Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Темыры кæстæр чызг 5 страница






Мад стъолы фарсмæ бады. Йæ цæ нгтæ стъолыл — дзуарæ вæ рд, йæ сæ р сыл æ руагъта. Йæ уæ хсчытæ стъæ лфынц. Кæ уы. Кæ уы сусæ гæ й. Кæ уы йæ хицæ н Жаннæ йы мад. Æ мæ чызг æ дзæ мæ й лæ ууы, нал улæ фы. Бацу йæ м, æ рбахъæ быс æ й кæ н, дæ хи йыл ныттух æ мæ йын зæ гъ: «Мамæ, ма ку. Ма ку, Мамæ». Фæ лæ уый æ нцад лæ ууы, нæ йæ м бацæ удзæ н. Уæ д... уæ д ын йæ зæ рдæ бынтондæ р скъахдзæ н, уæ д йæ зæ рдæ йы рис бынтондæ р фегом уыдзæ н. Уадз фæ кæ уæ д, уадз йæ кæ уыны мондæ гтæ суадзæ д. Жаннæ кæ мдæ р чиныджы каст: адæ ймаг куы фæ кæ уы, уæ д ын фенцондæ р вæ ййы.

Жаннæ йæ цæ стытæ йæ фыдыл ахаста: бæ ргæ, куы афынæ й уаид; бæ ргæ, исты хуызы йæ уд йæ химæ куы ’рцæ уид. Фæ лæ йæ рыст зæ рдæ, цыфæ нды тарффынæ й куы бауа, уæ ддæ р не ’рсабыр уыдзæ н.

Темыр йæ сæ рыл схæ цыд, йæ цæ стытæ байгом кодта æ мæ кæ сы Жаннæ мæ. Чызг ын фынæ й æ нхъæ л уыд, уый та...

— Афтæ, гъе, мæ чызг, цард æ гъатыр у, тынг æ гъатыр, — йæ хъæ лæ с къæ зы. Цыма цалдæ р боны æ гъуыссæ г у, ахæ м хуыз ын, йæ цæ сгомы æ нцъылдтæ сау фæ д дарынц.

— Папæ...

— Мæ чызг, ма тыхс.

Мад аууоны хуызæ н сыстад æ мæ йæ куыд ничи бафиппайа, афтæ ваннæ мæ, йæ цæ ссыгты фæ дтæ, йæ цæ сгом æ хсынмæ бацыд. Рахызт æ мæ Темырмæ кæ сы, йæ цуры сбадт, Жаннæ мæ разылд:

— Дæ фыд цыдæ р кæ ны, йæ хуыз йæ бынаты нæ й. Йе ’лхъывдад-ма йын абар, зæ рдæ йы хостæ -ма йын фен.

— Ницы мæ хъæ уы, æ з дзæ бæ х дæ н.

Чызг ын йе ’лхъывдад сбарста. Уый у, иннæ хæ ттыты йын цас вæ ййы — 160–170, уымæ й бирæ фылдæ р — 220. Фæ лæ йæ не схъæ р кæ ндзæ н: мад бынтондæ р фæ тæ рсдзæ н æ мæ... Жаннæ йын йæ хæ дæ г укол скæ ндзæ н.

Чызг йæ фыдæ н дыууæ уколы фæ д-фæ дыл скодта, æ мæ йе ’лхъывдад æ рхауд, йæ цæ сгом йе ’рдзон хуыз райста. Чызгæ н дæ р æ мæ мадæ н дæ р фенцондæ р и.

 

31-æ м августмæ ма баззад 29 боны.

2-æ м август. Хуыцаубон. 2009 аз

Жаннæ æ нхъæ лдта, сабаты кæ нæ хуыцаубоны газетæ н исты æ рмæ г ныффысдзæ н. Нæ, йæ къух нæ тасы. Уæ вгæ та иу æ мæ дыууæ уацхъуыды, иу æ мæ дыууæ æ рмæ джы ныффыста йæ улæ фты бонты. Дауыт, сæ газеты редактор, дзæ гъæ лы фæ зæ гъы:

«Журналистæ н сабат дæ р æ мæ хуыцаубон дæ р нæ й». Улæ фты бонты, хæ дзары йын ныффыссыны фадат нæ й, уæ д редакцимæ ацæ уы. Исты йын бахæ с кодтой æ мæ йæ афоныл нæ сæ ххæ ст кодта, уый нæ хъуыды кæ ны. Уадз, хæ рз чысыл уацхъуыд — цалдæ р рæ нхъы дæ р уæ д — фыст æ й куы фæ вæ ййы æ мæ йæ редакторы стъолыл куы æ рæ вæ ры, уæ д æ хсызгонæ й сулæ фы. Чидæ ртæ ма йæ æ рыгон кусæ г хонынц, æ мæ, фондз æ мæ ссæ дз, дæ с æ мæ ссæ дз азы чи кусы, уыдонимæ абаргæ йæ, ай-гъайдæ р, æ рыгон кусæ г у. Фæ лæ йæ химæ æ рыгон кусæ г нал кæ сы. Фондз азы, уый чысыл рæ стæ г у?

Жаннæ, цæ уыл ныффысса, ууыл никæ д батыхст. Фыссинæ гтæ — бирæ, æ рмæ ст фыссын фæ раз. Алы адæ ймаг дæ р, уадз хæ рз хуымæ тæ г адæ ймаг, хæ рз хуымæ тæ г кусæ г, уый дæ р стыр дуне у, æ ндæ р дуне. Алы адæ ймагæ н дæ р йæ хи хъысмæ т и, ахæ м хъысмæ т, æ мæ дунейы никæ имæ фæ ивддзаг уыдзæ н.

Сæ газеты раздæ ры корректор — Хадизæ т. Хъуамæ йыл Жаннæ очерк ныффысса. Очерк? Дисы бацыдысты йе ’мкусджытæ. Корректор æ мæ корректор. Цы сарæ зта уадиссагæ й? Куы йæ ныффысса, уæ д æ й базондзысты. Фæ лæ... Фыссын æ м нæ цæ уы. Чызг бады. Абон æ й уæ лмæ рдмæ ацæ уын хъæ уы. Знон, æ ндæ рæ бон дæ р хъавыд, фæ лæ йын нæ бантыст. Ныр цæ уы. Куы ’рбаздæ ха, уæ д йæ мадимæ дуканитыл разилдзысты æ мæ, Темыры райгуырæ н бонмæ цы хъæ уы, уыдон балхæ ндзысты. Уæ лмæ рдмæ кæ й ацыд, уый хъуамæ мачи зона. Æ рмæ стдæ р йæ хæ дæ г æ мæ ма иу адæ ймаг — йæ ныййарæ г мад.

Жаннæ, хæ дзары цы дзаумæ ттæ фæ дары, уыдон раивта æ мæ йæ уатæ й рахызт. Мад æ мæ йыл фыдæ й чи æ мбæ ла, уымæ н зæ гъдзæ н: «Куысты фæ дыл мæ ауайын хъæ уы, иу сахаты фæ стæ фездæ хдзынæ н». Мад йæ размæ фæ ци.

— Хорз, хорз. Ауай.

Йæ чызг уæ лмæ рдмæ цæ уы, уый куы зонид, уæ д ын хъыг нæ уаид. Нæ фæ лæ зæ гъид: «Раст кæ ныс, раст, мæ чызг, чи нал и, уыдоны рох кæ нын нæ хъæ уы. Уыдоны хорзæ хæ й Хуыцауы хорзæ хæ й уæ лдай нæ й æ мæ сын æ дзухдæ р сæ ном арын хъæ уы, сæ фæ стæ чи баззад, уыдоны сыл фæ дзæ хсын хъæ уы».

Сæ зæ ронд мæ рдтæ н фынджыдзаг скæ нынц. Æ мæ фыццаджыдæ р йæ рухс ном ссарынц Лизæ йæ н. Мад, цыма зæ дмæ табу кæ ны, афтæ фæ дзуры, цæ мæ й Лизæ, йæ фæ стæ цы кæ стæ рты ныууагъта, уыдоныл хорзырдæ м ауда, сæ цардвæ ндæ гтæ, уый куыд фæ ндыд, афтæ куыд ацæ уой. Уыдон та — йæ цот, йæ бинонтæ — циндзинæ дты йæ куыд мысой.

Жаннæ фæ стаг рæ стæ г уæ лмæ рдмæ арæ хдæ р цæ уы, æ мæ йæ мадæ н никуы ницы загъта. Никуы дзы ницы басусæ г кодта, фæ лæ... Лизæ йы ингæ н бабæ рæ г кæ ны, уый зæ гъын æ й цæ мæ ндæ р нæ фæ нды, цæ мæ ндæ р дзы уый сусæ г кæ ны. Темырæ н дæ р æ й нæ фæ зæ гъы. Фыд, чи зоны, бахъуыр-хъуыр кæ нид:

— Чызгæ н уæ лмæ рдмæ иунæ гæ й цæ уын хорз нæ у. Фæ тæ рсын дæ р зоны.

Жаннæ ницæ мæ й тæ рсы, æ рмæ стдæ р — адæ мæ й. Исчи йæ куы фена, уæ д... Цыма йæ бинонты сусæ гæ й исты чъизи ми кæ ны, гадзрахатæ й сыл цæ уы, афтæ йæ м кæ сы. Æ мæ, цыдæ р сусæ г ми кæ ныс, уæ д уый чъизидзинад нæ у?

Уæ лмæ рдмæ дæ р æ мæ фæ стæ мæ дæ р фæ цæ уы тагъд-тагъд, мæ нæ ныр куыд згъорæ гау цæ уы, афтæ: адæ мы цымыдис цæ стытæ й йæ хи фæ хъахъхъæ ны. Чи йæ фæ рсы, фæ лæ цы нæ вæ ййы, æ мæ йын дзуапп — цæ ттæ: уæ лмæ рды цур цы къахвæ ндаг цæ уы, ууылты йын хæ стæ гдæ р у æ мæ...

Гыццылæ й уæ лмæ рды цур цæ уын нæ уæ ндыд. Чысыл хъæ р дæ р искуыцæ й фæ цыд, уæ д-иу зæ рдæ сгуыпп-гуыпп кодта, риуы къултыл йæ хи хоста. Афтæ йæ м каст: мæ рдтæ райгас уыдзысты, сæ иу — се ’ппæ тæ й тыхджындæ р, аргъæ утты цы уæ йджытæ вæ ййы, уыйас, уый хуызæ н — æ рбацæ удзæ н æ м, йæ хъæ бысмæ йæ, цыма хъазæ н кукла у, афтæ фелвасдзæ н. Жаннæ ма, бæ ргæ, йæ хъæ лæ сыдзаг цъæ хахст кæ ндзæ н, фæ лæ йæ уый йемæ ахæ сдзæ н... мæ рдтыбæ стæ м. Ныр ницæ мæ йуал тæ рсы, уæ лдайдæ р, фæ стаг азты. Цæ мæ й хъуамæ тæ рса? Никуы ничи амард? Иу адæ ймаг дæ р ацы зæ ххыл уæ лæ уыл нæ баззайдзæ н, алы адæ ймаджы дæ р иубон уырдæ м хъæ уы.

Фæ стаг азты сæ бинонтæ уæ лмæ рдмæ фæ ндаг ферох кодтой, уæ лмæ рдмæ фæ ндаг нал зонынц.

Адæ ймаг афтæ рохгæ наг цæ мæ н у? Æ ви уыдоны бинонтæ сты ахæ м? Хæ стæ гдæ р дæ м цы адæ ймаг и, æ ппынфæ стаг, цард дын чи радта, дунейы рухс дын чи фенын кодта, уый — дæ мад, æ мæ йын йæ ингæ н ферох кæ н. Уæ д та, цард дын кæ й радта, уый тыххæ й йæ æ рымыс. Жаннæ мæ, уæ лдайдæ р фæ стаг рæ стæ г, йæ мад хæ стæ гæ й-хæ стæ гдæ р кæ ны, йæ хо æ мæ йæ дыууæ æ фсымæ рмæ та дардæ й-дарддæ р. Аслан ын йæ ингæ н, уæ лмæ рды бонизæ рмæ куы фæ зила, уæ ддæ р не ссардзæ н, Вадим æ мæ йæ м Фатимæ дæ р æ мраст нæ бацæ удзысты.

Жаннæ, бæ ргæ, тагъд уайы, фæ лæ йын размæ ницы ’нтысы, цыма сæ м уæ лмæ рд мæ лæ ты дард у. Фæ стаг хатт ма æ нæ хъæ н бинонтæ й Лизæ йы цур кæ д æ рлæ ууыдысты? Фондз æ ви æ хсæ з азы размæ. Асланы уæ лмæ рдмæ ацæ уын нæ фæ ндыд æ мæ йæ Темыр тыххæ й акодта. Жаннæ мæ йæ дыууæ ’фсымæ ры æ мæ йæ хо туристты хуызæ н фæ кастысты, цыма уæ лмæ рдмæ экскурсийы ацыдысты. О, сæ хæ с сæ ххæ ст кодтой. Хъæ лдзæ г ныхас. Æ нæ мæ т ракæ с-бакæ с. Аслан Лизæ йы ингæ нмæ дыууæ -æ ртæ метрæ й æ ввахсдæ р нæ бацыд, афтæ мæ й зонд амоныныл схæ цыд:

— Адæ ймаг æ гас куы вæ ййы, уæ д æ й хъуыды дæ р ничи фæ кæ ны, фæ лæ куы амæ лы, уæ д ыл иууылдæ р сæ хи тыхсæ г скæ нынц. Гъер ацы дынджыр, зынаргъ цыртытæ цæ мæ н хъæ уынц.

Дзуапмæ йæ бирæ æ нхъæ лмæ кæ сын нæ бахъуыд, Вадим æ м разылд:

— Ацы хатт демæ разы дæ н. Адæ ймаг куы амæ ла, уæ д ницыуал у, сыджыт, æ мæ йыл дзæ гъæ лы хæ рдзтæ кæ н, уый æ дылыдзинад у.

— Асик, ды куы амæ лай, уæ д дын чырын дæ р не скæ ндзыстæ м, цырт дæ р дын нæ сæ вæ рдзыстæ м. Пысылмæ тты куыд фæ ныгæ нынц, афтæ дæ исты пысулты атухдзыстæ м æ мæ дыл зæ хх бакалдзыстæ м, — загъта Фатимæ æ мæ ныххудт, ома кæ сут, цы цыргъзонд дæ н. Темыр æ мæ йæ м Маринæ бакастысты: уый уæ лмæ рды цавæ р æ дзæ лгъæ д кæ л-кæ л у. Æ мæ сæ нæ бамбæ рста æ ви сын сæ цæ стæ нгас ницæ мæ ’рдардта — йæ худынæ й нæ банцад.

— Æ мæ тынг раст бакæ ндзыстут. Мæ н чырын дæ р æ мæ цырт дæ р ницæ мæ н хъæ уы. Уыдоныл цы схардз кæ ндзыстут, уыцы æ хца мын ныр раттут, æ з ныр цæ рын. — Фатимæ йы цур æ рлæ ууыд Аслан.

— Цы зондджын дæ, — йæ уæ хск ын æ ртъæ пп ласта Фатимæ. Фыд йæ сæ р банкъуыста, фезмæ лыд:

— Цомут, — æ мæ сæ разæ й акъахдзæ ф кодта. Аслан Вадимы машинæ йы бадын нæ бакуымдта: æ хсæ зæ й æ гæ р бирæ сты. Йæ хи асайынæ н ын хорз æ фсон фæ цис.

Уыйфæ стæ бинонтæ иумæ Лизæ йы ингæ н никуыуал бабæ рæ г кодтой. Чи зоны, фыды зæ рдæ йæ цотыл фæ худт, цыма уæ лмæ рдмæ атезгъо кæ нынмæ ацыдысты. Чи зоны, йæ кæ стæ рты йемæ кæ й рахуыдта, ууыл фæ фæ смон кодта. Чи зоны... Суанг дæ удæ н тынг зынаргъ адæ ймаг — дæ фыд, æ мæ уый зæ рдæ мæ дæ р ныккæ сæ н нæ й.

Жаннæ уæ лмæ рдмæ ацæ уы æ рмæ ст иунæ гæ й. Мæ рдтæ сæ ингæ нты рабаддзысты, сæ иу ыл ныххæ цдзæ н æ мæ йæ мæ рдтыбæ стæ м йемæ акæ ндзæ н, уымæ й нал тæ рсы. Ницæ мæ йуал тæ рсы. Æ мæ цæ мæ й хъуамæ тæ рса? Диссаг, адæ м мæ лæ тæ й афтæ тынг цæ мæ н тæ рсынц? Уый... Уый мæ лæ тæ й нæ тæ рсынц. Уый... Дунейы цардæ й зынаргъдæ р ницы и, æ мæ адæ ймаг, йæ цард куы фескъуына, уымæ й тæ рсы. Æ мæ йæ цард зынаргъ, адджын кæ мæ н нæ у, уый та? Йæ цард царды ад кæ мæ н нал кæ ны, уый та хъуамæ цæ мæ й тæ рса? Мæ лæ т... Жаннæ дзы æ ппындæ р нæ тæ рсы. Адæ ймаг иу бон райгуыры, иннæ бон амæ лы. Уæ лæ уыл искуы исчи баззади? Мæ лæ тæ й искуы исчи аирвæ зт? Искуы дзы исчи бамбæ хст? Ничи! Уæ дæ уæ д цы?

Уæ лмæ рд æ рбазынд, æ мæ чызджы къахайст фæ сабырдæ р. Цыртытæ й иутæ — бæ рзонд, хæ рдмæ фæ цыдысты, цыма арвы хъæ бысы сныхсынмæ хъавынц. Чихъæ здыгдæ р, чибонджындæ р у, афтæ йæ цырт, йæ ингæ н дæ р — хуыздæ р арæ зт: иутæ урс-урсид, иннæ тæ сæ нт сау кæ нæ морæ хуыз мраморæ й конд. Хуры тынтæ м цæ хæ р калынц, фæ йнæ рдæ м сæ æ взист стъæ лфæ нтæ хауы. Цард куыд хъулон у, уæ лмæ рд дæ р афтæ. Хъæ здгуытæ, бонджынтæ, æ вæ ццæ гæ н, тагъд рæ стæ джы сæ хицæ н ног уæ лмæ рдтæ аразын райдайдзысты. Уæ дæ уый куыд раст у, æ мæ уыдонæ н сæ мæ рдтæ цыдæ р мæ гуыр, сæ мпæ рчъи мæ рдтимæ иу уæ лмæ рды ныгæ д уой?

Цыртытæ æ мæ ингæ нтæ, йæ бинонтæ кæ мæ н куыд цæ рынц, сæ фадæ ттæ куыд амонынц, уымæ гæ сгæ арæ зт, сæ фылдæ р — хуымæ тæ г. Иуæ й-иу цыртытæ зæ ххæ й тыххæ й зынынц, баргъæ встысты, цыма, арвмæ чи фæ цыд, уыцы цыртытæ й æ фсæ рмы кæ нынц, тæ рсгæ сæ кæ нынц. Иуæ й-иутæ та хъæ дын цыртыты æ вджид баззадысты, чи дзы бамбыд æ мæ ингæ ныл æ рхауд, чи та фæ къул æ мæ, кæ д æ рхаудзæ н, уымæ æ нхъæ лмæ кæ сы. Жаннæ арæ х фæ хъуыды кæ ны: «Цард куыд æ гъатыр у, куыд мæ нгард æ мæ хъулон у, уый уæ лдай хорз зыны уæ лмæ рды. Ноджы йæ уыныс æ нæ фæ лывд, æ нæ æ мбæ хстæ й, комкоммæ. Уæ лмæ рд у царды айдæ н». Æ мæ уый Жаннæ, уæ лмæ рдмæ цас арæ хдæ р цæ уы, афтæ æ мбары хуыздæ рæ й-хуыздæ р.

Чызгмæ йæ мады цырт æ мæ ингæ н нæ ма зынынц. Нæ, уæ ддæ р сæ уыны. Цырт, æ стайæ м азты райдайæ ны цы цыртытæ арæ зтой, ахæ м, сау мраморæ й конд, цыппæ рдигъон. Темыр ыл æ хца нæ бавгъау кодта: рæ стæ мбисæ й чысыл стырдæ р цырт, ингæ н — плиткæ тæ й конд. Уæ дæ й нырмæ цæ йбæ рц рæ стæ г рацыд æ мæ дзы иу дæ р нæ ма афаз, иу дур дзы нæ ма фезмæ лыд. Уæ д ма арæ зтой æ ндæ р цыртытæ: цемент æ мæ змисæ й, астæ уæ й дзы — къам. Мраморæ й конд цыртæ й бирæ асламдæ р, йæ цæ рæ нбон та — бирæ къаддæ р: афаз сты, къамтæ рахаудысты.

Лизæ йы цырт ранæ й-рæ тты фæ урсхъулон, цыдæ р стъæ лфытæ дзы фæ зынд. Æ вæ ццæ гæ н, хæ рзхъæ д мрамор нæ разынд, æ мæ Вадим цалдæ р хатты ской кодта:

— Уæ д та Лизæ йы цырт хуыздæ р мраморæ й раивиккам.

Темыр, цыма-иу æ й нæ фехъуыста, йæ хи афтæ скодта. Æ ппынфæ стаг, иурæ стæ г йæ хи нал баурæ дта æ мæ загъта:

— Раивæ м. Тынг хорз фæ нд дæ м и. Мах дæ р дæ м фæ кæ сдзыстæ м, цыдæ р капеччытæ нæ м ис, æ мæ йæ раивæ м.

Уæ дæ й фæ стæ мæ Вадимæ й цырты кой никæ дуал схауд. Йæ ныхас кæ дæ м арæ зт уыд, уый фыд хорз æ мбæ рста.

Жаннæ дæ р æ й æ мбæ рста: кæ сут, цæ мæ й йæ мады рухс ном цæ рæ нбонтæ м баззайа, ууыл куыд тыхсы, йæ зæ рдæ йыл куыд риссы.

Ацафон уæ лмæ рд хæ мпæ лгæ рдæ г æ мæ хъамылы бын фæ вæ ййы. Пысыратæ хæ рдмæ фæ цыдысты, къæ мдзыггæ рдæ г дæ м алырдыгæ й йæ хи ивазы, йæ хи дыл æ ппары, æ мæ хъавгæ цу, дæ къах кæ м æ рæ вæ рдзынæ, уый уырзæ й сгарæ гау сгар. Уæ лмæ рдæ й куы рацæ уай, уæ д аууон ран ссар æ мæ цасдæ р дæ хи фæ сыгъдæ г кæ н. Æ мæ дзурæ м, нæ риутæ хойæ м: «Махæ н нæ мæ рдтæ зынаргъ сты! Æ нæ уыдон мах ницы стæ м! Сæ рухс ном сын кæ ддæ риддæ р мысæ м!» — Куыннæ стæ й!

Фарон сентябры кæ рон уæ лмæ рды хæ мпæ лгæ рдæ г æ мæ хъамылтыл бандзæ рстæ уыд. Чи зоны, исты расыггæ нджытæ, чи зоны, цыдæ р наркомантæ... Чи зоны, чидæ р хæ мпæ лгæ рдæ г æ мæ хъамылтæ й афтæ стыхст, æ мæ сыл спичкæ баппæ рста. Чъизи, æ буалгъ хъуыддаг. Жаннæ йæ цæ стытыл не ’ууæ ндыд: кæ д ыл тартæ кæ нынц, кæ д... Уæ лмæ рд сау тæ лмытæ дардта. Йæ бон акъахдзæ ф кæ нын нæ уыд. Уый та куыд? Цы ’рцыд? Афтæ куы зæ гъæ м, нæ уæ лмæ рдтæ й нын зынаргъдæ р ницы ис. Нæ ивгъуыд, нæ абоны æ мæ нæ фидæ ны цард дæ р, чи нал ис, уыдонимæ баст сты, зæ гъгæ, куы дзурæ м. Уæ д уый цы хабар у? Нæ фыдæ лтæ уæ лмæ рдмæ кувæ ндоны бынмæ цæ уæ гау куы цыдысты, уæ д махыл цы ’рцыд? Сæ фарн ацы суйтæ рæ стæ гимæ доны хуызæ н акалд? Афтæ куы дзурæ м: махæ й рæ сугъддæ р æ гъдæ уттæ иу адæ ммæ дæ р нæ й, нæ уæ здандзинад æ ппæ т дунейы дæ р — хъуыстгонд. Æ гъдауджын æ мæ уæ здан адæ ймаг ахæ м æ вирхъау ми бакæ ндзæ н? Уæ лмæ рдыл чи бандзæ рста, уый адæ ймаг уыд æ ви дыкъахыг сырд? Чи уыд уый?..

Жаннæ æ нцад лæ ууыд, йæ къæ хтæ саусыгъд зæ ххæ й атонын нæ фæ рæ зта, йæ цæ стытæ саусыгъд гæ ппæ лтыл зылдысты. Йæ уæ нгтæ йæ зæ хмæ æ лвæ стой. Æ мæ... æ мæ йæ мады ингæ нмæ нал бахæ ццæ. Фæ стæ мæ разылд. Сæ химæ рацыд æ мæ йæ хъуыдытæ, йе ’нкъарæ нтæ урс гæ ххæ тмæ раивылдысты. Йæ зæ рдæ бын ныхас адæ мы зæ рдæ тæ м фæ хæ ццæ: цалдæ р фыстæ джы редакцимæ ’рбацыд, телефонæ й дæ р дзырдтой. Сæ газеты редактор дзы уæ ды хуызæ н никæ д фæ бузныг. Жаннæ йы, чи йæ нæ зыдта, ахæ мтæ дæ р-иу æ й фæ ндагыл баурæ дтой, хæ дзармæ дæ р телефонæ й дзырдтой. Æ мæ -иу Жаннæ ныссырх, йæ хи цы фæ кодтаид, уый-иу нал зыдта. Цыма исты хъæ батырдзинад равдыста. Ницы сарæ зта, æ рмæ стдæ р йæ зæ рдæ йы зæ гъинаг загъта. Æ мæ уæ дæ уый куыд раст у? Кæ д нæ хицæ й, æ гæ стæ й нал æ фсæ рмы кæ нæ м, уæ д та мæ рдтæ й, æ нусмæ сау зæ ххы чи хуыссы, уыдонæ й фефсæ рмы уæ м.

Чызг йæ мады ингæ ны цур æ рлæ ууыд. Æ дзæ мæ й. Ныуулæ фыд. Йæ сæ р банкъуыста. Æ дзухдæ р ын йæ мадæ н рухсаг зæ гъын зын вæ ййы. Тынг зын. Йæ цæ стытæ сабыргай цырт æ мæ ингæ ныл æ рзылдысты æ мæ йæ химидæ г йæ хицæ н дзуры:

— Рухсаг у, Лизæ. — Хъæ рæ й загъта æ ви йæ химидæ г? Цыртыл йæ армытъæ пæ нтæ æ рхаста. Хъавгæ. Фæ лмæ н. Цыма сæ сау хъæ бæ р дурыл нæ хæ ссы, фæ лæ удæ гас, йæ зæ рдæ мæ хæ стæ г адæ ймаджы рустыл. Цыртыл йæ хи бауагъта, йæ хи йæ м нылхъывта. Уый цырт нæ у, фæ лæ... Нæ. Ницы зæ гъы... Ингæ ны тигъыл æ рбадт. Лизæ йы цур æ й абадын фæ нды.

Цыртæ й йæ м кæ сы æ рыгон сылгоймаг, кæ сы йæ м комкоммæ, цыма йын цыдæ р зæ гъынмæ хъавы, фæ лæ уал ыл ахъуыды кæ на. Сау цъында жакет ыл. Цы рæ сугъд ыл фидауы. Йе ’фцæ ггот — урс-урсид хъуымацæ й. Йæ хъустыл — хъусцæ джытæ. Йæ дзыккутæ... Æ вæ ццæ гæ н, дæ ргъæ й-дæ ргъмæ уыдысты. Сау-сауид, фырсауæ й, æ вæ ццæ гæ н, цæ хæ р калдтой. Хæ рдмæ сæ сфас, стæ й сæ хъæ бæ р æ рбатух. Уæ д уый модæ уыд. Уыцы дзыккутæ цæ мæ й рæ сугъд, аив фаст уой, ууыл цæ йбæ рц фыдæ бон хъуыд? Цæ йбæ рц рæ стæ г сыл хардз кодтой? Лизæ йæ н йæ дзыккутæ æ ндæ р хуызы фаст сты, уæ д ыл не сфидауиккой. Ныр афтæ фаст дзыккутæ ничиуал дары. Цыма ахæ м прическæ тæ кæ ддæ р раджы, тынг раджы дардтой. Афтæ мæ й уæ дæ й нырмæ цас бирæ рæ стæ г рацыд? Фондз æ мæ ссæ дз, дæ с æ мæ ссæ дз азы. Цымæ, цыртыл цы ныв и, уый цы къаммæ гæ сгæ скодтой, уый кæ ды ист у? Æ рыгон ма уыд, цардбæ ллон. Жаннæ нывы бынмæ уыцы фыстытæ цал æ мæ цал хатты бакаст:






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.