Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






К.Д. Бальмонт. 1 страница






 

Уырызмæ г, демæ ныр цы ныхас кæ нын, искуы не ’хсæ н ахæ м ныхас æ рцæ удзæ н, уый æ нхъæ л никуы уыдтæ н. Ды хъуамæ кæ нис мемæ ахæ м ныхас, фæ лæ цы загъдæ уа хъысмæ тæ н...

О мæ бон, Уырызмæ г, ныр цал æ мæ цал хатты ахъавыдтæ н фыссынмæ. Бæ ргæ æ рбадын, фæ лæ хъуыдытæ дæ р æ мæ æ нгуылдзтæ дæ р бандзыг вæ ййынц. Нæ, хъуыдытæ нæ бандзыг вæ ййынц! Суйтæ. Æ лхынцъытæ. Фæ ивылынц. Æ ддæ г-мидæ г ауайынц. Æ з — зæ ххон адæ ймаг — се ’хсæ н адзæ гъæ л вæ ййын. Цыдæ р рæ стæ г мæ химæ æ рцæ уын, не ’гъатыр цардмæ æ рыздæ хын.

Цыдæ ртæ ныффыстон, Уырызмæ г, фæ лæ мын ныры хуызæ н зын фыссæ н никуыма уыд. Уадз зæ рдæ цæ лхъытæ кæ нæ д; уадз ме ’нгуылдзтæ фыссæ нгарз мауал ахсæ нт; уадз мæ буар тæ фсæ гæ й рынчынау ризæ д; уадз цæ ссыгтæ рустыл судзæ нт; уадз уæ лдæ ф мæ хъуыры æ лхынцъ кæ нæ д — æ з уæ ддæ р фыссын. Адæ ймаг ныййарæ г куы суа, уæ д ыл йæ цоты раз бирæ хæ стæ и.

Æ мæ мæ, Уырызмæ г, ды... ды суæ гъд кодтай уыцы хæ стæ й. Æ рмæ ст ма мын баззад иу хæ с дæ цуры: дæ рухс ном арын. Æ мæ фыссын. Йæ зæ ды хуызæ н фыртæ й æ виппайды æ нæ фыртæ й чи аззад, уыцы æ намонд лæ джы ныхас, йæ зæ рдæ йы судзаггаг рис.

Æ мæ уæ д куыд нæ фыссон зынæ й, урс гæ ххæ ттыл сау дамгъæ тæ æ нцонæ й куыд ныхасон?

Сывæ ллоны зæ рдæ... Сыгъдæ г æ мæ раст. Æ нæ хин æ мæ æ нæ азым. Æ нæ фыст урс гæ ххæ тт. Цы дзы ныффысдзæ н æ вирхъау, æ гъатыр дуне? Цавæ р ахорæ нтæ й йæ сахордзæ н? Цавæ р фæ д дзы ныууадздзæ н? Цардвæ ндаджы тызмæ г цалх ыл кæ уылты атулдзæ н?

Уæ вгæ, Уырызмæ г, рæ дийын æ ви нæ — нæ зонын, фæ лæ мæ м афтæ кæ сы, цыма, адæ ймаг гуырдзæ й цы зæ рдæ йыконд, цы зонд рахæ ссы, уый афтæ мæ й баззайы йæ царды фæ стаг бонтæ м. Æ ви нæ цард йæ хи нучы ауадзы, йæ хи гакк ныл сæ вæ ры, æ мæ йæ мах нæ бамбарæ м, нæ йæ банкъарæ м, йæ иу æ ртах свæ ййæ м?

Нæ, Уырызмæ г, ды сывæ ллонæ й цы зæ рдæ рахастай, уыимæ баззадтæ. Цымæ ды сайын æ мæ фæ ливын, хин æ мæ гадзрахат, мæ нгард ми æ мæ адæ ймагæ н æ взæ р ракæ нын зыдтай? Уæ вгæ та нæ рæ стæ г, не ’хсæ над — бирæ гъты, хъæ ддаг сырдты рæ стæ г æ мæ æ хсæ над. Æ мæ цыма ды уым иунæ г уыдтæ, афтæ мæ м кæ сы. Бирæ гъ, хъæ ддаг сырд суай, уый мæ нæ фæ ндыд, фæ лæ, тызмæ г æ мæ æ гъатыр æ хсæ нады кæ й цæ рæ м, цæ мæ й уый зонай, уый тыххæ й иу æ мæ дыууæ хатты нæ дзырдтам. Æ мæ йæ хорз æ мбæ рстай. Фæ лæ гуырдзæ й цы удыхъæ д рахастай, уый тыхджындæ р разынд, æ ви йæ дæ хæ дæ г нæ уагътай ивын?.. Нæ зонын.

Мад æ мæ фыдæ н, цымæ, ацы зæ ххыл сæ цотæ й зынаргъдæ р исты ис? Æ мæ æ рмæ ст уыдонæ н цæ мæ н? Суанг цæ рæ гойтæ н дæ р. Мад æ мæ фыдæ н сæ фырт давæ г, магуса, наркоман, расыггæ наг, худинаггæ нæ г куы уа, уæ ддæ р ыл къæ м абадын нæ уадздзысты, уæ ддæ р уый сæ хурыскаст у. Нæ кæ стæ рты аиппытæ æ мæ рæ дыдтытæ фæ зонæ м, фæ лæ сыл уæ ддæ р нæ фæ сæ ттæ м.

Уырызмæ г, къæ м абадын дыл кæ д уымæ н нæ уадзын. Нæ! Уый тыххæ й нæ! Æ мæ уæ д дæ сау ингæ нмæ кæ сгæ йæ куыд цæ рон? Æ вæ ццæ гæ н... æ вæ ццæ гæ н, нæ лгоймаг уæ вгæ йæ ме ’нкъарæ нтæ æ гæ р суагътон. Зонын æ й, йæ хъæ булæ й æ нæ хъæ бул чи аззад, ахæ м æ з фыццаг нæ дæ н. Уæ дæ фæ стаг дæ р нæ уыдзынæ н. Бæ ргæ, куы уаин, фæ лæ цард æ гъатыр у. Уæ ддæ р ма мæ нæ н цот и: дыууæ фырты, мæ царды цæ джындзтæ. Фæ лæ йæ цалдæ р хъæ булæ й æ нæ хъæ бул чи аззад, йæ хæ дзары уазал дымгæ кæ мæ н зилы, йæ хæ дзары йæ аууонимæ чи дзуры, ууыл цы мæ гуыры бон акодта? Бон-иу куыд æ рбарухс Гæ здæ нты авд æ фсымæ ры мадыл? Йæ хъæ бултæ — авд хæ ххон цæ ргæ сы — йæ хъарм хъæ бысæ й сæ рибарыл тохмæ кæ рæ дзийы фæ стæ атахтысты, фæ лæ фæ стæ мæ сæ къонамæ фæ ндаг нал ссардтой. Сæ бæ сты Ирон Мадмæ æ рбахастой авд сау гæ ххæ тты. Авд афтид сау ингæ ны. Авд сау цырты. Авд æ фсымæ ры зæ рдæ тæ фестадысты авд хърихъуппы æ мæ æ хсæ вæ й-бонæ й зилынц Ирыстоны сæ рмæ, цыма йæ знæ гтæ й хъахъхъæ нынц. Цæ гъдынц фæ дисы дзæ нгæ рæ г, цæ мæ й нæ зæ ххыл хæ ст мауал æ рцæ уа.

Лæ мæ гъдзинад... Цы у уый! Химæ къух сисын, уый лæ мæ гъдзинад у æ ви хъæ батырдзинад? Рагæ й йыл хъуыды кæ нын. Нæ! Мæ сæ р æ й нæ ахсы. Уырызмæ г, цымæ ды та куыд хъуьтды кæ ныс?..

О, ды ма хъуыды кæ нын æ мæ зæ гъынтæ н куы уаис, уæ д, бæ ргæ. Мæ цуры февзæ рдтæ, уæ ддæ р, æ вæ ццæ гæ н, ницы зæ гъис, æ рбакæ сис мæ м, дæ мидбылты фæ лмæ н бахудис, дæ уæ хсчытæ размæ æ рбалхъивæ гау кæ нис æ мæ зæ гъис: «Дæ хæ дæ г куыд хъуыды кæ ныс, афтæ, æ з дæ р демæ разы дæ н».

Дæ хъæ лæ с... Зонын æ й, цалынмæ цæ рон, уæ дмæ йæ нал фехъусдзынæ н. О мæ бон, Уырызмæ г, дæ фæ лмæ н, суадонау сыгъдæ г, ирд хъæ лæ с бамынæ г, æ нустæ м бамыр. Æ з мæ хи сайын æ мæ дарддæ р дæ р сайдзынæ н, дæ хъæ лæ с дын хъусын, зæ гъгæ... Æ мæ диссаг! Фехъусын æ й. Фæ цæ уын адæ мы æ хсæ н æ мæ мæ м сæ дзолгъойы æ хсæ н æ рбайхъуысы. Троллейбусы кæ нæ автобусы бадын — мæ.хъустыл ауайы. Фæ цæ уын иунæ гæ й æ мæ хъусын дæ ныхас. Æ рлæ ууын, фæ йнæ рдæ м акæ сын, фæ лæ дæ нæ фенын. Бадын хæ дзары, телевизормæ кæ сын æ мæ дзы ницы уынын, уынын дæ у, хъусын дæ хъæ лæ с.

Сайын, сайын мæ хи. Царды æ гъатыр æ цæ гдзинад, нæ дæ бамбæ хсæ н и, нæ — алидзæ н. Адæ ймагæ н йæ хицæ й йæ хи бамбæ хсæ н и, йæ хицæ й алидзæ н и? Алидзæ н ын ис æ рмæ стдæ р иу ранмæ: адæ мы фылдæ р хай кæ м сты, ды кæ м дæ, уырдæ м. Уый адæ ймагæ н у йæ фæ стаг фæ ндаджы кæ рон, æ ппæ ты фæ стагдæ р бынат, æ нусон, æ дзæ м бынат.

Уырызмæ г, фыдæ й-фыртмæ ирон лæ г уымæ й хицæ н кодта æ мæ абон дæ р уымæ й хицæ н кæ ны (нæ фыдæ лты хорз миниуджытæ бынтон нæ ма фесæ фтысты, дон куыд асæ ххæ тт кæ най, афтæ нæ акалдысты), æ мæ цыфæ нды зын уавæ рты дæ р йæ хиуыл хæ цын фæ рæ зта æ мæ ныр дæ р фæ разы.

...Къоста гыццылæ й къæ дзæ хы былæ й фæ цæ йхауд. Йæ фыд Леуан ын йæ къахæ й йæ хæ доны кæ рон ацахста, дурмæ йæ нылхъывта. Йæ цуры чи лæ ууыд, уыдон сывæ ллоны ауыдтой æ мæ йæ систой. Уæ д, уыцы цалдæ р уысмы, цы хъуыдытæ ивылдысты Леуаны сæ ры? Куыд нæ йæ м фæ лæ бурдта? Цыдæ р уысм, æ мæ, абон Иры цæ сгом чи у, уый сæ рсæ фæ нæ й атахтаид. Фæ лæ бур æ мæ æ нахъом сывæ ллоны дæ хъæ бысмæ фелвас, фæ лæ уæ здан ирон лæ гæ н ирон æ фсарм уыцы бар нæ лæ вæ рдта.

Алы æ хсæ над, алы рæ стæ гæ н дæ р ис йæ хи æ гъдæ уттæ. Ныр махæ й уыцы æ гъдау адард, талынг нæ, фæ лæ нæ м хъæ ддаг æ гъдау кæ сы. Æ мæ уым диссагæ й ницы ис: рæ стæ г æ мæ æ хсæ над æ гъдæ уттæ сæ хи джиппы уадзынц, сасирæ й сæ луарынц, сæ хи гакк сыл æ вæ рынц.

О мæ бон, Уырызмæ г, æ з дын дæ къухыл цал æ мæ цал хатты æ рхæ цыдтæ н? Мæ хъæ бысмæ дæ цал æ мæ цал хатты систон? Мæ риумæ дæ цал æ мæ цал хатты нылхъывтон? Гъæ йтт-мардзæ усгур лæ ппу уыдтæ, уæ ддæ р-иу дæ æ рбахъæ быс кодтон...

Дæ гыццыл лæ ппу дæ уæ хскыл йæ сæ р æ руагъта, йæ хи дæ м нылхъывта, йæ чысыл зæ рдæ йы тæ пп-тæ пп дæ риуыл æ мбæ лы, йæ буары алы стъæ лф дæ р дæ буаримæ сиу. Æ мæ ды дæ дунейы тæ ккæ амондджындæ р. Уый гæ нæ н куыд и, æ мæ уыцы æ гæ рон, рæ сугъд амонд ма банкъар? Уый дæ хицæ н ма саккаг кæ н, уымæ й æ нæ хай у, уæ д ды æ намонд дæ, уæ д ды æ лгъыст дæ.

Уырызмæ г, ды нæ ма фæ зындтæ, фæ лæ фæ зындзынæ, уый куы базыдтон, уæ д дæ р амондджын уыдтæ н.

Фыццаг хатт дæ федтон арæ ндоны дыккаг уæ ладзыджы рудзынгæ й. Дæ мад Аллæ дæ уырдыгæ й радардта. Ды уыдтæ урс-урсид кæ рдæ йнаг хъуымацы тыхт. Зынд æ рмæ стдæ р дæ цæ сгом. Чысыл, армытъæ пæ ныйас цæ сгом. Фæ лæ уый мæ нæ н цæ сгом нæ уыд, уый мæ нæ н уыд хур. Арæ ндоны дыккаг уæ ладзыджы рудзынгæ й мæ нмæ каст хур, йæ хъарм фæ лмæ н тынтæ æ ртынæ м декабры уазал бон мæ буарыл ивылдысты. Æ з уыцы хурмæ кастаин æ мæ кастаин, фæ лæ тарстæ н: куы суазал уай, æ мæ мæ къухы змæ лдæ й ацамыдтон: мидæ мæ йæ ахæ сс. Тарстæ н, фырцинæ й куы скæ уон. Æ мæ мæ цæ стытæ адон сты, рустыл куыд æ рфæ д кодтой, цæ мæ й уый мачи бафиппайа, уый тыххæ й тагъд-тагъд иуварс фæ зылдтæ н. Цыдтæ н æ мæ куыдтон. Мæ риуы ивылдысты æ нахуыр уæ лвонг, рæ сугъд æ нкъарæ нтæ. Æ з цыдтæ н, æ цæ гдзинадæ й та уæ лдæ фы тахтæ н. Хур нæ каст, фæ лæ дуне уыд æ нахуыр рухс æ мæ сыгъдæ г, цыфæ нды хурбонæ й дæ р хурдæ р æ мæ ирддæ р. Æ з уыцы бонæ й фæ стæ мæ цæ рын райдыдтон æ ндæ р дунейы. Æ з уыцы бонæ й фæ стæ мæ уыдтæ н æ ндæ р адæ ймаг. Æ з дæ н фыд. Ирон æ фсарм мæ нæ урæ дта, уæ д, зонгæ у æ ви æ нæ зонгæ, алкæ мæ н дæ р дзырдтаин: «Лæ ппу мын райгуырд!» Æ мæ та-иу мæ химидæ г бахудтæ н: уый куыд зæ гъын: «Лæ ппу мын райгуырд». Уымæ н æ мæ уыцы уысмты, фырцинæ й куыд зæ гъын хъæ уы, уый мæ сæ р нæ ма ахста. Райгуыры сылгоймагæ н. «Лæ ппу нын райгуырд!» — хъуамæ хъæ р кодтаин мæ хъæ лæ сыдзаг.

Уырызмæ г, дæ фæ зындимæ мæ цард аивта. Лæ г æ мæ ус дæ р бинонтæ сты. Фæ лæ цас бинонтæ? Уыдон æ ххæ ст бинонтæ нæ ма сты. Дæ хæ дзарæ й сывæ ллоны кæ уын, сывæ ллоны цъæ хахст, сывæ ллоны æ нæ мæ т кæ л-кæ л ма райхъуысæ д! Кæ уылты æ намонддзинад у уый.

Уырызмæ г, ды мын бирæ цыдæ ртæ базонын кодтай. Фыццаг хъæ булы, абарæ н кæ мæ н нæ й, уыцы уæ лмонц æ нкъарæ нтæ. Ноджы Ног азы хæ д къæ сæ рыл. Стырдæ р хорзæ х ма цы вæ ййы ацы дунейы! Ды мын базонын кодтай фыды æ нкъарæ нтæ. Ды мын мæ уæ хсчытыл æ рæ вæ рдтай уæ ззау, фæ лæ æ хсызгон, бæ рнон уæ з — фыды хæ с. Ды мын, о мæ бон, Уырызмæ г, базонын кодтай, а дунейы тæ ккæ стырдæ р, тæ ккæ æ вирхъаудæ р, арс дæ р кæ мæ н нæ фæ разы, астæ у дыууæ дихы чи кæ ны, уыцы зын — хъæ булы зын. Ды мын базонын кодтай, адæ ймаг йæ химидæ г æ нæ уынæ рæ й богъ-богъæ й куыд фæ кæ уы, уый. Дæ улæ фæ н, дæ рæ уджыты мидхæ р-хæ рмæ дæ хæ дæ г хъус. Цæ мæ й дæ кæ уындзæ г ма стона, уый тыххæ й дæ дæ ндæ гтæ кæ рæ дзимæ нылхъив, дæ дæ ндæ гтæ й дæ былтыл ныххæ ц, уадз дудæ нт, судзгæ рис дæ уæ нгты ахизæ д. Кæ д дæ хи нал уромыс, уæ д дæ бинонтæ й куыд ничи фена, афтæ ваннæ мæ бацу, дон хæ л-хæ лæ й рауадз æ мæ дæ зæ рдæ риссæ н æ нкъарæ нты рохтæ суадз. Кæ д хæ дзары ничи и, уæ д дæ хи бар дæ: ку, æ рмæ ст хъæ рæ й нæ, сыхæ гтæ дæ куыд нæ хъусой, афтæ.

Дæ къаммæ бацæ уын æ мæ...

О мæ бон, Уырызмæ г, уыцы цæ стытæ... Дæ цæ стытæ. Уыцы æ нæ хин, сыгъдæ г ирд цæ стытæ, цæ хæ ры стъæ лфæ нтæ сæ фæ хауы. Кæ с æ мæ сæ м кæ с, фæ лæ сæ м мæ бон кæ сын нæ вæ ййы. Цæ хгæ р фæ зил æ мæ иуварс дæ хи аппар. Ау, уыцы сыгъдæ г, æ нæ хин цæ стытæ цæ рæ нбонтæ м батар сты? Ау, никæ дуал ракæ сдзысты?! Уырызмæ г, дæ цæ стытæ м комкоммæ кæ сын мæ бон нæ вæ ййы æ мæ сæ мæ хи амбæ хсын. Цыма мæ дæ цæ стæ нгасæ й бафæ рсынмæ фæ хъавыс: «Папæ, ацы æ вирхъау бæ ллæ х цæ мæ н æ рцыд? Хуыцауæ н дæ р æ мæ адæ мæ н дæ р æ взæ рæ й цы ракодтон?»

Æ мæ дын хъуамæ цы дзуапп раттон æ з?

Уырызмæ г, бæ ллæ х дæ р уый у — æ мæ æ взæ р никуы никæ мæ н ракодтай. Ды, сæ ууон хуры тын, скастæ æ мæ фескъуыдтæ. Цы дзуапп дын раттон? Мæ сæ р ницы ахсы. Стæ й дын, æ ппæ т зæ ххы къорийыл цы адæ м цæ ры, уыдон дæ р дзуапп нæ ратдзысты. Ды мын бирæ цыдæ ртæ базонын кодтай, æ мæ уыдонæ й иу у: ис ахæ м фарстытæ, æ мæ сын дзуапп нæ й.

Уырызмæ г, дæ цæ хæ р сау цæ стытæ æ рмæ ст мæ нмæ нæ кастысты комкоммæ. О, æ вæ ццæ гæ н, дзуапп мæ нæ й агуырдтой æ мæ агурынц ныр дæ р. Уымæ н æ мæ æ з дæ фыд дæ н, æ з дæ цуры хæ сджын дæ н. Фæ лæ мæ бон ницы у.

Ды нæ куы ныууагътай, уæ д, — уæ лдайдæ р, фыццаг бонты, — дæ кæ стæ р æ фсымæ р Батрадз æ дзухдæ р кæ уындзаст уыд. Дæ къамтæ — хæ дзары цалдæ р раны, æ мæ сæ куыддæ р йæ хи иуварс ласта, йæ хи сæ æ мбæ хста. Иурæ стæ г йæ хи нал баурæ дта æ мæ загъта:

— Уырызмæ джы къамтæ -ма искæ м сæ вæ рут.

— Цæ мæ н? — диссаг нæ м фæ каст йæ ныхас.

— Æ ппынæ дзух дæ р мæ нмæ кæ сы.

Мах дæ мадимæ дойнагдуртау æ дзæ мæ й лæ ууыдыстæ м. Бадзой-дзой кæ н æ мæ æ рхау. Цалдæ р боны фæ стæ бафиппайдтон: къамтæ сæ бынаты нал сты. Аллæ загъта:

— Батыхтон сæ æ мæ сæ чумæ даны сæ вæ рдтон.

Уырызмæ г, дæ къамтæ дын дæ мад батыхта æ мæ сæ сæ вæ рдта.

Фæ лæ æ з та мæ цæ стытæ н цы кæ нон? Зонын æ й: æ рмæ стдæ р сын ис иунæ г хос: æ нустæ м сæ куы æ рæ хгæ нон, æ рмæ стдæ р дæ уæ д нал уындзынæ н. Æ рмæ стдæ р мæ уæ д нал фæ рсдзысты дæ сыгъдæ г, ирд, æ нæ хин цæ стытæ:»Цы кодтон, папæ, цæ мæ н мыл æ рцыд ацы бæ ллæ х?»

Нæ йæ зонын. Нæ йæ зонын.

Уырызмæ г, ды нал дæ, фæ лæ дæ цæ стытæ — удæ гас. Уыцы хъоппæ г, сау, сыгъдæ г, æ нæ хин ирд цæ стытæ къамæ й дæ р цæ хæ р калынц, æ рттивынц. Къамæ й дæ р адæ ймаджы сæ химæ здахынц, сæ фæ лмæ н тынтæ зæ рдæ йыл хауынц, зæ рдæ йыл узæ лынц. Кæ д уыдтæ н уый æ нхъæ л, æ мæ уыдон нал æ рттивдзысты, цæ хæ р нал калдзысты, нал худдзысты, сæ фæ лмæ н тынтæ мыл нал андзæ вдзысты.

Уырызмæ г, мæ царды амондджындæ р, рæ сугъддæ р, æ хсызгондæ р бонтæ й иу — арæ ндонмæ дæ м рахæ ссынмæ куы бацыдыстæ м, уыцы уысмтæ.

Цалдæ р уыдыстæ м: хионтæ, æ мбæ лттæ. Æ ддæ мæ дæ рахаста медицинон хо. Цæ мæ ндæ р комкоммæ æ рбацыд мæ нмæ æ мæ загъта:

— Фырыхъулы хуызæ н лæ ппу дын, — æ мæ мæ м ноджы хæ стæ гдæ р, куыд дæ райсон, афтæ æ рбалæ ууыд.

Æ з дæ райстон. Цыдæ р æ нахуыр риз ме уæ нгты ацыд. Уый уыд цины риз. Цыдæ р уысм федзæ м дæ н. Дæ гыццыл цæ стытæ й мæ м цыдæ р джиххуызæ й кастæ. Мæ зæ нгты тыхы мур нал уыд, цæ мæ ндæ р тихалджытæ фестадысты, мæ быны куы æ рбацъæ л уой, уымæ сæ бирæ нал хъуыд. Мæ цæ нгтæ... Мæ хъæ бысы уыд, Хуыцау æ ппæ ты хуыздæ р цы сфæ лдыста, уый — хъæ бул. Æ мæ тарстæ н: кæ д ыл, куыд æ мбæ лы, афтæ нæ хæ цын, тарстæ н: кæ д, æ цæ гдæ р, мæ цæ нгтæ афтæ сæ нæ хъару сты, æ мæ дунейы хæ знаты хæ знадæ ры куынæ бауромой. Нæ! Дæ уæ н æ рхауæ н нæ уыд: æ з дыл хæ цыдтæ н фидар. Куыд хъуамæ æ рхаудаис ды мæ хъæ бысæ й? Фæ лæ уæ ддæ р... Дæ мады хотæ й æ ви мæ хотæ й — чидæ р дæ райста. Æ мæ æ з æ хсызгонæ й сулæ фыдтæ н. Уæ д дæ медицинон хо мæ нмæ цæ мæ н радта, уый абон дæ р нæ зонын. Кæ д, ноггуырды фыццаг йæ фыдмæ ратт, уый исты амоны: фарн, амонд. Æ мæ мын, о мæ бон, Уырызмæ г, æ намонд куы разындтæ. Кæ д мæ бæ рæ г кодта, йæ ноггуырд сывæ ллоны йæ хъæ бысмæ райсдзæ н æ ви нæ? Цæ уылнæ йæ райсдзынæ н? Уæ дæ ма мæ хъæ бысы хуыздæ р кæ й æ рбакæ ндзынæ н? Уæ дæ ма мæ зæ рдæ мæ хуыздæ р кæ й нылхъивдзынæ н? Цоты ад куы нæ ма æ мбæ рстон, уæ д-иу мæ м иуæ й-иу ныййарджыты ныхæ стæ сæ хъæ булты тыххæ й кæ ркæ -мæ ркæ рæ сугъд ныхæ стæ кастысты. Иу сылгоймаг йæ гыццыл лæ ппуйæ дзырдта:

— Уый цыппар килограммы æ мæ фондзсæ дæ граммы сызгъæ рин у.

Уæ д ыл мæ химидæ г куыддæ р бахудтæ н, фæ лæ фæ стæ дæ р... Нæ! Цотæ н, сызгъæ рин нæ, фæ лæ дунейыл ахæ м ницы ис, уыдоны кæ имæ абарай.

Уырызмæ г, дæ æ вирхъау хабар нæ м куы ’рбайхъуыст, уæ дæ й фæ стæ мæ, уæ лдайдæ р та фыццаг бонты, нæ хи хуызæ н нал уыдыстæ м. Стæ й ма искæ д нæ раздæ ры гаччы сбадæ м, уый мæ нал уырны, стæ й йын уæ вæ н дæ р нал и. Нæ бинонтæ раздæ ры бинонтæ нал сты. Къахыр стæ м ныр. Æ рмæ ст мах дыл нæ фæ рыстыстæ м. Дæ фæ стаг бон мæ зонгæ тæ й иу лæ г мæ цуры æ рлæ ууыд. Хæ къуырццæ й куыдта, йæ уæ хсчытæ стъæ лфыдысты. Йæ кæ уын-иу йæ хъуыры фæ бадт, æ мæ та-иу йæ хъæ рзын-уынæ ргъын-кæ уын райхъуыст, йæ цæ ссыгтæ йæ армытъæ пæ нтæ й сæ рфта. Цыдæ р дзырдта, фæ лæ йæ йæ кæ уын нæ уагъта æ ви йæ бон дзурын нæ уыд? Уæ ддæ р æ й бамбæ рстон:

— Дæ лæ ппуйы бæ сты фæ лтау мæ лæ ппу куы амардаид.

Мæ зонгæ йы ныхæ стыл фыццаг нæ ахъуыды кодтон. Стæ й...

Стæ й сæ топдзæ фау ныррызтæ н. Уый та куыд? Дæ фыртæ н дæ зæ рдæ куыд зæ гъы мæ лæ т?

Мæ зонгæ йæ кæ уын нæ урæ дта. Æ вæ ццæ гæ н мын мæ цæ стытыл мæ хъуыды бакаст æ мæ загъта:

— Мæ фырт, иунæ г фырт, уыцы хъылмайыл фæ хæ ст æ мæ нын æ вддæ с азы дæ ргъы нæ туг банызта, — æ мæ ноджы хъæ рдæ рæ й ныккуыдта. Цы бамбарын ма мын хъуыд: мæ зонгæ æ рмæ ст дæ уыл нæ куыдта, фæ лæ йæ хиуыл, йæ хъысмæ тыл. Уый куыдта йæ фыртыл, йæ иунæ г фыртыл.

Уырызмæ г, цæ мæ й ныййарæ г йæ цотæ й суанг чысыл исты æ взæ р зæ гъа, уый дæ р ын тынг зын у. Уый афтæ у, æ мæ дæ химæ дæ къух сис. Уый афтæ у, æ мæ... дæ хæ дæ г дæ къубал лыг кæ н. Уадз, æ рæ нцайæ д дæ зæ рдæ. Цæ мæ й мæ зонгæ, йæ фыртæ й куыд загъта, афтæ загътаид, уый тыххæ й йын цæ йбæ рц мæ стытæ фæ кодта! Æ гæ рон маст! Бауромæ н кæ мæ н нал и, денджызау чи абухы, ахæ м æ гæ рон маст.

Уырызмæ г, уæ д та нын искуы исты маст куы скодтаис. Æ мæ нын скодтай. Æ гæ р, æ гæ р стыр маст. Æ рмæ ст иунæ г хатт. Æ стæ м июны. Хуыцаубоны. Дыууæ мины æ ртыккæ гæ м азы.

Сæ рдыгон ирд сыгъдæ г бон. Зæ лдагтын хур. Фæ лæ махыл арвæ й дур æ рхауд. Æ мæ æ рмæ ст нæ бинонтыл нæ, нæ хæ стæ джытыл, сыхæ гтыл, зонгæ тыл, де ’мбæ лттыл, де ’мкусджытыл, суанг, лæ гæ й-лæ гмæ нæ чи нæ зыдта, уыдоныл дæ р.

О мæ бон, Уырызмæ г, ды нын æ хсæ з æ мæ ссæ дз азы дæ ргъы скодтай æ рмæ стдæ р иунæ г маст, фæ лæ цавæ р?! Цалынмæ цæ рæ м, цалынмæ нæ цæ стытæ й рухс уынæ м, уæ дмæ зæ рдæ ты хъæ дгæ мттæ нал сдзæ бæ х уыдзысты. Ды нын скодтай æ нусон маст, ды нын дæ фæ стæ ныууагътай æ нусон рис.

Рæ стæ г, дам, хъæ дгæ мттæ дзæ бæ хгæ нæ г дохтыр у. Чи зоны, фæ лæ махæ н нæ. Ды не ’хсæ н куынæ уал дæ, ууыл ныр цæ уы æ ртæ азы, фæ лæ... Зæ рдæ йы рис уæ ддæ р не ’нцайы. О, уæ ддæ р цæ рæ м, кæ д ма уый цард у, уæ д. Æ з дæ р æ мæ нæ бинонтæ дæ р хъуамæ адæ мæ й нæ хи куыд фæ иппæ рд кæ нæ м, нæ хи сæ куыд бамбæ хсæ м? Æ нæ адæ м цæ рæ н нæ й. Æ нæ адæ м чи цæ ры, уый æ лгъыст у. Мыст дæ р цæ ры, æ мæ нæ ахæ м цардæ й Хуыцау бахизæ д. Æ мæ адæ мы æ хсæ н дæ, уæ д, уыдон цы кæ нынц, уый кæ н. Уæ дæ хъуамæ дæ æ нкъард зæ рдæ йы ахæ сты бахауой? Æ ппынæ дзух дæ умæ кæ сой? Дæ умæ хъусой? Адæ м худынц, уæ д ды дæ р худ. Хъæ лдзæ г ныхас кæ нынц, уæ д ды дæ р хъæ лдзæ г ныхас кæ н. Кувинæ гтæ дын дæ цурмæ рахастой, уæ д сæ скув.

Æ цæ гдзинадæ й та... Кæ йдæ римæ ныхас кæ ныс, фæ лæ... Мидæ гæ й... мидæ гæ й дæ риуы та... Нæ! Зæ рдæ йæ зæ рдæ мæ ныккæ сæ н нæ й. Чи зоны, уыцы уысм дæ м æ рбагуылф кодтой дæ фыртимæ баст хъуыдытæ, æ мæ зæ рдæ судзы, æ мæ зæ рдæ суынгæ г.

Дзургæ иу кæ ныс, хъуыды та — бынтон æ ндæ р. Бынтон æ ндæ р æ нкъарæ нтæ абухынц дæ риуы. Ды фестадтæ дыууæ адæ ймаджы. Уырыссаг литературæ йы классиктæ й иу дзырдта: «Алы адæ ймаджы мидæ г дæ р нæ цæ ры сæ дæ гай æ мæ сæ дæ гай адæ ймæ гтæ. Адæ ймаг цал къæ сæ рæ й бахизы, уал адæ ймаджы у».

О мæ бон, Уырызмæ г, уыцы хуыцаубон иннæ хуыцаубонтæ й ницæ мæ й хицæ н кодта. Кодта! Тынг хицæ н кодта, фæ лæ йæ мах нæ ма зыдтам. Нæ йæ зыдтай ды дæ р. Æ ндæ р куыд и уый гæ нæ н, æ мæ адæ ймаг... О, куынæ у уыцы æ вирхъау ныхас мæ бон зæ гъын, æ мæ йын æ нæ зæ гъгæ дæ р куынæ и. Куыд и уый гæ нæ н, æ мæ адæ ймаг йæ мæ лæ тмæ тагъд кæ на, гæ лæ буйы хуызæ н æ м уæ лæ рвты тæ ха? Уый цы дйссаг у? Уый цæ мæ н афтæ у? Мæ лæ тмæ фæ ндагыл гауызтæ конд цæ мæ н и?






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.