Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 25 страница






Темыр йæ сæ р æ руагъта, цыма йæ хуыссæ г ахсы. Ницы дзуры. Æ вæ ццæ гæ н, хъуыдытæ кæ ны: Вадимы фæ нд æ взæ р нæ у.

Фыд хъæ рзæ гау ныуулæ фыд, йæ сæ р банкъуыста æ мæ загъта:

— Цалынмæ йæ кæ ндтытæ фæ уой, цалынмæ аз ахицæ н уа, уæ дмæ уыцы æ хцатæ м æ вналæ н нæ й. Кæ д ма дзы исты баззайа, уæ д ам уыдзысты.

Вадим йæ уæ хсчытæ размæ ’рбалхъивæ гау кодта, уый дæ р йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд: ацы хистæ ртæ диссаг сты, æ дзухдæ р сæ хи раст хонынц. Уæ лдайдæ р та, Темыры хуызæ н хивæ нд чи у, уыдон дын ницы хуызы басæ тдзысты. Вадим, цы хуыздæ р у, уый нæ зоны? Йæ фыд рæ дийы æ мæ...

— Гъемæ хорз.

Темыр æ нцад бады.

— Æ з цæ уон, — Вадим йæ машинæ йы дæ гъæ лтæ йæ дзыппæ й систа. Тагъд æ й цæ уын хъæ уы, хæ дзармæ бауайынмæ йын фадат нал и. Йæ фыд рагæ й фæ стæ мæ дæ р æ гæ р цæ хгæ р, æ гæ р къуызыр адæ ймаг уыд æ мæ дзы цы спайда кодта?

Лæ ппу йæ машинæ йы сбадт. Хæ дтулгæ йæ хи размæ аппæ рста.

Фæ лæ Жаннæ уыдæ ттæ н ницыуал зыдта. Уый ницыуал уыдта. Уый ницыуал хъуыста. Жаннæ уæ лзæ ххон дунейы цæ рæ г нал уыд.

Маринæ йæ н йæ бинонтæ иууылдæ р æ мхуызон зынаргъ сты, никуы сæ хъулон кодта, зулцæ стæ й дзы никуы никæ мæ ракаст, стæ й нæ ракæ сдзæ н. Уымæ н æ мæ уыдон сты Темыры цот, Темыры цот та уый цот дæ р сты. Фæ лæ сын уæ ддæ р сæ цард раттæ г мады ад никæ д скодта. Æ мæ уый зоны. Зоны йæ. Нæ. Йæ зæ рдæ сыл нæ худы. Ныййарæ г мад æ ндæ р у, уымæ н баивæ н нæ й. Æ рмæ стдæ р æ й Жаннæ хуыдта йæ мад: Мамæ, Мамуля, Ма. Маринæ хъæ булы адджын ад уымæ й базыдта. Хъæ булы рæ сугъд, сыгъдæ г, уæ лмонц æ нкъарæ нтæ уымæ й æ нкъардта. Æ мæ Маринæ йæ н уыдон нал сты. Æ мæ цæ уыннæ? Хуыцау æ й афтæ цæ мæ н ралгъыста? Уыйас сыл Хуыцауы зæ рдæ цæ мæ й фæ худт? Уыйас йæ фыдæ хы цæ мæ й бацыдысты?

Сылгоймаг йæ чызджы сынтæ гыл ныддæ лгом æ мæ кæ уы. Бабын! Йæ цард цард нал у. Йæ хур аныгуылд. Темыр уатмæ куыд æ рбацыд, уый нæ бафиппайдта. Лæ г ахъавыд: æ нæ уынæ рæ й фæ стæ мæ куы азилид, уадз йæ бинойнаг йæ кæ уыны мондæ гтæ суадзæ д, кæ д ын фенцондæ р уаид. Фæ лæ ма уымæ н дæ р æ мæ йæ хицæ н дæ р искæ д фенцондæ р уыдзæ н? Темыры цæ стытæ доны разылдысты, йæ хъуыр æ рбахгæ дта. Йæ кæ уын нал баурæ дта. Ус æ м йæ цæ ссыгтæ й дзаг цæ стытæ й скаст æ мæ йæ уæ рджытæ ныххоста:

— Кæ уинаг куы фестæ м, кæ уинаг, мæ нæ лæ г.

Темыр йæ бинойнагмæ æ ргуыбыр, йæ дæ лæ рмтты йын йæ къухтæ бакодта æ мæ йыл схæ цыд:

— Мард, дам, цæ ссыгæ й не ’фсæ ды, фæ лæ æ гæ р кæ уын дæ р хорз нæ у, уæ д, дам, йæ дзаумæ ттæ схуылыдз вæ ййынц, къæ вда йыл стыр æ ртæ хтæ й фæ уары, йæ ацæ уæ н, йе ’рлæ ууæ н — хуылыдз.

Лæ г æ мæ ус кæ рæ дзийы æ нцæ йтты сарамæ рахызтысты æ мæ даргъ бандоныл сæ хи æ руагътой. Сылгоймаджы мæ ллæ г цæ нгтæ йæ мæ ллæ г уæ рджытыл æ рхаудысты æ мæ кæ угæ йæ дзуры:

— Уæ ддæ р... Уæ ддæ р æ й мæ сæ р нæ ахсы, уыйас цæ уыл смæ сты.

— Нæ йæ зонын. Нæ йæ зонын, — йæ цæ ссыгтæ сæ рфы Темыр.

— Йæ гыццыл зæ рдæ уыйас цæ мæ й ныттыппыр, — Маринæ цыма хъарæ г кæ ны.

— Бафæ ллад. Сфæ лмæ цыд. Цыдæ р æ гæ рон маст дзы бацыд... — йæ хицæ н дзурæ гау дзуры лæ г. — Уыйас цæ мæ й сфæ лмæ цыд?..

Аслан сæ цурмæ бацыд:

— Цæ мæ н, уый уын зæ гъон?

Лæ г дæ р æ мæ йæ м ус дæ р уыциу каст скодтой: Аслан... Æ мæ Жаннæ йæ хи цæ мæ н бабын кодта, уымæ н уый цы зоны?

— Нæ рæ стæ джы алцыдæ р æ хца у. Информаци дæ р.

Темыр йæ сæ р æ руагъта, йæ цæ стытæ бахгæ дта. Ох-х, куы амæ лид. Уый дæ р бафæ ллад. Тынг бафæ ллад. Хъæ рзгæ сыстад, ам бадын æ м нал цæ уы. Фезмæ лыд. Лæ ппу йын йæ фæ ндаг æ рæ хгæ дта:

— Папæ, æ хца мæ хъæ уы.

— Цавæ р æ хца?

— Æ хца цы вæ ййы, ахæ м.

— Мæ нмæ æ хца нæ й, — фыд акъахдзæ ф кæ нынмæ хъавы, фæ лæ лæ ппу йæ ныхмæ куыд лæ ууыд, афтæ лæ ууы, йæ цæ стытæ уæ рæ х байгом кодта æ мæ йæ м комкоммæ кæ сы, цæ стытæ сæ химидæ г зилынц.

— Уæ дæ Жаннæ мæ цы ’хца æ рæ мбырд, уыдон цы фесты?

— Уыдон ам не сты, уыдон банчы æ вæ рд сты. Уыдон йæ кæ ндтытæ н хъæ уынц.

— Мæ н æ хца хъæ уы, — Асланы хъæ лæ с ноджы фæ карздæ р, йæ цæ стытæ йæ фыды ныссагъта, цыдæ р æ нахуыр сонт каст æ м кæ ны. Маринæ йы буары уазал риз ацыд: фыд йæ къæ хтыл тыххæ й лæ ууы, фырт æ й куы асхойа, уæ д ын æ нæ ахаугæ нæ й, уæ д худинаг æ мæ аллайаг. Йæ раздарæ ны дзыппæ й йæ æ хцадон систа.

— Мæ нæ дын, — фондзсæ дæ сомы лæ ппумæ дæ тты.

— Уый гыццыл у. Мин ма.

— Цы-ы?.. — къæ зы Темыры хъæ лæ с. Лæ г йæ химидæ г судзы, фæ лæ...

— Мин ма, — Асланы хъæ лæ с фæ карздæ р, фенæ хатырдæ р, цыма бардзырд дæ тты.

Сылгоймаг йæ сылгоймаджы зæ рдæ йæ бамбæ рста: ныртæ ккæ цыдæ р æ рцæ удзæ н, уыйфæ стæ срастгæ нæ н кæ мæ н нал уыдзæ н, ахæ м цыдæ р, æ мæ йе ’хцадонæ й æ мхæ ст мин сомы систа.

— Уый — æ ндæ р хъуыддаг, — лæ ппу æ хца йæ хæ доны риуы дзыппы нытътъыста æ мæ ацыд, фæ стæ мæ кæ сгæ дæ р нал фæ кодта.

Лæ г дæ р æ мæ ус дæ р æ нцад лæ ууынц, сæ иуæ н дæ р æ мæ иннæ мæ н дæ р йæ бон фезмæ лын нæ у, цыма сагъд сты. Сæ цæ стытæ доны зилынц.

Фæ лæ Жаннæ уыдæ ттæ н ницыуал зыдта. Уый ницыуал уыдта. Уый ницыуал хъуыста. Жаннæ уæ лзæ ххон дунейы цæ рæ г нал уыд.

Иннæ бон — Жаннæ йы дыккаг сабатизæ р. Темыр хæ дзары стъолы фарсмæ бады. Фæ талынг, рухс ссудзын афон у, фæ лæ йыл мæ рдон зивæ г бахæ цыд, йæ уæ нгтæ йæ бынмæ ’лвасынц. Хатт æ м йæ цæ нгтæ, йæ зæ нгтæ донласт къодæ хты хуызæ н фæ кæ сынц. Ныртæ ккæ æ фсин ногдыгъд æ хсыры ведраимæ æ рбацæ удзæ н æ мæ цырагъ скъæ пп кæ ндзæ н. Рухсæ й дæ р ма цы кæ нынц, Жаннæ йы фæ стæ сæ хæ дзар сафтид, боныгон дæ р — талынг.

Темыр знон йæ бинойнагимæ цыртгæ нджытæ м ацыд. Уыйразмæ уæ лмæ рды æ рзылдысты, фæ кастысты: цавæ р цырт сæ вæ рой сæ хъæ булæ н? Ех-х, уый аккаг кæ м и, фæ лæ... Æ мæ равзæ рстой: йæ хийас сæ нт сау дур. Уадз уырдыгæ й сæ м кæ сæ д, цыма йæ цыртæ й ракъахдзæ ф кæ ндзæ н æ мæ сæ м æ рбацæ удзæ н. Чызджы къамтæ рахастой æ мæ дзы равзæ рстой, фарон йæ райгуырæ н бон цы къам систа, уый: сæ хæ дзары цур лæ ууы, уыцы хъæ лдзæ г, уыцы рухсдзаст, чызг нæ, фæ лæ сæ ууон хуры тын. Æ мæ уыцы тын батар.’

Фыд фыццаг хъуыды кодта: цырт сæ вæ рын йæ хистæ р фырты бар бакæ ндзæ н. Стæ й йæ фæ нд аивта: Нæ! Йе ’фсинимæ алцыдæ р сæ хæ дæ г фендзысты, алцыдæ р сæ хæ дæ г равзардзысты: дур дæ р, йæ ас дæ р, йæ конд дæ р. Мыййаг та Вадимæ й исты æ нæ хсæ ст, æ нæ ууылд ныхас куы схауа, уæ д сын зын уыдзæ н. Стæ й, æ ппынæ дзух тагъд кæ ны, рæ стæ г ын нæ вæ ййы. Æ хцайы тыххæ й дæ р та исты куы дзура: æ гæ р зынаргъ у, афтæ -уфтæ... Уый хъуыдымæ гæ сгæ мардыл хæ рдзтæ æ дылы ми у: цы пайда ма йын сты, фæ стæ мæ нал раздæ хдзæ н.

Сæ хъæ уы хорз цыртгæ нджытæ и. Къамтæ афтæ скæ нынц, æ мæ цыма удæ гас у, цыма ныртæ ккæ демæ дзурын райдайдзæ н. Алы районтæ, алырæ ттæ й сæ м цæ уынц. Ноджы Темыртæ м дæ рддзæ ф не сты. Уæ вгæ уымæ н дæ р æ мæ æ фсинæ н дæ р фæ стаг рæ стæ г алы акъахдзæ ф дæ р хохы сæ рты ахизæ гау ссис.

Лæ г йæ цæ стытæ бацъынд кодта æ мæ йæ сæ р стъолыл æ руагъта. Темырæ н дæ р æ мæ æ фсинæ н дæ р сæ цард фæ ци, дæ фыдгул йæ хъæ булы сау чырыны фена. Дæ фыдгулы йæ кæ стæ рæ н рухсаг зæ гъын бахъæ уа. Уый цыфыддæ р æ лгъыст у.

Æ фсин æ рбацыд æ мæ рухс ссыгъта. Темыры бæ ргæ ницæ мæ н хъæ уы, фæ лæ... Сау ингæ ны бадæ гау талынджы дæ р куыд бадой. Айфыццаг Вадим ахъавыд телевизор скъæ пп кæ ныныл: фыд дæ р æ мæ Маринæ дæ р бынтондæ р сæ хи цæ уыл хæ рынц, сæ химæ æ гæ р ныхъхъуыстой æ мæ -иу телевизормæ бакæ сæ нт, кæ д сын фенцондæ р уаид. Лæ г дæ р æ мæ йæ ус дæ р сдзурын нæ бауагътой: уыдон телевизормæ кæ сыныл сты? Сæ туг сæ цæ стытæ й куы кæ лы. Вадим йæ хæ дæ г — лæ гъз, булкъдаст. Иу-цалдæ р боны йæ хилмæ куынæ бавнæ лдтаид, уæ д ын цымæ исты уыдаид? Уый дæ р лæ г у, гъæ йтт-мардзæ лæ г æ мæ хъуамæ алцæ уыл дæ р хъуыды кæ на. Гормонфæ уинаг, дæ хо амард, дæ хо! Темыр ын бауайдзæ ф кæ нынмæ хъавыд, фæ лæ тыххæ й йæ хиуыл ныххæ цыд, йе ’взаг ныххуыдта.

— Мæ нæ лæ г, кæ д дæ сынтæ джы æ рхуыссын нæ ма фæ нды, уæ д уал диваныл дæ хи æ руадз, — дзуры йæ м æ фсин.

Лæ г йæ сæ рыл схæ цыд. Æ фсин, æ вæ ццæ гæ н, афтæ æ нхъæ лы, æ мæ Темырмæ фынæ й цæ уы. Нæ. Афтæ не ’нхъæ лы. Нæ йæ зоны? Æ хсæ в куынæ фынæ й кæ ны, уæ д ма ныр... Дæ иу фарсыл æ рхуысс, стæ й та иннæ уыл. Цыма гобан нæ, фæ лæ дойнаг дуртыл хуыссыс. Рабад, дæ къæ хтæ пъолмæ ’руадз, дæ цæ нгтæ зæ нгтæ м сбыцæ у кæ н, дæ цæ сгом дæ армтытъæ пæ нты бакæ н æ мæ æ дзæ мæ й бад. Фæ лæ бафæ лладтæ. Дæ бон афтæ бадын нал у: дæ хæ ррæ гътæ й дæ уæ лæ исты баппар æ мæ æ нæ уынæ рæ й сарамæ рацу. Зоныс æ й: де ’фсин дæ р нæ фынæ й кæ ны, фæ лæ дæ хи афтæ дар, цыма фынæ й у. Хъуызæ гау сарайы иу къуымæ й иннæ къуыммæ бацу, даргъ хъæ дын бандоныл дæ хи æ руадз. Кæ ртмæ ахиз æ мæ æ дзæ мæ й лæ уу. Цæ мæ н? Цæ мæ н æ рцыд ацы æ вирхъау бæ ллæ х? Дæ цоты кæ стæ р, дæ цардбæ ллон чызг цæ мæ й сфæ лмæ цыд афтæ? Уыйас дзы цы маст бацыд?

Темыр фæ зоны: æ фсин дæ р фынæ й нæ у, иурæ стæ г уый дæ р сыстдзæ н, хæ дзары дуары тарвазыл банцой кæ ндзæ н æ мæ æ дзæ мæ й лæ удзæ н, кæ нæ сарайы даргъ бандоныл сбаддзæ н, стæ й йæ цурмæ бацæ удзæ н æ мæ зæ гъдзæ н: «Цом. Цом мидæ мæ».

Æ мæ ацæ удзысты. Аууæ тты хуызæ н. Æ нæ уынæ рæ й. Сæ сынтæ джыты схуысдзысты æ мæ, кæ д æ рбабон уыдзæ н, уымæ æ нхъæ лмæ кæ сдзысты. Æ мæ ма уый цард у? Цард царды ад куынæ уал кæ на, уæ д ма цæ мæ н хъæ уы?

Темыры хуыссæ г нæ ахсы. Стæ й нырма раджы у. Базæ ронд, йæ хъизæ мæ рттæ йыл æ ртæ фстысты æ мæ бынтондæ р ныллæ мæ гъ. Лæ г ныуулæ фыд. Жаннæ йæ н йе ’гъдæ уттæ, куыд æ мбæ лы, афтæ скæ нын хъæ уы. Вадимæ н дæ р æ мæ Фатимæ йæ н дæ р сæ зæ рды афтæ уыд: æ ртыккаг сабат æ мæ дыууиссæ дзæ м бон иумæ скæ нæ м. Ныртæ ккæ афтæ бирæ тæ кæ нынц. Афтæ йæ куы скæ ной, уæ д къаддæ р хæ рдзтæ ацæ удзæ н. Ирон адæ мы «Стыр ныхас» дæ р ахæ м хъуыдыйыл хæ ст у.

Ууыл куы дзырдтой, уæ д фыд йæ фырты ныхас фескъуыдта:

— «Стыр ныхас» уа, чи уа, кæ й куыд фæ нды, афтæ кæ нæ д. Мах Жаннæ йæ н йæ алы кæ нд дæ р скæ ндзыстæ м, æ гъдау куыд амоны, афтæ.

Лæ ппу ницыуал загъта.

Фæ лæ ма Темырæ н йæ чызджы æ гъдæ уттæ скæ нын бантысдзæ н? Ацы æ нæ хайыры зæ рдæ, ацы æ нæ хайыры æ лхъывдад — фæ стаг рæ стæ г, уæ лдайдæ р та йæ ацы бонты скаст нал уадзынц. Æ ндæ рæ хсæ вы фын... Æ фсинæ н дæ р æ й нæ загъта: куы фæ тæ рса. Цæ й, æ нæ мæ лгæ дуне нæ й, иубон алкæ й дæ р ацы дунейæ ацæ уын хъæ уы. Æ рмæ ст хистæ рæ й уæ д, йæ кæ стæ ры зын мачи фенæ д. Æ мæ Темыр æ фсиныл йæ зæ рдæ дары: уый куынæ уал уа, уæ ддæ р Маринæ æ гъдæ уттæ кæ ронмæ ахæ ццæ кæ ндзæ н.

Уыцы фын... Хуымæ тæ джы фын нæ уыд. Темыры фыд куы амард, ууыл ныр авд æ мæ ссæ дз... Нæ — аст æ мæ ссæ дз азы рацыд. Темыр æ ндæ рæ хсæ в цæ мæ ндæ р йæ фыны Жаннæ йы нæ, фæ лæ федта йæ фыд Амырханы.

...Хъæ ууон клуб. Адæ м æ м цæ уынц. Фæ цæ уы Темыр дæ р. Адæ мæ й бирæ тæ сæ бынæ ттæ бацахстой, чи та Темыры хуызæ н ныр фæ цæ уы. Хъусы æ мæ... Йæ хъустыл ауад зонгæ хъæ лæ с, æ хсызгон хъæ лæ с, йæ фыды хъæ лæ с. Æ мæ кæ м и? Кæ цæ й хъуысы? Йæ цæ стытæ адæ мыл æ рзылдысты. Мæ нæ... Мæ нæ йæ фыд Амырхан, фæ ндзæ м рæ нхъыл бады, йæ фарсмæ йæ хи кары лæ гимæ хъæ рæ й дзуры. Куы амард, уымæ й кæ стæ рхуыз, йæ сæ р-иу куыд алвыдта, афтæ — машинкæ йæ цыбырæ лвыд, бынтон нæ ма сурс. Фыд дæ р æ й ауыдта æ мæ сыстад. Худы йæ м, йæ къухтæ йæ м тилы. Цас нал федтой кæ рæ дзийы? Æ нæ хъæ н аст æ мæ ссæ дз азы.

Темыр йæ фыдмæ фæ цæ уы. Иу сылгоймаг стъолы цур лæ ууы æ мæ йæ æ рурæ дта:

— Цæ мæ й дарддæ р ацæ уай, уый тыххæ й æ хца бафидын хъæ уы.

Сылгоймаджы цур стъолыл лыстæ г æ хцаты рагъ, адæ мæ й кæ й фæ иста, уыдон. Темыр ыл схъуыр-хъуыр кодта: йæ фыды феныны тыххæ й хъуамæ æ хца фида? Адæ мыл бынтондæ р цæ сгом нал и. Фæ лæ йын хуыздæ р цы гæ нæ н и. Йæ дзыппы лыстæ г æ хцатæ æ мæ къафеттæ. Иууылдæ р сæ систа æ мæ сæ иннæ æ хцаты сæ рмæ мæ стджын калд бакодта. Йæ фыд Амырхан дæ р æ м ракъахдзæ ф кодта æ мæ кæ рæ дзийы ныхъхъæ быс кодтой.

Диссаг, йæ фыд ма æ гас куы уыд, уæ д кæ рæ дзийæ н хъæ быс нæ, фæ лæ кæ рæ дзийы къухтæ дæ р никуы райстой. Фæ лæ ныр...

Уыцы фын хуымæ тæ джы фын нæ у. Йæ фыд æ м æ нхъæ лмæ кæ сы. Æ мæ... Æ мæ кæ д сæ мбæ лдзысты? Темыр ныртæ ккæ дæ р цæ ттæ у. Йæ фыны йын зын цы уыд. Йæ фыдимæ сæ мбæ лыны тыххæ й дзы æ хца кæ й агуырдтой, уый. Ныр та цæ уыл хъуыды кæ ны: кæ д мæ рдтæ м бацæ уыны тыххæ й дæ р æ хца фидын хъæ уы æ мæ йæ нæ ма зоны. Æ нахуыр рæ стæ г цæ рæ м æ мæ...

Темыр йæ хиуыл схæ цыд. Сыстад. Йæ уат конд у, цымæ? Æ мæ нæ ма бафынæ й уыдзæ н, фæ лæ... Маринæ рухс ахуыссын кодта, уый дæ р схуыссыд.

Мæ йрухс рудзгуытæ й мидæ мæ йæ хи ивазы. Лæ г ныуулæ фыд: се ’намонд гуырд дысон нæ фæ зынд. Кæ м и, цымæ? Куы та бахауа. Жаннæ ма... уæ д, кæ м и, уый афонмæ базыдтаид, Аслан, чи зоны, абон сæ хæ дзары уаид. Цымæ, цас у рæ стæ г? Йæ къахфындзтыл хæ рæ ндонмæ рацыд æ мæ къулыл ауыгъд тымбыл сахатмæ скаст: дыккаг сахат райдыдта. Æ мæ йæ, рæ стæ г цас у, уый зонын дæ р цæ мæ н хъæ уы, фæ лæ...

— Дæ хи ма удхарæ й мар, — дзуры йæ м ус.

— О, о. — Æ рхуыссыд Темыр. Исты хуызы куы афынæ й уаид. Æ мæ, æ нхъæ лдæ н, хуыссæ г æ рбахæ стæ г, æ нхъæ лдæ н, ныртæ ккæ афынæ й уыдзæ н. Æ мæ афынæ й.

...Темыр базмæ лыд. Уый... Фын уыны æ ви?.. Чидæ р ын йæ уæ хсчытыл ныххæ цыд æ мæ йæ уигъы. Чидæ р æ м æ ргуыбыр:

— Æ хца... Æ хца кæ м сты? Æ хца рахæ сс!

— Цы?! — Ницы æ мбары. Нæ. Уый... Уый фын нæ у. Дыууæ сау æ ндæ рджы. Чи йæ м æ ргуыбыр, уый йæ м афтæ хæ стæ г у, цыма йын йæ къубалыл бахæ цынмæ хъавы. Лæ г бамбæ рста: æ хца дзы агурынц, Жаннæ мæ цы ’хца æ рæ мбырд, уый байсынмæ хъавынц. Æ мæ амæ лдзæ н, фæ лæ уæ ддæ р æ хца нæ ратдзæ н. Лæ ппуты цæ сгæ мттæ нæ зынынц, цыдæ р маскæ тæ сыл.

— Чи стут?! Цы стут?! Ардыгæ й цæ угæ ут! — ныцъцъæ хахст кодта Маринæ. Уайтагъд уынæ рмæ фехъал. Лæ ппутæ й — æ ндæ ргтæ й — Темырмæ чи æ ргуыбыр, уый нæ, фæ лæ иннæ иу гæ ппæ н æ фсины цур фегуырд æ мæ йын йæ къухтæ й йæ былтæ ахгæ дта. Уый та... Æ фсины афтæ мæ й маргæ дæ р акæ ндзысты.

— Гъæ -æ! Лæ гсырдтæ! — Темыр хъуамæ сыста, йæ хи размæ аппара æ мæ уыцы цъаммары йæ разæ й ахæ сса. Лæ ппу йæ змæ лын дæ р нæ бауагъта. Ау, Темыр афтæ сæ нæ хъару? Афтæ ницæ мæ нуал бæ ззы?

— Æ хца! Æ хца рахæ сс! — Лæ ппуйы хъæ лæ с ноджы фæ хъæ рдæ р, ноджы фæ тызмæ гдæ р.

Темыр... Ацы хъæ лæ с... Цыдæ р... Цыдæ р зонгæ хъæ лæ с у. Йæ уæ нгтæ ныррызтысты. Уый... йæ фырт... ма уæ д? Уый... Уый Аслан ма уæ д. Æ васт лæ ппуйы цæ сгоммæ фæ лæ бурдта æ мæ йын йæ маскæ æ ррæ дывта. Уый... Аслан... Йæ хи лæ гхпу... Мæ нæ дуне куыд фесæ фт! Мæ йрухсмæ йæ лæ ппуйы цæ сгом хорз ауыдта.

— Аслан?!. Уый та куыд? Аслан?! Ды...

Лæ ппу дуары ’рдæ м йæ хи куыд аппæ рста, йе ’мбал Маринæ йы куыд феуæ гъд кодта æ мæ йæ фæ стæ куыд агæ пп кодта, Темыр ма уый ауыдта. Фæ лæ æ фсин рухс куыд ссыгъта, удаист цъæ хахстгæ нгæ сыхæ гты рудзынг куыд ныххоста, уымæ н ницыуал базыдта.

Райсомæ й дохтыртæ загътой:

— Йæ рыст зæ рдæ нæ баурæ дта. Инфаркт. Тæ ккæ уæ ззаудæ р, карздæ р хуызы.

Фæ лæ Жаннæ уыдæ ттæ н ницыуал зыдта. Уый ницыуал уыдта. Уый ницыуал хъуыста. Жаннæ уæ лзæ ххон дунейы цæ рæ г нал уыд.

Темыры баныгæ дтой йæ фыццаг бинойнаг æ мæ йæ кæ стæ р чызджы фарсмæ. Бирæ адæ м æ м æ рцыд йæ фæ стаг фæ ндагыл афæ ндараст кæ нынмæ. Бирæ цæ ссыг ахаста. Æ мæ куыд нæ! Дыууæ къуыримæ иу бинонтыл дыууæ зианы. Судзаггаг зиантæ. Цы ма уа æ вирхъаудæ р бæ ллæ х?

Вадим æ мæ Фатимæ, Жаннæ йы ныгæ нæ н бон уæ лмæ рдæ й куыд цыдысты, афтæ цыдысты фæ рсæ й-фæ рстæ м, хо-иу йе ’фсымæ ры уæ хскыл йæ сæ р бауагъта.

— Бабын стæ м, — загъта Фатимæ.

— Æ гæ р бын, æ гæ р бын.

— Жаннæ тынг æ намонд разынд.

— Æ намонд та ма цы вæ ййы.

— Нæ фыд дæ р уый аххосæ й амард.

— Йæ хицæ н дæ р æ мæ бинонтæ н дæ р — æ намонд. Царды дæ р йæ хи не ссардта. Алы хуызы дæ р æ намонд. Уымæ н йæ ном Жаннæ нæ уыд, фæ лæ Æ намондхæ ссæ г.

— Ныр ма йæ фæ стиуджытæ разæ й сты.

— Ацы бæ ллæ хтæ нын æ гъгъæ д фæ уæ нт.

Кæ ртмæ бахызтысты æ мæ сæ дзурын ныууагътой. Мардмæ æ рцæ уæ г адæ мы æ хца цы лæ ппутæ фыстой, уыдонæ й иу Вадиммæ бацыд, Жаннæ йы рæ стæ г дæ р æ м уый бацыд æ мæ загъта:

— Æ хца банымадтам æ мæ сæ бафснайын хъæ уы.

Вадим зæ гъынмæ хъавыд: æ мæ Темыр кæ м и? Фæ лæ афоныл йæ хи фембæ рста. Ох-х! Куыд зын у, куыд зын, дæ фыды дæ хæ дзары мауал фен, уый. Куыд æ намонд сты, куыд!

Адæ м сæ куыд нæ уыной, афтæ мидæ ггаг уаты сбадтысты. Лæ ппутæ ма æ хца иу хатт банымадтой æ мæ сæ Вадим райста. Куыд ничи йæ бафиппайа, афтæ сæ йæ машинæ йы сæ вæ рдта. Жаннæ мæ цы ’хца æ рæ мбырд, уыдон дæ р райсын хъæ удзæ н, кæ м æ вæ рд сты, уый Маринæ зондзæ н. Ныр йæ хо æ мæ йæ фыды марды кæ ндтæ уымæ кæ сынц. Æ мæ сæ скæ ндзæ н. Ох-х, куыд тызмæ г, куыд уæ ззау æ мæ æ нæ хатыр у цард. Вадим йæ къæ хты бынæ й ныуулæ фыд.

Фæ лæ Жаннæ æ мæ Темыр уыдæ ттæ н ницыуал базыдтой. Уыдон ницыуал уыдтой. Уыдон ницыуал хъуыстой. Жаннæ æ мæ Темыр уæ лзæ ххон дунейы цæ рæ г нал уыдысты.

Жаннæ йы æ ртыккаг æ мæ Темыры фыццаг сабатизæ р ахицæ н сты. Бафæ ллад. Бафæ ллад Маринæ, йæ бон ницыуал у. Æ цæ гæ лонæ й сæ м ничиуал и, æ рмæ стдæ р сæ хи бинонтæ: Вадим, Фатимæ æ мæ Ахуырбег. Аслан фæ ссихор ацыд æ мæ кæ м и, чи зоны. Уый бынаты æ ндæ р исчи йæ цæ сгом нал равдыстаид, зæ ххы скъуыды ныххаудаид. Уый та... Маринæ, искуы ахæ м рæ стæ джытæ æ рцæ удзæ н, уый æ нхъæ л никуы уыд. Мæ нæ дуне куыд фесæ фт, æ фсымæ р æ фсымæ ры уæ й кæ ны, фырты йæ фыд нал хъæ уы, бинонтæ бинонтæ нал сты, адæ м кæ рæ дзийæ н бирæ гътæ фестадысты. Цавæ р æ нахъинон, цавæ р æ лгъыст рæ стæ г цæ рæ м?

Сылгоймаг, Аслан сæ м цыдæ р йæ хи хуызæ н лæ ппуимæ æ хца давæ г, æ хца исæ г æ рбацыд, уый никæ мæ н загъта. Йæ хицæ н дзы тæ рсы: ахæ м адæ ймаг цы бакæ ндзæ н, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ зоны. Стæ й, куы йæ зæ гъа, уæ ддæ р цы уыдзæ н? Бинонты ма кæ рæ дзиуыл сардаудзæ н, æ ндæ р ницы. Уæ вгæ, Вадим æ мæ Фатимæ йæ н кæ мдæ р — бæ хы хуыррытт. Ахуырбег йæ химæ ныхъхъусдзæ н, йæ хи масты хай бакæ ндзæ н. Ам уал кæ й баззад, уый хорз у. Иу мæ й ам уыдзæ н. Йæ бинойнаг æ ртыккаг бон ацыд: сæ сывæ ллæ ттæ — иунæ г, æ мæ кæ д бынтон æ нахъом нал сты, уæ ддæ р сæ м зæ рдæ ’хсайы. Вадим æ мæ Фатимæ ацы хатт цыдæ р бирæ фæ стиат кæ нынц, иннæ хæ ттыты уайтагъд фæ цæ уæ г вæ ййынц. Цыма сын сæ хæ дзар æ цæ гæ лон у, кæ йдæ р къæ сæ рæ й бахизынц. Цыма афтæ фæ хъуыды кæ нынц: нæ фыды хæ дзарæ й исты хуызы куы аирвæ зиккам, Маринæ мæ афтæ фæ кæ сы.

Дыууæ ’фсымæ ры æ мæ хо цæ лгæ нæ нмæ æ рбахызтысты. Цыдæ р æ нахуыр цыд æ рбакодтой. Вадим — разæ й. Маринæ диваныл бады, йæ химидæ г базмæ лыд: йæ бон сыстын нæ у æ мæ йын ныххатыр кæ нæ нт. Чызг йæ фарсмæ сбадт, Вадим — стъолы цур, Ахуырбег рудзынджы цур лæ ууы. Ничи сæ ницы дзуры. Цыдæ р æ нахуыр цæ стæ нгас сын и, цыдæ р æ бæ рæ г тас сæ цæ уы. Сылгоймаджы зæ рдæ фехсайдта: цы кодтой? Исты бæ ллæ х та сыл æ рцыд? Иу æ намонддзинад иннæ æ намонддзинады йæ фæ стæ ласы. Цы та кодтам? Цы та ныл æ рцыд? Маринæ йы тарст зæ рдæ базмæ лыд, цыма ныртæ ккæ æ рхаудзæ ни, афтæ йæ м кæ сы.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.