Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 7 страница






Мæ бон, Уырызмæ г, цы ныхасæ й тарстыстæ м, уый нæ ма райхъуыст, афтæ мæ й бирæ ты кæ уинаг фæ кодтай, афтæ мæ й бирæ ты зæ рдæ хæ лд фæ кодтай.

Мæ нмæ дæ р сылгоймæ гтæ й цалдæ р хатты чидæ ртæ æ рбауад:

— Ныффæ лурс дæ, мæ нæ дын зæ рдæ йы хос.

Мæ н ницы хос хъуыд. Ды, Уырызмæ г, цардæ й мæ лæ ты æ хсæ н, æ мæ æ з та мæ хицæ н хостæ кæ нон? Кæ д мæ зæ рдæ тоны, уæ д атонæ д, фæ йнæ рдæ м тъæ гшытæ ахауæ д. Æ мæ мæ æ цæ гæ й дæ р фæ ндыд: æ рхау, мацыуал базон, амæ л. Æ з, Уырызмæ г, декæ абаргæ йæ, цæ йбæ рц фылдæ р фæ цардтæ н! Бирæ, бирæ! Æ рæ джы мыл сæ ххæ ст æ ртиссæ дз азы. Уыдон æ ртиссæ дз боны не сты. Ды та... ды та фæ цардтæ æ хсæ з æ мæ ссæ дз азы.

Де ’мкусджытæ й иу лейтенант, дæ хи хуызæ н бæ рзонд, тæ нтъихæ г лæ ппу разгъордта, æ мæ мæ зæ рдæ йы уазал риз ацыд:

— Кæ дæ м тæ хы, цы ’рцыд?

— Цыдæ р хос, дам, æ хсызгон хъæ уы.

Уыйфæ стæ йæ базыдтон: дæ туг ахст, дадзинты нал цыд, æ мæ лæ ппу азгъордта, туг чи тæ нæ г кæ ны, ахæ м хос агурæ г.

Де ’мбал уыцы хос бæ ргæ æ рбахæ ццæ кодта, фæ лæ... Дохтыр хорзæ й ницы загъта. Æ мæ цы загътаид? Уæ ддæ р мæ йæ иу ныхас уысм дæ р нæ рох кодта:

— Кæ д аирвæ за, уæ д æ рмæ стдæ р йæ хи хъару, йæ тыхы руаджы, кæ д йæ организм фидар у, уæ д уый фæ рцы. — Æ вæ ццæ гæ н, уый алцыдæ р хорз зыдта, фæ лæ уыцы цалдæ р ныхасы мæ нæ н загъта ныфсы тыххæ й.

Æ мæ мæ ныфс кæ ронмæ нæ ма асаст. Адæ ймаг сæ рсæ фæ нæ й куы фæ хауы, уæ д æ ххуысæ нхъæ л суанг уæ лдæ фмæ дæ р фæ лæ буры. Хирурджы ныхæ стыл къухтæ й ныххæ цæ н и, уæ д сыл ныххæ цыдаин.

Уырызмæ г, адæ ймагæ н царды йæ хицæ й бирæ аразгæ кæ й у, уый, азтæ дыл куыд цыд, куыд æ мбаргæ дæ р кодтай, афтæ æ мбæ рстай тынгæ й-тынгдæ р æ мæ архайдтай, цæ мæ й фидар уай, фæ разон, æ нæ низ. Бакастæ й — тæ нтъихæ г, фæ лæ нуарджын. Дæ куыст — сæ рд уа, зымæ г уа, къæ вда уа, хур уа — æ дде. Фæ лæ кæ д фæ рынчын дæ?

...Дохтыры ныхас мæ сæ рæ й нæ цух кæ ны. Уырызмæ г фидар у. Аирвæ здзæ н. Йæ æ рыгон буар бафæ раздзæ н, фæ уæ лахиз уыдзæ н. Æ нæ мæ нг фæ уæ лахиз уыдзæ н. Ау, уæ дæ уымæ н уæ вæ н куыд и, æ мæ Уырызмæ г мауал уа. Нæ й! Уымæ н уæ вæ н нæ й!

Æ мæ, Уырызмæ г, фæ стаг уысмы онг æ ууæ ндыдтæ н, мæ ныфс нæ саст. Ныббыхсдзынæ. Бафæ раздзынæ. Фæ уæ лахиз уыдзынæ.

Фæ лæ, о мæ бон, Уырызмæ г, сылгоймæ гты судзаггаг цъæ хахст бæ стæ ныццарыдта, рынчындоны уæ рæ х кæ ртмæ рагуылф кодта, сылгоймæ гты богъ-богъ кæ уынæ й дунейыл ницыуал хъуыст. Уæ ддæ р, ды нал дæ, уый мæ нæ ма уырныдта æ мæ мæ мидбынаты æ дзæ мæ й лæ ууыдтæ н, стæ й рынчындонмæ, мидæ мæ базгъордтон. Нæ, уый Уырызмæ г нæ уыдзæ н. Иу палатæ йы цур ма цалдæ р адæ ймаджы лæ ууыд æ мæ уый... Чидæ ртæ мæ урæ дтой, сылгоймæ гтæ й мыл чидæ ртæ сæ хи æ рбаппæ рстой, цыдæ ртæ дзырдтой, фæ лæ æ з ницы хъуыстон. Мæ н фæ ндыд, мæ хъæ лæ сыдзаг арвнæ рды хуызæ н гыбаргыбургæ нгæ куы ныннæ рыдаин: «Бабын стæ м! Бабын стæ м, хорз адæ м!» Æ мæ ныхъхъæ р кодтон, фæ лæ мæ хъæ лæ с мæ химæ дæ р нæ фехъуыст. Мæ цæ ссыгтæ й ницы уыдтон. Куыдтам. Кæ уинаг фестæ м æ мæ куыдтам. Иурæ стæ г мæ сæ ры февзæ рд: палатæ мæ бацæ уон æ мæ дæ мæ хæ дæ г фенон. Палатæ мæ никæ й уагътой. Бацыдтæ н дæ м, Уырызмæ г, уæ д дæ ныууыгътаин:

— Уый та куыд? Куыд бакуымдтай мæ лын! — Стæ й дæ, нæ уæ здан, нæ æ гъдауджын, нæ сызгъæ рин лæ ппу, мæ хъæ бысмæ систаин æ мæ дæ нæ химæ рахастаин. Нæ, нæ мын уæ з кодтаис. Арæ х-иу дын дзырдтон:

— Уырызмæ г, хуыздæ р ахæ р, дæ кары лæ ппуйæ н йе ’фцæ ггот дæ р хæ ргæ кæ ны.

Ды-иу мæ м дæ сау æ рттиваг хъоппæ г цæ стытæ й скастæ:

— Æ з æ взæ р хæ рын?

— Æ взæ р! — цæ хгæ р-иу загътон æ з. Уæ вгæ та, æ рыгон, фондз æ мæ ссæ дз, дæ с æ мæ ссæ дзаздзыд лæ ппу æ гæ р хæ рзхуыз уа, уый цас аив у?

Иуæ й-иутæ лæ улæ угæ нгæ куы рацæ йцæ уынц. Æ рыгон лæ ппу дæ æ мæ дæ гуыбынмæ кæ с, фезмæ лын ма фæ раз? Цы у уый? Æ мæ ды тæ нтъихæ г кæ й уыдтæ, уый мын хъыг нæ уыд. Азтæ дыл куы рацыдаид, зæ гъæ м, мæ нæ мæ кармæ куы ацардаис, уæ д цыхуызæ н уыдаис, чи йæ зоны. Нæ, ды дæ хи фыдуынд, æ нæ гъдау, æ наив хæ рзхуыз кæ нын нæ бауагътаис. Дæ умæ уыд, адæ ймаджы, уæ лдайдæ р та æ рыгон адæ ймаджы, тынг чи хъæ уы, йæ царды йын стыр ахсджиаг цы у, уыцы миниуæ г: ды зыдтай дæ хиуыл хæ цын, ды æ нæ домд байраджы хуызæ н никæ д уыдтæ, дæ рохтыл хæ цын фæ рæ зтай. Фидæ н бонтæ м дæ хи бæ ргæ цæ ттæ кодтай. Фæ лæ... Уæ гъд рæ стæ г дын фæ цис, нæ й, уæ ддæ р-иу ссардтаис, сахатырдæ г уа, дыууæ сахаты уа, æ мæ -иу æ нæ мæ нг уыцы рæ стæ г арвыстаис нæ хæ дзары цур скъолайы кæ рты кæ нæ технологон университеты спортивон фæ зы. Дæ хид-иу акалд, дæ дзаумæ ттæ -иу ныххуылыдз сты.

Ацы зæ ххыл цардæ й зынаргъдæ р ницы ис. Ацы дунемæ алы адæ ймаг дæ р цæ рынæ н райгуыры. Æ мæ тæ худиаг у уый, йæ зæ рдæ æ нæ хъæ нæ й, æ нæ цъæ ррæ мыхстæ й, æ нæ цæ фтæ й мæ рдтæ м чи ахæ ссы. О, уый цы амондджын у, цы!

Уырызмæ г, де ’мкусджытæ дæ м фæ дисы куы ’рбахæ ццæ сты, машинæ мæ дæ куы истой рынчындонмæ ласынмæ, уæ д, дам, сæ м ракастæ æ мæ загътай:

— Мæ риу... риссы-ы... судзы-ы...

Уыдон уыдысты дæ фæ стаг ныхæ стæ. Кæ сгæ, дам, ма-иу ракодтай, цыдæ р зæ гъынмæ хъавыдтæ, фæ лæ...

Бæ ргæ, Уырызмæ г, дæ риу куы рыстаид, дæ риу куы сыгъдаид, уæ д ныффæ рæ зтаис. Фæ лæ уыцы æ намонд сау нæ мыг де ’взонг риу нæ баурæ дта. Уыцы æ вирхъау цæ фы фæ стæ ма уыцы цалдæ р сахаты æ гас куыд баззадтæ? Куыд ныббыхстай? Куыд фидар разындтæ...

2003 аз. Хуыцаубон. 8-æ м июнь. Уыцы бон ма дæ фæ стаг хатт федта нæ сыхаг лæ г. Базармæ фæ цæ йцыд. Сымах та, ды æ мæ дæ дыууæ ’мбалы, уыцырдыгæ й рацæ йцыдыстут. Нæ сыхаджы куы ауыдтай, уæ д фæ лæ ууыдтæ, йæ къух ын райстай, кæ рæ дзийæ н салам радтат æ мæ фæ хицæ н стут. Де ’мбæ лттимæ, дам, цыдыстут хъæ лдзæ г ныхасгæ нгæ. Æ мæ мæ уырны: ды уыдаис хъæ лдзæ г. Уымæ н æ мæ дæ у базары кусын никуы фæ ндыд. Иуæ й-иутæ та уырдæ м тырнынц: кæ д сæ къухы исты бафтид, базаргæ нджытæ й исты ратониккой. Ды уыдонæ й нæ уыдтæ. Искæ й хызын сгар, базары дуарæ й чи æ рбахизы, уыдоны рауын-бауын кæ н. Базаргæ нджытæ — алыхуызон адæ м. Тынг æ нæ бары, тынг æ нæ бары-иу куыстай базары. Нæ горæ ты сæ йраг парк, уый дын æ ндæ р хъуыддаг, уырдæ м-иу æ дзухдæ р æ хсызгонæ й ацыдтæ. Сывæ ллонæ й фæ стæ мæ дæ р æ рдзмæ стыр уарзондзинад рахастай, уымæ н æ мæ дæ хæ дæ г дæ р уыдтæ æ рдзы иу стъæ лфæ н, уалдзыгон кæ рдæ джы цъæ х хал. Терк, кæ с æ мæ йæ м кæ с, йæ уылæ нтæ кæ рæ дзийы сурынц, иу дзы иннæ йы йæ быны анорды, хъазынц, сæ сæ рмæ æ взист æ ртæ хтæ — чысыл стъалытæ судзынц. Бæ лæ сты сыфтæ рты сусæ г сыбар-сыбур, сæ цæ нгтæ кæ рæ дзимæ ивазынц, цыма кæ рæ дзийы æ рбахъæ быс кæ нынмæ хъавынц. Цъиуты цъæ хснаг хъæ лæ с. Фæ лæ...

Уырызмæ г, фæ лтау уыцы рæ сугъддзинад куынæ федтаис æ мæ базары куы баззадаис. Фæ лтау та иу æ нæ бары бон куы арвыстаис уым. Уæ д, чи зоны, нæ горæ ты сæ йраг парчы æ мбисбон уыцы æ буалгъ хъуыддаг не ’рцыдаид. Æ ви йын æ нæ ’рцæ угæ нæ уыд? Циу? Цы хабар у уый? Мæ лæ тмæ фæ ндагыл афтæ æ хсызгонæ й адæ ймаг цæ мæ н фæ цæ йцæ уы? Уый нæ, фæ лæ дæ м йæ хæ дæ г тырны, йæ хи йæ м æ ппары. Цæ мæ н? Цæ мæ н тырныдтай уыцы бон паркмæ?..

Рынчындонмæ дæ м фæ дисы куы бацыдыстæ м, уæ д дæ палатæ йы дуары тарвазы æ нцой лæ угæ баййæ фтам иу лæ ппуйы. Де ’мкусджытæ й чидæ р. Дæ уæ й ныллæ гдæ р, бурхил. Цыма уырыссаг лæ ппу уыд. Цалынмæ дæ рахастой, уæ дмæ æ дзæ мæ й фæ лæ ууыд тарвазы æ нцой, иу ныхас дзы не схауд, йæ цæ стытæ доны зылдысты. Цы бирæ дзыллæ тæ дыл фæ рыст, уыдонæ й иу уыд уыцы æ нæ зонгæ бурхил лæ ппу.

Уырызмæ г, дæ фæ стаг уæ лзæ ххон бон. Дæ сæ м июнь. Цæ уынц дæ м адæ м фæ стаджы фæ ндараст зæ гъынмæ. Иуæ ндæ с сахаты. Иу лæ ппу милицæ йы дарæ сы. Куы иуырдæ м акæ сы, куы иннæ рдæ м. Де ’мкусджытæ й чидæ р. Уæ дæ хъуамæ милицæ йы дарæ сы æ ндæ р чи уа?

Мæ зæ рдæ йæ м куыддæ р фехсайдта. Цыма кæ рæ дзийæ н уарзон адæ ймæ гтæ уыдыстут, æ мæ йæ м бацыдтæ н:

— Искæ й агурыс?

— Не ’мбæ лттæ хъуамæ ардæ м æ рбацæ уой, нæ ма зынынц æ мæ...

— Æ з Уырызмæ джы фыд дæ н.

Лæ ппу зæ хмæ каст, æ нцад лæ ууыд, стæ й йæ сæ рыл схæ цыд. Йæ цæ ссыгтæ нал баурæ дта æ мæ йæ ногдаст рустыл æ рфæ д кодтой. Чысыл сывæ ллоны хуызæ н сæ йæ армытъæ пæ нæ й асæ рфта æ мæ загъта:

— Æ з Уырызмæ джы æ мкусæ г дæ н. Хорз æ мгар уыд. Æ ндæ рæ бон нæ, чи кæ м уыдзæ н, уырдæ м куы дихтæ кодтой, уæ д ын афтæ зæ гъын: «Цом иумæ базармæ». «Нæ -æ. Базармæ — нæ, фæ лтау дуртæ дæ р фæ хæ сдзынæ н». Нæ йæ бафæ ндыд. Æ мæ цæ мæ й хæ йрæ г уыдтæ н, æ ндæ р æ й нæ ауагътаин, — скуыдта лæ ппу. — Кæ й нал и, уым æ з дæ р аххосджын дæ н.

— Ды ницы аххосджын дæ. Дæ хи ма тфхæ р.

— Цалдæ р хатты йын бæ ргæ загътон, фæ лæ уæ ддæ р не сразы. Æ з... — æ мæ загъта... æ мæ загъта, æ виппайды дæ æ дзард чи фæ кодта, уый мыггаг æ мæ йæ ном. Де ’мбалы мыггаг. Уыйразмæ дæ р уыцы мыггаг иу æ мæ дыууæ хатты нæ фехъуыстон. Дæ бæ ллæ хы фæ стæ мæ м уыцы мыггаг дзурын нал цæ уы, нæ фæ лæ йæ хъусгæ дæ р куы нал кæ нин, уый дæ р мæ бæ ргæ фæ нды, фæ лæ... Зонын æ й, раст нæ дæ н, фæ лæ... Уыцы лæ ппуйы ном... Де ’мбал уыд, Уырызмæ г. Кæ имæ куыстай, уыдонæ й, дæ хуыздæ р æ мбæ лттæ й иу. Гæ нæ н уын уыд, уæ д кусынмæ цыдыстут иумæ. О, иузæ рдион уыдыстут кæ рæ дзиуыл. Фæ лæ... Фæ лæ уæ ддæ р дæ цард байсæ г уый у. О мæ бон, Уырызмæ г, сау ингæ нмæ йæ къухæ й бацыдтæ, æ мæ йын уæ д хъуамæ цы зæ рдæ йæ дзурон йæ ном? Чифæ нды дæ р уæ д, цыфæ нды дæ р уæ д. О, де ’мбал уыд. Де ’мбал — дæ цард байсæ г. Зонын æ й, барæ й нæ уыди, фæ лæ уæ ддæ р куыд, цы хуызы хъуамæ садджын кæ нон уыцы лæ ппуйы мæ хицæ н?! Нæ, мæ зæ рдæ уый нæ комы, стæ й мын æ й дæ тæ ригъæ дæ й Хуыцау дæ р нæ ныббардзæ н. Цæ рæ д, цæ рæ д йæ хицæ н...

— Æ з паркмæ цæ уын, — загъта Уырызмæ г.

— Ма кæ н, ам лæ уу, иумæ базары кусдзыстæ м, — дзырдтон æ з, фæ лæ уый не сразы. Æ мæ ацыд, ацыд мæ цурæ й йæ фæ стаг фæ ндагыл, — йæ цæ ссыгтæ ноджы тынгдæ р æ рызгъæ лдысты лæ ппуйæ н. Йæ мыггаг, йæ номæ й йæ бафарстон: уадз, демæ афтæ хæ ларæ й чи цард, уый æ з дæ р зонон. Фæ лæ мæ уайтагъд æ рбайрох.

Уырызмæ г, уый цы хабар у? Цæ уылнæ сразы дæ уыцы лæ ппуимæ? Зонын æ й: базары кусын дæ никуы фæ ндыд, фæ лæ уæ д... Цæ уылнæ сразы дæ уыцы лæ ппуимæ?..

Уырызмæ г, ды ма нын зæ гъынтæ н куы уаис, уæ д бæ ргæ. Уæ д, æ вæ ццæ гæ н, зæ гъис:

— Бæ ргæ, адæ ймаг дæ р халонау йе уæ ны куы кæ сид, фæ лæ... Мæ лын кæ й фæ нды, уæ лдайдæ р, афтæ æ рыгонæ й.

Мацы... мацыуал зæ гъ, Уырызмæ г, курын дæ! Мæ хъæ дгом зæ рдæ мын тынгдæ р мауал агай.

Базары иумæ уæ м, зæ гъгæ дæ йемæ цы лæ ппу урæ дта, цымæ, уый цы фæ ци? Йæ мыггаг, йæ ном... Ногæ й йæ фæ фæ рсин. Æ мæ дæ куыстмæ бацæ уин, фæ лæ... Цæ мæ ндæ р дæ куыстмæ бацæ уын мæ зæ рдæ нæ комы. Уæ вгæ дзы цалдæ р хатты уыдтæ н, дæ гæ ххæ ттытæ, дæ хъуыддæ гты фæ дыл. Уæ куыстæ й чи бацарæ фтыд, уыдоны хæ стæ джытæ, уыдоны ныййарджытимæ полчъы разамынд цалдæ р фембæ лды сарæ зтой. Ныфсæ вæ рæ н ныхæ стæ нын фæ кæ нынц, лæ вæ рттимæ нæ рарвитынц, уæ ддæ р зæ рдæ нæ сæ тты. Бæ ргæ фæ архайын, цæ мæ й уæ полчъы рæ зты мæ фæ ндаг ма цæ уа. Фæ лæ мын хатт ууылты цæ угæ æ рцæ уы æ мæ уæ д тагъд-тагъд, згъорæ гау, бынмæ кæ сгæ йæ, цæ мæ й полчъы агъуыст ма фенон, де ’мкусджытæ й макæ имæ сæ мбæ лон, афтæ ацæ уын. Зонын æ й, раст нæ дæ н, фæ лæ цы кæ нон?.. Цы мын ракодта уыцы фыдæ лтыккон æ гомыг бæ стыхай? Цы мын ракодтой де ’мкусджытæ?

Уырызмæ г, уæ полкъæ й йæ хæ с æ ххæ стгæ нгæ йæ чи бабын, чи бацарæ фтыд, уыдонæ н скодтой сæ рмагонд номарæ н фæ йнæ г. Æ дзард, цæ рынхъуаг лæ ппутæ. Сæ цуры æ дзухдæ р — дидинджытæ. 2003 азы 8-æ м июны ма сыл иу бафтыд. Уый ды дæ. Цæ рынхъуаг лæ ппуты номхыгъд фæ даргъдæ р кодтай.

Æ вæ ццæ гæ н, æ вæ ццæ гæ н, æ цæ гдæ р хъысмæ тæ й лидзæ н нæ й, нæ й дзы бамбæ хсæ н. Æ вæ ццæ гæ н, адзалæ н мадзал нæ й, æ ндæ р...

Уырызмæ г, университетмæ фæ лварæ нтæ куы радтай, уæ д æ ртæ чъирийы акодтам. Рæ стæ гæ й-рæ стæ гмæ -иу дæ. абæ рæ г кодтон, федтон-иу дæ деканы, курсы разамонæ джы, ахуыргæ нджыты. Афтæ -иу бæ рæ г кодтон дæ кæ стæ р æ фсымæ р Ацæ мæ зы дæ р. Ницæ мæ й уын тарстæ н, фæ лæ уæ ддæ р... уадз, зæ рдæ ма ’хсайа. Æ рыгон адæ ймаджы фæ ндаг кæ цырдæ м фæ саджил уыдзæ н, æ рыгон адæ ймаг кæ д фæ бырдзæ н, уый хатгай йæ хæ дæ г дæ р нæ базоны.

Дæ декан, мæ зонгæ профессор, зындгонд ахуыргонд, фыццаг хатт йемæ куы сæ мбæ лдтæ н, уæ д мæ м дисгæ нæ джы каст æ рбакодта:

— Æ мæ Уырызмæ гæ й æ взæ рæ й куы ницы фехъуыстон, уæ д цæ мæ ’рбацыдтæ?

— Æ мæ дзы хъуамæ æ взæ р исты фехъусай? — бахудтæ н æ з.

Декан курсы разамонæ г æ мæ ахуыргæ нджытæ й цалдæ рмæ фæ дзырдта.

— Хорз лæ ппу у, хорз ахуыр кæ ны, дæ зæ рдæ йæ м ма ’хсайæ д, — уыд сæ ныхас.

Ахуыргæ нджытæ куы ацыдысты, уæ д декан сыстад æ мæ загъта:

— Де ’рбацыд мын ахæ м æ хсызгон у, ахæ м, æ мæ диссаг.

— Æ хсызгон?

— Йæ лæ ппу кæ нæ йæ чызг æ взæ р кæ мæ н ахуыр кæ ны, æ нæ гъдау чи у, хонджытæ кæ мæ арвитæ м, уыцы мадæ лтæ æ мæ фыдæ лтæ нæ м хæ стæ г нæ цæ уынц, ды та, дæ лæ ппу ахуыр дæ р хорз кæ ны, йе ’гъдау дæ р — хорз, уæ ддæ р æ й бабæ рæ г кодтай.

— Ау, мæ цотыл куынæ тыхсон, уæ д ма кæ уыл?

Уырызмæ г, æ ртæ азы дæ ргъы æ рмæ стдæ р истай иттæ г хорз бæ рæ ггæ нæ нтæ. Цалдæ р хатты нæ м дæ декан арфæ йы фыстæ джытæ æ рæ рвыста, телефонæ й дæ р-иу æ рдзырдта. Бузныг дæ уыд. Цыппæ рæ м курс куы фæ дæ, уæ д мæ м æ рдзырдта, æ мæ сæ мбæ лдыстæ м.

— Уырызмæ г наукæ йы фæ ндагыл куы ацæ уид, уæ д хорз уаид. Æ з æ й мæ химæ аспирантурæ мæ исын. Æ ртæ азмæ наукæ йы кандидат уыдзæ н.

Æ хсызгон мын уыд деканы ныхас, æ мæ дын æ й цингæ нгæ раппæ лыдтæ н. Демæ дæ р сæ мбæ лд. Фæ лæ ды не сразы дæ. Кæ й не сразы дæ, уый, мæ нмæ гæ сгæ, рæ дыд уыд. Уæ д æ ндæ р цардвæ ндагыл ацыдаис. Уæ д, æ вæ ццæ гæ н, уыцы æ вирхъау бæ ллæ х не ’рцыдаид.

Уырызмæ г, фæ лæ кæ д, æ цæ гдæ р, алы адæ ймагæ н дæ р йæ райгуырдæ й фæ стæ мæ йæ цардвæ ндаг нывгонд у, æ мæ йыл хъуамæ ацæ уа, иуварс фæ зилæ н дзы нæ й, æ ндæ р... Цæ уылнæ сразы дæ уæ д?..

...Мæ лæ т зæ ронд лæ джы цур æ рлæ ууыд æ мæ йæ м дзуры:

— Мемæ дæ кæ нын.

— Æ мæ мæ цæ мæ кæ ныс, æ з цардæ й куы ницыма федтон.

— Федтай, нæ федтай, æ з уымæ н ницы зонын, дæ афон æ рхæ ццæ.

— Нæ ма ’рхæ ццæ, цæ рын ма мæ фæ нды, — æ мæ зæ ронд лæ г йæ хи размæ аппæ рста. Лидзы, лидзы. Мæ лæ т æ й баййæ фта æ мæ йæ м дзуры:

— Мауал лидз, дæ афон æ рхæ ццæ.

— Нæ ма ’рхæ ццæ, — æ мæ зæ ронд лæ г уыциу гæ пп акодта. Цыдæ р хæ мпæ лты, цыдæ р къутæ рты æ мæ пыхсыты фæ стæ амбæ хст. Мæ лæ т та йæ цуры фегуырд, йæ къух ын ацахста:

— Дæ хи мауал æ мбæ хс, дæ афон æ рхæ ццæ.

— Æ з никæ дæ м цæ уын, — зæ ронд лæ г пуртийау хæ рдмæ фæ хауд, афтæ тагъд згъордта, æ мæ йæ къæ хты змæ лдыл цæ ст нæ хæ цыд. Тæ хы, тæ хы. Иуафон фæ стæ мæ ракаст — æ мæ никæ м ницы. Сывæ ллæ тты рæ вдауæ ндоны фæ мидæ г. Сывæ ллæ ттæ — сæ сихор хæ рыныл. Æ мæ зæ ронд лæ г дæ р, цыма уыдонæ й у, афтæ се ’хсæ н абадт æ мæ хæ ры. Цалдæ р комдзаджы куыд скодта, афтæ та мæ лæ т йæ уæ лхъус алæ ууыд æ мæ йæ м дзуры:

— Цом, дæ афон æ рхæ ццæ.

— Æ мæ æ з нырма гыццыл куы дæ н, мæ нæ кæ сыс, ме ’мбæ лттимæ гъæ м-гъæ м кæ нын.

— Гъæ м-гъæ м акæ н æ мæ цом, дæ афон æ рхæ ццæ.

Зæ ронд лæ г акомдзаг кодта, къæ бæ р йæ уæ гъд хъуыры фæ бадт, уæ лдæ фцæ уæ н ахгæ дта, æ мæ сулæ фын нал сфæ рæ зта. Йæ цæ стытæ дзагъырæ й баззадысты, йæ хæ р-хæ р райхъуыст, йæ уд систа.

Чи зоны, Уырызмæ г, ацы хабар адæ м æ рхъуыды кодтой. Фæ лæ райгуырд æ цæ гдзинадæ й. Мæ лæ т цæ ргæ -цæ рæ нбонты адæ ймагæ н йæ фæ стæ зилы, иу уысм æ й уæ гъд нæ уадзы. Фæ лæ йæ нæ уынæ м, нæ йыл хъуыды кæ нæ м. Нæ й дзы алидзæ н, нæ й дзы бамбæ хсæ н. Уый дæ р у, иубон хъуамæ адæ ймаг йæ царды кæ й сæ ххæ ст кæ на, ахæ м хъуыддаг. Æ мæ -иу, бæ ргæ, афоныл куы ’рцæ уид, фæ лæ уый нæ афон зоны, нæ — кар. Æ мæ йæ м хъуамæ æ нхъæ лмæ кæ сæ м? Хъуамæ нæ къухтæ хæ рдмæ сдарæ м, æ рбаййафдзæ н нæ, уæ ддæ р дзы алидзæ н нæ й, зæ гъгæ? Нæ -æ! Уæ д цард царды хуызæ н нал уыдзæ н. Цæ рыс, уæ д та — адæ ймаджы цардæ й: дæ фæ здæ г куыд нæ кæ ла, фæ лæ артау куыд судзай, афтæ. О, æ ппæ т адæ м хъæ батыртæ не сты, æ мæ се ’ппæ т хъæ батыртæ уой, уымæ н уæ вæ н дæ р нæ й. Фæ лæ ахæ м рæ стæ джытæ скæ ны, æ мæ раст æ мæ сыгъдæ гуд адæ ймаг вæ ййы хъæ батыр. Æ взæ рдзинад æ мæ хорздзинады æ хсæ н — стыр тыгъд быдыр, фæ лæ хатгай, се ’хсæ н цы арæ н ис, уый афтæ æ рбакъуындæ г вæ ййы, æ мæ нал фæ зыны. Иу æ нæ рхъуыды, иу æ нæ ууылд ныхас, æ мæ цæ рæ нбонты адæ ймаджы зæ рдæ скъахтай. Æ мæ, цымæ, мах, адæ м, уый тыххæ й фæ зындыстæ м ацы дунемæ, цæ мæ й кæ рæ дзийы зæ рдæ тæ сау хъæ дгæ мттæ кæ нæ м? Нæ! Цыфæ нды куы уа, уæ ддæ р адæ м хорз сты.

Уырызмæ г, фæ дисы дæ м цы адæ м фæ цыд, уыдонæ н рынчындоны стыр кæ рт скъуындæ г. Уыдонæ й алкæ й дæ р фæ ндыд дæ умæ бацæ уын, дæ цуры алæ ууын: дæ зæ рдæ куыд кусы? Куыд улæ фыс? Дæ туджы æ лхъывдад куыд у? Алкæ й дæ р дзы фæ ндыд дæ уæ н зæ рдæ йæ баххуыс кæ нын.

Æ з-иу куы иуты цур алæ ууыдтæ н, куы иннæ ты. Уый мæ къодах, мæ гуыр, мæ буар уыдысты адæ мимæ, мæ хъуыдыты та дæ цуры уыдтæ н. Æ дзæ мæ й дæ м кастæ н, дæ фæ лурс рустыл-иу мæ уырзтæ, мæ армытъæ пæ н ахастон. Ды мæ м цалдæ р хатты скастæ, æ мæ -иу дуне ныррухс, фæ лæ -иу уайтагъд дæ цæ стытæ æ рæ хгæ дтай, æ мæ мæ алыварс аталынг. Цалдæ р хатты дæ былтæ базмæ лыдысты, дæ ныхас мæ м райхъуыст:

— Папæ, ма тæ рс.

Фæ лæ æ з уæ ддæ р тарстæ н. Ды-иу базмæ лыдтæ, дæ хуыссæ ны рабадтæ. Иурæ стæ г сынтæ гæ й рахызтæ æ мæ, фæ дисы цы адæ м æ рцыд, уыдонмæ рудзынгæ й кастæ. Худгæ йæ. Хъæ лдзæ гæ й. Адæ м палатæ мæ згъордтой, чи дын хъæ быс кодта, чи дын дæ къух иста. Стæ й та-иу палатæ йы фестадтæ н æ мæ дын дæ фæ лурс цæ сгоммæ кастæ н. Стæ й та-иу æ рæ вронг дæ н æ мæ бамоæ рстон: æ дзæ мæ й лæ ууын адæ мы ’хсæ н.

Уырызмæ г, дæ фæ стæ мæ цард дæ р æ мæ нæ бинонты цард дæ р дыууæ дихы, дыууæ хайы фæ ци. Ды ма æ гас куы уыдтæ, уыцы хай, æ мæ иннæ та, ды куы нал дæ, уæ дæ й фæ стæ мæ уыцы хай. Зæ ххы дыууæ полюсы. Раздæ р цардыстæ м хъарм, цъæ хсыфтæ р дунейы, æ мæ æ виппайды, авг куыд нызгъæ лæ нтæ уа, афтæ нызгъæ лæ нтæ. Хъарм, рухс дунейæ æ виппайды бахаудыстæ м сау мылазон дунемæ, зæ ххы уазал полюсмæ. Æ мæ дæ хи нылхъив, дæ сæ р æ руадз, уазалæ й риз.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.