Студопедия

Главная страница Случайная страница

Разделы сайта

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатикаИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханикаОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторикаСоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансыХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника






Рухсаг у 1 страница






Жаннæ йы цæ стытæ та цырты фыстытыл æ рзылдысты. Цыма сæ нæ зоны, цыма сæ нæ хъуыды кæ ны. Уæ д... уæ д райгуырд уый, Жаннæ. Фæ лæ йæ райгуырдимæ æ рцыд... Æ рцыд æ вирхъау стыр бæ ллæ х. Йæ мад уымæ н цард бæ ргæ радта, фæ лæ йæ хæ дæ г... Уый райгуырдимæ йæ хицæ н йæ цард аскъуыд, фондз сывæ ллоны æ виппайды сидзæ рæ й аззадысты, цардбарæ г лæ г æ виппайды йæ цардæ мбалæ й æ нæ ’мбалæ й аззад.

Чызг цыртыл уыцы фыстыты алы дамгъæ дæ р зоны, йæ цæ стыты раз цал æ мæ цал хатты февзæ рынц! Æ васт. Æ нæ нхъæ лæ джы. Нæ сыл фæ хъуыды кæ ны, афтæ мæ й йæ цуры фегуырынц. Мигъфæ лмæ й æ рбагуылф кæ нынц æ мæ йыл æ ртыхсынц. Фæ ндагыл цæ уа, йæ куысты стъолы уæ лхъус бада, хæ дзары змæ ла... Мæ нæ сæ м ныр куыд нымдзаст и, афтæ сæ м нымдзаст вæ ййы, йæ цæ стытæ сæ ратонын нал фæ комынц, дуне сæ аууон бакæ нынц. Куы йæ суадзынц, мигъфæ лмы куы атайынц, уæ д сулæ фы. Фæ лæ уæ ддæ р вæ ййы цыдæ р æ нахуыр уавæ ры: цыма сафтид, мидæ гæ й дзы ницыуал и.

Жаннæ æ дзæ мæ й бады, йæ уæ нгтæ æ рызгъæ лдысты. Цыртыл йæ мады къаммæ нымдзаст. Цас цыди Лизæ йыл? Иу æ мæ дыууиссæ дз азы, цардвæ ндаджы æ мбис, уый дæ р нæ. Æ мæ йæ цард фескъуыд. Жаннæ йæ н дунейы рухс фенын кодта, фæ лæ йæ хæ дæ г... Йæ ныв...

Вадим раздæ рты цалдæ р хатты Темырæ н уайдзæ фгæ нæ гау загъта:

— Нæ мады къамтæ й æ ндæ р равзарын хъуыд йæ цыртыл сныв кæ нынæ н. Æ гæ р хъæ лдзæ г хуыз ын и. Йæ цæ сгом æ гæ р рухсдзаст у, цыма йæ мидбылты бахудынмæ хъавы, цыма, ацы дунейæ кæ й цæ уы, ууыл цин кæ ны. Æ ндæ р къам равзарын хъуыд.

— Хорз. Хорз. Ныр ма йыл цы дзурæ м, — дзуапп-иу радта фыд. Вадим-иу сæ рæ й къæ хтæ м Жаннæ йыл йæ цæ стытæ ахаста, хин худт-иу æ м бакодта æ мæ ма-иу йæ ныхасмæ бафтыдта:

— Чи зоны, мæ нæ Жаннæ йæ н йæ цард кæ й ратдзæ н, уый æ мбæ рста æ мæ æ гæ рон цин йæ риуæ й ивылд.

Цыма-иу къамы кой дæ р уый тыххæ й райдыдта, Жаннæ мæ афтæ кæ сы. Æ мæ -иу, æ вæ ццæ гæ н, уый тыххæ й райдыдта. Фæ лæ йæ м уый никуы ницы сдзырдта, иуварс-иу йæ хи айста.

Жаннæ та бынтон æ ндæ р хуызы хъуыды кæ ны: цыртæ й йæ м, мæ нæ ныр куыд кæ сы, афтæ фæ кæ сы æ нкъард, йæ хъоппæ г цæ стытæ сагъæ сæ й се ’мдзаг кæ мæ н сты, ахæ м сылгоймаг. Цæ й хъæ лдзæ г, цæ й рухсдзаст у? Сау хъоппæ г дыууæ цæ сты кæ дæ мдæ р ныджджих сты. Кæ дæ мдæ р?.. Нæ! Уый кæ сы йæ чызгмæ. Жаннæ мæ. Кæ сы йæ м æ дзæ мæ й, цыма йын йæ буары алы нуар, алы стъæ лф дæ р базонынмæ хъавы; кæ сынæ й йæ м нæ бафсæ ст æ мæ йæ м ныр цымыдисæ й кæ сы.

Мад æ мæ чызг кæ рæ дзимæ нымдзаст сты. Æ мæ æ рмæ ст ныр? Сæ алы фембæ лды дæ р сæ цæ стытæ кæ рæ дзийæ нал фæ исынц. Стæ й... стæ й иуафон Лизæ йы цæ сгом базмæ лы, удæ гас адæ ймаджы цæ сгом куыд у, афтæ. Йæ цæ стытæ æ дзæ м нал вæ ййынц, фæ лæ æ гас. Æ мæ Жаннæ фæ хъуыды кæ ны: йæ мад йæ тарффынæ йæ райхъал, йæ мад æ рыгас. Жаннæ йæ цæ стытæ йæ армытъæ пæ нтæ й амбæ рзы: уый цы хабар у? Уый цы уыны? Мад ныртæ ккæ сау мрамор цыртæ й рахиздзæ н æ мæ йын цыдæ р зæ гъдзæ н. Чызджы буар æ мхуызонæ й нырризы. Уæ лмæ рд фæ сте аззайы, уæ ддæ р йæ зыр-зыр нæ ма банцайы. Хатт æ м афтæ дæ р фæ кæ сы: йæ мад гурæ й-гурмæ цæ уы йæ фæ стæ, ныртæ ккæ йæ æ рбаййафдзæ н, йæ къух ын йæ уæ хскыл æ руадздзæ н æ мæ йын йæ зæ рдæ йы зæ гъинæ гтæ зæ гъдзæ н. Цы, уый Жаннæ зоны. Зæ гъдзæ н ын: уымæ н — йæ чызгæ н цард дæ тгæ йæ йæ хицæ н йæ цард фескъуыд. Æ мæ йын уый йæ цæ стмæ бадардзæ н, уайдзæ фтæ йын кæ ндзæ н. Æ ви?..

Чызг цыртмæ ныджджих. Мадимæ кæ рæ дзимæ дзагъыр цæ стытæ й кæ сынц, кæ рæ дзийæ та сæ цæ стытæ нал исынц. Сау мрамор тайы, Лизæ йы цæ сгом мард адæ ймаджы цæ сгом нал у. Йæ цæ стытæ змæ лынц, йæ рустæ — удæ гас адæ ймаджы рустæ.

Жаннæ сыстад, йæ бон бадын нал у. Йæ мад æ м ныртæ ккæ æ рбакъахдзæ ф кæ ндзæ н æ мæ... æ мæ уый та хъуамæ бадгæ кæ на? Цырт згъæ лы, тайы, Лизæ бæ лвырдæ й-бæ лвырддæ р зыны. Æ мæ æ рмæ ст йæ гуыр нæ — иууылдæ р, сæ рæ й къæ хтæ м. Цырт нал и, йæ бынаты — Лизæ. Удæ гас Лизæ. Фезмæ лыд, Жаннæ мæ æ рбацæ уы. Йæ уæ лæ, цырты йыл цы жакет и, уый. Йæ къæ хтыл, хæ дзары сæ альбомы, азтæ й цы къам сбур, уым ыл цы сау туфлитæ æ мæ сау юбкæ и, уыдон.

Чызг хъуамæ фæ тæ рсид. Уый цы уыны?.. Йæ хъæ лæ сыдзаг ныцъцъæ хахст кæ нид. Хъуамæ йæ хи иуварс аппарид, фæ лæ æ нцад лæ ууы. Ницæ мæ йуал тæ рсы... Лизæ йæ м æ рбацæ уы. Ныртæ ккæ йæ ахъæ быс кæ ндзæ н, ныттыхсдзæ н ыл, йæ хицæ й йæ уæ гъд нал уадздзæ н. Цы?.. Хъæ быс?.. Нæ! Йæ мад æ й иуварс ассондзæ н. Æ мæ мад куы у. Мад? Æ мæ мад адæ ймаг нæ у? Уый дæ р цæ рын фæ ндыд. Лизæ йæ м цы цæ стытæ й кæ сы: тызмæ г, æ нæ хатыр. Æ рбахæ стæ г æ м. Жаннæ цæ уыннæ алидзы?..

— Мæ нæ й дын нæ алидзæ н и, нæ — бамбæ хсæ н, — йæ хъæ лæ с — тызмæ г, æ нæ хатыр, уазал хъæ лæ с. Цыма хæ стон хицау у æ мæ бардзырд дæ тты. Жаннæ мæ алидзынвæ нд и, уый цæ мæ й базыдта, йæ хъуыдытæ йын кæ сы? Нæ, Жаннæ никæ дæ м лидзы, ницæ мæ й тæ рсы. Нæ фæ лæ цæ уыл хъуыды кæ ны: йæ мадыл цы дарæ с и, уыдон, цымæ, йæ мæ рдон дарæ с сты? Æ мæ йын хуыздæ р дзаумæ ттæ ницы уыд? Æ гæ р мæ гуырхуыз нæ у?

Лизæ йæ цæ стытæ йæ хиуыл æ рхаста æ мæ дзуры: «Æ з уæ лзæ ххон дунейæ куы фæ хицæ н дæ н, угедæ й нырмæ бирæ рæ стæ г рацыд, æ мæ цард цæ хгæ р аивта». — Йæ хъæ лæ с фæ саст, фæ фæ лмæ н. Мад æ м бынтондæ р æ рбахæ стæ г, мæ нæ йын йæ къух райста æ мæ дзуры: «Абад уал, арæ х куы не ’мбæ лæ м».

Жаннæ, раздæ р ингæ ны тигъыл куыд бадт, афтæ сбадт. Лизæ — йæ фарсмæ. Афтæ хæ стæ г æ м бады, æ мæ йын йæ улæ фт, йæ зæ рдæ йы гуыпп-гуыпп хъусы. Тыхсы, тыхсы йæ мад, артæ й доны ’хсæ н бахауд æ мæ... Ныртæ ккæ йæ тызмæ г хъæ лæ с райхъуысдзæ н: «Мæ линаг, цы цæ сгомæ й æ рбацыдтæ мæ цурмæ?! Ды чи дæ, уый зоныс? Æ намондхæ ссæ г. Мæ н мæ рдтæ м ды батардтай. Мæ хъæ бултæ дæ у аххосæ й æ нæ мадæ й баззадысты. Дæ у аххосæ й дæ фыд йæ уарзон цардæ мбалæ й фенæ хай. Дæ у аххосæ й бинонты цард ныссуйтæ, æ ддæ г-мидæ г ауад. Дæ у аххосæ й...» — Нæ! Уый Лизæ йы хъæ лæ с нæ у, уый йæ хи мидхъæ лæ с у.

Æ мæ чызг йæ химидæ г фæ куыддæ р. Уый, Жаннæ, ноджы карздæ р ныхæ стæ фехъусынмæ дæ р цæ ттæ у. Уый... уый йæ аххос зоны.

— Мæ хъæ бул, — Лизæ йы цæ нгтæ йыл æ рбатыхстысты, ныхъхъæ быс æ й кодта. Йæ буарæ й цы æ хсызгон хъарм цæ уы. Маринæ йæ куы æ рбахъæ быс кæ ны, уæ д уымæ й дæ р ахæ м фæ лмæ н, æ хсызгон хъарм фæ цæ уы, Жаннæ йæ н йæ уæ нгты ахъары.

— Мамæ! — Цы загъта уый? Нырмæ йæ мард мадмæ, Мамæ, зæ гъгæ, никуыма сдзырдта. Йæ кой рауад, уæ д ын фæ зæ гъы йæ ном. Уымæ н æ мæ уый зыдта иунæ г мад — Маринæ йы.

— Мæ хъæ бул, о, æ з дæ мад дæ н, — æ мæ йæ ноджы зæ рдиагдæ рæ й æ рбахъæ быс кодта, йæ риумæ йæ нылхъывта, йæ зæ рдæ йы тæ лфт ыл æ мбæ лы, цыма йæ чызджы зæ рдæ йы дуар хойы. — Мæ хъæ бул, макæ мæ хъус, ды ницы аххосджын дæ, дæ зæ рдæ мæ мацы хæ сс.

Жаннæ мады риумæ йæ хи ноджы тынгдæ р нылвæ ста, баныхæ ст ыл, цыма æ ртæ -цыппараздзыд сывæ ллон у. Ох-х, куыд рагæ й бæ ллыд ацы ныхæ стæ фехъусынмæ. Ныр ын фенцондæ р, ныр æ хсызгонæ й сулæ фдзæ н. Уый Лизæ йæ тæ рсгæ кодта: цы хъуыды кæ ны? Цы йын зæ гъдзæ н? Уæ ддæ р та мад. Уый... уый алцыдæ р зоны, уый алцыдæ р æ мбары, алцыдæ р æ нкъары. Нырæ й фæ стæ мæ йын дыууæ мады и. Чи йæ ныййардта, царды рухс ын чи фенын кодта, уый — Лизæ. Мæ нæ йæ фарсмæ бады, йæ хъарм, фæ лмæ н цæ нгтæ йыл æ рбатыхта. Æ мæ Маринæ — йе схъомылгæ нæ г, йæ комы-комдзæ гтæ й йæ чи схаста, йæ зæ рдæ йы хъарм ын æ нæ вгъауæ й чи радта, уый.

— Ды ницы аххосджын дæ, мæ хъæ бул. Ды...

— Дæ н! Дæ н! — йæ мады ныхас фескъуыдта чызг. Фестад æ мæ йæ къæ хтыл сонт лæ уд акодта. Йæ цæ стытæ цыртыл цалдæ р хатты æ рзылдысты. Лизæ... йæ мад йæ цуры нал бады. Æ мæ цы фæ ци? Кæ м и? Цыртæ й йæ м, раздæ р куыд æ дзæ мæ й каст, афтæ кæ сы. Чызг йæ цæ стытæ бацъынд кодта! Йæ сæ р зилы, фæ лæ нал сбаддзæ н. Хур уæ лмæ рды сæ рмæ æ рцауындзæ г, фæ лæ Жаннæ йæ н уазал у, йæ буар ихæ нриз кæ ны. Уазал хиды æ ртæ хтæ йæ ных æ мæ дæ ллагхъуырæ й урс гагатæ й уайынц.

Чызг фезмæ лыд. Сæ хæ дзармæ ма исты хуызы куы бахæ ццæ уаид. Фæ нды йæ тагъд ацæ уын, азгъорын, фæ лæ цæ уы сабыргай, хъавгæ, цыма зæ ххæ н ныттонынæ й тæ рсы. Æ рлæ ууыд. У! У! Уый аххосджын у! Уый куынæ уыдаид, уæ д ма Лизæ абон дæ р цæ рид. Уый... Фæ стæ мæ ракаст. Ныххатыр... ныххатыр ын кæ нæ д йæ мад. Ныххатыр ын кæ нæ нт, зын кæ мæ н ракодта, уыдон. Ныххатыр ын кæ нæ нт, уый аххосæ й йæ цард, йæ фæ ндаг æ ндæ рырдæ м кæ мæ н фæ саджил, уыдон. Мад мад у. Æ мæ йæ Лизæ рæ стытæ кæ ны, фæ лæ, бæ гуыдæ р, уый аххосджын у. Фæ лтау куынæ райгуырдаид. Æ мæ цæ мæ н райгуырд? Цæ й тыххæ й фæ зынд ацы дунемæ? Раст зæ гъынц йæ дыууæ ’фсымæ ры. Раст зæ гъы йæ хо.

Цалдæ р халоны æ виппайды кæ цæ йдæ р фæ зындысты æ мæ уæ лмæ рды сæ рмæ зилдух кæ нынц, цыма уырдæ м сæ рмагондæ й æ рбатахтысты. Бынмæ, зæ хмæ сæ хи афтæ хæ стæ г æ руадзынц, æ мæ сæ сæ базыртæ цыртытыл ахафынмæ бирæ нал фæ хъæ уы. Сæ тæ ссаг, фæ дисы, маройгæ нæ гау хъуахъ-хъуахъ зæ рдæ сау ностæ кæ ны. Халæ ттæ — фыдуацхæ сджытæ — зæ рдæ халæ н цъæ хахст кæ нынц, фæ дисы дзæ нгæ рæ г цæ гъдынц. Æ мæ та цы бæ ллæ х æ рцыд? Кæ й хæ дзар та бабын? Кæ й кæ рты дуæ рттæ та байгом уыдзысты? Райсом та уæ лмæ рдты ингæ н кæ мæ н къахдзысты? Жаннæ йæ н... Жаннæ амард æ мæ... Чызг бахудт. Мæ стджын худт. Жаннæ амард... Æ мæ уым диссагæ й цы и? Æ ппындæ р ницы. Фыццаг уый амард? Фæ стаг чи амард, уый Жаннæ у?

Чызг акъахдзæ ф кодта. Фæ цæ уы. Аххосджын у. Тынг аххосджын. Æ мæ цы кæ на? Цы йæ бон у? Ноджы Вадим æ мæ Аслан — хъæ уа-нæ хъæ уа, ныхас уымæ аздахынц. Фатимæ ма йыл бафтауы, фæ цæ хджындæ р æ й кæ ны. Арт судзы æ мæ ма йæ м хус сугтæ бакалы. Жаннæ, цыма ницы хъусы, ницы уыны, йæ хи афтæ скæ ны, йæ мидбылты сæ м фæ худы. Куы ацæ уынц, уæ д дæ хуыссæ ны ныххау, базмæ дæ цæ сгом нылхъив æ мæ дæ хицæ н хорз фæ ку. Æ намонд у æ мæ...

Сау халæ ттæ сæ хъæ лæ стыдзаг хъуахъ-хъуахъгæ нгæ хъæ уы ’рдæ м фæ тæ хынц.

Жаннæ æ гæ р бирæ рæ стæ г фæ стиат кæ ны, Маринæ имæ сæ дуканитæ м ауайын хъæ уы. Чызг æ рлæ ууыд, фæ стæ мæ та Лизæ йы ингæ нмæ кæ сы. Йæ мады фарсмæ ма — бынат. Æ мæ уал æ мæ уал азы дæ ргъы афтæ куыд баззад. Уый... уый Темыр бацахста, æ фсæ н быру йыл скодта. Æ мæ тагъд бахъæ удзæ н. Æ рмæ ст кæ мæ н?.. Жаннæ йы цæ сгом фæ хъæ лдзæ г, фæ рухсдзаст. Тагъд къахдзæ фтæ й фæ цæ уы. Темыры райгуырæ н бонмæ истытæ балхæ нын хъæ уы, Мамæ йæ м æ нхъæ лмæ кæ сы.

 

31-æ м августмæ ма баззад 28 боны.

З-æ м август. Къуырисæ р. 2009 аз

Темыр йæ райгуырæ н бон бæ рæ г кæ нын нæ фæ уадзы. Мæ лæ ты лæ г у, арвæ й мын стъалытæ куы не скъæ фы, стыр хæ стон кæ нæ ахуыргонд лæ г куынæ у, зынгæ фыссæ г кæ нæ артист мын куынæ басгуыхт, мыййаг. Маринæ йемæ схыл вæ ййы: адæ м хъуамæ се ’ппæ т зынгæ нывгæ нджытæ æ мæ ахуыргæ ндтæ, министртæ æ мæ банчы хицæ уттæ уой? Æ мæ ма уæ д кусгæ та чи кæ ндзæ н? Машинæ тæ сæ хæ дæ г цæ удзысты æ нæ шофыртæ й?

— Мæ н хуызæ ттæ, мæ н хуызæ ттæ, не ’фсин, кусдзысты. Мæ нæ фæ стагмæ кæ й ранымадтай, уыцы куыстытæ никæ мæ н ратдзыстæ м, — фæ зæ гъы фыд.

Жаннæ æ мæ Маринæ дуканийæ чысыл раздæ р æ рбацыдысты. Хъуамæ знон ауадаиккой, фæ лæ Жаннæ уæ лмæ рдтæ й куы ’рбацыд, уæ д ахæ м фæ ллад уыд, цыма тыхкуыст фæ кодта, æ мæ сынтæ гыл йæ хи æ руагъта. Уайтагъд афынæ й. Афынæ й, æ мæ йæ мады зæ рдæ райхъал кæ нын нал бакуымдта: дуканимæ ауайынæ н райсом дæ р æ рæ джы нæ уыдзæ н.

Чызг, цы балхæ дтой, уыдонмæ кæ сы æ мæ дзы уазалгæ нæ ны æ вæ рын цы хъæ уы, уыдон уым æ вæ ры. Мад æ мæ фыды ныхасмæ хъусы.

— Уæ дæ æ з та куыд хъуыды кæ нын, — дзуры Маринæ, — цард фæ ллойгæ нæ г адæ ймаджы уæ хсчытыл лæ ууы, царды сæ мæ н уый у.

— Уæ дæ -ма банчы хицауы бафæ рс, уый дæ р афтæ зæ гъы? Кусæ г лæ г никæ йуал хъæ уы, бындзы кад дзы нал и. Æ мæ уый кæ цæ й цæ уы? Уæ ле. Уæ ле. Мæ скуыйæ. Кремылæ й. Паддзахады ницыуал хъæ уы, паддзахады адæ ймаг нал хъæ уы. Рæ сугъд ныхæ стæ й цард аразæ н нæ й. Дзургæ иу кæ нынц, хъуыддагæ й та — бынтон æ ндæ р цыдæ р. Рæ сугъд, кæ ркæ -мæ ркæ ныхæ сты бын фестæ м. Телевизормæ бакæ сын мæ цæ сгом нал хъæ цы, сайынц æ мæ сайынц, цыма адæ мæ н сæ хиуыл цæ стытæ æ мæ хъустæ нæ й, куыд цæ рæ м æ мæ цæ мæ й цæ рæ м, уый нæ зонæ м. Хатгай мæ м афтæ фæ кæ сы, цыма хицауадæ н сæ сæ йраг куыст, сæ сæ йраг хæ с уый у, адæ мы куыд рæ сугъддæ р, куыд æ дзæ сгомдæ рæ й асайой. Ахæ м цард, дам, никæ м и. Нæ й! Нæ й! Адæ мæ й иу къорд дынджыр паддзахады исбон сæ хи бакодтой, æ мæ уыдон, ай-гъай, хорз цæ рынц, фæ лæ иннæ тæ та?..

Жаннæ йæ фыдмæ бацыд æ мæ йæ ахъæ быс кодта:

— Папæ, дæ сæ р дзæ гъæ лы ма риссын кæ н. — Ныхас æ ндæ рырдæ м куы аздахид. Фыд алы хъуыддаг дæ р йæ зæ рдæ мæ хæ стæ г исы æ мæ та йæ æ лхъывдад хæ рдмæ сгæ пп кæ ндзæ н, йæ зæ рдæ та рисдзæ н. — Цæ й, паддзахадон фарстатæ паддзахады разамонджытæ н уадзæ м.

— Адæ ймагæ н сау суарийы аргъ дæ р нал и. Цы стæ м? Ницытæ æ мæ мацытæ!

— Папæ æ мæ Мамæ, цæ йут, фæ йнæ цайы бацымæ м. Хорз?

— Хорз, хорз, мæ чызг. — Маринæ Темыры ныхыл йæ арм ахаста. — Мæ нæ лæ г, райсом дæ райгуырæ н бон у æ мæ дæ хи мæ стджын ма кæ н.

— Цæ й райгуырæ н бон æ мæ цæ й цыдæ р. Адæ ймагæ н йæ цардæ й йæ зæ рдæ рухс куынæ кæ на, уæ д уый цæ й цард у? Мадæ н, фыдæ н йæ цард йæ бинонтæ сты, æ мæ уыдон зæ рдæ йы фæ ндон куынæ фæ уой, уæ д... Ноджы ма рæ стæ г дæ р æ лгъыст куы уа, уæ д...

— Нæ лæ г, ахæ м бинонтæ нæ й, алцæ мæ й дæ р æ ххæ ст чи у. Алцæ мæ й дæ р амондджын уай, уымæ н уæ вæ н нæ й, — ус сабыр кæ ны лæ джы. — Адæ ймаг йæ бинонты иумæ куы фены, уæ д ма уымæ й хуыздæ р цы и. Райсом кæ д нæ бинонтæ й исчи фæ зынид, Аслан дæ р кæ д ам уаид. Не ’ртæ чъирийы скувдзыстæ м, табу Хуыцауæ н æ рбауæ д.

— Мæ н бæ ргæ ницы хъæ уы.

— Хъæ уы, хъæ уы, Папæ.

Темыр йæ цайы агуывзæ стъолыл æ рæ вæ рдта. Диваныл уал йæ хи куы ’руадзид.

Чызг йæ мадæ н æ ххуыс кæ ны: цы продукттæ балхæ дтой, уыдон æ взарынц. Райсом кæ д сæ бинонтæ æ рбамбырд уой, уæ д та сæ хæ дзар хæ дзары хуызæ н уыдзæ н. Жаннæ йæ н æ ппæ ты æ хсызгондæ р цы вæ ййы — сывæ ллæ тты æ нæ мæ т ратæ х-батæ х, сæ хъæ лæ ба. Цыма йæ хæ дæ г уыдон кары никæ д уыд, уыдоны хуызæ н амондджын никæ д уыд, афтæ йæ м фæ кæ сы. Вадим... Вадим куы не ’рцæ уид. Уый та куыд? Йе ’фсымæ р нæ у? Йе ’фсымæ ры фенд ын хъыг у? Уыдон цавæ р хъуыдытæ сты? Жаннæ цыдæ р уысм йæ мидбынат лæ угæ йæ аззад. Омæ... омæ та æ лхыскъныхас кæ ндзæ н, йæ цыргъзонд ныхæ стæ фæ йнæ рдæ м хаудзысты. Аслан куы никæ дæ м ацæ уид. Аслан, зæ гъгæ, Вадимæ н ахæ м æ фсымæ р нæ й. Цалдæ р азы размæ йыл йæ къух систа, æ мæ æ гас у, мард у — хъуыды дæ р æ й нæ кæ ны. Куы ’рцæ уы, æ мæ Аслан хæ дзары куы разыны, уæ д йæ иувæ рсты бахизы, нæ йæ м сдзуры. Уымæ н уый раджы амард. Темыр ын цалдæ р хатты бауайдзæ ф кодта:

— Гормон фæ уинаг, уый де ’фсымæ р у, æ мæ -иу ын йæ къух райс, йемæ аныхас кæ н. Уый тыххæ й дæ æ хца фидын куынæ хъæ уы, мыййаг.

— Уый аккаг нæ у. — Æ мæ ныхас ахицæ н.

— Аслан уыцы хъылмайы ахæ сты бахауд æ мæ... Уымæ н феххуыс хъæ уы, уыцы цъымарайæ йæ раласын хъæ уы. Уый рынчын у æ мæ йын тæ ригъæ д кæ нын хъæ уы.

— Æ мæ йæ уыцы цъымарайы æ з ныппæ рстон? Сæ р ыл нæ уыд? Рынчынæ н тæ ригъæ д хъæ уы, фæ лæ уый рынчын нæ у. Мæ нæ н йæ кой дæ р мачи кæ нæ д! — фæ стагмæ цæ хгæ р загъта Вадим. Фыд æ дзæ мæ й бадт, йæ сæ р-иу банкъуыста. Лæ ппу ма йæ ныхасмæ бафтыдта. — Ахæ мтæ хъуамæ зæ ххыл ма цæ риккой, бæ ргæ, фæ лæ, акæ са, нæ паддзахад гуманон паддзахад у.

Темыр йæ сæ рыл схæ цыд æ мæ бакасти Вадиммæ:

— Цы рæ стæ г цæ рæ м, цы... Æ фсымæ р æ фсымæ ры нал хъæ уы, бинонтæ бинонтæ нал сты. Ацы зæ ххыл нын табуйаг ницыуал и.

— Папæ, демæ разы нæ дæ н. Уый, цавæ р æ фсымæ р у, цавæ р бинонтæ сты, уымæ й аразгæ у.

— Вадим, хатгай мæ м афтæ фæ кæ сы, цыма ды мæ лæ ппу нæ дæ.

— Æ мæ уый хорз у. Дæ лæ ппу куы уыдаин, уæ д къæ пи мæ къухæ й никуы фæ хицæ н уыдаид, кæ нæ шофырæ й кусин. — Вадим Темыры цур æ рлæ ууыд, йæ уæ хскыл ын йæ цонг æ руагъта. — Папæ, ма тыхс, ма тыхс, æ з дæ лæ ппу дæ н.

Темыр æ нцад бадти, иу нуар дзы не змæ лыд. Вадимы цонг йæ уæ хскæ й æ рбырыд, æ мæ уый дæ р базмæ лыд, йæ хиуыл схæ цыд, йæ къæ хты бынмæ кæ сгæ хæ дзарæ й сарамæ рацыд.

Райсоммæ фынг саразынæ н цы хъæ уы, уыдон цæ ттæ сты. Сæ бинонтæ иууылдæ р куы ’рцæ уиккой. Вадим дæ р. Исты къахæ н ныхас куы кæ на, уæ д Жаннæ йæ хи иуварс айсдзæ н. Фæ стаг рæ стæ г фыд æ мæ фырты ’хсæ н быцæ у ныхас арæ х æ рцæ уы, сæ ныхас кæ рæ дзиуыл нал бады, хатгай карз ныхасмæ рахизы. Цæ ст æ й нæ уыны, фæ лæ, се ’хсæ н цы арæ н и, уый уæ рæ хæ й-уæ рæ хдæ р кæ ны. Фатимæ дæ р... Цыма æ цæ гæ лон бинонтæ м æ рбацæ уы уазæ гуаты. Чызг смой кодта, цот ын фæ зынд, уæ д йæ мад æ мæ йæ фыды бинонтæ й нал у? Уæ д йæ фыды хæ дзар йæ хæ дзар нал у? Уый та... Иу тæ бæ гъ нæ ахсдзæ н, иу вилкæ йæ бынаты нæ сæ вæ рдзæ н. Цыма ахст у, зæ гæ лтыл лæ ууы — хæ дзары къæ сæ рæ й нæ ма бахизы æ мæ, фæ стæ мæ куыд тагъддæ р ацæ уа, ууыл свæ ййы. Æ рцыд. Йæ хæ с сæ ххæ ст кодта æ мæ ацыд. Жаннæ ныуулæ фыд. Сæ бинонтæ... Сæ бинонтæ цыдæ р кæ нынц, фæ лæ цы, уый йæ сæ р нæ ахсы.

Темыр арæ х фæ зæ гъы:

— Ацы рæ стæ г æ рмæ ст адæ мы цард нæ фехæ лдта, фæ лæ бирæ бинонты цард дæ р ныссуйтæ кодта.

Бинонты цард дæ р... Æ мæ, цымæ, уый æ цæ гдæ р афтæ у, æ ви... Æ ви йæ хи, йæ бинонты раст кæ ны? Кæ д сæ бинонтæ сæ хæ дæ г сты аххосджын? Кæ д кæ мдæ р фæ рæ дыдысты æ мæ... Æ ви, æ цæ гдæ р, цард у аххосджын? Сæ бинонтæ цæ мæ н ныссуйтæ сты? Жаннæ ницыуал зоны, ницыуал æ мбары.

Фыд æ хсæ нады хъуыддæ гты фæ дыл Вадимы цур дзуры, уæ д æ м уый йæ ныхас ма баппара, уый гæ нæ н нæ й:

— Папæ, дæ большевикон, дæ коммунистон ныхæ стæ та райдыдтай.

— Райдыдтон, æ мæ цы? — фæ зæ гъы фыд. — Цы нын æ рхаста ацы цард хорзæ й? Чъизи æ мæ æ нæ фсармдзинад, фæ ливын æ мæ стигъын, хистæ р-кæ стæ р нал и, æ фсымæ р æ фсымæ рмæ топпы кæ сæ нæ й кæ сы. Ды диссаджы хорз цард кæ й хоныс, уый адæ мæ й бирæ гътæ сараздзæ н тагъд. Бамбæ рстай? Кæ д сæ нæ ма сарæ зта, уæ д.

— Ничи никæ мæ й ницы аразы. Æ хсæ нады æ фсон мачи мацы кæ нæ д.

— Æ з дæ фæ рсын: уыцы хъылмайæ н раздæ р исчи исты зыдта? Ныр та? Ссады хуызæ н æ й алыран уæ й кæ нынц.

— Папæ, ды схъомыл дæ æ мæ дæ царды фылдæ р хай арвыстай Советон дуджы рæ стæ г æ мæ дын, ай-гъайдæ р, зынаргъ у. Æ ндæ р... Æ з та дæ у фæ рсын: мæ нæ пластикæ йæ конд ботълатæ й æ нцондæ р аразæ н ницы и æ мæ уыдон саразын нæ бон куынæ уыд, уæ д цæ уыл дзурæ м.

— О, Гагарины уæ лæ рвтæ м чи ауагъта, уыдонæ н сæ бон пластикæ йæ конд мигæ нæ нтæ саразын нæ уыд. Стæ й цæ мæ н хъæ уынц? Æ нæ уыдон дæ р тынг хорз цардыстæ м. Ныр сæ бæ стæ байдзаг æ мæ зæ хх сафынц.






© 2023 :: MyLektsii.ru :: Мои Лекции
Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав.
Копирование текстов разрешено только с указанием индексируемой ссылки на источник.