Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 4 страница






Жаннæ Маринæ йы æ мбары. О, се ’хсæ н — азтæ, уый — мад, Жаннæ — йæ чызг, фæ лæ йын йæ алы ныхас, йæ алы сулæ фт дæ р æ нкъары. Æ ппынфæ стаг, уый дæ р сылгоймаг у.

Уыцы чындзæ хсæ вы фæ стæ Маринæ йæ н йæ зæ рдæ ныддур, рухс æ м нал калд. Чызджы ницыуал æ ндæ вта. Цыма æ цæ гæ лон бæ стæ йы, æ цæ гæ лон адæ мы ’хсæ н цард. Хионтæ, йæ удмæ хæ стæ г чи уыд, йæ зæ рдæ йы сусæ гдзинад ын чи зыдта, уыдон ын, чи æ ргомæ й, чи фæ сномыгæ й дзырдтой: йæ химæ æ гæ р ныхъхъуыста, нырма цард разæ й и. Фæ лæ йæ бон ницы уыд, алцæ мæ й дæ р алидзæ н, бамбæ хсæ н и, фæ лæ дæ хицæ й нæ алидздзынæ, дæ хицæ й нæ бамбæ хсдзынæ. Чидæ ртæ йын дзырдтой: йæ хи хуызæ н нал у, йæ цæ сгом аивта, æ дзухдæ р — æ нкъард, тар. Маринæ йæ хæ дæ г уый не ’нкъардта, уый йæ химæ каст фыццаджы Маринæ. Фæ лæ йæ æ мбæ рста: уый фыццаджы Маринæ нал у. Иу аз иннæ йы ивта, иу аз иннæ мæ й даргъдæ р кодта, æ мæ сæ фæ стæ æ нкъардæ й каст.

Æ рцыд стыр бæ ллæ х. Темыры цардæ мбал, Жаннæ йы мад Лизæ йæ н аргæ -арын йæ цард аскъуыд. Йæ фæ стаг сывæ ллоны æ хсызгон цъæ хахст нал фехъуыста. Уый ахицæ н, фæ лæ цард радта цоты кæ стæ рæ н. Темыры æ фсымæ ры чындз ноггуырд сывæ ллоны сæ химæ ахаста: уый уал æ м кæ сдзæ н.

Маринæ уыцы бонты уыд æ нахуыр уавæ ры: йæ химидæ г тыхст, цыдæ р ын нæ фаг кодта. Иу хъуыды, аннæ хъуыды. Сылгоймаджы сæ рыхъуынтæ цасдæ р рæ стæ г æ нæ фастæ й, æ нæ внæ лдæ й куы баззайой, уæ д уыдон æ ддæ г-мидæ г куыд ауайой, уыдон куыд ныссуйтæ уой, йæ хъуыдытæ афтæ ныссуйтæ сты, се ’хсæ н-иу адзæ гъæ л. Цы кæ на? Темыры йе ’ххуыс ныртæ ккæ куыд хъæ уы, афтæ никæ д. Ацы зын сахат хъуамæ йæ цуры уа, йæ уæ хск æ м бадара. Фондз сывæ ллоны, йæ ныфс сæ м чи бахæ сдзæ н? Чи сæ барæ вдаудзæ н? Йæ зæ рдæ йы хъарм сын чи нæ бавгъау кæ ндзæ н? Уыдонæ н... Уыдонæ н сæ мады нйчи баивдзæ н, фæ лæ уæ ддæ р... Кæ д мæ нæ Маринæ... Маринæ?.. Æ мæ Маринæ йæ н йæ бинонтæ, йæ хæ стæ джытæ, сыхæ гтæ, зонгæ тæ цы зæ гъдзысты? Йæ сæ рызонд кæ мæ н фæ цыд, ахæ м сылгоймаг æ й не схондзысты? Йæ хи сæ рсæ фæ нмæ не ’ппары? Фондз сывæ ллоны раз æ нцон æ рлæ ууæ н у? Æ ппын... Æ ппынфæ стаг, цы зæ гъдзæ н Темыр йæ хæ дæ г? Цы йæ схондзæ н? Уæ д та йæ сæ къæ сæ рæ й фæ стæ мæ раздæ хта. Маринæ худинаджы фæ ндагыл нæ цæ уы? Сæ сых, сæ хъæ у дам-думтæ й нæ байдзаг уыдзæ н? Чи цы хъуыды кæ на, уый-иу хъуыды кæ нæ д, чи цы дзура, уый-иу дзурæ д. Уый цæ уы.

Маринæ цыд кæ йдæ р къæ хтыл цæ уæ гау, йæ зæ нгтæ йæ быны рызтысты, цудыдтой, тасыдысты. Цæ мæ й тарст: йе ’взаг дзырд куынæ уал ахса, куы ныссуйтæ уа. Æ ппынфæ стаг, куы ныггоби уа.

Кулдуар бахоста, æ мæ йæ м ракаст Темыр йæ хæ дæ г. Сывæ ллæ ттæ й йæ цуры кæ й ничи фæ ци, уый йын æ хсызгон уыд. Лæ г æ дзæ мæ й баззад. Цас нал сæ мбæ лдысты? Цас нал федтой кæ рæ дзийы? Искуы иу хатт, æ мæ уый дæ р — æ хсгæ фембæ лд. Кæ рæ дзимæ æ хсгæ каст фæ кæ н.

Лæ г дæ р æ мæ сылгоймаг дæ р æ нцад лæ ууыдысты. Иурæ стæ г сæ цæ стытæ кæ рæ дзимæ фемдзаст сты. Цæ стытæ алцыдæ р дзырдтой. Æ мæ Темыр дæ р загъта:

— Уазæ г, Хуыцауы уазæ г, мидæ мæ, — Темыр дуар уæ рæ х байгом кодта, йæ улæ фт куыд къуыхцы кæ ны, уый хъуысти. Сарайы даргъ хъæ дын бандоныл æ рбадтысты.

— Маринæ, рагæ й дæ нал федтон.

— Рагæ й.

Сывæ ллæ ттæ й чидæ р, уæ д сын Маринæ сæ нæ мттæ нæ ма зыдта — сæ цурмæ æ рбазгъордта, фыды уæ рагыл йæ сæ р авæ рдта, скаст æ м æ мæ фæ фæ стæ мæ. Темыр базмæ лыд, йæ хиуыл схæ цыд æ мæ та сæ цæ стытæ фæ комкоммæ сты.

— Диссаджы хæ рзад битъынатæ нæ м и æ мæ фæ йнæ цайы...

— «Нæ» нæ зæ гъдзынæ н.

Темыр уыцы цæ рдæ г фестад. Табуреткæ йыл дыууæ цайы агуывзæ йы æ рæ вæ рдта. Фæ хъæ лдзæ гхуыз, фарайдзаст и. Маринæ сæ дуарæ й цæ мæ н æ рбахызт, чи зоны, уый бамбæ рста, чи зоны — нæ. Æ вæ ццæ гæ н, бамбæ рста. Уæ ддæ р фыццаг ныхас уымæ й не схауд. Æ мæ Маринæ йæ сæ р æ руагъта, комкоммæ кæ сын æ м æ фсæ рмы кодта, афтæ мæ й загъта:

— Темыр, уæ Темыр, дæ сывæ ллæ ттæ н дæ мад нæ хъæ уы?

Лæ г, сылгоймаг цæ мæ ’рбацыд, уый, æ вæ ццæ гæ н, кæ д æ нкъардта, уæ ддæ р, æ вæ ццæ гæ н, ахæ м оæ лвырд ныхасмæ æ нхъæ лмæ нæ каст æ мæ фестъæ лфыд, йæ цæ стытæ дзагъырæ й баззадысты, нал сæ ныкъуылдта. Иурæ стæ г базмæ лыд, йæ сæ р иуварс азылдта, æ мæ Маринæ ауыдта: Темыры цæ стытæ доны разылдысты, стæ й сæ ставд, къуыбар цæ ссыгтæ гæ р-гæ рæ й æ рызгъæ лдысты. Йе ’нгуылдзтæ й-иу сæ асæ рфта, уæ ддæ р згъæ лдысты. Æ мæ Маринæ хъуыды кодта: хиуылхæ ст ирон лæ гæ н йæ цæ ссыгтæ гæ ргæ рæ й уайой, уый хуымæ тæ джы нæ у. Æ мæ цы кæ ны? Кæ д, дидинджыты, фырыхъулы хуызæ н фондз сывæ ллоны йын чи балæ вар кодта, уый — йæ уарзон цардæ мбал Лизæ йы æ рымысыд? Æ мæ зæ рдæ риссы, зæ рдæ сау хъæ дгæ мттæ кæ ны. Кæ д уыцы зæ ххон зæ дæ н баивæ н нæ й, баивын та йæ хъæ уы, æ мæ дывыдон арты бахауд? Кæ д, йæ зæ рдæ йæ йæ бон Лизæ йы раскъуыддзаг кæ нын нæ у æ мæ Темыр йæ хиуыл кæ уы, раскъуыддзаг та йæ хъæ уы æ мæ цы кæ на? Кæ д, æ виппайды, æ нæ нхъæ лæ джы, йæ цуры, арвæ й дур æ рхауæ гау, фæ зынд йæ ног амонд æ мæ йæ цины цæ ссыгтæ сæ хи нал баурæ дтой? Ног амонд... Ног цард... Цы амыдтой хиуылхæ ст ирон лæ джы къуыбар цæ ссыгтæ? Йæ æ гæ рон цин æ ви йæ зæ рдæ йы æ гæ рон рис?..

Жаннæ агуывзæ йы адджын донæ й, цыма цай цымы, афтæ цалдæ р хуыппы акодта. Диссаг у адæ ймаг. Гæ нæ н и, æ мæ иу уысммæ февзæ рай суанг мин азы размæ — ивгъуыды. Гæ нæ н и, æ мæ иу уысммæ февзæ рай фидæ ны, дард кæ дæ мдæ р, космосмæ ахæ ццæ уай. Æ мæ суай уыцы рæ стæ джыты цæ рæ г. Гæ нæ н и, æ мæ иу уысммæ февзæ рай, иу адæ ймаг дæ р фæ стæ мæ кæ цæ й нæ ма раздæ хт, уым.

Чызг та адджын донæ й ахуыпп кодта. Нæ! Иу фæ рссаг хъуыды дæ р йæ сæ рмæ æ мгæ рон нал æ рбауадздзæ н. Абон сæ хæ дзары бæ рæ гбон и. Абон йæ фыд Темыры райгуырæ н бон у æ мæ хъуамæ зæ рдæ тæ цин кæ ной. Ахæ м уæ здан, кадджын хистæ р алкæ мæ н и? Алы фыд йæ хи афтæ снывонд кæ ны йæ бинонтæ н, йæ кæ стæ ртæ н? Нæ, ахæ м фыд никæ мæ н и. Æ мæ ма бирæ азты æ нæ низ, æ нæ маст, зæ рдæ рухсæ й цæ рæ д.

Жаннæ сыстад, йæ агуывзæ адджын донæ й байдзаг кодта æ мæ йæ æ нæ дзургæ йæ банызта. Æ нахуыр зæ рдиагæ й, æ нахуыр æ хсызгонæ й.

 

31-æ м августмæ ма баззад 26 боны.

5-æ м август. Æ ртыццæ г. 2009 аз

Бинонтæ иумæ кæ д æ рæ мбырд уыдзысты, Жаннæ æ дзух уымæ фенхъæ лмæ кæ сы. Семæ цин æ мæ æ хсызгондзинад æ рбахæ ссынц. Фæ лæ... Уыцы иу рæ стæ г зæ рдæ йы æ бæ рæ г тас бацæ уы, æ бæ рæ г æ нкъарæ нтæ йыл æ ртыхсынц, æ мæ чызгæ н йæ уæ нгтæ æ ркæ лынц. Æ мæ ахæ м уавæ ры цæ мæ н бахауы, уый зоны. Вадим æ мæ Фатимæ... Сæ цæ стæ нгас, сæ рохст ныхас. Ныхас... Диссаг, зæ рдæ дзы афтæ цæ мæ н риссы. Аслан та... Уый та, кæ д æ мæ кæ м цы зæ гъын хъæ уы, уый йæ хæ дæ г дæ р нæ зоны. Ныццæ лхъ ласта — æ мæ фæ ци.

Диссаг, ныхас комкоммæ зæ рдæ йыл афтæ цæ мæ н æ мбæ лы? Афтæ тыхджын у, уый Жаннæ фæ стаг азты уæ лдай тынгдæ р банкъардта, фæ лæ йæ йæ дыууæ ’фсымæ ры æ мæ йæ хо зонынц? Ныхас топпы цæ мыгæ й уæ лдай кæ й нæ у, уый æ мбарынц?

Знон Темыры райгуырæ н бон хорз ацыд. Жаннæ æ нхъæ лдта: йе ’фсымæ р æ мæ та йыл йæ хойы ныхæ стæ згъæ лдзысты, æ мæ та-иу йæ мидбынаты фестъæ лфдзæ н, фесхъиудзæ н. Нæ. Хорз ацыд.

Чызг стъол бафснайдта æ мæ йæ уатмæ бацыд, диваны кæ рон йæ хи æ руагъта. Нæ, нæ бафæ ллад, афтæ иу-цалдæ р минуты абада. Кæ д мад нæ фæ разæ й уа: фест-ма, Вадим æ мæ Фатимæ йæ н семæ истытæ авæ рæ м, зæ гъгæ, науæ д йæ хæ дæ г сыстдзæ н æ мæ мадимæ æ фсымæ р æ мæ хойæ н сæ целлофан дзæ къултæ хуыздæ р æ мæ хæ рзаддæ р хæ ринæ гтæ, дыргътæ æ мæ адджинæ гтæ й байдзаг кæ ндзысты, дæ ттæ æ мæ дзы нозтытæ дæ р сæ вæ рдзысты. Мадæ н дæ р æ мæ уымæ н дæ р, сæ бинонтæ н, сæ уазджытæ н семæ исты авæ р, уый æ хсызгон вæ ййы. Мад скъæ ппытæ ракалдзæ н, уазалгæ нæ н сафтид кæ ндзæ н, уæ ддæ р æ нæ мæ нгæ й Вадим æ мæ Фатимæ йы барæ вдаудзæ н.

Уаты дуар æ рбазыхъхъыр, æ мæ Жаннæ фенхъæ лдта, йæ мад у, ныртæ ккæ зæ гъдзæ н: «Цом, нæ бæ лццæ тты арæ вдз кæ нæ м».

Уаты дуарæ й æ рбахызт Вадим. Йæ мидбылты худы, куыд фæ худы, афтæ: хин æ мæ сæ рыстырæ й, йæ фæ стæ цыдæ р сусæ гдзинад æ мбæ хст кæ мæ н и, ахæ м мидбылхудт. Æ мæ чызг банкъардта. Нæ, уæ ддæ р ын йе ’фсымæ р цыдæ ртæ ма зæ гъа, уый гæ нæ н нæ й, афтæ мæ й нæ ацæ удзæ н. Æ мæ йыл цыма исчи уазал дон бакалдта, афтæ йæ буары уазал риз апырх. Æ фсымæ р диваныл йæ фарсмæ хъавгæ йæ хи æ руагъта, бакаст æ м æ мæ загъта:

— Мæ чысыл хо, цыдæ р сагъæ схуыз дæ: рæ хджы нæ м бухархудджынтæ ма ’рбахойæ нт.

— Вадим, æ з æ й æ ппæ ты разæ й зæ гъдзынæ н дæ уæ н.

— Æ з æ й нæ фыдыусæ й дæ р раздæ р базондзынæ н?

— Æ з Мамæ йæ ницы сусæ г кæ нын.

— Дæ уæ н ахæ м Мамæ ис, æ рхъæ цмæ дæ р дыл нæ хъæ цы, дыги-дыги дын кæ ны, фæ лæ мах та цы фæ уæ м. Сидзæ ртæ. Мæ гуыр сидзæ ртæ.

Чызг йе ’фсымæ рмæ йæ сæ р разылдта æ мæ йæ м кæ сы: фынджы уæ лхъус се ’хсæ н дæ рзæ г ныхас кæ й не ’рцыд, уый цы хорз уыд. Ныр Вадим цыфæ нды дæ р дзурæ д, мад æ мæ фыд ницы хъусынц. Жаннæ йын йæ ныхæ стыл ахуыр у. Нæ у! Нæ сыл ахуыр кæ ны. Стæ й сыл сахуыр уыдзæ н? Кæ дмæ сын быхсдзæ н? Кæ дмæ сын фæ раздзæ н? Тагъд... Тагъд сæ нал хъусдзæ н.

— Сымахæ н дæ р Мамæ уæ мад у, фæ лæ... уæ хи йеддæ мæ уæ ничи хъæ уы æ мæ...

— Гъеуый дын, гъе. Мæ чысыл хо, бæ ргæ нæ хъæ уы мад, фæ лæ фыдыус мады ад никуыма никæ мæ н скодта, стæ й не скæ ндзæ н. Дæ уæ н мады ад цæ мæ н кæ ны, уый зоныс? Уымæ н æ мæ ды æ цæ г мады ад нæ банкъардтай.

Дуар æ рбазыхъхъыр, æ мæ Вадим йæ ныхас фескъуыдта. Фатимæ ма уæ д. Æ фсымæ ры ныхæ стæ м ма уый дæ р исты ахæ м бафтаудзæ н, æ мæ Жаннæ йæ н ныр дæ р йæ сæ р ныддур, цыма дзы посздтæ дыууæ рдæ м кæ нынц.

Мад уатмæ ’рбахызт æ мæ чызг сулæ фыд. Йæ ирвæ зынгæ нæ г фæ зынд. Жаннæ йæ химидæ г ахъуыды кодта: «Æ вæ ццæ гæ н, æ цæ гдæ р, мадæ й цоты æ хсæ н цыдæ р сусæ г бастдзинæ дтæ ис. Æ ндæ р?..».

— Жаннæ, цом, нæ бæ лццæ тты арæ вдз кæ нæ м. — Мад уатæ й рацыд. Чызг йæ фæ стæ рахызт. Вадим диваныл бадгæ йæ баззад. Жаннæ йы сæ ры арвы æ рттывдау атахт: кæ д, мыййаг, æ фсымæ ры ныхас Маринæ фехъуыста æ мæ йæ фервæ зын кæ нынмæ фæ зынд? Цыфæ нды дæ р уæ д, зындонæ й фервæ зт.

— Нæ фæ ндаггонтæ н истытæ фенæ м.

— Фенæ м, — йæ мадмæ фæ лмæ н бахудт чызг.

Æ мæ сæ арæ вдз кодтой. Бæ лццæ ттæ сæ хæ дтулгæ ты сбадтысты: сиахс Чермен, Фатимæ æ мæ сæ цот — чызг æ мæ лæ ппу — сæ мерседесыл, Вадим, йæ бинойнаг æ мæ сæ дыууæ лæ ппуйы — сæ БМВ-йыл. Сæ машинæ тæ уæ рæ х лæ гъз асфальт фæ ндагмæ разылдтой, дæ ргъвæ тин сигналтæ радтой, æ мæ хæ дтулгæ тæ сæ хи размæ аппæ рстой, цыма баст уыдысты æ мæ сæ рæ хыстæ й феуæ гъд сты.

Машинæ тæ нал зындысты. Жаннæ ма уæ ддæ р сæ фæ стæ каст.

— Цом мидæ мæ, — дард кæ цæ йдæ р хъуысæ гау æ м æ рбайхъуыст йæ мады хъæ лæ с, æ мæ чызг йæ фæ стæ акъахдзæ ф кодта. Æ мæ йын куыддæ р фенцондæ р: цæ ст кæ й нæ ахсы, фæ лæ адæ ймаг хорз кæ й æ нкъары, ахæ м уæ з ыл æ нцад, æ мæ уый ахауди. Фенцондæ р ын, йæ буар сулæ фыд. Æ вæ ццæ гæ н... Æ вæ ццæ гæ н, Жаннæ хорз адæ ймаг нæ у. Æ вæ ццæ гæ н, æ цæ гдæ р цыдæ р сау тыхтимæ райгуырд, æ мæ йæ йæ хæ дæ г дæ р не ’мбары. Æ вæ ццæ гæ н, хъуамæ æ цæ гдæ р ацы дунемæ ма рантыстаид, ацы дунемæ фæ зынд æ нæ нхъæ лæ джы. Йæ райгуырдæ й йæ мады цард аскъуыдта. Æ мæ уый куыд раст у? Йæ æ рыгон мады цæ рын нæ фæ ндыд? Хъуамæ ацы дунемæ мама фæ зындаид, нæ ма дзы хъуыд, æ мæ йын цыдæ р уæ ларвон тыхтæ уый нæ барынц. Æ ви уыдон æ ндæ р тыхтæ сты: нæ æ гъатыр, фæ лывд, суйтæ, раст æ мæ зылын, сыгъдæ г æ мæ чъизийы арæ нтæ кæ м сиу сты, æ хца æ мæ мулк адæ мæ н хуыцæ уттæ кæ м систы, уыцы æ буалгъ æ хсæ нады, уыцы æ буалгъ рæ стæ г? Кæ д Жаннæ цыдæ ртæ не ’мбары æ мæ æ фсæ нттæ кæ ны. Кæ д сын сæ бинонты дæ р рæ стæ джы азар басыгъта? Чи у раст? Кæ д Жаннæ æ цæ гдæ р ницы зоны, ницы æ мбары, нæ йыл цæ стытæ и, нæ — хъустæ, æ мæ цæ ры къуырма æ мæ куырмæ й. Куыд дæ фæ нды, куыд арæ хсыс, дæ цæ сгом куыд хъæ цы, афтæ кæ н, афтæ цæ р. Дæ бон сайын у — сай, давын у — дав, скъæ фын у — скъæ ф, æ ппындæ р мацæ уыл хъуыды кæ н, мацæ уыл ауæ рд, дæ химæ ссив. Æ вæ ццæ гæ н, ныр цард афтæ у. Æ мæ йæ бон цæ стфæ лдахæ н митæ кæ нын кæ мæ н нæ у, йæ сæ рмæ сæ чи нæ хæ ссы, Хуыцауыскондæ й раст æ мæ сыгъдæ г адæ ймаг чи у, уый та цы фæ уа? Уый та цы кæ на? Уый та куыд цæ ра? Уды сыгъдæ гдзинад æ мæ рæ стдзинады æ нæ фыст æ мæ фыст закъонтæ м гæ сгæ ма цæ рæ н и? Стæ й ма адæ м искæ д уыдонмæ гæ сгæ цæ рдзысты? Уыдон цæ рæ нбонтæ м фесæ фтысты? Стæ й, уæ вгæ, уыдысты?.. Æ мæ -гъа. Æ мæ -гъа.

Жаннæ ницыуал зоны, ницыуал æ мбары. Ныссуйтæ, ныдздзæ гъæ лтæ. Æ цæ гæ лон... Хатгай уыцы дзырд плакаты хуызæ н йæ цæ стыты раз фегуыры æ мæ цæ стытæ й ратонын нал фæ комы. Йæ редактор Дауытæ н æ цæ гæ лон нæ у. Йæ æ рмæ джытæ йын иу иннæ йы фæ стæ раздæ хта, уæ ддæ р дзы æ взæ р нæ зæ гъид. Цалдæ р æ рмæ джы йын нæ ауагъта, æ мæ йæ м уый тыххæ й хъуамæ фыдзæ рдæ хæ сса? Знаджы цæ стæ й йæ м кæ са? Йæ иу уацхъуыд «Бæ рнон бынæ тты — æ бæ рнон адæ м» сæ дыууæ дæ р хорз хъуыды кæ нынц. Районы хицау цалдæ р куысты ахæ мты сæ вæ рдта, æ ппындæ р уыцы куыстытæ м бар чи нæ дардта, йæ фыны дæ р æ й чи никæ д федта. Уыцы куыст сæ хъуыд æ рмæ стдæ р æ хцайы тыххæ й. Бæ рнон бынæ тты — æ бæ рнон адæ м. Æ мæ цæ мæ н?..

Жаннæ районы газеты уацхæ ссæ г нал уыд, фæ лæ милицæ йы кусæ г. Цас фылдæ р агуырдта, цас арфдæ р къахта, афтæ йæ хæ дæ г дæ р цымыдисæ й-цымыдисдæ р кодта. Цалдæ р бæ рнон бынаты — цалдæ р æ нæ нхъæ лæ джы чидæ ртæ. Æ мæ чи сты? Кæ цæ й æ рхаудтой? Цæ мæ н æ мæ куыд бацахстой уыцы бæ рнон бынæ ттæ? Сæ хорз зонындзинæ дты фæ рцы æ ви, дæ сны разамонджытæ кæ й сты, уый тыххæ й?

Районы хицау районы автотранспортон управленийы хицауæ й сæ вæ рдта... Кæ й? Йæ сиахсы — йæ хойы лæ джы. Æ мæ цы кусæ г уыди раздæ р? Уæ зласæ н КАМАЗ-ы шофыр. Дыууæ хатты аваритæ скодта. Иухатт йæ машинæ афтæ ныппырх, æ мæ саразынæ н нæ, фæ лæ дзы ивæ н хæ йттæ н дæ р ницыуал сбæ ззыд. Æ мæ сом дæ р нæ бафыста, сыгъдæ гæ й агæ пп ласта. Иннæ хатт та зæ ронд усы скъуырдта. Усæ н йæ зæ нг асаст, æ мæ йæ м рынчындонмæ цæ угæ дæ р нæ бакодта, сылгоймаг йæ хæ дæ г фæ аххосджын. Дæ с къласы дæ р чи нæ фæ ци, уымæ аттестат нæ, фæ лæ диплом дæ р разынд: фæ саууонмæ æ нтыстджынæ й каст фæ ци институт. Æ цæ гдзинадæ й — иу институт дæ р нæ фæ ци, диплом балхæ дта, аттестат дæ р кæ мдæ р ссардта. Æ мæ дын уый — разамонæ г. Куыд? Цы хуызы? Цæ мæ н?

Æ мæ иннæ тæ дæ р афтæ. Хæ стæ джытæ. Æ цæ гæ лæ ттæ. Фæ лæ æ хца цыфæ нды хионæ й дæ р фæ хæ стæ гдæ р вæ ййы, цыфæ нды фидар дуæ рттæ дæ р байгом кæ ны. Темыр хуымæ тæ джы фæ зæ гъы:

— Нæ дуг у, алцыдæ р балхæ нæ н æ мæ ауæ йгæ нæ н кæ м и, ахæ м дуг.

Дæ дзыпп куыд амоны, дæ куыст — ахæ м, туфлитæ куыд балхæ нæ н и, афтæ балхæ нæ н и куыст дæ р, алцыдæ р. Уый дын — нæ цардыуаг...

Редактор цалдæ р боны ницы дзырдта. Цыма Жаннæ йы уацхъуыд нæ федта. Кæ й йæ бакаст, Жаннæ ууыл дызæ рдыг нæ кодта. Фæ лæ Дауыт, æ вæ ццæ гæ н, йæ химидæ г тыхст, артæ й доны æ хсæ н бахауд æ мæ... Æ ппынфæ стаг, Жаннæ мæ фæ дзырдта, уацхъуыд цалдæ р хатты рафæ лдæ хта, сыстад æ мæ рудзынгæ й кæ дæ мдæ р каст, стæ й æ рæ джиау загъта:

— Жаннæ, сбад, цæ мæ н лæ ууыс.

Чызг сбадт.

— Жаннæ, искуы дын æ взæ рæ й исты сарæ зтон?

Дауыт йæ химæ йæ фыды номæ й дзурын нæ уадзы: махмæ, ирæ ттæ м, уый нæ фидауы, æ мæ уымæ дæ р Даут Олегович мачи дзурæ д, зæ гъгæ. Дауыт. Æ мæ йæ м Жаннæ дæ р йæ фыды номæ й нæ дзуры.

— Дауыт, цытæ дзурыс, ды мæ нæ н æ взæ рæ й никуы ницы сарæ зтай, æ з дæ стыр бузныг дæ н. — Уый былалгъ, зæ рдæ лхæ нæ н рæ сугъд ныхас нæ уыд. Жаннæ уæ д дæ р æ мæ ныр дæ р афтæ хъуыды кæ ны: журналисты дæ сныйад кæ й райста, газет йæ цард, йæ хъысмæ т кæ й ссис, æ ппынфæ стаг, нæ суйтæ, змæ ст рæ стæ г цыдæ р куыстыл хæ ст кæ й у, уый — Дауыты фæ рцы. Афтæ йæ м фæ кæ сы, цыма уый йæ фæ ндагамонæ г у. Æ мæ, бæ гуыдæ р, у. Университеты журналистикæ йы факультетмæ йæ гæ ххæ ттытæ куы лæ вæ рдта, уæ д йемæ ацыд. Чызг ныфсæ рмы, бакæ сын æ м нæ уæ ндыд. Цыма Дауытæ н æ ндæ р ницы куыст и. Куыстытæ та — бирæ. Фæ стæ дæ р редактор йæ хæ дæ г дзырдта:

— Æ рыгон адæ ймагæ н йæ цардвæ ндаг æ взарæ н рæ стæ г йæ фарсмæ æ рбалæ уу, баххуыс ын кæ н, уæ д уый удыбæ стæ у. — Æ мæ Дауыт Жаннæ йы иунæ гæ й нæ ауагъта. Деканы уатмæ бацыд хионы цыд. Чызг кæ мдæ р æ мбæ рста: уыцы уаты лыг цæ уы йæ хъысмæ т. Æ мæ -иу чысыл уынæ рмæ дæ р сонт каст фæ кодта, фестъæ лфыд-иу. Уæ рæ х, бæ рзонд дуар байгом æ мæ Дауытимæ рахызт ныллæ джытæ, къæ схуыр, урссæ р сылгоймаг. Жаннæ мæ æ рбакаст, бахудт æ м æ мæ загъта:

— Уæ дæ нын ацы чызджы нымудзыс, Дауыт? Дæ æ рмæ джытæ æ взæ р не сты, фæ лтæ рддзинад та азтимæ æ рцæ удзæ н.

— Зинæ, бузныг, стыр бузныг, — хион хуызы йæ м бакаст Дауыт. — Жаннæ, æ нхъæ л дæ н, дæ гæ ххæ ттытæ дæ хæ дæ г ратдзынæ, — æ мæ ацыд.

Æ взонг чызг иунæ гæ й аззад. Ис! Ис! Ацы зæ ххыл хорз адæ мтæ ис. Мæ нæ сæ иу — Дауыт. Абон фыццаг хатт кæ й федта, журналистикæ йы факультеты декан, иннæ та уый. Цыдæ р æ нахуыр ныфс дзы бауагътой. Университетмæ бацæ уыны тыххæ й йæ гæ ххæ ттытæ нæ ма радта, афтæ мæ й, цыма студент у, йæ химæ афтæ фæ каст. Уый уыд дунейы тæ ккæ амондджындæ р адæ ймаг.

Æ мæ хъуыдыты хал фескъуыд. Дауыты ныхас æ й, цалдæ р азы размæ йæ, æ виппайды кæ м февзæ рд, уырдыгæ й абонмæ раскъæ фта:

— Жаннæ, æ з дæ р æ мæ ды дæ р ам мауал кусæ м, уый дæ фæ нды?

Цы йын зæ гъа? Жаннæ мауал кусæ д, фæ лæ Дауыт... Æ нæ уый редакци редакци нал уаид, уый редакцийы зæ рдæ у.

— Цытæ дзурыс, Дауыт. Æ з кусон, ма кусон, уый диссаг нæ у, фæ лæ ды... Æ нæ дæ у газет...

Дауыт цæ ры газетæ й. Цыма йæ фынты дæ р, газет куыд цымыдисагдæ р уа, куыд хуыздæ р уа, адæ мы зæ рдæ тæ м куыд хуыздæ р фæ цæ уа, уый фæ уыны, Жаннæ мæ афтæ кæ сы. Йæ хъуыдытæ иууылдæ р газетимæ баст сты. Сæ редактор йæ куыст, йæ дæ сныйад куыд уарзы, алчидæ р йæ куыст, йæ дæ сныйад афтæ уарзы, уæ д уыцы куыст æ взæ р никæ д уаид, уыцы куыст æ дзухдæ р уаид тæ худиаг.

Жаннæ йæ н цы бамбарын хъуыд: ныхас цæ уы йæ уацхъуыдыл, æ вæ ццæ гæ н ын рауадзæ н нæ й æ мæ... Æ мæ йæ уæ д сисæ д.

— Уыцы уахъуыд... Æ мæ кæ д афтæ у, уæ д æ й раиуварс кæ н, — загъта Жаннæ. — Æ ндæ р газеты йæ куы рауадзин, уæ д та куыд уаид?

— Кæ д мæ нмæ хъусыс, уæ д æ й макæ дæ м ратт. Дæ фæ ндаг дæ хæ дæ г суйтæ кæ ныс. Хицауад кæ рæ дзиимæ баст сты, маст нæ барынц. Дзургæ иу кæ нынц, кæ нгæ та — æ ндæ р. Чи загъта, цы дæ фæ нды, уый фысс? Чи загъта, махмæ мыхуырæ н сæ рибардзинад и? Нæ й! — Дауыт цыдæ р æ нахуыр мæ стджынæ й дзырдта. Æ вæ ццæ гæ н, йæ риуы цы маст сцæ нд, уый фегом, уый срæ мыгъта.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.