Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 3 страница






— Папæ, æ рмæ ст иу курдиат — дæ дарæ с раив, — чызг йæ фыдыл иннæ уатмæ ахæ цыд.

— Омæ ацы дзаумæ ттæ цы кæ нынц, — йæ химæ æ ркаст Темыр.

— Хорз сты, фæ лæ абон дæ бæ рæ гбон у æ мæ... Цом, цом, Папæ, абон дыл хъуамæ бæ рæ гбоны дарæ с уа.

— Омæ театрмæ куынæ цæ уын кæ нæ нæ президенты фарсмæ куынæ баддзынæ н, мыййаг.

Темыр чысыл фæ стæ дæ р уатæ й рахызт æ рвхуыз итувæ рд костюм, урс хæ дон æ мæ сау туфлиты. Жаннæ мæ афтæ кæ сы, цыма йæ фыд цалдæ р азы ферыгондæ р. Цыдæ р уысм æ ддаг бакастæ й афтæ зыны, æ цæ гдзинадæ й та фæ стаг рæ стæ джыты тынг фæ зæ рондхуыз. Фæ гуыбыр, йæ уæ хсчытæ бынмæ æ рхаудысты, цæ сгомыл — сау арф хæ ххытæ. Хатгай йæ цыд афтæ уæ ззау вæ ййы, æ мæ йæ къæ хтæ зæ ххæ й тыххæ й фæ исы. Цæ стытæ... фыццаджы рухс сæ нал кæ лы, мынæ гæ й-мынæ гдæ р кæ нынц, æ мæ Жаннæ йæ н æ ппæ тæ й зындæ р уый у. Темырыл абон сæ ххæ ст цыппæ рдæ с æ мæ æ ртиссæ дз азы. Æ мæ уыдон цас бирæ сты? Уыдоны уæ зæ й афтæ фæ цудæ н и? Уыцы азты уæ зæ й афтæ æ рхауæ н и? Йæ зæ рдæ йæ нал уадзы, йæ æ лхъывдад хæ рдмæ сгæ пп кæ ны æ мæ — хостæ, уколтæ... Йæ тыхулæ фт йæ разæ й æ рбахæ ссы. Уæ ддæ р цæ хæ радоны истытæ кусдзæ н: къахдзæ н, рувдзæ н, кæ рдæ джытæ тондзæ н. Бæ лæ стæ æ хсæ дын æ й нал уадзынц, уæ ддæ р сусæ гæ й схизы. Æ мæ сæ м уалдзæ джы, фæ сæ хсæ ст сыфтæ куы рафтауынц, уæ д цæ стыдзагæ й фæ кæ сы æ мæ фæ зæ гъы:

— Нæ бæ лæ стæ ног чындзыты хуызæ н сты — рæ хснæ г, æ лвæ ст, æ нæ иу уæ лдай къалиу.

Куынæ уал кусид, куы ницыуал архаид, æ мæ... Цæ хæ радоны дæ р æ мæ сарайы дæ р чи змæ ла, уый ис: мæ нæ Жаннæ, Мамæ. Фæ лæ йæ сæ бон басæ ттын нæ у. Æ дзухдæ р фехъусынц уыцы иу дзуапп:

— Адæ ймаг куы нал куса, уæ д мард у, куыст адæ ймаджы цæ рæ нбон у.

Сыхæ гты зæ ронд ус Фаризæ т ын иухатт бауайдзæ ф кодта:

— Темыр, фæ нды фыркуыстæ й амæ л, фæ нды мæ гуырæ й, уæ лдай нæ у.

— Кусынæ й ничима амард, — бахудт æ м Темыр. Зæ ронд ус дæ р бахудт æ мæ йæ къæ хтæ тыххæ й исгæ сæ химæ бацыд.

Темыр стъолы уæ ле, фынджы хистæ р кæ м фæ бады, йе ’ргом хурыскæ сæ нырдæ м, уым сбадт. Вадим, Темыр хæ дзары нæ уыд, афтæ мæ й уыцы бынат цалдæ р хатты «бацахста», фæ лæ фыд куы ’рбацæ уы, уæ д фесты. Чи зоны, фыды фæ стæ уый нæ лгоймæ гты хистæ р кæ й у æ мæ йæ м фылдæ р бартæ кæ й хауы, уый бахахх кæ нынмæ фæ хъавы æ ви æ нæ нхъæ лæ джы, æ мæ -гъа.

Асланмæ, хистæ р кæ нæ кæ стæ р кæ м сбада, уыдæ ттæ нымады не сты. Цымæ та кæ м и?

Бинонтæ иууылдæ р стъолы фарсмæ сбадтысты. Жаннæ сыл афæ лгæ сыд. Цы рæ сугъд фидауынц. Арæ хдæ р куы ’мбæ ликкой. Аслан уæ ддæ р нæ ма зыны, Темыры райгуырæ н бон æ ртæ чъирийы кæ й кæ ндзысты, уый йын Жаннæ цалдæ р хатты загъта. Стæ й йæ нæ зоны? Цафон та фæ зындзæ н? Цыхуызæ нæ й та æ рбацæ удзæ н? Æ мæ, дам, Темыр фæ зæ рондхуыз. Æ гæ р фидар дæ р ма у. Хатгай, цыма фынæ й фæ кæ ны, афтæ цъынддзæ стæ й фæ бады. Йæ хицæ н дзурæ гау фæ зæ гъы:

— Алы бон дæ р нæ хæ дзары мард и.

Жаннæ фыццаг йæ фыды ныхас не ’мбæ рста. Чи сæ амард? Стæ й йæ æ гæ р хорз дæ р ма базыдта. Карз, æ вирхъау хатдзæ г. О, сæ бинонты кæ уын, сæ удаист цъæ хахст, сæ зæ рдæ риссæ н марой, сæ богъ-богъ нæ райхъуысы. Фæ лæ мидæ гæ й, зæ рдæ ты... зæ рдæ ты цы цæ уы?.. Аслан æ лгъыстаг фæ ци, фæ лæ уыимæ бинонтæ дæ р фесты æ лгъыстаг, фыццаджыдæ р — фыд æ мæ мад. Сæ цард царды хуызæ н нал у. Вадимæ н кæ нæ Фатимæ йæ н цы у? Аслан ис — нæ й, хъуыды дæ р æ й нæ кæ нынц. Диссаг, йæ худинагæ й та йын куыд нæ тæ рсынц? Иу мыггаг, иу фыды ном нæ хæ ссынц? Æ ви уыдæ ттæ ницыуал сты? Уый сын у дард, æ цæ гæ лон чидæ р. Жаннæ сæ м йæ хи нал бауромы æ мæ фæ зæ гъы:

— Уæ хицæ й йæ афтæ бынтон куыд иуварс кæ нут, уе ’фсымæ р нæ у?

Вадим æ м сæ рыстырхуызæ й æ рбакæ сы:

— Мах адæ м стæ м æ мæ адæ ймæ гтимæ дзурæ м, уый та адæ ймаг нæ у.

— Бамбæ рстай? — йæ ныхас æ рбаппары Фатимæ.

Темыр сыстад. Сыстадысты иууылдæ р, æ мæ фыд ракуывта. Бинонты æ мæ хæ стæ джыты Хуыцау æ мæ йе сконд зæ дтыл бафæ дзæ хста: æ нæ маст, æ нæ фыдбылыз æ мæ зæ рдæ рухсæ й куыд цæ рой; йæ кæ стæ ртæ царды фæ ндæ гтыл æ нæ низæ й куыд цæ уой, сæ фæ ндæ гтæ лæ гъз куыд уой, амонд семæ æ мдзу куыд кæ на; бинонтæ сты æ мæ кæ рæ дзийы куыд æ мбарой; мæ нæ сæ иумæ йаг бынат æ мæ дзы чи цы бынаты цæ ры, уым амонд куыд уа, сæ фæ ллойæ, сæ бæ ркадæ й æ ртыгай чъиритæ куыд кæ ной, уыцы хорзæ х Дунесфæ лдисæ г саккаг кæ нæ д. Йæ бинонты æ ппæ т зæ дтыл дæ р фæ дзæ хсы æ мæ сæ сæ хорзæ х уæ д.

Кувæ ггаг Вадимы лæ ппу Артурмæ авæ рдта. Уый бæ гæ ныйæ ацахуыста, чъири æ мæ æ ртæ фæ рскæ й ратыдта.

— Уый дын лæ ппу, — бахудт Темыр æ мæ йæ фырты фырты сæ рыл йæ уырзтæ æ рхаста: — Вадим, Артур дæ уæ й лæ гдæ р куы разына, уымæ й тæ ссаг у.

— Ахæ м ахуыргæ нæ г ын и: йæ фыдыфыд — ирон æ гъдæ утты профессор, сыхы хистæ ртæ й иу, æ гъдаугæ нæ г лæ г, — загъта Вадим. Жаннæ йæ м бакаст: æ цæ г зæ гъы æ ви дзы фелхыскъ кæ ныны охыл схаудысты ахæ м ныхæ стæ.

— Уæ дæ Стыр Хуыцауæ н табу уæ д, — æ мæ Темыр лæ угæ йæ арахъхъ банызта. Сбадт. Бинонтæ иууылдæ р сбадтысты. — Замманай фынг. Бавналут. Нæ бæ ркад нæ чызгæ рвыстыты, чындзæ хсæ вты æ мæ ноггуырдты куывдты хъæ уæ д.

Жаннæ уæ либæ хы карст систа, иу уысм йæ къух уæ лдæ фы ауыгъдæ й аззад: йæ фыды ныхас комкоммæ уымæ у. Æ мæ ма тыхсæ д, ма тыхсæ д, йæ кæ стæ р чызг тагъд чындзы ацæ удзæ н, йæ амонд ссардзæ н. Уæ дæ, уæ дæ! Акомдзаг кодта.

— Папæ, ацы хатт дæ куывды иу ахсджиаг ныхас ферох кодтай, — Вадим та цыдæ р зондджын ныхас зæ гъынмæ хъавы.

— Æ мæ цы, цымæ? — разылд æ м Темыр.

— Афтæ нæ фæ зæ гъыс, нæ чысыл бакуысты бирæ бæ ркад куыд уа. Æ мæ дæ уый ферох.

Жаннæ йы цæ стытæ Вадимыл æ рæ нцадысты. Йе ’фсымæ р мацы зæ гъа, цыдæ р æ лхыскъ ныхас куынæ баппара, уæ д уый Вадим нæ уыдзæ н. Темыр æ м куы ницы сдзурид. Æ мæ ницы зæ гъы, цыма йæ нæ фехъуыста. Фæ лæ йæ цæ стæ нгасыл бæ рæ г у: йæ фырты ныхас ын хъыг у, фæ лæ йæ аныхъуырдта. Йæ агуывзæ бæ рзонд систа:

— Цæ й, уæ дæ, ракувæ м та.

Фыд карз нозтмæ æ мхиц никæ д уыд. Йæ хи дзыхæ й арахъхъ никæ д бацагуырдта, йæ хи къухæ й йæ хицæ н нозт никæ д рауагъта. Фæ стаг азты та дзы бынтондæ р йæ хи иуварс ласы: нозт йæ кæ нæ гæ н дæ р нæ бары, арахъхъ бирæ хорз адæ мты фесæ фта. Фынгыл ныхас куы нæ акæ най, дæ хæ дзарыл рæ сугъдæ й куынæ сæ мбæ лай, уæ д уый куыд у? Водкæ расыггæ нæ н у. Цыма Темыр сомы бакодта, æ з уымæ й иу хуыпп дæ р никæ д скæ ндзынæ н, зæ гъгæ, Жаннæ мæ афтæ кæ сы. Донæ й арæ хдæ р ссис æ мæ адæ мы йæ бынмæ ласы.

Темыр Уастырджийы — Лæ гтыдзуары тыххæ й ракуывта. Фыд ацы куывд æ дзухдæ р уæ лдай зæ рдиагдæ рæ й фæ кæ ны. Æ мæ цæ мæ н, Жаннæ уый зоны: æ дзухдæ р æ й сбæ тты йæ бинонтимæ, йæ кæ стæ ртимæ. Уыдонæ н сæ цард нырма разæ й и, царды фæ ндæ гтæ сæ м æ нхъæ лмæ кæ сынц æ мæ сыл дзæ бæ хæ й, æ нæ фыдбылызæ й, æ нæ мастæ й цæ уæ нт, сæ къах макуы бакъуырæ нт. Арахъхъæ й ахуыпп кодта, агуывзæ стъолыл æ рæ вæ рдта:

— Фæ йнæ бæ гæ ныйы агуывзæ йы сисут, шампайнаг цæ уыннæ байгом кæ нут.

— Жаннæ йæ фæ стæ дæ рмæ ауæ рды. — Фатимæ шампайнаджы авг йæ лæ г Черменмæ балæ вæ рдта.

— Бакæ н-ма йæ, кæ д дзы туг нæ ракæ лид.

Жаннæ бахудт: уый ницы зæ гъдзæ н. Мад æ м бакаст, ома ды дæ р та дзуапп дæ ттыныл ма схæ ц. Уый йæ чызджы хорз æ мбары, стæ й æ рмæ ст уый нæ — алкæ йы дæ р. Темыримæ та цæ стæ нгасæ й нæ, фæ лæ сулæ фтæ й дæ р кæ рæ дзийы хъуыдытæ базонынц, цыма сæ кæ сгæ фæ кæ нынц. Æ ндæ р сылгоймаг йæ хигъдауæ й пъадвалы нозтытæ дарид? Маринæ дары, сæ хæ дзар лæ джы хæ дзар у æ мæ сæ м хъуамæ кæ ддæ риддæ р нозт уа. Уазæ г, кæ д æ рбацæ удзæ н, уымæ й нæ фæ рсы. Аслан... Куыд нæ сæ хæ ссы. Æ мæ пъадвалы дуарыл — гуыдыр æ вæ рд, фæ лæ уæ ддæ р... Дуар куыд нæ гом кæ ны, гуыдыр куыд нæ сæ тты.

Арахъхъ Маринæ фелхæ ны. Иу хуыпп дзы акæ ны æ мæ бæ ззы æ ви нæ, уый базоны. Æ ндæ раз Темыр сыхаг лæ гимæ хæ стæ г хъæ утæ й иуæ й арахъхъ фæ йнæ дæ с литры æ рбаластой. Уыдис ма сæ м, фæ лæ уадз æ мæ уа, холлаг ын нæ дæ ттынц, мыййаг. Маринæ дзы ахуыпп кодта, йæ сæ р банкъуыста æ мæ загъта:

— Нæ лæ г, ацы арахъхъ хайыры нозт нæ у.

Ау, æ цæ г нæ бæ ззы? Темыр дзы иу гыццыл агуывзæ йы дзаг æ нæ бары, тыххæ й банызта. Æ хсæ вы артæ нхæ лдтæ кодта, йæ хуыз фæ цыд, ныцъцъæ х. Нæ ма æ рбабон, афтæ авгыл схæ цыд æ мæ йæ къанауы ауагъта. Фырмæ стæ й. Цыма йын цæ лгæ нæ ны ауадзæ н нæ уыд. Сыхаг лæ г дзы иу æ ртах дæ р нæ акалдта. Кæ д мæ ла, уæ д амæ лæ д, уымæ дзæ гъæ л æ хцатæ нæ й. Темыр-иу йемæ хынджылæ г кодта:

— Ды дуртæ куы бахæ рай, уæ ддæ р сæ дæ ахсæ н скæ рддзæ н, цыфæ нды хъылма куы баназай, уæ ддæ р дын ницы уыдзæ н.

Сыхаг, мæ гуыр, фарон амард.

Жаннæ дæ р ирон фынджы æ гъдæ уттæ н цыдæ ртæ зоны. Æ ртыккаг куывд у, æ ртæ чъирийы цæ й фæ дыл сты, уый тыххæ й. Темыр йæ хи кой иу хатт дæ р нæ ма скодта, стæ й не скæ ндзæ н, цыма абон уый бæ рæ гбон нæ у. Æ гæ р, æ гæ р уæ здан у.

Чызг йæ хъуыдымæ йæ химидæ г бахудт: ирон æ гъдæ уттæ н уый дæ р цыдæ ртæ зоны. Æ мæ цæ уыннæ зона? Æ ндæ р планетæ йæ ’рхауд? Ирон мад æ мæ фыдæ й нæ райгуырд? Ирон хæ дзары не схъомыл? Темыр Хуыцау æ мæ йе сконд зæ дтыл фæ дзæ хсдзæ н йæ кæ стæ рты, цæ мæ й адæ мы æ хсæ н цæ уын æ мæ цæ рын фæ разой, адæ мы фарнæ й хайджын уой, ирон адæ ймаджы ном сыгъдæ г æ мæ рæ сугъдæ й хæ ссой, царды раст фæ ндагæ й чи фæ иртæ ст, уый йæ фæ стæ мæ куыд ссара æ мæ йæ къах куыд никæ дуал бакъуыра.

Чызг куыддæ риддæ р хъуыды кодта, фыд ракуывта афтæ. Йæ хи тыххæ й — иу ныхас дæ р нæ. Æ мæ Жаннæ... Сыстад. Адджын доны агуывзæ систа:

— Папæ, уæ дæ æ з та афтæ зæ гъын: æ нæ низ нын у, иу-дæ с æ мæ ссæ дз азы ма нын зæ рдæ рухс æ мæ хъæ лдзæ гæ й фæ цæ р. Хорз? — Жаннæ Темырмæ бацыд, йæ агуывзæ фыды агуывзæ йыл бакъуырцц кодта, йæ рус фыды русыл авæ рдта:

— Иууылдæ р сыстут, нæ Папæ йы цæ рæ нбон бирæ уæ д. Иууылдæ р нуазæ м лæ угæ йæ.

Æ мæ сыстадысты. Фатимæ йæ шампайнаджы агуывзæ йыл бæ рзонд схæ цыд:

— Папæ, æ цæ гдæ р, дзæ бæ х нын у, — шампайнагæ й ахуыпп кодта æ мæ йæ хомæ разылд. — Фæ лæ мæ нæ Жаннæ йы хуызæ н къленц, рог митæ куыд нæ уарзын, уый диссаг у, — æ мæ йæ шампайнаг кæ ронмæ банызта, цыдæ р æ хсызгонæ й, зæ рдиагæ й.

— Папæ, мах дæ не ’ппæ т дæ р бирæ уарзæ м, æ мæ уый афтæ кæ й у, ууыл иу мисхал дæ р дызæ рдыг ма кæ н, — загъта та Фатимæ. Вадим йæ хойы ныхасмæ бафтыдта:

— Нæ уарзон фыд, мин азы ма нын æ нæ низæ й фæ цæ р.

Жаннæ йе ’фсымæ р æ мæ йæ хомæ аивæ й бакаст: цыма сæ ныхас зæ рдæ йæ нæ цæ уы, афтæ йæ м кæ сы. Нæ. Рæ дийы, йæ хо æ мæ йе ’фсымæ рыл цыдæ ртæ мысы. Ау, йæ мад æ мæ йæ фыды чи нæ уарзы? Уыдоны тыххæ й цæ стмæ ныхасгæ нæ н куыд и? Бынтондæ р... Нæ -æ...

Мад æ рдзæ й дзураг нæ рахаста, хиуылхæ ст адæ ймаг у. Мæ ныхас баппарон, æ нæ мæ нг исты зæ гъон, зæ гъгæ, къæ ппæ ввонгæ й чи бады, уыдонæ й нæ у. Фæ лæ, йæ химидæ г чи аныгъуылы, æ рхуымæ й, æ лхынцъæ рфыгæ й йæ алыварсмæ чи кæ сы, уыдонмæ дæ р нæ хауы. Кæ д æ мæ кæ м цы зæ гъын хъæ уы, уый зоны. Фыдыус кæ й у, уый цыма иу уысм дæ р нæ рох кæ ны, Жаннæ мæ афтæ кæ сы. Фæ лæ нæ. Уыимæ нæ — Вадимимæ, Асланимæ, Фатимæ имæ. Уымæ н алцыдæ р зæ гъдзæ н, уый йæ чызг у. Мæ йдзыдæ й фæ стæ мæ йæ уый схаста, уый йæ схъомыл кодта, мады ад уымæ й базыдта. Йæ ныййарæ г мад... Жаннæ, уый дæ р зоны, фæ стæ дæ р та йæ ноджы хуыздæ р базондзæ н.

Чызг арæ х цæ уыл фæ дис кæ ны? Маринæ йыл. Жаннæ — мæ йдзыд сывæ ллон, дзидзидай, иннæ тæ дæ р — дæ лдæ р-уæ лдæ ртæ, сæ тæ ккæ змæ лыныл, сæ тæ ккæ фæ кæ сынхъуаг. Фондз сывæ ллоны. Æ мæ сæ м йæ ныфс куыд бахаста? Уал сывæ ллоны цы хæ дзары тæ лфынц, уый къæ сæ рæ й бахиз. Кæ йдæ р æ нахъом сывæ ллæ ттæ н дæ хи снывонд кæ н. Цавæ р æ гæ рон тых уыд уый? Жаннæ куы фæ хъомыл, царды цыдæ ртæ æ мбарын куы байдыдта, уæ д иуахæ мы йæ мады комкоммæ бафарста.

Маринæ æ нцад бадт. Цыма йæ чызджы фыццаг хатт федта, афтæ йæ м æ дзынæ гæ й каст, æ рбахъæ быс æ й кодта, йæ цæ нгтæ йыл æ рбатыхта, йæ химæ йæ нылвæ ста æ мæ цасдæ ры фæ стæ загъта:

— Иубон мæ кæ й бафæ рсдзынæ, уый зыдтон. — Æ мæ, Темыры хæ дзары къæ сæ рæ й куыд бахызт, уый радзырдта. Бирæ чидæ ртæ ма йæ фарста. Уæ лдайдæ р, Темыримæ йæ цард куы сбаста, уæ д фыццаг рæ стæ джыты. Уæ дæ й нырмæ цал азы рацыд, æ мæ ма йæ суанг ныр дæ р чидæ ртæ сног кæ нынц. Уæ д ма Маринæ йæ н йæ фыд æ мæ йæ мад дæ р æ гас уыдысты, æ мæ, уыдон дæ р, бинонтæ æ мæ хæ стæ джытæ дæ р дызæ рдыг кодтой: сæ кæ стæ р рæ дыд фæ ндагыл нæ цæ уы? Йæ сабыр цард нæ халы? Зонгæ -зонын йæ хи зындонмæ не ’ппары? Нæ фæ фæ смон кæ ндзæ н? О, æ рыгон чызг нал у, фæ лæ уæ д хъуамæ йæ хи сæ рсæ фæ нæ й аппара? Ныхас зæ гъынмæ зивæ г чи нæ кодта, уыдоны уайдзæ фтæ йыл алырдыгæ й хаудысты. Йæ фæ нд æ рмæ стдæ р цыд иу адæ ймаджы зæ рдæ мæ, Маринæ йæ н йæ хи зæ рдæ мæ, йæ фæ нд раст кæ й у, ууыл иу уысм дæ р дызæ рдыг нæ кодта.

Маринæ Жаннæ йæ ницы басусæ г кодта. Суанг ахæ м хъуыдыгæ нджытæ... хъуыдыгæ нджытæ нæ — дзурджытæ дæ р уыд, цыма, Темыр æ мæ ма Маринæ æ рыгæ ттæ куы уыдысты, уæ д се ’хсæ н цыдæ р æ рцыд æ мæ, цæ мæ й йæ фыдыуæ ларт ма баззайа, уый тыххæ й сразы Темыры фондз сидзæ рмæ. Тæ ригъæ д ныхас. Рæ студы бафхæ р, уымæ й ма стырдæ р чъизидзинад цы уа? Иу хъæ уккæ гтæ, иу фæ лтæ р, кæ рæ дзийы куыд нæ зыдтой, æ мбæ лгæ дæ р-иу акодтой, фæ лæ уыдон кæ рæ дзиуыл никæ д андзæ выдысты. Тæ ригъæ д ныхас. Æ мæ Маринæ дамдумгæ нджытыл йæ къух ауыгъта: цы сæ фæ нды, уый хъуыды кæ нæ нт, цы сæ фæ нды, уый дзурæ нт. Уый йæ хи цур æ мæ Хуыцауы цур дæ р сыгъдæ г у. Дыууæ йæ дæ р рæ студтæ сты.

Уæ ддæ р Маринæ йы цы æ гæ рон тых æ рбахизын кодта Темыры хæ дзармæ? Уал сывæ ллоны барæ вдауыны хъару йæ м кæ цæ й æ рцыд? Уыйбæ рц ныфс ын цы радта? Цы? Жаннæ йæ зоны. Уарзондзинад! Æ рыгонæ й фæ стæ мæ йæ риуы цы уарзондзинад ссыгъд, фæ лæ æ мбæ хстæ й кæ й хаста, уыцы уарзондзинад, уыцы уæ лмонц æ нкъарæ нтæ. Уыдон афтæ тыхджын сты, уый Маринæ цалынмæ йæ хæ дæ г йæ хиуыл бавзæ рста, уæ дмæ нæ зыдта. Сæ уацары бахауд, сæ уацайраг ссис. Темыр фондз нæ, фæ лæ дæ с сывæ ллонимæ куы баззадаид, уæ ддæ р æ нæ дызæ рдыгæ й йæ хæ дзары къæ сæ рæ й бахызтаид. Йæ цот дæ р, йæ хæ дæ г ын куыд адджын æ мæ зынаргъ у, афтæ йын — адджын æ мæ зынаргъ. Стæ й, Темыры туг кæ й дадзинты цæ уы, уыдон хуымæ тæ джы сывæ ллæ ттæ не сты, фæ лæ дидинджытæ, талатæ. Уыдон зæ дтæ сты. Уыдоны тыххæ й æ хсæ в-бон нæ зондзæ н, йæ химæ фæ ллад не ’рбауадздзæ н, цырагъау сын судздзæ н. Уый зындонмæ нæ бакъахдзæ ф кодта, фæ лæ дзæ нæ тмæ. Темыры цот уый цот дæ р сты. Æ мæ диссаг цы у — Жаннæ йæ йæ фондз æ нгуылдзы хуызæ н зоны: Маринæ абон дæ р уыцы хъуыдытæ æ мæ æ нкъарæ нтимæ цæ ры, азтæ сæ сæ аууон нæ бакодтой.

Чызг иу ахæ м изæ р нæ хъуыды кæ ны, Темыр кæ мдæ р афæ стиат æ мæ йæ м Маринæ нæ банхъæ лмæ каст, схуыссыд. Бонырбацъæ хтæ м дæ р баддзæ н, рæ дзæ -мæ дзæ кæ ндзæ н. Кулдуары хъæ р фæ цыд, уæ д фестъæ лфы, лæ джы размæ згъорæ гау рацæ уы. Темыр ын цал æ мæ цал хатты загъта, Жаннæ дæ р: схуыссæ д-иу, ма йæ м æ нхъæ лмæ кæ сæ д. Нæ! Æ нæ йæ цардæ мбал йæ сынтæ г йæ хицæ н нæ садджын кæ ндзæ н.

Маринæ æ нæ Темыр нæ хæ ры. Сахат дæ р, дыууæ сахаты, цалдæ р сахаты дæ р æ нхъæ лмæ кæ сдзæ н. Темыр æ й хъæ ры бын фæ кæ ны: уый цы хабар у? Кæ д федта афтæ? Темыры тыххæ й уый хъуамæ æ ххормаг уа? Нæ й! Ком нæ дæ тты.

— Куы амæ лон, уæ д та цы кæ ндзынæ?

— Иу бон, иу сахат мæ лдзыстæ м.

— Хуыцау мæ дæ разæ й фæ кæ нæ д æ мæ уæ д амондджын уыдзынæ н, — æ нахуыр фæ лмæ н каст æ м бакæ ны лæ г.

Жаннæ йæ мад æ мæ йæ фыды кæ рæ дзимæ хъæ рæ й дзургæ нæ, фæ лæ зул бакæ сгæ дæ р никæ д федта. Фыд искуыдæ м цæ уы, уæ д æ й мад æ нæ сыгъдæ г дарæ с, æ нæ иутæ вæ рдæ й нæ ауадздзæ н. Йæ дзаумæ ттæ йын æ хсы йæ хæ дæ г, иту дæ р сыл æ вæ ры йæ хæ дæ г. Жаннæ мæ фыццаг афтæ каст: кæ д ын йе ’хсадыл не ’рвæ ссы, кæ д иту, куыд æ мбæ лы, афтæ не ’вæ ры. Фæ лæ фæ стæ дæ р бамбæ рста: Маринæ лæ джы дзаумæ ттæ куы фехсы, иту сыл куы февæ ры, уæ д ын вæ ййы æ хсызгон. Æ мæ Жаннæ фæ хъуыды кæ ны: «Лæ г æ мæ ус хъуамæ æ цæ гдæ р афтæ цæ рой». Йæ мад æ мæ йæ фыд райгуырдысты кæ рæ дзийæ н. Ахæ мтæ й фæ зæ гъынц: «Уæ лæ уыл куынæ баиу уыдаиккой, уæ ддæ р сын мæ рдты æ нæ баиугæ нгæ нæ уыд». Маринæ æ мæ Темыр иумæ кæ й цæ рынц, иу бинонтæ кæ й сты, уымæ й стыр амондджын сты. Фæ лæ, диссаг, цард афтæ цæ мæ н у: æ ххæ ст амонд цæ уыннæ дæ тты? Хъуамæ кæ мдæ р къахыр уа, хъуамæ... Амонд æ мæ æ намонд фæ рсæ й-фæ рстæ м цæ мæ н цæ уынц? Æ ви, адæ ймаг алцæ мæ й дæ р амондджын уа, уымæ н уæ вæ н нæ й?..

Чызг хъуыдыты аныгъуылд. Цымæ Маринæ мæ йдзыд сывæ ллоны йæ хъæ бысмæ куы райста, æ мæ, хъæ уа-нæ хъæ уа, уый цъæ хахст куы кодта, ныссабыр кæ нынæ н-иу ын куы ницыуал амал ардта, уæ д, Темыримæ йæ цард кæ й сбаста, ууыл-иу æ м фæ смон не ’рцыд? Никуы йæ бафарста, фæ лæ йæ зоны. Нæ! Фæ смон æ м никуы ’рцыд.

Мæ йдзыд сывæ ллон... Цы йын кæ на? Куыд хуыздæ р æ й барæ вдауа? Куыд хуыздæ р ыл баузæ ла? Йæ зæ рдæ йы хъарм ын куыд хуыздæ р ратта? Æ мæ -иу Маринæ йæ чысыл сывæ ллонæ н йæ риу байгом кодта, æ мæ йæ уый дадта. Цы дзы хъуамæ æ ртагъдаид? Цы дзы хъуамæ рахъардтаид? Фæ лæ уæ ддæ р, уадз æ мæ сывæ ллон мады риу зона, мады риуы хъарм банкъара. Æ мæ -иу æ м гыццыл Жаннæ йæ хи нылхъывта, йæ гыццыл къухтæ й йыл хæ цыд, афтид риу зыдæ й цъырдта...

Жаннæ йæ н йæ мады ныхæ стæ йæ зæ рдыл куы ’рлæ ууынц, йæ зæ рдыл та арæ х æ рлæ ууынц — афтæ цардæ гасæ й æ рлæ ууынц, æ мæ фæ хъуыды кæ ны, цыма сын йæ хæ дæ г дæ р æ вдисæ н уыд, цыма алцыдæ р хорз æ мбæ рста, хорз уыдта. Маринæ йы фæ лмæ н хъарм хъæ быс... Æ фсæ рмы нæ кæ ны, зæ гъгæ, уæ д-иу, гыццылæ й мады дæ ллагхъуыр йæ сæ р куыд авæ рдта æ мæ -иу ын йæ риумæ йæ хи куыд нылхъывта, афтæ нылхъивид, афтæ -иу ыл баныхæ сид, цыма иу адæ ймаг сты, афтæ сæ зæ рдæ ты гуыпп-гуыпп куыд сиу уа. Æ мæ афтæ мæ й бад сахат, дыууæ сахаты. Мацæ уыл хъуыды кæ н. Æ фсымæ ртæ æ мæ хо дæ р, Маринæ йы, дам, бирæ уарзыс. Æ мæ йæ цæ уыннæ уарза? Уæ дæ кæ й уарза? Мады ад уымæ й нæ базыдта?..

Цыфæ нды сусæ гдзинад, цыфæ нды суйтæ, æ лхынцъытæ къуыбылой дæ р иу бон райхæ лы: Маринæ æ мæ Темыры фембæ лдтытæ æ рмæ ст иу хъæ уккæ гты, иу кары фæ сивæ ды фембæ лдтытæ нæ уыдысты: зæ рдæ тæ кæ рæ дзимæ тырныдтой, сæ алы фембæ лд дæ р иуæ н æ мæ иннæ мæ н дæ р — рухс цъæ х уалдзæ г. Нæ, се ’хсæ н бæ лвырд ныхас никæ д æ рцыд, фæ лæ цæ стытæ алцыдæ р дзырдтой. Уæ лмонц, уарзондзинады сусæ г æ нкъарæ нтæ риуы гуырыдысты. Нæ! Ивылдысты, фæ лæ сын Маринæ сæ рохтæ никæ д суагъта.

Иурæ стæ г Темыр нал зынд. Уый размæ дæ р-иу цыма æ нæ нхъæ лæ джы сæ мбæ лдысты. Фæ лæ уыдон æ нæ нхъæ лæ джы фембæ лдтытæ нæ уыдысты. Цы кодтаид чызг? Темырмæ цæ ссыгкалгæ бацыдаид? Хъуамæ йæ зонгуытыл йæ цуры æ рхаудаид? Æ мæ се ’хсæ н искуы исты ныхас рауад? Исты зæ рдæ, исты ныфс ын æ вæ рдта? Цалдæ р мæ йы фæ стæ райхъуыст: Темыр хъуыддаг кæ ны. Маринæ йы фыд чындзæ хсæ вмæ ацыд, уый та — горæ тмæ. Алыгъд. Нæ, Темырæ н дæ р æ мæ, йæ хæ дзары къæ сæ рæ й цы чызг бакувдзæ н, уымæ н дæ р йæ зæ рдæ æ взæ рæ й ницы зæ гъы, амондджын уæ нт. Фæ лæ ацы бон сæ хъæ уы уа, уый йæ зæ рдæ нæ комы. Чындзæ хсæ вы æ хсызгон дзолгъо. Къæ рццæ мдзæ гъд хъазт. Сæ хъæ уы цъæ хснагхъæ лæ с лæ ппуты зарын. Ирон фæ ндыры кæ лæ нгæ нæ г зæ лтæ....Æ мæ сæ нæ хъусдзæ н — кæ рæ дзимæ дард цæ рынц. Фæ лæ сæ хъусдзæ н. Горæ ты... горæ ты дæ р сæ хъусдзæ н, фæ лæ йæ хи нæ хъусæ г скæ ндзæ н, йæ хи ныкъкъуырма кæ ндзæ н.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.