ?! Удварны хъæ стæ нæ м нал ис æ ви уый цы хабар у?! Нæ, Уырызмæ г, æ з æ ппæ т адæ мы иу джиппы нæ уадзын, уымæ н уæ вæ н дæ р нæ й, уымæ н æ мæ уый афтæ нæ у. Бæ ллæ х уый у, æ мæ, ахæ м чъизи æ мæ æ лгъаг рæ стæ г раст æ мæ сыгъдæ гуд адæ м иуварс аззайынц. Куыд цæ рой? Цы фæ уой? Хуыцау дæ р, дам, йæ химæ сыгъдæ гудты исы. Уый дæ у тыххæ й, Уырызмæ г, цал æ мæ цалæ й фехъуыстон:

— Сыгъдæ гуд рантыст, æ мæ йæ Хуыцау йæ химæ айста.

Æ мæ сыгъдæ гудтæ куынæ уал уой, уæ д хъуамæ зæ хх цъаммар æ мæ æ лгъаг, давджыты æ мæ цæ стфæ лдахджыты æ вджид баззайа? Ау, ацы зæ ххыл сыгъдæ гудтæ н бынат нæ й? Æ мæ уæ д уый куыд раст у?

Адæ м нын ныфсытæ æ вæ рдтой æ мæ æ вæ рынц:

— Уæ хи æ гæ р ма ’фхæ рут. Уый Хуыцауы арæ зт хъуыддаг уыд, æ мæ Хуыцауы ныхмæ дзурæ н нæ й.

Хуыцауы арæ зт хъуыддаг... Æ мæ кæ д Хуыцау ис, уæ д цæ мæ н æ руагъта ахæ м æ нæ раст хъуыддаг? Цæ мæ н æ руагъта ахæ м æ вирхъау бæ ллæ х? Кæ д Хуыцау ис, æ мæ алцыдæ р уымæ й аразгæ у, уæ д рæ стдзинад æ мæ адæ мты ’хсæ н æ фсымæ рдзинад цæ уылнæ ис? Цæ мæ н ис уæ д чъизи æ мæ æ взæ рдзинадæ н зæ ххыл бынат? Кæ д Хуыцау ис, уæ д рæ стдзинад афтæ зын арæ н цæ мæ н у? Рæ стдзинадмæ фæ ндаг — тæ ккæ гуыргъахъдæ р, тæ ккæ бырынцъагдæ р, тæ ккæ зындæ р. Æ мæ цæ мæ н? Хатгай мæ м афтæ фæ кæ сы, Уырызмæ г, цыма зæ ххыл рæ сугъд æ мæ сыгъдæ гдзинадæ й чъизи æ мæ æ взæ рдзинад фылдæ р ис. Зонын æ й, рæ дийын, фæ лæ хатгай ахæ м хъуыдыты ахæ сты бахауын. Нæ! Нæ й, Уырызмæ г, цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р цард лæ ууы рæ сугъд æ мæ сыгъдæ гдзинадыл, йæ астæ умагъз та — рæ стдзинад.

Уырызмæ г, арвы æ рттывдау фæ зындтæ æ мæ нын æ виппайды фæ тар дæ. Дæ рæ сугъд, сыгъдæ г уд уæ лæ рвтæ м атахт. Нæ! Ам дæ, немæ дæ, нæ цуры дæ. О, сайын, сайын мæ хи, фæ лæ ма æ ндæ р цы мæ бон у. Немæ дæ дæ къамты, дæ дзаумæ тты, газетты фыстыты, немæ дæ нæ хъуыдыты. Дæ некролог: де ’мбæ лттæ æ мæ де ’мкусджыты фæ стаг ныхас. Ды йæ нал бакæ сдзынæ, мæ нæ н æ й ныууагътай. Куыд тагъд кастæ! Чиныг дæ зæ рдæ мæ фæ цыд, роман уа, уацау уа, уæ д-иу дыууæ -æ ртæ æ хсæ вы фæ стæ фæ стаг сыф бафæ лдæ хтай. Ныр уыцы некролог, сау бæ зджын фæ лгæ ты, махæ н кæ синаг фæ ци. Æ ртæ æ мæ æ ртиссæ дз рæ нхъы. Дæ къам... цыдæ р худæ ндзаст æ мæ уыцы иу рæ стæ г цыдæ р сагъæ ссаг цæ стытæ й кæ сыс.

Уыцы рæ нхъытæ — судзгæ æ хсидæ втæ, хъамайы цыргъ фындзы рæ хуыстытæ:

«Нал ис не ’хсæ н нæ зынаргъ, уарзон, зæ рдæ йæ дæ р æ мæ уындæ й дæ р, уаг æ мæ æ гъдауæ й дæ р йæ бирæ хæ лæ рттæ н бафæ зминаг чи уыд, уыцы бæ ллиццаг æ мгар, æ мбал æ мæ æ мкусæ г Агънаты Уырызмæ г.

Æ вирхъау, æ нæ нхъæ лæ джы бæ ллæ хы хабар æ васт айхъуыст, Уырызмæ джы æ мæ йын йæ бинонты чи зыдта, республикæ йы уыцы цæ рджытыл. Æ намонд, æ буалгъ хабарæ й ныррызтысты адæ мы зæ рдæ тæ. Æ мгаруарзаг, хуымæ тæ г, хиуылхæ цгæ, хистæ ртæ н уарзон кæ стæ р, ахæ мæ й базонын кодта Уырызмæ г йæ хи хæ стæ джытæ н, хиуæ ттæ н, сыхæ гтæ н æ мæ, кæ имæ куыста, уыцы коллективæ н.

«Æ вæ ццæ гæ н æ мæ бæ рзонд уæ лæ рвтыл бадæ г Хуыцауы афтæ бафæ ндыд» — йæ фæ стаг фæ ндарасты бон дзырдта мыггаджы хистæ ртæ й иу. — Æ мæ кæ д афтæ у, уæ д нын æ й ныххатыр кæ н, Уырызмæ г. Беслæ йнаг сау зæ ххы мæ р дын пакъуыйау фæ лмæ н фестæ д. Рухсаг у, Уырызмæ г, мæ рдтыбæ сты дзæ нæ т — дæ хай. Мах дæ никуы ферох кæ ндзыстæ м.

Æ мбæ лттæ æ мæ æ мкусджытæ».

О, уыцы хуыцаубон! Бирæ тæ н хуыцаубон цин æ мæ амонды бон у, махæ н та нæ зæ рдæ ты цæ рæ нбонтæ м судзаггаг рис ныууагъта, нæ зæ рдæ ты тугæ рхæ мттæ й баззад. Сау хуыцаубон!

Уыцы райсом нæ чи раздæ р сыстад, уый нал хъуыды кæ нын, Уырызмæ г. О, мæ зæ рдыл æ рлæ ууыд. Æ з бадтæ н диваныл. Ды дæ хи æ хсынмæ рацæ йцыдтæ. Æ з дын сыстадтæ н, ды мын мæ къух райстай, растдæ р зæ гъгæ йæ та, мæ къух мын æ ртъæ пп кодтай.

— Райсомы зæ дты хорзæ х дæ уæ д, — загътон æ з æ мæ диваныл мæ хи æ руагътон, телевизор скусын кодтон. Ды ваннæ мæ бацыдтæ.

Уыцы райсом уыд, æ хсæ з æ мæ ссæ дз азы дæ ргъы дыл цы райсомтæ скодта, уыдонæ й иу. Æ ппындæ р сæ ницæ мæ й хицæ н кодта. Уый — æ ддаг бакастæ й. Æ цæ гдзинадæ й та, Уырызмæ г, уый уыд дæ царды фæ стаг райсом. Уæ д ма дыл хур фæ стаг хатт скаст, йæ зæ лдаг тынты узæ лд ма дæ ногдаст рустыл, дæ цæ сгомыл фæ стаг хатт банкъардтай, сæ рдыгон хуры фæ лмæ н рухс тынтæ ма дæ фæ стаг хатт рæ вдыдтой, бæ лæ сты цъæ х сыфтæ рты сусæ г сусу-бусу ма дæ хъустыл фæ стаг хатт ауад. Цæ рынæ й цы зæ ххыл нæ бафсæ стæ, ууыл кодтай фæ стаг къахдзæ фтæ. Уыцы хуыцаубон дæ царды алцыдæ р уыд фæ стаг хатт. Цымæ, ницы фын федтай?! Цымæ дæ ницы къуылымпы кодта, охх, ацы бон мæ мæ къах куыстмæ нæ хæ ссы, ацы бон куыстмæ куынæ ацæ уин, зæ гъгæ? Дызæ рдыджы хъуыдытæ дæ м не ’взæ рд? Ау, дунейыл ахæ м тых нæ уыд, уыцы раст, сыгъдæ гуд лæ ппуйы йæ мæ лæ ты фæ ндагæ й чи раздæ хтаид? Æ мæ кæ д дунейыл ахæ м тых нæ уыд, уæ д уый куыд раст у?

О мæ бон, Уырызмæ г, уыцы æ вирхъау тæ рхон дын чи рахаста? Нæ Дунесфæ лдисæ г? Æ мæ кæ д уый уыд, уæ д цæ мæ н? Ды куы райгуырдтæ, уæ дæ й дæ фæ стаг боны онг мæ лдзыджы тæ ригъæ ды дæ р куы никуы бацыдтæ. Футболæ й хъазгæ йæ -иу дæ къæ хты бын кæ рдæ г куы фæ ци, уæ д уый дæ р дæ зæ рдæ мæ куы хастай.

Уырызмæ г, афтæ куы фæ зæ гъынц, ныййарæ джы зæ рдæ алцыдæ р раздæ р банкъары. Уæ д æ з дæ р æ мæ дæ мад дæ р раздæ р куыд ницы банкъардтам... Уæ д та чысыл, чысыл цыдæ р. Нæ! Æ вæ ццæ гæ н, уыцы бон мæ риуы зæ рдæ йы бæ сты дойнагдур хастон, æ мæ ницы æ нкъардта, ницы хатыдта, æ ндæ р фæ дисы дзæ нгæ рæ г цæ уылнæ цагъта? Æ ви нæ Хуыцау сайдта...

Фынтæ... Уыдон, дам, рагацауы фæ дисонтæ сты. Уæ д æ з дæ р æ мæ дæ мад дæ р раздæ р куыд ницы фынтæ федтам? Æ буалгъ бæ ллæ х куы ’рцыд, уæ д уыйфæ стæ мæ фынты агуырдтон, лыстæ г сасирæ й сæ луæ рстом: уæ д та дзы кæ д чысыл цæ уылдæ р андзæ вин, цыдæ р мын дзы гуырысхойы хос куы фæ уаид, фæ лæ ницы. Цыма мын уый цы раттаид, цыма нын уый дæ у фæ стæ мæ раздæ хтаид. Мæ фынтæ й иу дæ р мæ зæ рдыл нæ бадардтон, æ ви фын нæ федтон — нæ зонын. Ды куынæ уал дæ, уыйфæ стæ мæ алы фын дæ р куы рахæ ссин, куы йæ бахъуыды кæ нин, ууыл бæ ргæ фæ архайын, фæ лæ... Бирæ фынтæ царды кæ й æ рцæ уынц, æ цæ гдæ р рагацауы фæ дисонтæ кæ й сты, уый зонын.

Уырызмæ г, хъуыды ма кæ ныс дæ Нана — мæ мады? Йæ син асаст. Цыппарыссæ дз азы чысыл хъуаг кæ уыл цæ уы, ахæ м кары сылгоймагæ н сины саст тынг зын дзæ бæ хгæ нæ н у. Хуыздæ р дохтырты йæ м бæ ргæ æ рбахуыдтам, фæ лæ сæ иуæ й дæ р ныфсы ныхас нæ фехъуыстам. Хуыцауы хорзæ х æ й кæ д уа, уæ д... фæ лæ...

Цард диссаг у, æ нахуыр диссаг. Суйтæ. Мæ мад æ мæ мæ фыдæ н сæ сынтæ джыты æ хсæ н дыууæ метры дæ р нæ уыд. Æ хсæ вы мæ фыд базмæ лыд, схуыфыд. Мæ мад сыстад, цы кæ ны, зæ гъгæ йæ м акъахдзæ ф кодта æ мæ фæ бырыд, йæ син фæ саст.

Цы у уый? Ацы зæ ххыл цы цæ уы, уыдон Хуыцауы арæ зт сты æ ви æ нæ нхъæ лæ джы цæ уынц? Аххос сын ис æ ви нæ й? Мæ фыд куынæ схуыфыдаид, уæ д мæ мадæ н йæ син асастаид? Фыд куы схуыфыд, уæ д уыцы рæ стæ г мæ мад фынæ й куы уыдаид, уæ д та? Кæ нæ йæ фехъуыста, фæ лæ сыстынмæ базивæ г кодта, йе йæ ницæ мæ ’рдардта, уæ д та? Иу æ мæ дыууæ схуыфы йæ фыны? Цæ мæ н фестад мæ мад? Йæ фыдбылызæ н?

Дохтыртæ нын загътой:

— Уæ мадæ н рынчындоны ницы хос и.

Æ мæ йæ мах нæ химæ раластам. Уæ ддæ р та горæ таг фатеры уавæ ртæ — хуыздæ р, хос, дохтырхъуаг нæ уыдзæ н. Иу уат суæ гъд кодтам. Иу сынтæ гыл мæ мад хуыссыд, иннæ уыл — æ з: исты йæ куы бахъæ уа, истæ уыл куы батыхса, уæ д уадз æ мæ йæ цуры уон. Æ мæ æ рмæ ст уый тыххæ й нæ хуыссыдтæ н йæ цуры: æ з йæ разы кæ й дæ н, уый йын уыд ныфсы хос. Стæ й дæ мадæ й хуыздæ р хъуамæ кæ мæ н балæ ггад кæ най?

Мæ мад суанг мæ хоты дæ р йæ химæ бавналын нæ уагъта. Фезмæ лын, разилын, схæ цын ыл хъæ уы, уæ д-иу йæ цуры куынæ уыдтæ н, уæ ддæ р-иу мæ м фæ дзырдта:

— Ды мæ нæ риссын кæ ныс, ды мыл фæ лмæ н схæ цыс.

Æ внæ лдтон æ м хъавгæ, фæ лмæ н, фæ лæ йæ м нæ иннæ бинонтæ дæ р афтæ æ внæ лдтой; уæ ддæ р цæ мæ ндæ р агуырдта мæ н. Йæ син асаст, уый йын мах дæ р æ мæ дохтыртæ дæ р нæ хъæ р кодтам. Дæ зæ нг фелвæ ст, иуцасдæ р бабыхс, адзæ бæ х уыдзæ н. Æ мæ -иу ын æ з дæ р афтæ куы дзырдтон, уæ д зæ рдæ та сонт гуыпп-гуыпп кодта. Зонгæ -зонын мæ мады сайдтон, фæ лæ мын хуыздæ р гæ нæ н нæ уыд. Мæ гыццыл мад никуы ницы загъта, фæ лæ алцыдæ р зыдта, æ нкъардта.

Иуæ хсæ в йæ сынтæ джы фестъæ лфыд, хæ рдмæ фæ хауд. Æ з мæ хуыссæ нæ й рагæ пп кодтон.

— Цы кæ ныс?!

Уый тыхулæ фт кодта, йæ ныхы хид асæ рфта, стæ й загъта:

— Фын федтон. — Æ мæ радзырдта: фылдæ р фынты куыд вæ ййы, афтæ, цыдæ р æ нахуыр дуне, цыдæ р æ нахуыр бынат. Цалдæ р лæ джы иуварс лæ ууыдысты æ мæ цæ уылдæ р ныхас кодтой. Сæ иуы мæ мад базыдта: уый уыд йæ фыдыфсымæ р Бибо. Лæ гтæ иурæ стæ г мæ мадмæ разылдысты æ мæ Бибомæ дзурынц:

— Уæ ртæ уый ардæ м ракæ н.

Хорз, тынг хорз сын фехъуыста мæ мад сæ ныхас. Уый цыдæ р хуымæ тæ джы ныхас нæ уыд, фæ лæ хъæ ддых, цыма Бибойæ н бардзырд лæ вæ рдтой, афтæ. Мæ мад — сылгоймаг, æ мæ нæ лгоймæ гтæ м цас къæ йныхæ й уыд йæ бон дзурын, фæ лæ сын уæ ддæ р загъта:

— Æ мæ мæ кæ дæ м кæ нут, зæ нг мыл куынæ и.

Йæ ныхас ын ницæ мæ ’рдардтой. Бибо йæ м комкоммæ æ рбацæ йцыд, æ мæ мæ мад бамбæ рста: йæ фыдыфсымæ р æ й æ нæ акæ нгæ нæ ныууадздзæ н, лæ гты ныхас ын æ нæ сæ ххæ стгæ нгæ нæ й. Æ мæ фестъæ лфыд, фесхъиудта.

Мады ныхæ стæ м мæ буары уазал риз ацыд, цыма мыл ихдон æ рбакалдæ уыд. Мæ н фæ ндыд мæ мады мæ хъæ бысы æ рбакæ нын, фæ лæ мæ хиуыл ныххæ цыдтæ н æ мæ барæ й куыдфæ ндыхуызæ й загътон:

— Фынтæ й фылдæ р та адæ ймаг цы уыны. Цы сты фынтæ? Ницы. Мæ нæ -ма æ хсырæ й ахуыпп кæ н.

Мад æ хсырæ й ахуыпп кодта æ мæ æ рхуыссыд. Æ з дæ р мæ хи æ руагътон. Фæ лæ мæ м хуыссæ г æ мгæ рон нал æ рцыд. Мæ зæ рдæ йы арфы кæ мдæ р бамоæ рстон: мæ мадæ н ма ацы дунейы баззад нымад бонтæ, цасдæ р рæ стæ г ма, æ мæ йæ нал фендзынæ н, йæ хъæ лæ с ын нал фехъусдзынæ н, йæ фæ лмæ н, æ рмæ стдæ р мадæ н цы уарзон цæ стытæ и, уыдон мыл нал ахæ сдзæ н, мæ мад нæ тагъд ныууадздзæ н.

Уый размæ мæ хæ дæ г дæ р федтон фын, фæ лæ йæ никæ мæ н загътон. Мæ фыны мæ мадæ н сарæ зтон чысыл рæ сугъд хæ дзар. Æ мæ уæ д дæ р мæ зæ рдæ фæ къæ пп кодта. Уый хуымæ тæ джы фын нæ уыд. Мæ мадæ н йæ хи фыны фæ стæ мæ зæ рдæ бынтондæ р ницæ уылуал хæ цыд. Къулы ’рдæ м азылдтæ н æ мæ æ нæ уынæ рæ й куыдтон. Тагъд мæ мадæ й æ нæ мад фæ уыдзынæ н, куыд нæ фæ рисса, афтæ йæ м хъавгæ нал бавналдзынæ н, фæ сте йын йæ дæ лæ рмтты мæ къухтæ нал бакæ ндзынæ н æ мæ йыл сабыргай хæ рдмæ нал схæ цдзынæ н, йæ дыууæ базы йын йæ фæ сонты фæ стæ нал сæ вæ рдзынæ н æ мæ мыл нæ гыццыл, нæ сабыр, нæ фæ лмæ н мад йæ уæ здан, уарзæ гой цæ стытæ нал ахæ сдзæ н, йæ цæ стæ нгасæ й мын, «бузныг, мæ кæ стæ р лæ ппу», зæ гъгæ, нал зæ гъдзæ н.

Фæ цæ уы, фæ цæ уы нæ гыццыл, уæ здан, фæ лмæ н мад йе ’нусон бынатмæ æ мæ йын дунейыл мæ бон баххуыс ницæ мæ й у.

Мад куыд афынæ й, уымæ н ницы базыдтон. Махæ й, нæ бинонтæ й, рынчынфæ рсæ г нæ м чи æ рбацæ уы, уыдонæ й, дохтыртæ й — нæ мадæ н йæ син саст кæ й у, уыцы ныхас йæ цуры никуы никæ мæ й схауд. Уæ д йæ фыны йæ син саст у, уый цæ мæ й базыдта? О, æ нкъардта йæ, фæ лæ йæ афтæ бæ лвырд цæ мæ й базыдта?

Уырызмæ г, мæ мад, дæ уæ н та дæ Нанайы нæ химæ куы сластам, уæ д, уæ лдайдæ р та фæ стагмæ, нæ бинонтæ — ме ’фсымæ ртæ, мæ хотæ, нæ чындзытæ — фылдæ р уыдысты махмæ. Бирæ цæ рæ нбон ын нал и, уый куы бамбæ рстам, уæ д скарстам: нæ фыд Æ мзоры дæ р сласæ м, уадз кæ рæ дзийы фенæ нт, нæ мад йæ фæ стаг бонтæ нæ фыдимæ арвита. Æ мзор нæ куымдта, фæ лæ йæ фæ стагмæ куыддæ ртæ й сразы кодтам. Хуыссыд, æ з цы сынтæ гыл хуыссыдтæ н, уым.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.